Iriston.com
www.iriston.com
Цæйут æфсымæртау раттæм нæ къухтæ, абон кæрæдзимæ, Иры лæппутæ!
Iriston.com - история и культура Осетии
Кто не помнит прошлого, у того нет будущего.
Написать Админу Писать админу
 
Разделы

Хроника военных действий в Южной Осетии и аналитические материалы

Публикации по истории Осетии и осетин

Перечень осетинских фамилий, некоторые сведения о них

Перечень населенных пунктов Осетии, краткая информация о них и фамилиях, в них проживавших

Сборник материалов по традициям и обычаям осетин

Наиболее полное на сегодняшний день собрание рецептов осетинской кухни

В данном разделе размещаются книги на разные темы

Коста Хетагуров "Осетинскя лира", по книге, изданной во Владикавказе (Орджоникидзе) в 1974 году.


Перечень дружественных сайтов и сайтов, схожих по тематике.



Rambler's Top100 Рейтинг@Mail.ru Индекс цитирования
Статьи Словари
Здравствуйте, Гость
Регистрация | Вход
Опубл. 14.05.2011 | прочитано 3059 раз |  Комментарии (0)     Автор: Tabol Вернуться на начальную страницу Tabol
2. Хъазæн чындзытæ æмæ мæнгдарæстæ

Бæрæгбæтты кафынæй уæлдай уыди æндæр хиирхæфсæн мадзæлттæ дæр. Хъазт у бæрæгбон театры миниуджытæй хайджынгæнæг мадзал. Хъазты руаджы бæрæгбæтты æгъдæуттæ бæлвырд афонты бæрæг ран кæй фæкæнынц, уыцы хъæзтытæ æрцæуынц театры æвзагмæ ивд. Театры æууæлтæй хайджын уыцы хуызы хъазтæн ис дыууæ ахсджиаг миниуæджы. Фыццаг у искæй фæлгонц райсын, дыккагæй та, хъазт йæ тынгыл куы вæййы, уæд дæр ма сын фæвæййы рольтæ баивыны фадат. 

Хъазты архайæг цæмæй искæй сурæт сараза (кæйдæр цармы бацæуа), уый тыххæй пайда кæнын хъуыди бæрæг фæрæзтæ æмæ мадзæлттæй. Уыцы мадзæлттæ уыдысты зæрдæйы ахаст цæсгомæй æвдисын, къухæй амындтытæ, хъæлæсыуаг, æдзæм уавæр, мæнгдарæстæ, хæцъилын чындзытæ, мæнгцæсгом. Ныр уал æрдзурæм бæрæгбæтты-иу чындзытæй æмæ адæмон театры фæрæзтæй куыд пайда кодтой, уый тыххæй. 

Негас дæр хæрз чысылæй кæй базонæм, уыцы адæмон хъæзтытæн æрæджыйы онг дæр ма æрвылбоны царды уыди стыр ахадындзинад. Чындзытæй хъазыдысты сабитæ, фæлæ уыдон карджын адæмы царды дæр уыдысты цыдæр нысанхæссæг. Уый дзурæг у, хъазæн чындзытæ тынг раджы кæй фæзындысты, ууыл. Уымæн æвдисæн сты, археологтæ кæй ссардтой, уыцы æрмæджытæ дæр. Нæ фыдæлтæ чындзытæй хъазтимæ зонгæ уыдысты бирæ сæдæгай азты дæргъы. Адæмы цард ахуыр кæнгæйæ рабæрæг, хъазæн чындзытæ культурæйы ахсджиаг кæй уыдысты, уый. Куыд æнхъæл стæм, уымæй сæ бирæ тынгдæр пайда кодта адæймаг. Хъазæн чындзытимæ адæймаг баст уыди йæ райгуырынæй йæ амæлæтмæ, тынг ахадыдтой бинонты æмæ æхсæнады царды дæр. 

Хъазæн чындзытæй æдзух æмхуызон нæ пайда кодтой. Уый аразгæ уыди, æхсæнад йæ рæзты фæндагыл цы къæпхæнтæм хызти, уымæй. Адæмон хъазæн чындз æмæ чындзытæй хъазын мах онгты æрхастой нæ фыдæлты рагзаманты культурæйы хицæн æууæлтæ. «Алы адæмæн дæр йæ хъæзтытæ арф уидæгтæ ауадзынц йæ культурæйы, чи цавæр хъазæнтæ æмæ хъæзтытæ æрхъуыды кодта, уымæ гæсгæ йын рабæрæг кæнæн ис йæ культурæйы хæдбындурдзинад». (1, 1980, № 2, 4 ф.) 

Хъазæн чындзытæ æмæ æндæр хъазæнтæ чи арæзта, уыдон тынгдæр пайда кодтой æнцон амалгæнæн аслам æрмæгæй: хъæдæрмæг, сæрак, æлыг, хъуымацы гæбæзтæ, нымæт, къуымбил æмæ суанг хыссæйæ дæр. Хъазæн чындзытæ стæмтæй фæстæмæ цыдысты æнгæс арæзт æмæ сывæллæтты разæнгард кодтой сфæлдыстадон куыстмæ, кодтой сæ гæрзарм. Уыцы хъазæнтæ уыдысты хуымæтæг арæзт, æнцой уавæр æвдисæг. Æнцад, æнæзмæлгæ хъазæн æмæ æппынæдзух змæлаг сывæллон цыдысты ныхмæвæрд. Уыцы ныхмæвæрддзинады ис æмбæхст мидис. Нæ рагфыдæлау саби дæр, цард куыд рæзы, афтæмæй йæ нæ уыны, дуне йын у иугæндзон æнæзмæлгæ миниуджытæ æмæ сурæттæй хайджын. 

Æппæты арæхдæр хъазыдысты хъæцъилын чындзытæй. Ацы хъазæнæн ис цалдæр номы — хъазæн чындз, чындз, гыкъына. Фенынджынты ныхæстæм гæсгæ, сабитæ кæм уыди, уыцы хæдзæрттæй алкæм дæр уыди хæцъилын чындзытæ. Зæрдаивæй сын адих кæнæн ис дыууæ хуызыл. Хъæдын «стæгдар» кæмæн уыд, ахæмы ном хуынди къæцæлын чындз. Кадджындæр уыди дыккаг хуызы чындз æмæ хуынди нымæтын чындз. Скарстой-иу сæ нымæты гæбæзтæй, къуымбилы уæлдæйттæй, æддаг цъæрттæ сын-иу бахуыдтой, къухы цы уыди, ахæм алыхуызон хъуымацы гæбæзтæй. 

Чындзыты рагондæр хуызæн цæсгæмттæ нæ кодтой. Йæ сæр-иу ын исты хуызы æндахæй дзуарса тыхт æрбакодтой. Уымæн афтæ бамбарæн ис: хъазæн чындзы искæй хъуыдытæ нæ хъæуынц, фæлæ домы йемæ хъазын. Æрмæст ын æддаг бакастæй куы саргъ кæнæм, уæд раст нæ уыдзæн. Бæрæг кæйдæр сурæты æгæр чи фæзмыдта, æрдзон-иу чи рауади, æгæр бæлвырд мидисæй чи фæхайджын æмæ æрхъуыдыйы авналæнтæ чи къуындæг кодта, ахæм хъазæн чындз-иу цæсты нал ахадыдта. 

Ацы ран ма мах зæгъын хъæуы хъазæн чындзæн йæ æрвон мидисы тыххæй дæр. Адæймагæн йæ туджы уыди æрдзы миниуджытæ фæзмын, фæуæлахиз уæвын æй цæуыл фæндыд, уый сурæт-иу сарæзта. Уыцы сурæт райгуырд адæймаджы курдиатæй, æрзæххон-иу æй кодта æмæ-иу ыл уæд йæ бар цыди. Уыцы хуызы ахсджиаг у удгоймаджы, тынгдæр та адæймаджы сурæтхæссæг чындз. Уый уыди зæнæг кæныны магион мадзал, бирæ адæмтæм-иу æй чызг йæ лæджы хæдзармæ йемæ ахаста. Бæлвырддæр зæгъгæйæ, хъазæн чындз æнусты арфæй æрхаста сылгоймæгты бардуаджы сурæты æууæлтæ æмæ сси фидæны цардæн амондхæссæг нысан. 

Кæй кæй скодтам, уыцы чындзытæ сты сылгоймаджы гуырыконд фæзмæг хуымæтæг арæзт. Сылгоймаджы сурæт цæмæй æвдиса, уый тыххæй-иу чындзы сфæлыстой уый дарæстæй, йæ гуырыконд-иу ын равдыстой. Гъе, уый тыххæй йæ схуыдтой чындз. 

Сывæллæттæ чындзытимæ кодтой алыхуызон хъæзтытæ, фæзмыдтой æрвылбоны царды нывтæ. Бафиппайын хъæуы уый, æмæ-иу сæйраг архайджытæ чындзытæ кæй нæ уыдысты, фæлæ сабитæ сæхæдæг. Уыдоны зæрдæйыуаг бæлвырдæй равдисын тынг зын у. Æрмæст нæ бон фидарæй зæгъын у, æвиппайды чи райгуырд, уыцы хъазт-иу театры æууæлтæй кæй фæхайджын. Хъазыны размæ-иу сабитæй алчидæр сарæзта бинонтæй кæнæ сыхæгтæй искæй сурæт. 

