Iriston.com
www.iriston.com
Цæйут æфсымæртау раттæм нæ къухтæ, абон кæрæдзимæ, Иры лæппутæ!
Iriston.com - история и культура Осетии
Кто не помнит прошлого, у того нет будущего.
Написать Админу Писать админу
 
Разделы

Хроника военных действий в Южной Осетии и аналитические материалы

Публикации по истории Осетии и осетин

Перечень осетинских фамилий, некоторые сведения о них

Перечень населенных пунктов Осетии, краткая информация о них и фамилиях, в них проживавших

Сборник материалов по традициям и обычаям осетин

Наиболее полное на сегодняшний день собрание рецептов осетинской кухни

В данном разделе размещаются книги на разные темы

Коста Хетагуров "Осетинскя лира", по книге, изданной во Владикавказе (Орджоникидзе) в 1974 году.


Перечень дружественных сайтов и сайтов, схожих по тематике.



Rambler's Top100 Рейтинг@Mail.ru Индекс цитирования
Статьи Словари
Здравствуйте, Гость
Регистрация | Вход
Опубл. 15.01.2011 | прочитано 3522 раз |  Комментарии (1)     Автор: Tabol Вернуться на начальную страницу Tabol
ХУДÆДЖЫ ХАБÆРТТÆ ÆМÆ ИРХÆФСÆНТÆ АДÆМЫ ЦАРДÆЙ1

АХМÆТ ЗÆНДЖИАТЫ ÆМÆ БОЦИТЫ ГАТИ
 

Дыууæ хæлары уыдысты Гати æмæ Ахмæт. Гати уыди хуыснæг, æмæ-иу Туалтæй цыдæридцæр адавта, уыдон-иу Ахмæты хæдзары балæууын кодта Стыр Мызуры. Ахмæт та кæй давта, уыдон сæфта Мамысонмæ, лæвæрдта сæ Гатимæ. 

Фæлæвæрдта Гати Ахмæтмæ. Æркаст Гати æмæ Ахмæтыл фæхудт йæ зæрдæ: фылдæр радта Ахмæтæн. Ской йын кодта йæ хæларæн, фæлæ йын уый ком нал дæтты, кæуыл фæхæст ис, уыдонæй ницыуал уæздан загъта Гатийæн. 

Хардзау æркаст Гати йæхимæ: 

— Мæ хæлар мын хорз куыст нæ кæны, йæ дзырд сайы, фæхастон æмæ мын ницыуал дæтты. Гатийыл усы кæрдæн æркæнæнт, уый дын, Ахмæт, цы ’мбæлы, уый куынæ бакæна, — дæ дзырд куыд нæуал фæсайай, уый дын куы нæ сараза. 

Иу ахæмы Стыр Мызуры Зæнджиаты Ахмæты хæдзармæ фысыммæ бацыд Гати. Дыууæ æрдхорды бацин кодтой кæрæдзиуыл. Иу æхсæв уазæгуаты фæци Гати, дыккаг æхсæв дæр. Æртыккаг æхсæв Ахмæты чысыл лæппу дзуры: 

— Баба, æз дæр уазæгдоны хуыссын Гатийы фарсмæ. 

Гати æмæ лæппу хуыссынц Ахмæты уазæгдоны. Хуыссæг н’ ахсы Гатийы, сагъæсыл сси. Фæсахсæвæр куы фæци, адæм фыццаг фынæй куы ’рысты, уæд Гати фæгæпп ласта йæ хуыссæнæй, арæвдз кодта йæхи æмæ дзуры: 

— Саг фæрæтмæ æрцыди, фендзыстæм, мæ хæлар Ахмæт, кæддæра Гати йæ уæлдай куыд ныууадза дæуæн. 

Уый адыл фынæй лæппуйы йе ’ккой авæрдта æмæ йæ Тибмæ бахаста æмæхсæвæджы заманайы къахджын лæг. 

Зæнджиатæ райсомæй рабадтысты æмæ Гати дæр нал, лæппу дæр нал. 

