Бæхыл абадтæн сæумæйæ, «уасгæ сыкъатæй!» — фæсвдтæн.
Фенкъуыст ме 'фсады цъæх денджыз, — цыма уадтымыгъы 'хсидтæй.
Кæс, домбайæн, зæгъын, тугæй кæд нæ бафидой йæ фиддæн!
Тагъдæн уадыстæм тæссæртты, дæттыл чи ма фарста хидтæ?!
Инди баззадис фæстейæ æмæ рыджы змур æврагъæй
Рахызт минæвар мæ размæ номдзыд хан — Рамаз-паддзахæй.
Уый мын фидиуæн æхсызгон къулсæрæй куы зæгъид ахæм:
«Уæууа, 'ргæвддзысты уæ сæгътæ ныр нæ бирæгъты дæр махæн!»
Йемæ 'рбахаста мæ номыл хуын йæ паддзахæй æгъуыстаг.
Дзуры: «Хатыр, дам, нын бакæн, кæд дæ бардзырдмæ нæ хъуыстам,
Мах дæ карз фыдæхæй бахиз, арвæй минæвар æрвыстау,
Кард нæм ма райс æмæ мæнæ, айс — цы нæ фыстам, цы фыстам.
Сайдтам, — зонæм æй нæхæдæг, ныр нæ фæсмон у нæ лæгъстæ:
Зæдтæй курæгау дæ курæм, ма 'ркæ де 'фсады нæ бæстæм,
Æмæ де 'нæбон цагъартæй ма 'рдом тугхъалон фыдхæстæн,
Рацу де 'мсæртимæ, мах дын фидар раттынмæ цæттæ стæм».
Æз мæ визиртæм фæсидтæн, хъуыддаг райдыдтам æвзарын.
Загътой: «Бахатыр кæн, диссаг нæу фæрæдийын дæ кары,
Зонæм не знаджы, — йæ сау марг, калмау, арф æмбæхст фæдары;
Уым дыл ма разила сайдæй, Инди ма бахауа сары!
Ацу, иу чысыл къорд акæн демæ де 'хсарджын хæстонтæй, —
Де 'фсад де 'ввæхсты куыд цæуой, — уа сæм басидæн æнцонтæй.
Ард-иу бахæрын кæ знагагн, сайынмæ куы хъава зондæй,
Уæд фæсид æмæ нæ разæй, кæс, куыд фæлвдзæг уа сонтæй».
Райстон визирты уынаффæ, загътон минæварæн, — разы;
Фæлæ уайгæ, зæгъын, тагъддæр æмæ бабуц кæн Рамазы.
Царды ма баив мæлæтæй, хох дæр не 'рлæудзæн нæ разы.
Мах чысыл къордæй фæцæуæм; ам мæ бирæ 'фсæдты уадзын.
Æмæ 'ртæ сæдæ хæстоны мемæ ме 'фсады хуыздæртæй
Цырд фæцагайдтой сæ бæхтæ, калынц цæфхæдтæ цæхæртæ,
Дæрддзæф ме 'ннæ 'фсад дæр уайынц, дарын се 'ххуысыл мæ зæрдæ.
Ис сæм бардзырд æмæ — исты? — уæд æлвæст ысты сæ кæрдтæ.
Уайæм быдыры 'ртæ боны, хан мын ног хуынтæ рарвыста:
Алы хорз дарæс, — чи зæгъдзæн: хъалон ацы лæг нал фыста!
Дзуры минæвар, йе сныхас у зæлдаг таджы балвыстау:
«Хан дæм тынг бæллы, уæвгæ, дам, бирæ ницы 'гъдау равдыстам,
Фæлæ рахæссы дæ размæ алы лал фæрдыг, цыкура,
Тагъд дыл фембæлдзæн, дæ фенд ын у мæйдары фæстæ хурау».
Загътон: «Рацæуæд, уыдзынæн разы, — хатыр мæ куы кура
Æмæ стæй, зæгъын, кæрæдзи уарзæм фыд æмæ хъæбулау».
Ног цæуæм. Нæ фæллад иу ран уадзæм тар хъæды дæлбазыр,
Ханы минæвæртты къорд та уайтагъд табугæнгæ 'рбазынд.
Уый хуындзау куы сты, сæ фæдыл, кæс, æдсаргъ æфсургътæ ласынц,
Дзурынц: «Де 'рцыдмæ бæлгæйæ дардæй хицæуттæ дзыназынц.
