Iriston.com
www.IRISTON.com
Цæйут æфсымæртау раттæм нæ къухтæ, абон кæрæдзимæ, Иры лæппутæ!
Iriston.com - история и культура Осетии
Кто не помнит прошлого, у того нет будущего.
Написать Админу Писать админу
 
Разделы

Хроника военных действий в Южной Осетии и аналитические материалы

Публикации по истории Осетии и осетин

Перечень осетинских фамилий, некоторые сведения о них

Перечень населенных пунктов Осетии, краткая информация о них и фамилиях, в них проживавших

Сборник материалов по традициям и обычаям осетин

Наиболее полное на сегодняшний день собрание рецептов осетинской кухни

В данном разделе размещаются книги на разные темы

Коста Хетагуров "Осетинскя лира", по книге, изданной во Владикавказе (Орджоникидзе) в 1974 году.


Перечень дружественных сайтов и сайтов, схожих по тематике.



Rambler's Top100 Рейтинг@Mail.ru Индекс цитирования
Статьи Словари
Здравствуйте, Гость
Регистрация | Вход
Опубл. 17.12.2006 | прочитано 5618 раз |  Комментарии (6)     Автор: Bakar
ИРÆТТ, ДЫГУРÆТТÆ, АЛАНТÆ...

ИРÆТТ, ДЫГУРÆТТÆ, АЛАНТÆ...
 

 

Иу диссаджы чиныг бакастæн, æмæ дзы разынди цымыдисаг хабæрттæ Скифты æмæ Сæрмæтты царды тыххæй. 

Чиныг хуыйны «Тайны империи Чингисхана». Ныффыста йæ Иоанн Горненский. 

Мæнмæ афтæ кæсы, цыма Чингисханы архайдмæ æркæсын бахъæудзæн бынтон æндæр цæстæнгасæй. 

Манголæн йæ фылдæр зæххытæ сты æдзæрæг. Чи сыл сæвæрдта ахæм бæлвырд ирон ном – Гоби (немой, глухонемой)? 

Гобийы фæзтæ сты парахат, ахæццæ сты Китаймæ дæр. 

С бæрзæнд хæццæ кæны 1200 метры онг. 5000 азы раздæр ис фыст китайаг æвзагыл ахæм хабар. Гобийы зæххытæ раздæр хуындысты Шасай – уыцы рæстæджы æдзæрæг нæ уыдысты. Уыдис дзы, цадтæ, сакъадахтæ, хъæдтæ, æмæ дзы цардысты алыхуызон Хуннаг адæмтæ. 

Китайаг фыстытæм гæсгæ ам тынг раджы, уыцы рæстæгæй нымайгæйæ, æрцард цыдæр æнахуыр адæмыхатт. Уыцы нымадмæ гæсгæ удон æрцардысты ам 8000 азы размæ, кæнæ ноджы раздæр. 

Хуыдтой сæ Ди æмæ Динлинтæ. Сæ хуыз уыдис европейаг, сæ цæсгом – урс, фæлурс цæстытæ æмæ урсбын сæрыхъуынтæ. Ныхас цæуы сæ ариаг хуызыл. Иутæ амонынц, Астæуккаг Азийы адæмтæ се ’ппæт дæр кæцæй равзæрдысты, ахæм бынат дам, у. Нæ рæстæджы бæлццæттæ куыд зæгъынц, афтæмæй Баян-Цаган-Уулы хæххон фæзыл (3457 метры бæрзæндыл) абон дæр цæры бæрзонд адæмы хатт, европейаг хуыз, урс цæсгом, даргъ дзыккуджынтæ, фæлæ, дам, никæмæ цæуынц хæстæг. 

Орхонскы цыртыл, китайагау фыст (арæзт æрцыд 732 азы ног эрæйы фæстæ) Хара-Баласагуне зæххыл амоны, зæгъгæ, хуссар змисзæххытæ, дам, сты динлинты райгуырæн бæстæ. Кæд, мыййаг, Хара-баласагуна амоны дыгурон æвзагыл Хæра-Бæласæгун. Æмæ кæд абоны дыгурæттæ рацыдысты Ди-тæй. Динлин та цы амоны ирон реликттæм гæсгæ? Дин-лин. Дин хæссынц иннæ адæмтæм. Скифтæ æмæ сæ Сæрмæттæ схуыдтой бирæ фæстæдæр. 