— Дзæбæх хъуыддаг мын нæ бакодта мæ хæлар Гати, æрдхорд афтæ нæ фæкæны. Фæдисы ацыдысты Зæнджиатæ, Мызур Тибмæ. Æмраст Боцитæм сарæзтой сæхи. Базыдтой фæдисæтты Боцитæ. Гати дардæй худы йæ мидбылты æмæ дзуры йæхинымæры: 

— Мæ хæлар мын йæхæдæг æрбахæссы мæ хæс. Ахмæт æм хъæр кæны дардæй: 

— Æууæнчы ард дæ баййафæд, Гати. 

— Гатийы æнæууæнк чи скодта, ард уый баййафæд, — дзуапп радта Гати. Дыууæ хæлары æрбадын кодтой фæдисæттæ æмæ Тиб æмæ цын загътой: 

— Уæхицæй хуыздæр ничи зоны уæ кæрæдзийы хæстæ, æрнымайут сæ уæхуыдтæг, тæрхон та мах бар. 

Нымайынц дыууæ æрдхорды. Уыцы ранымай-банымай фæкодтой: Ахмæт хæсджынæй баззад. 

Йæ бæх æд саргъ Гатийæн ныууагъта Ахмæт æмæ йæ лæппуйы ракодта. Уырдыгæй фæстæмæ дыууæ æрдхордæн сæ хæлардзинад аскъуыди. 

 

ДЖЕРДЖЫТЫ БАЛЛÆ
 

Фыдæлты рæстæг, иу куыд зонай, ахæм лæг — Джерджыты Баллæ — Ходæй Мызуры астæу, уым пыхс хъæд уыдис, æмæ уым фæрæдыдис æмæ ныфтыди Мызуры ног хъæумæ, кæм цардысты уыцы рæстæджы иу дæс-ссæдз хæдзары бæрц: Калотæ, Таболтæ, Магкæтæ, Едзитæ. 

Хъæубæстæ бацин кодтой уазæгыл — Баллæйыл, æмæ йæ бафарстой: 

— Хорз лæг, кæцон дæ? Знаджы рæстæг куы у. Цы хуыцау дæ æрхаста? 

Баллæ цын загъта: 

— Æз дæн тыхджын дардбæстон — Ходон. Джерджыты Баллæ. Æмæ æрвыст дæн ардæм, ам цы адæмы хатт цæры, уый бæрæг базоныны тыххæй. (Афтæмæй Ходæй Мызуры ног хъæуы æхсæн, ома астæу, ис æдæппæт æртæ-цыппар версты). 

Хъæубæстæ æрæмбырд сты æмæ хорз сбуц кодтой Баллæйы, æмæ йæ иу къуыри нæ рауагътой. Уæдмæ мæгуыр Ход æмæ Джерджытæ фæцагуырдтой Баллæйы. Æмæ йæ куы нæ ссардтой, уæд æй банымадтой хастыл, кæнæ мардыл, æмæ йын хистытæ фæкодтой. 

Уæд ног хъæу Баллæйы буцæй рарвыстой æмæ йын загътой: 

— Мах стæм Къул-Калак, Цъæхилтæ. 

Уыцы хуызæнæй Баллæ фæзынд Ходмæ. Джерджытæ хъæугуывд скодтой, сæ лæг кæй фæзынд, уый тыххæй. Æрæмбырд сты Ход Баллæйы куывдмæ æмæ йæ фæрсынц: 

— Гъы, Баллæ, зæгъ, дæ хорзæхæй, кæм бæсты хаттæ? Мах дæ мардыл куы банымадтам? Радзур нын хабæрттæ. 

Уый цын загъта: 

— Æз уыдтæн Къул-Калачы (ома Тифлисы) æмæ дзы ис иттæг хорз адæмтæ, æмæ мæ хорз сбуц кодтой. 