Чындзытæй хъазты рæстæг-иу сабитæ цардæй райстой, цыбыр рæстæджы дæргъы чи æрцæуы, ахæм хабæрттæ. 

Ирон адæмы цардыуаг афтæ арæзт цыди, æмæ-иу сабиты æгæр раджы бахъуыди сæ чындзытæй хъазт ныууадзын, тагъд-иу систы хистæрты цуматæ æххæстгæнæг. Хетæгкаты Къоста йæ очерк «Особа»-йы афтæ фыста: «Сывæллæтты сабибонты амондджын рæстæг уыди хæрз цыбыр. Цымыдисаг хъæзтытæ æмæ сæ-иу хиирхæфсæнтæй ничи бафсæсти. Иннæ адæмтæм дæр чи уыди, ахæм чындзытæ йеддæмæ-иу æм хъазæнтæй дæр ницы уыди». 

Бæгуыдæр, абоны нымадæй-иу сывæллон сабибонты ад нæ бавзæрста, раджы-иу æй бафтыдтой кусыныл, фæлæ-иу уыйхыгъд уый фæстæ дзæвгар рæстæджыты дæргъы цард уыцы цухдзинад баххæст кодта. Цы æрмæджытæ нæм ис, уыдон ацы хъуыдыйæн сты фидар æвдисæн. Уыцы хуызы уæлдай цымыдисагдæр сты, сæрмагонд бæрæгбæттæм кæй кодтой, уыцы басылтæ

Йæ рæстæджы В.Ф. Миллер фыста, зæгъгæ, ирæттæ ногбонты фынгтæн скæнынц стыр дедатæ æмæ уыдонæн лæппынтæ. Уыдон вæййынц бирæ, чысылтæ æмæ сыл сæвæрынц кусæнгæрзты нæмттæ: дзывыр, æфсондз, похцитæ... Фæдæттынц сæ, бинонтæй хуым чи кæндзæн, уыдонæн. Сфыцынц ма, басылтæ кæй хонынц, ахæм цыхтджын чъиритæ. (7, II, 266 ф.) 

Бæрæгбоны лæппынтæ (мæггуылтæ)-иу лæвæрдтой кусæг лæгтæн æмæ баст уыдысты бæркаддæттæг бардуагимæ, басылтæ та лæвæрдтой, Ногбон æхсæв-иу хæдзаронтæ чи кодта, уыцы сабитæн. Мæнгцæсгомджынтæн уыдон уыдысты сæ кадджындæр лæвæрттæ. Хæдзаронгæнджытæ дæр сæ арфæйы ныхæсты сæ кой скæнынц. 

Хыссæйæ конд дауджыты сурæттæ ирæттæ кодтой Хоры бонмæ дæр. Уый уыди рагуалдзæджы æмæ быдырон куыстыты бæрæгбон. Басылты кой скодта В.Ф. Миллер (7, II, 279 ф.). Йæ фæстæдæры наукон куыстыты ныхас цæуы, фыццаг ауæдзгæнæн бонмæ-иу кæй скодтой галы, æфсондзы, дзывыры æмæ хуым кæныны æндæр кусæн дзаумæтты сурæттæ æвдисæг басылтæ. Скуывтой-иу, хуым кæнын æмæ тауыны куыстытæ нывыл цæмæй ацæуой, уый тыххæй æмæ-иу басылтæ мыггæгтимæ байтыдтой. Бæлвырд, уыцы басылтæ уыдысты рагуалдзæджы куыстытæ рæстмæ аразæг сусæг хъомысæй хайджын. 

Кæй кой ракодтам, уыцы æвдисæйнæгтæ дзурæг сты, хъазæн чындзæн суанг XX æнусы райдайæнмæ канд йæ рагзамантæй æрцæуæг хуыз нæ, фæлæ ма йæ магион ахаст дæр кæй нæ аивта, ууыл. Чындзы сæрысæйрагдæр нысан уыди, хорæй æфсæст æмæ алцæмæй æххæст цæмæй уой, чындздзон чызджытæ æмæ усгур лæппутæ хорз амæндтæй хайджын куыд уой, уыдæттæм арæзт. Лæппу æмæ-иу чызджы бинонтæ куы бафидыдтой, чындзæхсæвы бон-иу куы сбæрæг, уæд-иу раздæр чызджы хæдзармæ лæппуйы бинонтæ бахастой цины тæбæгъ. Уый фæстæ та чызджы бинонтæ хастой хуын лæппуйы хæдзармæ æмæ-иу сæ лæвæрттимæ æнæмæнг уыди хæцъилын чындз. (20, 136 ф.) Чындзы хæдзармæ кæнæн бон фынджы æгъдау цы домдта, уымæй уæлдай ма-иу хыссæйæ сфыхтой хæдзарон фосы сурæттæ æмæ сылгоймаджы сурæт, йæ хъæбысы саби, афтæмæй. Ома, уыцы басылтæ ахъаз уыдзысты, цæмæй чындзæн тагъддæр цот рацæуа, ноджы сæ фосы дзугтæн нымæц дæр мауал уа. Бæлвырддæр дзургæйæ та, йæ разæй хæцъилын чындз кæдæм æрбахастой, чындз уыцы хæдзарæн хъуамæ ныййара хъæздыг бындар. 

Фосы сурæттæ æвдисæг дедатæ хайджын уыдысты айдæймаджы миниуджытæй, сырдты сурæттæ æвдисæг дедатæ та — дауджыты миниуджытæй. Хыссæйæ-иу арæхдæр скодтой, сабитæ хуыздæр кæй зыдтой, уыцы фосы, сырдты, мæргъты — фыркъаты, цæукъаты, дзæбикъуырты, дзибытаты сурæттæ. Фыццæгты-иу лæвæрдтой чызджытæн, дыккæгты — лæппутæн. Чызг фидæны суыдзæн мад, лæппу та хæдзардарæг æмæ дзы хъуамæ рауайа дæсны зæхкусæг, фосдарæг æмæ цуанон. 

Дедаты хуызы æвдыстой хохаг рæсугъд чызджыты, дæсны барджыты, нанаты æмæ бабаты сурæттæ. Саив сæ-иу кодтой хоры æмæ хъæдуры нæмгуытæй, карды уыгæрдтæй, фæстæдæры рæстæджы та сын аивгæнæн мадзал сси чисмис. Хæцъилын чындзытæн куыд кодтой, афтæ-иу дæсны къæбæргæнæг дедаты фæхайджын кодта бæлвырд æууæлтæй. Кæд-иу æнгæсарæзт уыдысты, уæддæр æвдыстой царды æцæгдзинад. 

Сурвых хъазæнты-иу æваст нæ бахордтой, суанг сæ-иу Доныскъæфæнтæм хъахъхъæдтой, хъазыдысты сæ-иу. 

Санкт-Петербурджы музейы фондты æфснайд сты 1923 азы А.А. Миллеры къухæй нывгонд дæргъæвсаг сурвых хъазæнты хуызæгтæ. Ис дзы деда, фыркъа, фыр, цæукъа, тæрхъус, къуту. Ис дзы, арæхдæр чи æмбæлди, ахæм сурæттæ. Зæгъæм, фыркъайæн уыди здыхт сыкъатæ. Ахæм сурæт арæх æмбæлы ирон орнаментты. Сæгъæн къæхтæ нæ уыди, йæ æмраст сыкъатæ уыдысты дзуарса æвæрд. Цымыдисаг у басылы конд. Сæ иу уыди æртæ дæргъæлвæс æмхæст цæгæй арæзт, кæрæдзиуыл хæцынц, астæуæй чи ис, уыцы цыппæрæм цæджы руаджы. (Фонды ГМЭ, № 4239/5–22). 

Ам нæ хъус æрдарæм, дыгуронау сæ куыд хуыдтой, уымæ — бекъуртæ. Сæ ирон нæмттимæ сæ куы абарæм, уæд бафиппайдзыстæм, æмхуызон кæй зæлынц, уый. Зæгъæм, бе-къур-тæ, дзæби-къур-тæ, цæу-къа-тæ, фыр-къа-тæ... Фыццаг хайы æвæрд ис дзырдты сæйраг мидис. Дыккаг хай къур-къа-йæн ис къаддæргæнæг нысаниуæг. Ацы ран бафæрсæн ис: цы нысан кæны дзырд бе-къуры фыццаг хай, литературон æвзаджы дæр куы не ’мбæлы, уæд? Рацæй-рабон, æмæ «бе» кæд арæх æмбæлы хуссарираг ныхасыздæхтыты æмæ нысан кæны чындзы чырын. Æмæ ма уæд уый дæр фæрсаг æвдисæн у, ивгъуыд заманты чындзæхсæвты хъазæн чындз хуынимæ æвæрд кæй цыди, уымæн. 

