Iriston.com
www.iriston.com
Цæйут æфсымæртау раттæм нæ къухтæ, абон кæрæдзимæ, Иры лæппутæ!
Iriston.com - история и культура Осетии
Кто не помнит прошлого, у того нет будущего.
Написать Админу Писать админу
 
Разделы

Хроника военных действий в Южной Осетии и аналитические материалы

Публикации по истории Осетии и осетин

Перечень осетинских фамилий, некоторые сведения о них

Перечень населенных пунктов Осетии, краткая информация о них и фамилиях, в них проживавших

Сборник материалов по традициям и обычаям осетин

Наиболее полное на сегодняшний день собрание рецептов осетинской кухни

В данном разделе размещаются книги на разные темы

Коста Хетагуров "Осетинскя лира", по книге, изданной во Владикавказе (Орджоникидзе) в 1974 году.


Перечень дружественных сайтов и сайтов, схожих по тематике.



Rambler's Top100 Рейтинг@Mail.ru Индекс цитирования
Статьи Словари
Здравствуйте, Гость
Регистрация | Вход
Опубл. 11.04.2011 | прочитано 5969 раз |  Комментарии (6)     Автор: Tabol Вернуться на начальную страницу Tabol
Йæ рухс ныр дæр ма тавы Иры

(1869 – 1937)
 

СОТТИТЫ Риммæ 

Газет «Рæстдзинад»,  

2008 аз, 12 февраль, №24 

 

 

Йæ царды сæйрагдæр нысан адæмæн лæггад кæнын кæмæн уыдис, Ирыстонæн, йæ Райгуырæн бæстæйæн фæстаг сулæфты онг исты хорз ракæныныл чи архайдта, уыдонæй иу уыдис ЗÆНДЖИАТЫ Бæбу. Йæ рæстæджы адæмы фарнæн цы хъуыддæгтæ сарæзта, уыдон иу адæймагæн æгæр уыдысты. Стæй ма йын ноджыдæр бантыстаид, фæлæ йæ тæккæ лæджы кармæ куы бахæццæ, уæд ын НКВД-йы «тройкæ» йæ цард аскъуыдта æнаххосæй. О, уыдис, нæ хуыздæртыл нын адæмы æцæг знæгтæ цуан куы кодтой, ахæм рæстæг. Уыцы «цуаны» амæттаг бацис Иры æцæг иузæрдион хъæбул — Зæнджиаты разагъды лæппу. 

Бæбуйы ном фыццаг хатт фехъуыстон 1962 азы Цъæйы. Иу сæрдыгон райсом, куыд вæййы, афтæ бæстæйы алы кæрæттæй æрцæуæг адæм сæхи цæттæ кодтой хæхтæм абалц кæнынмæ. Инструктортæй алчидæр йæ къордимæ архайдта. Зын фæндæгтæм ацæуынмæ куыд цæттæ сты, уый бæрæг кодтой. Сæ фылдæр æрыгон лæппутæ уыдысты. Уымæ гæсгæ, мæ цæст æрхæцыд, се 'хсæн дæрдджын спортивон дарæсы цы ацæргæ лæг уыдис, ууыл. Лæппутæ йæ разы сæхи афтæ уæздан дардтой, æмæ фенхъæлдтон — турбазæйы исты хицау у. Фæстæдæр куыд базыдтон, афтæмæй уый уыдис Абайты Бæбу.

 

Хæрзæрыгон лæппуйæ райдыдта кусын Цъæйы. Уæд дзы турбазæ нæма уыдис, фæлæ Зæнджиаты Бæбу ам цы улæфæн хæдзар сарæзта йæхи хардзæй, уырдæм æрбахуыдта йе ’мномы дæр. Абайты лæппу цъæйыхъæуккаг уыдис, Зæнджиаты Бæбуйы мады ’рвадæлты сыхаг æмæ фыццаг Алагиры Цъæймæ бидаркæйыл ласта рынчынты. Уый фæстæ ссис адæмæн æрдзы алæмæты хъæздыгдзинæдтæм фæндагамонæг. Ам, Ирыстоны тæккæ рæсугъддæр комы, цумайы лæппуйæ сырæзыд æппæты фæлтæрдджындæр инструктормæ. Æвæццæгæн алы къахвæндаг нæ, фæлæ алы кæрдæджы хал кæм задис Цъæйы, уый дæр зыдта Абайты Бæбу. 

Ном дæр, дам, ыл Зæнджиаты хорз Бæбуйы номмæ гæсгæ сæвæрдтой. Ахæм лæджы номы аккаг уæвын та стыр хæс æвæры адæймагыл. Æмæ Абайты лæппу йæ цард-цæрæнбонты æнæ уæлдай мийæ уыцы хæс адæмы ’хсæн цæсгомджынæй æххæст кодта. 

Цъæйы иунæг хатт чи улæфыд Бæбуйы рæстæг, уый йæ æнæмæнг, бадардта йæ зæрдыл. Цæстуарзон, хæдæфсарм, аудаг. Исчи мæ раппæла, исчи мын раарфæ кæнайы охыл нæ куыста, фæлæ йæ чысыл хъуыддаджы дæр бæрæг дардта æнæкæрон уарзондзинад фыдæлты зæхмæ, адæммæ. Чи зоны, удыхъæды уыцы хæзнатæ хæрзæрыгонæй рахатыдта Зæнджионмæ, йæхицæн дæр сæ райста хотыхæн æмæ йæ уды хъармæй тавта Цъæймæ æрбацæуæг адæмы дæр, йæ зонгæ, йе ’мкусæг адæмы дæр. 

Зæнджиаты Бæбу адæмы лæг уыдис, æгас Ирыстоны лæг. Йæ рæстæджы æппæт ирон адæм кæй зыдтой, кæй хорз хъуыддæгтæн уыдысты æвдисæн, ахæм лæг. 

