Iriston.com
www.iriston.com
Цæйут æфсымæртау раттæм нæ къухтæ, абон кæрæдзимæ, Иры лæппутæ!
Iriston.com - история и культура Осетии
Кто не помнит прошлого, у того нет будущего.
Написать Админу Писать админу
 
Разделы

Хроника военных действий в Южной Осетии и аналитические материалы

Публикации по истории Осетии и осетин

Перечень осетинских фамилий, некоторые сведения о них

Перечень населенных пунктов Осетии, краткая информация о них и фамилиях, в них проживавших

Сборник материалов по традициям и обычаям осетин

Наиболее полное на сегодняшний день собрание рецептов осетинской кухни

В данном разделе размещаются книги на разные темы

Коста Хетагуров "Осетинскя лира", по книге, изданной во Владикавказе (Орджоникидзе) в 1974 году.


Перечень дружественных сайтов и сайтов, схожих по тематике.



Rambler's Top100 Рейтинг@Mail.ru Индекс цитирования
Статьи Словари
Здравствуйте, Гость
Регистрация | Вход
Опубл. 06.12.2010 | прочитано 3391 раз | Автор: Tabol Вернуться на начальную страницу Tabol
Тæвд къуыри Уациллайы бонты размæ

Мæ цин æмбæхсын мæ бон нæ уыд, цæмæй йæ бирæтæ зоной, уый мæ фæндыд, æмæ-иу мæ фæрсгæ куы ничи кодта, уæддæр-иу мæхæдæг мæ дард балцы кой ракодтон. Иу дæр дзы ахæм нæ разынд, хæлæг мæм чи нæ бакодта, æхсызгон кæмæн нæ уыд, се ’ппæтмæ дæр уыд уыциу фарста: 

— Æмæ уымы ирæттæм нæ бацæудзынæ? Уыцы фарстайы уыди æгæрон цымыдисдзинад, стæй, æнæсæххæстгæнгæ кæмæн нæ уыди, ахæм фæдзæхст: «Æнæмæнг не ’мзæххонтæм бацу, фен сæ, куы раздæхай, уæд мын дæ хабæрттæ фæкæндзынæ»... Нæ аэропорты хицау, хъæлдзæг, хъазæнныхас уарзаг Хъæрджынты Мураты курдиат та мын домæны хуызæн уыд: «Мæ хæлар, раздæры тæхæг Къаболаты Солтан уым, Дамаскы, нæ минæварады кусы. Ссар ма-иу æй...» Æз ын мæ сæры акуывдæй мæ разыдзинад куы равдыстон, уæд ма йæ ныхасыл бафтыдта: 

— Уырдæм тæхдзынæ, уый раздæр куы базыдтаин, уæд цалдæр боны размæ ардыгæй уыцырдыгон Æлбегты дзæбæх лæппу атахт. Загътаин ын, æмæ дæ размæ рацыдаид... 

Уæлдай æхсызгондæр мын уыди иу хъуыддаг: се ’ппæт дæр равдыстой нæ ирон рæдаудзинад: уазæгуаты куы цæуай, уæд афтидæй нæ — исты лæвæрттæ алас демæ. Æмæ мын амыдтой: «Къостайы къамтæ сæ хъæудзысты, ирон чингуытыл тынг бацин кæндзысты». 

Уый мæхæдæг дæр зыдтон, æмæ чумæдан алыхуызон лæвæрттæй байдзаг. 

Мæ разæй уыцы дард бæстæйы чи уыд, иу ахæмы мæхæдæг бирæ фæрафæрс-бафæрс кодтон, цымыдисаг мын уыд алцыдæр, фæлæ йæ дзуæппытæй мæ зæрдæ нæ барухс: йæ балцы сæр кæйдæр бæстæмæ æрмæстдæр исты балхæнынмæ кæмæн уыд, ахæм разынд. Стыр сæрыстырæй мын загъта: 

— Ахæм хъулæттæ рудзынгæмбæрзæнтæ дзы æрбаластон, æмæ мæ фыр цинæй мæ ус йæ хъæбыстæй амардта... 

Мæхинымæр: кæмæн — цы... 

Дард балцы цæуын, уый, хæрзæггурæггагау, мæ мадæн зæгъыны тыххæй ныууадтæн хъæумæ дæр. Æхсызгон ын уыд, фæлæ уайтагъд катай фæзынд йæ фæллад цæстыты, рафæрс-бафæрс мæ систа: чи мæ æрвиты, уымæй, стæй ме ’мбæлттæ цал æмæ читæ сты, хæдтæхæджы æви поезды сбаддзыстæм æмæ ма бирæ цæмæйдæртæй. 

Æрæджиау нæ дыууæ дæр æрымысыдыстæм, цалдæр азы размæ республикæйы радиойы сириаг ирон Æлбегтæй (йæ ном нæ дыууæйæ дæр зыбыты рох фæци) иу уацхæссæджы фарстатæн цы зæрдæбын дзуæппытæ лæвæрдта, уый. Мæнæ афтæ куы загъта, «æз Ирыстоны бæлæсты дæр бирæ уарзын, алкæцыйы дæр дзы мæ хъæбысы акæнин», зæгъгæ, уæд мæ мады зæрдæ суынгæг... 

Нæ ацæуынмæ ма цалдæр боны хъуыдис, афтæ боныхъæд цыдæр хуызæн аивта, хур зæххыл атылди. Чидæр ма йæ мæнау бафиппайдта æмæ мын зæрдæ бавæрдта: 

— Уациллайы боны размæ афтæ вæййы алы аз дæр... 

Мæнæн та æндæр хуызы дзырдта мæ зæрдæ; уый Иры æрдзы бардуаг базыдта, тæвд бæстæмæ цæуын, уый, æмæ нæ балцмæ цæттæ кæны. Бузныг, æрдз! 

Ирыстоны тæвд нын Мæскуыйы уазал раивта. Сæрды бæстастæу! Бынæттон цæрджытæ сæхæдæг дæр дис кодтой: «Цыдæр кодта нæ боныхъæд... Æвæццæгæн, æм рацарæзт нæма бахъардта...». 