Уæдæ хъазæн чындз уыди, сылгоймаджы цот кæныны хорзæхæй чи хъуамæ фæхайджын кодтаид, ахæм магион лæвар. Гъе, уымæ гæсгæ-иу бирæ ирон чызджытæ, мой скæнгæйæ, семæ ахастой сæ уарзон хъазæн чындзытæ æмæ-иу сæ, сæ цардæмбæлттимæ цæргæйæ дæр, дзæвгар рæстæг нæ сæфтой. Хъазæн чындзмæ чызг удгоймагау кæй зылди, цалынмæ-иу чындзы цыди, уæдмæ йæ кæй хъахъхъæдта, уый фæстæ-иу æй йæ цотæн кæй балæвар кодта, уый та дзурæг у, рагзаманты сылгоймæгты бардуагæн куыд табу кодтой, ууыл. 

Уый фæбæрæг хъазæн чындзæн йе ’ддаг бакастыл дæр — уыди-иу сылгоймаджы хуызæн. Кæнгæ дæр сæ кодтой сылгоймæгтæ сæхæдæг магион æгъдæуттæ кæнынæн. Ам бæгуыдæр раргом ис, сылгоймагæй райдайгæ дуне магийы архайдæй хайджын у, зæгъгæ, нымад кæй цыди, незаманты уыцы цæстæнгас. 

Нæ зæрдыл æрлæууын кæнæм, сылгоймæгтæ-иу хус рæстæджыты дауджытæй къæвда куыд куырдтой, уый. Уыцы æгъдау кавказаг адæмтæй бирæтæм уыди. Сегас дæр-иу семæ рахастой стыр чындз — быдыргъ. 

Къæвдакурæг сылгоймæгтæ-иу æй сылгоймаджы дарæстæй сфæлыстой. Тугъанты Махарбег афтæ фыста: «Спайда-иу кодтой хъæдын фыййагæй. Сæ быдыргъ-иу рауади ирон адæмон чындзы хуызæн. Бæрæгбонарæзт-иу æй скодтой. Цæсгом та йын арæзтой урс кæттагæй. Уыди йын æндахæй сынк æрфгуытæ, цæстытæ, былтæ. Йæ цæсгом уыди дæргъдымбыл. Хъæуыл-иу куы æрзылдысты къæвдагуртæ, уæд сæ чындзы æппæрстой доны ахæм ныхæстæ кæнгæйæ: «Хандзæ Гуассæ уарун уарзуй». (27, 75 ф.) Хъазæн чындзытæ хорæрзад æмæ бæркад кæй куырдтой, уымæн ма æвдисæн у, XIX æнусы фыццаг æмбисы-иу ирæттæ сæрмагондæй кæй скодтой, уыцы чындз — дон-иу ыл калдтой, куырдтой-иу дзы хъæздыг тыллæг. 

1937 азы Барахъты Надя Цъамады хъæуы ныффыста, нæ ныхасмæ бар чи дары, ахæм цымыдисаг æвдисæйнæгтæ. Хус рæстæг-иу сылгоймæгтæ цыдысты æрвдзавд дуры цурмæ æмæ-иу сæхи ныннадтой кæнæ-иу сæхиуыл дон калдтой. «Фæснад-иу æппæты бæрзонддæр сылгоймаджы цæнгтæ сæрбæттæнæй бабастой, йæ сæрмæ сæ-иу сивæзта, афтæмæй. Йæ ивæзт цæнгтыл-иу ын æрæтыдтой урс кæнæ сырх хъуымацы гæбаз. Сарæзтой-иу чындзы хуызæн Акыло. Сылгоймаг-иу тылдта йæ цæнгтæ æмæ худын кодта иннæты. Акыло-иу цыди, фæндырдзагъдмæ чи кафыд, уыцы хъæлдзæг къæвдакурджыты разæй. Уыдон-иу кодтой æрвнæрынгæнæг Елиайы æмæ сылгоймæгты зарджытæ. Фæстагмæ арæзтой фынг — алчи-иу йæ хæдзарæй рахаста æртæ чъирийы æмæ йæхи конд къуымæл». (3, ф. 4, д. 64, л. 22) 

Ацы ран хъазæн чындзы бынат бацахста Акыло — бæрæгбонфæлыст сылгоймаг. Зæгъын хъæуы, Акылойы урс æмæ сырх хъуымацы гæбæзтæй кæй фæлыстой, уый тыххæй дæр. Сæ бæрæгбæттæм конд чындзыты-иу сырх хъуымæцтæй фæлыстой нæ сыхаг кавказаг адæмтæ дæр. Ирæттæ сæ кувæндæттæм кæй хастой, уыцы хъуымацы гæбæзтæ (æрхъуын) дæр уыдысты урс æмæ сырх. Сырх уыди царды æмæ сыгъдæгдзинады нысан, урс та — фарн æмæ алы хорзæхтæ дæттæг. 

Ахсджиаг нысаниуæг уыди хъазæн чындзытæн марды кæндтæ кæнгæйæ дæр. Уæлдай цымыдисагдæр уыди мæрдты бæрæгбон Мæрдты бадæн. Ирæтты уырныдта, уыцы æхсæв мард хæрзбон зæгъынмæ фæстаг хатт йæ хæдзары къæсæрæй кæй бахизы, уый. Мард йæхæдæг кæй фæзынд хæдзармæ, уый уырнинаг цæмæй уа, уый тыххæй хъæдын дзуарса «стæгдарыл» скæнынц мардæн уыцы бонмæ сæрмагондæй хуыд дарæстæ. Сæвæрынц æй зазхæссæн бандоны æнцой, алчи дæр æй дзæбæх куыд уына, ахæм кадджын бынаты. 

Ацы чиныгæн æрмæг æмбырд кæнгæйæ, ацы быдыргъы ном сбæрæг кæнын мæ бон нæ баци. Кæй фарстон, уыдон æй хуыдтой адæймаджы хуызæн. Чи зоны, адæймагæнгæс быдыргъæн ном уæвгæ дæр нæ уыди. Алы хатт дæр-иу æй кæйдæр номыл скодтой æмæ-иу уыди марды хæдивæг, уый хуызы-иу бацыди. Нæ зæрдыл æрлæууын кæнæм, рагзаманты æмæ астæузаманты адæймагæн дæр æмæ дзаумайæн дæр ном йæ мидисмæ гæсгæ кæй лæвæрдтой, уый. Ном у, кæй цы рахонай, уый æвдисæг, йæ нысан та у, æбæрæг цы у, уый зындгонд скæнын. Адæймагæнгæс чындз-манекен бирæ адæмтæм ис. Марды номыл дугъ уадзынау ахсджиаг у марды удæн рæстæгмæйы бынат кæныны æгъдау дæр, æрбацыди нæм астæуккагазиаг культурон дунейæ. 

Кæй кой ракодтам, уыцы æгъдауы хуызæн ма у æнахъом сабиты æмæ, мой чи не скодта, уыдоны ингæнтыл чындзытæ æвæрын дæр. Зæгъæм, 30-æм азты Дыгургомы Къæмынты Цопанты æнахъом саби Пантелы ингæн сфæлыстой хæцъилын чындзытæй, цыртыл сæ æрцауыгътой. Ам зæгъæм Памиры цæрджыты æгъдауы тыххæй — ингæны сæрмæ-иу даргъ хъилыл сауыгътой сылгоймаджы кæнæ нæлгоймаджы æнгæс чындз. Сабиты, лæппуты æмæ, цот кæмæн нæ цыди, уыдоны ингæнтæм сæ-иу бахастой сæ ныййарджытæ æмæ сæ хотæ. Арæх-иу хæцъилын чындзы сбадын кодтой хъæдын бæхыл, йæ къухмæ-иу ын раттой ехс, йе ’ргом уыди фæндаджы ’рдæм здæхт. Къаба йын-иу бахуыдтой марды хæдон кæнæ къабайæ. Сылгоймаджы ингæныл кæй æвæрдтой, уыцы чындзæн-иу ралыг кодтой марды сæрыхъуынтæ. 

Санкт-Петербурджы этнографон музейы фондты ис, А.А. Миллер Дыгургомы Дзынагъайы уæлмæрдты чысыл лæппуйы ингæныл кæй ссардта, уыцы хæцъилын чындз. Йæ ас — 27 см, йæ уæлæ — бур хæдон æмæ фæныкхуыз хæлаф, урс мæскъ хуыд сыл, йæ астæуыл сырх рон, йæ къæхтыл — сау дзабыртæ. Бæхы агъуд, йæ ахуырст кæмæн ссыд, ахæм мæнæргъыхуыз хъуымацæй хуыд, йæ барц æмæ йæ къæдзил — бæхы къæдзилæй конд, йæ саргъ — фæныкхуыз хъæдабæйæ. Бæхы рагъыл сынкæй фыст мыггаг æмæ номы фыццаг дамгъæтæ Р. О. (ПЭМ, Фондтæ, № 4239–63) Ацы чындзбарæг лæппуйы ингæныл æвæрд кæй уыди, уый хынцгæйæ нæ бон фидарæй зæгъын у, кæй æрхастам, уыцы æвдисæйнæггæ, Памиры Уæллаг Зеравшаны кæй ссардтой, уыцы æрмæджытимæ æмæнгæс кæй сты. 

