Iriston.com
www.iriston.com
Цæйут æфсымæртау раттæм нæ къухтæ, абон кæрæдзимæ, Иры лæппутæ!
Iriston.com - история и культура Осетии
Кто не помнит прошлого, у того нет будущего.
Написать Админу Писать админу
 
Разделы

Хроника военных действий в Южной Осетии и аналитические материалы

Публикации по истории Осетии и осетин

Перечень осетинских фамилий, некоторые сведения о них

Перечень населенных пунктов Осетии, краткая информация о них и фамилиях, в них проживавших

Сборник материалов по традициям и обычаям осетин

Наиболее полное на сегодняшний день собрание рецептов осетинской кухни

В данном разделе размещаются книги на разные темы

Коста Хетагуров "Осетинскя лира", по книге, изданной во Владикавказе (Орджоникидзе) в 1974 году.


Перечень дружественных сайтов и сайтов, схожих по тематике.



Rambler's Top100 Рейтинг@Mail.ru Индекс цитирования
Статьи Словари
Здравствуйте, Гость
Регистрация | Вход
Опубл. 20.12.2010 | прочитано 2606 раз |  Комментарии (0)     Автор: Tabol Вернуться на начальную страницу Tabol
ÆНДОНГЪУЫЗ ТЫРЫСАТÆ

(Очерк)
 

Горæты уынгтæ æрхъула кодтой урсцагъд корпустыл. Корпусты сæрмæ тырысайы хъæдау хæрдмæ фæцыд бæрзонд труба, хъуысы тæрхыты ритмикон гуыр-гуыр, трубайæ уæлæмæ гуылф кæны къæбæлдзыг цъæх фæздæг, разæй йыл, рæстæджы уддзæфау, ныдзæвы дымгæ æмæ сæрыстырæй фæйлауы фæллойы æндонгъуыз тырыса. 

Цыма нау у, стыр нау, мæ Райгуырæн бæстæ, — уæрæх денджызы тындзгæ цыд фæкæны алæмæты наулæууæнмæ. 

...Фæйлауы, фæйлауы æндонгъуыз тырыса æмæ хъуыдыты дард, гæзæмæ зæрдыллæууæн æрфæнтæй йæхимæ хоны йæ рагон халдихы... Цыма æрвгъуыз фæлмау ныффæлурс фæздæг, мæ цæстыты раз цадæг ивы, ивы... Æппынфæстаг бæллицы хуызы бацыд... 

Лæууын XX æнусы цæхæркалгæ бæрзæндыл æмæ, «ТУ-104» рудзынгæй кæсæгау, къухаууонæй фæлгæсын историйы мигъæмбæрзт тыгъдæттæм... далæ, гъе, тырысайы хъæдау хæрдмæ сдаргъ мæ дард алайнаг фыдæлы хæцъæфæндыгъд рахиз цонг æмæ, æндонгъуыз тырысайау, æрттивы болатком фæринк кард... 

«Цагъардзинад цы у, нæ зыдтой уый... Куывтой, Хуыцаумæ кувæгау, сæ кæрдтæн...» — Аммиан Марцелины дзыхæй дзуры истори æмæ тæрхыты симфониау мæ хъусты зæлы æнусты уынæр. 

Уартæ, атагъайы зæйы скъуыдау, рацæуынц фæйнæрдыгæй дыууæ хæстон къорды, кæрæдзийыл сæхи ныццæвынц. Фатты къуыззитт... бæхты знæт мыр-мыр... згъæр хæдоныл алайнаг болат карды уæззау цъыччытæ æмæ судзгæ стъæлфæнтæ... зонгæ стъæлфæнтæ... Кæм сæ федтон фæстæдæр, кæм, кæм?.. 

Уæззау цæфæй æрдыдагъ и фæстаг хæстон, фæлæ тырыса-кардæн дæлæмæ ‘руадзæн нæй, дæлæмæ ‘руадзæн нæй... æмæ алайнаг сахъгуырд йæ дзыхы хъазы хæтæл акæнгæ, йæхи фехсы фурды знæт æхсидæнмæ, далæ фæленк кæны тугхъулон фæдгæнгæ æмæ йæ къухы фæхæссы æлвæст фæринк, цæмæй та уый ноджы тызмæгдæрæй ныццæхæр кала стæй... Æмæ тæрхыты симфониау мæ хъусты зæлланг кæны æнусты уынæр... хæлбурцъ хъомпал кæнынц мылазон сау мигътæ, тынгæй-тынгдæр нæры арв æмæ сойдзыхъ атагъатæй гомгæрцц къæдзæхтæм тындзы удаистæй алайнаг фæринк. Сæрибар хæхты агуры сæрхъуызой... бон дзир-дзур кæнынц æнусты малусæггъуыз сæуæхсидтæ, мæрдонвæлурс цъититыл ризынц дыдзы хуры тынтæ... Ирыстоны сæрмæ фидар хæцъæфæндыгъд къухы, æндонгъуыз тырысайау, тæмæнтæ калы болат фæринк æмæ йæ рухсмæ саудалынг сæдæазты фæндаг агуры мæ дард фыдæл... Хæхтæй ракæсынц æнусты малусæггъуыз сæуæхсидтæ, æмæ та цъититыл ризгæ ахуыссынц дыдзы хуры фæлахс тынтæ... Стæй цыма сырх зынг ысси тырыса-кард, æмæ цæхæркалгæ стулы сæрибары хур... 