Зæнджиаты Хъайсыны фырт Бæбу райгуырд 1869 азы Уæллаг Мызуры, хохаг хæдзары. Лæппу хæххон царды уавæрты тагъд алæг вæййы. Уæгъды бонасадæнæн бынат никуы уыдис хæххон зынвадат царды. Зæнджиаты Бæбу дæр, кæд йæ фыдæн иунæг фырт уыдис, уæддæр хæрзчысылæй æрлæууыдис фæллойы æмæ ахуыры фæндагыл. Авд азы йыл куы сæххæст, уæд æй аргъуаны скъоламæ радтой. Иттæг рæвдз уыд ахуырмæ, æмæ скъола каст куы фæци, уæд дарддæр ацыд Гуырдзымæ, Кутаисы ахуыргæнджыты семинармæ. 

Фæстæмæ Ирыстонмæ куы æрыздæхт, уæд ахуыргæнæгæй куыста Беслæны. 

Уый уыд 1890 азы. Уæд Беслæныхъæуы æдæппæт уыди 200 хæдзары. Скъолайæн дзы йæ кой дæр нæма уыд. Сабитæ ахуырмæ цыдысты мæзджытмæ. Зæнджиаты Бæбу æмæ Гуытъиаты Гæккайы хъæппæрисæй цыбыр рæстæгмæ Беслæны байгом скъола. Сæрмагонд агъуыст ын нæма уыд, æмæ уал Гæкка йæхи хæдзары байгом кодта скъола. 

Уæды рæстæджы ахуыргæнджытæ нæ фаг кодта, æмæ Бæбу куыста иунæгæй. Кавказы Чырыстон дин парахат кæныныл аудæг Æхсæнады гæххæттытæй иуы 1890 азы фыстой: «0бщество назначило особого учителя осетина Зангиева Бабу, окончившего курс Кутаисской учительской семинарии образцовым учеником. Молодой учитель повел дела так умело, что не только христиане, но и магометане, сильно восстававшие вначале против школы, скоро полюбили ее и охотно стали определять в нее детей, так что в числе 40 наличных учеников в школе находятся 16 магометанских мальчиков». 

Беслæны скъолайы кусгæйæ Бæбу фыццаг хатт базонгæ Хетæгкаты Къостайы æмдзæвгæтимæ. 1935 азы журнал «Мах дуджы» мыхуыргонд уыдис Бæбуйы фыст æрмæг «Куыд базонгæ дæн Къостаимæ». Уым фыста: 

«Къоста йæ æмдзæвгæтæ нæма хъæр кодта, ничи ма йын сæ зыдта, афтæмæй дын дзы Дзæуджыхъæуы реалон скъолайы 7-æм къласы ахуыргæнинаг Дзалаты Лади сусæгæй, Къостайы æвастæй, иукъорд æмдзæвгæйы сфыста: „Чи дæ“, „Хъуыбады“, „Додой“ æмæ ноджы цыдæртæ. Дзалайы-фыртæй та сæ æз æмæ Баситы Мишкæ сфыстам. 

Уый размæ æз ирон æвзагыл æмдзæвгæ никуыма фехъуыстон æмæ мын афтæ æхсызгон уыди, афтæ тых мын радта, афтæ тынг хъардтой мæ зæрдæмæ, æмæ-иу, хъуыды-ма йæ кæнын, мæ сæрыхъуынтæ арц сбадтысты, мæ цæстытæ-иу доны разылдысты. Уый адыл сæ арæх кастæн æмæ сæ къуырийы бонмæ æнæ чиныгæй базыдтон. 

Дзалайы-фырт мын бафæдзæхста, дзурын сæ нæма хъæуы, Къоста ма сыл кусгæ кæны йе ’мдзæвгæтыл æмæ йын хъыг уыдзæн, зæгъгæ. Фæлæ ма уыдæттæ-йедтæ чи хъуыды кодта! Ахæлиу сæ кодтон, æхсызгон мын уыд сæ кæсын, стæй мæм номы хуызæн дæр каст, адæмæй бирæтæм æндæр ничи, фæлæ æппæты разæй æз кæй фæдæн хæрзæггурæггаг, уый. 

Уымæн йæ хæдфæстæ Æрыдоны семинары сæмбæлдтæн æмæ уым студенттæн радзырдтон „Чи дæ“ æмæ ноджы цыдæртæ Къостайы æмдзæвгæтæй. Нæ мæ рох кæнынц нырмæ дæр сæ рухс цæсгæмттæ, стæй сæ хъæлдзæг хæлиу цæстæнгас студенттæн фырцинæй. 

Уыцы рæстæджы Беслæны ахуыргæнæгæй куыстон æмæ сæ скъолайы лæппутæн дæр бацамыдтон. Уыдæттæ, æвæццæгæн, Къостайы хъустыл æрцыдысты, уымæн æмæ йыл фыццаг хатт куы сæмбæлдтæн Дзæуджыхъæуы, уæд йæ фыццаг фарст уыд, — куыд æгъдауæй бафтыдысты мæ къухы йе ’мдзæвгæтæ. Æз ын радзырдтон, хъуыддаг куыд уыд, афтæ. 

Дыккаг хатт ыл сæмбæлдтæн Дзæуджыхъæуы. Цæхæрадоны бадти Колыты Тотрадз æмæ ноджыдæр чидæртæ. Хъуыды-ма йæ кæнын, афарста мæ: „Дæ ахуыргæнæджы куыст цæмæн ныууагътай, нæхимæ цæуылнæ кусыс? Уырысмæ дæхи цæмæн аппæрстай?“» 

 

Ацы цыбыр уацæй дæр бæрæг у, Бæбу йæ ахуыргæнинæгты зæрдæты цавæр рухсы ’хсидæвтæ сыгъта, цавæр фæндагыл сæ арæзта царды мидæг, уый. 