Уæдæ манекен чындзытæ æмæ сабиты ингæнтыл æвæргæ хæцъилын чындзытæ дзурæг сты ирæтты фыдæлты дунембарынад æмæ æгъдæуттыл. Уыдон уырныдта, йæ сурæт хæцъилын чындзы хуызæн кæмæн сарæзтой, уыцы марды бон у удæгæстыл мæрдты бæстæй аудын, бирæ ахъазтæ сын фæуын. 

Хæцъилын чындзытæ адæмон æгъдæуттимæ баст кæй уыдысты æмæ сын магион ахаст кæй уыди, уымæй уæлдай ма сын ас адæм аргъ кодтой зæрдæрухс æфтауæг аивадон хæзнатау. Уыдон уыдысты хиирхæфсæн фæрæз, уæлдайдæр та сылгоймæгтæн. Революцийы агъоммæ-иу сылгоймæгтæ сæ æвдæлон заман искæй хæдзары æрæмбырд сты æмæ сæ рæстæг иумæ æрвыстой. Уыцы æмбырдтæн уыди цалдæр номы. Сæ иу — таггæнæнтæ. Таггæнæнтæм-иу æрæмбырд сты фæззæджы сентябры-октябры мæйты. «Чызджытæ-иу искæй хæдзары æхсæв-бонмæ фæбадтысты. Уымæй-иу æдзухдæр уыдысты хъæлдзæг, зарыдысты, дзырдтой-иу алы таурæгътæ æмæ аргъæуттæ. Алчидæр сæ арæхсти къухмимæ. Æлвыстой-иу гæн. Æвæццæгæн, æхсæвбадæн таггæнæнтæ уымæ гæсгæ рахуыдтой. (3, фольк. ф. — 11, д. 67, л. 371) 

Æхсæвбадæнты рæстæг кæй кодтой, уыцы хъæзтытæй иу хуынди къæхты чындз. Чызджытæй-иу исчи уæлгоммæ схуыссыд æмæ-иу йæ къæхтæ цармæ æмраст сивæзта. Æркодтой сыл-иу къаба, къæхтыл-иу æрбатыхтой хæцъил æмæ-иу дзы рауади сæр. Сæ къухы цы ахорæнтæ уыди, уыдонæй-иу æй сфидауцджын кодтой. Рауади-иу чындзы хуызæн. Чындзы къабайы дыстæм-иу бафидар кодтой лæдзджытæ, сæ иннæ кæрæттыл-иу сын хæцыди уæлгоммæ хуыссæг чызг. Лæдзджыты руаджы уый чындзы къухтæ змæлын кодта. Къæхты чындзмæ-иу лæвæрдтой худæджы фæрстытæ. Уый сын-иу дзуапп лæвæрдта чындзы къухты æмæ къæхты змæлдтытæй æмæ сæ худын кодта. 

Ацы ран бафиппайын хъæуы уый æмæ кæй фæиу сты къæцæлын чындзытæй хъазты æмæ мæнгдарæстæ дарыны мадзæлттæ. Ацы хиирхæфсæн хъазт банымайæн ис къæхтæй арæхстджынты театры хуызыл. Ахуыргæндты хъуыдымæ гæсгæ ахæм театртæ ивгъуыд заманты арæх уыдысты ирайнæгтæ, курдтæ æмæ ирæттæм. Наукон кусджытæ уымæн фæрсаг æвдисæнæн амонынц, къæцæлын чындзытæ раздæр скæсæйнаг бæстæты кæй фæзындысты, уый. 

Ас адæм ма сæхи ирхæфстой, йæ къабæзтæ змæлын кæмæн кодтой, ахæм чындзытæй. Æмбисондæн баззади бæтæхъойыхъæуккаг Куырм Бибойы (Зыгъуытаты Б.А.) чындзыты театр. Йæ равдыстытæ йын чи федта, уыдон зæгъынц: «Тыгъд сæракæй конд сасиры-иу фæзындысты æмæ кафын байдыдтой лæгтæ æмæ устытæ. Бибойы алыварс-иу æрмæст сылгоймæгтæ куы æрæмбырд сты, уæд дзы-иу ахæм æнæфсарм ныхæстæ дæр схауди, æмæ-иу фырхудæгæй гуыбынхæлд фесты». 

Уый тыххæй бæлвырддæр дзуры Тугъанты Махарбег. Уый афтæ фыста: «Йæ галиу къухы æнгуылдзтæй дæлгоммæ фæлдæхт къусы бынмæ аивæй тыгъд уыдысты сау æндæхтæ. Уырдыгæй-иу хæтæлгонд къæбæлтыл аластой æндæхтæ. Афтæмæй змæлын кодта къæбæлтæм фидаргонд чындзыты». (27, 61 ф.) Змæлаг чындзытæ кæмæ уыди, ахæм кадæггæнджытæ Ирыстоны хъæуты фенæн уыди суанг XX æнусы райдайæнты дæр. 

Гъе, афтæ сты цыбырæй фыдæлтæй баззайæг цардыуаджы культурæйы хъазæн чындзытæй куыд пайда кодтой, уый тыххæй цы зонæм, уыдæттæ. Хъазæн чындзы нысæнттæй иу уыди адæмы хъæлдзæг кæнын. Кæмдæриддæр фидыдтой, уырдæм-иу сæ рахастой. Хъазæн чындзыты руаджы бирæ цыдæртæ зæгъæн уыди канд иу хицæн адæймагæн нæ, фæлæ бирæтæн. Чындзытæй хъазт адæмы кæрæдзиуыл баста, æхсæнады хи куыд дарын хъæуы, ууыл сæ ахуыр кодта. 

Хъазæн чындзытæй алы бæрæгбæтты кæй пайда кодтой, къæлиндары хыгъд æмæ бинонты цардимæ баст бæрæгбонты-иу æнæмæнг кæй фæзындысты, уый дзурæг у, уыдонæн дæр æрвон нысаниуæг кæй уыди, ууыл. Уыцы бастдзинады руаджы ма рабæрæг хъазæн чындзæн ноджыдæр йæ иу миниуæг. Чи зоны, æппæты рагондæр миниуæг. 

 

***
 

Адæмон хъæзтыты тынг пайда кодтой мæнгцæсгæмттæй. Афтæ хъуыдыгæнджытæ дæр ис, цыма мæнгцæсгæмтты руаджы хуыздæр базонæн ис, адæмон бæрæгбæттæн сæ райдианы нысаниуæг æмæ уыдонæй кæцыдæртæн ирон адæмы царды цы ахадындзинад уыди, уыдæттæ. Мыггагон æхсæнады тыххæй цы æрмæджытæ ис, уыдоны руаджы æрцыдысты ахæм хатдзæгмæ, зæгъгæ, мæнгдарæстæ æвдисæн сты искæй сурæты бацæуыны архайды незамайнаг магион мадзæлттæн. Мæнгцæсгомы сæрысæйраг нысаниуæг æмæ уыимæ баст сусæг кæныны мадзæлтты руаджы-иу адæймаг йæхи фендæрхуызон кодта, æндæр цæйдæр хуызы-иу бацыди, уыйадыл-иу райгуырди ног бæлвырд сурæт. 

Уыцы мæнгцæсгом у фыдæлтæй баззайæг цардыуагон культурæйы вазыгджын æмæ бирæнысанон фæзынд. Мæнгцæсгом баст у иу хуызæй иннæмæ рахизынимæ, æхсæнады æгъдæуттæ æмæ арæнтæ тыхмийæ хæлд куы фæцæуынц, уыимæ. М.М. Бахтин афтæ фыста: «Мæнгцæсгом у, царды хъазынимæ цыдæриддæр баст ис, уыдонæн æдисæн. Йæ бындуры сты, незаманты бæрæгбæтты хиирхæфсæн архайды рæстæг-иу чи рабæрæг, æцæг дуне æмæ фæлгонцты уыцы сæрмагонд ахастдзинæдтæ». (28, 46–47 ф.) 

Мæнгцæсгæмттæй пайда кæныны бæлвырд æвдисæйнæгтыл æрдзурыны размæ уал, кæй кой кæнæм, уыцы мæнгцæсгæмтты миниуджыты тыххæй зæгъдзынæн цыбырæй. Ивгъуыд рæстджыты кæмæй пайдта кодтой, уыцы мæнгцæсгæмттæ нал сты, уымæ гæсгæ уыдоны тыххæй ныхас кæнæн ис, хистæр фæлтæртæ нын цы радзырдтой, æмæ литературон æрмæджыты цы кæсæм, уыдæттæ хынцгæйæ. Цалдæр мæнгцæсгомы ис Санкт-Петербурджы паддзахадон этнографион музейы фонды. 

