Мæ ныхæй сурхид цадæггай тæдзы,
Мæ риу мын низ рæхойы;
Уæззау ристыл хъæцын, —
Æнхъæлмæ дæм кæсын:
Ды уаты дуар нæ хойыс...
Æнæ дæу мын мæ судзгæ рис уромын
Фæзын.
Дæ бахудт у мæ зæрдæйы хъæдгомæн
Æвдадзы хос, —
Фæзын!..
1954 аз