Хан дæр рацæуы дæ размæ, кадæй къæлæтджынæй сыстад.
Райсом фембæлдзыстут, махæн разæй рарвыста йæ ныстуан».
Ханы минæвæрттæн нæууыл цатыр айтыгыон æгъуыстаг,
Æмæ уазджытæн сæ хуыссæн уыд зæдбадæны фæлыстау.
Лæг цы хорз ракæна царды, уый тъымы-тъыма нæ сæфы:
Иу мын минæвæрттæй загъта ханы сау фыдвæнд йæ цæфыл.
Уый мæм аивæй æрбацыд уыцы саудалынг æхсæвы,
Дзуры: «Хæс мыл и сымахæй, ахсæв уымæн дæн æнæ фын.
Æз дæ хорз фыдæй рæвдыд дæн, æз — дæ фыды къухæй хъомыл.
Ам фыдвæнд æрцыд мæ хъустыл æмæ басастон мæ сомы;
Нæу мæ цæстыты бон, феной: сау калм уардийы куыд тоны,
Фæлæ хъус, мæ хур, æппæт дæр æз бæлвырд-бæрæгæй зонын;
Зонын, гадзрахатæй, сайдæй хан ысфæнд кодта дæ марын;
Иу ран йе 'фсадæй дæ разы уый сæдæ мин лæджы дары,
Бадынц иннæ ран æртывæр; хъахъхъæ, къæппæджы дæ 'ппары,
Фердæх, цалынмæ дæ сæрыл туг цыхцырджытæй нæ уары.
Хан дæ 'лхæндзæни йæ хуынтæй, калмау, бамбæхсдзæн йæ хъæстæ;
Арт сæ фæдисы нысан у, мигътыл аныдзæвди фæздæг, —
Се 'фсад д' алыварс æртыхсдзæн, хъæр, ызмæлд ысуыдзæн бæстæ;
Иу лæг мин лæджимæ тохы, цæй, цы рамбулдзæн йæ хæстæй!»
«Бузныг, — загътон ын, — мæ фыдæн у йæ фæткыл хæст йæ фæдон;
Хорз дын бафиддзынæн хорзæй, кæд сæрæгас уон, æвыд уон.
Ацу де 'мбæлттæм фæстæмæ, мацы ма фæхатой уыдон.
Дæу куы ферох кæнон искуы, — фон æлгъыст æмæ дывыдон».
Хъуыддаг не схъæр кодтон, арф æй дардтон зæрдæйы æмбæхстæй,
Царды 'рцæуинаг æрцæудзæн, ис æппæтæн дæр йæ рæстæг.
Фæлæ ме 'фсадмæ фæдисы уадид арвыстон фæдзæхстæй:
«Хæхтæ, быдыртыл æмгуырæй тагъддæр ратындзут мæ фæстæ».
Бон куы 'рбалæууыди, — худгæ загътон минæвæрттæн барæй:
Ханæн радзурут: «Фæрæвдз кæ, тагъддæр фембæлæм хæларæй».
Ног фæцыдыстæм æмбисбон мах æдас æмæ сæрхъалæй, —
У хъысмæты бар лæджы цард, нæй нын бамбæхсæн адзалæй.
Рындзæй ахъахъхъæдтон, иу ран, — сау рыг атагъайы сыстад;
Загътон: рацæуы мæ ныхмæ уыцы хинæйдзаг, æлгъыстаг.
Рацу, ра, мæнгард, дæ риуыл бавзар ме 'хсаргард — цыргъыссад!
Дзурын ме 'мхæстонтæн: «Бахъуыд, ныр домбайы 'хсар — æгъуыстаг!
Мæнæ тохы бон ныккодта, — хан ныл рацыди мæнгардæй.
Гъæтт, æфсымæртæ, фыдгул уæ макæй ма фенæд уæнгмардæй.
Чи уа паддзæхтæн сæрнывонд, уый дзæнæт æлхæны цардæй.
Кард ызнагмарæн у, цомут, науæд чи цы хъавы кардæй?!
Раттон тохвæдисы бардзырд æмæ ме 'фсæддонты бардзæй
Уайтагъд акодта йæ уæлæ алчи згъæр цæнгдыстæ, заддзæг.
Бæхмæ февзыстон: «Мæ фæдыл!» — уадау фенкъуыстыстæм, мардзæ!