Мæнгцæсгæмттæ арæзтой, къухы цы уыди, ахæм æрмæгæй, тынгдæр та тар бинаг нымæтæй æмæ æлдыгъдзыд цæрмтты гæбæзтæй. Сæ иутæ уыдысты, цæсгом æмæ сæр суанг уæхсчыты онг чи æмбæрзта, ахæм згъæр худы хуызæн. Иннæ хуызы мæнгцæсгом æмбæрзта æрмæстдæр цæсгом. Дзых, цæстытæ æмæ фындзы бынæттæ уыдысты гæмттæ. Дзых æмæ цæстыты гæмттæ-иу барæй ирд, арæхдæр сырх хæцъилтæй бахуыдтой. Мæнгцæсгæмттæн æрду зачъетæ нæ кодтой, уымæн æмæ-иу йæ дæллаг хай рауади зачъейы хуызæн, уыйхыгъд сын-иу æдзухдæр къуымбил кæнæ бæхы хъисæй кодтой заманайы рихитæ. Мæнгцæсгæмттæн арæх бафиппайæн уыди, къуыпп чи дардта, ахæм цыбыр сыкъатæ. Мæнгцæсгæмттæй цы бæрæгбæтты рæстæг пайда кодтой, уыдон бирæ не сты. Уæвгæ мæнгцæсгæмттæ æмæ мæнгдарæстæй Ирыстоны иуæй-иу рæтты пайда кодтой арæхдæр, иннæ рæтты — стæм хатт. 

Мæнгцæсгæмттæ æмæ-иу ног дарæстæ æппæты арæхдæр скодтой ногбонты рæстæг. Скодтой-иу сæ, бæрæгбонмæ-иу сæрмагондæй сæхи чи цæттæ кодта, хъæуы уыцы фæсивæд. Равзæрстой-иу къорд адæймаджы. Уыди сын-иу, къорды архайдмæ йæ хъус чи дардта, ахæм хистæр. Иннæ та уыди, лæвæрттæ æмбырд дæр æмæ уаргæ дæр чи кодта, ахæм. 

Хæдзаронтæгæнгæ-иу æгас хъæуыл кæнæ сыхыл хæдзари-хæдзар æрзылдысты. Йæхи цæстæй сæ чи федта, уыдоны ныхæстæм гæсгæ-иу бакодтой нымæтын мæнгцæсгæмттæ, сæ уæлæ-иу уыди зыгъуыммæ фæлдæхт кæрцытæ. Сæ хъæлдзæг хъæлæба дардмæ хъуысти, афтæмæй зылдысты хæдзæрттыл æмæ сын Ногбоны арфæтæ кодтой. Алы хæдзар дæр-иу æгæрон зæрдæбын цинæй байдзаг кодтой, ома, нæ зæрдæ уын зæгъы, цæмæй уыл æгас аз дæр афтæ хъæлдзæгæй ацæуа. Нæргæ хъæлæсæй-иу арфæтæ кæнын куы байдыдтой, уæд-иу бинонты зæрдæтæ цинæй байдзаг сты. Фæхудын кæныны охыл-иу схъиугæ кафтæй æркафыдысты, уыциу рæстæг нæ ауæрстой цыргъ ныхæстыл, азæлыди сæ зарæг, сæ худын, сæ хъæлдзæг хъæлæба. Бæрæг æхсæв-иу цины суадон фестади. 

Цымыдисаг сты сæ арфæтæ. Ам æрхæссæм, кæй кодтой, уыцы арфæтæ иронау дæр æмæ дыгуронау дæр: 

 

ХÆДЗАРОНТÆ 

 

Хæдзаронтæ, хæдзаронтæ! 

Уæ алы аз уыл хорзæй цæуа! 

Уæ сæдæ фидæн хорзæй фенат! 

Уæ лæг саг амара! 

Уæ ус тыр ныййара! 

Уæ басылы къух мæн фæуа! 

 

БАСИЛТÆ 

 

Уæ басилтæ, басилтæ! 

Хуарз басилтæ, ой, ой! 

Уай, уе ’фсини лæхъуæн фæууа! 

Уай, уæ хицау саг рамара! 

Махæн на басийлаг раттæйтæ! 

Уай, уæ уасæнгæ уотæ загъуй: 

Фуси къах, цъæх авгидзаг, цъæх арахъ, 

Сау гъосини сау бæгæни, 

Ратæтетæ не ’ртæ къерей! 

 

Бинонтæн-иу раарфæтæ кодтой, цæрæнбонты æнæниз æмæ дзагармæй куыд фæцæрой, сæ чындз ацы аз бындар куыд ныййара, зæгъгæ. Бындары бæсты-иу загътой, кæмæй нал пайда кæнынц нырыккон ирæттæ, ахæм дзырд тыр. Лæгтæй алкæмæн дæр сæ цæст уарзта, цæмæй сæ алчидæр саг амара. Ацы ран зæрдыл æрлæууын кæнын æмбæлы, скифты-сарматты æмæ сæ байзæддæгты уарзон сырд ивгъуыд заманты уæздан саг кæй уыди, уый. Фыдæлтæй куыд баззад æмæ ирон адæмон сфæлдыстады æвдыст куыд цыди, афтæмæй саг тынг хайджын уыди æрвон æууæлтæй. Нырма дзы Кавказы кæд иугæйттæ баззад, æндæр куынæггонд æрцыдысты. Нывонд кæй кодтой, уыцы цæрæгойтæй сагæй кадджындæр нæ уыди. Ирыстоны æппæты рагондæр æмæ кадджындæр хохаг кувæндæттæ сты саджы сыкъатæй фæлгонцгонд. 

Уыцы æвдисæйнæгтæ дзурæг сты, «Хæдзаронтæ» тынг рагæй кæй кæнынц, ууыл. Хæдзаронгæнджытæ арфæтæ кæнгæйæ кæй ранымайынц фысы къæхтæ, цыхтджынтæ, ирæттæн «тæнгъæд» дзулы хуызæн чи ахадыдта, уыцы бæгæны æмæ «рухсдзыд маргъ», ногбоны райгуырд чи базонын кæны, уыцы уасæг — адæймаджы куыстæй аразгæ лæвæрттæ — æвдисæн сты «Хæдзаронты» арфæйы ныхæстæ рагзаманты зæхкусджыты дуг æмæ хорæрзадыл аудæг дуагимæ баст кæй сты, уымæн. Уымæн ахсджиаг æвдисæн у уыцы бæрæгбонмæ конд басыл дæр. Рагзаманты уый, æвæццæгæн, уыди, хæдзаронгæнджытæн цы лæвæрттæ кодтой, уыдоны сæйрагдæр. Арфæты басылæн йæхи æмæ йæ къухты кой кæй цæуы, уым стыр æмбæхст мидис æвæрд ис — къух уыди зæхкусæгæн фидæн аз алы хорзæхтæ дæттæг. Ног азы басылтæ кодтой гуырдзиæгтæ дæр. Уыдоны бæрæгбон уыди сыгъдæг Василиимæ баст. Арæзтой йæ Ног азы фыццаг бон æмæ дзурæг у, алантæ-ирæттæм райдианты чырыстон дины тæвагæй цы баззади, ууыл. 

Сæрмагондæй зæгъæм нымæтын мæнгцæсгæмтты æмæ зыгъуммæ кæрцыты тыххæй. Мæнгцæсгомы руаджы-иу адæймаг йæхи цæсгом бамбæхста æмæ-иу æй чи хъуыди, ахæм фæлгонцы сурæт райста. Ома-иу адæймаджы хуызы бацыдысты, мæнгдарæстæ кæуыл скодтой, уый æмæ ног сурæт, уымæй та-иу рауади, йæ бындуры æнгæс сурæт аразæг маги кæмæн ис, ахæм зæрдаив нысан. Куыд рабæрæг, афтæмæй къуымбил, царм æмæ уыдонæй конд дарæстæ бирæ адæмтæм нымад уыдысты амонды, хъæздыг тыллæджы æмæ æппæт бæркæдты нысантæ. Уыдон та цыдысты удæгас нывондæгты бæсты. Адæймаджы уырныдта, мæнгдарæсты руаджы уæларвон тыхтимæ бастдзинад кæй сараздзæн æмæ царды дæргъы алы хорзæхтæй хайджын кæй уыдзæн, уый. Не ’мгуыстгæнæг ахуыргонд А.К. Байбурин йæ фæстаг куыстыты куыд сбæрæг кодта, афтæмæй алы адæмтæн æмæ социалон æхсæнæдтæн мæнгцæсгæмттæ уыдысты æцæгæлон дуне сæцæг кæныны мадзæлттау. Мæнгдарæстæй-иу пайда кодтой афæдзы афонты кæнгæ бæрæгбæтты бæрнондæр рæстæджыты. Æгъдау-иу фадат лæвæрдта, мæн у, дæу у бæрæг-иу куы нал уыди, уыцы бæрнон рæстæг бамбарынæн. Æмæ-иу уæд уыцы æмтъеры уавæрты хъуыди «дæу у» — «мæн у»-йы æхсæн арæн фæбæрæг кæнын (29, 8 ф.) 