Бирæ, тынг бирæ цæхæркалгæ бæллицтæ абухтой Зæнджиаты Бæбуйы зæрдæйы. Стыр хæрзты бацæуын æй фæндыд Ирыстоны адæмæн. Чи зоны, уый охыл сразы кодта йæ мад Госæйы дæр Цъæйы цъититы рæбын хæдзар саразыныл. Зæнджиатæн мулчы хæдзар нæ, фæлæ рынчын адæмыл кæм аудыдтаиккой, ахæм хæдзар. 

Ахæм хъуыддагæн хæрдзтæ хъуыдис, æхцайы фæрæзтæ, æмæ Бæбу кусынмæ фæцыд дард сыбираг бæстæм. Авд азы дæргъы куыста Читайы, Фæсбайкалы æфсæнвæндаджы. Инженеры дæсныйад æм нæ уæвгæйæ, Бæбуйы бон бацис цыбыр рæстæгмæ æфсæнвæндаджы куысты стыр бынат бацахсын. Цы мызд иста, уый æмбырд кодта, æмæ фæстæмæ Ирыстонмæ куы сыздæхт, уæд йæхи хардзæй Цъæйы сарæзта фыццаг улæфæн хæдзар æмæ хæрæндон тархъæнджын рынчынтæн. Хъарм рæстæг-иу рынчынтæ хордтой, дуармæ сыгъдæг уæлдæфмæ цы сара скодта, уый аууон. Уыимæ йын уыдис бастдзинæдтæ æнæниздзинад хъахъхъæнынады кусæндæттимæ. Уыдоны курдиатмæ гæсгæ уырыссаг æвзагæй иронмæ ратæлмац кодта сæрмагонд медицинон амындтытæ. Абон Алагиры музейы фенæн ис уыцы чингуытæй иу — чехоткæйы ныхмæ куыд тох кæнын хъæуы, хи дзы куыд бахъахъхъæнын хъæуы, уый тыххæй. 

Æвадат хæххон фæндагыл æнæниз адæймагæн дæр æнцон нæ вæййы йæ балц, уæд куыд зынтæй хъуамæ æфтыдаиккой тархъæнджын рынчынтæ Цъæймæ? 

Уыцы фарст æнцой нæ лæвæрдта Бæбуйæн, æмæ йæ хæстæг, йæ хиуæттæ, йе ’рдхæрдтимæ иумæ банывыл кодтой уæрдонвæндаг Буронæй Цъæйы онг. 

Фылдæрæй-фылдæр кодта Цъæймæ Бæбуйы дзæбæхгæнæндонмæ цæуджыты нымæц. Цы фараст уаты дзы уыд, уыдон нæ фаг кодтой. Бæбуйæн йæ бон цæмæй уыдис, уымæй архайдта авналæнтæ фæуæрæхдæр кæныныл. Цъæйы уæлдæф хорз æххуыс кæны тæфсæгæй, бронхит æмæ плевритæй рынчынтæн, уый базонгæйæ адæм ныххæррæтт кодтой ардæм. Йе ’ргом æм аздæхта официалон медицинæ дæр. Райдыдтой дзы иртасæн куыстытæ. Афтæ Зæнджиаты Бæбуйы руаджы Цъæй официалон æгъдауæй ссис санатори. Дардмæуынаг æмæ царды гуыргъахъ фæзилæнты дæсны архайæг разынд, æвæдза, уæллагмызуйраг лæппу. Уый авналæнтæм гæсгæ стæм адæймаг разындзæн ахæм хъаруджын, ахæм куырыхон уды хицау. Туристон æмæ альпинистон базæтæ, фæлладуадзæн уазæгуæттæ куы сарæзта паддзахад Цъæйы комы, уæд дæр Бæбу йæ къух нæ систа йæ уарзон бынатыл. Куыста дзы хæдзарадмæ хъусдарæгæй. Æрмæст уыцы куыст сæйрагыл нæ нымадта, уымæн æмæ йæ зæрдæ никуы ивта удварны хæзнатыл, стыр литературæйыл. Райдыдта дунеон классикты уацмыстæ ирон æвзагмæ тæлмац кæнын. Максим Горькийы «Челкаш», Лев Толстойы «Хъазахъæгтæ», «Хаджи-Мурат», Джонатан Свифты «Гулливеры балц», А.Неверовы «Ташкент — хорджын сахар», æмæ ма бирæ æндæр уацмыстæ. Бæбуйы тæлмацтæй тынг бирæйæн сæ фæд дæр нал сбæрæг, 1937 азы йæ адæмы знаг рахонгæйæ куы ’рцахстой æмæ фесæфтой, уый фæстæ. 

Нæ уагъта Бæбу ахуыргæнæджы куыст дæр. Ирон æвзаг амыдта сывæллæттæн Алагиры фыццæгæм скъолайы, Алагиры хъæууонхæдзарадон техникумы. Разамынд лæвæрдта, техникумы цы драмон къорд сарæзта, уымæн. Æппæт Алагир æмæ Салыгæрдæны фæсивæдæн уыдис зондамонæг фыды хуызæн. 

1934 азы республикæйы Бæстæзонæн музейы директор Гозымты Никъала Бæбуйæн бахæс кодта Алагиры дæр музей саразыны хъуыддаг. Зыдта, Бæбу цы хъуыддагмæ бавнала, уый æнæ кæронмæ ахæццæ ницы хуызы ныууадздзæн. Зыдта, Бæбуйы хуызæн ничи самидин кæндзæн ацæргæ адæмы дæр, фæсивæды дæр музейæн бæзгæ æрмæг æрæмбырд кæнынмæ. Æмæ, æцæгæйдæр, хæрзцыбыр рæстæгмæ Зæнджиаты Бæбу æмæ йæ фарсмæ æрбалæуджытæн бантыст, Уæлладжыргомы цардыуаг, йæ культурæ, йæ историйæн материалон æвдисæнтæ æрæмбырд кæнын. Æхсæв-бон нæ хынцгæйæ, куыста Бæбу уыдон бабæстон кæныныл, музейæн нывыл экспозицитæ саразыныл. 

