Кæддæр Лондоны сарæзтой сырдты равдыст. Сырдты фенæггаг истой æхца, куыдз кæнæ та гæды — сырдтæн хæринагæн. Иу лæгæн йæ зæрды æрæфтыд сырдтæм бакæсын; иу куыдзы къæбылайы уынджы рацахста æмæ сырддонмæ бараст. Йæхи йын мидæмæ бауагътой, къæбылайы та домбайæн къалатимæ баппæрстой.
Къæбыла йæ къæдзил йæ быны нылхъывта, афтæмæй къуымы ныттымбыл. Домбай йæм хæстæг бацыд æмæ йæм басмыста.
Къæбыла йе рагъыл атылд, йæ къæхтæ хæрдмæ систа æмæ йæ къæдзил тилы.
Домбай йæ йæ дзæмбыйæ дæлгоммæ æрфæлдæхта.
Уæд къæбыла фæгæпп ласта æмæ домбайы раз йæ фæстæгтыл алæууыд.
Сырд æм æнцад касти, йæ сæр куы иуырдæм, куы иннæрдæм зилгæйæ, фæлæ йæм æвналгæ нæ кодта.
Сырддоны хицау ын фыдызгъæл баппæрста. Домбай дзы иу комдзаг стыдта æмæ йæ къæбылайæн радта.
Изæры домбай куы схуыссыд, уæд æм къæбыла йæхи хæстæгдæр баласта, йæ сæр ын йæ дзæмбыйыл сæвæрдта æмæ афтæмæй йæ фарсмæ батымбыл.
Уæдæй фæстæмæ куыдзы къæбыла царди домбаимæ иу къалатийы. Домбай йæ æппындæр нæ хъыгдардта; йæ хæринаг-иу бахордта, стæй-иу иумæ бахуыссыдысты, йемæ-иу хъазгæ дæр акодта.
Иухатт куы уыд, уæд, къæбылайы чи æрбахаста, уыцы лæг сырддонмæ æрбацыд; йæ куыдзы уайтагъддæр базыдта, сырддоны хицауы ссардта, къæбыла мæн у æмæ мын æй раттут, зæгъгæ, йæ баййардта.
Хицау уæлдай ницыуал загъта. Фæлæ къæбылайы æрцахсынмæ куыд хъавыд, афтæ домбай йæхи ныццæвынæввонг фæпыхцыл кодта.
Домбай æмæ куыдзы къæбыла æнæхъæн афæдз иумæ цæргæйæ баззадысты. Афæдзы фæстæ къæбыла фæрынчын æмæ амард. Уыйадыл домбай хæргæ нал кодта, æппынæдзух къæбыламæ смыста, сдæрдтæ йæ, йæ дзæмбы йыл-иу авæрдта.
Æмæ йæ куы бамбæрста, амарди, уый, уæд æвиппайды йæхи хæрдмæ фехста, йæ хъуын арц абадт, йæ къæдзилæй йæ фæрстыл дзæхст-дзæхстæй ралæууыд, къалатийы къулыл йæхи ныццавта, æхгæнæнтæ æмæ пъол æхсынын байдыдта.
Бон-изæрмæ йæхи фæхоста, къалатийы къуымты дыууæрдæм фæцоппай кодта, йæ хъæр, йе ’рдиагæй нæ банцад, стæй мард къæбылайы фарсмæ æрхуыссыд æмæ ныссабыр. Сырддоны хицау къæбылайы марды райсынмæ хъавыди, фæлæ йæм домбай æмгæрон никæй уагъта.
Кæд дзы йæ маст айрох уаид, зæгъгæ, хицау домбаймæ æндæр къæбыла бауагъта, фæлæ йæ сырд цæстыфæныкъуылдмæ акъабæзтæ кодта. Уый фæстæ мард къæбылайы йæ хъæбысы æрбакодта æмæ афтæмæй фондз боны фæхуыссыд.
Æхсæзæм бон домбай дæр йæ уд систа.