Уыдоны хъазæн ныхæстæ æмæ нæхи цыбырдыс хæдæттæ уазалы ныхмæ мисхал дæр ницы давтой. Æрмæст-иу схъарм стæм нæ егъау бæстæйы журналистты Цæдисы бирæуæладзыгон хæдзары: уымæн йæ тæлфаг æмæ дзырдмондаг кусджыты комы тæф æмæ хъарм ныхæстæй. Уыдонæн сæ хæс цы у, мызд цæй тыххæй исынц, уый зыдтам, нæхи хæс дæр нын æмбæрстгонд уыд, æмæ сæм лæмбынæг хъуыстам. Мах стахт æмæ æрбатахтæн уымы кусджытæй дзуапп чи лæвæрдта, уый цыма цæргæбонты худгæ дæр никуы бакодта, афтæ йæхи дардта, бирæ зондамонæн ныхæстæ дзы райхъуыст, стæй æрæджиау загъта: 

— Уым, Сирийы, нæ бæстæйы цы рацарæзт цæуы, уый тыххæй бирæтæ зонынц, бирæты зæрдæмæ цæуы, бирæты зæрдæмæ нæ цæуы. Æмæ уый сæхи хъуыддаг у... Рафæрс-бафæрс уæ кæд сисой, уæд ма тыхсут, уæндонæй, куад зонут, афтæ дзуапп дæттут, куы фæрæдиат, уæддæр уын уæ тæлмацгæнæг уæ ныхæстæ йæхирдыгон сраст кæндзæн. Фæлæ уæ алы ныхасыл дæр хъуыды кæнут... 

Нæ катайгæнæг зæрдæтæ нын чысыл чи барухс кодта, ахæм адæймаг дæр разынд нæ фысымтæм — Александр Сергеевич Алексеев, ирон сиахс, Тотраты чызджы нын Мæскуыйы балæууын кодта. Æвиппайды æнæбары худт бакодта æмæ æрымысыд хæндыджы цыхт, булчъы сыфты мондаггæнæг тæф æмæ Ольгинскæйы йæ каисты карз арахъхъ. Йæ уыцы мысинаг махæн не ’ртæйæн дæр цæмæндæр æхсызгон уыд, нæ мидбылты йæм бахудтыстæм. Нæ мæскуыйаг сиахс йæхи хионхуыз дардта, цыма нæ рагæй зыдта, бæрæг уыд, нæ алы курдиатæн дæр нын дзуапп кæй ратдзæн, уый. Иннæтæн нæ зонын, фæлæ æз мæхинымæры фæбузныг дæн нæ ольгинскæйаг хойæ, æвæццæгæн, ын, ирон сылгоймагæн куыд æмбæлы, афтæ лæггад кæны, бауарзын ын кодта Ирыстоны, ирон адæмы, мах фенд дæр ын уымæн æхсызгон у. 

Нæ фембæлды рæстæг кæронмæ куы фæцæйхæццæ кодта, уæд Александр Сергейы фырт сыстад æмæ йæ армытъæпæнтæ кæрæдзиуыл ныццавта: 

— Ам, Мæскуыйы, æргъæфсгæ кæнут, фæлæ уым æгæр тæвд дæр ма суыдзыстут.. Æнхъæлдæн, раздæр цалдæр боны Дамаскы фæуыдзыстут, стæй уæ бæстæйы иннæ горæттæм дæр аласдзысты. Фæндагыл уын фыццаг æнуд уыдзæн, фæлæ-иу, уæ хорзæхæй, бафæразут, разæй уæм рæсугъд горæттæ æмæ рæсугъд цард æнхъæлмæ кæсдзысты! Цы бæркадджын фынгтæ æрæвæрынц, уый та?! Цы дзы бафиппайдтон, уый уын зæгъон? Ирон фынджы фæткæй сæм цыдæр бæлвырд хæццæ кæны... Æцæг дæргъвæтин сидтытæ нæ кæнынц. Мах уым куы уыдыстæм, уæд Хъесаты Валодя даргъ сидтытæ кæныныл афæлвæрдта, фæлæ-иу æй æрдæгыл уæзданæй баурæдтой. Фæлæ ардæм куы æрбацыдысты сæхæдæг, уæд нæртон хистæр басгуыхти Валодя, ирон фынджы тызмæг æмæ уæздан уагæвæрдæй сын сæ зæрдæтæ басаста, иу сидт дæр нæ аздæхтой... Ныр сымахæй исдзысты сæ «маст» æмæ цæттæ ут... 

Мах æртæйæ дæр, кæй зæгъын æй хъæуы, цæттæ уыдыстæм, фæлæ дæс боны дæргъы цы бирæ дзаджджын фынгтыл бадтыстæм, уым æрмæстдæр зыбыты иунæг хатт æрæвæрдæуыди карз нозт. 

Уый тыххæй бакæсдзыстут фæстæдæр, ныр та уал стæм Мæскуыйы, цæрæм уазæгуат «Алтай»-ы, райсомæй изæрмæ дзы хъуысы æрмæст мæстджын ныхас æмæ бустæ, фылдæр уæтты цæрынц, Бакуйы змæстытæй чи ралыгъд, уыцы сомихаг бинонтæ, нæ сын фаг кæны хуыссæнгæрзтæ, бандæттæ, мах дæр аэропортмæ ацæуыны размæ уазал доны скодтам сапоны фынк нæхи ныддасынмæ; тæвд дон дзы иу уæладзыджы дæр нæй... 

Домодедово-2-йы нын тызмæгдзаст лæппутæ нæ фæсарæйнаг паспорттæ æмæ билеттæм куы ницы фау æрхастой, хæдтæхæгмæ кæм фенхъæлмæ кæсынц, уыцы сæрмагонд залмæ куы бахаудтам, ме ’мбæлттæ сæхи æнахуыр фæлмæн бандæттыл куы æруагътой, уæд æз та, иуварсырдыгæй цы дуканитæ уыд æрттиваг æвгтимæ, уыдон уынынмæ ацыдтæн. Æмæ дзы цы нæ уыд, мæнæ уырыссагау куыд фæзæгъынц: «Аж глаза разбежались...» 

Мæ цæстытæ баззадысты дзаумайы, уæлæдарæсы, уæлдайдæр та карз нозтыты хуыздæртæ алыхуызон æрттиваг æвгты. Схъиуæццаг портийау иу хъуыды кæцæйдæр рагæпп кодта: «Ардæм мæ дзæбæх сыхаг Дулаты Жорæйы рауадз, уæд дзы бæргæ базонид æвзарын». Фæлæ нæхи, нæ фæстæ чи баззад, уыцы дуканиты æмæ буфетты мæгуыр тæрхæджытæ мæ цæстытыл куы ауадысты, уæд мæм уым лæууын нал цыди, уæллаг уæладзыгмæ газеттæ агурæг схызтæн. Асинтыл æмбисмæ нæма схæццæ дæн, афтæ мæм Хадзымурат йæ къух фæтылдта, ныртæккæ лидзæгау кæцæй ракодтон, уыцы дуканиты ’рдæм мын йæ цæрдæг къухæй ацамыдта, ома, цом, фенæм сæ. Нæ йæ зыдта мæ дзæбæх хистæр хæлар, æз дзы йæ разæй уыдтæн, уый. 

