Хорз хъуыды кæнын, иу 50 азы размæ дæр ма ирон адæммæ чырыны разæй ничи цыд уæлмæрдтæм. Нæ фыдæлтæм нæ арæзтой чырынæн сæр дæр. Ингæн йæхæдæг уыд дурæй къæлæт амад, ныгæнын афонмæ зæххæй æмбæрст. Чырын та иу дзы бавæрдтой разæй. Нæ уыдис веноктæ, къамтæ хæссыны æмæ дидинджытæ зæхмæ æппарыны æгъдæуттæ дæр. Адæм иуылдæр иумæ цыдысты чырыны фæстæ. Сæ фæндагыл цæуджытæ иу сæ хæдтулгæ машинæтæй рахызтысты æмæ иу иуварс, фæндаджы был, сæркъулæй, тæфæрфæсгæнæгау æрлæууыдысты. Сæ бынатæй дæр не’нкъуысыдысты цалынмæ мæрддзыгой адæм ацæуой, уæдмæ.
Фæстæдæр советон дуджы рæстæг, коммунистон идеологи сфидар кæнынæн паддзахад куы стынг кодта, "борьба с пережитками прошлого" кæй хуыдтой, уыцы национ уидæгтимæ тох, уæд адæмы тыхæй фæхицæн кодтой се ‘гъдæутты мидисæй, сæ дунембарынадæй. Сæ уæлцъар ма баззадис.
Хуыцаумæ кувын, фыдæлты фарныл хæцын, цин æмæ марды æгъдæуттæ куыд æмбæлы, афтæ æххæст кæнын худинагыл нымад æрцыд. Хорз ма йæ хъуыды кæнынц хистæр кары адæм, Хетæджы Къохы раз иу бынæттон разамонджытæ æмæ милицæйы кусджытæ куыд æрлæууыдысты, цæмæй бæрæгбон адæмы Дзуары бынмæ ма бауадзой, уый тыххæй. Хуыцаумæ чи куывта, уыдоны хахх кодтой парти æмæ комсомолы рæнхъытæй. Уырнынад æмæ уый бындурыл амад æгъдау иумæ сты идеологи, кæцы хъуамæ адæмы зонды æххæстæй ивд æрцыдаид коммунистон идеологийæ.
Уыцы уавæрты алчи нæ фыдæлты рæсугъд æмæ арфмидисджын æгъдæуттæ йæхимæ гæсгæ ивын райдыдта, зыгъуыммæ сæ кодта. Уыимæ ирон æгъдаумæ хæссын райдыдтой иннæ адæмтæй æрбайсгæ митæ, кæцытæ арæх цыдысты æгъдауæн йæ бындурон мидисы ныхмæ. Фæзындис нæм бирæ, уырыссагау "светский этикет" кæй хонæм, уымæй дæр. Уæд райдыдтой нæ адæм зианы музыкæ цæгъдын, партион æмбырдæм гæсгæ саударæн “митинг” гом кæнын æмæ æхгæнын, стæй бирæ æндæр ахæм митæ кæнын. Цыбыр рæстæгмæ нæ рæсугъд, арф мидис æгъдæуттæ байдзаг сты фыдуынд фæзындтæй æмæ цæстмæмитæй. Уæлдай тынгдæр уыцы арвистон апарахат стыр хæсты фæстæйæ суанг ныры рæстæгмæ. 1990-æм азты ныл тынг фæзынд Гуырдзыстонæй чи ралыгъд, уыдон ирон æгъдæуттыл иуыл хорз ахуыр кæй нæ уыдысты, уый дæр. Семæ æрхастой гуырдзиаг æгъдæутты фæзындтæ, кæцытæ уайтагъд ныффидар сты Цæгат Ирыстоны, уымæн æмæ æнцондæр æххæстгæнæн, удæн æмæ гуыбынæн æхсызгондæр сты. Рагон ирон æгъдæуттæ, уæлдайдæр марды кæндты, зын хæссæн сты, хиуыл дзы хæцын хъæуы, фæндтæ æмæ монцтæ та æрæлхъивын.
Нæ фыдæлтæ цæхх, кæрдзын æмæ фыдызгъæл йедтæмæ цы хæрнæджы фынгыл не ‘вæрдтой, уым фæзындысты гуырдзиаг лобиа, тæвд хæрзад хæринаг, плау, дыргътæ, адджинæгтæ, бæгæны. Чи зоны, фыдджынтæ æмæ физонджытæм дæр бахæццæ уæм.