Лæууын XX æнусы цæхæркалгæ бæрзæндыл æмæ, «ТУ-104» рудзынгæй кæсæгау, къухаууонæй фæлгæсын историйы æрвгъуыз мигъæмбæрзт тыгъдæдтæм... Мæ цæст хæссын мæ дард фыдæлы тугвæдыл, тырыса-карды рухсмæ уый, цæф сæгуытау, тындзы сæрибармæ... 

...Болат фæринк мæ цæстыты раз тайы, адард цадæггай йæ халдихæй, тындзы фæстæмæ хъуыдыйы гæзæмæ зæрдыллæууæн сусæг æрфæнтæм, æмæ мæнæ мæ разы æрттивынц урсцагъд корпустæ. Сæ сæрмæ, тырысайы хъæдау, хæрдмæ фæцыд бæрзонд труба. Хъуысы тæрхыты уынæр, трубайæ уæлæмæ гуылф кæны къæбæлдзыг цъæх фæздæг, разæй йыл, рæстæджы уддзæфау, ныдзæвы дымгæ æмæ сæрыстырæй фæйлауы, фæйлауы фæллойы æндонгъуыз тырыса... 

 

* * *
 

Корпус у уæрæх, бæрзонд æмæ райдзаст. Къулгæрæтты ныррæхыс сты алыгъуызон тæрхытæ. Æндæр æмæ æндæр у уыдонæн сæ гуыр-гуыр. Алкæмæн сæ йæхи хъæлæс ис. Уыцы хъæлæстæ иу кæнынц æмæ залы нæры фæллойы тыхджын симфони. Тæрхыты алыварс зилынц сау, дæрзæгкъух лæппутæ. Се ‘ртты фидар нылхъывтой тæрхыты хæцæнтæ æмæ цырддзастæй кæсынц чи бырауы зылдмæ, чи детал лæгъзгæнæн ссыргонды змæлдмæ. Зæгъгæ тæрхытæй иу дæр фæлæууыд, уæд симфони хæлы, ритм къуыхцы кæны. 

Дзæнгæрæджы зæлланг фæцыд æмæ, цыма, цар уыцы иугуырæй фенкъуыст, уыйау залы иу кæронæй тæрхыты сæрмæ рацыд æфсæн уæлæндгуытыл хидæвæрд къран, цæргæсау хæрдмæ систа стыр цæнгæт детал æмæ йæ рахæссы. 

— Фæстæдæр! Дæ сæр дын ма акъуырæд, лæппу! — райхъуыст кæйдæр хъазæнæмхасæн дзырд. 

— Сæр ыл куы уаид, уæд йæ разы лæууид! — дзуапп ын радта æндæр кæйдæр хъæлæс æмæ тæрхыты гуыр-гуыримæ сæмхæццæ ис сæртæг кæл-кæл. 

Ног кусæг фергъуыйау ис, йæ цæсгом хъусты онг асырх, афтæмæй фæрсмæ балæууыд. 

«Афтæ сырх кодтон æз дæр, — хъуыды кæны къæсхуыртæгонд лæппу Гаглойты Гаврил æмæ йæ былтыл мидбылхудт хъазы. — Куыд зын базонæн мæм каст æппæт... Куыд-иу тыхстæн, фæлæ мæнгæй нæ акæнынц, лæг, дам, лæгæй лæг у, зæгъгæ...» Гаврил бузныджы цæстæй акаст залы рæбынмæ. 

«Æвæдза, мæхæдæг дæр-иу афтæ куы фергъуыйау дæн, — йæ мид-зæрдæйы йæхицæн уайдзæф кæны къæбæлдзыгсæр лæппу —Джиоты Анатоли, йæ цæсгомыл нырма сывæллоны цæстæнгас. — Афтæ сфæлдыста æрдз, гъе, адæймаджы, — аслæджы хъуыдытæ кæны йæхинымæры. — Цалынмæ ахуыр фæкæнæм, уæдмæ нæм хъыг фæкæсы, иннæтæ ныл кæй фæхудынц, уый. Фæлæ стæй сахуыр, сдæсны вæййæм æмæ нæхæдæг дæр æхсызгон худт фæкæнæм ног кусджыты æнарæхстыл». Йæ ныхы тæнæг цъар сынцъылдтытæ кодта, йæ чысыл сау цæстытæ гæзæмæ æрныкъулæгау кодта æмæ, цыма, уымæй дæсныдæр æфсæн лæгъзгæнæг нал и, уый каст кæны бырауы зылдмæ. Бырау зилгæцыд кæны овалон хаххыл æмæ, фæлмæн цыхтау, æнцонæй амайы фидар цъæх æндон. Анатоли уысммæ йæ цæстытæ фæцавта залы рæбын: «Мастер та ныр дæр нæ худы...» 

