Iriston.com
www.iriston.com
Цæйут æфсымæртау раттæм нæ къухтæ, абон кæрæдзимæ, Иры лæппутæ!
Iriston.com - история и культура Осетии
Кто не помнит прошлого, у того нет будущего.
Написать Админу Писать админу
 
Разделы

Хроника военных действий в Южной Осетии и аналитические материалы

Публикации по истории Осетии и осетин

Перечень осетинских фамилий, некоторые сведения о них

Перечень населенных пунктов Осетии, краткая информация о них и фамилиях, в них проживавших

Сборник материалов по традициям и обычаям осетин

Наиболее полное на сегодняшний день собрание рецептов осетинской кухни

В данном разделе размещаются книги на разные темы

Коста Хетагуров "Осетинскя лира", по книге, изданной во Владикавказе (Орджоникидзе) в 1974 году.


Перечень дружественных сайтов и сайтов, схожих по тематике.



Rambler's Top100 Рейтинг@Mail.ru Индекс цитирования
Статьи Словари
Здравствуйте, Гость
Регистрация | Вход
Опубл. 20.12.2010 | прочитано 2870 раз |  Комментарии (0)     Автор: Tabol Вернуться на начальную страницу Tabol
ХÆХТÆ ДИС КÆНЫЦ — КУЫД БÆРЗОНД У!..

(Очерк)
 

«У-У-у!» — аргъæутты залиаг калмау къуыззитгæнгæ фæмидæг комы нарæджы уадтымыгъ, фатхъæд, тæрс æмæ наз бæлæсты йе ‘ндон базырты бын ануæрдæгау кодта. Кæриауы цъуппыл йæхи асæрфта æмæ йæ барц уигъгæ Къуыдаргомы хъæлæсы атахт. Æваст йæ размæ фæци Сычъиласæны бæрзæнд, хæхты хъæбысы хъуырдухæнгæнгæ ныззилахар кодта, къæдзæхтыл йæ тых афæлвæрдта, стæй фатау хæрдмæ фæраст, арвыл митрыджы уылæн стъæпп ласта æмæ мигъты ‘хсæн цырагъау ауыгъд мæй ныдзортт-дзортт кодта. 

Уысмы бæрц æдзæм æгуыппæг аци бæстæ. Зæххæй фæхицæн, уадтымыгъ цы миты рыг сыстын кодта, уый æмæ мæйрухсы доны галиу фарс разындысты Къуайсайы рæсугъд бæстыхæйттæ. Зымæгон æхсæв. Рæдзæ-мæдзæ кæны æрзæткъахджыты чысыл горæт. 

Куыствæллад лæппутæ хъуыдыты ныгъуылынц. «Уæдæ, æрзæт фæуд кæны... Ног дзы ницы арынц... Дзæгъæлы буц уыдыстæм нæхицæй. Нырма 15 азы йеддæмæ куынæ рацыд 44 азæй. Ау, афтæ тагъд рафтыдысты ацы хæхты хæрзиуджытæ? Уæдæ цæмæн фæлгæсынц афтæ сæрыстырæй!.. Нæ, нæ! Фенæм уал, кæддæра цы зæгъид уыцы ног лæг, геологты сгарæг партийы ног хистæр. Хæхты «зæрдæйы дæсны» йæ хонынц, фенæм...» 

Æхсæв-бонмæ рафт-бафт кæнынц æрзæткъахджытæ. 

Знæт абухт кæнынц хæхты ‘хсæн уадтымыгътæ, донæн фаллаг фарс зæххы онг тасынц бæрзонд бæлæстæ, рудзынгæй ныфсау æрттивгæ ратæхы рухсы тын æмæ бæлæсты къалиутимæ иумæ ратас-батас кæны. Уат рухс кæнынц электры цырагъ æмæ лæджы бæллиц... 

«Хæхтæ, о, хæхтæ, мæ зæрдæ уыл дарын. Сабийæ абонмæ иумæ стæм. Хæхтæ, уæ сæрибар хъахъхъæдтон кардæй, калдтон къæйтыл цæссыгхæццæ туг... Хæхтæ, уæ зæрдæйы дуæрттæ мын бакæнут, ма ут æгъатыр, тызмæг...» 

Хæхты цæсгæмттыл æнæввæрсон мидбылхудт хъазы. 

