Тар, æрхæндæгæй, æнкъардæй лæппу ныстуаны ныффыста:
«Паддзах, ахъуызыдтæн, мæнæ, рыг мæ балцвæндагыл сыстад.
Нæй мын ам лæууæн, цæвиттон, дæн æнæ ме 'рдхорд зынгхуыстау,
Арфæ ракæ мын, æниу дæм, уæвгæ, де спаспет нæ хъуыста.
Зонын, дзурдзынæ фæстагмæ, — раст кæй бакодта дæ кæстæр;
Йе 'рдхорд, йе 'мгарыл йæ зæрдæ зондцух сивдзæнис æрмæстдæр.
Паддзах, бауæндон, — зæгъон дын зондджын Платоны ныхæстæ:
Сайд ми, гадзрахатæн уæнгтæй удмæ бахъары сæ хъæстæ».
Кæд фыдамонды ратæдзæн ис мæнгард мийы, сайыны,
Уæд куыд фæсайо,й ме 'рдхорды, — зæрдæ стыхст æмæ 'хсайы ныр!
Зондджын амындты зонынæй уæд цы хæрзиуæг зайы мын?! —
Ис нæ цинты цин зондимæ царды баиуæй райыны.
Дины зондджынтæ цы фыссынц уарзтæй чиныджы, — кæд кастæ?
Уый куыд фестауынц, — кæд зоныс, уæд цæуылнæ зæгъай: «Раст дæ?!»
«Уарзт нæ сбæрзонд кæны», — сиды уазмыр аргъуаны хъуытаз дæр;
Уæвгæ чи зондзæн — æнахуыр — уый цытджын паддзахæй раздæр?
Мæн цы сфæлдыста, цы радта тых, нæртон хъару мæ уæнгтæн,
Арвæй зæххы 'хсæн цы кæны царды сусæджы фæндæгтæ,
Чи у дун-дунейы 'гъдæуттæн фидар се 'вæрæг, сæ дæттæг,
Уый сæдæтæй иу ыскæндзæн æмæ иуæй та — сæдæтæ.
Уый цы нæ фæнда — Хуыцауы — никуы не 'рцæудзæни царды.
Уарди, малусæг æмпылынц, — хур куынæ тауа йæ хъарм тын;
Цæст æхцон фидыц куы суыны, цин уæд бацæуы йæ барты;
Уæд æнæ ме 'рдхорд — æнæ хур æз кæдмæ судзон цъæх арты?!
Цæй, Хуыцауы хатыр бакæн, кæд дæ дзæбæх зæрдæ дуды,
Ахстау ам мæхи æнкъардтон, зæгъын, аирвæз — тæхуды!
Ныр æвдадзы хос ыссардтон, зæрдæ байгас æмæ худы;
Уадз, кæмфæнды уон, æрмæстдæр-иу мæ бар цæуæд мæ удыл!
Мастæй ницы ис, мæн тыххæй уæгъды ма фæкал дæ цæссыг;
Саг лæг масты раз æртаса, уый йæ сæрмæ дæр нæ хæссы.
Нæй æнæрцæугæ, — Хуыцауæй, гъе хъысмæтæй нæм цы кæсы;
Уыдон барвæндмæ зæххон лæг тых тъымы-тъыма нæ хæссы.
Цæй, Хуыцауы фæндæй махыл мацы ма 'рцæуæд æвзæрдæр,
Æз куыд æрбаздæхон ардæм æмæ 'нцой куыд уа уæ зæрдæ!
Уат мын удвидар, адзал мын макуы ма байса уæ сæртæ.
Баххуыс ме 'рдхордæн — мæ бæллиц, исмæ бабæллæнт æндæртæ.
Уæд мæ мард фенай, мæ паддзах, ды мæнæй куы схæцай хъастыл!
Уæд мæ мард фенай, куы схæцай ды хъынцъым кæныныл, мастыл!
Цæй, куы басæттон мæ сомы, чи мæ банымайдзæн растыл?!
Ме 'рдхорд не 'нусон дунейы худдзæн ме 'гады ныфссастыл.
Никуы ничи ма бабын ис йе 'рдхорд, йе 'мгары уарзынæй;
Дæлдзæх — сайæгой, — чи хизы хи йæ хæлары карз зынæй!
