Iriston.com
www.iriston.com
Цæйут æфсымæртау раттæм нæ къухтæ, абон кæрæдзимæ, Иры лæппутæ!
Iriston.com - история и культура Осетии
Кто не помнит прошлого, у того нет будущего.
Написать Админу Писать админу
 
Разделы

Хроника военных действий в Южной Осетии и аналитические материалы

Публикации по истории Осетии и осетин

Перечень осетинских фамилий, некоторые сведения о них

Перечень населенных пунктов Осетии, краткая информация о них и фамилиях, в них проживавших

Сборник материалов по традициям и обычаям осетин

Наиболее полное на сегодняшний день собрание рецептов осетинской кухни

В данном разделе размещаются книги на разные темы

Коста Хетагуров "Осетинскя лира", по книге, изданной во Владикавказе (Орджоникидзе) в 1974 году.


Перечень дружественных сайтов и сайтов, схожих по тематике.



Rambler's Top100 Рейтинг@Mail.ru Индекс цитирования
Статьи Словари
Здравствуйте, Гость
Регистрация | Вход
Опубл. 19.12.2010 | прочитано 4075 раз |  Комментарии (0)     Автор: Tabol Вернуться на начальную страницу Tabol
РУХСХÆССÆГ ЗАРÆГ

Джыккайты Шамил 

Журнал «Мах дуг», 1999, №9 

 

(Бестауты Гиуæргийы сфæлдыстадон сурæт) 

 

Нартæй уыд гуыппырсартæ æмæ гæлхуыртæ. Нæртон ном кадæн баззад æрмæст гуыппырсартæй. Афтæ у поэтты хъуыддаг дæр: ис Поэт æмæ ис стихфыссæг. Поэт Ацæмæзау йæ ныхыдзуары хæссы хурон тых, вæййы уалдзæггæнæг, Бонвæрнонау вæййы Боны фидиуæг. Стихфыссæг йæхи мидæг судзы фæрв къуыдырау, нæй дзы зынг æмæ рухс, æрмæст Хуыцауы фæздæгæй мары. 

Бестауты Гиуæрги уыд Поэт. Уый поэт уыди удыхъæдæй æмæ сфæлдыстадæй. Уый поэт уыди йæ цард æмæ йæ куыстæй, йæ уарзт æмæ йæ мастæй. Зарыд, куыд царди, афтæ. Йæ цард уыд йæ зарæджы хуызæн — æнæнцой æмæ ирд, знæт æмæ рæсугъд. Йæ зæрдæ уыд нæрæмон, йæ монц — уадтымыгъ, йæ хъуыды — рухс. 

Адæм æй буцæн хуыдтой Бестау. Куырыхон Гафез æй схуыдта «Æлвæст кард», Дзуццаты Хадзы-Муратæн уыдис «Уадтымыгъы æрдхорд», Булкъаты Михалмæ йæ алæмæт поэзи фæкаст «доныхъазы зарæг». Бестау Руставелийы хуымæтæджы нæ тæлмац кодта: тæлмацгæнæг Поэт куы вæййы, уæд тæлмац кæны, уд æмæ йæм зондæй хæстæг чи у, уыцы авторты, æнтыстджынæй рафæлгъауы, æууæлтæй йын хицон чи у, ахæм хъайтарты кадæг. Гиуæрги бакастæй, æгъдауæй æмæ лæгдзинадæй уыд Руставелийы бæгъатырты хуызæн. Рæдау æмæ нæртон, æнувыд æмæ иузæрдион, нæрæмон, фæлæ хиуылхæцгæ— уыцы æууæлтæй рухс уадзы йæ фæлгонц. Æрмæст бæгъатыртау кард никуы систа,— нæ йæ бахъуыд хотыхы сæр!— фæлæ хæсты дæр йæ риу Ирыстонæн уыдаид æндон уарт. Арæх сабыр царды рæстдзинадыл тох кæнын тæссагдæр вæййы гæрзтæй хæцынæй æмæ лæгæй фæдомы фылдæр æхсар. Бестауы-фыртæн æрдзон миниуæг уыд граждайнаг лæгдзинад æмæ йæ карз рæстæджы ныфсджынæй тох кодта рæстдзинад, аивад æмæ фидауцы сæраппонд. 

Бестауы-фырт фыццаг уыди журнал «Фидиуæг»-ы, уый фæстæ та рауагъдад «Ирыстон»-ы сæйраг редактор. Цензурæ мыхуырыл пъæззыйау куы бадт, уæд Бестау джиппы уагъта, æндæр редактортæ сæ койæ дæр кæмæн рызтысты, ахæм уацмыстæ. Цæвиттон, уый журналы ныммыхуыр кодта, Цæгат Иры мыхуыры æмгæрон кæй нæ уагътой, ахæм уацмыс — Цæрукъаты Алыксандры æмбисондаг æмдзæвгæ «Ос-Бæгъатыры æхсæв». Уацмыс куы рацыд, уæд ныфсхаст редактор загъта: «Ныр мæм цыфæнды карз тæрхон дæр æфхæрд нал фæкæсдзæн». Чиныджы рауагъта мифон таурæгътæ, «Хазбийы зарæг»,— уый та уыцы рæстæджы уыди хъодыгонд. 

60-æм азты, уæззау политикон уавæрты, Бестауы-фырт æлвæст æхсаргардау цæхæр калдта дзырды сæрвæлтау. Дзæуджыхъæуы уыдис фембæлд хицауад æмæ дыууæ Иры фысджытæн. Уым Гиуæрги ракодта барджын ныхас — аивад, сæрибар æмæ ирондзинадыл. Уæд нæ иуты бацыди ныфс, иннæты — тас. Куырыхон трибун æргомæй загъта фыццаг хатт советон Ирыстоны: рауадзын хъæуы Гаппойы уацмыстæ. Гъæйдæ-гъа, фæлæбурдтой йæм хицауад æмæ йæ фæсдзæуинтæ,— хъузон поэттæ уæлмонц поэтыл ныккалдтой политикон даутæ. 

Дымгæ дымдта, уый фидар лæууыд æмæ цырагъау сыгъдис. 

Гиуæрги йæ мæлæты размæ дзырдта: «Тæхуды, иу хатт ма хæххон суадонмæ æргуыбыр кæн æмæ дзы баназ зæрдиагæй». Йæ бæллиц нал сæххæст. Поэт тыхбары раз никуы æргуыбыр, æргуыбыр-иу æрмæст хæххон суадонмæ — уый та йын мады æхсыр уыд. Махæн та баззад йæ ирд поэзи, суадонау сыгъдæг æмæ сатæг поэзи. Аив дзырд йæ уды монц кæмæн у, уый йæм тырндзæн йæ дойны суадзынмæ, фæлæ дзы йæ дойны никуы басæтдзæн. 

*** 

Бестауты Гиуæргийы курдиат уыд рæдау æмæ бирæвæрсыг — поэт, тæлмацгæнæг, критик, редактор, «уый уыд канд иттæг курдиатджын нæ, фæлæ, бæрзонд культурæ кæмæ ис, ахæм лæг» (1, 144). Йæ некрологы ис ахæм хатдзæг: «Иугæндзон æхсæнадон æмæ литературон царды гуылфæнты уæвгæйæ, Гиуæрги зæрдиагæй йæ хъус дардта ирон культурæйы æппæт къабæзты рæзтмæ дæр. Ирон театры репертуартæ хъæздыг кодта хæрзхъæд тæлмацтæй, архайдта ирон аив дзырды хæзнатæ мыхуыры рауадзыныл, рæдауæй æххуыс кодта райдайгæ фысджытæн» (2, 96). 