Æнцонтæй не ссардзынæ хæхты зæрдæ: 

«Схъомыл дæ нæ риуыл, — æмæ цы?.. Нæ бартыл тох фæкодтай —æмæ цы? Кæд дæ аккаг, кæд дæм зæрдæдых ис, уæд агур æмæ ссардзынæ хæрзиуæг... Фæлæ цы у, хæххон дзигло, дæ бон?!» Æмæ æхсæрдзæнтæй худынц, кæл-кæл кæнынц бæрзонд хæхтæ. 

«Лæджы бон æппæт дæр у!» — Гиуæргийы зæрдыл æрлæууыдысты цæхæрцæст комиссары ныхæстæ... 

«Нæ, хæхтæ, лæгæн бирæ бон ис! — йæ мид-зæрдæйы æртхъирæнгæнæгау дзуры кæддæры революцийы салдат æмæ мысинæгты æрвгъуыз фæлмæй йæ цæстыты раз цадæггай судзгæ сыстад 1920 аз, цъæхартуадзгæ аз... Меньшевикты сармадзанты богъ-богъ, нæмыгзгъалты тардзæгъдæн. Хуссарæй Цæгатмæ хъæд-хъæд цæугæ партизантæ, æмæ Советты хицауады алыгъуызон знæгты ныхмæ удуæлдай тохтæ. Уым фембæлд фыццаг хатт Гиуæрги Дзадтиаты Алыксандрыл, — хæстонтæ ард кæй номæй хордтой, уыцы зынгзæрдæ революционерыл. Æнусмæ баззад Гиуæргийы зæрдæйы Алыксандры рухс фæлгонц, йæ цæсгомы тыхджын æууæлтæ, йе стыр сау цæстытæ — зæрдæйы хъамайау иннæрдæм чи хызт, æмæ уæлдайдæр та йæ ныхæстæ — лæджы бон бирæ у, зæгъгæ, бафæндыд æй, уæд гæнæн цæмæн нæй, уый дæр бакæндзæн! 

Мæргъиты Гиуæргийыл уæд цыдис æрмæстдæр æвддæс азы. Æдзынæг нымдзаст хъæбатыр раздзоджы дзыхмæ æмæ йын зыдæй хъуыста йæ ныхæстæм: «Фæуæлахизы ныфс дæ ис, уæд иунæг уысм дæр ма фæлæуу фæстæ!..» Ацы ныхæстæ иудадзыг размæ сидтысты фидæны геологмæ. Уыдон æй разæнгард кодтой революцийы цæхæры. Уыдон ын рухс кодтой йæ развæд, Новочеркасскы институт каст куы фæцис, уый фæстæ дæр: Ларсы, зæгъай, æви Тъхъибулы, Тхъварчелы æви Зугдиды — кæмдæриддæр куыста, уырныдта йæ сæ рæстдзинад æмæ йæ никуы фæсайдтой. 

«Уæд ма æвзонг уыдтæн, зæрдæ æмæ хъуыдыйæ тыхджын. Ныр азтæ сæ кæнон бакодтой, уæд та мæ фæсайдта мæ зæрдæ, зæрыбоны мæ худинаг куы ныхъхъæр уа. Æхсайаздзыд лæг, дам, сабийы рæдыд фæкодта. Стæй дзы куыд бирæ хардз цæуы. Мæнæ, гъе, Скъæтты ком, иууыл стырдæр ныфс чи дæтты, уыцы бынат: кæс-ма кæцæй кæдæм тунель айгæрдын дзы хъæуы. Мæ размæ йæм йæ ныфс ничи бахаста. Ныр уæд та... Фæлæ цы «уæд та?» Мæнæ не сты хахнывтæ, бæрæггæнæнтæ, зонæнтæ?» Æмæ Гиуæрги, чи йæ зоны, цалæм хатт, рабар-бабар кæны йæ хъуыдытæ, ногæй фæлвары йæ хатдзæгты. 

«Нæ! Фæстæ лæууæн дзы нæй! Мæнæ ам хъуамæ агурæм æрзæты ныгуылæн контур, уæртæ Надарвазы та — йæ хурскæсæн контур! Хохы бын нæ арф айгæрдын бахъæудзæн, фæлæ дзы нæй гæнæн. Уый хыгъд æй афтæ сараздзыстæм, æмæ тунель æрзæт ссарыны фæстæ эксплуатацийæн дæр куыд сбæзза!.. Нæ! Æз зонын, зонын, кæм æмбæхст дæ, алæмæты зынрафæлгъаугæ химерæйау, зонын, кæм рухс кæныс бурбын-æрвгъуыз æрттывдæй зæххы талынг счъилтæ, зонын æмæ дæм фæцæуын...» 

