Тариел æмæ йæ къайæн амонд цинты цин æрхаста:
Лæппу схицау ис, йæ къухмæ авд паддзахбадæны райста.
Райста, зæрдыл ма кæм лæууыд ныр сæ раздæры фыдмаст та;
Маст цы лæг нæ фена царды, — цинæн никуы скæндзæн раст аргъ.
Иумæ сбадтысты, нæ калдта хур дæр уыдонау цæхæртæ.
Гуымсæг нал æнцади, зæрдæ тадис уадындзы зынг зæлтæм.
Радтой саггуырдæн йæ къухмæ бартæ, хæзнаты дæгъæлтæ;
«Мæнæ, гъе, зæгъгæ, нæ паддзах», райгæ хъуыстысты сæ хъæртæ.
Автандил æмæ Придон дæр хицæн къæлæтджынтыл — уæртæ,
Бадынц кадылдард паддзæхтæ, райы фысымтæй сæ зæрдæ.
Уаз, хуыцауысконд хъайтартæ — номдзыд дыууæ дæр — æмсæртæ,
Ног мæлгъæвзагæй фæдзырдтой уым сæ дард балцы хабæрттæ.
Цæл, минас нæртон ысцырын, дардыл рабадтысты хъалтæ,
Сырæзт диссаджы чындзæхсæв, фынгтыл хæлц — рæдзагъдæй, калдæй,
Хастой хорз хуынтæ, лæвæрттæ уым зынаргъ уазджытæм цалтæ!
Хастой, не 'вгъау кодтой, уæрстой цауд, мæгуыр адæмæн лал дæр.
Автандил æмæ Придоны Инди се 'ппæт кадыл дардтой:
Уый, уæ фæрцы, дам, кæрæдзи не 'рдаг хурзæринтæ ссардтой.
Кодтой табутæ, сæ удтæ бацин, балæггадыл хъардтой,
Уыд сæ уд, сæ дзæцц æрмæстдæр-уазджытæн æгъдау куыд радтой.
Тариел Асматмæ дзуры: «Ды куыд фæрыстæ мæ мæстæй,
Афтæ, 'вæццæгæн, нæ фæрыст никуы хицауыл йæ кæстæр.
Ныр йæ иу æвдæм хай мæнæ айс мæ паддзахад, мæ бæстæн,
Немæ адджынæй, æмудæй уым æнус æрвит дæ рæстæг.
Мой ыссар дæхи фæндиаг, дар дæ зæххытыл дæ бартæ.
Уым ныл макуы сив дæ зæрдæ, уым ныр ус-паддзах, æддар дæ».
Чызг йæ разы 'рхауд: «Мæ удæн радтай ды ныфс дæр, æхсар дæр,
Уон дæ сау цагъар, æгæр мын у уый рухс амондæн, цардæн?»
Бадынц саггуырдтæ минасы уым сæ зæрдæйы барвæндыл,
Хастой уазджытæн алы хуын, — цинтыл чи лæууыд, арфæтыл:
Амæй ай хуыздæр — дугъон бæх, амæй ай хуыздæр — лал фæрдыг!
Фæлæ 'ппынфæстаг Автандил фенкъард, бадын æй нал фæндыд.
Тариел фæхатыд, йе 'рдхорд уадзы пиллон арт фыруарзтæй.
Дзуры: «Уый мæ кæд дæхимид диссæгтæ нæ фæдæ хъастæй;
Уæууа, де 'нкъард хуыз мын мæнæ ивы м' авд сагъæсы астæй,
Аздæх, хорз, — хъысмæт рæвдауæд ног мæн цины бæсты мастæй».
Нурадин дæр уæд: «Фæцæуон, хицау нæй мæ зæхх, мæ донæн.
Ныр ыснæмдзынæн фæндæгтæ, — ардæм нал ысты зын зонæн.
Сæр куы бахъæуа, — фæсид мæм, ратт мын хæс — кæстæр фæдонæн;
Сагæн суадонмæ цæуынау, уый æхцон уыдзæн Придонæн».
«Аздæх, — уымæн дæр ысразы, — иугæр тынг дæ зæрдæ 'хсайы:
Рох мæ ма фæкæн, зын-иу мæм, саглæг ардбахæрд нæ сайы».
Автандилмæ баздæхт фысым: «Цæй, бæргæ мæ уд дæ зайы,
Фæлæ, сахъ домбай, дæ уарзтæй уым дæр мæй, цырагъау, тайы».
Ростеванмæ йын æрвиты дарæс — зæрдæ хорз цы куры.
Алы диссаджы зынаргъ дур, — цыма хуры цæст и дуры.
«Ахæсс, адон ын мæ номæй ратт зæрдылдарынæн», — дзуры.
Автандил зæгъы: «Куыд уыдзæн, æмæ мауал уон дæ цуры?»
Нестан арвыста йæ хойæн ахæм къаба 'мæ кæлмæрзæн,
Тинатин æмæ йæхæдæг — с' аккаг уыдонæн æрмæстдæр;
Ноджы иу фæрдыг — æгъуыстаг, уый цы лæг хæсса — йæ цæстæн
Дардыл рухс-рухсид уыдзæнис, бонау, тар æхсæв дæр бæстæ.
Абадт йе 'фсургъыл Автандил, хион ахицæн хионæй.
Дыууæ сагсуры 'руадысты судзгæ сагъæсы пиллонæй.
Фегуырд Индимæ сау цæссыг — быдыр разынди чъиллонæй.
Автандил дзуры: «Мары мæ м' адзал мин рынæй, мин сонæй».
Автандил æмæ Придон ма иумæ рауадысты цасдæр;
Тагъд фæхицæн ысты ниугæ, бацыд саджил фæндаг с' астæу.
Се 'гъдау бакодтой уæзданæй, — нæй сæ хъаруйыл ныхас дæр...
Автандил фæзынд, Арави райынц, — фервæзтысты мастæй.
Бæсты рухс фидыц æрыздæхт, цин æхсæрдзæнтæй ивылы;
Йе 'рдаг хуры фенгæ, лæппу февзæрд амонды тыфылы;
Райгæ 'рбадт йæ цуры, судзы уазтын мидбылхудт йæ былыл.
Арв нысан кæны паддзахæй Ростеваны уый йæ быныл.
Уыцы 'ртæ паддзахы стæй дæр афтæ тынг кæрæдзи уарзтой, —
Иу сæ цин уыд, иу — сæ сагъæс, иумæ се 'ппæт цард ысбастой;
Иумæ сау фыдгул ызнæгты сарат карды комæй карстой;
Дардыл айтыгътой сæ бартæ, бирæ ног зæххытæ байстой.
Митау алкæуыл æмхуызон алы ран сæ рæвдыд уарыд.
Алчи — сидзæрæй, идæдзæй федта рухс, — мæгуыргур нал уыд.
Сау, хæрамзæрдæ фыдгæнæг уыд сæ фыдæхæй зынгарыд.
Ныр сæ бæстæты мыггагмæ бирæгъ сæгъимæ хæлар уыд.