Хорз сты адæттæ æви æвзæр, уый алчи йæхицæн зæгъæд. Рæстæгæн фæстæмæ здахæн нал вæййы, размæ цæуын хъæуы, фæлæ сæрæй арф хъуыдыгæнгæйæ. Хъуамæ зонæм æмæ ма уадзæм сафын нæ фыдæлты фарн æмæ æгъдау, стæй сæ нæ кæстæртæм сыгъдæгæй хæццæ кæнæм. Уыдон нæм уымæ æнхъæлмæ кæсынц.
Бæлвырд уый у, æмæ Стыр хæсты фæстæ, уæлдæр амынд уавæрты чи хъомыл кодта, ома мæхи фæлтæр, уыдон абон сты хистæртæ. Цы æрæййæфтой æмæ цы федтой сæ рæстæджы, уый хонынц бындурон ирон æгъдау. Уымæн æмæ сын æндæр цæстæнгас æмæ æгъдæуттæн сæ мидис æмбæрстгонд не'рцыдысты. Сæхи аххос нæу, сæ рæстæг ахæм уыди. Сæ зонд аивын дæр нæ бон нал бауыдзæн.
Фæлæ æз сидын кæстæр чи у, суинаг цот кæмæн ис, уыдонмæ. Алчидæр ахъуыды кæнæд цæмæй райдыдтон, уыцы дызæрдыггаг нырыккон фæткыл. Чырыны разæй кæстæрты, чырыны сæр, веноктæ æмæ къамтимæ æрвитын мæм раст нæ кæсы. Цæмæн?
Уымæн æмæ нæ фыдæлты уырнынадмæ гæсгæ, мард чырыны мидæг араст вæййы йе ‘нусон фæндагыл, æмæ уыцы фæндагыл йæ разæй искæйы, уæлдайдæр кæстæрты, æрвитын нæ фæтчы, æлгъыстыл æй нымайынц бирæтæ. Нæ уæлмæрдтæ æрыгæтты къамтæй байдзаг сты, æмæ дзы чи зоны, мæнæ ацы æрбайсгæ æнæрай фæтк дæр исты аххос хæссы.
Цæмæн хъæуы марды къæм йæ разæй уæлмæрдмæ хæссын? Кæмдæрты афтæ кæнынц, æмæ уый тыххæй? Чырыны сæр, веноктæн дæр æппындæр ницы уыдзæн, 100 метыры сæ катафалкмæ чырыны фæстæ куы бахæссой, уæд. Рæстæгмæ хъæдын цырт та раздæр развæлгъау æрвыстой уæлмæрдмæ, ингæнкъахджытæм. Ницæмæн æй хъæуы чырыны разæй æрыгон цардбæлон лæппуйы æггойы кæнын. Мардæвæрæн æгъдæутты рæссугъддзинад хъуамæ ма агурæм æмæ ма тырнæм кæйдæр фæзмынынмæ, ма архайæм æгъдæутты арф мидисы ныхмæ цæуыныл.
О, Мæскуыйы, стыр горæтты, фæсарæнты афтæ кæнынц, чырыны разæй сæ рахæссынц, æмæ мах дæр советон рæстæг, цивилизацимæ тырнгæйæ уыдæтты фæзмын райдыдтам. Фæлæ уыдонмæ нæ адæмы фыдæлтыккон дунембарынад нæй, ирон æгъдаумæ гæсгæ нæ цæрынц, мард рагæйдæр æвæрынц æндæр фæткмæ гæсгæ. Уæд мах хъуамæ искæйы фæзмгæйæ, нæхи фыдæлты зондыл гадзрахатæй рацæугæйæ, не'гъдæуттæ ивыныл æмæ сæ зыгъуыммæ кæныныл схæцæм? Ау, нæ сыхæгтæм уæд та куыд нæ кæсæм - алчи сæ хæцы йæхи æгъдауыл, никæйы фæзмынц.
Алкæмæн йæ бар йæхи, фæлæ æз мæхæдæг мæ кæстæртæй никæйы бауадзин марды чырыны разæй цæуын. Нæу хорз фæтк уый, æмæ йæ цас раздæр аппарæм, уыййас хуыздæр.
Бардзинты Мысост
Дзæуджыхъæуы цæрæг.