«Ахуыргæнинаджы хал ахæм у, мæ хæлар. Йæ рæстæджы æз дæр бафыстон уыцы хъалон, — хъуыды кæны йæхинымæры Уалыты Григол æмæ йæ худæндзаст цæсгом ноджы тынгдæр ныррухс. «Мастер куынæ уыдаин, уæд, æвæццæгæн, дыккаг бон алыгъдаин заводæй». Григол йæ хæлар цъæх цæстытæй бузныджы каст акодта залы рæбын бригадирмæ. 

«Цымæ йыл цы худынц...» — мæсты хъуыр-хъуыр кæны Уанеты Зауыр. Зауыр нырма хæрз æрæджы, фондз мæйы размæ йæхæдæг ахуыргæнинаг уыд. Нæма дзы ферох, фæтыхсгæйæ-иу ыл исчи куы бахудт, уæд-иу æм куыд хъыг фæкаст, уый. «Йæ цæрæнбон бирæ нæ мастерæн, æндæра йæ, чи зоны, цас ма фæуыдаин ахуыргæнинагæй...» 

«Мæныл дæр-иу афтæ худтысты», — хъуыды кæны мадзура лæппу Джиоты Уасил. Йæ бæзæрхыг уæнгтыл, — уынгæгдзæф ын чи у, ахæм спецовкæ, йæ сæрыл ранæй-рæтты мазутчъиллæттæ худ. Цæргæсы бырынчъы хуызæн фындз ын ис, хæлар æмæ иудадзыг хъуыдыты ныгъуылд цæстытæ. Йæ иу къухы амонæн æнгуылдз цыбыр у Уасилæн. Сæ мастер рафæрс-бафæрсгæнаг нæу, фæлæ иу хатт уый дæр бацымыдис кодта Уасилы цыбыр æнгуылдзмæ. 

— Де ‘нгуылдзæн йе ‘рдæг цы фæкодтай? — хъазгæмхасæн бафарста йæ ахуыргæнинаджы. 

— Кæддæр дзы, хъæстæ сындз фæныхст, ныррæсыд æмæ дзы дохтыртæ стæг ралыг кодтой. 

Ууыл фæци Уасил йæ дзуапп. Æндæр, æвæццæгæн, æнæхъæн сахат фæдзæнгæда цагътаид, фæлæ Уасилæй уыцы дыууæ ныхасы йеддæмæ хъыпп-сыпп дæр не сирвæзт. Суангсæрæй лæппутæ цыдæр хæлар цæстæй кастысты Уасилмæ, фæлæ-иу исты уæддæр зыгъуыммæ куы сарæзта, уæд-иу сæ худæг нæ баурæдтой. Уасил уæзбын лæппу у, æнцæнтты чи асырх вæййы, ахæмтæй нæу, фæлæ бæрæг уыд, лæппуты худын дæр-иу йæ зæрдæйыл æвдадзыхосау нæ андæгъд. 

«Æммыст, цымæ мастерыл дæр худтаиккой искуы? — цыма исты стыр хъуыддаг раргом кодта, уыйау ахъуыды кодта Уасил. — Нæ, мастер никуы фæрæдыдаид», — залы рæбынмæ акæсгæйæ йæхи фарстæн йæхæдæг дзуапп радта Уасил. 

Залы рæбын, рудзынггæрон, егъау тæрхы уæлхъус лæууы бæрзондгомау саулагъз лæппу — Кокойты Мурман. Радыгай æвналы тæрхы хæцæнтæм; дыууæрдæм кæнынц æфсæн стъолыл рæгъ-рæгъы фидаргонд деталтæ, уæле сыл ныдзæвы æмæ сæ лæгъз кæны фидар згъæрæй æхсыст сарты ком. Лæппу йæ цæстытæ уысмы бæрц нæ иппæрд кæны деталтæй. Тæрхыты симфони æхцон зæланг кæны йæ хъусты. Ацы симфонийы Мурман æвзары йæ бригады алы тæрхы зæл. Тæрхытæй чи фæлæууы, уый уайтагъд рахаты æмæ йæ уæлхъус балæууы. Цыма йæ къухы аргъæутты нымæтын ехс ис, — куыддæр тæрхмæ бавналы, афтæ та йæ гуыр-гуыр ссæуы. Ног та ныццæгъды фæллойы симфони æмæ та дирижер йæ бынаты слæууы. 