Гиуæрги райгуырд 1932 азы Хуссар Ирыстоны, Годжиты хъæуы. Хъæууон скъолайы фæстæ, 1952–1957 азты ахуыр кодта Калачы паддзахадон университеты журналистикæйы факультеты. Уым ахуырад цыдис гуырдзиаг æвзагыл. Фæстæдæр Калачы иу æмбырды ирон поэт гуырдзиагау дзырдта литературæйы хæстыл. Оратормæ адæм æрыхъуыстой. Уæд иу академик хъæрæй сдзырдта: «Тæхуды, мах фысджытæ дæр гуырдзиагау афтæ куы дзуриккой!» Гиуæрги Руставелийы æвзагыл дæсны кæй уыд, уый хорз у, фæлæ диссаг нæу: уæлдæр ахуырад райста уыцы æвзагыл. Диссаг уый у, æмæ Бестау мæлгъæвзаг уыд иронау дæр. Куыд рауад ахæм алæмæт? Курдиатджын лæгæн мадæлон æвзаг йæ туг æмæ йæ зонды вæййы. Æцæгæлон зæххыл куы схъомыл уа, уæддæр дзы нæ рох кæны йæ авдæны зарæг, йæ зæрдæйы цы мадæлон дзырдтæ ныххауди сабийæ, уыдон арфæгонд нæмгуытау сфæлдыстады монцæй суадзынц нæртон æвзар æмæ æфтауынц сызгъæрин æфсир. Бестау уыд ирон лæг, йæ зæрдæ дзырдта иронау, æмæ йæ зарæгæн ссардта ирон æвзаджы æвæрæнтæ. Поэт уьщы æвæрæнтæн барджын хицау нæу, зæгъгæ, уæд уыдзæн æнæбон стихфыссæг, йæ куыст та — байраджы хъиамæт. 

Бестауы-фыртæн поэзи уыд табуйаг исбон, æмæ йын йæ кад хъахъхъæдта, муртакк лæг йæ дзуар куыд хъахъхъæны, афтæ. Уый мурмæ дæр нæ дардта мæнг авторитеттæ. Уыдис домаг йæхицæй дæр æмæ æндæртæй дæр — хистæрæй, кæстæрæй. Йæ алы ныхасы дæр уый бæстон хыгъта национ литературæйы домæнтæ æмæ йæ иу уацы загъта, лæмæгъ литературон фæлварæнтыл аудын аивадæн стыр зиан кæй хæссы, уыцы хъуыды. Бирæ ис Ирыстоны, сæ «фыццаг дзымандыты» фæрцы «литературæйы сыгъзæрин галуаны æвæтчиаг дуæрттæ» кæмæн байтыгътой, ахæм фысджытæ: уыдон «ныууагътой сæ агурын, сæ размæцыд, зæгъгæ, ай æххæст фысджытæ куы стæм, æвæлмоны бадт ракодтой цыты къæлæтджынты; уæнгуагъд, рæдзæмæдзæгæнгæ аздæхтысты литературон дзæнгæдамæ. Рохуаты баззад удæгас хъуыды, судзгæ æнкъарæн. Аивады туджджын знаг — хиуылæввæрст сын сæ курдиат къуыбырæй басийын кодта, райхæлын æй нæ бауагъта» (3, 50). Уæды заманы уый ныфсхаст хъуыды уыд — уайдзæф хауд, хицауад кæуыл аудыдта, уыцы фысджытæм. 

Уацы ныхас цыд сæрмагондæй æрыгон фысджыты сфæлдыстадыл æмæ йæ нысан уыд рæзгæ фæлтæрыл рæстмæ аудын. 

Сфæлдыстады фыццаг къахдзæфтæ чи кæны, уымæн былдауæн ныхæстæ ахъаз не сты, уымæн амонын хъæуы кусын æмæ хорз æвзæрæй иртасын. «Стыр аивадмæ фæндаг амондмæ фæндаг у, бирæ тæссаг фæзилæнты рацæуы сæрсæфæны былтыл,— фыссы Бестауы-фырт.— Æвæлтæрд курдиатджын фæсивæды ууыл арæхстгай кæнын хъæуы» (3, 51). Йæхæдæг цæстуарзонæй рæгъмæ хаста кæстæрты æнтыстытæ, бæрнонæй сын фиппайдта сæ куысты хъæнтæ, фæлæ сæ фыццаджыдæр уæлмонц кодта йæхи куыстæй, поэзимæ йын цы уаз ахаст уыд, уымæй æмæ йæ дзырды хъомысæй. 

Курдиат алцы дæр æнкъары йæ фæзындæй. Гиуæрги арф æмбæрста, ирон поэзийы уавæр, традицитæ æмæ ногдзинады æмахастытæ, йæ рæзты тенденцитæ. Поэт рæстæгыл бафиппайдта, ирон аив дзырды цы ног здæхт фæзынд, уый æмæ йæ уыны Джусойты Нафи æмæ Цъæрукъаты Алыксандры сфæлдыстады, æмткæй сын раиртæста сæ фæдонты дæр. Гиуæрги фыссы: «Ирон советон поэзи бацыд йæ лæджы кары. 30-æм азты уæлæнгай патетикæ, хуымæтæджы константаци кæныны фæтк, сур риторикон сидтытæ нæм систы анахронизм. Ныр нæ поэзийы сæйраг тенденци здæхт у царды цаутæн æмæ фæзындтытæн социалон-психологон анализ кæнынмæ, адæймаджы нысан æмæ бынатыл философон хъуыды кæнынмæ, бæрзонд æмбæстагон патриотизммæ. Иу дзырдæй, йæ базыртæ тындзы дунейы тыгъдæттæм» (4, 104). Кæй зæгъын æй хъæуы, ныхас цæуы, ирон литературæйæн цæсгом чи кæны, æрмæст уыцы поэзийыл. 

Гиуæрги поэтæй домы ныфсхаст хъуыды, арф мидис, ног фæлгонцад, фыссы, зæгъгæ, «хъæуы æцæг бæрзонд поэзи, чиныгкæсæгæн арвы дуар гомæй фенынау чи уа, ахæм аивад» (4, 105). Поэт йæ удæй арт цагъта ахæм поэзийы сæраппонд æмæ йын кæд бæрцæй бирæ нæ бантыст, уæддæр йæ хуыздæр уацмыстæ ифтонг сты хъуыды æмæ фидауцæй. 

*** 

Бестауты Гиуæргийæн йæ фыццаг чиныг «Уадтымыгъ» рацыд 1958 азы. Чиныг йæхимæ æркæсын кодта фысджыты дæр æмæ чиныгкæсджыты дæр. Фæлæ йæм иу цæстæй нæ ракастысты. Æмæ уым диссагæй ницы ис. Æрымысæм М. Горькийы «Зарæг уадфидиуæгыл». Æвæлмонæй цыты къæлæтджынты чи бадт, мæрдон æнцойы рæдзæ-мæдзæ чи кодта, уыдонæн æхсызгон нæ уыд тымыгъы уынæр, уыдонæн поэзийы комулæфтæй сæ удæнцой зынаргъдæр уыд, æмæ йын æппæт мадзæлттæй цæлхдуртæ æвæрдтой йæ разы. Фæлæ уый уыд дзæгъæлы куыст. Чиныгæн аккаг аргъ скодта куырыхон лæг — поэт Гафез (5, 76–82). Поэт ахизы цæлхдурты сæрты, басæтты цыфæнды зынтæ, цыфæнды хæрам. «Уадтымыгъ» уыди ахъаззаг фæзынд æмæ йæ аккаг бынат бацахста ирон поэзийы. 50-æм аз’ты кæрон нæ литературæ, сæйраджыдæр поэзи, здæхти ног фæндагмæ, гом кодта царды ног фæлтæртæ, йе ’ргом раздæхта адæймаджы миддунемæ, адæмы историмæ, нацийы монон уидæгтæм, æмæ уыцы хъуыддаджы фыццаг æнтыстытæй иу уыд Бестауы поэзи. 