Их-Багд-Уулы хох нымад у табуйагыл. Йæ быны, дам, зæххы цыдæр адæмыхатт цæры. Сæ фенын, дам, у тынг зын. Хохы бын фæзтæ та хонынц Орог-Нура. О+рог+Нур+а. Æнцон цæрæн бынат – сæ мидис дыгуронау афтæ нæу? 

Дон Легин-гол. Гол – дон у мангойлагау, фæлæ цы у Лег+ин? Кæнæ лæгæты ном Цаган-Аг-уй? Кæнæ 100 километрон лæгæт къухæй арæзт тъунелтимæ Агартхи. Агæрт-хи. Куыд ма йын ис бæлвырддæрæй зæгъæн: сæхæдæг æй акъæртт кодтой. 

Æрхæссæм-ма цалдæр дæнцæджы. Æдзæрæг зæхх Макан (Ма+кæн). Денджызы былыл къæдзæхы ном Да-най-сань (Дæ-най-сæн). Ам уыдис наулæууæн бынат. Арæх дзы ис табуйаг хоты кой. Æрæджы райхъуысти ахæм хабар. Æссардтой дам цæгаты зæххы цыдæр сылгоймаджы мумии æмæ дам бынæттон адæмæн тынг хъыг уыди йæ сурæт æмæ йæ хуыз бынтондæр уыдис европейаг конд. Фæлæ уæддæр фидарæй æрдомттой цæмæй йæ æрласой фæстæмæ Мæсгуыйæ æмæ йæ йæ бынаты сывæрой кæннод дам æрцæудзæн тынг æстыр фыдбылызтæ.  

Дыууæ бæрзонд дуры сусæгдзинад абон дæр æргом нæу. Сæ ном у Менгир (Менг-ир). Кæй зæгъын æй хъæуы, ацы дуртæ амыдтой раст фæндаг ирæттæн, цæмæй ма фæдзæгъæл уой æдзæрæг змисджын зæххытыл. Æнæсгæрст лæгæты ном – Амаранта. Хохы ном Бага мацу Шань. Хъæддаг сæнæфсиры багатæй сæн скæнынмæ ма цу. Æвæццæгæн, тæссаг бынат уыди. Ам цы бынæтты кой цæуы, уыдоны алыварс ис обæуттæ, ныгæд дзы сты Скифтæ æмæ Сæрмæттæ. 

 

МАНГОЙЛÆГТЫ ДИН
 

 

Сæ фыццагдæр дин хуындис Бон. Зæххы къорийæн разамынд дæтты арвы фырт Ирлег-хан. Се ’ппæты тыхджындæр арвы тых хуыйны Тэнгри. Ам «Тэнг» цы амоны? Сæ бирæ хуыцæуттæй иуы ном хуыйны Умай. Ацы хуыцау баст у сывæллонгуырды хъуыддæгтимæ. У нымад сылгоймæгты хуыцауыл, цæмæй сывæллæттæ фылдæр гуыра. Æмæ куыннæ фылдæр кæндзысты, Умай куы архайа, уæд? Манголтæ уыдысты муртаккаг (язычники) адæм, фæлæ сæ хицæуттæ ард хордтой хуыцауы ном Ирогæй. Бафиппаинаг ныхасæн зæгъæн ис æмæ Абайты Никъалайы арæст зонынадон диссаджы мадзалмæ гæсгæ (реликтология) муртаккаг арест у дууæ хъуыдыйæ – мурты аккаг, Ома стыр хуыцау æмбарыны фаг зондахаст сæм нæма ис æмæ кувынц гыццыл хуыцæуттæм. Куыд уынæм афтæмæй дзырд «муртаккаг» дард лæууы «язичникæйы» цы мидис ис уымæй.  

Хæрзмæ узæлæг зæдтыл нымад у Дзол дзаягачи. 

Ис ма дзы дæлдæр лæууæг зæдтæ – онгон, изен, буран æмæ афтæ дарддæр. Ома, онг+он, и-зен, бур-ан

Адæймаджы уды конд сæм арæзт у афтæ: сулд – фыццаг, ами – дыккаг, санс – æртыккаг. 

Барабан дамаруйæ ды амаруй сырдтой хæйрæджыты рынчыны буарæй. Куыд уынæм, афтæмæй зæгъæн ис – мангойлаг тыхтæ æмбырд кæныныл Скифтæ æмæ Сæрмæттæ кусын раджы райдыдтой. 