Ходы бауырныдта, уæдæ Баллæ æцæг уыдаид Калачы, æмæ йыл уыцы сахат хъазты чызджытæ фæндыры цагъд скодтой: 

 

Баллæ Калачы, 

Баллæ быдыры, 

Дæлладжы гæккуыри!  

 

Ацы цагъдмæ-иу æрæджы дæр ма бадгæ кафт кодтой. 

Уæды рæстæджы-иу хæзгул цы усæн нæ уыд, ууыл-иу худгæ кодтой. Æмæ уыцы ницæййаг Баллæйыл ныххæлоф кодтой Ходы устытæ, æмæ чи кæм цы æвзæр ис, уыдон фæдзырдтаг сты. 

 

ХОД
 

Едзиты Дзадза (Дзыгыйы мад) Ходы сау хъæдмæ йæ лæппумæ — Мæхæмæтмæ — ныстуан æрвыста Хъайтыхъты Хъуырманæн: 

— Уæ, Хъуырман, дæ хорзæхæй, нæ лæппуйæн-иу зæгъ; æфсондзаг æмæ-иу сæмæнаг йемæ рахæссæд — æфсондз дыууадæс ивазны, сæмæн аст ивазны. 

Хъуырман зæхмæ ныккаст æмæ афтæ бакодта: 

— Гъе, цы мæгуыр дæ, паддзах, уыдонæн ма Уæлладжыры комы фæндаг чи кæндзæнис! Дзадза, къуырмагомау ус, ницы бамбæрста æмæ дзуры: 

— Хъуырман, зæхмæ цы ныккастæ? 

— Уæ, Дзадза, æгæр даргъ нæ фæуыдзысты, æгæр даргъ? 

Уый йын афтæ: 

— Нæннæ, мæ хур, даргъ нæ уыдзысты, цыбыр ма фæуæнт, æндæр. 

 

МЫЗУР
 

Зæнджиаты Гæбойæн йæ фырт Тæтæрхъан. Битартæм æххуырсты уыдис, æмæ уый тыххæй Гæбойæн Мыртазаты тъæпæны иу дæсæтин хуым кодтой. Уæд иу бон Гæбойы саргъы бæхыл арвыстой Чырыстонхъæуы куырæйттæм се ссадмæ — иу дыууæ путæй хуыздæр. 

Гæбо куыройы раз рафистæг бæхæй, ссад рахаста куыройы дуармæ æмæ катай байдыдта: 

— Ныр цы æгъуыстуай кæнон, а-ссад хæсдзынæн ме ’ккой, фæлæ бæх та цы фæуа? Ссад бæхыл сæвæрын хъæуы, уый йæ сæр не ’рцахста, нæ базыдта æмæ иу лæппуйы баххуырста сомырдæгæй бæхыл бадынмæ æмæ йæ фæдыл цæуынмæ. Йæхæдæг голладжы дзаг чысыл хъуаг ссад йе’ккойы ракодта æмæ йæ бæгуы лæгау Чырыстонхъæуæй Мыртазатæм фæхаста. 

 

ЗДЖЫД
 

Зджыдаг Æгъуызарты Самил раджы рæстæджы Дыгуры Чырыстонхъæуы уыдис хор æлхæнынмæ. Балхæдта хор, рацæйцыдис æмæ Чырыстонхъæуы сæр Урсдоны был йæ уæрдоны сæмæн басастис. Самил уыцы ран йæ галтæ (æд сæмæн) ысуæгъд кодта æмæ сæ йæ разæй раскъæрдта, æмæ Зджыды балæууыдис. 

Сæ хæдзар бацин кодтой, — «нæ хордзау æрбаздæхт», зæгъгæ, æмæ йæ фæрсынц: 

— Гъы, дæ хортæ æмæ дæ уæрдон кæм сты? 

Уый сын афтæ зæгъы: 

— Дæлæ Урсдоны был (доны был) мæ сæмæн басасти æмæ мæ уæрдон æмæ мæ хортæ уым ныууагътон. 