Чиныг байгом æмном æмдзæвгæ «Уадтымыгъ»-æй. Æрдзон фæзынд уадтымыгъ у поэтæн йæхи аллегорион фæлгонц, æмдзæвгæ та — поэты сфæлдыстадон программæ. Хъус фыццаджыдæр ацахсы æмдзæвгæйы зæлынад, йæ музыкæ — уым ис уацмысы æддаг тых. Цыппардæстæгон ямб у фидар амад æмæ йын ис хъандзал зæлынад. Ахæм бæрцбарæн иттæг хицон у ирон æвзагæн, уæрæх фадат ын дæтты йæ гæнæнтæн, йæ тых раргом кæнынæн, æмæ дзы æндыгъдæй рæзы уацмысы мидлогикæ, йæ мидисы мидæггаг тых. Æрмæст ахæм æлвæст æмдзæвгæтæй ис дзурæн уадтымыгъыл, æрмæст ахæм базырджын ныхасæй ис равдисæн йе змæлд æмæ йæ тыхæн. 

Æмдзæвгæ арæзт у æхсæз хайæ. Уыдоны рæзы æмæ арфæй-арфдæр кæны авторы поэтикон хъуыды. фыццаг хай у традицион сидæн. Поэттæ сфæлдыстадон хъомыс куырдтой Музæ кæнæ æндæр бардуæгтæй. Бестауы-фыртæн йæ уды равгæн æмуаг у æрмæст уадтымыгъ æмæ уыимæ кæны йæ барджын ныхас. 

 

Ды дæ мæ зарæгæн йæ сæр, 

Цæй, сыст, ызнæт фæдисон, цырддæр! 

Нынниу сæдæ ’взагæй, ныннæр, — 

Фæу фæндаггæрдæг мæ дзырдтæн! 

 

Поэт уыны рæстæг, цард æмæ змæлды æнусондзинад æмæ уыцы хъуыдыйыл бæтты йæ царды æнхъæлцтæ. Уадтымыгъæн йæ нысан у «иудадзыг тырнын», йæ цард æмæ йæ цин сты змæлд æмæ тохы, йæ мæлæт ис æнцойы. Ахæм философон бындурыл поэт амайы йæ этикон æмæ эстетикон программæ. Уый хуымæтæг деклараци нæ уыд — тох æмæ сгарыны монц поэтæн уыд йæ туг æмæ йæ зонды. Сфæлдыстады фæндаг зый æмæ хъизæмайраг у, поэзийыл мингай азтæ цæуы, æмæ уым ног хъуыды зæгъын зынтæй æнтысы, уым ног формæ ссарын, космосы ног стъалы куыд ссарай, афтæ зын у,— уымæн амонд хъæуы. Æмæ аргъæутты хъайтар йæ амонд куыд агуры, афтæ агуры поэтдæр цыкурайы фæрдыг — поэтикон хъуыды æмæ поэтикон фидауц. 

Æмдзæвгæйы дыккаг хай æвдисы поэт æмæ уадтымыгъы æрдзон хæстæгдзинад. Ам философон хъуыды аззад иуварс, знæт уылæнтау сæхи хæрдмæ систой сабийы æнкъарæнтæ — æбæрæг цин æмæ тас, сонт бæллицтæ æмæ цымыдисаг тæлмæнтæ. Уыдон æвдисынц арф психологон уавæр,— уымæй æвзæры фидæны поэты сфæлдыстадон монц, уым æхсиды йæ удыхъæд, билцъ уадзы йæ хъуыды. 

Æртыккаг хайы автор æргом кæны йæ ахаст тызмæг уадтымыгъмæ: «Кæнын дын номдзыд лæгау кад, Чызгау дæ судзгæ уарзтæй уарзын». Поэты уарзт у тыхджын, фæлæ æнахуыр. Иумæйаг поэтикон фæлгонцты æвдыст цæуы уадтымыгъы тæссаг, фæлæ хæрзгæнæг архайд. Авторы хъуыды райтынг уыдзæн цыппæрæм хайы. Ам уадтымыгъ нал у æрмæст æрдзон фæзынд, поэт æй кæны удджын, æмæ уый фестад «æнусты ’нæмæлгæ бæгъатыр». Фæлгонц исы бæлвырддæр хуыз, хъуыды цæуы бæстондæр æмæ арфдæр. Апострофæ рахызт комкоммæ ныхасмæ. Поэт йæ бæгъатырæн дæтты удон характеристикæ: «Ды дæ æнæсæттон ныфсау Æмæ рæстдзинадау — æгъатыр!» Хъуысы лæгдзинады хъæлæс. Тызмæг у дуне, æвирхъау сты йæ уаг æмæ йæ фæтк. Йæ рæзынæн хъæуы тых,— уый та ис уадтымыгъы змæлды. Уый бындзарыл стоны зæронд бæлас, цæмæй йæ бынаты фæзыной ног талатæ, уый фæйлауы фурд, æмæ йыл нæ хæцы хъуына. «Сæттыс. Фæлдахыс. Ног фæлдисыс...» — гъе уый у змæлды философон мидис, гъе уым ис поэты революцион хъуыды. Змæлд нæй, зæгъгæ, уæд «Уыдаид дун-дуне уæлмæрд, Мæлæт ыл дардтаид йæ бартæ». 

Фæндзæм хайы поэт фæлхат кæны йæ сидæнтæ, йæ уарзты æнкъарæнтæ, æмæ уымæй рæзы уацмысы эмоцион хъару. «Ды дæ мæ зарæгæн йæ сæр — Тызмæг ызнæтдзинады бардуаг!». Романтикон фæлгонц сси мифон фæлгонц. Поэты фæндон у, цæмæй Уадтымыгъ цæра йæ зарæджы, — уый æрдзон бæллиц у. Фæлæ диссаг у поэты хъазт уадимæ. Уый нын нæ зæрдыл æрлæууын кæны нæртон лæг æмæ бардуæгты хъазт. Поэт ныл йæ ныфс æмæ йæ бæллицтæй дис æфтауы. Ивгæ дунейы ивы йæ мифон фæлгонц, райсы æндæр хуыз, фæлæ нæ ивы йæ нысан, иу у йæ мидис, æнæивгæ у поэты фæндон дæр: 

 

Хъæддаг, æнæрцæф æфсургъ, цæй, 

Дæ базыртыл мæ аскъæф размæ! 

 

Кæронбæттæн хай зæлы симфонийы финалау. Поэт æцæг нæртон лæгау цъæх пиллон уадзы тохмондагæй. Тымыгъимæ йын хъазæн фæз сси дун-дуне, космосон тыгъдад. Тæрсы æрмæст æнцойæ — уым ис йæ монон мæлæт. Фæлтау ыл схъызæд «дунейы тымыгътæ». 

 

Бындзыггай мæ фæхæссут дард, 

Æваст мæ арвы тыгъдмæ фехсут, 

Куыд уадзон иудадзыг цъæх арт, 

Куыд хъусон уе знæт уынæр, уе ’хситт. 

 

Раст фиппайы критик: «Романтикон фразеологи, романтикон символикæ, романтикон уæлмонц ритм — ахæм у йе ’мдзæвгæ. Дунемæ кæсы æмæ йæ уыны æнæнхъæлцау ахорæнты, цырд, гиперболон-романтикон хуызты. Уыны йæ æнусон змæлды, ивæнты æмæ размæбырсæнты, поэтикон уарзондæр символ ын у уадтымыгъ» (6, 248). Бæгуыдæр, ис романтикон хуыз æмдзæвгæйы поэтикон нывтæн: поэт уадтымыгъмæ дзуры, зæгъгæ, «йæ уылæнтыл цъæх арт æндзарыс», «Дæ сæрыл сау зæххы цъар сисыс»... Фæлæ уыцы нывты уынæм бæлвырд архайд, бæлвырд фæзындтæ, уыдон æвзæрынц темæйы хъæдæй æмæ арф æргом кæнынц темæйы мидис. Ныхас цы хъуыддагыл цæуы, уый ахæм бæрзонд у, æмæ йыл дзурæн ис æрмæст бæрзонд поэтикон стилæй. Афтæ домы мидис æмæ формæйы иудзинад. 