Æз æм уæлейæ бынмæ æрдæгхудт бакодтон: 

— Цал хатты хъуамæ срисса, дæумæ гæсгæ, мæ зæрдæ?.. 

Уый мæм ныджджих, бамбæрста мæ, стæй йæ къух ауыгъта. Мæныл нæ... 

Куы раздæхт, уæд мæм нымдзаст æнæдзургæйæ, стæй æрæджиау йæ сæр батылдта: 

— Æгайтма уæддæр фæсарæйнæгтæн исты нæ бон уæй кæнын у... Мах та нæхи Уастырджи фæндараст фæкæнæд! 

Сахаты бæрц рацыдаид, афтæ та ногæй, ныр æртæйæ дæр, бæлццæтты бардуагмæ ногæй скуывтам. Уæлдæфы, хæдтæхæджы къæлæтджын баддæттыл. Дæс километры бæрзæндыл нын нарæгастæу цъæхдзаст стюардессæ æхсæвæримæ æртæ хуызы нозтытæ рахаста — гуырдзиаг хус сæн, кока-колæ æмæ фæткъуытæй лæмæрст дон. Хадзымурат æмæ Юрий фыццаг нозт равзæрстой, æз цæмæндæр — фæстаг, мæ комы хусдзинад асурынмæ. Фæлæ Хадзымурат Уастырджимæ куы бакуывта, уæд æз дæр æрфæсмон кодтон, баурæдтон стюардессæйы. Уыцы бæрзонд ран мæлæты уæздан вæййынц уыдон дæр! Уайтагъд æртæ агуывзæйы зæлланг райхъуыст. Нæ фарсмæ цы хъулæттæ дзаумаджын монголтæ бадти, уыдоны æрдæгцъынд цæстыты дисы суадæттæ райгуырд, стæй уайтагъд байсыстысты, нæ бакуывды нысаниуæгæн ницы бамбæрстой. Нæ цæст алы бæлццонæн дæр рæсугъд фæндаг уарзы, фæлæ нæ куывды сæр никæмæн ратдзыстæм — нæхи Уастырджи нæхи Уастырджи у. 

Æддейы хæдтæхæджы рудзынгæй ницы зынд, стæй æнæнхъæлæджы нæ фарсмæ æрбаленк кодта егъау мæй, ныфсæвæрæг бæлццонау иу цасдæр не ’мтахт фæкодта, худти нæм, цыдæр разæнгарддзинад гуырын кодта зæрдæты. Фæлæ хæдтæхæг цас ныллæгдæр уагъта йæхи, уыйхыгъд мæй та фæстейы зади, цыма йæ зонгæ кодта, ныртæккæ æрбаддзыстæм, уый, ныр нын ницыуал тас у. Йæ бæсты нæм бынæй Сирийы сæйраг горæты ссыгъдысты мингай рухсытæ, сæхимæ нæм сидтысты. Мæхинымæр: «Адон дæр Ильичы фæрцы сты ам, мæлæты иухуызон сты?!» 

Уыцы афон нæм Дамаскы аэропорты æнхъæлмæ кастысты æртæйæ. Цæмæй нæ базыдтой уый бæрц адæмы ’хсæн, ууыл абон дæр ма дис кæнын, фæлæ нæм комкомтмæ мидбылты худгæ æрбацыдысты. Цæмæй фæстæдæр сæ кой бæстон мауал скæнон, стæй сæ сымах дæр тагъддæр хæстæгдæр базонат, уый тыххæй хицæнæй радзурдзынæн сæ алкæйы тыххæй дæр. 

Сæ хистæр Абдел Салам Фалхутт, бæрзонд, фæтæнуæхск лæппулæг, чысыл дзураг, фæлæ арæх мидбылты худаг, уыдис Сирийы сæйраг газеттæй иу — «Тишрин»-ы— редакторы, бæстæйы журналистты Цæдисы сæрдары (йæ ус — уырыссаг, секретарь-машинисткæ та йын ирон чызг — Æлбегтæй) æфсымæр. Рагацау уын æй зæгъын: нæ балц кæй фæрæстмæ, разыйæ кæй баззадыстæм, уым чи райгуырди, уыцы хæлардзинадæй, уымæн стыр ахъаз фæци Абу-Гасан. Мах æй афтæ хуыдтам цыбырæй йæхи фæндонмæ гæсгæ. Кæнæ йын йе ’фсымæр мах тыххæй кæй бафæдзæхста, уый зæрдиагæй æххæст кодта, кæнæ та йæ удыхъæд ахæм уыд, фæлæ разынд тынг хæларзæрдæ адæймаг. Цыма йын стыр æхсызгондзинад хастой мах курдиæттæ æххæст кæнын, уыйау нын дзы иу дæр æнæ дзуаппæй нæ ныууагъта. Аэропорты фæстæмæ тæхгæйæ кæрæдзийæн хæрзбоны хъæбыстæ куы ныккодтам, хæдтæхæджы нæ улæфт куы æрæнцад, уавд æз чысыл æнкъард хъæлæсæй загътон: 

— Амæйфæстæмæйы царды нын Абу-Гасан нал фаг кæндзæн... 

Хадзымурат дæр æмæ Юрий дæр мемæ сразы сты, ныр куы сæмбæлæм, уæд та уыцы уысм æрымысæм æмæ нæ хъуыды нæма аивтам: «Бузныг, Абу-Гасан, амондджынæй цæр дæ уазæгуарзон бæстæйы, ды бирæ сарæзтай, цæмæй дард Иры минæвæрттæ зæрдæхъæлдзæгæй раздæхой сæ райгуырæн къонамæ!» 

Иннæ, Анис Харба, уыд журналист, тæлмацгæнæг, æрыгон лæппу, цалдæр азы размæ каст фæци Ленинграды университет. Хорз зоны уырыссаг æвзаг, тæлмацгæнгæйæ-иу исты дзырдыл куы стыхст, уæд-иу йæ хъоппæг цæстытæ хæрдмæ ныццавта, стæй йæ амонæн æнгуылдз, цыма нын афтæ фæдзæхста: «Чысыл багъæцут, ныртæккæ мæм уæларвæй æрхаудзæн...» 

