Iriston.com
www.IRISTON.com
Цæйут æфсымæртау раттæм нæ къухтæ, абон кæрæдзимæ, Иры лæппутæ!
Iriston.com - история и культура Осетии
Кто не помнит прошлого, у того нет будущего.
Написать Админу Писать админу
 
Разделы

Хроника военных действий в Южной Осетии и аналитические материалы

Публикации по истории Осетии и осетин

Перечень осетинских фамилий, некоторые сведения о них

Перечень населенных пунктов Осетии, краткая информация о них и фамилиях, в них проживавших

Сборник материалов по традициям и обычаям осетин

Наиболее полное на сегодняшний день собрание рецептов осетинской кухни

В данном разделе размещаются книги на разные темы

Коста Хетагуров "Осетинскя лира", по книге, изданной во Владикавказе (Орджоникидзе) в 1974 году.


Перечень дружественных сайтов и сайтов, схожих по тематике.



Rambler's Top100 Рейтинг@Mail.ru Индекс цитирования
Статьи Словари
Здравствуйте, Гость
Регистрация | Вход
Опубл. 19.12.2010 | прочитано 2452 раз |  Комментарии (0)     Автор: Tabol Вернуться на начальную страницу Tabol
АВТАВДИЛ АЦЫД СТАЙЫЦАРМДАРÆГ БÆГЪАТЫРЫ АГУРÆГ

Зондджын Эзрос мын æвдисæн «Дионос», зæгъгæ, — йæ фысты: 

У, дам, тугтæригъæд — уарди уаддзæг бахауа фыдхъызты; 

Афтæ сагъæссаг, мæгуыр у, — раздæр хъал æмæ сæрыстыр, 

Ныр æцæгæлон, цæрддзуйау, дард ран чи хъæца йæ рыстыл. 

 

Бæх цаппалуадæй ауагъта, атахт быдыры Автандил. 

Ныр Аравийы арæнтæй ахызт, дард бæстæм афтыди. 

Хурыл мæт æмæ сагъæсæй цардцæрæдздзагæй рафтыди, 

Загъта: «Нал уынын уый æмæ зæрдæ рухс цинтæй сафтид и». 

 

Ног мит рауарыд уардийыл æви халасы басыди, 

Маст ысхъызыди зæрдæйы, уд — æрдунарæг — тасыди. 

Загъта: «Удхар мын уагæры ныв мæ хъысмæтæй цас уыди! 

Ныр, цы бон мыл и? — Раздæр мын амонд уадындзæй уасыди!» 

 

Уарди рухс хурмæ бæлгæйæ бонæй-бон тынгдæр æмпылди. 

Зæгъгæ «ма йæ мыс», — йæ сидтыл зæрдæ, марадз зæгъ, æмбæлди! 

Уый ныддур æмæ нæ хъуыста, уæвгæ, фидар ыл æмбæлди. 

Лæппу агуырдта 'мæ фарста, — дард цы бæлццæттыл æмбæлди. 

 

Зилы дунетыл. Йæ цæссыг денджызтæм хæссы æнхъæвзæн. 

Арв — йæ хъæццул, зæхх — йæ гобан, у йæ цонг йæ пух нывæрзæн. 

Дзуры: «Байстай мын мæ зæрдæ æмæ нал дæн, чызгай, хъæлдзæг, 

Фæлæ амæлон дæу тыххæй, — мæн хуыздæр амонд нæ хъæудзæн!» 

 

Хатти, бæстæтыл фæзылдис, ахызт арæнтыл æдæрсгæ, 

Уымæн арвы бын нæ баззад искуы иу къуым дæр æнæсгæрст, 

Фæлæ ничи уыди никуы фенæг барæджы йæ цæстæй. 

Баззад афтæмæй æмгъуыдмæ мæнæ 'ртæ мæйы æрмæстдæр. 

 

Афтыд иу бæстæм фæстагмæ, хордта иунæгæй йæ хъиутæ, 

Мæй нæ фембæлдзæн бæлццоныл уым Адамы цотæй иу дæр. 

Маст нæ бавзæрстой — зæрдæрис ахæм Вис æмæ Рамин дæр. 

Иу ма — уарзон чызджы мысын уыд йæ хъыг æмæ йæ цин дæр. 

