Фыдыбæстæйы Стыр хæсты хæдфæстæ, ирон адæм сæ æдзард хæстонтæй сæ мæгуыры бон бæлвырд куы нæма зыдтой, уæд дæр зæрдæйæ æнкъардтой фыдбылызы уаг. Æмæ уæд нæ куырыхон хистæртæм равзæрд, тыгъды быдыры æбæрæгæй чи фесæфт, уыдонæн ног мæрдты хæрнæджы фынгтыл рухс кæныны хъуыды. Ома дзы ирон адæмæй æбæрæгæй чи бабын, æмæ афтæмæй хист дæр кæмæн нæма скодтой, уыдон æнæрхъудыйæ ма баззайой, мæрдты æгъдауæй сæ раз афтид ма уа. Уæдæй фæстæмæ сын алы хæрнæджы дæр лæугæйæ сæ ном ссарынц, рухсаг сын фæзæгъынц. Уый нæ, фæлæ ма сæм бафтауынц Хъарман-Сындзыхъæуы донласт скъоладзауты, Арвыкомы фæндаджы фыдбылызы гуырдзыйы, мæхъхъæлы æмæ фыдгæнæг æрдонгтимæ хæстыты, Стыр базары срæмыгъды, Хъолайы цъитийы зæй-лæсæны бын, Беслæны фыццæгæм скъолайы знаджы къухæй чи фæмард, уыдоны: зæрондæй, æрыгонæй, сывæллонæй. Марды ном æрымысын хæрзаудæнмæ цæуы, цард мидисджын æмæ тыхджындæр кæны, фæлæ сын цымæ алы хæрнæджы дæр рухсаг зæгъын фæхъæуы? Хæсты фæстæ нæ курыхон хистæртæ ацы рæгъыл хъуыды кæнгæйæ сагъæс кодтой, хæсты чи фæмард, афтæмæй æбæрæгæй сæфтыл нымад чи уыд æмæ уый фыдæй рухсаджы хъæстæ чи нæма фæци, уыцы æдзард хæстонтыл. Ныр уыдонæн, стæмтæй фæстæмæ, хистытæ фæкодтой. Уæдæ уæлдæр цы бæллæхтæ ранымадтон, уыдоны чи фæмард, царæфтыд дзы чи баци, уыцы сывæллæттæ, скъоладзаутæ, хæстонтæ æмæ иннæ адæмæй дæр алкæмæн дæр йæ марды æгъдæуттæ æмæ кæндтæ конд æрцыдысты, искæй марды фынджы бæркадæй рухсагхъуаг нал сты. Ссарын ма сын фæхъæуы æрмæст дæр сæ ном, лæугæйæ, рухсаг нæ зæгъгæйæ.
Тарскæйаг Багаты Хрийæн йæ фырт Черменыхъæуы фарсмæ сæ колхозы быдыры фæмард, минæ йыл схæцыд. Хъæбулы рис зын бауромæн у, æмæ йын йæ алы кæнд дæр уый тыххæй, йæ фадат куыд амыдта, уымæй æххæстдæрæй кодта. Фæлæ, дам, мæм иу æхсæв фыны рацыд æмæ мын афтæ куы зæгъид, хист ма мын скæн, мæхицæн хист, зæгъгæ, фынгыл цы æрæвæрут, уый иннæ мæрдтæн дæр куы ныххæлар кæнут. Ацу æмæ дæ зæрдæ ма фæриссæд, ахæм фыны фæстæ æмæ дæ мардæн йæ фæндон ма сæххæст кæн. Йæ фыны фæстæ, йæ фыртæн сæрмагонд хист скодта Хри (Христофор) дæр. Æмæ уæдæй фæстæмæ зианы фынгыл хæсты быдырæй чи нал сыздæхт, уыдоны тыххæй рæгъы рухсаг нал кæны. Лæугæйæ сын сæ ном ссары. Æмæ тынг раст кæны.