Мах бæстæйы ахуыр кодта, уый куы базыдтам, уæд нæ кæмæйдæр, фæстæдæр куыд сбæрæг, афтæмæй иу æнæрхъуыды фарста схаудта: 

— Æмæ уæд Цæдис нæ мысыс, нæ бæллыс уырдæм нолæй ацæуынмæ? 

Анис иуварсырдæм чысыл аджих, стæй йæхи æндæр ныхæстыл адардта. Уыцы фарста махæй не ’ртæйæ дæр ферох, уымæй та — нæ. Æмæ фæстæдæр, хæстæгдæр куы базонгæ стæм, кæрæдзийæн нæ хъуыдытæ æргомæй дзурын куы райдыдтам, уæд Ленинграды æмдзæрæны æвзæр уавæртæй рахъаст кодта, Волгограды редакцитæй иуы фæсарæйнаг студентты практикæмæ æбæрнон цæстæй кæй кæсынц, уый куы рафаудта, ныртæккæ Мæскуыйы бахæрынмæ кæй ницы ис, ууыл куы смæсты, уæд æй бамбæрстам, нæ фыццаг фембæлды нын не ’нæрхъуыды фарстайæн дзуапп цæуылнæ радта, уый. Сыгътой нын, пысырайау, уыцы уайдзæфтæ нæ хъустæ æмæ нæ зæрдæтæ, фæлæ нæ егъау бæстæйы авторитеты фарс рахæцыныл нæ иу дæр нæ бафæлвæрдта — уый дзæгъæлы уыдаид, нæхæдæг къаддæр нæ зонæм бирæ хъуыддæгтæ не ’дзæллагдзинады, растдæр зæгъгæйæ та, нæ æбæрнондзинады тыххæй. Фæлæ Анис уæддæр фæстагмæ йæ хорз хæлæртты æмæ уырыссаг цъæхдзаст чызджыты æхсызгонæй куы æрымысыд, Есенины зæлланггæнаг рæнхъытæ бæрзыты тыххæй куы бакаст, уæд нæ удтæ æрæнцадысты: «Куыд банхъæлдтам, афтæ æвзæр не стæм, бынтон ныл нæ систа йæ къух...» Хатгай хæрз чысыл фæхъæуы мидбылхудт райгуырынмæ, зæрдæйы уæлтæмæны арт ссудзынмæ! Ноджы ма нын йæ курдиат куы загъта... мæ ахсæн риссы, уымæн Ирыстоны хос кæнынц, æмæ мын дзы-иу рарвитут, зæгъгæ, Хадзымурат ын зæрдæ куы бавæрдта, уæд бынтондæр схæлæрттæ стæм. Иннæтæн нæ зонын, фæлæ йæм æз писмо ныффыссинаг дæн, бафæрсин æй йæ дарддæры цардæй, йе ’нæниздзинадæй, йе ’фсин уæд æнхъæлцау уыд, афонмæ йын ныййардта, лæппу йæ фæндыд, ирон ном, дам, ыл æвæрдзынæн сымах тыххæй. Цы бацис цымæ?.. 

Не ’ртыккаг æмбæлæг нæхи æмзæххон разынд, уырыссаг Володя Филиппов. Нæ Иры стырдæр лæгтæй иу, Дзасохты Алыксандр, ам нæ бæстæйы минæварæй куы уыд, уæд иумæ куыстой. Æмæ йын ныр не ’мзæххонæй æрвыст зæрдиаг салæмттæ куы радтам, уæд йе ’хсызгондзинад йæ цъæх цæстытæй уалдзыгон ивылд донау рабырста, йæ мидбылхудт нал æмæ нал хуыссыд. 

Цы дæс боны фестæм Сирийы, уыцы дæс боны дæргъы Володя, нæ бæстæйы пресс-атташейы кусæг, уыд нæ уæлхъус, афтæ зæгъæн ис, æмæ йын цас не ’мбæлд, йæ хæс дзы цас нæ домдта, уыйас стыр кæстæриуæгдзинад нын фæкодта. Æцæгæлон, æнæзонгæ бæстæйы чи уыд, æрмæст мæ уый бамбардзæн, ахæм адæймаг, Володяйæ зæгъын, лæгæн цас ныфс вæййы, уый. Æрæджиау æй бамбæрстам мах: уый Дзасохты Алыксандры стыр авторитет узæлыд махыл. Йæхæдæг ам нал ис, йæ фарн та баззад. Уый уæлдай ирддæрæй рабæрæг фæстæдæр, ацы бæстæйы информацийы министр, амы егъаудæр газетты редактортимæ, хуымæтæг адæмимæ куы фембæлдыстæм, уæд. Ирыстонæй стæм, уый-иу куы базыдтой, уæд-иу уыцы цымыдисгæй, æнæмæнг мидбылты худгæйæ, фарстой Алыксандрæй. Иннæтæн нæ зонын, фæлæ-иу мæнæн мæ зæрдæйы стыр цин æрбынатон и. Æмæ куыннæ: дард бæстæйы ирон лæгæй æппæлынц!.. 

Аэропорты нæм нæ размæ ракодтой æртæ машинæйы, æртæ мерседесы, алкæмæн дæр, дам, хицæн уа (уымæй райдыдтой фæстæдæр дæр ма кæй кой ракæндзынæн, уыцы буцдзинады митæ). 

Хинымæры хъуыды (кæцæйдæр рагæпп кодта, хонæг æм ничи арвыста): «Махмæ, цы нæ вæййы, куы æрбацæуой адон дæр мæнæ мах хуызæн уазæгуаты, уæд сын мах та цы ракæниккам сæ размæ, цавæр машинæтæ? Кæмæй ракуриккам, кæмæн уаиккам лæгъстæйаг цымæ?..»  

Мах, Юрий Семибратовимæ, иу машинæйы фæстаг бадæныл нæхи ауагътам, разæй шофыры фарсмæ та сбадт нæ тæлмацгæнæг Анис. Дамаск æхсæвыгон рæсугъддæр у æви боныгон, зæгъгæ, йæ куы бафарстон, уæд нæм уый фæстæмæ разылд, зæрдиаг мидбылхудт кодтой йæ сау цæстытæ: 

— Дамаск æхсæвыгон дæр æмæ боныгон дæр рæсугъд у... 