 

Хæхты стырдæрыл ысхызти, слæууыд айнæджы къæмбыртыл, 

Акаст къухаууонæй, дæлæ разынд авд бонцау тыгъд быдыр. 

Урс, æвзистдзыкку цæугæдон тыхст бæрзонд хохы рæбынтыл, 

Хохæй быдыры 'хсæн донæн — хъæд дыууæрдыгæй йæ былтыл. 

 

Æмæ хъуыдыты ныдздзæгъæл, маст йæ рыст зæрдæмæ 'фсæры, 

Раст дыууæ мæйы ма баззад, зилы ныр куырой йæ сæрыл; 

«Уæуу, куы раргом уа мæ хъуыддаг! — Риуы сусæг тас æвзæры, 

Ногæй райгуырын кæй бон у, хорзæй чи раива 'взæры!» 

 

Лæппу нал зоны, цы кæна, бахауд сагъæссаг дывæнды. 

Дзуры: «Здæхон æмæ фæндаг ныр кæдæй нырмæ нывæвдын, 

Уæд куыд бадзурон мæ хурмæ, — дæу зæрдæбынæй цы фæндыд, 

Уый нæ бакодтон, фæзылдтæн уæгъды барæгæн йæ фæдыл?! 

 

Дарддæр размæ цон, ысгарон, хъæдты, быдырты ма зилон, 

Хины барæджы фæдагур рæгътыл, хохбæрзæндтыл хилон, 

Æмæ ме 'мгъуыды бон куыдæй Шермадины цæсгом чъиллон, — 

Мæтæй паддзахы зæрдæйыл арт куы бафтауа цъæх пиллон. 

 

Афтандил, дам, нын фæхъуыдис, — ниугæ радзура мæ ныстуан. 

Сисой еу-додой, æрдиаг æмæ февналой сæ рустæм, 

Æз афтидармæй ныздæхон, — уæууа, худинаг æнустæм!» — 

Тар, зæрдæрхæндæгæй лæппу кодта карз хъысмæтæн бустæ. 

 

Дзуры: «Стыр Хуыцау, зæгъ-ма мын, ныр куыд банымайон растыл, 

Мæн кæй хитын кæныс уæгъды дард мæ бæстæй, цыма хасты?! 

Ды йæ цины хай мæ удæн байстай, бафтыдтай мæ мастыл 

Æмæ ме 'рхæндæг цæстытæй атахт рухс амонды уаз тын. 

 

Нæ, — зæгъы, — уæддæр æз хъуамæ раттон фидар ныфс мæхицæн; 

Уд æмгъуыдæй раздæр буарæй никуы, никуыма фæхицæн. 

У Хуыцауы бар æппæт дæр, — маст мæм дзæгъæлы нымхицау; 

Амонд мах коммæ нæ кæсы, не стæм йе скæнæг, йæ хицау. 

 

Уæдæ бирæ дæр фæзылдтæн, нал дæн уал азы хæдзарон, 

Фæлæ — никуы æмæ ницы, цасфæнды мæ уд нæ хъарон! 

Зин æй чи схуыдта, уый раст уыд æмæ зины фæд куыд арон, 

Кæнæ ниуынæй цы цæуы, уæгъды сау цæссыг куы калон?!» 

 

Цырд фæуырдыг кодта хохæй, ахызт доны, хъæдæй азынд. 

Уæртæ йе 'фсургъыл фæуайы, быдыр айтыгъди йæ разы. 

Акаст, асасти йæ хъару, цыма нал исы йæ базыг, 

Цины мидбылхудты рухс тын цæсты даргъ хаутыл нæ хъазы. 

 

Æмæ сфæнд кодта фæстæмæ уый йæ дард уæзæгмæ здæхын, 

Разыдд, рараст и, тæссармæ уайы быдыры йæ бæхыл. 

Мæй лæджы фыртыл нæ фембæлд уыцы 'лгъыстаджы сыгъд зæххыл. 

Арæх — сырд, фæлæ нæ цыди уый сæ Хуыцауы фыдæхы. 

 

Рыст, хъæддагуавæр бæлццоны исдуг сырдты мæт кæм уыди! 