Мартъийы тымыгъджын æхсæвы рæдзæ-мæдзæ кæны æрзæткъахджыты чысыл горæт... Доны дыууæ фарс хæдзæрттæ рафт-бафт кæнынц æмæ хъуыдыты ныгъуылынц... 

Хæхты ‘хсæн комы нарæджы ниуынц уадтымыгътæ, бæрзонд бæлæсты зæххы онг æртасын кæнынц æмæ йæ развæндаг æхгæнынц, рудзынгæй ныфсау æрттивгæ чи ратæхы, уыцы рухсы тынæн. Æмæ æхсæрдзæнтæй худынц, былысчъилы кæл-кæл кæнынц сæрыстыр хæхтæ... 

Фæлæ къæдзæхрæбынты уазалы гæв-гæв бахæцыд зымæг хъарм суадæттыл æмæ хъазуат хохмæ йæхи цæттæ кæны уалдзæг. Рæхджы фæцъортт ласдзæн йæ ихкæрддзæмæй Джоджорайы дзæнгæлтæгæнæг кардау. 

 

* * *
 

Хæхтæ цæуылдæр тыхсынц. Ныр къуырийы дæргъы арв æмæ зæхх кæрæдзи хойынц. Фæскъæвда уымæл зæхмæ хур йæ зынг цæст ныддары. Кæмттæ æмæ хæхты лæбырд фæрстæй зивæггæнгæ сысты тæнæг фæлм, фæтæнты схъуынтъыз вæййы, базыртæ йыл базайы, хурмæ цæугæ стырæй стырдæр кæны, цадæггай сау афæлдæхы æмæ фæстагмæ хохы ныхыл, æлхынцъ æрфгуытау, тызмæгæй разыны. Æваст сæ цæстытæй цæхæртæ акалынц хæхтæ. Кæриауы цъуппыл арв сæртæг къæр-къæр ныккæны æмæ уæларв æвиппайды авгын тасау дардыл афæстытæ вæййы. Арвы нæрд гыбар-гыбургæнгæ рацæуы Къуайса-хохы сæрты æмæ Сычъиласæнæй нæма фæфале вæййы, афтæ фæсте ноджы тынгдæр ныкъкъæркъæр ласы, арвæрттывды тæгтæ, хæлбурцъгæнгæ кæлмытау, кæрæдзи æрбаййафынц æмæ бæстæ зынг фесты æгасæй дæр... Раст цыма арвы фыдæнæн ноджы тынгдæр сгуыр-гуыр кæнынц комы абухæг хохы йас бульдозертæ, зæххы бын хæцъæфдымст цæнгтæ æфсæн аркъаутау ноджы тынгдæр нылхъивынц зилгæ бырæуты. Мигътæ дæр къæртайæ калæгау райдайынц æмæ, дардæй ракæсгæйæ, арв æмæ зæхх фæзынынц хъæрахст æмæ цæхæры æхсидгæ денджызы хуызæн... 

Мæсты кæнынц бæрзонд, сæрыстыр хæхтæ. Æнæаскъуыйгæ æрвитынц зæхмæ сæ мигъæфсæдтæ. Фæлæ нæ чъил кæнынц уырзыйас адæймæгтæ. Айгæрстой сын сæ риу, ныххызтысты йæм æмæ дзы æхсæвæй-бонæй зилынц, зилынц бырæуттæ, агурынц сын сæ зæрдæмæ фæндаг; схылдысты хохыйас æфсæн бульдозертыл æмæ арв æмæ хæхты фыдæнæн кæдæм бафтынц, уым армы тьæпæнау æмвæз кæнынц къуыппытæ æмæ дзыхъхъытæ... Арв нæры æмæ иудадзыг хъуысы гæрæхтæ — адæм фæндаджы алывæрсты æмæ тунелты къæдзæхтæ халынц амоналæй... Тунелты цар æмæ къултæй сæх-сæхгæнгæ уайы дон, цыма къæвда дæсгай метртæ ныхъхъардта зæххы. 

Ацы дон дæр хæхты цæссыг у. Афтæ дæр вæййы, лæгæн йæ цæссыг фæуайы канд йæ уадултыл нæ, фæлæ мидæгæй — зæрдæйы дæр. 

Цымæ цæуыл кæуынц хæхтæ, цæмæн сты мæстæлгъæд? 