Уыцы рæстæджы «зондджынтæ» кувæндæттæ дæрæн кæнынмæ æмæ дзы хордæттæ, скълæдтæ аразынмæ куы бавнæлдтой, уæд Бæбу та тынгдæр тарстис, Алагиры аргъуан дæр куы фехалой æмæ йын Къоста йæ къултыл цы диссаджы нывтæ скодта, уыдон куы фесæфой, уымæй. Æмæ хуымæтæджы нæ тарстис. Иу бон куы уыд, уæд гъæйтт-мардзæ гуыппырсартæ бавнæлдтой аргъуан дæрæн кæнынмæ. Алагиры адæм цъиуæй-бæдулæй æрæмбырд сты уыцы æвирхъаудзинадмæ кæсынмæ. Æрбатагъд кодта Бæбу дæр. Аргъуаны дзæнгæрæг зæххыл куы нытътъупп ласта æмæ ма йæ фæстаг зæлланг хъæрзæгау куы райхъуыст, уæд дзуры гуыппырсартæм: «Уæ уæлæ аллайы фæуинæгтæ! Цы ми кæнут, ууыл бæстон ахъуыды кодтат? Иры дзыллæйæн уæхи æлгъыстаг цæмæн кæнут, цæмæн уæ бахъуыд Хуыцауы фыдæх? Цæугæут уæ хæдзæрттæм, ам уæ хъуыддаг нæй». 

Бæбуйæн адæмы ’хсæн стыр кад уыди. Фефсæрмы дзы сты аргъуанхалджытæ дæр. Ныууагътой сæ фыдракæнды архайд. 

1999 азы газет «Рæстдзинад»-ы номыртæй иуы уыдис Гуыриаты Тамерланы уац «Фыййау æмæ арфæйы дзырд» Къостайы фæдонты иумæйаг къамимæ. Уым уыдысты Коцойты Арсен, Зæнджиаты Бæбу, Æмбалты Цоцко, Тогъойты Данел, Гарданты Михал, Туаты Ольгæ, Тыбылты Алыксандр, Баситы Мишæ, Æлборты Барис, Беджызаты Чермен, Мамсыраты Валодя, Бердыйы-фырт, Хъесаты Дафа, Цæллагты Къоста, Баситы Гацыр, Алхæзты Знауыр, Дулаты Хъамболат, Хъороты Хъазыбег, Ходы Дзаххотт, Насхъидаты Разитæ, Гутнаты Гафæ, Цопанты Никъала, Абайты Васо, Плиты Грис, Багаты Никъала, Ардасенты Хадзыбатыр, Тогызты Газакк, Хуыдæлты Илас, Хосроты Михал, Хъуылаты Созырыхъо, Мамсыраты Дæбе, Цæллагты Муссæ, Барахъты Надя, Тотойты Алихан, Хъæрджынты Алыксандр, Бигъуылаты Барис, Собиты Инал, Малиты Георги, Фатдзайты Дзахи, Барахъты Гино, Саутæты Мурат, Къуыллыты Михал, Хетæгкаты Геор, Гулуты Андрей, Дзанайты Иван (Нигер), Фæрнион Къоста. 

Къам ист æрцыд 1936 азы Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны æвзаджы фарстаты фæдыл конференцийы рæстæг. 

Ирон газеткæсæг хъуамæ стыр бузныг уа Гуыриаты ахуыргондæй, ацы къам адæмы рæгъмæ чи рахаста, Къостайы фæдонты нын афтæ æмбырдæй чи равдыста. Уый руаджы ирон адæм номæй-номмæ базыдтой сæ иузæрдион хуымонты, сæ культурæйыл æнувыд аудджыты. Уыцы къамы, æвæццæгæн, хуымæтæджы нæ бадынц фæрсæй-фæрстæм Зæнджиаты Бæбу, Æмбалты Цоцко, Тогъойты Данел, Гарданты Михал, Тыбылты Алыксандр. Уыдон уыдысты, Иры культурæйы ратæдзæн нудæсæм æнусы кæрон цы рæбинаг цæджындзтыл æнцад, уыдон. Алкæцы дæр сæ у стыр кады аккаг æмæ сæ хъуамæ зоной Иры фидæны фæлтæртæ дæр. Сæ рæстæджы ацы адæймæгты не 'вдæлд ницы-мацытæм. Нæ иумæйаг национ культурæ æмæ ахуырады хуымы хъуамæ байтыдтаиккой сæ рухс бæркадджын тауинæгтæ, æмæ уымæ тагъд кодтой, раст æй цыма æнкъаргæ кодтой, хæппой маргæвзаг хæлæггæнджыты æвзагæй фесæфдзысты, уый. 

Зындгонд ахуыргонд, литературæиртасæг Тыбылты Алыксандр йæ рæстæджы Бæбуйы тыххæй фыста: 

«Зæнджиаты Бæбу нæртон куыст кæны ирон пролетарон дзыллæйæн. Уый уырыссаг литературæйы хæзнатæ тæлмац кæны ирон æвзагмæ. 

...Куыд тæлмацгæнæг, Зæнджиаты Бæбу æвдисы стыр дæсныйад. Кæй ивы ирон æвзагмæ, уыцы уацмыстæн Бæбу тынг хорз арæхсы сæ стиль, сæ фæлгонцтæ, се ’взагмæ. Афтæмæй йæ тæлмацгондæй уыцы уацмыстæ ирон æвзагыл къаддæр нæ рауадысты сæ оригиналтæй: ницы фæхъуыдис сæ миниуджытæй. Уырыссаг æвзагмæ ис ахæм сæрмагонд миниуджытæ, æмæ уыдон æндæр æвзагмæ раивын зынæй арæхсынц. Бæбу уый бæрц хорз зоны ирон æвзаг, æмæ цыфæнды зын уырыссаг ныхасæн дæр йæ аккаг дзырд ссары ирон æвзаджы. Рæсугъддæр стæм разындзæн Бæбуйы ирон æвзагæй». 

