Мæнæугæрдæнты лæгтæ æмæ устытæ ацыдысты кусынмæ. Хъæуы ма баззадысты æрмæст зæрæдтæ æмæ сывæллæттæ. Иу хæдзары баззадысты зæронд нана æмæ йæ фырты æртæ сывæллоны. Нана пецы арт бандзæрста æмæ æрхуыссыд, мæ фæллад æруадзон, зæгъгæ. Бындзытæ йæ хуыссын нæ уагътой — хордтой йæ. Зæронд ус йæ цæстытæ бамбæрзта хисæрфæнæй æмæ афынæй. Сывæллæттæй иу, Машæ (æртæаздзыд чызг), пецы дуар байгом кодта, пецæй зынгтæ рахафта дурыны састы гæбазмæ æмæ сенæмæ рацыди. Уым та æвæрд уыди мæнæуы куыристæ. Устытæ сæ æрбахастой куырисбæттæнтæ скæнынæн. Машæ зынгтæ бавæрдта уыцы куыристы бын æмæ сыл фу кæнын райдыдта. Хъæмп куы ссыгъд, уæд чызг сцин кодта, хæдзармæ базгъордта, фæхæцыд йæ гыццыл æфсымæр Кирюшкæйы къухыл (ууыл цыдис афæдз æмæ æрдæг æмæ цæуын нырма æрæджы базыдта), ракодта йæ сенæмæ æмæ йын артмæ амоны:
— Кæс-ма, Килюскæ, æз цы алт скодтон.
Куыристæ къæркъæргæнгæ сыгъдысты. Сенæ фæздæгæй куы байдзаг, уæд Машæ фæтарсти æмæ фæстæмæ балыгъди хæдзармæ. Кирюшкæ къæсæрыл фæкалд, йæ фындз ныццавта æмæ скуыдта. Машæ йæ баласта хæдзармæ, æмæ дыууæйæ дæр бамбæхстысты даргъ бандоны бын.
Нана ницы фехъуыста æмæ æнцад фынæй кодта. Хистæр лæппу Ваня (ууыл цыдис аст азы) уыцы рæстæг уыди уынджы. Æмæ куы ауыдта, сенæйы рудзгуытæй фæздæг æддæмæ куыд бырсы, уый, уæд хæдзармæ базгъордта æмæ нанайы хъал кæнынмæ фæци, фæлæ нана хуыссæгхъæлдзæгæй фæсæлхæрау ис æмæ дзы сывæллæттæ айрох сты, афтæмæй æддæмæ рауади æмæ фæдис хъæргæнгæ уынджы азгъордта. Уыцы рæстæджы Машæ даргъ бандоны бын бадти, змæлгæ дæр нæ кодта. Æрмæст чысыл лæппу цъæхахстæй куыдта, уымæн æмæ йæ фындз тынг ныццавта.
Ваня айхъуыста сывæллоны цъæхахст, даргъ бандоны бынмæ бакаст æмæ бахъæр кодта Машæмæ:
— Тагъд, лидзгæ, басудздзынæ!
Машæ сенæмæ азгъордта, фæлæ фæздæг æмæ арты пиллонæй ацæуæн нæ уыди. Æмæ фæстæмæ фездæхт.
Уæд Ваня рудзынг байгом кодта æмæ Машæмæ дзуры, ауылты æддæмæ хизгæ, зæгъгæ.
Чызг куы ахызти, уæд Ваня йе ’фсымæры фелвæста. Фæлæ лæппу уыдис уæззау, æмæ йын рахæссынæн ницы фæрæзта.
Кирюшкæ куыдта æмæ йæхи алырдæмты æнæнцой тылд кодта. Ваня дыууæ хатты фæкалди, цалынмæ рудзынгмæ хæццæ кодта, уæдмæ.
Уалынмæ хæдзары дуар дæр ссыгъди. Ваня гыццыл лæппуйы сæр рудзынгæй æддæмæ адардта — йæ зæрды йæ рудзынгæй аргъæвын уыди, — фæлæ сывæллон фыр тарстæй йæ къухæй рудзынджы тæрхæгыл ныззæгæл ис æмæ йæ нæ уæгъд кодта.
Уæд Ваня Машæмæ рахъæр кодта:
— Гъа, алас æй æддæмæ йæ сæрæй! — æмæ йыл йæхæдæг дæр фæстæрдыгæй размæ тынг ахæцыд. Афтæмæй сывæллоны рудзынгæй уынгмæ раргъæвтой æмæ сæхæдæг дæр æддæмæ рагæппытæ кодтой.