«Дæу у», «мæн у»-иу ныхмæвæрд куы æрцыдысты, уыцы рæстæг адæймаг дзуæрттæй цы хъуамæ куырдтаид, уый зын бамбарæн нæу, уæлдайдæр, быдыры куыстытæм-иу сæхи цæттæ кæнын кæй байдыдтой, уый хынцгæйæ. Адæймаджы сæйрагдæр курдиат-иу уыди, фæззæджы сæ хордæттæ дзаг цæмæй уой, бирæ фос сæм куыд уа, æвзæр аз цæмæй ма скæна æмæ алкæй бинонтæ дæр æнæфыдбылыз куыд уой. 

Дауджытæй цы хорзæхтæ куырдтой, уыдонæй цæмæй фæхайджын уой, уый тыххæй æцæгæлон дунейы уæвджыты сурæттæ саразын хъуыди, алчи дæр сæ йæхи æцæг хуыз куыд райстаид, афтæ. Гъе, уымæ гæсгæ йын-иу йæ сæйраг æууæлтæ барæй фергомдæр кодтой. Зæгъæм, мæнгдарæстæ-иу скодтой æнахъинон фæлыст, Мæздæджы районы хъæуты-иу хæдзаронгæнджытæ скодтой хуымæтæг нымæтын мæнгцæсгæмттæ æмæ зыгъуыммæ кæрцытæ. Арсы хуызæнæй сæм-иу ницы уыди, фæлæ сæ-иу хуыдтой нæуæг анзи арситæ. 

Цы хæдзæрттыл зылдысты, уыдон сæ-иу хъуамæ барæвдыдтаиккой. Сæ фынгыл хæринагæй дæр, нуазинагæй дæр цы уыди — алцæмæй дæр сын-иу бахай кодтой, фæстаг рæстæджыты та сын фæдæттынц лыстæг æхцатæ. Лæвæрттæ кæныны тыххæй бæлвырд фæтк нæ уыди — алы хæдзар дæр архайдта, æнæнхъæлæджы-иу чи фæзынд, уыцы зынаргъ уазджыты хуыздæр барæвдауыныл. Фенынджынтæй иу куыд дзырдта, афтæмæй сын ничи ницы хæлæг кодта, науæд, Хуыцау бахизæд, сæ зæрдæмæ исты ма фæцæуа æмæ уыдоны дзыхы бахауай — исты гакк дыл иу аныхæстаиккой, цæрæнбонты дæ-иу хъæуккæгтæн дзуринаг фæкодтаиккой. Уæвгæ хæдзаронгæнджытæ кæй къæсæрæй нæ бахызтысты, уый-иу æй æвзæр нысаныл банымадта. Цæугæ та нæ кодтой, чъынды чи уыди, æгъдау кæмæн нæ уыд, хъодыгонд чи ’рцыди, ахæм хæдзæрттæм. Нæ хъыгдардтой, афæдзы дæргъы-иу зиан кæуыл æрцыди, уыцы бинонты. 

Хæдзаронгæнджытæ æдзухдæр архайдтой, цæмæй сæм фылдæр лæвæрттæ æрæмбырд уа, ууыл. Къорды уæнгтæ-иу барæй сæхи хъæлæбагæнæг скодтой. Схуыстытæ, мыхъхъытæ, тъæппытæ æмæ-иу сæ исчи афæлдæхти, ома, амардтæн. Аххосджын-иу йæхи фæсмонæй хордта, æмæ-иу фысымтæм баздæхти «марды» хос уæ къухты ис æмæ мацæуыл бацауæрдут, зæгъгæ. Йе ’мбæлттæ дæр-иу загътой, дзæбæх лæвæрттæ йын куы ракæниккат, уæд райгас уаид. Фысымтæн ма-иу цы гæнæн уыди æмæ-иу ын лæвæрттæ ракодтой. «Мард»-иу райгас. 

Мæнгдарæстæ сатирикон æууæлтæй хайджын кæй уыдысты æмæ сæ-иу худæджы нывтæ кæй æвдыстой, уый бæрæгбоны кодта карнавалы хуызæн. Хæдзаронгæнджытæ-иу æцæгæлон дунейы минæвæртты хуызы кæй архайдтой, уый руаджы-иу сæ митæ фæхайджын сты, зæххон зондæй бамбарæн кæмæн нæ уыди, ахæм сусæгдзинадæй. Гъе, ахæм бæрæгбон куывды адæмы нымадæй уыди «æвидигæ æнусон хæзна; уæвæн уыди æмæ адæймаг смæгуыр, сафтид уа, фæлæ, бынтон фесæфа, уымæн уæвæн нæ уыди». (28, 300 ф.) 

Бæрæгбонæн ахæм ахаст хуымæтæджы нæ уыди. Ома, бæрæгбонау фесæфæн нæй, царды æмæ уæларвон тыхты суадон чи у, уыцы Хурæн дæр. Уый «æндзыг» уавæры куы вæййы, уæд рæстæг хъармы ’рдæм аивылы æмæ зымæджы фæстæ æрдзы царды тафс бауадзы. Ацы ран зæгъын хъæуы, мæнгдарæсджын кæм амæлы æмæ кæм æрæгас вæййы, уыцы чысыл хъæлдзæг нывты тыххæй. Адæмон драмон аивады уыцы хуымæтæджы сюжет у æвæджиауы диссаг. Æвæццæгæн, уыцы хъæлдзæг ныв дзурæг у незаманты адæмы дунембарынадыл. Кæрæдзи ивæг афæдзы афонтимæ баст кæй уыди адæймаджы куысты ритм, уымæ гæсгæ афтæ нымад цыди, цыма удæгас буар йæ мæлæты фæстæ нæ фесæфы. Æмæ уыцы драматикон нывы дæр адæймаг иу уавæрæй иннæмæ уымæн рахизы. Цард — мæлæт — цард у, зæххыл удгоймагæй цы ис, уыдоны дунембарынады бындур. 

Ногбоны бæрæгбоны фидыцджын æгъдæуттæй иу уыди Хæдзаронтæ кæнын. Ацы æгъдауæн ма махмæ æрхæццæ йе ’ддаг хæрв æмæ дзы рауади сывæллæтты хъазт. О, фæлæ дзы сывæллæттæ кæй фæархайынц, уый та хуымæтæджы нæу. Адæмы нымадæй саби æнæтæригъæд, сыгъдæг у æмæ, бæрæгбоны цы ракура, уый сæххæст уыдзæн. Сывæллæттæ æнæмæнг кæм фæархайынц, уыцы бæрæгбæттыл нæ цæст куы ахæссæм, уæд базондзыстæм, уыдон иууылдæр кæй вæййынц æрдзы тыхты ахадынгæнæг. 

Мæнгдарæсджынтæ-иу архайдтой Куырттаты комы Хуыцауы дзуары бæрæгбоны хъæзтыты. Уыцы бæрæгбон кодтой Куадзæны фæстæ Стыр цыппæрæмимæ иу рæстæг. Мæнгдарæсджынтæ-иу уыцы бæрæгбоны равдыстой, дзурын кæм нæ хъуыди, ахæм нывтæ. Архайдтой дзы æртæйæ. Сæ иу уыди арс, дыккаг — арсы хицау, æртыккаг — хъазахъхъаг, хъæдын топп æм. Хицауы курдиатмæ гæсгæ-иу арс йæ алы сæрбихъуырæйттæ æмæ змæлдтытæй фæхудын кодта адæмы. Уыцы рæстæг æм хъазахъхъаг та бахъав-бахъав кодта, ома, куы ницы раттат, уæд æй амардзынæн, зæгъгæ. Фысымтæн ма-иу цы гæнæн уыди, æмæ-иу æй сæ лæвæрттæй аирвæзын кодтой, уæдæ-иу æй æгас дæр ракодтой. 

Æгомыг нывты ахъазынæн хъуыди æнкъараг зæрдæ, стыр арæхстдзинад равдисын. Арсы хуызы-иу чи бацыд, уымæн адæм йæ алы фезмæлд дæр фиппайдтой æмæ хъуамæ уыдаид амалджын, æвиппайды-иу исты худæджы митæ æрбаймысыдаид. Æнарæхст «артистыл»-иу сæ архайд куы ахицæн, уæд-иу дзуарылæгмæ раттой сæ мæнгдарæстæ æмæ сæ хæцæнгæрзтæ. Уымæ лæвæрдтой се ’хцайы лæвæрттæ дæр, мысайнæгтимæ-иу сæ сæвæрдтой иннæ бæрæгбонмæ кусæрттаг æлхæнынæн. 

Мæнгцæсгомджынты архайдæн æргом магион мидис кæй уыди, уымæн ирд æвдисæн сты лæцаг мæнгцæсгомджынты æвдыст нывтæ. Ам æххæстгонд цыдысты хуыцæуттæн табу кæныны рагон æгъдæуттæ, сæхи-иу сфæлыстой мæнгдарæстæй, марды æфсон-иу сæхи скодтой, æгас æрдзы уддзыдгæнæг бæрæгбонимæ-иу æй бабастой. Уыцы иу рæстæг бæрæгбоны ахсджиаг уыдысты йæ сатирикон ахаст, йæ æхсæнадон ахадындзинад æмæ йæ хиирхæфсæн архайд. 