 

Ардасенты Хадзыбатыр «Лев Толстойы уацмыстæ ирон æвзагыл» — ахæм иртасæн куыст ныммыхуыр кодта «Мах дуджы» 1961 азы номыртæй иуы. Бирæ хорз ныхæстæ дзы ис Зæнджиаты Бæбуйы тыххæй. 

«Бæбу тæлмацы куыстæн стыр аргъ кæй кодта æмæ йæм уыцы куысты тыххæй бæлвырд хъуыдытæ кæй уыд, уый бæрæг у уымæй дæр, æмæ ма ратæлмац хæныны принципты фæдыл статьятæ дæр кæй фыста. Бæбу хорз æмбæрста, тæлмац кæнын механикон куыст кæй нæу, фæлæ сфæлдыстадон куыст кæй у. Тæлмац кæнын кæй хъæуы хицæн дзырдтæ нæ, фæлæ фыссæджы хъуыдытæ, фыссæджы обрæзтæ æмæ нывтæ, стиль, йæ аивадон миниуджытæ хæлд куыд нæ цæуой, афтæмæй... Арфдæр æмæ бæстондæр сахуыр кæнын хъæуы Зæнджиаты Бæбуйы тæлмацы принциптæ... Аивадон прозæ чи тæлмац кæны, уыдонæн сæ хуыздæртæй иу у Зæнджиаты Бæбу», — зæгъы Хадзыбатыр. 

 

Бæбуйы чи зыдта, уыцы адæмæй бирæтæ ныффыстой сæ мысинæгтæ. Уыдонимæ зындгонд ирон публицист Дзасохты Гиго. 1910 азы йæ уац «Алагирские впечатления»-йы фыста: 

«В Алагирском ущелье близ Цейского ледника вырастает нечто вроде санатория для слабогрудых. Бывший учитель-осетин Зангиев Бабу построил здесь приличные номера для приезжих и завел европейскую кухню. Приезжих больных в этом году было много, и номеров Зангиева явно недостаточно. Это доброе начинание заслуживает самого серьезного поощрения со стороны правительства и общества. Главная нужда — в удобном сообщении». 

 

Ирон дзырды дæсны — афтæ зæгъæн ис Бæбуйæ. Канд йæхæдæг нæ уыд ахæм дæсны. Уыцы хорздзинадыл сахуыр кодта йæ ахуыргæнинæгты дæр. Зындгонд ирон очерктæ фыссæг Сечъынаты Ладемыр дæр Бæбуйæ рахаста дзырды уæз æнкъарыны миниуæг, æмæ ссис Иры фысджыты ’хсæн хуыздæрты хуыздæр очерк фыссæг. Нæ ферох кодта йæ куырыхон парахатзæрдæ ахуыргæнæг Бæбуйы рухс ном, йæ бирæ амындтытæ. 

«Куыд бирæ йын бантыст», зæгъгæ, ахæм уацы Сечъынайы-фырт 1966 азы фыста: 

«Иуахæмы нæм урочы ныхас рауад, тæлмац куыд кæнын хъæуы, уый тыххæй. Кæйдæриддæр бафарста, уыдон иууылдæр загътой, мæнæ рæнхъ бакæс æмæ йæ уырыссагау ныффысс, кæнæ та иннæрдæм: уырыссагау бакæс æмæ йæ иронау ныффысс. Бæбу мидбылты худгæйæ цъынддзастæй бирæ фæхъуыста, стæй афтæ: 

— Æмæ дзы уæд цы рауайдзæн? Æмтъеры, суйтæ хъуыдытæ? Чиныгæн йæ иу цъар бакæс, куы хъæуа, уæд та æнæхъæн сæргонд дæр. Автор цы фыссы, уый бæлвырд бамбар æмæ йæ гъе афтæ бæлвырдæй, дæхи ныхæстæй, зæгъ? Йæ дæсныйадмæ гæсгæ Бæбу иннæ ахуыргæнджытæй бирæ фæлтæрдджындæр кæй уыд, ууыл дыууæ ничи зæгъдзæн. Йæ фадæттæ, йæ тырнындзинæдтæ афонæй раздæр куы нæ аскъуыдаиккой, уæд ма бирæ пайда æрхастаид адæмон ахуырадæн, æвзагзонынадæн, литературæйæн дæр. Фæлæ йын саразын цы бантыст, уый лæудзæн ирон адæмы зæрдыл, æмæ йын æхсызгонæй ардзысты йæ ном.» 

 

Йæ диссаджы ахуыргæнæджы тыххæй ирон поэт Балаты Тембол та афтæ фыста: 

«Бæбуйы хуызæн лæгтæ бирæ нæ уыд ирон адæммæ: уыди тынг кадджын æмæ уарзон ахуыргæнджыты ’хсæн, тынг æм хъуыстой. Йæ зæрдæмæ хæстæг иста адæймаджы цин æмæ хъыг. 1929 азы зымæджы райдыдтой кулакты дæрæн кæнын. Йæ зæрдæ рыст ацы хъуыддагыл Бæбуйæн. „Мыййаг, æнаххос адæм æфхæрд куы ’рцæуой“, — хъуыды кодта, уый. Цæуын райдыдта æнкъард, сæргуыбырæй. 

 

Скодта æххормаг аз. Адæм цардысты цæкуы æмæ дзæрнайæ. Æз тынг смæллæг дæн æмæ сфæнд кодтон техникум ныууадзын. Бæбу мæ уæд бафарста: „Æмæ уæд дарддæр цы ми кæндзынæ?“ Æз ын загътон: „Фæнды мæ Мæскуымæ ацæуын“. „Æмæ дын дзы зонгæ ис?“ „Нæй“. „Уæдæ иунæгæй куыд цæуыс? Искуы куы амæлай, уæд та?“ „Нæй æнæцæугæ“. 