Ацы хæхты равзæрд æнахуыр диссаджы аргъау, алæмæты бæсты рæсугъды аргъау. Уыцы бæсты рæсугъд, дам, йæ курджыты йæхæдæг фæлвæрдта дзырдарæхст æмæ лæгæй-лæгмæ тохы. Цал æмæ цал хъæбатыр лæппуйы, дам, аздæхта, зæгъынц, сæргуыбыр æмæ уæнтæхъилæй, цалынмæ йæхицæй зондджындæр æмæ тыхджындæрыл нæ сымбæлд, уæдмæ. Æрмæстдæр, дам, ыл чи фæуæлахиз, уымæн балæвар кодта йæ зæрдæ рæсугъд демон. Кæд, мыййаг, уыцы алæмæты бæстырæсугъды дурдзавд сихтæ сты ацы хæхтæ! 

Æгъатыр, æнæфæтасгæ закъон ис хæхты. Сæ зæрдæмæ сын фæндаг ссардзынæ æрмæстдæр удуæлдай тохы фæрцы. Алкæмæн нæ бакæндзысты сæ зæрдæйы дуар. 

Уый зоны Гиуæрги æмæ райсомæй-изæрмæ кæм нæ ферттивдзæн йæ урс нымæтхуд — Скъæтты комы зæгъай, æви Къуайсайы, Рæздарæны æви Донджыны, Æхсæрджыны æви Надарвазы. 

Æмæ геологтæ æмæ æрзæткъахджытæм афтæ кæсы, цыма Гиуæргийæн уыцы иу рæстæджы йæ бон у æмæ уа куысты алы фадыджы дæр. Ныртæккæ йæ, зæгъгæ, Рæздарæны уыныс, чысыл фæстæдæр Скъæтты комы тунелы къæсæрыл ферттивдзæн йæ урс худ. 

— Расыгъдæг кодтат, дысон дзы цы æрыхæлдтат, уый? 

— О, расыгъдæг æй кодтам. Цæджындзтæ дæр æм бавæрдтам, ныр та дзы дарддæр зилынц бырæутæ, — цырд-цырд дзуапп дæтты Гиуæргийæн фадыджы хистæр Бæзаты Валодя. 

Гиуæрги йæ зыдта, уый æцæг афтæ кæй уыдаид. «Хорз лæппу у Валодя», — хъуыды кæны Гиуæрги, фæлæ дзургæ ницы кæны, нæ уарзы лæгæй тагъд-тагъд æппæлын, кæнæ йæ æнæхъуаджы æфхæрын. Иу æлгъин ныхас зæгъдзæн æмæ дзы стæй цасдæры бæрц сыбыртт нал фехъусдзынæ. Æмæ йын цыма уæд йæхи сабыр кæй дары, уый фæдарддæр кæны йæ ныхæстæ... 

— Мидæмæ цæуæм, — дзуры Гиуæрги æмæ йæ сæрыл танхъа кæны. 

Танхъайы ныхыл фидаргонд чысыл прожектортæ сын рухс кæнынц сæ развæндаг. 

Тунелы мидæмæ згъоры нарæг æфсæнвæндаг æмæ йæ фæдыл уайынц. 

Ранæй-ран доны сæх-сæх фæтынгдæр вæййы. Гиуæрги йæ цæст хæссы лæгæты цæрттыл. «Хорз лæппу у Валодя, ам дæр бавæрдта донмæ толь. Къанау дæр хорз арф систа». Гиуæрги йæ резинæ цырыхъхъытæй дондзæуæн къанауы лæгæрды. «Амонын ын нæ хъæуы. Йæхæдæг хаты кæм цы у ахсджиаг. Æмбаргæ лæппу у...» 

— Æфсады цас фæдæ? 

— Æртæмæ ‘ввахс. — Валодя нæ бамбæрста, цæмæн æй бафарста, уый. 

«Гъа, ам дæр раивта æмбыд цæджындзтæ». Гиуæрги рухс дары фæзилæны тунелы къулмæ. 

«Дыгъ-дыгъ, дыгъ-дыгъ!..» — Тунелы хуылфæй ратулы вагонеткæты хал æмæ æцæг поезды гыбар-гыбур кæны рельсытыл. Гиуæрги æмæ Валодя къулыл батъæпæн сты. Сыджыт æмæ къæдзæхы фæзгъæртæй семыдзаг вагонеткæтæ сæ рæзты асыффытт кодтой. Сæ цæлхыты бынæй цыдæр топхосы тæфы хуызæн скалд. 

Тунель саджилтæ кæны фæрсырдæмты æмæ лæг хаты зæхбыны сатæг æхцон улæфт. 

