Æмæ цæуын, æмæ кæуын уæрæх уынджы,
Мæ туджы мигътæ ленчытæ кæнынц,
Æмæ мæ уды хаосау æнхъæвзы... —
Цы ‘нхъæвзы, уый бæрæг-бæлвырд нæ хатын:
Æви у уый планетæты мæнг рухс,
Æви мæ хæццæ, змæст æнусы уазал...
Æрæввахс ысты арæнтæ кæрæдзимæ,
Ыснарæг ауæдз цард æмæ мæлæты ‘хсæн.
Æмæ тæлфынц мæ мигъасæст цæстыты
Зæххы къорийыл хилæг адæм се ‘ппæт.
Æцæгæлон планетæтау мæ фæрсты
Æрцъелф кæнынц мæ зонгæ хъал чызджытæ,
Æмæ нæ зонынц, — уазал манекентау, —
Кæй нæ ныдзæвы се стъæлфæн мæ удыл...
Цæуын, кæуын уæрæх уынджы æргом,
Лæгæрдын чъизи худинаджы малы,
Кæсынц цымыдис дунейы сæрхъæнтæ
Æмæ уæззау ызды цæссыг кæй калын,
Зыны сæм уый мæ лæмæгъ æмæ райынц, —
Сæхи хуызæн лæмæгъ лæг ма кæй ис.
Æз та кæсын сæ сæрты ирддзаст арвмæ,
Хæлбурцъ кæны уым зæххы фæздæг калмау.
Ысиу ис уыцы чъизи, сау фæздæджы:
Къæрных бардуæгты ихрихи, хуызивд худт,
Сæхи сайæг ыстъалыты мæнг амонд,
Цæссыджы ‘мбæхст фыдæфхæрæн тæригъæд,
Бæрзонд зæрдæ, тыхджын лæгты ныхкъуырд цин,
Хæлæг дам-дум, хъахбай удты æлгъаг монц,
Бæрн æмæ кады асинтыл хæрдмæхылд,
Сæ рельсытæй, сæ орбитæтæй иппæрд
Тæхгæ поездты, стъалыты цъæхахст...
Æмæ кæуын ызды цæссыгтæй æз,
Æмæ дæн æз ыспырхæввонг планетæ:
Цæмæн æрзайы сау фаджысы уарди,
Цæмæн ахоры зæххы фæздæг арв?! —
Цæуын, кæуын мæ мигъасæст цæстытæй.
Дыз-дыз кæнынц антеннæтæ мæ хъусты,
Кæм ма баззади морзе, телетайп! —
Тæхынц фæздæгау саубазыр газеттæ
Æмæ ныдзæвынц арвы цъæхыл калмау:
Уый, Адам æмæ Еуайы рæсугъд цот
Нуазынц морфи барвæндæй, зыдæй
Æмæ дзы халынц дунейы гармони...
Цæуын, кæнынц антеннæтæ дыз-дыз,
Галактикæтæ хъинц-хъинцгæнгæ змæлынц,
Æмæ мæлинаг сау зæххы фыдмитыл
Æнæмæлæт мæ сау цæстытæй худы.
1.11.1969