Бæбу уæд йæ дзыпмæ нывнæлдта, систа дзы туман æмæ йæ мæнмæ æрбадардта. Æз æй нæ куымдтон, фефсæрмы дæн. „Айс, æй, айс, æфсæрмы ма кæн, бахъæудзæн дæ“, — загъта уый. Æз æй райстон æмæ загътон Бæбуйæн бузныг æмæ хæрзбон. Мæхæдæг ацыдтæн Даргъ-Къохы станцæмæ. Уым балхæдтон билет æмæ араст дæн Мæскуымæ. 

Къорд азы фæстæ мыл Мæскуыйы фембæлди Алагирæй мæ зонгæ. Афарстон æй хабæрттæй, Бæбуйæ. 

— Зæнджиаты Бæбу нал ис, адæмы знаг æй схуыдтой æмæ йæ æрцахстой. 

Мæнæн мæ уæрджытæ мæ быны фæтасыдысты... 

Бæбу нал и, фæлæ йæ чи зыдта, уыдоны зæрдæтæй нæ ферох уыдзæни, уæлæуыл дæр æмæ мæрдты дæр». 

«Æз мæхи амондджын хонын, Зæнджиаты Бæбуйы кæй зыдтон, уымæй. Бæбу кæсын æмæ фыссын кæмæн бацамыдта, уыцы скъоладзаутæй дæн æз дæр. Уый хуызæн адæмæн рохгæнæн нæй, — фыссы йæ мысинæгты дохтыр Хосроты Журетæ. — 1930 азы мах ахуыр кодтам Алагиры астæуккаг скъолайы. Ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæгæй ам куыста Зæнджиаты Хъасайы фырт Бæбу. Диссаджы уарзтæй нын уарзын кодта нæ мадæлон æвзаг. Сабитæн амыдта ирон адæмы æгъдæуттæ дæр. Уыдис домаг, хæларзæрдæ адæймаг. Хорз хъуыды кæнын, 30-æм азты бирæ хистæртæ кæсын æмæ фыссын нæ зыдтой. Уæд ранæй-рæтты арæзт æрцыдис, „ликбезтæ“ кæй хуыдтой, ахæм къордтæ. Ацы хъуыддаджы дæр фæзминаг уыди Бæбу. Бирæ ацæргæ адæмы сахуыр кодта кæсын æмæ фыссыныл. 

 

Мах алкæддæр цымыдисæй хъуыстам, Бæбу æрмæг куыд амыдта, уымæ. Йæ хъæлæс уыд зæлланггæнаг, æмæ-иу нæм афтæ касти, цыма Бæбу кæсгæ нæ кæны, фæлæ кувы. Цæй тыххæй, уый нæ зонын, фæлæ мæн цæмæндæр фылдæр уарзта. Иу хатт мыл Къостайы уынджы дуканийы цур куы сæмбæлди, уæд мын къафеттæ балхæдта. 

Нæ, никуы мæ ферох уыдзæн мæ царды бонты Зæнджиаты Бæбуйы рухс ном». 

Бæбу канд йе ’мхъæуккæгтæ, канд йе ’мкоймæгты хъысмæтыл нæ тыхст. Иттæг хæларæй цард йе ’мдугон зынгæдæр адæймæгтимæ. Уымæн бирæ æвдисæнтæ ис æрхæссæн. 1905 азы Æмбалты Цоцко Æрыдоны фæсивæдимæ Бехъаны маевкæйы уæвгæйæ æнкъард куы уыдис, æмæ йæ йе ’мбæлттæ куы бафарстой, цы кæныс, зæгъгæ, уæд сын афтæ: «Цалдæр боны размæ Лабæйæ фыстæг райстон, нæ Иры ном, нæ зарæггæнæг, мæгуыр адæмы сæрыл тохгæнæг Хетæгкаты Къоста уæззау уавæры ис — низ æй йæ быны скодта. Æз а дыууæ боны Зæнджиаты Бæбуимæ цæуын Лабæмæ. Чидæртæ ’рвыстой Къостайæн се 'ххуысы хай. Æмæ хорз уаид, мах дæр исты капеччытæ куы амбырд кæниккам. 

— Разы стæм мах — æмдзыхæй загътой цалдæрæй. Саламты Дзæдзиуы фæндонмæ гæсгæ æхца æмбырд кæнын бафæдзæхстам ахуыргæнджытæ Дзугаты Иссæ, Зæнджиаты Мæхæмæт, Æмбалты Дзыккын æмæ Дзугаты Катяйæн. 

Рынчынфæрсджытæ куы ’рбаздæхтысты, уæд Цоцко дзырдта, Къостайы зæрдæ куыд фæцагайдта æрыдойнæгты æрхъуыдыдзинад, уый... «Раст цыма мæ низ фæлыгъдис, афтæ æхсызгон мын у уæ фенд», — дзырдта сын Къоста йæ цæссыгтæ згъалгæйæ. 

Цоцкоимæ сæ зæрдæтæ алы хъуыддаджы дæр æмдзæф-æмрыст кæй кодтой, сæ цин æмæ сæ хъыджы дæр æцæг хæлæрттæ кæй уыдысты, уый тыххæй мын бирæ рæсугъд ныхæстæ фæкодта зындгонд фыссæг Баситы Афанасийы фырт Михал. Уый уыдис Бæбуйы ахуыргæнинæгтæй. Арæх уыдта, Цоцко æмæ Бæбу куыд æхсызгонæй æмбæлдысты, куыд хæларæй цардысты. Цалдæр хатты иумæ сæрмагондæй абалц кодтой Нармæ Къостайы райгуырæн хæдзармæ, цæмæй йæ бабæрæг кæной, Иры номдзыд фырты ном ссарой. Уый фæстæ-иу базылдысты Цъæйы коммæ дæр, Бæбу адæмы хорзæхæн йæ хидвæллойæ дзæбæхгæнæндон кæм сарæзта, уырдæм. 

