Зонæм дзырдтæ бæрæгбоны, æнцойбон æмæ къатыбоны мидис. Фæлæ рæмон, рæмонбон цы амонынц, цы хъуыды æвдисынц, уый рæстмæ не ’мбарæм. Рæмонбон бæрæгбон у, Рæмонатæй ирон мыггаг дæр ис. Уæд цы амонынц Рæмон, Рæмонбон? — афтæ дæр арæх бафæрсынц.
Афæдзы дæргъы ирон адæммæ бирæ алыхуызон бæрæг бонтæ вæййы: цины æмæ хъыджы, зæрдæрайы æмæ мысæн, фыдохы, уæззау куысты æмæ æндæртæ. Уымæ гæсгæ сæ цард-цæрæнбонтæн радтой ахæм нæмттæ: Къатыбонтæ, Æнцойбонтæ, Рæмонбонтæ, Бæрæгбонтæ æмæ Тæфæбонтæ.
Къатыбонты, ома, кусæнбонты царды фæрæзтыл сагъæсты адæймаг ихсийы уæззау куысты; æнцойбонты уадзы йæ фæллад, фæлæ йæ рох нæу йæ райсомы бон; рæмонбонты у хъæлдзæг, зæрдæрай, йæ зæрдæ цин кæны, фырт ын кæй райгуырд, йæ рынчын кæй сдзæбæх кæнæ йæ бæлццон æгас хæдзар кæй ссардта, ууыл æмæ æндæр æхсызгон хабæрттыл: уалдзæджы, сæрдыгон æмæ фæззыгон куыстытæ кæй райдыдтой, кæнæ кæй фесты, ууыл. Йæхи æнкъары амондджынæй, у сабыр, æдыхст. Бæрæгбæтты дзаг фынгтыл кувы Дунескæнæг Иунæг Стыр Хуыцаумæ, Уастырджимæ, зæдтæ æмæ дуджытæм; йæхиуыл, йæ удыл нæу æмæ йæ рох кæнынц царды уæз, йæ зындзинæдтæ; Тæфæбон, ома йыл зиан куы æрцæуы, уæд уый фæдыл, афæдзы дæргъы кæндты у фыдох æмæ æрхуым.
Æнцойбонтæ сты фæлладуадзæн бонтæ. Фылдæр вæййынц хуыцаубонты. Къуырийы æвдæм бон у хуыцаубон. Дунесфæлдисæг Иунæг Хуыцау дæр, дам, зæхх æмæ дунейы скондыл фæкуыста æхсæз боны, æвдæм бон та йæ фæллад уагъта. Уымæй уæлдай ма нæ фыдæлтæ къуырийы бонтæй алкæцыйы дæр бавæрдтой сæрмагонд мидис, ирон адæмон сфæлдыстадмæ гæсгæ дзы алкæмæн дæр ис йæхи зæд, йæхи бардуаг. Къуырисæр у Алардыйы, Тутыры æмæ Уациллайы бон. Дыццæг у Уастырджийы бон. Æртыццæг — Бынаты бардуаджы бон. Цыппæрæм — Мыкалгабырты бон. Майрæмбон — Мады зæды, Мады-Майрæмы бон. Сабат — Мæрдты бон. Хуыцаубон — Стыр Хуыцауы бон.
Иунæг Стыр Хуыцауы, ранымад зæдтæ æмæ дауджыты бæрæгбæттæ дæр вæййынц къуырийы бонтæй алкæмæн дæр йæ боны. Уый афтæ нæ амоны, æмæ уыцы бонтæм иннæ зæдтæ æмæ дауджытæ ницы бар дарынц. Зæгъæм, Хуыцаубонмæ бирæ бæрæгбæттæ æрцæуынц: Фæлвæра, Фацбадæн, Куадзæн, Атынæг, Къобы Уастырджи, Ичъына æмæ суанг Ногбон дæр. Бафиппайын хъæуы уый дæр, æмæ алы бæрæгбон дæр райдайы, цы боны уыдзæн, уый æхсæвы. Уымæн æмæ ирон адæммæ суткæ нымад цæуы иу æхсæвы иу сахатæй иннæ æхсæвы иу сахатмæ нæ, фæлæ иу изæрæй иннæ изæрмæ. Дзургæ дæр афтæ куы кæнæм. Сабаты куы баталынг вæййы, уæд фæзæгъæм: «Ахсæв у Хуыцауы æхсæв», хуыцаубоны изæрæй та «Къуырисæры æхсæв» æмæ афтæ дарддæр. Гъе, уымæ гæсгæ нæм Джеоргуыбайы Уастырджимæ кувæн къуыри, кæд йæ бон дыццæг у, уæд райдайы къуырисæры изæрæй. Йæ ’рвитæн дæр вæййы иннæ къуырисæры изæрæй. Бæрæгбонæн та, куыд изæр фæкæны, афтæ йæ тых сæтгæ кæны, æмæ, куыддæр дыууæ сахаты свæййы, афтæ æфсинтæ, фысымтæ стыхсынц. Изæры æрцыдæй стæрсынц æмæ фынгтæ æрæвæрыныл фæтагъд кæнынц.
Ирон бæрæг бонтæ бирæ сты. Алы комы, алы хъæуы цæрджытæн, алы мыггагæн дæр ис хицæн æмæ хицæн бæрæгбæттæ. Рæмонбон, куыд бæрæгбон, афтæ у иумæйаг æмæ афæдз вæййы цалдæр хатты. Хор-Хоры бон, Хуымидианы, хорæфснайæнты райдайæны, Халмæвналæны, Сагæйтты æхсæвы æмæ æндæр хъæууонхæдзарадон куыстыты райдайæнты, стæй сæ фæуæнты. Уыдонæй алкæмæн дæр йæхи ном ис, фæлæ ма сæ Рæмонбонтæ дæр хонынц. Уымæн æмæ сæ райдайæны дæр адæм сæхи дарынц æдыхстæй, цæмæй куыстытæ ацæуой рæвдз æмæ зæрдæзæгъгæ хорз, æрдзон уавæртæ сæ куыд нæ бахъыгдарой, афтæ. Сæ фæуыны рæстæг та сæ уæззау уаргъ се ’ккойæ ахауы, æмæ райгондæй, разыйæ фынгтыл рабадынц, рæмон зæрдæ вæййынц, æнцойдзинад фенкъарынц. Рæмонæн ис ныхмæвæрд дзырд дæр Нæрæмон — æнæрæмон. Нарты Сослан уыд Нæрæмон — æнæбарон, схъиуд, хылмондаг, загъдкъахæг.