Ацы темæйыл дзургæйæ уæлдай диссагдæр у, Дзывгъисы кувæндоны ноябры мæй кæй арæзтой, уыцы бæрæгбон. Дзуарфарс чи хуынди, уыцы стыр æрдузы-иу æрæмбырд ис дунейы адæм. Уыцы бæрæгбоны ахастæн ирд æвдисæн уыди, бынæттон цæрджытæ Маймули кæй хуыдтой, уый дзы мæнгдарæсты æнувыдæй кæй архайдта, уый. Джеоргуыбайы бæрæгбоны æндæр рæтты мæнгдарæсджын нæ уыди. Фенынджынтæ куыд зæгъынц, афтæмæй ма-иу Маймули нæ æнусы 30-æм азты дæр бæрæгбæтты фæзынди. 

Йæ уæлæ-иу уыди зыгъуыммæгонд фысдзæрмтты кæрц, зæронд хæлаф æмæ зæронд дзабыртæ. Йæ сæрыл-иу æркодта, уæлæмхасæн худ дæр ма кæмæн уыди, ахæм мæнгцæсгом. 1937 азы Е.Н. Студенецкая Санкт-Петербурджы этнографийы паддзахадон музейæн балхæдта ахæм мæнгцæсгом æмæ йемæ даргæ дарæстæ. Уыдон ныр дæр уым сты. 

Фенынджынты ныхæстæм гæсгæ Маймулийы хæс уыди фынджы адæмы хъæлдзæг дарын; йæхи-иу сгоби кодта æмæ-иу дыбал-дыбулæй уæлдай ницы дзырдта. Йæ «ныхас» ын адæймаджы æвзагмæ ивта йæ тæлмацгæнæг. Уыцы бæрн-иу æрхаудис куывды лæггадгæнджытæй искæмæ. «Гобийы» хуызы бацæуыны ныфс кæмæ разынд, уый хъуамæ уыдаид æрхъуыдыдзинадæй хайджын, цыргъзонд, æвзыгъд æмæ хъæлдзæг зæрдæйы хицау. Чи нæ арæхсти, уый-иу адæм уайдзæфты бын фæкодтой. 

Лæцы бæрæгбоны куыд уыди, афтæ Дзывгъисы дæр Маймули иуæй адæмы хъæлдзæг кодта, иннæмæй пайда хаста. Уый уыди адæмы мысайнæгтæ кувæндонæн дæттынмæ разæнгардгæнæг. Уый тыххæй-иу спайда кодта иуцалдæр сайæн мадзалæй. Ног куывддзауты къордæн-иу тæлмацгæнæджы руаджы салам ратта, уый фæстæ-иу, йæхи анхъырдтæ кæнгæйæ, куывддзауты раз æрæппæрста йæ мæнгхæцæнгæрзтæ. Йе ’ххуысгæнæг-иу адæмæн бамбарын кодта: Маймулийы хæцæнгæрзтæ базæронд сты æмæ куры æхца, цæмæй балхæна ног сахат, хъама, æхсаргард æмæ топпытæ. Адæм-иу сæхи ницы æмбарæг куы скодтой, уæд-иу «Маймули» зæххыл атылди кæнæ иу йæхи доны ныппæрста. 

Куывддзаутæ-иу æй сæ мысайнæгты руаджы «фервæзын кодтой». 

Афтæмæй-иу куывддзау адæм сæхи æгъдауæй мысайнагæй цы раттой, уымæй уæлдай, ма-иу «Маймули» йæ тæлмацгæнæджы руаджы æрæмбырд кодта уæлæмхасæн лæвæрттæ. Æхцайæ дарддæр ын кодтой æндæр лæвæрттæ дæр. Маймули-иу æхцатæ ратта кувæндонæн, лæвæрттæ та тæлмацгæнæгимæ уæрстой се ’хсæн. 

Ацы бæрæгбоны фæсивæд цы хъæзтытæ кодтой, уыдон хуыдтой Сой/Сойгæнæн. Æхсæвыгон-иу фæсивæд къордæй зылдысты ноггуырд лæппуты хæдзæрттыл. Афæдз кæй сывæллоныл сæххæст, уыдон дæр-иу бабæрæг кодтой. Зарыдысты-иу бæрæгбоны зарджытæ. Саби сæрæгасæй бирæ фæцæрæд, йæ бинонтæ æнæмаст, фæрнджын уæнт, зæгъгæ, ахæм арфæйы ныхæстæ-иу уыди зарæджы. (22, II, 361–362 ф.) Фæсивæд-иу бинонтæн сæ бæрæгбон ноджы фæрæсугъддæр кодтой, кафыдысты, сæ зæлланггæнаг худын хъуысти. Уыцы бæрæгбæттæ йæхи цæстæй чи федта, ахæмты ныхæстæм гæсгæ-иу стыр хъæуты æхсæв-бонмæ бинонтæ суазæг кодтой цыппар-фондз къорды, æмæ-иу сæ æфсоны хъуыр-хъуыр дæр ничи бакодтаид — чъындыты-иу алхысчъытæ кодтой, адæмы цæсты сæ æфтыдтой. 

Сойгæнæн уæлдай дзæбæхдæр кодтой æмæ ныр дæр кæнынц, Куырттаты комæй ралидзæг адæм кæм цæрынц, уыцы быдыры хъæутæ — Хъæдгæрон, Пысылмонхъæу æмæ Суададжы. Ноггуырд лæппутæн цыт гæнæн бæрæгбон уыцы хъæуты хуыйны Маймулиты къуыри. Æвæццæгæн, афтæ хуыйны, фæсивæд-иу сæ уæлæ хæдзарон фосдзæрмттæй мæнгцæсгæмттæ æмæ зыгъуыммæ кæрцытæ кæй скодтой, уый тыххæй. 

Ам зæрдыл æрлæууын кæнын æмбæлы, сой, царв æмæ къуымбил удæгас нывондæгты бæсты кæй цыдысты, уый. Зæгъын ма хъæуы уый дæр, æмæ фосдарæг хохаг лæгæн сой уыди æфсисы, бæркады æмæ хъæздыгдзинады нысан. Гъе, уымæ гæсгæ ирон бæрæгбæтты æмæ æрвылбоны царды зарджытæй дæр бирæты ис дзырд сой. (5, т. III, 130 ф.) Æмæ уæдæ мæнгдарæсджыны архайд уыди, рагзаманты бæрæгбæтты рæстæг-иу ног цард сног кæныны сæраппонд кусæрттаг нывондæн хаст куы æрцыд, уыцы драматикон рæстæг æвдисæг нысан. Бæлвырддæр зæгъгæйæ та, мæнгдарæсджын йæхи марды æфсон кæй скæны, уымæй йæ хъарутæ, йæ цард балæвар кæны ноггуырдæн, ома, мæнгдарæсджыны «мæлæт» æмæ ноггуырды фæзынд иумæ быдау баиу сты. 

Нæ ацы хъуыды æмбæрстгонд нæ уыдзæн, нæ рагфыдæлтæ æмæ мах мæлæт фæйнæ хуызы кæй æмбарæм, уый зæрдыл куынæ æрлæууын кæнæм, уæд. Æгъдау уыди ивгъуыд æмæ абон комкоммæ кæрæдзиуыл бæттæг. Уæларвон, мифон дуне сын уыди æцæг дуне, кæй уыдтой, уый та — мæнг. Ирæттæ абон дæр ма мæрдты бæстæ Æцæг дуне хонынц, уæлæуыл цард та — Мæнг дуне. 

Мæнгдарæстæ дардтой чындзæхсæвтæ æмæ марды кæндты рæстæг дæр. Урстуалты, Хъуды комы æмæ Тырсыгомы мæнгдарæстæй пайда кодтой чындзæхсæвты рæстæг. Дыууадæс — фынддæсаздзыд чызджытæ-иу сæ уæлæ скодтой нæлгоймаджы дарæстæ, сæ худтæ-иу сæ цæстытыл æруагътой, рихитæ-иу баныхæстой æмæ-иу чындзæхсæвмæ фæзындысты фæсахсæвæрты, фынгтæй куы сыстадысты, уæд. Аразгæ хъæлæстæй-иу сæхи бацамыдтой, сыхаг комæй стæм, зæгъгæ. Чи банозтджын, уыцы лæгты-иу æлхысчъытæ кодтой. 

Хуссар Ирыстоны хохаг хъæуты та-иу чындзæхсæвты уыди, теуа кæнæ хæрæг кæм архайдтой, ахæм хъазт. Фæсивæд-иу бакъорд сты, сæ иуы-иу схуыдтой теуа. Уый-иу зыгъуыммæ кæрцы йæ сæр дæр бамбæхста. Йæ рахиз дысы йын-иу нытътъыстой фæрæты хъæд, фæрæтыл-иу æркодтой цъында, бастой йыл дыууæ уидыджы. Фæрæт уыди теуайы сæр, дысы тъыст фæрæты хъæд — йæ къубал. Фынджы æгъдау йæ тæмæны куы бацыд, уæд-иу сæм теуайы бакодтой, уый-иу йæ сæры тылдæй бадты адæмæн салам ратта. Йе ’мбал лæппуты цæсгæмттæ-иу уыдысты милæй ахуырст, сæ фындзыбынты — пыррыкк рихитæ. Уазджытæн-иу дзырдтой æнахуыр æвзагыл. Тæлмацгæнæг-иу уазджытæн бамбарын кодта «теуайы хицæуттæ» арфæтæ кæнынц уазджытæн, зæгъгæ. 