Цымæ кæй бахъыгдардтой Бæбу æмæ уый хуызæн рæстаг Хуыцауы сконд адæймæгтæ? Цæй охыл сын аскъуыдтой æнаххосæй сæ цард? Айфыццаг газет «Фыдыбæстæйы» мыхуыргонд уыд æрмæг, 1937 азы 7-æм декабры НКВД-йы «тройкæ» цы тæрхон рахаста, уый. Иры равзаргæ цардбæллонтæн фехсыны тæрхон. Æмæ сæ номхыгъд. Амæй-ай хуыздæр лæгтæ — адæмы лæгтæ. Уыцы номхыгъд кæсгæйæ адæймагæн йæ туг фырмæстæй йæ дадзинты ахстис. Иры хуыздæрты хæмпæлгæрдæгау барывтой цыдæр æнаккæгтæ. Цæмæндæр сын сæ нæмттæ абон дæр ма æмбæхстæй дарынц. Цæмæн? Уадз æмæ адæм базоной, чи уыдысты уыцы цъаммар «рувджытæ». Æхсæрфарсы дзæхст хъазæгау нæу. Репресситы дуг та уыдис ахæм риссаг гæрах, æмæ ма йæ рыстæй абон дæр бирæты зæрдæтæ се ’муд нæма æрцыдысты. Нæма æрцыдысты, уымæн æмæ рæстдзинад æххæстæй нæма æрцыд загъд. 

Мах абон цæрæм хъомпал рæстæджы. Нæ зонæм, райсам царды цытæ æрцæудзæн комкоммæ. Нæ зонæм, нæ кæстæртæн тынгдæр цы ныффæдзæхсæм. Райгуырæн бæстæмæ уарзондзинад? Фыдæлты фарныл иузæрдиондзинад? Рæстудæй цæрын? Фæллой кæныныл æнувыд уæвын? Æмæ уыдон æнусты дæргъы фæлтæрæй-фæлтæрмæ нæ туджы цыдысты æмæ нæ тугимæ сæмхæццæ сты. Иры адæмыл Хуссарæй-Цæгатæй тугуарæн бонтæ куы скодта, уæд нæ кæстæртæ, хуыздæр нæ вæййы, афтæ равдыстой æппæт уыцы удварны хæзнатæ. Фæлæ, æвæццæгæн, мах, хистæр фæлтæры хæс у фæсивæдæн Зæнджиаты Бæбу, Джиоты Пора, Хæныкъаты Никъа, Æмбалты Цоцко, Тыбылты Алыксандр, Гарданты Михал æмæ уыдоны хуызæн адæмы лæгты тыххæй рæстдзинад зæгъын. Уымæн æмæ уыдоны хуызæттæй хæсдзысты фидæны фæлтæр сæ сæр бæрзонд. 

Цæмæдæр гæсгæ фаг æргом здæхт нæ цæуы, Иры хъæутæ æмæ горæтты цы ног уынгтæ, фæзтæ, скъолатæ арæзт цæуы, уыдонæй иуæн Ирыстоны разагъды лæгтæй искæй ном радтынмæ. Зæнджиаты Бæбуйы номыл æгас Алагиры районы ис æрмæстдæр мемориалон къæй, йæ фырт цы нырыккон хæдзары цæры, уый къулыл. Ау, æмæ нæй Цъæйы бирæ спортивон комплекстæй иуæн Зæнджиаты Бæбуйы ном радтæн? Ис. Фæлæ кæнæ фезмæлæг нæй, кæнæ æрхъуыдыгæнæг. Бæбуйы ном радтын æмбæлы, Алагиры цы скъолайы фæкуыста, уымæн дæр. Æмбæлы уыцы кадджын ном Алагиры музейæн дазр æмæ сывæллæттæн Алагиры цы турбазæ ис, уымæн дæр, уымæн æмæ сын бындурæвæрæг уыдис Бæбу, уыимæ дзы фæкуыста бирæ азты дæргъы. Хорз уаид, Алагиры бынæттон хиуынаффæйады разамонджытæ уыцы хъуыддагмæ се ’ргом куы аздахиккой. Зæнджиаты Бæбуйы ном сæнусон кæныныл ахъуыды кæнын æмбæлы нæ республикæйы Фæсивæды, физкультурæ æмæ спорты хъуыддæгты фæдыл министрады разамындæн дæр. Уымæн æмæ Ирыстоны фыццаг уый байгом кодта Цъæйы комы дуæрттæ уæрæх дзыллæтæн. Афон у, ахæм лæджы ном аккаг бынат бацахса, уымæн. Уый Бæбу æмæ йæ хорз байзæддæгты хъæуы. Уыцы хъуыддаг мах, æппæт ирон адæмæн, нæхи хъæуы. Цæй бæрц æрхъуыды азмæ нæм уæздандзинад разына, уый бæрц нæ нымайдзысты нæ кæстæртæ, нæ фидæны фæдонтæ. Уымæн æмæ уалдзæг цы байтауай, уый æркæрддзынæ дæ фæззæджы. 

 

 

* * *
 

Дзасохты Музафер  

Дæллаг Ир: Роман. Радзырдтæ. Миниатюрæтæ.  

Дзæуджыхъæу: Ир, 2007 (428–429-æм фæрстæ) 

 

Зæнджиаты Бæбу ирон адæмæн бирæ хæрзты бацыд. Ракæндзынæн дзы ахæм хабары кой. Скæсæнмæ кусынмæ ацыди, цыдæр æхцатæ бамбырд кодта æмæ дзы Цъæйы комы, таргъæнджын рынчынтæ сæхи кæм дзæбæх кодтой, ахæм хæдзар сарæзта. Уый æхсызгондзинад канд рынчынтæн не ’рхаста, фæлæ, ирон адæмы хъысмæт æцæгæлон кæмæн нæ уыд, нæ дзыллæйы фидæныл чи мæт кодта, уыдонæн се ’ппæтæн дæр. Уыцы хабар Дзасохты Гигомæ куы бахæццæ, уæд æй газеты ныффыста, бафæзмын кæй хъæуы, ахæм цæвитгон у, зæгъгæ. 