Уый Адамы цоты 'гъдауыл хæлц уæддæр фæстагмæ 'рхъуыди; 

Цонг — Ростомы цонгæй даргъдæр — фат нылвæста, сырд æртыдди 

Æмæ 'рцъыкк-æхсонæй нæууыл арт, гуыргуырон арт, ыссыгъди. 

 

Артыл физонджытæ зилынц, бæхы кæрдæгыл ысуагъта. 

Федта: 'хсæз барæджы уæртæ 'рбатæрынц сæ бæхтæ тагъд-тагъд. 

Исдуг фестъæлфыди лæппу, баззад, сердæм кæсгæ, сагъдау. 

«Кæд абырджытæ сты, науæд ам цæрæг куынæ и!» — загъта. 

 

Райста фат-æрдын, фæраст сæм, цыма тохмæ цыд, ыстæры; 

Ас дыууæ барæджы се 'хсæн кодтой милрихи кæстæры. 

Зынд, — уæззау цæф уыди лæппу, туг ныхъхъæбæр и йæ сæрыл, 

Кодта уадзгуытæ, хъæрзыдта, нал ын уыд нывгонд фæцæрын. 

 

«Чи стут, — дзуры сæм, — уыдтон уын æз абырджытæ уæ хуызы!» 

«Ма кæ, ма, нæ хур, ныууадз нæ, — лæппумæ сæ лæгъстæ хъуысы, — 

Мæнæ еу-додойаг фестæм, кæс, нæ цæстысыг нæ сысы, 

Исты 'ххуысхъом нын куы бауис, мах — дæ уазджытæ, нæ фысым». 

 

Автандил хæстæгдæр бацыд, бæлццæтты фæрсы сæ мастæй. 

Уыдон радзырдтой æппæт дæр ниугæ, 'рхæндæгæй, ныфссастæй: 

«Мах æфсымæртæ стæм не 'ртæ, дæлдзæх — не сфæлдисæг, уастæн! 

Хатает хуыйны нæ бæстæ, ис нын фидар сахар й' астæу. 

 

Ардæм рацыдыстæм цуаны, «ам сырдарæх у»- — нæм хъуысти, 

Не 'фсад бирæнымæц — немæ, зæхх сæ къæхты бын æнкъуысти. 

Мæй ам баззадыстæм, хъæрмæ сырдвос хъомпалæй куы сыстид, 

Хæхты, быдырты сæ мах дæр цагътам къордгæйттæй, — цы 'нтысти! 

 

Не 'ртæ басгуыхтыстæм, махау бирæ ничи цагъта сырдтæй: 

Æмæ райдыдтам быцæутæ, — чи уа не 'ртæйæ та 'взыгъддæр?! 

«Нæ, æз фыддæр цагътон сырдтæй! Нæ, æз, дам, тынгдæр æсгуыхтæн! 

Алчи 'ппæлыдис йæхицæй, домдтам бавзарын нæ тыхтæ. 

 

Абон сыстадыстæм, райстам немæ дунейы сæгдзæрмттæ. 

Загътам: «Равзарæм рæстдзинад, — чи куыд сарæхса йæ цæнгтæй! 

Хъузон ма рацæуæд немæ, уæд нæ хыгъд уыдзæн æцæгдæр. 

Чи цы фæцæф кæна сырдтæй, — уадз, йæхæдæг сæ фæцæгъдæд». 

 

Бардзырд радтам æмæ не 'фсад уайтагъд аздæхтысты, мах та, — 

Ифтонг хотыхæй, ызгъæрæй, немæ 'ртæ лæджы ныууагътам. 

Хæхты, быдырты цы 'ййæфтам, — алцы 'нæвгъауæй фæцагътам: 

Сырд кæм лæууыди нæ разы, уæлдæфы кæм тахти маргъ та! 

 

Уæд кæсæм æмæ уалынджы хины 'взыгъд лæппу 'рбазынди, — 

Тар, æлхынцъæрфыг, йе 'фсургъыл, сау а?рвæрттывдау, тасыди, 

Бур, кæркæ-мæркæ стайдзармы уæнгты хурвидыц хъазыди. 

Ахæм чи федта?! Чи зæгъдзæн: дис нæ цæстыты цас уыди?! 