Йæ райгуырæн къона зæрдæбынæй чи нæ уарзы, уый афтæ никуы зæгъдзæн. Дыккаг бон нæ суанг сихормæ ничи бахъыгдардта, зыдтой йæ, фæллад стæм, уый. Стæй та дысоны адæм æртæйæ дæр фæзындысты, уазæгдоны рестораны нæ хорз федтой æмæ нын сæ хъуыды загътой: 

— Зынаргъ уазджытæ нын стут, æмæ уын нырæй фæстæмæ мах цы зæгъæм, уый кæнут... 

Цы гæнæн ма нын уыд. Æмæ сæ фæдыл Дамаскы уынгты араст стæм. Æппæты фыццаг нæ бахуыдтой сæ Националон музеймæ. Ардæм æппæты фыццаг цæмæн, уый нын зын бамбарæн нæ уыд: нæ фысымты фæндыд, цæмæй сын мах сæ цардыуаг рæвдздæр бамбарæм, уый. Уымæй сæрыстыр кæй сты, уый уым рабæрæг. Музейы хицау, ныллæджытæ, къæсхуыртæ ас лæг, кæцæй стæм, уый куы базыдта, уæд фыр цинæй цъил фестад, тагъд-тагъд дзураг: «Советон Цæдисы музейты куыст куыд æвæрд у, иунæг бæстæйы дæр афтæ нæу, махæн ныр тынг æххуыс кæнынц, æз нырма хæрз æрæджы æрбаздæхтæн Мæскуыйæ, уырдæм дунейы алы кæрæттæй æрæмбырд сты ахуыргæндтæ, æз æппæты раззаг рæнхъы бадт фæдæн, æгасæй дæр хъустæ æмæ цæстытæ фестадтæн»... 

Ма йæ уром, уæд дзырдтаид æмæ дзырдтаид. Экскурсоводтæй никæуыл баууæндыд, йæхæдæг тæлмацгæнæджы разæй цыд æмæ йæхимæ цымыдисагдæр цы касти, уыдæтты тыххæй ныхæсты дзаджджындæрты агуырдта. Куыд æрбахауд ардæм æппæты фыццаг арæзт чиныг араббаг æвзагыл, дохтыры æппæты фыццаг кусæнгæрзтæ, зæхкусæджы дзаумæттæ, хæцæнгæрзтæ... Йæхæдæг дæр фæхудт, мах дæр зæрдиагæй фæхудын кодта, сæрыстыр кæмæй уыд, иу ахæм цауæй. Иу немыцаг хилдасæг, дам, ам уæвгæйæ уæлдай бирæ фæлæууыд сириаг сылгоймаджы скульптурæйы цур, йæ сæрыхъуынты æнахуыр æвæрд йæ зæрдæмæ фæцыд, йæ хуыз ын алырдыгæйты цалдæр хатты систа, ныв дæр æй скодта. Иу цасдæры фæстæ дзы музеймæ æрбацыд арфæйы фыстæг: «...Сылгоймæгтæ иууылдæр мæнмæ ныххæррæтт кодтой, уæ музейы уыцы сылгоймаджы дзыккуты æвæрд сæ бынтон срæсугъд кæны...» 

Чидæр нæ йæ куы афарста, ам та нæлгоймæгтæ кæй дзыккуты æвæрд фæзмынц, зæгъгæ, уæд нын залы кæрон егъау портретмæ ацамыдта — базыдтам æй, уый та уыд Хафез Асад. Чысыл раздæр уазæгдонæй уынгмæ куы рахызтыстæм, уæд нæ тæккæ размæ фæци. Стыр хæдзары дыууæ уæладзыджы ’хсæн егъау ныв: Хафез Асад æмæ Насер сириаг тырысайы хъæдыл фидар ныххæцыдысты. Дыууæ хуызы уыд бамбарæн нывгæнæджы хъуыдыйæн: иу æй иннæмæ дæтты, ды йæ уæндонæй дарддæр ахæсс, зæгъгæ, кæнæ та ацы тырыса мах никæмæн ратдзыстæм, уый сæрибары тырыса у. Дыууæ хъуыдыйы дæр фæзминаг сты, арфæйаг... 

Ацы бæстæйы сæргълæууæджы нывтæ æмæ хуызистытæ тынг арæх уыдысты горæты алы рæтты — хæдзæртты къултыл, хиды бынхъæдты фæтæн фæрстыл, машинæты фæстаг æвгтыл, дуканийы манекены фарсмæ, светофоры сæрмæ... Алы ран дæр фæлмæн йæ мидбылты худы. Афтæмæй йæ æппынæдзух цæмæн æвдисынц, зæгъгæ, барæй цалдæр хатты бафарстон, алыхуызон дзуæппытæ райсын æнхъæл уыдтæн, фæлæ иууылдæр иу ныхас кодтой: 

— Мидбылхудт хæлардзинад æвдисæг у, уарзондзинадыл дзуры, зымæгон артау йæхимæ ’лвасы, адæймаджы фæллад цæстытæн æнцойдзинадхæссæг, ныфсдæттæг у... Мах нæ Президенты æндæр хуызы хъуамæ макуы фенæм. Æрмæст иунæг ран ис йæ ныв æнæхудгæйæ — Дамаскы егъаудæр аргъуаны. Уый йæхи афтæ бафæндыд... 

Хинымæры хъуыдытæ: «Махæн та нæ бæстæйы раздæры хицауадæн æдзух тызмæг цæстæнгас уыд, вазыгджын хуыз сын... Æцæг Горбачев арæх худы, фæлæ цы давы?»  