Дарддæр-иу радзырдтой: дардæй цæуæм, нæ теуа бафæллад æмæ, цæмæй нæ фæндаг дарддæр дарæм, уый тыххæй нæ бахъуыди уе ’ххуысы сæр. Уыцы рæстæг-иу теуа æрфæлдæхти, къахæй-иу æй фæлмæн цæфтæ бакодтой, уæлæмæ сыст, зæгъгæ. Бадты адæм-иу фæхудтысты, фæлæ сæ-иу теуайæн бахъуыди æххуыс кæнын. Чындзæхсæвы фынгæй сын-иу раттой хæйттæ, хатгай сын-иу раттой лыстæг æхцатæ дæр. Хатгай-иу зыгъуыммæ кæрцы бын бабырыдысты лæппутæ дыууæйæ, уыдон та хуыдтой хæрæг

Уыди-иу афтæ дæр, æмæ теуа «мæлгæ» дæр куы нæ кодта, æххуыс дæр куы нæ агуырдта — бадты адæмы æрмæстдæр хъæлдзæг дардта. Æйтты рæгъы рæстæг-иу уазджытæй кæмæн цал нуазæны раттын хъуыди, уый та бæрæг кодтой йе ’мбал лæппутæ. Сæр-иу цал хатты батылдтой, уазæгæн лæвæрдтой у ал нуазæны. 

Зæгъæн ис, æмæ ацы ран дæр мæнгдарæсджынты размæ лæууыди æрмæст адæмы бахъæлдзæг кæныны хæс. Уæвгæ æрвылбоны царды дæр мæнгцæсгомджынты архайд æвдисæн уыди ацы æгъдауы сæрысæйраг мидисæн. Нæ хъуыды бафидар кæнынæн æвдисæн сты, чындзæхсæвы рæстæг зыгъуыммæ кæрцытæ кæй дардтой, сæ цæсгæмттæ милæй кæй ахуырстой, сæхи-иу марды æфсон кæй скодтой æмæ-иу чызг лæппуйы дарæстæ кæй скодта, уыдæттæ. Фæстаг æгъдау кæнынц æрмæстдæр чындзæхсæвты рæстæг. Ахуыргæндты хъуыдымæ гæсгæ «сылгоймаг нæлгоймаджы сурæты кæй бацæуы, уый дзурæг у адæймаджы цот кæнынмæ тырнындзинадимæ æмæ, æппын фæстаг, ахъаз хъуамæ уыдаид, быдырты хъæздыг тыллæг цæмæй зайа, уымæн». (4, 190 ф.) 

Мæнгдарæстæ дардтой марды кæндты рæстæг дæр. Марды номыл арæзт дугътæй иу хуынди æлæмхæссæн. Уыцы дугъты хицæндзинады тыххæй зæгъдзынæн чиныджы иннæ хайы. Ныр та уал бафиппайæм, дугъты архайæг барджыты хуыздæрыл-иу рагацау сæрмагонд дарæстæ кæй скодтой, уый. Йæ уæлæ-иу уыди згъæрхæдоны хуызæн дарæс, йæ сæрыл, мæцъæй кæнæ бæхсныгæй быд худ. Йæ дарæстыл-иу ын æрцауыгътой дыргътæ, æнгузтæ, мыдамæстытæ, сæкæры къæрттытæ, къафеттæ. (7, II, 272–273 ф.) Цæвиттон-иу барæгыл скодтой æлæмæй згъæр. Уый-иу райста, «æцæг дунейы» адджинæгтæ чи уарзта, уыцы марды сурæт. Хъарæггæнджытæ дæр-иу, мардимæ дзургæйæ, хуымæтæджы нæ загътой: «Мæнæ чысыл сабитæ дæр æрбацыдысты. кæй æрбахастай, уыцы адджинæгтæм». 

Адæмы зонды æгъдæуттæ куыдæй баззадысты, уыдон мæнгдарæсджынты æрвылбоны царды архайдимæ куы абарæм, уæд фендзыстæм, æддаг æууæлтæм гæсгæ бирæ цæмæйдæрты æмхуызон кæй сты, уый. Хъæуы бæрæгбæтты хъæлдзæг нывтæ æвдисгæйæ-иу мæнгдарæсджынтæй чидæр йæхи æнæмæнг марды æфсон кæм скодта, уыцы хъæзтытæн уыди иумæйаг ахаст. Уыцы нывтæ æмæ хъæзтытæ бирæ заманты дæргъы тынг фендæрхуызон сты, уæддæр ма æргом разыны, хорæрзадыл аудæг дауджытæн табу кæныны магион архайды æууæлтæй хайджын кæй сты, уый. 

Рагзаманты бæрæгбæттæ баст уыдысты афæдзы афонтæ æмæ бæлвырд цаутимæ. Бæрæгбæттæ арæхдæр кодтой афæдзы райдианы, хортауæнты рæстæг æмæ-иу, хортæ куы бафснайдтой, уæд. Бирæ бæрæгбæттæ баст уыдысты бинонты цардимæ дæр. Уæдæ уæлдай ахсджиагдæрыл нымад цыдысты хорæрзад æмæ ууыл аудæг бæрæгбæттæ. 

Мæнгдарæстæ дарын сæйраджы дæр хорæрзадыл аудæг бардуагимæ баст кæй уыди, уымæн æвдисæн сты, мæнгцæсгæмттæн егъау дзыхтæ кæй кодтой, уый, ома, цæсгом стырдæрæй разына æмæ адæмæн уа худæджы хос. Ирон æвзаджы ис ахæм æмбарынад лакъамидзых, фæсномыгæй афтæ фæхонынц гуыбындзæлы. М.М. Бахтин бафиппайдта: «Комхæлиу нысан кæны ныхъуырын, нывдæрзын — æмæ йæ рагзамайнаг мидис у мæлæт æмæ куынæг кæнын». (28, 352 ф.) Уыциу рæстæг мæнгцæсгомæн дынджыр дзых кæй кодтой, уый уыди адæмон бæрæгбæтты фынджы æгъдауы нысан. 

Æвæццæгæн, мæнгцæсгæмттæн стыр дзыхтæ кæй кодтой, уый баззад комедиты архайджытæн æддаг фæлыст аразыны фæткæн. 

 

 

Уарзиаты Вилен 

Ирон бæрæгбæттæ незамантæй абонмæ 

Ратæлмацгæнæг — Бицъоты Гриш 

[Цæгат Ирыстоны гуманитарон иртасæнты институт, 1995] 



<==    Комментарии (0)      Версия для печати
Реклама:

Ossetoans.com OsGenocid ALANNEWS jaszokegyesulete.hu mahdug.ru iudzinad.ru

Архив публикаций
  Января 2024
» О чем рассказали восточно-европейские руны
  Ноября 2022
» От Кавказа до Волги
  Августа 2022
» Кавказцы глазами русских: говорят архивные документы...
  Марта 2022
» К вопросу о заселении Фиагдонской котловины, по данным фамильных и народных преданий
» О новых именах в истории царственного дома средневековой Алании
  Февраля 2022
» К ВОПРОСУ ОБ УДЕЛЬНЫХ ВЛАДЕТЕЛЯХ УАЛЛАГКОМА ПО ФАМИЛЬНЫМ, НАРОДНЫМ ПРЕДАНИЯМ И АРХИВНЫМ МАТЕРИАЛАМ
  Декабря 2021
» Осетинская религия; религия осетин (Ирон дин)
  Мая 2021
» Иверская (Моздокская) икона Божией Матери
  Мая 2020
» Соотношение понятий Æгъдау, религия (дин), вера во внутриосетинской дискуссии
  Июля 2019
» Открытое обращение представителей осетинских религиозных организаций
  Августа 2017
» Обращение по установке памятника Пипо Гурциеву.
  Июня 2017
» Межконфессиональный диалог в РСО-Алании состояние проблемы
  Мая 2017
» Рекомендации 2-го круглого стола на тему «Традиционные осетинские религиозные верования и убеждения: состояние, проблемы и перспективы»
» Пути формирования информационной среды в сфере осетинской традиционной религии
» Проблемы организации научной разработки отдельных насущных вопросов традиционных верований осетин
  Мая 2016
» ПРОИСХОЖДЕНИЕ РУССКОГО ГОСУДАРСТВА
» НАРОДНАЯ РЕЛИГИЯ ОСЕТИН
» ОСЕТИНЫ
  Мая 2015
» Обращение к Главе муниципального образования и руководителям фракций
» Чындзӕхсӕвы ӕгъдӕуттӕ
» Во имя мира!
» Танец... на грани кровопролития
» Почти 5000 граммов свинца на один гектар земли!!!
  Марта 2015
» Патриоту Алании
  Мая 2014
» Что мы едим, или «пищевой терроризм»