Поэты цард трагеди у. Æппæтæй арфдæр æй æнкъары æмæ хаты йæхæдæг. Æмæ тагъд кæны цардæй йæ мондæгтæ уадзыныл. Зоны, арвæрттывдау цыбыр уйæ цард, æмæ нæрæмонæй тырны тар басудзынмæ, фæнды йæ, уæд та майдыма, иу уысм дуне срухс кæнын. Уыцы æнкъарæнты фыцæнæй сæнтыст æмдзæвгæ «Тагъддæр!» Уацмыс æмткæй у æвирхъау тырнынад. Поэт кæцæйдæр дардæй тырны йæ уарзон бæстæмæ, тæхы йæ уарзты базыртыл. Уый адæймагон æнкъарæн у æмæ уадиссаг нæу. Диссаг у поэты удон равг æмæ йæ зонды хъуырдухæн. Нырма ис лæппуйы кары, нырма ныр бацыд йæ уæнгты нæртон тых, нырма ныр æрлæууыд йæ фæндаджы сæр, афтæмæй Пушкины поэтау сагъæс кæны йæ ивгъуыд бонтыл æмæ хæстæг мæлæтыл. Фæлæ йæ мæт цыбыр цæрæнбонтыл нæу, йæ мæты ис бæзнагдæр мидис, æвзæры арфдæр гуырæнтæй, ис ын бæрзонддæр нысан. «Мисхал нæ бантыст мæнæн, Афтæ мыл атахти рæстæг». Дзыллæйæн йæ хæс бафыста, уый æнхъæл нæ уыди Къоста. «Нæ бантыст фаг!» — катай кодта Нигер. Уыцы хъуыды æнусты дæргъы уыд æмæ у Поэты хъизæмар. Фæлæ цы ’рсырдта Бестауы хæрз æрыгонæй? Йæ фæндаг разæй куы ис, уæд цæмæн бахауд ахæм гуырысхоты? Стыр дур агуры стыр тулæн. Ахæм æндыгъд психологон уавæр у сфæлдыстады гуырæн, уымæй æвзæры поэтикон уæлмонц, куыст æмæ сгуыхты монц. 

Æмдзæвгæйы арт уадзынц патриоты æнкъарæнтæ. Ирд æмæ бæрзонд сты йæ этикон идеалтæ. Поэты фæнды йе «знæт зæрдæйы тæмæн» йæ бæстæйæн раттын, йæ бæллиц у йæ цæссыгæй фыдæлты тугвæдтæ ныхсын. Уыцы хъуыддæгтæ домынц архайын, æмæ поэт «расидт æнцойадæн хæст». Раргом ис, æрыгон адæймаг цæмæ тырны, йæ цардвæндагыл размæ цæмæн тындзы, уый. 

 

Размæ! Фæцырддæр кæн! 

Тагъд Рæстæджы арæнтæ атон: 

Размæ бырст — амондмæ тахт, 

Размæ бырст — рухс цины суадон. 

 

Уацмысы фæзыны ног темæ — змæлды философи. Æнцой у мæлæтхæссæг уавæр. Базырджын хъуыды домы базырджын ныхас. Æмæ уацмысы фæзынд фæлгонцон параллелизм: «Иу уысм фæлæууыди уад,— Нал сисдзæн зæххæй йæ базыр». Авторы аивадон хъуыды градацийы уагыл цæуы дарддæр æмæ бæрзонддæр. Змæлды темæ рахизы цард æмæ мæлæты ахастмæ: 

 

А бæстæй ацæуæн ис, — 

А бæстæм раздæхæн нал и... 

 

Иугæр афтæ у æрдзон фæтк, уæд цардæн мидис дæттынц æрмæст змæлд æмæ архайд. Уад æрмæст змæлды у уад. Адæймаг стыр вæййы æрмæст йæ куыст æмæ йæ тохы. Ахæм у Бестауы поэтикон философи, æмæ уымæй æвзæрди поэты активон граждайнаг позици. 

Æнусон темæ у адæймаг æмæ æрдзы ахаст. Уыцы ахаст поэзийы фылдæр хатт вæййы æмуаг æмæ гармони нæ, фæлæ быцæу æмæ тох. Адæймаг æрдзы стырдзинады раз рæстæджы тары йæхимæ каст æнæбон уæвæгой, дæлдзиныг æй кодта арвы тых, йæ карз фидауц, йæ сусæгдзинад. Уыцы уавæры йæ æвæрдта дин дæр, уырнын ын кодта иу хъуыддаг: рыгæй равзæрдтæ æмæ фæстæмæ фестдзынæ рыг. Фæлæ адæймаг разы нæ уыд ахæм хъысмæтыл, йæ бæллицты тахти стъалытæм, арм æмæ зондæй сгæрста зæххы талынг хуылф, дуртæ хоста дуртыл æмæ сæ калдта цæхæртæ. Уыцы куыст æмæ тохы æвзæрд Амран-Прометейы миф, Нарты фæстаг хæсты кадæг. Ахæм тохы мотивтæ фæзындысты поэзийы дæр, уыдон иттæг хицон уыдысты æмæ сты ирон литературæйæн дæр. Философон-поэтикон бæрзæндмæ сæ систа Брытъиаты Елбыздыхъо. «Амран»-ы Ныфс адæмы номæй дзуры Бæстыхицау æмæ йæ хъузæттæн: «Арвæй цæджджинагау дуне æрæмбæрзтат, фæлæ уын æй Амраны зæнæгæн се ’рратæ хуры-хуыфи скодтой сæ фæттæй, сæ джебогътæй, æмæ сæм стъалытæй уæларвон рухсы цъыртт кæлы... Хурæй сæм уæларвон рухс тынг парахатæй узæлы... Уый рухсмæ ссардзысты се сфæлдисæг Амраны. Хуры тынтæ — сæ фæндаг, хур — сæ дуар... Амран уæларв не сбаддзæн, зæхх скæндзæн уæларвæй бæллиццагдæр, адæмæн фесæфдзæн сæ фыдбылыз, сæ низ. Адæм суыдзысты хуыцæуттæ» (7, 245–246). Уыцы идейæ нывæфтыд кæнынц Токаты Алиханы æмдзæвгæтæ «Цыкурайы фæрдыг» æмæ «Асин» дæр. 

Традици йæ тыхы бацыд 20-æм азты. Уæлдай тынгдæр райрæзт Нигеры лирикæйы. Ирд æвдисæн ын у æмдзæвгæ «Хур, о хурзæрин» (1921). Нигеры лирикон хъайтар бахсыст тохы, рацыди дзы уæлахиздзауæй, уый сси сæрибар адæймаг — хъуыдыгæнæг æмæ аразæг, уый ныфсхаст æмæ куырыхонæй сгары зæххы риу æмæ арвы тыгъд, уый æрдзы тыхтæн цагъар нал у, фæлæ у сæ хицау, уымæн «Марсыл дæр ис цъæх галуантæ». Ацы традици æвдисы сæрибар адæймаджы стырдзинад æмæ рухсмæ хæссы гуманизмы идейæтæ. Уыцы фæткыл хæцы Бестауты Гиуæрги дæр. Æмдзæвгæ «Адæймаг» у гимн сæрибар адæймагæн. 

Уацмыс у уæлмонц монолог, фыст у бæрзонд трагедийы стихæй — фондздæстæгон ямбæй. Урс æмдзæвгæ хицон у ирон æрдзон ныхасæн, арф æмæ æххæстæй æргом кæны æнкъарæнты фæлхъазæнтæ, хъуыдыйы рæзт æмæ динамикæ. Поэт æвдисы Адæймаг æмæ Æрдзы быцæу. Уым адæймаг у хъомысджын æмæ уæлахиз кæны æппæт тыхтыл. Уый у сæрибар æмæ стыр адæймаг. Иу зынгæ фыссæг фыста: «Герой является героем во всех отношениях — в своей душе и в своей мысли прежде всего» (8, 27). Æндæр номдзыд фыссæг зæгъдзæн, зæгъгæ, «самый великий человек, именно самый великий, велик лишь в те часы, когда он творит...» (9, 163). Раст сты дыууæ хатдзæджы дæр, фæлæ дзы иу дæр æххæст æцæгдзинад нæу. Фыццаг æххæст нæу, уымæн æмæ уд æмæ хъуыдыйы тых æрмæст хъуыддаджы разынынц. Дыккаг хъуыды къахыр у уымæй, æмæ канд стыр адæймаг нæ, фæлæ алы адæймаг дæр сфæлдыстадон куысты (арæзтады, тохы, хъуыдыкæнынады) свæййы стыр æмæ хъомысджын. Ацы проблемæйыл арæзт у А. С. Пушкины зындгонд æмдзæвгæ «Поэт» дæр. Бæгуыдæр, хъуыды кæнын æмæ архайдæн хъæуы афон æмæ фадат. «Блажен, кто посетил сей мир в его минуты роковые!» (Ф. Тютчев). фæлæ ис æндæр рæстдзинад дæр: тохы бон тохыл зарын æмбисонд нæу, æндзыг æнцойы зындæр у тохыл зарын æмæ йын хъæуы фылдæр лæгдзинад, хъæуы йын фылдæр кад кæнын. Царды конд афтæ у, æмæ дзы Аполлон поэтæй уазнывæндтæ домы кæддæриддæр. 