Æмæ, цин дын фенон, хорз сæм хъавæм карды комæй, арцæй!
Мах хæстифтонгæй куы суыдта, уæд фыдгул фæтыхст, фæсæццæ:
Уайтагъд хид-калгæ мæ размæ ханы минæвар ысхæццæ.
Дзуры: «Бадзырды ныхасы уый бæлвырд цыдæр ысхæццæ,
Æви 'лвæвст кардæн кæд искуы хъæды фесæфтат йæ кæрддзæм?!»
«Ацу радзур, — зæгъын, — ханæн: мах дæ нал хъæуы быддауын,
Ныр дæ хин фæбадт дæ. хъуыры, зонын, сайдтай мæ, фыдгауыр!
Фæлæ рацæут, нæ тыхтæ тохы бавзарæм æгъдауыл,
У мæ фæринчы болат ком сарат, — нал æй хъæуы дауын».
Бацыд минæвар Рамазмæ, здæхгæ нал ракодта. Уадид
Арт ныггуыпп ласта, йæ фæздæг зилгæ сау мигътыл ысуади;
Мæнæ фенкъуысти, лæсæнау, — ханæн хъæды 'мбæхст цы 'фсад и,
Фæлæ, Стыр Хуыцау, дæ фæрцы а лæппу сæрæгас зади.
Танхъа згъæр хызимæ 'ркодтон, арц бæрзонд мæ сæрмæ систон,
Туг хæстмонц пиллон ысуагъта, кардæн балхъывтон йæ фистон.
Дардыл ранхъæвз-банхъæвз систа мах къорд, раст цыма у 'взист дон.
Мах — æртах, нæ фыдгул — денджыз, нæй мæ тас уæддæр — ныцъцъист уон.
Се 'хсæн февзæрдтæн, «æрра у», — загътой джихтæгæнгæ, тарстæй.
Æз сæ сæйраг къордмæ ноджы фесхуыстон мæ саулох раздæр.
Арц фæцарæзтон, æрфæлдæхт лæг æд бæх, фæсастис арц дæр,
Кард фæрцъортт ластон, ныммæлæн ма уа йе скæнæгæн, уастæн!
Раст ма цъиусуры фæзындæй афтæ схъомпал вæййынц зымтæ;
Иуы иннæуыл ныххуырсын, мæрдтæй амайын къуылдымтæ.
Барæг асхъиуы мæ цæфæй, цъилау нал лæууы йæ зылдæй.
Раззаг дыууæ къорды 'фсæдтыл ныр дзыназдзысты сæ сылтæ,
Фæлæ 'ртыгуыр ысты мæнæ, цъахтау, м' алыварс фыдгултæ,
Дасын, нал мæ ис уромæг, туг фæйнæрдыгæй ыскултæ.
Кардæй — цъыкк æмæ сæ 'рфадын, сæргътыл аззайынц зæбултæй,
Иу сæ нал лæууы мæ ныхмæ, фесты додойаг сæ удтæ.
Ноджы хъахъхъæнджытæн райхъуыст рагъæй се 'рдиаг, сæ хъæртæ:
«Арв ныл рахæтыди, — лидзгæ, тагъддæр бафснайут уæ сæртæ,
Зилгæ рацæуы нæ ныхмæ сау рыг, сау лæсæнау, уæртæ.
Уый бæрц хотыхджын æфсæдтæн мах сæ уындæй дæр — тæсмæрдтæ!»
Ме 'фсад ракодтой æхсæвдзу, зæхх сæ къæхты бын ызмæлы,
Ме 'фсад нæ, фæлæ, цæвиттон, дуне рацыдис ыстæры, —
Байдзаг, атагъа сын не сфаг, се 'рдæг хохфæхстыл æфсæры,
Уасынц уадындзтæ фæдисæй, хъуысы гуымсæгтæн сæ нæрын.
Уый нæ фыдгултæ куыд федтой, афтæ схъомпал ысты, цъахтау,
Лвдзынц тугамæхст быдыры, сурæм сæ фæстейæ мах та.
Ханы йе 'фсургъæй æристон, басаст, йе схъæл сæр æруагъта.
Йе 'фсад баисты нæ уацар, саст фыдызнæгты нæ цагътам.
Сурæг лидзæгыл фæхæст и, 'взидæг хъавæгмæ фæраздæр,
Калдтой ханы 'фсад сæ гæрзтæ, бафтыд се 'дыхыл сæ тас дæр.
