[_]Джеуæргуыбайы хорзæх уæд æгас Иры дзыллæты! Уастырджийыл йæхи чи фæдзæхсы, чи йæм кувы, уыдонæн æххуысгæнæг уæд, фыдбылызæй цæ хизæд. Ацы бонты бирæ кувдзысты, æмæ йæм хуыздæр куывдтæ хъуысæнт, æмæ цæ рæсугъдæй æрцæуын кæнæд Иры зæххыл!
[_]Джеуæргуыба у ирон бæрæгбæттæн сеппæты стырдæр, æмæ мæ фæнды уый тыххæй дыууæ ныхасы зæгъын:
Джеоргуыба (Джиуæргуыба)
– бæрæгбон Уастырджийы кадæн, кодтой йæ хъæууонхæдзарадон куыстыты фæуды номыл; вæййы ноябры дыккаг æмбисы æмæ ахæссы æнæхъæн къуыри. Иннæ бæрæгбæттæй хицæн кæны, бирæ нывонд фос ын кæй акусарт кæнынц куыд æхсæнæдтæ, хъæубæстæ иумæ, афтæ хицæн бинонтæ дæр. «Алы ирон бинонтæ дæр, – фыссы Цыбырты Л.А., кæмфæнды цардаиккой, цыфæнды мæгуыр уыдаиккой, уæддæр æнæмæнг Уастырджийы номыл кусарт акæнгæйæ, бæрæг кодтой Джеоргуыба, уымæн æмæ Уастырджи ирон адæммæ у уæлдай кадджын, ирон дзуæрттæ æмæ дауджыты æхсæн нымад цæуы сæйрагдæр бардуагыл».
"Ирон адæмы этнографи æмæ мифологи"
Джеоргуыбайы æхсæвы куывд
– Хуыцау, табу Дæхицæн!
Дунесфæлдисæг дæ, дзуæртты дæр Ды сфæлдыстай, æмæ нæ Дæ хорзæх уæд.
– Оммен, Хуыцау!
– Тбау Уацилла, хор-фосы хицау дæ æмæ нæ дæ хорзæх уæд. Фидæнмæ ноджы хуыздæр нывондтæ куыд æрхæссæм, уыцы ахъаз бакæн.
– Оммен, Хуыцау!
– Йе сызгъæринбазыр Уастырджи, ахсæв де ‘хсæв у, æмæ дын табу уæд!
– Оммен, Хуыцау!
– Ахсæв дын бирæ адæм дæ ном ардзысты, уыдонæй хуыздæрæн кæй куывд айстай, нæ куывд дæр уый æмбал фæкæн.
– Оммен, Хуыцау!
– Уастырджи! Тыхгæнæгæй нæ бахиз.
– Оммен, Хуыцау!
– Уастырджи! Нæ цот, нæ кæстæртæ – де уазæг.
– Оммен, Хуыцау!
– Уастырджи! Нæ уазæг дæр де уазæг уæд, амондджын уазджытæ нæм цæуæд.
– Оммен, Хуыцау!
– Уастырджи! Нæ бæлццæттæ де уазæг, Сæ хæдзæрттыл æнæмаст, æнæфыдбылызæй, дзæбæхæй æмбæлæнт!
– Оммен, Хуыцау!
– Уастырджи! Мæгуыр лæгæн æххуысгæнæг дæ Æмæ мах дæр дæ хорзæх уæд. Дæ Фидæн бонтæ ныл хъæлдзæгдæрæй куыд æрцæуой, Уыцы арфæ нын ракæн.
– Оммен, Хуыцау!
"ИРОН ÆГЪДÆУТТÆ" Агънаты Г.
P.S. Ацы æрмæджытæ ист æрцыдысты Дряты Юрийы конд Ирон-Уырыссаг дзырдуатæй, кæцы уæ бон у райсын йæ сайтыл.