Æмæ сæ кæй ныхмæ цæттæ кодтой? Цас сын радтой хæстон арæхстдзинад, уый истори равдыста. Монголты æрбабырсты фæстæ тугдзых Европæйы падзахтæ ферох кодтой фæндаг мин азы æмбæрц хурскæсæны æрдæм. 300 сæдæ азы бæрц монголтæ скифаланты зондæй хъахъæдтой уæрæсейы дæр уцы лæбурджытæй.  

Кæд ас-алантæ архайдтой фылдæр иу лæджы арæхстдзинадæй, уæд манголтæ та сæвæрдтой æмгуыппæй архайд. Хæстон наукæйæ фæраздæр сты иу мин азы. Æмæ ахæм æфсады ныхмæ чи хъуамæ фæллæуыдаид. 

Сæ хуыцауы æвæрд хæстæ сæххæст кæнынмæ тынг бацæттæ кодтой мангойлæгты æфсæдты нæ рагон фыдæлтæ. Фæлæ цæмæ уыдысты уæлдай мæсты Кавказы алантæм, цæмæ сфæнд кодтой сæ ныццæгъдын, сæ фесафын? Байхъусæм-ма нарты таурæгъты æмбæхст хабæрттæм. 

Рагон фыдæлтæн скæнæг хуыцау радта уæлдай бирæ хъару, ныфс, зонд, æфсæйнаджы куыст æмæ сæ йæхимæ æрбахæстæг кодта – бацамыдта ма сын уæлæмхасæн царциаты диссæгтæ. 

Алцæмæ цæттæ адæмы раз сæвæрдта иу хæс – бамбарын кæнын адæмтæн се ’ппæтæн дæр, хуыцау кæй ис, уый, æмæ, иунæг кæй у, уый дæр. 

Ацы хæс æххæст кæнгæйæ се хсæны цард æвæрд уыдис æртæ къахыл. Иутæ кодтой зæххы куыст, иннæтæ цæттæ уыдысты хæстмæ, аннæтæ та амыдтой зонд, къухдариуæг кодтой. 

Бирæ сын бантыст. Ницы сæ урæдта сæ куысты – нæ денджызтæ, нæ къæдзæхтæ. 

Канд Китайы, Японы, дард Хурæскæсæны нæ фæлæ ма иннæ зæххытæм дæр ахæццæ сты. Китайæн йæ фылдæр хайы архайдтой динлинтæ. Ныуагътой дзы стыр фæдтæ. Китайæгтæн сæ иутæ сты тугæй динлинты байзæдтæгтæ. Балтикæйы денджыз æнæхъуаджы нæ хуынди Скифты денджыз. 

Ахæццæ ма сты Америкæмæ æмæ Африкæмæ дæр. 

Америкæмæ сæ фæндаг уыдис Аляскæйыл. Аляскæ ирон реликттæм гæсгæ ис афтæ райхалын – Ал+яс+кæ. Ирæтты урыссæгтæ хуыдтой [b/] «яс»[/b]-тæ. «Ал»-та амоны ацæуын, ахæссын дарддæр дæ хæс, дæ хъуыддаг. «Кæ»-та у ноджы бæлвырддæр – «кæн». 

Цы дзы рауадис? Скифты æмæ Сæрмæтты дарддæр æвнæлд. Аляскæмæ бахизæны рæзмæ бацæттæ кодтой æнцойы бынæттæ. Сæ иу уыдис Анадырь. Йæ карз уавæрты тыххæй йæ схуыдтой Æнад Ир

Америкæйы цы фæдтæ ныууагътой, уый дæр тагъд сбæрæг уыдзæн реликтологийы фæрцы. 

Цалынмæ мангойлаг ирæттæ ацы куыстытæ кодтой, уæдмæ Хъырымы Скифтæ рох кæнын байдыдтой. Сæ хæс, сæ курдиат, æмæ сæ хæстон арæхстдзинад раздæхтой хæстон архайдтытæм – куы иуты сæрыл, куы иннæты сæрыл. 

Чи зоны, сæ къухдариуæгæнджытæ гæртæмттæ исын дæр райдыдтой, фæзындис сæм мулк, æмæ сæ тыхтæ фæкъаддæр сты. Иуныхасæй, III æнусы сæм Готтæ ныббырстой, æмæ Скифты паддзахад фесæфти. 