Зджыды дæр ис Урсдон, æмæ бинонты зæрдæйæ Самил йæ уæрдон уым ныууагъта, æмæ уый тыххæй хæрджытæ курыныл фесты. Уæд сын Самил афтæ бакодта: 

— Уæ хæрджытæ, хæрджытæ, уыцы хæрджытæ кæдæм æмбырд кæнут: æз мæ уæрдон ныууагътон далæ быдыры Урсдоны (доны) былыл! 

Самил сæмæн скодта æмæ йæ Чырыстонхъæумæ йе ’ккой фæхаста; йæ уæрдон сарæзта æмæ йæ Зджыдмæ баласта. 

 

ТАМАТЫ ГÆВДЫН
 

Таматы Гæвдын раджы рæстæджы йæ уыгæрдæнмæ зиу кодта Мызурæй Ходы ’хсæн уым. Æмæ йын Ходы йæ хæстæджытæ зæрдæ бавæрдтой дыууадæсæй зиууон. 

Тамайы-фырт дыууадæс зиууоны фаг ысцæттæ кæнын кодта сихор, йæхæдæг ацыди уыгæрдæнмæ, æмæ дзы иу зиууон дæр нæ (Ход æй фæсайдтой). 

Уалынджы Гæвдынæн йæ дыууадæс лæджы сихор схæццæ и. Уæд Тамайы-фырт уыгæрдæн дыууадæс хайы скодта, æмæ алы хайы сæр дæр (фæлхор сæры) нывæрдта иу лæджы сихор. Йæхæдæг кæрдын байдыдта æмæ-иу лæджы хай куы ракарста (фæлтæр), уæд-иу лæджы сихор бахордта. 

Афтæмæй ныккарста дыууадæс лæджы бонгарст иунæгæй, æмæ бахордта дыууадæс лæджы сихор, йæхæдæг Ходмæ ныхъæр кодта: 

— Уæ, Ход, Ход! Хуыздæр уæм макуы фод! 

 

***
 

Таматы Гæвдын иу хатт Цъæйæ хæрæгыл цырагъ рацæйхаста, æмæ йæ фæсте Харымтæ-йеддæ расырдтой. Уæд Нузалы цур иу къахыр хидыл (Æрыдоны сæрты) йæ хæрæг нæ уæндыдис бацæуын. 

Гæвдын фæмæсты ис æмæ йæ хæрæджы уæргътæ фелвæста, йæхæдæг хæрæджы йæ иу дæларм фæкодта, йæ цырæгъты хæрæгуаргъ йе ’ннæ дæларм, æмæ сæ хидыл бадавта иннæ фарсмæ. 

 

КУЫВДДОН ÆМÆ ДЗУАР
 

Куывддон ацыд дзуары бынмæ. Æрæвæрдта йæ кувинæгтæ. Стæй куы скаст дзуары къулмæ æмæ уый ракæлынæвонг куы уыд, уæд дзуры: 

— Мæнæ дзуар, дæ хорзæх мæ нал хъæуы, кæлгæ мыл ма ныккæн. 

 

ЗЫГУЫМОН
 

Уастырджи Хуыцауы раз балæууыди: 

— Кæм бафæстиат дæ? — дзуры йæм Хуыцау. 

— Зыгуымон (Зæдтæй зыгуымты хицау) амарди æмæ уым бафæстиат дæн. 

— Ау æмæ ма уый та цавæр Зыгуымон у. 

 

УАЗÆГ ÆМÆ ФЫСЫМ
 

Иу хæдзармæ æрæфтыд æнæзонгæ уазæг. Баузæлыдысты йыл. Фæлæ... Уазæг æнæзонгæ хæдзары йæ дзæкъул адавынæй тарст, фыссым — æнæзонгæ уазæгæй йæ хæдзар фæкъахынæй. Æмæ æхсæв бонмæ сæ дыууæ дæр æнæхуыссæг фесты. 