Гиуæргийы æмдзæвгæ «Адæймаг» фæзынд 50-æм азты кæрон. Уæд уыди цардивæн рæстæг. Гæзæмæ фæхъармдæр уазал æхсæнадон атмосферæ, адæймагыл цы политикон уæз уыд, уый фæрæуæгдæр и зына-нæзына, лæг йæхиуыл схæцыд, базыдта йæхи, ногæй суыдта йæ бæрзонд нысан æмæ сдзырдта хъæлæсыдзагæй. Уыцы лæг-поэттæй иу уыдис Бестау. Уацмыс ногæй адæймаджы скодта æрдзы сконды сæр («венец творения»), поэт æй уыны сæрибар æмæ æппæтхъом архайæгæй. — Адæймаг æрдзимæ кæны барджын ныхас, нæу ын дæлбар, фæлæ хицау, уый Прометейау у сфæлдисæг («Æрвæрттывды цæхæрзынг ис мæ къухы»), йæ бон у вулкантæ æмæ фурдтæ ныссабыр кæнын, уый хуры рухс зæхмæ хæссы табуйæ нæ, фæлæ лæгдыхæй, уый нæ ризы æрвон тыхы раз, сæрыстырæй тæхы уæларвмæ, ныххизы зæххы арфмæ, арвмæ æхсы хиконд стъалытæ. Уый табу нæ кæны хуыцæуттæн дæр, уый у «æппæтаразæг, агурæг зæххон лæг», уый зæххыл цæуы «сæрыстырæй, уæндонæй» æмæ амонд аразы йæхи тых æмæ йæхи зондæй. 

Æмдзæвгæ уыд иттæг актуалон йæ рæстæджы. Адæймаг быцæу кæны канд æрдзимæ нæ, фæлæ зæххон хуыцæуттимæ, уый растади тыхбар æмæ æлдарады ныхмæ, уый æвдисы йæ тых æмæ йæ бартæ æмæ деклараци кæны йæ уды сæрибар. Уæд Аполлон, аивад æмæ хуры бардуаг, поэтæй домдта сгуыхт, æмæ Бестау фæзынди йæ сидтмæ. Фæлæ æцæг аивад æппæтдугон у. Уацмыс абон ноджы актуалондæр у. Абон, капитал адæймаджы гигант хæлуарæгау йæ хызы куы ’рбатыхта, уæд адæмы хъæуы ногæй сæ тыхтыл баууæндын, рухсмæ кæсын, сæрибар агурын. 

Бестауы-фырт царди зын заманы æмæ хызт нæ уыд рæстæджы иударон темæтæй дæр. Æмдзæвгæ «Сырх тырыса»-йы ис ирд метафорæтæ, зæлангон вазыгджын рифмæтæ, фæлæ ихсыд темæйæ зын у оригиналон уацмыс рафæлдисын. Поэт зæрдиагæй цин кæны фæллойгæнæг адæмты уæлахизтыл. Сырх Тырыса уымæн у канд революцийы символ нæ, фæлæ фæллой, амонд æмæ рæстдзинады символ дæр — «Йæ рухс нысан æй арты ’взæгтæй бахызта,— Нæй басудзæн рæстдзинадæн цъæх арты,— Зæронд дунейы уый йæхæдæг басыгъта». Уавæр афтæ кæй у, уый уырныдта адæмы дæр æмæ бирæ фысджыты дæр, фæлæ уыцы уырнынад фæмæнг и, рæстдзинады уæлахиз разынд утопион хъуыды. Зæронд дунейæн нæй басудзæн, фæлæ рæстдзинад судзы æмæ сæфы æнцонæй, æмæ уымæй арфæй-арфдæр кæны царды трагизм. 

Иумæйаг романтикон фæлгонцтæй нывæст у «Уæлахизы бон» дæр. Поэт æвирхъау хæст æвдисы пейзажон нывты, дзуры уæлмонцæй, йæ ныхас у риторикон. Лирикон хъайтарæн йæ фыды мæлæт дæр нæ зыны иумæйаг цины уылæнты. Æмдзæвгæйы ис иунæг лирикон хъуыды æмæ уый бацыд бæлвырд аивадон формæйы: поэт сæрыстыр у йæ фыд æмæ йæ адæмы сгуыхтæй, йæ бæстæйы уæлахизæй æмæ зæгъы: «Рацæуын æлвæст кардау æз уынджы». Уый у адæймаджы бæрзонд уавæр, патриот æмæ гражданины сæрыстырдзинад. Ахæм адæймаг уыдис Бестау æмæ цыдис æлвæст кардау — æдзухдæр ирд æмæ тохæввонг. 

Æцæг поэтæн йе ’нтыстæн дæр æмæ йæ къуыхцыйæн дæр ис аххосæгтæ æмæ сæ зонынæн ис нысаниуæг. Уæззау у рæстæджы тыхбар. Пушкин «Сыбырмæ» цы къухæй фыста, уымæй фыста «Станстæ», «Æмбæлттæн» æмæ «Вельможæмæ» дæр. Ацы хъуыддаджы поэты азымы дарын æнцон у, йæ бамбарын — зындæр. 50-æм азты поэт цы уавæры уыд, уый 90-æм азты зын рахатæн у. Зындгонд у æрмæст иу æцæгдзинад: уæд адæм кастысты фидæнмæ, сæ зæрдæ дардтой сæхиуыл æмæ сæ цардыл, æмæ сæ оптимизмæн уыдис бындур æмæ фæрæз дæр. Фæлæ уыцы уавæрæй поэзи ницы æмбылдта, йæ æрдз дзы кæй хæлди, æндæр. Бестауты Гиуæргийы фыццаг чиныджы ис рæдау хуынтæ йæ рæстæгæн, дуджы политикон æмæ эстетикон домæнтæн. Æмдзæвгæ «Фыййау» у æрттивгæ нывтæй аив æмæ фидар амад. Æрдзы нывтæ сты ног, хуызджын æмæ цардæгас. 

Æхсæв — алæмæты дуне, «цъæх арвы риуыл авд хойы ныффæлладысты кафынæй». Фæлæ уыцы нывтæн ис иунæг нысан — колхозон фыййауы амонд равдисын. Арвыл хъазынц стъалытæ, фыййауæн та «йæ риуæй худы хурты хур, фæтæджы фæлгонц — хурæнгæс». Дарддæр — диссæгтæ фылдæр. Фыййау сæнт-сау æхсæвы йæ дзугтæ хъахъхъæны... Ильичы фæхудты рухсмæ. Уæды заманы фæтæгтыл диссæгтæ мысынæй поэттæ ерыс кодтой, æмæ дзы Гиуæрги дæр æмбылдта, фæлæ уыйхыгъд поэзи фæхæрды ис. Бæрц зонын аивады фæтк у æмæ йæ халын къуыхцытæм кæны. 