Сæ фæстæ ма цы алантæ баззад, уыдон сабыргай сæ къæхтыл слæууыдысты æмæ, куы стыхджын сты, уæд æнæ разамонджытæй кодтой къордтæ æмæ цыдысты æххуырсты хæстонтæй. 

Райдыдтой тугвæллойы куыст. Арæх дæр-иу хæцыдысты кæрæдзиимæ. Мыздыл хæцæгæн цы уæлдай у, кæй мара, уый. Кæй амарай, уымæн йæ хæцæгæрзтæ – марæджы. 

Мæнмæ афтæ кæсы, æмæ мангойлаг Скиф-Сæрмæттæ æмæ Алантæ хорз зыдтой Причерноморскы Аланты уаг, æмæ сæ уæд сфæнд кодтой ныццæгъдын. Ирон фæрнджын фынг аззадис уыдонмæ дыууæ къахыл – зæххы куыст ма дзы чидæртæ кодта, фæлæ разамонæг, зондамонæг нал уыдис. Азæй азм знæтæй знæтдæр кодтой. 

Æмæ мæнæ абон уынæм уыцы Аланты байзæттæгты. 

Стыр бæрнон бынæтты бахауой куыстмæ, кæнæ гыццыл бæрнон бынаты, лæгæй, лæппуйæ, усæй, чызгæй-кæнынц сæ ратонайы куыст, æфсарм æмæ æгъдау ивынц иу сомыл. 

Æркæсæм нæ ног пъагонджын Алантæм. Стигъынц æгъатырæй, сæ къух кæмæ æххæссы, уыдоны. 

Стигъын та нымайынц уæздандзинадыл, лæгдзинадыл. Царциаты диссæгтæ. 

Афæстаг рæстæджы ГАИ-йы кусджытæй фехъусын ахæм ныхас: «дæ уæздандзинад скæн æмæ дардæр цу». . Раст зæгъгæйæ, ацы инспектортæ бирæ нæ фæдомынц – иу 50-100 сомы. Уæздан адæм сты. 

 

© Дзиццойты Зауыр 

10.03.06 г. 

 

 



<==    Комментарии (6)      Версия для печати
Реклама:

Ossetoans.com OsGenocid ALANNEWS jaszokegyesulete.hu mahdug.ru iudzinad.ru

Архив публикаций
  Января 2024
» О чем рассказали восточно-европейские руны
  Ноября 2022
» От Кавказа до Волги
  Августа 2022
» Кавказцы глазами русских: говорят архивные документы...
  Марта 2022
» К вопросу о заселении Фиагдонской котловины, по данным фамильных и народных преданий
» О новых именах в истории царственного дома средневековой Алании
  Февраля 2022
» К ВОПРОСУ ОБ УДЕЛЬНЫХ ВЛАДЕТЕЛЯХ УАЛЛАГКОМА ПО ФАМИЛЬНЫМ, НАРОДНЫМ ПРЕДАНИЯМ И АРХИВНЫМ МАТЕРИАЛАМ
  Декабря 2021
» Осетинская религия; религия осетин (Ирон дин)
  Мая 2021
» Иверская (Моздокская) икона Божией Матери
  Мая 2020
» Соотношение понятий Æгъдау, религия (дин), вера во внутриосетинской дискуссии
  Июля 2019
» Открытое обращение представителей осетинских религиозных организаций
  Августа 2017
» Обращение по установке памятника Пипо Гурциеву.
  Июня 2017
» Межконфессиональный диалог в РСО-Алании состояние проблемы
  Мая 2017
» Рекомендации 2-го круглого стола на тему «Традиционные осетинские религиозные верования и убеждения: состояние, проблемы и перспективы»
» Пути формирования информационной среды в сфере осетинской традиционной религии
» Проблемы организации научной разработки отдельных насущных вопросов традиционных верований осетин
  Мая 2016
» ПРОИСХОЖДЕНИЕ РУССКОГО ГОСУДАРСТВА
» НАРОДНАЯ РЕЛИГИЯ ОСЕТИН
» ОСЕТИНЫ
  Мая 2015
» Обращение к Главе муниципального образования и руководителям фракций
» Чындзӕхсӕвы ӕгъдӕуттӕ
» Во имя мира!
» Танец... на грани кровопролития
» Почти 5000 граммов свинца на один гектар земли!!!
  Марта 2015
» Патриоту Алании
  Мая 2014
» Что мы едим, или «пищевой терроризм»