Цагъар мæм æрхаста чиныг: «Чи уа?» — бафтыдта мæ дисыл.
Уый Асмат фыста, мæ сагъæс уайтагъд аскъуыдис æмбисыл;
Зæгыæ, хурзæрин дæм сиды, цин дын рухс амонд æлвисы,
Рацу тагъддæр æмæ сисай къух дæ сагъæсыл, дæ рисыл.
Фестад булæмæргъ мæ зæрдæ æмæ мин æвзагæй зарыд.
Бон æризæр и, фæраст дæн, хъавгæ, дидиндоны дуарыл.
Тыргъмæ бахызтæн, Асмат та кастис уым æнхъæлмæ тары.
Худгæ «Рацу, домбай, — дзуры, — мæй дын йе 'рвон тынтæ хъары».
Райдзаст, фвдыцы хæдзармæ бахызтис Асмат мæ разæй,
Разынд мидæгæй цырен мæй æмæ рухсы уылæн разæй.
Бадт цъæх дариты фæлыстæй, цыма уалдзæг уыд æгасæй,
Хины диссаджы зæрдæскъæф — уæнгты 'лвæст кондæй, æнгасæй.
Уатмæ бацыдтæн, мæ зæрдæ фестад тайгæ цырагъ уарзтæй.
Уый æмбисæхсæв мæ удыл ракаст ирд райсом цъæхдзастæй.
Исдуг рухс хуры мæ разы дардта йе 'фсарм цыма бастæй,
Гъе стæй амонды хай бадæн æз йæ иу хъуызгæ фæкастæй.
Дзуры чызг, Асмат, зæгъ, дам, ын, амирбар чысыл куы 'рбадид.
Уый мын гауызыл йæ разы авæрдта фæлмæн баз уадид.
Базыл арæхстгай æрбадтæн, зæрдæ рухс амондæй тади.
Диссаг, — цардæгасæй мысын: уд йæ ныхæстæм куыд ради!
Чызг мын загъта, зæгъгæ, зонын, ибон ме 'мырыл фæхъыг дæ;
Хурæй, двдинау, фæцух дæ, ноджы бампылдаис тынгдæр,
Æмæ калдтаис дæ рустыл сау зæрдæхалæн цæссыгтæ,
Фæлæ ме 'вæндæй дæ разы стыхстæн, æфсæрмæй нындзыг дæн.
Чызг нæлгоймаджы раз хъуамæ ма уа афтæ 'ргом, — æмбарын,
Фæлæ мин хатты зындæр у риуы сусæг сагъæс дарын.
Размæ худгæ кодтон арæх, удыл сусæг цæссыг уарыд,
Уым дын ме 'рвыст чызг дзырдтаид, — æз цы дудгæ фыд æвзарын.
Мах цы бамбæрстам кæрæдзи, уымæй сау ингæны дуармæ,
Зон, мæ зæрдæйæн йæ рохтæ раттон барвæндонæй д' арммæ.
Дæу цы бон фæсайон, — зæхх мæ айсæд уыцы бон йæ тармæ,
Фараст ирд арвæн фæцух уон æз сæ рухс æмæ сæ хъармæй!
Хатаетмæ бабырс, кардæй сау фыдгулы риумæ баххæсс,
Раттæд дын Хуыцау уæлахиз, бафид де 'фсæддон уæззау хæс!
Фæлæ де 'рцыдмæ куыд быхсон æз, куыд уромон мæ сагъæс?!
Уадз-ма де 'рдаг зæрдæ мемæ, уый хыгъд ме 'рхæндæг уд ахæсс!»
Чызгæн загътон, зæгъын, «Радтай ды мæнæн цæрæнбон иугæр,
Фестад заргæ уадындз зæрдæ, никуы нал кæндзæни ниугæ.
Ныр мæ цæстыты хæсдзынæн æз дæ хурвæлгонц æрттивгæ.
Тохы не 'рлæудзæн мæ ныхмæ Хатаеты 'фсæдтæй иу дæр.
Ды цы сныв кодтай мæ удæн, уый бæрц амонд æм æрхауа, —
У зæххон лæгæн йæ царды уый æгæр ыстыр, æвгъауаг.
Æз дæу уарздзынæн, мæ уарзтæй рæстæг бирæ дæр куы хъауа,
Судздзæн, цалынмæ мæ зæрдæ дæлкъæй, сыджыты бын бауа».
Дины уаз чиныг дын райстам, ард куы бахæриккам карзæй;
Уыцы хурты хур фæрæвдз и, сомы ракодта мæ разæй:
«Æз мæ зæрдæйæн куы зæгъон искуы 'ндæр искæмæй: «уарз æй»,
Фон Хуыцауы 'лгъыст, мæ цинтæ уайтагъд акæлæнт мæ фарсæй!»
Цъусдуг абадыстæм, кодтам адджын уарзоны ныхæстæ,
Иумæ бахордтам дыргътæ дæр, фæлæ 'рхæндæг уысм æрхæстæг
Æмæ сыстадтæн цæуынмæ æз æнкъард æмæ фæлмдзæстæй,
Зæрдæ сыгъд йæ уарзтæй, артау, æмæ зылд мæ сæрыл бæстæ.
О, куыд зын мын уыд фæхицæн уыцы рухсалдзæн зынг хурæй!
Гадтæн аивæй йæ цинæй, къах мæ нал хаста йæ цурæй.
Цыма 'рвон тыгъдады стъалы худт мæ удимæ мызулæй.
Диссаг, — йе сæфт ын уромын, у бæлвырд мæ зæрдæ дурæй!