Цал æмæ цал хатты æрцыди мæ хъустыл ацы лæппуйы хорзы кой. Ныр мæнæ мæ разы лæууы, кæсын æмæ йæм диссагæй ницы уынын. Йæ къæмдзæстыг цæстæнгас йæ уагахастæй бæрæг у, хъæуы кæй схъомыл. Уый февдисынц хаттæй-хатт, сагъæсты куы аныгъуылынц, уæд йæ сау цæстытæ дæр. Ахæм рæстæджы, цыма, йæ цæстыты хуыз раивы — тар игæргъуыз фæкæсынц лæгмæ. Хæларзæрдæ хуымæтæджы хъæууон ирон лæппу. Йæхицæй райгонд адæймаджы сæрыстыр цæстæнгас дæм никуы равдисдзæн. 

— Фæрнæй кусай, зæгъын, Мурман! — бадзырдтон æм хæстæг бацæугæ. Уый йæ мидбылты хæларæй бахудт æмæ мæм йæ цонджы хъул авæрдта, стæй йæ мазутæйдзаг къухтæм æркаст, ома хатыр бакæн. 

— Нæ машинæты нын федтаис? — фæрсы мæ Мурман. — Кæсыс, мæнæ афтæ равзæрынц, гъе! Уæртæ, лæппутæ цы деталтæ лæгъз кæнынц, уыдонæй нæм кæй æрвитгæ æркæнынц, кæй та дзы ам, нæхи куырдадзы рауадзæм джиппы. Гъе стæй райдайынц цоппай кæнын цехæй цехмæ æмæ фæстагмæ бафтынц æмбырдгæнæн залмæ. Уым кусы нæ заводы коммунистон куысты дыккаг бригадæ. Уыдон сæ уд бауадзынц, цардæгас организмтæ сæ рафæлдисынц. 

— Хæдæгай, куыд кусы, куы Бигъуылаты Русланы бригадæ? —фæрсын Мурманы. 

— Нæ, мæнмæ гæсгæ сæ æвзæр зæгъæн нæй, æрмæст... — йæ ныхас кæронмæ нал фæци Мурман. — Фендзынæ сæ, дæхæдæг базондзынæ æппæт дæр. 

Нæ зонын, цæмæн, фæлæ мын цыдæр æхсызгон у, Мурман йæ коллегæтæй кæй æппæлы, уый. Æмæ мæ уый ноджы цымыдисы æппары, — цæмæн фескъуыдта йæ ныхас, цы ‘мбæхсы? 

— Дæ лæппутæ кæд нæ зивæг кæнынц? — ныхас æндæрырдæм аздæхтон æз. 

— Зивæг кæнæнт, кæд сæ цæсгом хъæцы, уæд, — загъта Мурман æмæ йæ дзуапп æнæрхъуыдыйæ гæзæмæ дæрзæг куы рауад, уæд æй хæлар мидбылбахудтæй фæфæлмæн кодта, — зæгъ-ма, се ‘ппæт дæр æмхуызон рæвдз сты дын куы загътаин, уæд мыл баууæндыдаис? Фæлæ сæм, зæгъгæ, дæ хъус лæмбынæг дарыс, уæд дæ бауырндзæн, афтæ кæй у, уый. Кæрæдзийæн æцæгæлон адæм афтæ сæмуд æмæ схæлар уыдзысты, уый мæ никуы бауырныдтаид. 

Фыццагдæр æз уыдтæн сæ хистæр ацы лæппутæн. Растдæр зæгъгæйæ сын ацы дæсныйад æз бацамыдтон. Сæ фылдæр комкоммæ скъолайæ æрбацыдысты заводмæ. Зын уыди фыццаг, кæй зæгъын æй хъæуы, æвæлтæрд лæппутæн. Мæн дæр тынг къуылымпы кодтой, алы хуымæтæг хъуыддагæй мæ мин хатты хъуамæ бафарстаиккой. Фæлæ лæгæн цыдæр æхсызгон вæййы, йæ зонынад, йæ сæр искæй куы фæхъæуынц, уæд. 

Гъе, æмæ сын хъуыддаг бацамыдтон, сахуыр сæ кодтон. Иуцалдæр лæппуйы дзы уый фæстæ æфсадмæ акодтой. Ныртæккæ ам чи кусы, уыдонæн се фондзæн дæр ис профессионалон разрядтæ. Иугæр хицæнтæй кусынхъом куы фесты, уæд сæ заводы дирекци бригадæ сарæзта. Бригадирæй та сын снысан кодта мæн. Æппæт дæр хорз цыдис, фæлæ цыма бригадæ цыдæр хъуаг уыди. Кæмæн сæ цас йæ бон уыд, уый бæрц нæ куыста. 

— Афтæ кусгæйæ нын нæу, лæппутæ, — загътон сын иу бон æз. —Мах, зæгъын, нæдæр æдых стæм, нæдæр хъуыддаг æнæзонæг æмæ цæуылнæ хъуамæ кусæм хуыздæр. 

