Ацы алæмæты рæсугъд зарæг раджы фехъуыстон, ме 'взонджы бонты мæ хъысмæт Цæцæны хæхтæм куы бахаста, уæд. Зарыд-иу мын æй мæ цæцæйнаг æрдхорд Али. Хæхтæ-иу, раст цыма нæ алыварс сæ урс уæлдзарм худты сахъ бæгъатыртæ асадæны рабадтысты, уыйау сагъæсхуызæй хъуыстой æнæрцæф абырæджы зарæгмæ.
Кæсут-ма, урс хъæрццыгъа цъæх арвы къуырфы йæ амæддаг рацахста йæ болат дзæмбытæй, æваст æй æрцæфтæ кодта йæ бырынкъæй æмæ йæ хæры.
Кæсут-ма, хъандзалуæраг гæрæм фæранк сæррæттытæгæнгæ фæсуры сырх сырды, баййæфта йæ æмæ йæ къабæзтæ кæны йæ уæззау дзæмбытæй...
Нæ!.. Уый нæдæр урс хъæрццыгъа у, нæдæр гæрæм фæранк. Уый æхсарджын барæг Хæмзæт йæхи ныххуырсы Терчы уылæнтыл, йæ сахъ æмгæрттимæ иннæ фарсмæ бахизы æмæ хъæрццыгъайау рогæй, фæранкау ныфсхастæй атындзы Ногъайы тыгъд быдыртæм. Уым хизынц урс бæхрæгъæуттæ. Æвзыгъд Хæмзæт сыл тымыгъау ныццæвы йæхи æмæ сæ раскъæры Ногъайы тыгъд быдырты. Скъæры сæ Терчырдæм. Æрбахизы ацы фарсмæ. Сæударæй æрхæццæ вæййы.
Тæссаг балц... Бастадысты барджытæ... Се 'фтиаг æрæмбæхстой хъæды æмæ уадзынц сæ фæллад. Хæмзæт схызти бæрзонд обауы сæрмæ. Фæлгæсы алырдæм... Искæцырдыгæй знаг-зынæг ис æви нæй?.. Кæд мыййаг фæндаджы сæрмæ рыг искуы сыстад?.. Кæд йæ фæдыл уырысы æфсæдты къорд бафтыдысты?..
Кæсы Хæмзæт æмæ уыны: Теркыл æрбахизæны цур бæрæг дары сау стъæлф, рæзы, уæрæхæй-уæрæхдæр кæны... Фæдисонау æрбатындзы... Афтæ тагъд ма арвы быдыры мигътæ фæсуры уад.
Хæмзæт æрхизы къуылдымы сæрæй æмæ бадзуры йе 'мбæлттæм:
— Арвыл уад йе 'хситтæй мигътæ куыд ахæссы, уыйау æрбатындзынц махырдæм не знæгтæ. Ма фæтæрсут. Æххормаг фæранчытау сыл абон ныццæвæм нæхи.
Иучысыл æнæдзургæйæ алæууыд æмæ та загъта:
— Аргæвдæм бæхтæ æмæ сæ нæ алыварс быруамад скæнæм. Æрмæстдæр афтæмæй бауыдзæн нæ бон нæхи бахъахъхъæнын.
Æмæ тугæвдылд быруйы аууон æрбадтысты Хæмзæт æмæ йе 'мбæлттæ. Сæ иу цæнды сæрæй фæлгæсы. Кæсы æмæ уыны: цыппæрвадæй æрбазгъоры иу бæхджын. Базыдта йæ: æлдар Хъахырман. Æрбахæццæ, фæрсы:
— Æфсымæр, зæгъ-ма мын æй, чи стут, кæй цагъартæ стут?
Хæмзæт рахызти быруйы аууонæй:
— Цы дæ хъæуы махæй?
— Бафæрсын аипп ма уæд, фæлæ, зæгъын, кæй цагъартæ стут?
— Никæй, æмæ нæ фæсонæрхæджы дæр нæй, искæй цагъартæ уæм, уый.
— Ды Хæмзæт нæ дæ? — бафарста Хъахырман.
— О, æз Хæмзæт дæн!..
— Уæдæ байхъус, Хæмзæт. Дзæгъæлы æрцыдтæ ардæм... Уымæн æмæ уæ уырысы æфсад æрбаййæфта, уæ алыварс æртыхсти... нал уын ис аирвæзæн. Базыртæ уыл куы разаид, уæд ма, чи зоны, атæхиккат... Уырысы æфсады хицау мæ сымахмæ рарвыста. Барст уын уыдзæни, уæхи æнæхъыллист-æнæсымæй уацары куы радтат, уæд.