Æрдзы нывтæ чиныг «Уадтымыгъ»-ы уыдысты ног фæзынд ирон поэзийы, уыдон тыбар-тыбур кæнынц алы хуызтæй, ис сæ цард æмæ фидауц. Кæддæр поэтты æмæ чиныгкæсджыты дисы бафтыдтой мæнæ ахæм нывтæ: «Галы фæдты къæвдайы дон сæлы... Фæззæг у рæгъæд кæрдойау бур...» Гафез фыста, зæгъгæ, «ацы нывæфтыд æмæ фæлгонцджын рæнхъытæ „зæронд“ темæмæ бахастой уыйбæрц ахорæнтæ æмæ фæлындзынад, æмæ „ихсыд“ темæйы фæзынд ног æууæлтæ, сси ног, оригиналон» (5, 77). Кæй зæгъын æй хъæуы, хицæн фæлгонц æмдзæвгæйæн бирæ ахъаз нæу, уацмыс æмткæй куы нæ уа ног ныв, ног нывæст, уæд. Гиуæргийы нывты зыны поэты уынаг цæстæнгас æмæ æвдисынц, Бестауы курдиат пейзажон лирикæмæ æмхиц кæй у æмæ йын хорз фидæн кæй ис, уый. 

Ирон поэзийы 50-æм азты кæрон фæзынд фыдæлтæ-аланты темæ. Уыцы фæзынд хуымæтæджы нæ уыд,— уыдис ын бындур. Партийы ХХ-æм сьезд æхсæнадон атмосферæйы уыдис зæххæнкъуыстау. Ныккалди бирæ мæнгагъуыстытæ. Афаст ныфсы цæджындз æмæ фæцудыдта бæгънæг оптимизм. Адæм бамбæрстой иу хъуыддаг: Чырыстийæн кувын куыд ницы ахъаз у цардæн, афтæ фæтæгæн табу кæнын дæр. Зæххон лæгæй хур, хуыцау æмæ фыд кæнын хисайæн куыст у. Иугæр адæм уыцы идейон уаргъæй суæгъд сты, уæд сæ хъуыд æндæр ныфсытæ агурын. Æмæ адæймаг æркасти йæхимæ, бафæндыд æй йæхи бамбарын, йæ удыхъæд æмæ йæ тых базонын. Уыйадыл æй бахъуыд йæ уидæгтæ сгарын, йæ монон тых кæцæй цæуы, уыцы суадæттæ ссарын. Ацы фæзындæн уыдис æндæр аххос дæр. Æмткæй сырæзыд адæмы культурæ, Ирыстон сси ахуырад æмæ рухсады артдзæст. Зонынад кæны адæймаджы цымыдис, æфтауы йæ хъуыды кæнын æмæ сгарыныл. Ахæм уавæры адæмы бахъæуы сæ истори æмæ сæ хъысмæт зонын. 

Ацы темæйыл цы бирæ æмдзæвгæтæ фæзынд, уыдон фыццæгтæй у Бестауты Гиуæргийы æрвыстæг «Мæ фæдонмæ». Бирæ цъæлхъæр уыд уыцы рифмæбыд уацмысты. Цыфæнды ахсджиаг темæ дæр сисы æцæг поэт, стæй йыл уæд стихфысджытæ сæхи ныццæвынц, айсынц æй дзыхæй-дзыхмæ, райдайынц æй алыхуызты фæзмын æмæ йæ цæсты бафтауынц. Афтæ рауад йæ хъысмæт скифтæ-аланты койæн дæр. Фæлæ Бестауы-фырт иумæйаг темæйæн дæр ссары оригиналон фæлгонцтæ, хигъæдон нывæст, æгæндæг дзырдон фæрæзтæ. 

 

Истори у тыгъд быдыр — мигъæй асæст, 

Куы байрæзай, йæ фæндæгтыл куы бафтай,— 

Æваст цыма æрвферттывды фат асаст, — 

Нæ Иры фæд фæтары уыдзæн афтæ. 

 

Уацмысы нæй иударон æппæлæн ныхæстæ, хистауæн сæртæг хъуыдытæ. Кæд дзы авторы удон темперамент бæрæгæй зыны, уæддæр поэты ныхас у куырыхон æмæ хиуылхæцгæ. Поэт хынцы историон уавæртæ, цард хæст уыд, хæстон заман хæстон æгъдæуттæ домы, æмæ «Уыд сабийæн йæ нывæрзæн дæр хъама, Уыд тохмæ сидт йæ алолайы зарæг». Ахæм уавæры адæмы не ’вдæлд чингуытæм, æмæ «зæххыл рæстдзинад агуырдтой сæ кардæй Иры цæхæрцæст, удуæлдай лæппутæ». Гъе уымæн сын æмбæрзы рохуат ныр сæ фæдтæ. Поэт йæ фыдæлты стаугæ дæр нæ кæны æмæ фаугæ дæр — фадат у аразæг. Сæ сæфт нын у хъыг, маст æмæ рыст. Фæлæ уацмысы мидисæй æвзæры бæрзонд хъуыды: кард историйы уадзы тугвæд, чиныг та — рухсвæд. Хъыгагæн, æмдзæвгæ фæци поэтикон штампæй: нæртон гуырд сæрибар цы кардæй агуырдта, уый саст мæйау рухс дардзæн ирон адæмы тугвæд (сæ тохвæндаг) æмæ ног фæлтæры æркæндзæн «коммунæйы цæхæркалгæ æнусмæ». Бестау уыд рæстдзинады рыцарь, цы дзырдта, уый йæ уырныдта, æмæ уыцы уырнынад йæхæдæг дæр æмæ йæ сæфт дæр уыдысты æгас фæлтæрты трагеди. 

Алы поэтæн дæр вæййы поэт-идеал. Идеалы фæлгонц нывæндгæйæ автор раргом кæны йæхи этикон æмæ эстетикон зондахаст, йæхи идейæтæ. Фидософ фыссы: «Что такое поэт?— Несчастный, переживающий тяжкие душевные муки; вопли и стоны превращаются на его устах в дивную музыку» (10, 9). Цыфæнды характеристикæ дæр вæййы иувæрсыг. Поэт удхаргæнæг кæй у, уый æцæг у. Фæлæ стыр поэтæн йæ уды хъизæмар вæййынц адæмты хъыгтæ. Йæхи уды рыст нæ, фæлæ фыццаджыдæр адæмы хъæрзын фесты йæ зæрдæйы алæмæты музыкæ. Ирон адæмæн ахæм поэт æмæ сæрхъуызой уыд Къоста. Бестауы-фырт «Сау æхсæв»-ы æвдисы иунæг цау стыр поэты цардæй. Хетæджы-фырт утæхсæн кæны уæззау рынчынæй, уæддæр йæ мæт у æфхæрд адæмыл. Уый у æцæг Ирвæзынгæнæг æмæ йæ фæстаг бæллицты дæр мæгуыртæн æмæ сидзæртæн хæссы удыхос. Æмдзæвгæйы хицæн фæлгонцтæ сты романтикон æмæ символон, фæлæ æмткæй æвдисынц реалон ныв,— уыцы æууæл дæр у Бестауы поэтикæйы миниуæг. Поэт зилы бæстæйыл: 

 

Хуры тынау зæрдæтæм ныккæсы, 

Сау хъуыды фæсуры риутæй дард; 

Талынг къуымтæм арвы рухс ныххæссы, 

Тар æхсæвыл сæндзары цъæх арт... 

 

Ам Гиуæрги идеалы фæлгонц сисы мифон æмвæзадмæ, йæ хъайтары скæны рухсхæссæг титаны æмсæр. Поэт у хъыггæнæг æнамонд нæ, фæлæ тохгæнæг титан, уый у æнæмæлæт, уымæн æмæ «Лæг куы цæра дзыллæйы зæрдæйы, Уæд нæ дары уымæ бар мæлæт!». 

