Æрæджы Торонтойæ сыздæхт Беслæны 1-аг скъолайы ахуыргæнинæгты къорд. Канадæйы Ирон адæмы æхсæнад "Алани" æмæ Канадæйы Уырыссагæвзагджын Конгрессы фæрцы Беслæны 1-3-æм сентябыры фыдракæнды цы сывæллæттæ бахауд, уыдон минæвæрттæн сæ бон баци Канадæ бабæрæг кæнын æмæ сæ фæллад суадзын.
Мæнæ цы фыссы æхсæнад "Аланийы" советы уæнгтæй иу, Кучиты Руслан:
«Æрцыдысты 17 сывæллонæй æртæ хистæримæ, æмæ фесты ам дыууæ къуырийы. Кæд нæм фæрæзтæ уый размæ иу цасдæр æртымбыл ис (Беслæны сывæллæтты æххуысæн), уæддæр фаг нæ уыдысты. Нæ амондæн нæ партнертæн æмæ Канадæйы Уырыссагæвзагджын Конгрессæй разындис хорз бастдзинæдтæ. Сарæзтой уазæгуаты хабар, стæй ма ноджы цалдæр хъуыдтаджы – лæвар. Се 'рцыдæй сæ ацыдмæ сæ телеуынынад æмæ газетты журналисттæ цух нæ уагътой. Æппынæдзух уыдысты нæ уæлхъус. Цæвиттон, уыцы кæстæртæ сæ рæстæг арвыстой тынг хорз. Бирæ цыдæртæ федтой. Фидарæй мæ бон зæгъын у, стыр æхсызгондзинад сын кæй æрхастæм. Мах (Канадæйы цæрæг ирæтты) кæстæртæ семæ æфсымæртæ æмæ хоты цард фæкодтой. Хатгай иу баззадысты æхсæв дæр семæ уазæгуаты. Мæ кæстæр чызг къуырийæ фылдæр скъоламæ дæр нæ ацыдис. Æмæ ныр зæрдæхъæрмттæ кæнынц. Аэропорты стырæй чысылæй сæ цассыг фезгъæлттой уазæгæй, фысымæй, кæрæдзийæ атонын нал куымттой. Уды хуызæн сывæллæттæ. Ахæм зæрдæхæлар, райдзаст æмæ сыгъдæг уд кæстæртæ сты, æмæ сæ мæ зæрдæ баззад. Раст мæхи цыма сты иуылдæр, ахæм ад мын скодтой дыууæ къуыримæ. Сæ ныйарджытæм сæрмагондæй хъуамæ адзурон арфæ ракæнынмæ.
Лæгæн исты ахæм хъуыдтаг куы бантысы, йæ адæмæн истæмæй балæгкад кæнын, уæд цæргæ дæр уыцы рæстæг фæкæны, авæццæгæн. Иннæ рæстæг æрмæстдæр къæбæрдзуан зилы.»
Къамы: Беслæныхъæуы сывæллæттæ Ниагарайы донхауæны сæрмæ.