Лæппутæ мæ нæ фембæрстой. 

— Ома куыд хуыздæр? 

— Куыд куы, мæнæ иннæ заводты куыд райдыдтой, афтæ, коммунистон æгъдауыл, — цæхгæр сын загътон æз. — Иуæй-иутæ дзы бакатай кодтой, мыййаг, куы фæхудинаг уæм, зæгъгæ. 

Æз сæ иугай бафарстон, зæгъын, алкæмæн дæр уæ йæхи тыххæй дзуапп дæттын йæ бон бауыдзæн, æви нæ. Бауыдзæн, дам, дзуапп мын радтой æмхуызон. Æмæ дзы, уæдæ, зæгъын, тæрсын ницæмæн хъæуы... 

Гъе, афтæ систæм коммунистон куысты номыл тохгæнæг бригадæ. 

Бирæ хæстæ райстам нæхимæ, фæлæ сæйраг хорз хъуыддаг уæддæр афтæ сырæзт, æмæ йæ зонгæ дæр нæ бакодтам: раст иу мады хъæбултау систæм кæрæдзийæн. Лæппутæ бынтон æндæр цæстæй райдыдтой кæсын кæрæдзимæ. Исчи дзы чысыл фæкъуыхцы, уæд стыхсы, йæхицæн цы акæна, уый нал фæзоны, иннæтæм аххосджыны каст фæкæны. Хицæнæй кусгæйæ куы фæкъуыхцы уыдаид, уæд æй, чи зоны, ницæмæ æрдардтаид, фæлæ ныр йæ аххосæй къуыхцы кæны æгас бригадæйы иумæйаг хъуыддаг æмæ йæм уый æгад кæсы. Ам хъуыддаг намысыл у, æмбарыс, лæджы намысыл! Исчи дзы чысыл æрæгмæ куы фæцæуы куыстмæ, уæд æмхуызон стыхсынц. Зонынц, æнæхъуаджы се ‘мгар нæ байрæджы кодтаид æмæ бакатай кæнынц, исты бæллæх, дам, ыл ма сæмбæла. Иу дзырдæй, бригадæ иу æнæхъæн удæгас организмы хуызæн сси. Удæгас организмы хъуыддаг та, дæхæдæг æй зоныс, афтæ у, æмæ йе уæнгтæй исты куы рисса, уæд æй æгас буар æнкъары. 

Мурман æй йæхæдæг дæр нæ фæфиппайдта, ныхас ын куыд ацайдагъ. Дзуры бынтон хуымæтæгæй, фæлæ цыдæр мидрæстдзинад æмæ зæрдæйы хъарм æндавы йæ ныхæстæй. 

«Хъуыддаг сын бацамыдтон, сахуыр сæ кодтон», зæгъгæ, ацы ныхæстæ æндæрæй æппæлынау райхъуыстаиккой. Мурман та сæ хатыр курæджы хъæлæсы уагæй дзуры. 

— Дæхи та дын чи сахуыр кодта, Мурман? — цымыдисæй йæ афарстон. 

— Цард, — дзуапп мын радта Мурман æмæ мын цыма мæ хъуыды рахатынмæ хъавы, уыйау мæм лæмбынæг нымдзаст. — Æцæг дын зæгъын, цард мæ сахуыр кодта. Хъуыды-ма йæ кæндзынæ, цы уавæр уыд фæсхæст. Æмбисонд афтæ у, «Лæгæн, дам, йæ уат куыд у, йæ къæхтæ афтæ хъуамæ адаргъ кæна». Мæ фыд хæстæй инвалидæй æрыздæхт. Хæдзармæ фæкæсын мæнмæ каст, мæ мад æмæ мæ фыдæн сæ хистæр зæнæг æз уыдтæн. Иннæ сывæллæттæ сын нырма æнахъомтæ уыдысты. Ахуыр кодтон нæхимæ — Тъбеты скъолайы æмæ уыимæ иумæ куыстон колхозы. Фæлæ афтæмæй хæдзар дарын фæзын. Аст къласы куы фæдæн, уæд мæхи Чъребайы ‘рдæм райстон. Раст мæнæ ацы корпусы бынаты уыдис механикон завод æмæ дзы кусын райдыдтон. Цал æмæ цалгъуызон куыстытæ кодтон, хæйрæг дæр сæ нæ банымайдзæн. Уалынмæ мæм æфсадмæ дæр фæсидтысты. Ныгуылæн Украинæйыл æрзылдтæн. Æртæ азы фæстæ фæстæмæ æрыздæхтæн. Тæккæ уыцы рæстæджы парти фæсивæдмæ æрсидт, цæмæй куыстуæттæм кусынмæ бацыдаиккой. Мæ къухы фæскомцæдисы путевкæ, афтæмæй Мæскуыйы иу заводы балæууыдтæн æз дæр. Уым базыдтон ацы дæсныйад дæр. Дыууæ азы дзы фæкуыстон, стæй мæ зæрдæ нал ныллæууыд, нæхимæ хæхты ‘рдæм рахсайдта. Дæхæдæг æй зоныс, лæгæн уæддæр йæ райгуырæн къуым æндæр ад кæны. 