Фæстæмæ нæхи бæстæмæ куы раздæхтыстæм, уæд уайтагъд Мæскуыйы уæрæх уынгты æвиппайды æрбатыхстæн дыууæрдæм æнæхъуаджы тындзæг адæмæй. Хуыцау йæ зонæг, кæдæм тагъд кæнынц, куы дæ иу бакъуыры, куы иннæ. Æмæ та мæ цæстытыл ауадысты Дамаскы нарæг уынгтæ — ам адæмы тагъд-тагъд цæугæ фенæн ис æрмæст рæйсомæй раджы — сæ куыстмæ. Уымæй фæстæмæ амы цæрджыты алы къахдзæф, алы фезмæлды ис удæнцойдзинад, уæлдайдæр — фæскуыст. Мæнæ дæлдæр цы рæнхъытæ бакæсай, уыдоны хай фыст æрцыд Сирийы егъаудæр горæттæй иу — Халеппойы; уым сын мæ боныджы мæнæ ахæм сæргонд дæр ма радтон: «Халеппойы уазæгдоны фыст боныгæй скъуыддзæгтæ». Мæнæ дзы иу: «Суанг фæсæмбисæхсæвтæм горæт нæ фынæй кæны. Дуканигæс лæппутæ сæ дуканиты фæтæн рудзгуытыл æддейы æфсæйнаг æмбæрзæнтæ æрæппарынц, бынæй сæ гуыдырæй сæхгæнынц. Стæй алы уынджы дæр боныцъæхтæм музыкæйы зæлтæ нал банцайынц, мах хуызæн цъæлхъæр — нæ, ам сæ ничи тыхсы. Фæлæ базарад уыцы афон горæты уынгты нæ банцайы. Гыццыл лæппутæ фæлдадуадзæн фæзы алы къуымты уæй кæнынц дæттæ, цъæх нартхæрттæ фыхæй, резинæ цæлхытыл ласгæ уæрдæттæ газы пецимæ — дзидзайы сыр-сыр хъуысы. Æцæг боныгон куыд хъæр кæнынц, æлхæнджытæм сæхимæ куыд хъæрæй сидынц, афтæ нæ — æрмæст къухы уæздан змæлдæй, лæгъстæйаг цæстæнгасæй. Уыцы фæзы цы адæм æрæмбырд ис, уыдон кæрæдзийы удæнцойдзинад хъахъхъæнынц. Тынг хъæрæй ныхас дзы нæ фехъусдзынæ, къордтæ-къордтæ бадынц, цæуылдæр уæздан худынц, зæрдиаг ныхас сын бацайдагъ. Бирæ дзы ис, зыбыты иунæгæй хъуыдыты чи аныгъуылд, ахæмтæ дæр. Цыма æппындæр никæй уынынц, ницы хъусынц, æрмæст сæхи мидхъуыдыты уацары сты, удæнцойдзинад сæ æрцард. Охх, куыд нæ фаг кæны уый махæн, ам нæхи бæстæйы, æдзух цæуылдæртыл мæт кæнæм, цæуылдæртыл — катай. Æмæ æниу уый цас диссаг у — райсом цы уыдзæн, уый куы нæ зонай, райсомæй дæ ныфс куы нæ уа, уæд афтæ вæййы. Иу лæджы, дам, фарстой, афтæ бирæ, дам, цæй руаджы фæцардтæ. Уый, дам, афтæ: «Æз никуы никæдæм тагъд кодтон». Загътой мын æй, кæцы бæстæйаг уыд, уый, æцæг мæ æрбайрох, фæлæ махæй кæй нæ уыдис, уый гуырысхойаг нæу. Балкъонæй мæ мидæмæ мæ къах нæ хæссы, хуыссæг мæм хæстæг нæ цæуы. Уæлдай цымыдисагдæр мын уыд, фæзы чысыл лæппутæ æмæ чызджытæ фыддæрæй-фылдæр куыд кодтой, уый. Хадзымурат æмæ Юримæ дæр бадзырдтон, дæлæ ма, зæгъын, кæсут, куыд дзæбæх хъазынц. Кæрæдзийы къухтыл-иу ныххæцыдысты, стæй та-иу феуæгъд кодтой, фæстæрдæм-иу азгъордтой. Нæ балкъоны хæд бынмæ 13–14-аздзыд гомсæр лæппу къухæй тулгæ хъæдын уæрдоны рæтæнæгъдтæ асфальтыл æрæвæрдта, йæ нарæг гуыффæ йын фегом кодта æмæ электрон цырæгъты рухсмæ ферттывтой æрттиваг чысыл асыччытæ. Сæ хуылфы æнгузы, æхсынæны, насы, æмæ ма махæн æнæзонгæ чи уыд, ахæм дыргъты мыггæгтæ. Уæлдай арæхдæр æм æлхæнынмæ цыдысты йæхи карæнтæ, къухыдзæгтæй-иу сæ сæ дзыхты бакалдтой æмæ та-иу фæзы алы къуымты ахæлиу сты. Мах æртæйæ дæр æдзæмæй цас фæлæууыдыстæм, Хуыцау йæ зонæг, фæлæ уалынмæ Мураты хъæлæс райхъуыст: 

— Сæ ныййарджытæ сын истæмæй куы тæрсиккой, уæд сыл ацафонмæ ам æууæндынц? 

Сывæллæттæй загъта, йæхинымæры хъуыдытæ йын хъæрæй рауадысты. 

— Афонмæ Дзæуджыхъæуы уынгты та цъиуызмæлæг дæр нал ис. Кæд ма дзы расыг лæгыл сæмбæлай... 

Дис æви катай кодта Юрий, уый нæ бамбæрстон. 

Æз та æнæнхъæлæджы мæ мидбылты бахудтæн. Мæ цæстытыл ауад, Беслæны мæм редакцимæ цы бæзæрхыгтæ нæлгоймаг æрбацыд, уый. Мæ сыхæгтæ, дам, сæ балкъоны иу къулбадæг уасæг бабастой, æмæ æхсæв-бонмæ дзæгъæл уаст йеддæмæ ницы кæны, милицæмæ сыл бахъаст кодтам, фæлæ сæ ничима фæзынд, ды та нæ депутат дæ, мæ хъæлæс дыл радтон... 

Мæ сахатмæ æркастæн — уыд æхсæвы дыккæгæм сахат. Халеппойы сæйраг уынгтæн та фынæй кæнын сæ зæрды нæма уыд, музыкæйы цъæхснаг зæлтæ, æнкъард зарæджы ныхæстæ фæззыгон сыфтæртау згъæлдысты, удæнцойдзинад хастой, дард хъуыдытыл æфтыдтой, цæстытыл уадысты Ирыстон, зонгæ цæсгæмттæ. Цæмæндæр мыл кæцæйдæр æрхаудтой, мæ хæлар Зыгъуытаты Сергей мын Дзæуджыхъæуы аэропорты кæй загъта, уыцы ныхæстæ: «Искуы куы вæййын, уæд къуырийы фæстæ æнæмæнг тыхсын байдайын... Цыфæндыйæ дæр нæхицæй хуыздæр никуы у...» 