Истой ме 'хсæвдзу хæстонтæ знагæй се 'гъуыссæджы маст дæр.
Æмæ хурныгуылды уæлдæф байдзаг тарст лæгты цъæхахстæй.
Тох кæм ахæццæ кæронмæ, уым ысфæнд кодтам улæфын.
Карды фындз æруад мæ цонгыл, фæлæ не стыхстæн мæ цæфыл.
Ме 'фсад м' алфамблай — тыгуыртæ, дымгæ цины хъæртæ скъæфы,
Райынц, дис кæнынц мæ тохыл, ме 'нгасæй сæ фæллад сæфы.
Кад мын ахæм уыд, — ысхуыдтой мæн ысгуыхт лæгтæн сæ хуыздæр.
Чи куыд барджынæй мын кодтой ме 'фсад пъатæ 'мæ хъæбыстæ.
Ме 'мсæр хистæртæн мæ цинæй калд сæ цæстысыг, зæххыстæн.
Диссаг, басастай, дам, ханы уыцы иу домбай рæхуыстæй.
Загътон ме 'фсæддонтæн, — ацыт, рассивут сæ мулк фыдгултæн.
Уыдон се 'мыдзагæй хастой бæхтыл хордзентæ, дзæкъултæ.
Тох мæ нал бахъуыди дарддæр, тугæй нал ыскодтон'култæ.
Раттой алцы дæр ызнæгтæ, фæсвæд нал бамбæхстой мур дæр.
Дзурын хинæйдзаг Рамазмæ: «Ды къæппæг æвæрдтай махæн,
Ныр дæхæдæг дæ йæ мидæг, фæлæ де 'нæууæнк уд балхæн:
Байтындз фидæртты дыуæрттæ, табу кæн нæ хорз паддзахæн,
Науæд ма рахъаст кæн, — сомбон дæу куы бакæнон хæдзархæлд».
Хан сæргуыбырæй: — «Мæ хъысмæт абадт де 'хсаргарды комыл, —
Цæй, цы бон мæ ис, æрмæст дæ иу лæг ме 'муæздæттæй домын.
Уымæн арвитон ныртæккæ бардзырд фидаргæсты номыл.
Æмæ 'ппæт уыдзæн дæ къухы, — ард хæрын, кæнын дын сомы!»
Ханы 'взæрст лæгймæ иумæ иу къорд арвыстон æфсæдтæ
Æмæ фидаргæсты 'ркодтой Хатает-бæсты кæрæттæй. —
Раттой фидæрттæ, мæнæй-ма, цæф нæ фесты, цы, — сæрсæттæн!
Семæ цас хæзнатæ 'рхастой, — нæй сын бахынцæн æнцæнттæй.
Гъе, 'рмæст уый фæстæ бацыдтæн Хатает бæстæм барджынæй,
Ныр сæ хæзнатæ равдыстой, ма 'гъгъæл — мисхал дæр хъаджджынæй!
«Аргъуыц ма кæнут, ма тыхсут», — загътон адæмæн адджынæй, —
Хурæй судзынæй ма тæрсут, — рухс уыл таудзæни кадджынæй».
Систон хæзнатæ нымайын, алцы бабæстон, æрцæттæ.
Уыд зынаргъ дурæй мæ разы бур, сæнтсырх æмæ цъæх цæттæ.
Се 'хсæн разындис æнахуыр къаба, диссаджы сæрбæтгæн.
«Бафсæд адонмæ кæсынæй, — загътон хинымæры, — дæттæй!»
Ау, цы сæ сфæлдыста? — Дисæй кодта сæры зонд дзæгъæлтæ; —
Нæй, нæ бафтыдысты къухы уыцы сусæджы дæгъæлтæ.
Се 'ндыгъд, хауæнгом цæгбыдæн нæй хуымæтæджы зæгъæн дæр,
Раст, æндонæхсыстау, фвдар, калдтой мидрухсæй цæхæртæ.
Уыдон хицæнæй мæ хурæн æз куы бафснаин лæварæн,
Гъе стæй хæзнайы хуыздæртæ дарддæр паддзахæн æвзарæм.
Æмæ мин теуайы уаргъы уымæн рарвыстон хæларæй,
Ноджы 'хсызгон цин — Рамазы, зæгъын, басастон æхсарæй.