Уый уыдис 1958 азы. Уæд ам, механикон заводы бындурыл сырæзт вибромашинæтæ аразæн завод. Уæдæй нырмæ та кусын ам. 

Зæгъ-ма, афон нæ уыд цардæн, уый бæрц рæстæджы дæргъы мын исты дæсныйад бацамыдтаид? Ис мæм автослесæры VI разряд æмæ æфсæнлæгъзгæнæджы (строгальщикы) V разряд. Нæ лæппутæ фесгуыхтысты. Фæлварæн хорз сфæрæзтой æмæ райстам коммунистон куысты бригадæйы ном. 

Мурман йæ хъæлæс фæсабырдæр кодта, æмæ мын цыма стыр сусæг хабар хъусын кæны, уыйау мæ хъусы дзуры: 

— Фæнд нæм ис, нырма уал цехты, стæй та æгас заводы дæр коммунистон куыстмæ рахизæм. Æмбарыс, цы уаид уый. Коммунистон куысты завод! 

Мурманы цæстыты стьæлфæнтæ ферттывта. Фæфиппайдтон сæ, æмæ мæ зæрдæ куыддæр фæкъæпп кодта: «Фыды фарн, дам, мæрдтæм нæ цæуы». Уый кæд, мыййаг, алайнаг сахъгуырды æхсаргарды стъæлфæнтæ æрттивынц йæ дард байзæддаджы цæстыты! 

...Æнусты уынæрау мæ хъусты зæланг кæны тæрхыты симфони. Залты, дзæнгæрæг цæгъдгæ, дыууæрдæм кæнынц бæрзонд уæлæндгуытыл хидæвæрд уæзисæн кърантæ, мингай деталтæ хизынц къухæй къухмæ, тæрхæй тæрхмæ, цехæй цехмæ æмæ фæстагмæ чысыл хæдтулгæтыл амадæй цыхцыр ныллæуынц дардылзылд корпусмæ. Уым сæ фарнхæссæг къухтæ бауадзынц уд, уым судæгас вæййынц алæмæты кибернетикон организмтау. 

Уæртæ къæйттæ-къæйттæй ныххал сты Бигъуылайы-фырты бригадæйы лæппутæ: уæзбын, зæндджындзаст Руслан æмæ бæзæрхыг Гаглойты Хъазбег; ныллæггомау, саулагъз Гогинов Зангезур æмæ къуыбыррихи бурхил лæппу Джергаты Славик; ныллæг, мазутахуырст лæппу — Лалыты Эдуард æмæ бæрзонд тæнтъихæг Бекъойты Гурам — йæ уæлæ хуызивд æфсæддон дарæс; Санахъоты Шалва — йæ коцора рæсугъд фаст æмæ Сиукъаты къæсхуыр Иосиф. 

Иутæ дзы телферæй машинæйы кронштейн, гъе та корпус æрбахæссынц, иннæтæ рессортæ æвæрыныл сты, аннæтæ машинæ æмбырдгонд фесты æмæ ма йын ныр фидар кæнынц йæ лæсгæртæ. Бекъойы-фырт та тагъд-тагъд бауай-бауай кæны электроцехмæ æмæ, æфсæддон бардзырд дæттæгау, цырд кæны машинæйы змæлынгæнæг хæйттæ цæттæгæнæг лæппуты: 

— Афтæ у, гъе, куы иу детал нæма у цæттæ, куы иннæ, куы аннæ æмæ стæй ацу, æмæ график фехалыны тыххæй дзуапп ды дæтт! 

— Æмæ пълан не ‘ххæст кæнут, цы?! 

— Гъм, пълан!.. Æниу æй дæс-фынддæс процентæй нæ фæуæлдай кæнæм. Фæлæ график куы фехалай, уæд пълан цы давы! Ферох дæ айразмæйы хабар?.. 

Æз фæфиппайдтон, мæнæ æхсызгон кæй нæ уыд мæ бацыд Русланы бригадæйы лæппутæн. 

— Цы, уый зоныс, — йæ иу æрфыгыл хæрдмæ схæцгæ мын дзуры Бигъуылайы-фырт æмæ архайы йæ хъæлæс гуымир ма рауайа, — кæд дæм исты ныффыссын фæнд ис, уæд хуыздæр уаид, уæртæ Кокойты Мурманы бригадæйы куыстимæ куы базонгæ уаис. 

— Æмæ дæ бригадæ фæстейæ аззад, цы?! 

— Ныртæккæ нæ, фæлæ... Мах дын ницы къух ратдзыстæм. 

