Цардис иу паддзах æмæ йын уыди дыууæ фырты: Нумитор æмæ Амулий.
Паддзах куы мардис, уæд йæ фырттæм бадзырдта:
— Куыд уæ фæнды мæ бынтæ байуарын? Паддзахиуæг уæ чи кæндзæн? Ме ’ппæт хъæздыгдзинæдтæ уæ кæй хъæуынц?
Нумитор райста паддзахдзинад, Амулий та хъæздыгдзинад.
Уæд Амулиймæ хардзау æркаст, йе ’фсымæр паддзах кæй сси, уый æмæ салдæттæн лæвæрттæ дæттын байдыдта. Лæгъстæ сын кодта, цæмæй Нумиторы атæрой æмæ уый паддзахæй сæвæрой. Салдæттæ йæ коммæ бакастысты, æмæ Амулий паддзах сси.
Нумиторæн уыди чызг, чызгæн райгуырди дыууæ фаззон лæппуйы. Дыууæ дæр уыдысты хъомыл æмæ рæсугъд.
Амулий тарсти, куы сдынджыр уой, уæд сæ адæм куы бауарзой æмæ сæ паддзахæй куы сæвзарой. Йæ лæггадгæнæг Фаустинмæ бадзырдта æмæ йын загъта:
— Ацы дыууæ лæппуйы ахæсс æмæ сæ цæугæдоны баппар.
Цæугæдон хуынди Тибр.
Фаустин сывæллæтты авдæны сæвæрдта, доны былмæ сæ ахаста æмæ сæ уым ныууагъта, сæхигъдауæй амæлдзысты, зæгъгæ. Фæлæ Тибр раивылд, авдæн йæ уылæнтыл систа, ахаста йæ æмæ йæ иу дынджыр бæласы бын æрæвæрдта. Æхсæвы сæм сыл бирæгъ æрбацыд æмæ фаззæттæн æхсыр бадардта. Уæдæй фæстæмæ сæ хæссын байдыдта.
Сывæллæттæ сдынджыртæ сты, тых æмæ зондæй хъуаг нæ рауадысты. Цардысты хъæды, Амулий цы горæты царди, уымæ хæстæг. Сырдты мардтой æмæ уыдон хордтой. Адæм сæ базыдтой æмæ сæ сæ рæсугъддзинады тыххæй бауарзтой. Стырдæрыл сæвæрдтой Ромул, къаддæрыл та — Рем.
Иухатт Нумитор æмæ Амулийы фыййæуттæ хызтой фос хъæдмæ хæстæг æмæ фæхыл сты. Амулийы фыййæуттæ атардтой Нумиторы дзугтæ. Фаззæттæ сæ федтой, фыййæутты фæстæ азгъордтой, баййæфтой сæ æмæ фос байстой.
Нумиторы фыййæуттæ лæппутæм уыцы хæрам рахастой. Бахъуыды кодтой æмæ, Ромул уым куы нæ уыди, уæд Ремы æрцахстой, горæтмæ йæ Нумитормæ æркодтой æмæ загътой:
— Хъæды дыууæ ’фсымæры фæзынди, фос стигъынц, давынц. Мах дзы иуы æрцахстам æмæ йæ æркодтам.
Нумитор Ремы Амулиймæ акæнын кодта. Амулий загъта:
— Адон бафхæрдтой ме ’фсымæры фыййæутты, гъемæ сын ме ’фсымæр йæхæдæг тæрхон кæнæд.
Ремы та фæстæмæ Нумитормæ ракодтой. Нумитор æм йæхимæ бадзырдта æмæ йæ фæрсы:
— Кæцæй дæ, стæй чи дæ?
Рем радзырдта:
— Мах стæм дыууæ ’фсымæры, гыццылæй нæ Тибры уылæнтæ авдæны хуылфы иу бæласы бынмæ раппæрстой. Хастой нæ хъæддаг сырдтæ æмæ мæргътæ. Æмæ афтæмæй схъомыл стæм. Чи стæм, уый цæмæй базонæм, уый тыххæй та нæ авдæн нырма æнæхъæн у, йæ уæлæ æрхуыйы уадздзаг хуыд, уадздзагыл та цыдæр фыстытæ.
Нумитор фæдис кодта. «Кæд, мыййаг, мæ хæрæфырттæ сты», — ахъуыды кодта йæхинымæр. Ремы йæхимæ баурæдта, афтæмæй Фаустинмæ арвыста, бафæрсон æй, зæгъгæ.
Уыцы рæстæг Ромул та йе ’фсымæры агуырдта, фæлæ йæ никуы ардта. Фыййæуттæ йын куы загътой, де ’фсымæры дын горæтмæ акодтой, зæгъгæ, уæд авдæн йемæ айста, афтæмæй йæ фæд-йæ фæд ацыд.
Фаустин авдæн базыдта æмæ адæмæн загъта, уыдон Нумиторы хæрæфырттæ кæй сты, фæлæ сæ Амулий доны баппарынмæ кæй хъавыди.
Адæм Амулиймæ смæсты сты æмæ йæ амардтой. Ромул æмæ Ремы та паддзахæй сæвзæрстой. Фæлæ Ромул æмæ Ремы уыцы горæты цæрын нæ бафæндыд æмæ дзы паддзахиуæггæнгæ ныууагътой сæ мадыфыд Нумиторы. Сæхæдæг фæстæмæ, бирæгъ сæ кæм схаста, уыцы бæласы бынмæ ацыдысты æмæ уым, Тибры был, ног горæт сарæзтой — Ром, зæгъгæ.