Нæ, мæ ныфсæнхъæл барæгыл æз мæ уды бон хъардзынæн;
Тагъд æм хурхæтæн тар хъæдмæ ме стыр балцвæндаг дардзынæн.
Лæг æлгъаджы тарст куы кæна тохы тухийæ, фыдудæй,
Сонтау адæргæй куы риза, уæд цы ма кæндзæни худæй? —
Ус — тыннывæндаг — æгаддæр нæу нæлгоймаджы тæппудæй.
Номæй, намысæй зынаргъдæр нæй хæзна ссарæн цæрдудæй.
Нæй ныууромæн н' адзалæн! — хæхтæ, быдыртæ сраст кæны;
Уый тыхджын-æдых адæмæй алкæй иу джиппы раскъæры;
Искуы ингæны сиу кæны саби, сонтимæ асдæры;
У æгады цард худинаг, ном та — кадимæ бастъæлын!
Паддзах, бауæндон дæм уый дæр: мачи ма зæгъæд — нæ тæрсы;
Зонын, й' адзалмæ æнхъæлмæ иу æнæрхъуыды нæ кæсы;
Бон, æхсæв, иугæнæг — уый нæм йе 'гъдау барджынæй æрхæссы.
Мæн мæ дард балцы куы 'рсура, — самай фарнимæ дæ мæсыг.
Кæд фыдадзадæйГбастъæлон — алцы, алкæйы марæгæй, —
Дард æнæхайæ баззайон: хион-хицæтты хъарæгæй,
Сынт, мæрддзыгойæ, уæлтæрхæг мард хæрзæгъдауыл дарæгæй,
Уæд фæхай мын кæн, хорз паддзах, ды дæ цæссыджы сатæгæй.
Ис мæм дунейы хæзнатæ, чи дзы цасфæндыдæр хъауа, —
Ратт дзы мæгуыртæн рæдауæй, рухсмæ цагъайрæгты рауадз;
Хурау сидзæртыл мæ исбон, уадз, йæ зæрин тынтæ тауа,
Адæм се спаспеты мысой, рох сæ ингæны дæр ма уа.
Дæу цы нæ хъæуа мæ мулкæй, уымæй сидзæртыл дæр бафтæд,
Уымæй саразын кæ хидтæ, уадз, мæ хæзнадæттæ рафтæнт;
Ма сыл бацауæрд, — мæ фæстæ се 'ппæт баззайæнт хæрзхафтæй!
Уый дæм уымæн фыссын, — иунæг у дæ бон бакæнын афтæ.
Нал ис абонæй фæстæмæ ам мæ кой æмæ мæ хъæр дæр,
Алцы раст фыссын, уыдзæни сомбон ме 'вдисæн дæ зæрдæ;
Хæйрæг-иблисы фæлывдæй у лæджы фæлывд æвзæрдæр.
Цæй, ныббар мын-иу хæларæй, — азым ничи хæссы мæрдтæм.
Шермадины дын фæдзæхсын — ме 'муд, ме 'нувыд цагъары,
Рыст, æрхæндæг у ныртæккæ, масты дудгæ фыд æвзары.
Уый-иу барæвдау мæ бæсты, — ноджы ма бахауа сары,
Æмæ ма кæна лæсæнтæ цæссыг паддзахы хæдзары.
Ууыл ахицæн мæ ныстуан æмæ балхынцъ и мæ фыстæг;
Лидзын, ме 'рдхордмæ бæлгæйæ, уд æрдунарæг ыслыстæг;
Лидзын æз, фæлæ уæ удыл сагъæс ма 'ртыхсæд æнтъыснæг.
Уе знаг бабын уæд, уыдзынæн ныр уæ тухитæй сæрхызт лæг».
Шермадины къухы спаспет уыцы 'нкъард чиныг ныссагъта:
«Ростеванмæ-иу æй хъавгæ ратт мæ фæстæ, мæ хур, — загъта, —
Ныр кæуыл дардзæн йæ зæрдæ де 'мбæрц не 'рхæндæг паддзах та!»
Атыхст цагъарыл, йæ ныхас аскъуыд, — цæссыг æй нæ уагъта.