Афæстаг азты адæм афтæ арæх мæлынц, æмæ сын фаг æгъдау радтыныл дæр нал æххæссæм. Раздæр-иу хъæуы къуырийы дæргъы иу зианмæ цæуын бахъуыд, ныр та стыр хъæуты бон æртæ зианы дæр вæййы. Æмæ хъæбæрзæрдæ кæнын райдыдтам, мардыл кæуын, хъарæг кæнын фæкъаддæр. Уæдæ раныхасгæнджытæм дæр бирæ хъусæг нал вæййы. Устытæ, нæлгоймæгтæ къордтæ-къордтæй фæлæууынц æмæ сæ хъæр ныхасæй иннæты дæр хъусын нæ фæуадзынц. Иннæмæй та дзурджытæ сæ ныхæстæ æгæр нæ ныддæргъвæтин кæнынц? — ис ахæм фарст дæр.
Раздæр-иу мæрддзыгой адæм дзырдтой марды тыххæй: «Судзаггаг уыд, бирæ цæссыг ахаста». Цæссыг та цæмæн хъæуы марды? Йæ мæрдон фæндаг, дам, ын дзæнæтмæ рухс фæкæны!» Царды мæлæтæй æгъатырдæр ницы ис, æмæ, адæймаджы куы айсы, йæ уд ын удхæссæг куы ахæссы, уæд ма уымæй æвирхъаудæр хъуыддаг цы уа! Уæлдайдæр цардæй æрыгон куы ахицæн вæййы, йæ ад ын чи нæма банкъардта, йæ фæндтæ æмæ зæрдæйы тæрхæттæ æххæст кæнын чи нæма райдыдта, ахæм. Зын бауромæн у суинаг кæстæры хъыг, ныййарæджы рис, хо, æфсымæры, хæлары, хорз сыхаджы фæхъуыд. Зæрдæ фæйнæрдæм фæркгай фæцæйтоны. Цæссыг у мастæн йæ хос, æмæ мардыл фæкæуын, цæссыг ыл фæкалын кæнынц хъарæггæнаг устытæ. Цæмæй зæрдæйы тыппыртæ цæссыгимæ рацæуой, æмæ адæймагæн йæхицæн мацы уа, уый тыххæй. Мардæн раздахæн нал ис, фæлæ удыгæстыл хъуыды кæнын хъæуы. Æцæг ын йæ фæстаг фæндаг, мæрдон фæндаг цæмæй аивдæр, æгъдауыл уа, ууыл бацархайынц хиуæттæ, сыхбæстæ, æрцæуæг адæм.
Нæ дуг фæлдурæджджын дуг у, æхцайы азарæй адæм кæрæдзимæ топпы кæсæнæй кæсынц, чи дзы кæцæй цы ратона, ууыл архайы. Зæххон нæ, фæлæ нын уæлдæфон фæндæгтæ дæр нал фаг кæнынц, пайдайы фæдыл цæугæйæ. Адæм кæрæдзийæн сныхас дæр нал барынц. Уый сæхи аххос нæу. Рæстæджы, царды уавæрты. Сæ дирижертæ та сты æхцаджынтæ, йæхи фыдæбонæй чи нæ ахъæздыг, фæлæ давæггаг, исæггаг, сайæггаг мулкæй. Уыдон сты, сомæн аргъ кæнын чи нæ зоны, ахæмтæ. Уыдон фæзмгæйæ, фæрынчын сты иннæтæ дæр, афтæмæй сæ гæнæнтæ та æндæртæ сты. Æмæ мæсты кæнынц, сагъæсы бахауынц, талф-тулфæй цæрынц. Талф-тулф та цард нæу. Йæ ад банкъарынæн дзы рæстæг æмæ фадат дæр нæй. Талф-тулфы чи аварийы хауы, кæуыл та зæрдæйы æмæ сæры магъзы низтæ стых сты. Æмæ мæлынц зæрондæй-æрыгонæй.
Дуджы риссæгтæ бирæ сты, æмæ сын фæразын хъæуы. Мард дæр æгъдауыл æвæргæ у. Кæд æм æрцыдтæ, уæд уыцы дыууæ сахаты бафæраз дæхиуыл фæхæцын, бафыдæбон кæн, — мардæн хæлар куыд уа, хæрзмæ дыл куыд ауда, афтæ, байхъус марды уæлхъус дзурджытæм. Стæй йæ фæдыл мардласæн машинæйы онг уæддæр ацу.
Марды уæлхъус зын дзурæн у, уæлдайдæр, дæ зæрдæ йыл тынг куы рисса, уæд. Дзурджытæ вæййынц æртæ-цыппар, æмæ дзы алкæмæн дæр йæ хæс бæрæг вæййы. Сыхы номæй чи дзуры, уый хъуамæ радзура, сыхимæ куыд цардис, цы фæд ныууагъта, уый. Афтæ, кæимæ куыста, уый дæр. Мыггаджы минæвары хæс у, мыггагæй чи фæхъуыдис, уый се ’хсæн куыд нымад уыд, уый зæгъын, стæй сыхбæстæ, æрцæуæг адæмæн, фыдæбонгæнджытæн арфæ ракæнын æмæ марды йæ фæстаг фæндагыл афæндараст кæнын.
Адонæн бирæ рæстæг нæ хъæуы, бæлвырд ныхæстæ куы кæной, уæд. Æмæ уадз æмæ дзурой, сæ дзуринæгтæ цалынмæ фæуой, уæдмæ. Мардæн уæлæуыл йæ фæстаг бон вæййы, æмæ, хорз ныхасы аккаг цæмæй уа, уыдон иууылдæр зæгъын фæхъæуы. Уыцы ныхæстæ уый нал фæхъæуынц, фæлæ сæ, чи хъусы, уыдоны цард базонынæн, хорз æмæ æвзæр кæрæдзийæ хицæн кæнынæн сты ахъаз.
Фæлæ иуæй-иу дзурджытæй хатт мард ферох вæййы, сæхи равдисыныл фæархайынц æмæ дæрдты ахæцынц. Нæхи Ирыстоны лыггæнинаг фарстатыл нæ, фæлæ дунейы хъуыддæгтæм дæр бавналынц. Уæлдайдæр ныртæккæ дуне финансон цъысымы бахаудис æмæ... Адæмы сфæлмæцын, мард сæгад кæнынц сæ дзæгъæл ныхасæй. Уый, кæй зæгъын æй хъæуы, раст нæу. Æнæгъдау ми у! Æмæ ахæмтæн радзурыны бар хъуамæ ма дæттиккой. Мæнмæ раст нæ кæсы, чи ма зæгъдзæн, зæгъгæ, мæрддзыгойы æхсæн ма фæстагмæ радзурæг куы фæагурынц, уæд уый дæр. Дзуринаг чи уыд, уый йæхи раздæр бавдыстаид. Чи ма зæгъдзæн, афтæ домдтой партион æмбырдты.