 

КЪОЦЫÆНГУЗ
 

Арвыкомы фæндагыл Калакмæ цыдис чырæласджытæ. Кæмдæр семæ бамбал иу мæгуыр лæг. Сæнамæ фæхæрдгæнæны мæгуыр лæг фæндагыл ауыдта иу æнгуз æмæ цинæй мæлы. Кувы: 

— Йæ, Хуыцау, мæхи Хуыцау! Ацы æнгуз куыд йе ’мыдзаг у, мæ хæдзар дæр афтæ дзаг куыд уа, ахæм арфæ ракæ. 

Дур систа æмæ æнгуз асаста — бынтон афтид разынд. Лæг ныккуыдта, йæ къухтæ æрдиаггæнгæ арвмæ айтыгъта æмæ кувы: 

— Уæ Хуыцау, мæхи Хуыцау! Къоц куыдз у, Къоцы коммæ ма бакæс! 

 

 

(Чиныгаразæг Соттиты Риммæйы фиппаинаг:  

ЦИГСИИ-ы архив. Лит. фонд 10, оп. 1, п. 8). 

 

Ист сты у чиныгæй:  

Æмбалты Цоцко. «Удварны хæзнатæ».  

Чиныг сарæзта Соттиты Р. — Дзæуджыхъæу: 2009.) 

__________________________ 

 

1 Ацы хабæрттæ ракодта Михел Хъайтыхъты, цæры Алагиры. Ралыгъд уырдæм Уæлладжыры комæй Ходы хъæуæй. Цæудзæн ыл 50 азмæ ’ввахс. Кодта писыры куыст, сæудæджеры куыст кæмдæр Харбины дæр 1903–1904 азты хæсты заман. — Æмбалты Цоцокойы фиппаинаг.



<==    Комментарии (1)      Версия для печати
Реклама:

Ossetoans.com OsGenocid ALANNEWS jaszokegyesulete.hu mahdug.ru iudzinad.ru

Архив публикаций
  Января 2024
» О чем рассказали восточно-европейские руны
  Ноября 2022
» От Кавказа до Волги
  Августа 2022
» Кавказцы глазами русских: говорят архивные документы...
  Марта 2022
» К вопросу о заселении Фиагдонской котловины, по данным фамильных и народных преданий
» О новых именах в истории царственного дома средневековой Алании
  Февраля 2022
» К ВОПРОСУ ОБ УДЕЛЬНЫХ ВЛАДЕТЕЛЯХ УАЛЛАГКОМА ПО ФАМИЛЬНЫМ, НАРОДНЫМ ПРЕДАНИЯМ И АРХИВНЫМ МАТЕРИАЛАМ
  Декабря 2021
» Осетинская религия; религия осетин (Ирон дин)
  Мая 2021
» Иверская (Моздокская) икона Божией Матери
  Мая 2020
» Соотношение понятий Æгъдау, религия (дин), вера во внутриосетинской дискуссии
  Июля 2019
» Открытое обращение представителей осетинских религиозных организаций
  Августа 2017
» Обращение по установке памятника Пипо Гурциеву.
  Июня 2017
» Межконфессиональный диалог в РСО-Алании состояние проблемы
  Мая 2017
» Рекомендации 2-го круглого стола на тему «Традиционные осетинские религиозные верования и убеждения: состояние, проблемы и перспективы»
» Пути формирования информационной среды в сфере осетинской традиционной религии
» Проблемы организации научной разработки отдельных насущных вопросов традиционных верований осетин
  Мая 2016
» ПРОИСХОЖДЕНИЕ РУССКОГО ГОСУДАРСТВА
» НАРОДНАЯ РЕЛИГИЯ ОСЕТИН
» ОСЕТИНЫ
  Мая 2015
» Обращение к Главе муниципального образования и руководителям фракций
» Чындзӕхсӕвы ӕгъдӕуттӕ
» Во имя мира!
» Танец... на грани кровопролития
» Почти 5000 граммов свинца на один гектар земли!!!
  Марта 2015
» Патриоту Алании
  Мая 2014
» Что мы едим, или «пищевой терроризм»