Ды нæ зоныс, ды нæ хатыс ницы,
Афтæмæй мæ зæрдæйы цæрыс;
Бацыди мæ къæмдзæстыг бæллицы
Ме ‘вастæй тæмæнкалгæ дæ хуыз.
Раст цыма сæ кæрæдзи нæ удтæ
Агуырдтой æнус-æнус куырмæй:
Ды кæмдæр зындоны рисæй дудгæ,
Æз мæ фæвдаг не ссардтон нырмæ.
Абон дæм мæ фæллад цин æрхастон,
Мæнæ цыма де ‘ммызул, дæ къай.
Байрæджы, — дæ зæрдæ дын ныббастой
Фæрныджытæ дадзингай, тæггай.
Зæхмæ дæ цы бирæ тыхтæ ‘лвасы,
Атонин дæ уыдонæй бæргæ;
Космикон ракетæ нæ — зынгбазыр —
Ахæссид цæхæркалгæ, нæргæ.
Атæхин æмкъай бæлонау демæ,
А дунейыл ауигъин мæ къух,
Ахæссин æнæзонгæ дунемæ
Сусæггаг кæлæн уарзтæн йæ рухс.
Искуы дард планетæйыл æрцæрин,
Амондджын — дæ бахудты фæрцы.
Къухдарæн дыл бакæнин сыгъзæрин, —
Урс æнгуылдзыл не сфидауид, цы?!
Уыцы дард, æцæгæлон тыгъдæдтæ
Уаиккой дæ цæстытау æрвгъуыз,
Æмæ дарис арвырон сæрбæттæн,
Æмæ уаис зæххы хъыгтæй хызт.
Дамæмхиц хъæстæ цæстытæй хибар,
Дурхалæг хæрам æвзæгтæй дард,
Уым æнус ыстъалытау сæрибар —
Уадзиккам æрвон уарзтæй цъæх арт.
Æз лæууин мæ зонгуытыл дæ разы,
Нал уаин зæххон æгъдæуттæй баст,
Æз кæнин уыраугæ цинæй расыг,
Уалдзыгон æхсæвы тæфау раст. :
Æз кæнин дæ къахы бынтæн пъатæ,
Адæргæй кæл-кæлгæнгæ кæуин.
Ничи нæ нæ рахонид æрратæ,
Ничи нын нæ хъыгдарид нæ цин.
Тухин дын дæ дзыккутæй мæ цæсгом, —
Цæссыг сыл ыстъалытау кæлид,
Де ‘вдадз былтыл мидбылхудт — æлутон —
Рухсуылæн æнхъæвзæнтæ кæнид.
Де ‘нæкъæм æхсыргъуыз буары ферттывд
Бацъынд кæнид, бакуырм кæнид цæст,
Нарæг астæу афтæ тасид ме ‘ртты,
Мæнæ цыма уадтымыгъы хъæз.
Уæд мæ уд зæрин ысуадзид бур тау, —
Адам æмæ Еуайы цæуæт:
Сабитæ, цъæхдзаст зæды хъæбултау,
Хиликкой дæ рухс уæрджытыл уæд...
...Уыдон дард планетæйыл сæнттæ сты,
Дзуарæвæрд — нæ фæндæгтæ кæрдтау.
Ризы ‘нкъард, æрвгъуыз цæссыг дæ цæсты, —
Рагæй дæр мæ хъысмæтæн æвгъау.
Уый та куыд, — мæн тыххæй дæр-ма дудай!
Уæд фæлтау мæ ингæныл фæку;
Зæдбадæн кæй ыскодтай мæ удæй,
Уый дæр мын цæрæнбоны фаг у.
1969