Чиныг «Уадтымыгъ»-ы ис интимон лирикæ, тæлмацтæ. Фæлæ Бестауы сфæлдыстады уыцы хуызтæ сæ хуыз скалдзысты фæстæдæр, æндæр чингуыты, æндæр куыстыты. Раст зæгъы Дзуццаты Хадзы-Мурат: ирон поэзимæ «Бестауты Гиуæрги æрбахаста йæ зондджын æмæ тæвдтуг темперамент. Романтик — не ’мрæстæгон, не ’мбæстагон — сагъæс кæны нæ адæмы хъайтарон историйыл. Мыййаг уый тыххæй нæ, æмæ абоны цардæй йæхи баиртаса. Бестауы-фыртæн Ирыстоны ивгъуыд, абон æмæ сом кæрæдзийыл æнгом баст сты. Ирон хъайтароннацион традицитæ рохуаты чи уадзы, йæ ирон равзæрд чи нал хъуыды кæны æмæ космополитонæй æнæрвæссон чи кæны Ирыстоныл, уыдонимæ поэтæн нæй бафидауæн. Поэт кад кæны патриоттæн æмæ интернационалисттæн» (11, 107). Æнæмæнг, Гиуæрги йæ фыццаг чиныджы йæхи равдыста тохгæнæг поэтæй, хъуыдыгæнæг æмæ нывгæнæгæй. Æрыгон литератор лæууыд бæлвырд идейон позицитыл, йе ’взаг уыд хъæздыг æмæ сыгъдæг, йæ рæнхъытæ — нывыл амад. Чиныг рæстмæ æндæвта æрыгон фæлтæрыл æмæ æмткæй ног ирон поэзийыл. 

*** 

Бестауты Гиуæргийæн йæ дыккаг чиныг «Царды цин» рацыд 1962 азы. Чиныг поэты сфæлдыстады ног æнтыст уыд, уый зын зæгъæн у. Ис, цымыдис чи ’взæрын кæны, иу ахæм хъуыддаг: поэты фыццаг чингуытæ цыдысты æндæр авторты разныхæстимæ. «Царды цин»-ы дæр ис цыбыр æмæ уæлæнгай разныхас. Йæ автор Плиты Илья чиныгæн у йæ редактор дæр æмæ йæ уацы поэты сфæлдыстады тыххæй ногæй ницы зæгъы, æрмæст фæлхат кæны, арвæй бæрæгдæр чи у, мыхуыры загъд чи ’рцыд, ахæм хъуыды: «Бирæ хорз æмдзæвгæтæ ис „Царды цин“-ы, нæ поэттæ нырмæ кæй никуыма загътой, ахæм зæрдæмæхъарæг рæнхъытæ. Поэтæн ис йæхи хъæлæс, зæронд над фæндæгтыл нæ цæуы, фæлæ агуры ног амæлттæ, ногдзинад хæссы ирон советон поэзимæ. Йæ ’мдзæвгæты ис арф националон колорит, зæлланггæнæг рифмæтæ» (12, 4). Раст сты ацы ныхæстæ, фæлæ сты иумæйаг æмæ Бестауы поэзийæ бæлвырд ницы æууæлтæ иртасынц. Чиныджы аиппытæй редактор бафиппайдта æрмæст уый, æмæ «хатт уацмысты хæлд цæуынц ирон æвзаджы нормæтæ». Иугæр афтæ у, уæд уыдон аиуварс кæнын уыд редакторы куыст. 

Бæгуыдæр, чиныджы ис хæрзхъæд уацмыстæ, ног идейæтæ, ног цæстæнгас царды фæзындтæм. Ам дæр уадтымыгъы мотивтæ æнцой нæ уадзынц æрыгон поэты, йæ фантази тæхы романтизмы рог базыртыл, фæлæ арфдæр кæсы царды быцæутæм. Цард контрасттæй кæй рæзы, уыцы хъуыды нывæфтыд æрцыд «Цардвæндаг»-ы. Адæймаг «æрвон фидыц агуры царды», фæлæ бирæтæм нæй уыцы курдиат, нæй сæм уыцы тырнынад æмæ фæлæгæрдынц цъыфы. Цард вазыгджын æмæ хъулæттæ у, хин æмæ хæрам фæливаг сты, калмы буар хиуайы сисау куыд фæзыны, афтæ. Поэт арф фæлгъауы адæймаджы зынтæ æмæ къуыхцытæ ацы тызмæг дунейы. «Хатт нæм хъары хæрамы фыддзырд, Фæлæ уарзтæн нæ хъусæм йæ уынæр» — уый у æнусон сагъæсы суадон, уымæн æмæ адæймаг нæу æнæлаз, нæма сси хуыцауы ’мсæр æмæ йæ бон нæу алцæмæн раст аргъ кæнын, нæ иртасы худгæ хæрам. Поэты сагъæстæ сты арф, æвзæрын кæнынц мæт æмæ рыст, фæлæ нæ кæронмæ нæ уадзы уыцы æнкъарæнты уацары, контрасттæй æвзæры канд хъыг нæ, фæлæ ныфс æмæ идеал дæр. Ис æндæр фæндаг дæр: 

 

Алхатт развæд нæ цæуы йæ нывыл, 

Хатт цæргæс дæр фæтæхы ныллæг... 

Царды иунæг балц ракæны лæг: 

Кæнæ хурæмдзу, кæнæ та цъыфы. 

 

Æмдзæвгæ бæрзонд кæны иумæйаг этикон идеалтæ. Темæ бæлвырд нывты райхалдзæн карз инвективæ «Ды нæ фæдæ уыцы Нарты кардау». Ацы æмдзæвгæйы ис æхсар æмæ граждайнаг лæгдзинады пафос1 . Уацмысы æвдыст цæуы хъысмæты драмæ. Цард лæгæвзарæн у. Æрвыстæджы адресат йæхимæ каст Нарты кардау намысджын, æнæфауд, «рæстдзинады цырагъдар». 

 

Хур боны цырагъ дарын æнцон у, — 

Арв йæхæдæг ирд тæмæнтæ калы, 

Фæлæ тары рухс кæнын кæй бон у? 

Саудалынджы чи басгуыхти стъалы? 

 

Ам цæхгæр æвæрд цæуы царды судзаг фарст. Уацмысы «хъайтар» нæ разынд нæртон фæринк: карз рæстæджы адæмы хуыздæрты рæстæй куы сæфтой, уæд æм нæ разынд ныфс сæ сæрыл сдзурынæн, «тасмачъийау йе згæ уд фæтасыд», афтæмæй сси фыдгæнджыты хъузон. Поэт арф бафиппайдта йæ рæстæджы козбау карьеристы характерон миниуæг: цард аивта, фæлæ ацы тип мыстулæгау ивы æрмæст йæ хуыз, æмæ та дзырддзæугæ лæгау дзыллæты ныхасы ралæууы размæ; уый æдзухдæр лæууы къæппæввонгæй, цæмæй «Хистæр раст у!» мачи зæгъа раздæр...» 60-æм азты уыцы æууæлтæ æвдисынæн хъуыди поэты ныфс. 

Уацмысы æвæрд цæуы рæстæджы проблемæ. «Порвалась связь времен» — уый канд Гамлеты катай нæу. Истори цæуы лæсгæрвæндагыл. Шекспир цы трагедитæ уыдта, уыдон рыг дæр нæ калынц XX-æм æнусы трагедитæ æмæ катастрофæты раз. Бестау уыд йæ рæстæджы хъæбул, ифтонг уыд оптимизмæй æмæ йæ фидарæй уырныдта, зæгъгæ, истори хынцы йæ рæдыдтытæ «æмæ дуджы скъуыд тæгтæ ныхасы арæхстгай алæмæттаджы сасмæй...» Ацы хъуыды кæд бæгънæг оптимизм у, уæддæр хорз у: уый фæрцы зæххыл нæ сысы цæрыны монц. Æниу æнæбындур хъуыды нæу: бæлвырд афонты дугты скъуыд цæгтæ куы нæ ныхæсиккой, уæд рæстæг банцаид йæ цыдæй æмæ æрмынæг уаид цард. 