Уый размæ, Мурманимæ куы ныхас кодтон, уæддæр мæм цыдæр дызæрдыг сывзæрын кодта ацы бригады хабар. Ныр мæ цымыдис фæдывæр. Лæмбынæг æрывнæддтон æбæрæг æлхынцъ райхалынмæ. 

Лæппутæм бакæс æмæ сæ лæджы зæрдæ рухс кæны, цæвиттон сæ исчи барæй равзæрста. Æнæниз, цæрдхъом фæсивæд, сæ туг се уæнгты хъазы. Кæмдæр, сæ фылдæр скъола дæр иумæ фесты каст. Дыууæ лæппуйы дзы ныртæккæ дæр иумæ ахуыр кæны фæсаууонмæ Омскы автофæндæгты институты. Кæрæдзи уарзынц, нæдæр тыхцух сты, нæдæр æгъдауцух. Коммунистон куысты бригадæйы ном райсыны фæлварæн сфæразын сын хорз бантыст. Ныртæккæ дæр пълан уæлдайджынтæй æххæст кæнынц. Ау, уæдæ ма, зæгъын, цы хабар у? Æмæ мæ къух фæхæст цъындайы хæлæн тæбыны кæроныл. 

Куыд рабæрæг, афтæмæй иу райсом лæппутæ заводмæ куы ‘рбацыдысты, уæд кæсынц æмæ заводы кæрты къулы газеты фæйнæджы раз адæм нымбырд сты æмæ сæ худынæй бæстæ хæссынц. 

— Æмæ куыд æнхъæлыс, цæуыл худынц? — йæ зæрдæ фæфæлмæн æмæ мын дзуры Руслан. — Заводы «Кæфхъуындары», дын, кæд сныв кодтой мах. Кæсут, зæгъгæ, мæнæ уын газеттæ æрвмæ кæй систой, уыцы коммунистон куысты бригадæ график фехæлдта! Дæхæдæг ахъуыды кæн, куыд фæуыдаиккой лæппутæ. «Абонæй фæстæмæ ма, дам, ам корреспондент федтам, уæд, дам, нæхæдæг зонæм», — сæ риутæ мæсты хост бакодтой. Цæмæн, дам, нæ хъæуы се ‘ппæлд, кæд æмæ, дам, нын æй къулы газет нæ цæстмæ æхсидавау дардзæн, уæд. Уыйадыл дæм хъыг ма кæсæд, дæ фарстытæн дын бустæгæнæджы дзуаппытæ кæй фæдæттынц, уый... Уыцы мæйы райдианы график кæй фехæлд, уымæй мах, кæй зæгъын æй хъæуы, цасдæр бæрцæй азым нæхимæ исæм, дæхæдæг æй уыныс, корпусы арт нæма цæуы æмæ нын уыцы уазæлтты æфсæйнæгтимæ архайын чысыл фæзын, фæлæ графикы фехæлды сæйраг аххос уæддæр уый у, æмæ нын уыцы заманы иуæй-иу деталтæ нæ фаг кодта. Бар-æнæбары дæр-иу хатт æгуыстæй бадтыстæм. Лæппутæм хъыг уый фæкаст, æмæ хъуыддаг «Кæфхъуындармæ» кæй ахæццæ. Иуæй уый, æмæ ныл ахæм хабар фыццаг хатт æрцыд, иннæмæй та... лæджы æндæргъуызы бафхæрæн куыннæ ис... уым та, йæхæдæг зæххæй сисинаг чи нæ у, заводы иууыл лодырдæр чи у, уый дæр махыл худт. Ныр «Кæфхъуындары» нæхимæ зулмæ æрбакæсын дæр нал бауадздзыстæм, фæлæ ма исчи газеты нæ хорзы кой куы кæна, уый дæр нæ нæ фæнды. Ды дæр мацы ныффысс, — йæ ныхас балхынцъ кодта Руслан. 

Æз бацыдтæн заводы парторг Бражникмæ. Бафарстон æй, цы зæгъдзынæ, зæгъын, Бигъуылаты Русланы бригадæйы лæппутæй. Уый мын бирæ, бирæ хорз цыдæртæ фæдзырдта сæ уагахаст, сæ куысты тыххæй, фæлæ Русланæн фæдзæхст кæй дæн, уыйадыл сæ нæ фыссын... 

 

* * *
 

Истори дзуры, зæгъгæ, 439 азы Цæгат Африкæйы былгæрон балæууыдысты æгъатыр хъысмæты фæндæй цоппайыл æфтыд алайнаг адæмы къорд. Сæ сæрмæ æндонгъуыз тырысатау æрттывтой болат кæрдтæ. Амондæфхæрд адæм сæ маст ныккалдтой бынæттон цæрджытыл. Африкæмæ карды комыл бахастой мæлæт. Бæстæ сæхи бакодтой æмæ дзы сарæзтой Вандало-аланон паддзахад... Бон дзир-дзур кодтой æнусты малусæггъуыз сæуæхсидтæ æмæ изæрмилты ризгæ тадысты дыдзы хуры фæлурс тынтæ... Судзгæ ацыд йæ амонд йæ разæй Африкæмæ аланы мыггагæн. Æгъатыр рæстæг æй мæлæты амæттаг фæкодта... 