— Æрзæтæй ма фæиппæрд уæм, Гиуæрги. Куыд арф байгæрстам æмæ нырма нæ зыны? — йæ цæстытæ гæзæмæ хинцъынд æркæнгæйæ, хъазгæ фæрсы хистæры Валодя: 

«Ай дæр дызæрдыг кæны, — хъуыды кæны Гиуæрги. — Куыд хæйрæг у, фæрсгæ мæ, æрзæтæй ма фæиппæрд уæм, зæгъгæ, кæны, афтæмæй йæ хъуыды та æндæр у, ома кæд дзы æрзæт нæдæр ис. Ехх, ахæмтæ нæ уыдысты Шакро æмæ Иуане. Уыдонмæ ахуыр æппындæр нæ уыд, фæлæ сæ зæрдæйы цæстæй уыдтой æппæт дæр, хатыдысты, æрзæт кæм уыдис, уый. Хуыгаты Иуане фенын кодта иууыл раздæр ленинградаг геологтæн æрзæт. Гъе, зæронд къуыдайраг, ахуырмæ баирвæзтаис дæ афоныл, нæ дæ рауадаид, нæ геолог! Уæд-иу райсом боныцъæхæй сыстадаиккой æмæ куыстаиккой суанг изæрдалынгтæм. Æхсæз сахаты кусгæ боныл хъуыды дæр чи кодта. Æниу ацы лæппуты дæр чи бадардзæн истæмæй азымы? Валодяйыл цы дзурын, мæхæдæг куы фæдызæрдыг вæййын хатт. Фæлæ нæ, ныр æз хатын, æнкъарын æй: ам, æввахс æрзæт кæй ис, уый». 

«Цымæ цæуыл хъуыды кæны?» — дзуры йæхинымæры Валодя æмæ æнхъæлмæ кæсы дзуапмæ. 

— Цæугæ раст кæнæм æмæ æрзæт дæр тагъд разындзæн. Валодяйы уырнынц Гиуæргийы ныхæстæ. 

Æввахсдæр сæм кæны бырæуты гуыр-гуыр. Уæлейæ тæдзы, танхъайыл æмбæлы æмæ цъыкк-цъыкк кæны сахатау. Ранæй-ран дон сæх-сæхгæнгæ уайы уырдыгмæ æмæ йæм æвæрд ис толь. 

Æввахсæй-æввахсдæр кæны бырæутты гуым-гуым. Лæгæты рæбын рыг бады æмæ змæсты хуызæн зыны прожекторы урс-бурбын рухс. 

Цонджыхъулы стæвдæн резинæ шлæнгтæ кæлмытау здыхстытæ кæнынц, сæ кæрæттыл конд æндон бырæуттыл фидар хæцынц лæппутæ. Сæ дзыхтыл чысыл резинæ уæлдæффæрсудзæнтæ, сæ цæстытыл уæрæх кæсæнцæстытæ. Сæ кусæн дарæсыл бурбын рыг сбадт. Ефимæн быцæуыл æвæрд у йæ бырау, Чермен та йыл æнæ быцæуæй фидар хæцы йæ дыууæ къухæй, гæзæмæ æрдзуццæгау кодта, йæ гуыр размæ акъул æмæ кæсы, бырау куыд зилы, уымæ. Æлхъывд уæлдæф шлангæй цæвы, цырд зилын кæны бырау, уæйыг лæппу йыл йæ гуыры уæзæй размæ æнцайы æмæ хохы фидар риу гæрды. 

«Тыхджын лæппу у Хъоцыйы-фырт. Цал хатты йын загътон, быцæу æм дар, зæгъын, уæддæр та бырау йæ хъæбысы дары. О, куыд мын загъта айразмæ, — афтæ, дам, мын æхсызгондæр вæййы. Гъм, æхсызгон! Цы дæ, цы, æвзонджы тых! Æвидигæ дæ æмæ дын зæрдæ фæуынæй дæр нæ фæтæрсы...» 

— Ноджы та дын æм быцæу æвæрд нæй? 

Хистæры хъæлæс фехъусгæйæ быраузилджытæ шланг æрыхгæнæн сампалтыл сæхирдæм хæцынц æмæ сæ дзыхтæй уæлдæффæрсудзæнтæ æфтауынц. Чермен сывæллонау къæмдзæстыгæй йæ фæтæн риуыл æруагъта йæ сæр. Зассейы-фырт йæ мидбылты худгæ сæрфы йæ цæсгомы хид. Стæй Чермен дæр худы йæ мидбылты. Дыууæ дæр рыгæй амæст сты æмæ мидбылхудт сæ цæсгæмттыл, уалдзæг хохы лæбырд фахсыл рæсугъд зæрингъуыз дидинæг куы спæртт кæны, раст уый хуызæн зыны. 

