Адæм фæрсынц, дызæрдыг кæнынц, зианы фынгыл Арфæйы нуазæн куыд дæтгæ у æмæ кæмæ? Стæй зианы кæндты нуазæн дæттын куы не ’мбæлы, уæд Арфæйы нуазæн куыдæй фæзынд?
Зианæн йæ ном йæ уæлæ ис, адæймаджы зæрдæ дзы рисгæ кæны, йæ ныфс — сæтгæ, йæ хъару — цудгæ. Уæлдайдæр, адæймаджы зиан куы æрцæуы, уæд. Уымæй уæззаудæр зиан нæй. Донивылды, зæххæнкъуысты, лæсæны, зæйæрцыды, хæдзарæркалды, фæндаджы бæллæхы хуымæтæджы нæ фыццаг фарст нæ вæййы: «Адæймаджы зиан дзы æрцыд?» «Нæ» — куы фæзæгъынц, уæд фæсабырдæр вæййæм. Уымæн, æмæ мулк ссаргæ у, адæймаджы баивæн нæй, адæймаджы цардæй зынаргъдæр зæххыл ницы ис. Йæ амард уæззау хабар у, уæлдай зындæр та — йæ бинонтæн. Цалдæр боны раздæр ма сæ æнгом бинонтæй чи уыд, иумæ цæрыны тæрхæттæ кæимæ кодтой, уый мæлæт æнусмæ ахаста сау мæрмæ. Уый сæм никуыуал бахуддзæн, сдзурдзæн, сæ уæлхъус никуыуал æрлæудзæн. Йæ ацыд зæрдæ скъуыдтытæ кæны, цæстытыл цæссыг нæ хус кæны. Уыцы «нал уыдзæны» ныхмæ фæлæууæн нæй, æнцон бауромæн нæу, æмæ ирон адæм дæр мæрдджыны фарсмæ уымæн æрбалæууынц. Йæ рисæй, йæ зынæй йын сæхимæ айсынц, фæлæ йын йæ уæз нæ фæкъаддæр вæййы, нæ ахуыр кæны, йæ бинонтæй иу кæй фæхъуыд, царды уыцы рæстдзинадыл. Æмæ йын æй адæм сæ митæй, æгъдæутты фæрцы уырнын кæнынц. Уыдонæй иу у Арфæйы нуазæны æгъдау.
Раздæр-иу, мард кæуыл æрцыд, уыдон йæ ныгæнæн боны агъоммæ сæ артдзæсты арт нæ кодтой. Абоны хуызæн мæрдæхсæвæртæ нæ кодтой, æмæ-иу зианджын йæ дзыхмæ къæбæр æмæ дон йеддæмæ ницы схаста, йæ уæлтæрхæг æвæрд мардæн рухсытæ нæ кодта. Йæ ныгæнæн бон-иу æм бадты хистæртæ фынгмæ фæдзырдтой, арфæ-иу ын ракодтой, йæ иардыл тынг кæй фæрыст, хорз æгъдæуттæ йын кæй скодта, æмæ йын-иу ныфсы, цардфæразон ныхæстæ фæкодтой. Стæй-иу ын йæ мардæн сæхи цур рухсаг зæгъын кодтой. Фыццаг хатт! Уый стыр зын хабар у мæрдджынæн, фæлæ адæмы фарн тыхджын кæй у, уый зыдтой хистæртæ æиæ йын уый фæрцы йæ ног уавæр æмбарын кодтой.
Адæмы æфсарм бирæ у, æмæ-иу уый фæстæ мæрдджын, фыдызгъæлы хай рахæсгæйæ, йæ хорз сыхаджы арфæйы ныхасимæ дыууæ кæнæ цыппар нуазæны радта фынджы хистæртæм. Ууыл-иу æгъдау ахицæн.
Ныр æгæр кæнæм: мæрдæхсæвæры сыхæгтæ нæ, фæлæ æрцæуæг адæмы, стæй мæрдджыны дæр ма æрбадын кæнæм. Æмæ рухсаджы рæгъытæ фæкæнæм. Ныгæнæн бон зианджыны фынгмæ дыууæ хатты нал цæуын кæнæм, фæлæ... Уыциу цыдæй йын рухсаг дæр зæгъын кæнæм, æмæ йæ Арфæйы нуазæн дæр радты. Уый, чи зоны, растдæр у. Фæлæ Арфæйы нуазæн бадты адæмæн алкæмæндæр нуазгæ у?
Зианджын йæ хорз сыхагимæ хистæрты раз куы æрлæууы, æмæ йæ номæй сыхаг хистæртæн арфæ куы ракæны, стæй сыхы фыццаг æмæ дыккаг — æрцæуæг адæмы хистæрмæ нуазæнтæ куы радтынц, уæд сын уыдон се ’гъдау скæнынц. Стæй фынджы хистæр нуазæн радты æртыккаг хистæрмæ — зианджын мыггаджы хистæрмæ æмæ, сæ уæлхъус чи æрбалæууы, уыдонæн се ’ппæтмæ дæр. Мыггаджы хистæр арфæ ракæны æппæт мæрддзыгой адæмæн: сыхбæстæн, æрцæуæг адæмæн, фыдæбонгæнджытæн. Йæ фæстæ иннæтæ дæр, стæй мардæн рухсаг фæзæгъынц. Æмæ æгъдау хъуамæ ууыл ахицæн уа. Арфæйы нуазæнæй рæгъ кæнын не ’мбæлы. Æгæр ницæмæй бæззы.