Йæ маст рафыхти Хæмзæтæн æмæ ныхъхъæр кодта:
— Мæ фырмæгуырæй не 'рцыдтæн ардæм, Хъахырман-æлдар. Знагимæ тохы мæ лæгау-лæгæй амæлын фæнды. Кад æмæ радæй! Дæу та афтæ фæнды, цæмæй дæм уацары радтон мæхи, стæй мыл адæм къуыппæн зарæг скæной, фæндырты мæ фæцæгъдой! Нæ, мæ хуры чысыл, дæ фын дæ фæсайдта. Хæмзæт фæстаг улæфты онг хæцдзæни цæф фæранкау. Фæллад æмæ стонг бирæгъ хъæдмæ куыд фæбæллы, тæлтæг уадсур æфсургъ тыгъд быдырмæ куыд ныййарц вæййы, уыйау ме 'нæрцæф æмгæрттæ дæр сæ быцъынæг ыскъуынынц мæлæтдзаг тохмæ. Цæугæ ныр, Хъахырман, кæцæй рацыдтæ, уырдæм... О, мах сызгъæрин æмæ фос агуырдтам, фæлæ нæ абон сызгъæринæй сау топпыхос тынгдæр бахъæудзæни. Дунейы хæрзтæй зынаргъдæр — рæстдзæвин хъримаг.
Уый адыл Хæмзæт цæхгæр фæзылд æмæ йæхиуæттæм бацыд. Аздæхти Хъахырман дæр.
Æвиппайды топпы гæрæхтæ ныццарыдтой, æмæ арвы къуырф айдзаг и топпыхосы фæздæгæй. Хæмзæт бадзуры:
— Æлгъыст фæуæд абоны бон! Æнтæфæй сулæфæнтæ нæй. Адзалы сахат нын нæ кæрдты аууæттæ уыдзысты ныфсы хос!
Хæмзæт бадзуры:
— Куыд бæзджын у фæздæг, куыд уынгæг у сау бон. Æрмæстдæр нын топпæхсты цæхæртæ басгуыхынц рухс тын.
Хæмзæт бадзуры йæ уарзон æмгæрттæм:
— Зæдæнгæс чызджытæ дзæнæтæй куы кæсынц. Алчидæр йæхицæн хуыздæр къай æвзары. Мах тыххæй, æмгæрттæ, — сæ быцæу, сæ хъаугъа...
Хæмзæты фæндыд йе 'рдхæрдты зæрдæ фæфидар кæнын, фæлæ йæ йæхи зæрдæ зонгæ кодта — адзалæн нал ис мадзал... Уалынмæ кæсы, æмæ дын арвы кæронæй æрбазынди хърихъуппыты бал. Сæ ных сарæзтой Хæмзæты райгуырæн коммæ. Йæ къух сæм батылдта хъæбатыр хæстон, дзуры уæларвон бæлццæттæм:
— Гъе, уæлæ бæлццæттæ, курын уæ, мæ хуртæ, нæ фæстаг улæфт нын бахæццæ кæнут нæ дзыллæмæ. Фæстаг салам раттут нæ сауцæст рæсугъдтæн, нæ урсхъуыр бæлæттæн. Зæгъут-иу нæ номæй, фыдгулты нæмыгæй царæфтыд кæй фестæм. Зæгъут-иу сын ноджы: хъазуатон тохы сæ лæджы сæр бахъуыди. Зонæм æй: нæ ингæнты уæлхъус нæ хотæ нæ кæндзысты хъарæг. Нæ хоты бæсты, зæгъ, цъæх бирæгъты ниуын хъуысдзæни нæ сæрмæ, хионты бæсты та — сау халæтты сау марой. Гъе-мардзæ, буц мæргътæ, сымах нын хъæргæнæг фæут нæ хотæ, нæ хионтæм: кæсæджы хохыл, зæгъ, джауырты къухæй сæ мæлæт ыссардтой, сæ тугахуырст кæрдтæ, зæгъ, сæ къухтæй не суагътой.
Гъе ахæм ныхæстæ ис тызмæг цæцæйнаг адæмы тохы зарæджы. Хъусынц æм ног фæлтæр, хъусы йæм, æмæ йæ чи зоны, цы маст, цы цин райгуыры се 'взонг риуты, цавæр сгуыхтытæм фæбæллы æнæрцæф гуырд. Æниу кæм ысты, адæмы чи бамбара, йæ уæззау сагъæстæ, йæ нæрæмон уды фæндтæ, тырнæнтæ кæмæ бахъарой, уыцы лæгтæ?..