Цъæй ма йæ тæккæ нæргæйæ куы уыди æмæ дзы алы аз дæр йе ’нæниздзинад сæдæгай адæймæгтæ куы фидар кодта, уæд дæр Бæбуйы кой никуы никæцæй райхъуыст, афтæмæй та йæ ном æрымысыны аккаг уыд. Æппын ницы, фæлæ фæлладуадзæн хæдзары къулыл зæрдылдарæн къæй бакæнын уæддæр æмбæлд. 

Искуы ма Цъæй йæ гаччы куы сбада, уæд мæм нæ фæстагæттæм иу курдиат ис. Къæйы кой дæр-иу бакæнут, стæй-иу фæлладуадзæн хæдзæрттæ кæнæ санаторитæй — ахæмтæ та дзы кæддæр цалдæр кæй уыдзæн, уый мæ уырны — искæцыйы Зæнджиаты Бæбуйы номыл рахонут... 

Ныр та, Бæбуйы ном тынгдæр цæмæн æрымысыдтæн, уый тыххæй бæлвырддæр. 

Зындгонд куыд у, афтæмæй Бæбуйы ном тынгдæр айхъуысти, ирон культурæмæ цы стыр æвæрæн бахаста, уымæй. Диссаг мæм кæсы, ныронг фысджыты номхыгъдмæ хаст кæй не ’рцыд, уый. Стæй канд Бæбу нæ: Æмбалты Цоцко, Цæлыккаты Ахмæт æмæ ма ноджыдæр чидæртæ. 

Бæбу уыди дæсны тæлмацгæнæг. Ирон æвзагмæ раивта дзæвгар уацмыстæ, уыдонимæ Лев Толстойы «Хаджи-Мурат» дæр. Цалдæр касты йæ бакодтон. Фæстаг хатт ма йæ куы кастæн, уæд дзы сæмбæлдтæн ахæм хъуыдыйадыл: «Мæ гæрз мæцъæй баивтон». Диссаджы тыххæй уырыссаг тексты уыцы бынат ссардтон. Гæрзы кой дæр дзы нæ уыд æмæ мæцъы кой дæр. Уым ис гакк-гукк æмæ хъæрццыгъайы кой. Лев Толстой фыссы: «Нелады между отцом и сыном начались уже давно, почти со времени отдачи Петра в солдаты. Уже тогда отец почувствовал, что он променял кукушку на ястреба». 

Ныхас та цæуыл цæуы? Цæвиттон, зæронд Авдеев хъуамæ æфсадмæ йæ фырттæй иуы арвыстаид. Хистæрæн уыдис бинонтæ, цот, кæстæр та хъуыддаг æрæджы бакодта, æмæ зæронд уый арвитын сфæнд кодта, хистæрæн йæ бинонты дарын хъæуы, зæгъгæ, фæлæ фæрæдыди. Хистæр фырт нозтыл фæци æмæ дзы хæдзарæн ницы пайда уыди, зæронд лæг дæр æм уый тыххæй мæсты кодта. 

Ахъуыдыгæнгæйæ, уырыссаг æмбисондæн ирон æвзаджы диссаджы ивæн ссардта. Ахæм бынæттæ та Бæбуйы тæлмацты бирæ ис. Иу æвзагæй иннæмæ ивгæйæ, цавæр бындурыл æнцой кæнын хъæуы, уый æрмæст ацы иу дæнцæгæй дæр бæрæг у. 



<==    Комментарии (6)      Версия для печати
Реклама:

Ossetoans.com OsGenocid ALANNEWS jaszokegyesulete.hu mahdug.ru iudzinad.ru

Архив публикаций
  Января 2024
» О чем рассказали восточно-европейские руны
  Ноября 2022
» От Кавказа до Волги
  Августа 2022
» Кавказцы глазами русских: говорят архивные документы...
  Марта 2022
» К вопросу о заселении Фиагдонской котловины, по данным фамильных и народных преданий
» О новых именах в истории царственного дома средневековой Алании
  Февраля 2022
» К ВОПРОСУ ОБ УДЕЛЬНЫХ ВЛАДЕТЕЛЯХ УАЛЛАГКОМА ПО ФАМИЛЬНЫМ, НАРОДНЫМ ПРЕДАНИЯМ И АРХИВНЫМ МАТЕРИАЛАМ
  Декабря 2021
» Осетинская религия; религия осетин (Ирон дин)
  Мая 2021
» Иверская (Моздокская) икона Божией Матери
  Мая 2020
» Соотношение понятий Æгъдау, религия (дин), вера во внутриосетинской дискуссии
  Июля 2019
» Открытое обращение представителей осетинских религиозных организаций
  Августа 2017
» Обращение по установке памятника Пипо Гурциеву.
  Июня 2017
» Межконфессиональный диалог в РСО-Алании состояние проблемы
  Мая 2017
» Рекомендации 2-го круглого стола на тему «Традиционные осетинские религиозные верования и убеждения: состояние, проблемы и перспективы»
» Пути формирования информационной среды в сфере осетинской традиционной религии
» Проблемы организации научной разработки отдельных насущных вопросов традиционных верований осетин
  Мая 2016
» ПРОИСХОЖДЕНИЕ РУССКОГО ГОСУДАРСТВА
» НАРОДНАЯ РЕЛИГИЯ ОСЕТИН
» ОСЕТИНЫ
  Мая 2015
» Обращение к Главе муниципального образования и руководителям фракций
» Чындзӕхсӕвы ӕгъдӕуттӕ
» Во имя мира!
» Танец... на грани кровопролития
» Почти 5000 граммов свинца на один гектар земли!!!
  Марта 2015
» Патриоту Алании
  Мая 2014
» Что мы едим, или «пищевой терроризм»