...Рацыд фынддæс æнусы. Египеты арвæмбæрц пирамидæты цур та разынд æндонгъуыз тырыса. Уæрæх денджызæй Каирмæ æввахсæй-æввахсдæр кодта советон нау. Науы сæрмæ бæрзонд трубайæ хæрдмæ гуылф кодта къæбæлдзыг цъæх фæздæг, разæй йыл дымгæ ныдзæвд æмæ фæйлыдта æндонгъуыз тырыса. 

— Цы зыдтой бæрзонд пирамидæтæ — дугты, заманты ацы æгомыг æвдисæнтæ, — уый кæддæр сæ цурмæ йæ карды комыл мæлæт чи бахаста, уыцы алайнаджы дард фæдон ныр Африкæйæн цæрæнбон кæй æрвыста... 

Уый уыдис 1961 азы декабры. Советон нау дард Египеты зæхмæ фæласта ам, Ирыстоны, Кокойты Мурман, Бигъуылаты Руслан æмæ се ‘мбæлттæ кæй аразынц, уыцы вибромашинæтæй цалдæр... 

...Æмæ кæм нæ фендзæн лæг уыцы алæмæттаг машинæты, Советон Цæдисы алы къуымты зæгъай, æви æфсымæрон демократон Болгарийы шахтæты æмæ фабрикты. 

Лæууынц уыдон мартен пецты хæлиу хъæлæсты раз, алыгъуызон æрзæтсыгъдæггæнæн фабрикæты æвирхъау стыр куырæйтты дзыхмæ, электры тых, æхсидгæ тугау, уайы сæ уæнгты æмæ уыцы иудадзыг ризынц, гæв-гæв кæнынц æмæ мингай, милуангай тоннæтæ æрзæт, гъе дурæвзалы æмхуызон бæрцæй кæнынц... 

Ирыстоны сæрмæ та бæрзонд фæцыдысты фæллойы æндонгъуыз тырысатæ æмæ сæрыстырæй фæйлауынц. Цыма у стыр нау мæ Райгуырæн бæстæ — уæрæх денджызы тындзгæ цыд фæкæны алæмæты наулæууæнмæ. 



<==    Комментарии (0)      Версия для печати
Реклама:

Ossetoans.com OsGenocid ALANNEWS jaszokegyesulete.hu mahdug.ru iudzinad.ru

Архив публикаций
  Января 2024
» О чем рассказали восточно-европейские руны
  Ноября 2022
» От Кавказа до Волги
  Августа 2022
» Кавказцы глазами русских: говорят архивные документы...
  Марта 2022
» К вопросу о заселении Фиагдонской котловины, по данным фамильных и народных преданий
» О новых именах в истории царственного дома средневековой Алании
  Февраля 2022
» К ВОПРОСУ ОБ УДЕЛЬНЫХ ВЛАДЕТЕЛЯХ УАЛЛАГКОМА ПО ФАМИЛЬНЫМ, НАРОДНЫМ ПРЕДАНИЯМ И АРХИВНЫМ МАТЕРИАЛАМ
  Декабря 2021
» Осетинская религия; религия осетин (Ирон дин)
  Мая 2021
» Иверская (Моздокская) икона Божией Матери
  Мая 2020
» Соотношение понятий Æгъдау, религия (дин), вера во внутриосетинской дискуссии
  Июля 2019
» Открытое обращение представителей осетинских религиозных организаций
  Августа 2017
» Обращение по установке памятника Пипо Гурциеву.
  Июня 2017
» Межконфессиональный диалог в РСО-Алании состояние проблемы
  Мая 2017
» Рекомендации 2-го круглого стола на тему «Традиционные осетинские религиозные верования и убеждения: состояние, проблемы и перспективы»
» Пути формирования информационной среды в сфере осетинской традиционной религии
» Проблемы организации научной разработки отдельных насущных вопросов традиционных верований осетин
  Мая 2016
» ПРОИСХОЖДЕНИЕ РУССКОГО ГОСУДАРСТВА
» НАРОДНАЯ РЕЛИГИЯ ОСЕТИН
» ОСЕТИНЫ
  Мая 2015
» Обращение к Главе муниципального образования и руководителям фракций
» Чындзӕхсӕвы ӕгъдӕуттӕ
» Во имя мира!
» Танец... на грани кровопролития
» Почти 5000 граммов свинца на один гектар земли!!!
  Марта 2015
» Патриоту Алании
  Мая 2014
» Что мы едим, или «пищевой терроризм»