Мæ хæлар та ацы хатт дæр раст у, æмæ æз дæр хатыр уымæн нæ курын нæ уазæгуарзон Халеппойæ ме ’нафоны райдзаст, фæлæ сусæг хъуыдыты тыххæй... 

Федтам æндæр горæт дæр. Æнкъард горæт. Æдзæрæг горæт. Уæвгæ бынтон æдзæрæг нæу. 

Уый уынгты æхсæвæй-бонæй хæлд хæдзæртты алы тæригъæд къуым дæр басгары дзæгъæлдзуаг дымгæ, куы ныххуды, куы та ныккæрзы. Къостайы Фатимæйау. Цалдæр мæллæг сæгъмæ нæ къæхты уынæр нымады дæр, нæу, сæ рыгæйдзаг бырынчъытæ ивазынц дæлæмæдзыд къутæры сындзджын къалиутæм. Дурцæнды фарсмæ дыууæ бур куыдзы мах ауынгæйæ дзыхълæуд æркодтой, ныккастысты нæм, æвæццæгæн, æй нæма зыдтой, сæ хæлæрттæ æви се знæгтæ стæм, уый. Куы сæ адард стæм, уæд ма сæм æз фæстæмæ ракастæн. Дыууæ куыдзы дæр фæндаджы астæу балæууыдысты, нæ къадвæдтæм нын смыстой. 

Уыцы горæт, растдæр зæгъгæйæ та раздæры горæт, Эль-Кунейтрæ у. Æвдайæм азты райдиан ардæм æрбабырстой сæ сыхаг израилаг тыхгæнджытæ. Уыдоны æгъатырдзинад æмæ амы цæрджыты хъæбатырдзинад ныхæй-ныхмæ æрлæууыдысты. Знаг нæ ауæрста халыныл, судзыныл, стигъыныл. Уæлдайдæр та йæ бон куы базыдта, уæд. Срæмыгътой æппæт хæдзæрттæ дæр, аргъуантæ, скъолатæ. Зыбыты иунæг хæдзар ма дзы аирвæзт æнæхъæнæй — музей дзы сарæзтой ныр. Хæлд горæт æнæхъæнæй дæр музей у гом арвы бын. Сæ бон æй саразын уыд, фæлæ йæ барæй нæ сарæзтой. Уадз æмæ сириаг фидæны фæлтæртæ уыной æмæ зоной, хæст цы у, уый, ам хъæбатырæй чн хæцыд, уыдонау уарзой сæ бæстæ. Махмæ Фыдыбæстæйы Стыр хæсты рæстæг Сталинград къаддæр хæлд нæ уыд, фæлæ дзы зыбыты иунæг хæлд хæдзар йеддæмæ нæ ныууагътам знаджы фыдмитæн æвдисæндарæн, уый дæр куыд æмбæлы, афтæ хъахъхъæд нæ цæуы. Æмæ ма уымæн дæр ныббыхсæн ис, фæлæ дзы куыд æмбæлы, афтæ пайда нæ кæнæм фæсивæдимæ хъомыладон куысты. 

Ам та кæуын цæуы адæймагмæ, зæрдæны райгуыры маст, æнæуынондзинад знагмæ, фæнда дæ æви дæ нæ фæнда, уæддæр дæ цæстытыл ауайынц амы раздæры амондджын адæм, сæ мидбылхудт. Уыцы нывтæ куы атайынц, уæд æнæ бафиппайгæ нæ фæуыдзынæ, дæ бакомкоммæ, æртонут мæ, зæгъгæ, чи хъæр кæны, уыцы урссæр дидинджытæ, ныр уал æмæ уал азы сабиты уынæр чи нал хъусы, уыцы футболон фæз йе ’нæкарст бур кæрдæгимæ. 

Йæ раздæры цæрджытæй йын иуимæ сæмбæлдыстæм. Æнæнхъæлæджы. Тæвд бон уыди, æмæ нын нæ фысымтæ фæтæригъæд кодтой, хæлд аргъуаны аууон уазал дуртыл куы æрбадтыстæм, уæд. Уалынмæ нæ уæлхъус алæууыд иу ацæргæ æнæзонгæ зæронд лæг. Дурын йæ къухы. Базыдтам æй — дон нын æрбахаста. Бахудти нæм, йæ галиу къухы егъаудæр æнгуылдз хæрдмæ фæхъил кодта, ома, аназут, æвæджиауы дон у. Æхсызгон нын уыд, зæрдиагæй йæ нæ былтыл сдардтам, нæ фæллад нын æцæгæйдæр фæсырдта, не ’ппæты номæй йын нæ хистæр Хадзымурат æцæг ирон куырыхон лæджы арфæтæ фæкодта уырыссагау, фæлæ йæ фæстаг ныхæстæ иронау загъта: «Донарæхæн фæцæр, хорз лæг». Нæ тæлмацгæнæг Анис дæр сæ, кæй зæгъын æй хъæуы, нæ бамбæрста, фæлæ йын сæ Хадзымурат ратæлмац кодта, уый та — зæронд лæгæн. Нæ хæрзгæнæг раздæрау хæлар мидбылхудт равдыста, йæ егъаудæр æнгуылдз та хæрдмæ фæхъил кодта, ома, хорз ирон арфæ у. 

Базонгæ стæм, йæ мыггаг æмæ йын йæ ном гæххæтты гæбазыл афыстон: Махамед Хаин. Мах фæрсгæ, уый — дзуапп дæтгæ. Йе ’ппæт раныхас та цыбырæй мæнæ ахæм уыд: 

— Мæхæдæг дæр æмæ мæ бинонтæ дæр Дамаскы кæрон цæрæм. Фæлæ ардæм æнæруайгæ нæ фæвæййын. Зæрдæ мæ рахоны. 

Йæ коммæ ма бакæс, æмæ куы аскъуына, уæд та? Дæлæ дæлдæр мæ райгуырæн хæдзар уыд, йæ къултæ ма баззадысты. Мæхи сæм нылвасын, мæ цæссыг сыл æруадзын. Гыццылæй цы хъарм дуртыл фынæй кодтон, уыдоныл мæ рустæ авæрын, цыдæр тых мын раттынц... Знагæн сæ нæ радтам, нæ йын бакуымдтам сæттын... 

Нæ фæдыл ма бирæ фæкаст æнкъард, мæгуырхуыз зæхкусæг. 