— Агъа... — быраузылды хуынчъытæ нымад фæци Гиуæрги. — Бирæ уын дзы куынæ уал ис ныззилинаг. 

— Тагъд фæуыдзæн æмæ та йæ æрыхалдзыстæм, — дзуапп ын дæтты Валодя. 

— Уæлæ уыцы къæдзæх тæссаг зыны. 

— Фаст никуы у, æрхауынæй тас ын нæу. Ацы иу пырх ма скæнæм æмæ йæм стæй цæджындзтæ бавæрдзыстæм. 

— Быцæу дæр, быцæу, чеселттаг, æндæра мæ карæнмæ куы ацæуай, уæд мæ æрхъуыды кæндзынæ, — фæстæмæ дзуры Гиуæрги Черменмæ æмæ та зыррытт кæнынц быраутæ. 

Къанауы дон згъоры æмæ йæ фæдыл уайынц Гиуæрги æмæ Валодя. Дардæй разынд вагонеткæты хал дæр. Æфсæнвæндаг рахизырдæм аздæхт æмæ вагонеткæты хал дæр къæдз-мæдзытæгæнгæ алæст фæрсырдæм тунелы. 

— Ам та куыд у хабар? — йæ сæрæй фæрсырдæм амоны Валодяйæн Гиуæрги. 

— Бирæ раласинаг сын дзы нал ис. 

Вагонеткæты фæдыл цæуынц. Къуындæг лæгæтгонды рæбын танхъаджын лæппутæ хохфæзгъæртæ æвгæнынц вагонеткæтæм. 

— Хорз ыл фæтых стут, — сæ куыстæй сын æппæлы Валодя. Лæппутæ ницы дзурынц. Гиуæрги та æнæдзургæ йæ цæст хæссы алфамблайыл. 

«Ныр тагъд хъуамæ разына æрзæт. Иу-дыууæ спырхы ма æмæ къæдзæхыл ахъаздзæн бурбын-æрвгъуыз мидбылхудт. Хорз бырсынц лæппутæ». 

— Алæ-ма, дæ фыййаг мын фенын кæн, лæппу. 

Жажиты Алихан фыййаг дæтты хистæрмæ æмæ йæ хид сæрфгæ фæстæмæ алæууы. 

— Йæ хъæд дын нæ бæззы, зыкъуыртæ у, дæ къухтæ дын фæриссын кæндзæн. 

— Фыййаджы сæр дзы уый бæрц нæдæр хъæуы, — дзуапп дæтты Алиханы бæсты Габуты Ханджери. Фидар къæдзæх у, стыр фæзгъæртæ сты, фылдæр сæ армæй фæисæм вагонеткæтæм. 

— Дæ рынчын та куыд у, лæппу? — фæрсы Гиуæрги бæрзонд саулагъз лæппулæджы. 

— Бузныг, кæд ын ницыуал уаид. «Кæцæй зоны, мæ фырт рынчын кæй уыд, уый та?» — дисгæнгæ хъуыды кæны. 

— Æндæртæ дæр ма дын ис? 

— Нæй! 

— Раззаг мæйы пълан куыд сæххæст кодтай, Валодя? 

— Сæдæ æртын процентæй. 

— Фæлæ ацы хъуыддаджы не ‘ххæст кæны пълан. Алы дыууæ уды æрмæстдæр иу фырт куы хъомыл кæной, уæд уый циу! — хъуысы Гиуæргийы хъазæнæмхасæн æхцон хъæлæс. 

«Хъазгæ дæр кæны æмæ рæстытæ дæр дзуры», — хъуыды кæны лæппу. — Гиуæргийæн йæхимæ азым æрхæссæн нæй ацы хъуыддаджы. Мæ зæрдийæ, диссаджы лæппутæ схъомыл кодта. Иу, дам, ын дзы инженер-механик у, иннæ механик. Цымæ ма йын æндæртæ дæр ис? Æхсызгон вæййы лæгæн, æвæццæгæн, зæрыбоны. Ды фæцæуыс, уыдон æрцæуынц æмæ дын дарддæр кæнынц дæ цард...» 

 

* * *
 

Ныр æртæ азы лæгæй-лæгмæ удуæлдай тохы бацыдысты зымæг æмæ уалдзæг, дызæрдыгдзинад æмæ ныфс, хæхтæ æмæ адæймаг... 