 

Афтæ рухс тæмæнтæ калдта, афтæ цæсты тигътæ иста, 

Загътам: «Хур æрхызтис арвæй, зæххыл атылдис æвзист цалх!» 

Мах æй ахсынвæнд ыскодтам, ехх, цы нæ хъуыди, цы систам?! — 

Мæнæ ныр кæлы нæ цæссыг, фестæм сары-сайраг, хистаг. 

 

Æз мæ кæстæрты фæдзæхстон: «Лæппу — зонут æй — мæн хъæуы!» 

Загъта астæуккаг æфсымæр: «Йе 'фсургъ зæрдæмæ куыд цæуы!» 

Мæнæ уый та нын æрфæндыд иунæгæй йæ ныхмæ 'рлæууын. 

Æмæ бабырстам, лæбурæм, уый уæддæр сындæг фæцæуы. 

 

Лал, хъырмызхæццæ дзæнхъайау дардтой уардигъуыз тæнбылтæ, 

Мах æй не 'ндæвтам, нæ нæм каст, калдта фырмæстæй тыфылтæ. 

Иугæр не 'нцайæм, — куы федта, уæд йæ зæрдæрис фæфылдæр; 

Ехсæй райдыдта цъыччытæ, — марадз, бауæнд æм тæфтыл дæр! 

 

Мах фæчъил ыстæм дыууæйæ, бауад иунæгæй нæ — кæстæр: 

«Барæг, агъæц-ма!» — фæхæцыд къухæй бæлццоныл æдæрсгæ. 

Уый æнæрцæф зылд фæкодта, ма 'нхъæл — бавнæлдта йæ гæрзтæм, 

Ехсæй сæры фахс æркъуырдта, рустыл туг æруад лæдæрсгæ. 

 

Цыма лæппуйы ныццавта ехсæй нæ, фæлæ дзæккорæй, — 

Ахауд, бауадзыг, цæвиттон, сæр æваст фæхицæн гуырæй. 

Барæг афардæг и, й' ахсæг баззад сагъæссаг, мæгуырæй, 

Мах ма кастыстæм йæ фæдыл дардæй, дурдзавдау, æмырæй. 

 

Уый фæстæмæ дæр нæ фæкаст, цыд йæ фæндагыл сæрхъалæй. 

Ахса, рухскалгæ фæтулы, хурау, атагъайы далæ», — 

Автандилæн æй æвдыстой æмæ саудалынгæй, тарæй 

Сау тæхгæ 'фсургъыл ысуыдта йе 'ндæрг диссаджы хъайтарæн. 

 

Æмæ 'рцыд йæ зæрдæ йе 'муд, нал уыд раздæрау æнæ цин, 

Зæгъгæ, уал азы мæ хъеллау, хорз у, — дзæгъæлы нæ фæци, — 

Уыцы барæгимæ, гъеныр, кæд ыссариккам кæрæдзи. 

Лæг йæ бæллиццыл фæхæст и, уæд цынæ фыдтыл фæхъæцид. 

 

Дзуры: «Стыр бузныг, хæлæрттæ, рис мын аппæрстат мæ удæй, 

Уыцы саггуырды фæдагур рагæй хауæггаг, цæрддзу дæн. 

Уас Хуыцау кæрон ыскæна уе стыр сагъæссаг фыдудæн, 

Амонд бахуда сымахмæ, уе знаг, уе 'лгъитæг фæдуда! 

 

Ады фидиуæнæй, райгæ, æз æхсызгон цин куыд хатын, 

Афтæ сæнæниз уа тагъддæр, сыста уе 'фсымæр бæгъатыр!» 

Къухæй ацамыдта лæппу: «Уæртæ ме 'нцойы бынаты, 

Нæууыл аууоны улæфут, уым уал айтындзут уæ цатыр». 

 

Æмæ саргъыл февзæрд сагсур, бæх фæтъæбæртт ласта уадид, 

Цыма баст уари-цъиу феуæгъд, цыма бæхы уæнгты уад и, 

Цыма хуры фæстæ 'взист мæй арвыл тулгæ-тæхгæ уади, 

Уыйау, атагъайы 'рттывта æмæ 'хсызгон цинæй ради. 