Нæ уыцы боны балц кæронмæ фæцæйхæццæ кодта, ногæй та музеймæ бацыдыстæм, ам бæлццæттæ сæрмагонд альбомы сæ фиппаинæгтæ ныффыссынц. Мах размæ дзы цы фыстытæ уыд, уыдонæй иу рафыстон: «Мы, делегация ГИТИСа им. Луначарского, Москва, СССР, посетили город Эль-Кунейтра 13 мая 1990 года. Мы потрясены увиденным. Единственное желание любого, кто был здесь, это — мир, свобода, покой и счастье. Дружба СССР и Сирии будет крепкой и нерушимой...» 

Мах дæр дзы ныффыстам. Хадзымурат æмæ Юрий уырыссагау, æз — сыгъдæг иронау. Хъæугæ дзырдтæ ссардтон ме ’нæуынондзинад цардхалджытæм равдисынмæ — æлгъыстау, мæ сæрыстырдзинад хъæбатыр, сæрибаруарзаг сириаг адæмæн — зарæгау. 

Фысгæ-фыссын мæ иу æхсызгон хъуыды цух нал уагъта: «Ардæм куы нæ æрцыдаиккам, уæд нæ балц æххæст балц нæ уыдаид». Уый мæ абон дæр фидарæй уырны. 

Мерседесты мотортæ нæма скуыстой, афтæ ма мах нæ цæст хæлд горæтыл ахастам. Нæ алыварс уыд æдзæм, æрмæст Хадзымураты уæззау ныуулæфт æмæ мæхи зæрдæйы гуыпп-гуыпп азæлыд, стæй ма Хафез Асады мидбылхудт фæлмæн къæвдайау лæдæрсти нæ цæстытыл, цыдæр ныфс лæвæрдта, сидти цардмæ, сырдта иуварс алкæйы æнкъард хъуыдытæ... 

Уыдыстæм ма ноджыдæр иу горæты, Хамæйы. Халеппомæ цæугæйæ йæм фæзылдыстæм. йæ уынгты æрзилынмæ нын фадат нæ уыд, мæ зæрдыл æй бадардтон, зæрдиаг худт æмæ дзы нæхи кæй æрымысыдтæн, уымæй. 

Тæккæ сихорыл нæ мерседестæ уыцы горæты ресторантæй иуы цур æрлæууыдысты, доны был. Дæргъæй-дæргъмæ стъолтæ фæтæнсыф тута бæлæсты бын. Куыддæр æрбадтыстæм, афтæ иу морæ гæдыйы лæппын кæцæйдæр рауад, Хадзымураты къæхты бын абырыд лæгъстæмæ. Хадзымурат æй йæ хъæбысмæ систа, йæ гыццыл сæр ын фæлмæн æрлæгъзытæ кодта, бæрæг уыд, йæ зæрдæмæ кæй фæцыд, уый. 

— Уæд та йæ мæ чызджытæн аласин? — йæ мидбылты бахудт Хадзымурат.— Цы хъыгдары, и? Сириаг гæды Ирыстоны!.. 

— Æмæ дыл нæ фæхуддзысты? Уыцы хъæздыг бæстæйæ æндæр хуыздæр мацы æрбалас, зæгъгæ, куы ныддис кæной, уæд та? — фæцырд æм Юрий. 

Уый не ’ртæйæн дæр худæджы хос фæци. Нæ тæлмацгæнæг Анисмæ дæр бахæццæ. Куы æрæнцадыстæм, уæд ме ’мбæлттæ чысыл фалдæр хъамылты астæу ауындзгæ хидыл къада куырæйттæ уынæг ацыдысты, æз та тута бæлæстæм ныджджих дæн. Хуымæллæджы мæ кæрт ауад мæ цæстытыл, нæ зæронд тута бæлас, афонмæ йæ гагатæ згъæлынц, кæрчытæ æмæ йæм къæйных сырддонцъиутæ лæбурынц. Мæ мад куы сæ иутыл схъæр кæны, куы сæ иннæтыл, уæздандзинад сæ домы... 

Зæрдæ хъæмæ æхсайын райдыдта, фæлæ дзы æнкъарддзинад бирæ нæ фæстиат кодта, уымæн æмæ йæ зыдта: разæй йæм æхсызгон фембæлдтæ æнхъæлмæ кастысты. 

Не ’мзæххонтимæ. 



<==    Версия для печати
Реклама:

Ossetoans.com OsGenocid ALANNEWS jaszokegyesulete.hu mahdug.ru iudzinad.ru

Архив публикаций
  Января 2024
» О чем рассказали восточно-европейские руны
  Ноября 2022
» От Кавказа до Волги
  Августа 2022
» Кавказцы глазами русских: говорят архивные документы...
  Марта 2022
» К вопросу о заселении Фиагдонской котловины, по данным фамильных и народных преданий
» О новых именах в истории царственного дома средневековой Алании
  Февраля 2022
» К ВОПРОСУ ОБ УДЕЛЬНЫХ ВЛАДЕТЕЛЯХ УАЛЛАГКОМА ПО ФАМИЛЬНЫМ, НАРОДНЫМ ПРЕДАНИЯМ И АРХИВНЫМ МАТЕРИАЛАМ
  Декабря 2021
» Осетинская религия; религия осетин (Ирон дин)
  Мая 2021
» Иверская (Моздокская) икона Божией Матери
  Мая 2020
» Соотношение понятий Æгъдау, религия (дин), вера во внутриосетинской дискуссии
  Июля 2019
» Открытое обращение представителей осетинских религиозных организаций
  Августа 2017
» Обращение по установке памятника Пипо Гурциеву.
  Июня 2017
» Межконфессиональный диалог в РСО-Алании состояние проблемы
  Мая 2017
» Рекомендации 2-го круглого стола на тему «Традиционные осетинские религиозные верования и убеждения: состояние, проблемы и перспективы»
» Пути формирования информационной среды в сфере осетинской традиционной религии
» Проблемы организации научной разработки отдельных насущных вопросов традиционных верований осетин
  Мая 2016
» ПРОИСХОЖДЕНИЕ РУССКОГО ГОСУДАРСТВА
» НАРОДНАЯ РЕЛИГИЯ ОСЕТИН
» ОСЕТИНЫ
  Мая 2015
» Обращение к Главе муниципального образования и руководителям фракций
» Чындзӕхсӕвы ӕгъдӕуттӕ
» Во имя мира!
» Танец... на грани кровопролития
» Почти 5000 граммов свинца на один гектар земли!!!
  Марта 2015
» Патриоту Алании
  Мая 2014
» Что мы едим, или «пищевой терроризм»