Ныр æртæ азы æнцой нал зоны бæстæ. 

Нæры арв, нæры зæхх, нæры зæххы бын. 

Куы мæсты кæнынц хæхтæ, куы сабыр. 

Уырзыйас лæгтæ сын зилынц, зилынц сæ зæрдæйы бырæуттæ æмæ уæддæр нæ хæццæ кæнынц бæллиццаджы талынг дыдæгътæм. Лæгæтты тæдзынæг æмбæлы танхъайыл, цъыкк-цъыкк кæны рæстæгхынцæг сахатау æмæ æрбалæууыд æртыккаг уалдзæг. 

Куы иу ран, куы иннæ ран ферттивы Мæргъиты Гиуæргийы урс нымæт худ æмæ сусæг сусу-бусуйыл æфтауы адæмы. Гиуæрги уæддæр йæ цыд кæны æмæ кусджытæ раздæрау æнхъæлынц, ома уыцы иу рæстæджы алы ран æмхуызон ис Мæргъийы-фырт. 

Хистæр нæ чъил кæны. Адæм та сусу-бусуйыл бафтыдысты, зæгъгæ, дам, дунейы фæллой уæгъды бабын кодта ацы тунелты. 

— Нæ хъуыстай иу бон Петросянмæ — хистæры ныфс, дам, дзæгъæлы нæу. 

— Петросян, лæг кæуыл баууæнда, ахæм у. Фæлтæрд геолог у, ныр æхсæз азы ам кусы, стæй дзы Гиуæрги дæр тынг райгонд у. 

— Цымæ хистæртæ та цы зæгъынц, хистæртæ? Хъуыды кæныс, айразмæ куы ахъæр, завод, дам, æхгæд хъуамæ æрцæуа, дарддæр, дам, æрзæт нал зыны. Æмæ стæй æмбырды куы дзырдтой, ома, дам, хъуыддаг афтæ дæр нæу! 

— Ехх, хистæртæ бæргæ æууæндынц Гиуæргийыл, фæлæ нæ зоныс, дзырд хъуыддагæй куынæ баххæст уа, уæд дызæрдыггаг кæны. 

— Уæртæ Гугешашвили ацырдæм рацæуы, бафæрсæм ма йæ, уый Гиуæргийы рахиз цонг у æмæ зондзæн, хабар куыд у, уый. 

— Байрат, лæппутæ! 

— Хуыцауы салам дæ уа, Акъакъи! 

— Фехъуыстат ног хабар? Скъæтты комы разынд æрзæты ныгуылæн контур, æниу Гиуæрги афтæ, зæгъгæ, дам, уый кæрон дæр ма хъуамæ уа. Ныр дызæрдыггаг нал у, йæ хурскæсæйнаг контур Надарвазыл кæй ахызт, уый. Къуайсайы Джоджорайы рахиз фарс кæм скъахтам, уым дæр ныххæццæ сты æрзæтмæ, стæй куыд диссаджы хъæздыг æрзæт у! Джоджорайы бын дунейы æрзæт ис... 

Хæхтæ сæ гæрзтæ æркалдтой, зымæг басаст, тарст халонау фæтахт риуæй дызæрдыгдзинад æмæ уалдзæг уæлахизы нысанæн сыгъзæрин тырысатау æрсагъта рындзтыл дидинвæлыст цым бæлæстæ. 

 

* * *
 

Уый уыдис 1960 азы уалдзæджы, Къуайсамæ Мæргъиты Гиуæрги кусынмæ куы ‘рцыд, уый æртыккаг уалдзæг. Гиуæрги сбæлвырд кодта, Къуайсайы хæхты цинк æмæ здыйы иттæг стыр мадан кæй ис. Гиуæргийы геологон сгарæн парти ссардта æрзæты хурскæсæн æмæ хурныгуылæн хæйттæ æмæ сбæлвырд кодта, зæгъгæ, æрзæты фæлтæр цæуы ноджы дарддæр. Геологон парти йæ куыст кæны дарддæр. Æмæ уыцы партийæн разамынд дæтты урссæр, фæлæ нырма тыхджынзæрдæ геолог — Мæргъиты Гиуæрги. Иу бакастæй хæхтау тызмæггонд зыны ацы æмбисас къæсхуыр лæг. Фæлæ йын ныккæсут йæ зæрдæмæ æмæ дзы фендзыстут дунейы хæрзиуджытæ, бæллицтæ æмæ рухс фæндтæ. 