 

Баввахс барæгмæ, — куыд кæна, — бафтыд сагъæсыл æрхуымæй: 

«Йемæ дзурыныл ысхæцон, — ноджы сызнæт уыдзæн уымæй. 

Лæг тыхст уавæры куы тындза, — нæй йын фервæзæн йæ зынæй, 

Зондджын чи у, уый йæ хъуыддаг хъавгæ бакæны уæзбынæй. 

 

Лæппу хъеллауаг, хъæддаг у, систа сонты цæрддзу иугæр, 

Æмæ адæмæй нæ уадзы йе 'ввахс, йе 'мгæрæтты никæй, 

Уæд куыд сæмбæддзæн мæныл дæр? Уæуу, куы февзида йæ цирхъæй! 

Иу нæ иннæйы ныммардзæн, стæй Хуыцау йæ зонæг — чи кæй. 

 

Нæ, цæмæн хъæуы рæуæг ми! Уæгъды схæцыдтæн дывæндыл 

Æмæ ме 'рхæндæг хъуыдытæ дардыл дзæгъæлы нывæндын: 

Искуы ма цæра, — нæ уыдзæн, хохы, лæгæты уа, хъæды; 

Уым ысфæлварон мæ тыхтæ, уырдæм ацæуон йæ фæдыл». 

 

Уайы диссаджы бæгъатыр ныр дыууæ 'хсæвы 'мæ боны, 

Нæ хæргæ каны, нæ — нуазгæ, додойæ фæллад нæ зоны, 

Автандил цæуы йæ фæстæ стонгæй, раст цыма зындоны. 

Уыйау йе 'гъуыссæг цæстытæ зилынц иудадзыгдæр доны, 

 

Бон та баизæр ис, дардæй хъил, хъуына къæдзæхтæ разынд, 

Се 'хсæн — сау лæгæт, йæ ныхмæ къæйтыл урс æхсæрдзæн хъазы. 

Донбыл лæгæты хъæлæсы дымгæ хъæзы дзыкку фасы, 

Дымгæ спæр-пæр кæны маргъау даргъдзонг, æрвæмбæрц бæласыл. 

 

Барæг азылди тæссармæ, Автандил йæ фæдыл касти, 

Барæг къæдзæхты 'хсæн доныл лæгæтмæ куыддæр фæраст и, 

Афтæ бæласыл ысхызти, бæх ын бæласы бын баст и, 

Размæ къалиуты 'хсæн ахылд, хъавгæ лæгæтмæ нымдзаст и. 

 

Кæс, куыддæр фæзынди хъæзы стайыцармдарæг бæгъатыр, 

Афтæ лæгæтæй йæ размæ рауад иу сылгоймаг сауты; 

Судзгæ сау цæссыгтæ 'рттивынц дардмæ даргъ цæстыты хаутыл. 

Лæппу 'ргæпп ласта йæ бæхæй æмæ сылгоймагыл атыхст. 

 

«Ехх, мæ хо Асмат, — зæгъы йын, — хид нæ къæхты бын ныккалди: 

Нал и, фесæфти, фæтары не 'рдаг, удыгага уарди». — 

Лæппу риухойгæ дзынæзта, мæтæй чызджы зæрдæ марди 

Æмæ с' алфамблай, ингæнау, æрдз дæр бамыр и, нынкъард и. 

 

Сæрмæ февналынц, бындзыггай бафтынц сау дзыккутæ хъæзыл, 

Æмæ се 'рдиаг, сæ ниудмæ къæйтæ, къæдзæхтæ ныхъхъæрзынц. 

Додой, сар кæнынц, сæ рустыл цæссыг тугхæццæ лæдæрсы. 

Автандил ныджджих сæ митæм, дардæй, хингондау, фæлгæсы. 

 

Чызг æрсабыр ис фæстагмæ, сыстад, саулохагмæ базылд: 

Систа йын йæ саргъ, ыстæй йæ уæртæ лæгæтмæ фæласы. 

Райста барæгæй дæр гæрзтæ, мидæмæ йæ разæй бацыд. 

Дарддæр лæппу æмæ чызгæй иу дæр лæгæтæй нæ разынд. 

 

Автандилыл катай бафтыд, — цæй, куыд рафæлгъауа хабар?.. 

