Бон фæцъæх, фæцæуынц, фæсарц чызджы сæр фæзыны саргъæй;
Мулгъазанзармæ хæстæг ын иу бæх балхæдтой зынаргъæй.
Автандил ыскъæры разæй уыцы иу комкоммæ цалхæй:
Зоны цæуæнтæ, нæ тæрсы лæппу фæндагæн йæ даргъæй.
Иу ран Придоны рæгъæуттыл быдыры йæ цæст куы схæцид, —
Хъалхаст, иууылдæр хæрзмыггаг, иунæг цауд бæх дзы нæ фæци.
Тариел зæгъы: «Придонæй цæсгом ахъазын куы хъæцид,
Уæд йæ рæгъæуттæ фæцæйтæр, — кæс, куыд лæбурид, куыд хæцид...
Гъæтт, къæрных лæг, дам, лæгдыхæй уый мæ рæгъæуттæ куыд исы! —
Паддзах быдыры пырхкалгæ тохмæ рацæуид фæдисы;
Фенид йе 'рдхæрдты, фæтыхсид, æмæ бахауид фырдисы.
Цины бахудын æмбæлы, — зæрдæ йе 'цæг хуыз æвдисы».
Мардзæ! Фысымы рæгъæуттæм уайтагъд бабырстой уæндонæй.
Цырд фæдисы 'ртытæ скодтой бæхгæстæ æрцъыкк-æсхонæй! —
Дзурынц барджытæм: «Уæ къухы ницы бафтдзæнис æнцонæй! —
Уый ызнаг кæнут уæхицæн тохы арт паддзах Придонæй!»
Фæлæ бæхгæсты сæ разæй уыдон фатæрдынæй айстой,
Айстой, удаист цагъартæ уыцы иу додой нылластой:
«Сæфæм, мæнæ нæ фæцагътой, рæгъау абырджытæ байстой!»
Адæм сызнæт ысты, хабар уайтагъд паддзахмæ ныххастой.
Придон кардæлвæстæй рацыд уадид йе 'фсургъыл фæдисы,
Йемæ йе 'фсад дæр, æрсдонау, уайынц, зæхх сæ быны ризы.
Баввахс хуртæм, фæлæ уыдон, марадз зæгъ, сæхи æвдисынц, —
Арфдæр танхъатæ ныссагътой, — барæй цæсгомы хуыз хизынц.
«Гъеныр, гъе, фæзынд нæхион», — Тариел йæхимид дзуры!
Танхъа худгæ систа сæрæй æмæ балæууыд йæ цуры:
«Ау, куыд мæсты дæ, фæлæуу-ма, уый нæ кæд, фысым, нæ сурыс?
Афтæ 'лгъин æгъгъæл дын чи уыд? — кардæй уазджытæм лæбурыс!»
Придон рæвдз æрфистæг, кувы уазджытæн ныллæг йæ сæрæй.
Уыдон рахызтысты, сарæх пъатæ — адджындæр сæкæрæй.
Нурадин Хуыцаумæ кувы: «Уый цы цин федтон цы 'гъгъæлæй!»
Адæм уазджытыл тыхстысты, бæстæ сызмæлыд сæ хъæрæй.
Фысым — уазджытæн: «Кæм ыстут? Рагæй уе 'рцыдмæ куы кастæн,
Æз хæстифтонг дæн, цæттæ дæн, нæй къуылымпыйыл ныхас дæр!»
Зынд, цыма дыууæ зынг хуры скодтой худгæ мæйы с' астæу, —
Иумæ рафидыдтой тынгдæр, бæхтыл рацыдысты хъазгæ.
Мæнæ 'рбахæццæ сты, галуан калы рухс тæмæн æгасæй,
Нурадины фарсмæ рабадт Автандил — арабаг разæй,
Хорз даривæлыст тæрхæгыл — Тариел — цытджындæр уазæг.
Радтой йе 'рдхæрдтæ Придонæн танхъа, згъæр, фæринк — алмасæй.
Загътой фысымæн: «Æрмæст дын адон рахастам лæварæн;
Немæ ницы райстам, уæвгæ, нæй нæ хæзнатæн ысбарæн!»
Придон акуывта йæ сæрæй ног йæ хорз дыууæ хæларæн:
«Бузныг, бирæ мын — уæ хуынтæ! Нæй хæзна хуыздæр ыссарæн!»
Фаг куы фæбадтысты фынгыл, уæд фæсахсæвæр хæрзнадæй
Уæтты 'ркъул кодтой сæ сæртæ, хуыссæг с' абырста фæлладæй,
Райсом, бонæй та сæ фысым федта кадæй æмæ радæй;
Бур зæрин тæбæгъ æрхаста фынгмæ, — йе' мыдзаг хæзнатæй.
Нурадин зæгъы: «Мæ ныхас нæу нывыл, мæхæдæг хатын:
Сыстæм, ацæуæм, æниу уæм цауд, æлгъин фысымау хатын,
Фæлæ не 'мбæлы къуылымпы, уæд нæ уыдзæни нын хатыр;
Тагъддæр, цалынмæ нæма сты каджи-хицæуттæ бынаты.
. Бирæ 'фсады сæр нæ хъæуы, цъус фæлтау, фæлæ — дзæбæхтæ;
Фаг — æртæсæдæ хæстоны, разæй фесхойæм нæ бæхтæ;
Фенæм, — не знæгтæ куыд цæгъдой тохы се 'гуыдзæг гæндзæхтæ!
Талмгуыр удыгага хуры стонæм Каджеты къæдзæхтæй.
Иу хатт ма уыдтæн Каджеты, гæнах фидар у, зынсæттæн,
Иугуыр айнæг у йæ бындур, нæй йæм балæууæн æнцæнттæй;
Хъавгæ бахъуызын æмбæлы, нæй нын комкоммæ бырсæнтæ;
Уæд кæм сын уыдзæн æмбæхсæн — бирæ ку' акæнæм æфсæдтæ?»
Йемæ сразы сты, сæ фысым хъуыддаг тынг аив æмбары.
Чызджы Придонтæм ныууагътой се 'рцыдмæ — Мулгъазанзары.
Размæ фесхуыстой сæ бæхтæ, семæ — 'ртæсæдæ хъайтары.
Лæг — зын бавзарæг — фæстагмæ царды рухс амонд ыссары.
Дардтой денджызыл сæ фæндаг, дарддæр сур зæххыл цыдысты,
Уæд нырма æхсæвæй, бонæй балц, фæндагыл лæуд уыдысты.
Нурадин зæгъы фæстагмæ: «Знæгтæ ныр æввахс уыдзысты;
Нал ис бон цæуæн, нæ къорд нын хины каджитæ уындзысты».
Придон раст уыди, нæ фæкаст уый фæнд никæмæ дывæндаг;
Бон æмбæхст уыдысты, 'хсæв та дардтой сахармæ сæ фæндаг.
Уæртæ гæнах дæр, йæ бынтæ — иугуыр айнæджы фæтæн таг.
Минтæ — хъахъхъæнæг æфсæдтæ, цæй, лæджы фырт æм куыд уæнда!
Тæккæ бацæуæны дуарыл ис дæс мин æвзыгъд хæстоны.
Федтой домбæйттæ, — цырен мæй ахстæй йе 'гъуыз цард кæм тоны.
Загътой: «Цæй, уæдæ, куыд кæнæм, дзурæд, чи, зæгъ, нæ цы зоны;
Миныл — тых сæдæ, куы дарой зæрдæ зондджындæр тæрхоныл».