Зæгъынц, зæгъгæ, дам, Гиуæрги зоны хæхты æвзаг. Арæх семæ ныхас кæны сæхи æвзагыл. Цыдæр тых æй ласта суанг сабийæ фæстæмæ хæхтæм. Алхатт дис кодта, зæгъгæ, куыд бæрзонд сты æмæ бæллыд хæхты бæрзæндæн суæвынмæ. 

Гиуæрги дис кодта хæхтыл, уæлыгæс ма куы уыдис, уæд дæр; арæх каст, сæ ныхыл бæллицтау куыд тыхстысты фæлмигътæ æмæ йæ мидзæрдæйы бæллыд: 

 

Уæлæ мæй, дæуæй куы уаин, — 

Хсехты сæрмсе ризыс, 

Уæлæ мигъ, дæуæй куы фестин, 

Цъититæм ысхизыс!.. 

 

Дис кодта хæхтыл, Тбилисы гимназы ма куы ахуыр кодта, уæд æмæ уымæн бацыд уый фæстæ Новочеркасскы институтмæ. Уæдæй фæстæмæ Гиуæрги хæхтæй нæ хицæн кæны. Хæхтæ йын худтысты йæ бæллицтыл, се ‘хсæрдзæнты хъæлæсæй йыл æнæввæрсон кæл-кæл кодтой. Фæлæ Гиуæргийæн сусæг тохмæ сидтау иудадзыг йæ хъусы зæланг кодтой зынгзæрдæ комиссары ныхæстæ: «Лæджы куы бафæнда, уæд гæнæн цæмæн нæй, уый дæр бакæндзæн!» 

Æмæ мæнæ иу бон дисы бахаудтой хæхтæ — уырзыйас лæг куыд сбæрзонд ис, зæгъгæ! Уый сын айгæрста сæ риу, ныххызт дзы æмæ дзы ссардта зынаргъ хæзна. Цас арфдæр хизы бынмæ гезенгæйы, уый бæрц бæрзондæй бæрзонддæр кæны сæ цæсты, дыдзы хуры тын æфсæрмы сырхау хъазы сæ цæсгомыл æмæ «уырзыйас лæджы» раз сæргуыбырæй лæууынц алæмæты бæстырæсугъды дурдзавд сихтæ. 

 



<==    Комментарии (0)      Версия для печати
Реклама:

Ossetoans.com OsGenocid ALANNEWS jaszokegyesulete.hu mahdug.ru iudzinad.ru

Архив публикаций
  Января 2024
» О чем рассказали восточно-европейские руны
  Ноября 2022
» От Кавказа до Волги
  Августа 2022
» Кавказцы глазами русских: говорят архивные документы...
  Марта 2022
» К вопросу о заселении Фиагдонской котловины, по данным фамильных и народных преданий
» О новых именах в истории царственного дома средневековой Алании
  Февраля 2022
» К ВОПРОСУ ОБ УДЕЛЬНЫХ ВЛАДЕТЕЛЯХ УАЛЛАГКОМА ПО ФАМИЛЬНЫМ, НАРОДНЫМ ПРЕДАНИЯМ И АРХИВНЫМ МАТЕРИАЛАМ
  Декабря 2021
» Осетинская религия; религия осетин (Ирон дин)
  Мая 2021
» Иверская (Моздокская) икона Божией Матери
  Мая 2020
» Соотношение понятий Æгъдау, религия (дин), вера во внутриосетинской дискуссии
  Июля 2019
» Открытое обращение представителей осетинских религиозных организаций
  Августа 2017
» Обращение по установке памятника Пипо Гурциеву.
  Июня 2017
» Межконфессиональный диалог в РСО-Алании состояние проблемы
  Мая 2017
» Рекомендации 2-го круглого стола на тему «Традиционные осетинские религиозные верования и убеждения: состояние, проблемы и перспективы»
» Пути формирования информационной среды в сфере осетинской традиционной религии
» Проблемы организации научной разработки отдельных насущных вопросов традиционных верований осетин
  Мая 2016
» ПРОИСХОЖДЕНИЕ РУССКОГО ГОСУДАРСТВА
» НАРОДНАЯ РЕЛИГИЯ ОСЕТИН
» ОСЕТИНЫ
  Мая 2015
» Обращение к Главе муниципального образования и руководителям фракций
» Чындзӕхсӕвы ӕгъдӕуттӕ
» Во имя мира!
» Танец... на грани кровопролития
» Почти 5000 граммов свинца на один гектар земли!!!
  Марта 2015
» Патриоту Алании
  Мая 2014
» Что мы едим, или «пищевой терроризм»