Райсом бон æрбацъæх, чызг та рахызт, сатæгсау — йæ къаба. 

Бæхы баивтыгъта, бæхы сау тæхгæ стъалыйыл абар. 

Райста лæппу дæр йæ гæрзтæ, кæс — хæстон гаччы куыд абадт! 

 

Цирхъ, ызгъæр хæдон, ыстайдзарм, — у йын фидыцы хос алцы, 

Рараст, ногæй та йæ 'рвиты чызг цæссыгкалгæ йæ балцы. 

Уый йыл атыхсти рæвдаугæ, бæхыл абадт æмæ рацыд, 

Хъæзы доныбыл Асматы ниугæ, рустæтонгæ уадзы. 

 

Автандил та йæ хæстæгмæ федта, сусæг цинæй райы; 

Лæппу — милрихи, цæссыгдзаст, — мæнæ хур йæхи куыд найы! 

Цыма й' алфамблай парахат хъæзы буды хæрздæф тайы. 

Уый — домбай уæрыкк куыд мара, — афтæ рамарид домбайы. 

 

Барæг ацыди йæ фæд-фæд, ногæй уыцырдæм ныллæууыд, — 

Тагъд та быдырмæ ныххиздзæн, дæлæ хъæдвæндаг фæфæуы. 

Автавдил кæсы йæ фæстæ, — цæй, хуыздæр фадат цы хъæуы! 

Дзуры: «Стыр Хуыцау, мæ хъуыддаг уый мæ фæндиаг куы цæуы! 

 

Гъеныр лæгæтмæ — мæ фæндаг, чызджы бафæрсон æппæтæй: 

(Чи у саг лæппу, кæцон у, гъе, ныдздзыназы кæй мæтæй? 

Чызгæн ракæнон мæ хабар, — ам цæмæн тайын уæлхъæдæй, 

Уа мын, чи зоны, мæ зыны уый æххуысгæнæг йæхæдæг». 



<==    Комментарии (0)      Версия для печати
Реклама:

Ossetoans.com OsGenocid ALANNEWS jaszokegyesulete.hu mahdug.ru iudzinad.ru

Архив публикаций
  Января 2024
» О чем рассказали восточно-европейские руны
  Ноября 2022
» От Кавказа до Волги
  Августа 2022
» Кавказцы глазами русских: говорят архивные документы...
  Марта 2022
» К вопросу о заселении Фиагдонской котловины, по данным фамильных и народных преданий
» О новых именах в истории царственного дома средневековой Алании
  Февраля 2022
» К ВОПРОСУ ОБ УДЕЛЬНЫХ ВЛАДЕТЕЛЯХ УАЛЛАГКОМА ПО ФАМИЛЬНЫМ, НАРОДНЫМ ПРЕДАНИЯМ И АРХИВНЫМ МАТЕРИАЛАМ
  Декабря 2021
» Осетинская религия; религия осетин (Ирон дин)
  Мая 2021
» Иверская (Моздокская) икона Божией Матери
  Мая 2020
» Соотношение понятий Æгъдау, религия (дин), вера во внутриосетинской дискуссии
  Июля 2019
» Открытое обращение представителей осетинских религиозных организаций
  Августа 2017
» Обращение по установке памятника Пипо Гурциеву.
  Июня 2017
» Межконфессиональный диалог в РСО-Алании состояние проблемы
  Мая 2017
» Рекомендации 2-го круглого стола на тему «Традиционные осетинские религиозные верования и убеждения: состояние, проблемы и перспективы»
» Пути формирования информационной среды в сфере осетинской традиционной религии
» Проблемы организации научной разработки отдельных насущных вопросов традиционных верований осетин
  Мая 2016
» ПРОИСХОЖДЕНИЕ РУССКОГО ГОСУДАРСТВА
» НАРОДНАЯ РЕЛИГИЯ ОСЕТИН
» ОСЕТИНЫ
  Мая 2015
» Обращение к Главе муниципального образования и руководителям фракций
» Чындзӕхсӕвы ӕгъдӕуттӕ
» Во имя мира!
» Танец... на грани кровопролития
» Почти 5000 граммов свинца на один гектар земли!!!
  Марта 2015
» Патриоту Алании
  Мая 2014
» Что мы едим, или «пищевой терроризм»