Цард йемæ хъыгтæ куыд хæссы, афтæ цинтæ дæр. Поэт цалынмæ поэт уа, уæдмæ уыдзæн æрыгон, Пушкины загъдау, «Лишь юности и красоты поклонником быть должен гений». Ахæм уыд Бестау. Йæхæдæг уæлмонцæй зæгъы: «Æз — сывæллонау цымыдис, Æз — æнæсæттон, тымыгъау!» Уый уыны рæсугъддзинад æмæ зоны цин кæнын, уарзы цард æмæ йыл зары. Йæ удыхъæды цыдæр ис Калоты Хазбийы æууæлтæй. Хуымæтæджы нæ уыд Гиуæрги, Хазбийыл фыццаг поэтикон уацмыс чи ныффыста, уый. Сæ дыууæйæн дæр се сфæлдыстады абузынц ныфс, уарзт æмæ царды цин. Уыцы æнгæс æууæлтæй æвзæры æнгæс æнкъарæнтæ. Фæлæ Хазбийы зарæг æвзæрд хæстон уавæрты æмæ дзы зыны трагизмы комулæфт, Бестауы зарæг та сæнтыст æндæр дуджы æмæ ленк кæны цины уылæнты («Царды цин», 1960). 

Æниу Гиуæргийы заманы дæр йæ тæмæны уыдис уазал хæст. Кæрон нæй цард æмæ адæмты быцæутæн. Уыцы уавæрты поэты лирикæйы фæзынынц хæсты мотивтæ, тар фæлгонцтæ, тас æмæ катай. Фæлæ Гиуæрги у цард, цин æмæ уарзты поэт, уый æргомæй зæгъы: «Кувын æз хуыцæутты бæсты цардæн». Йæ кувын та у зарæг, уымæ гæсгæ æдас у рæстæг æмæ мæлæты раз — «зарджытæ нæ мæлынц», йæ цард та ис йæ зарæджы. 

*** 

1966 азы фæзынд Бестауы-фырты ног чиныг «Æхсæв æмæ бон». Чиныг у хæрз къаннæг, йæ цыбыр разныхасы редакци хъусын кæны, зæгъгæ, «æмдзæвгæтæ сты бæрзонд æмвæзадыл фыст, нуарджын», æмæ афтæ у сæ уæх æцæгдæр, фæлæ поэтæн ног ныхас зæгъын бантыст æрмæст къорд уацмысы. Хъуыддаг уый мидæг ис, æмæ 50-æм азты кæрон цы хъарм рæстæг фæзынд, уый 60-æм азты фæстæмæ фæуазал. Уæд цыдис карз литературон быцæутæ, æмæ уый фæстиуæгæн цензурæ фæцис æгъатырдæр. 

Зæгъæм, бирæ даутæ расайдта хуымæтæг æмдзæвгæ «Хæхтæ». Бестау — æфсарм æмæ намысы лæг — бæрзонд æвæры намысон идеалтæ æмæ зæгъы: «Хæхтæ хъахъхъæнынц ирон уæздан æгъдау». Поэт федта хуымæтæг реалон ныв: туристтæ хæхты цæуынц бæгънæгæй, «æвзистау ферттывта рæсугъд цæгаттаг чызджы урс буар». Уыйадыл сæвзæрд поэтикон ныв: «Цыма исчи цъыф бакалдта хæхтыл,— Се ’рфгуытæ фелхынцъ кодтой карзæй Æмæ саудалынг æврæгътæ Хурыл амбырд ысты бардзæй». Уацмысы ис хуымæтæг моралон проблемæ. Фæлæ фадат фæци дзырдхæсджытæн, козбау карьеристтæн, æмæ уацмыс дзырддаг сси: ссардтой дзы политикон мотив, национализм, хахуыр цæгатаг хотыл. 

Ахæм политикон уавæрты ирон поэзийы ногæй æрбынæттон рагон аивадон метод — фæсномыгæй дзурын. Дæлгоммæ ныхасæн ис бирæ хуызтæ æмæ æнусон традицитæ. Уыцы хуызтæй арæхдæр æмбæлынц басня æмæ притча (таурæгъон æмбисонд). Вольтермæ гæсгæ, басня сæвзæрд цагъарадон æхсæнады. Мах рæстæджы басняйы жанр хъомысджын æмæ барджын нал у. Фæзынд æмæ райрæзт ног поэтикон жанртæ: аллегорион æмдзæвгæ æмæ монолог. Ирон лирикæйы уæлдай тынгдæр рапарахат фæстаг жанр: уым автор йæ хъуыдытæ дзуры æндæр искæй номæй. Арæхдæр уыцы æмдзæвгæ вæййы зындгонд историон архайæджы раныхас кæнæ та фольклорон персонажы монолог. Аллегорион æмдзæвгæйы ис басняйы æууæлтæ (архайынц дзы цæрæгойтæ, æрдзы фæзындтæ), фæлæ йын нæй басня схонæн: уый у лирикон, йæ мидис рæзы объективон сюжеты нæ, фæлæ авторы хигъæдон ныхасы, йæ идейæ æвзæры дæлгоммæ фæлгонцтæй нæ, фæлæ бæлвырд нывтæй æмæ æргом ныхасæй. Ахæм аллегорион æмдзæвгæ у «Стай зоопарчы» (ног варианты — «Стай сырддоны»). 

Æмдзæвгæ у ахъаззаг фæзынд ирон лирикæйы. Уый у традицион, фæлæ йæхæдæг дæр у традицигæнæг. Ахст сырды темæ æнусон у. Ног заманты фæзыны уæлдай арæхдæр. Хрестоматион сты Пушкины «Узник», Жуковскийы «Узник к мотыльку, влетевшему в его темницу». Ян Неруда куыд загъта, афтæмæй Шандор Петефи уыд «уарзт, патриотизм æмæ сæрибары æппæты уæлмонцдæр зарæггæнæг» (13,8), уымæ гæсгæ йе сфæлдыстады фæзынд, цагъарадæн карз тæрхон кæм хæссы, ахæм æмдзæвгæ «Ахст домбай». Сæрибар удгоймаг ахæсты æдзæллаг æмæ хъазæнхъул куы свæййы, уыцы трагеди нывæфтыдæй уынæм Шарль Бодлеры «Альбатрос»-ы, уым сæрыстыр маргъ «грубо кинут на палубу, жертва насилья, опозоренный царь высоты голубой». Темæ хицон разынд ирон поэзийæн дæр. Къоста йæ райхæлдта бæрзонд философон æмвæзадыл: «Къалати сызгъæрин уæд,— Ахæстон æй хонын». Темæ традицион скодта Хъуылаты Созырыхъойы сæрибары зарæг «Баст цæргæс». Уыцы традици 60-æм азты сног и æмæ йын сæрæвæрæн уыдысты Нафийы «Хъæддаг гал» æмæ Гиуæргийы «Стай сырддоны». 

Поэт æвдисы æнтæф сæрдыгон бон, æнуд сырддон. Æрдз афтæ зын уавæры ис, æмæ «залмы сыфтæ — уонгуагъд æмæ калд», суанг хуры тынтæ дæр руадæй ныффæлдæхтысты зæххыл, бæстæ бандзыг, «уæлдæф у мæрдонæдзæм, æнуд». Æрымысæм «Уадтымыгъ»: ахæм уавæр поэтæн у æнæуынон, æнцой у мæлæты дуне. Фæлæ ам нывы ис бæлвырддæр мидис — уый у ахæстоны уавæр, сæрибар кæм нæй, уыцы дунейы символон фæлгонц. Æрдзы нывтæ рахизынц сырддоны нывтæм. Хуры тынтæ зæххыл дыдæгътæй кæм лæзæрынц, уым сырд дæр у бур быдыргъау æмпылд æмæ уæнгуагъдæй батымбылтæ бызгъуырау. Карз ахорæнтæй поэт æвдисы царды трагеди, сæрибар уды мæлæт, уыимæ иу процессы æвдыст цæуы удон æмæ буарон деградаци. Сырддон сæрыстырæн удмарæн у. 

 

Арвæрттывд у, уадтымыгъ у стай,— 

Ахстæй йын ыстай ысхонæн нал и. 

 

Стайы тызмæг æмæ артæнгæс фæлгонц 200 азы размæ скодта Вильям Блейк («Тигр»). Англисаг поэт нывæфтыд кæны арф поэтикон тæлмæнтæ, æрвон диссаг скæны стайы фидауц, йæ ныфс, йæ хъару. Бестау дæр дисæн хæссы стайы æууæлтæ, æвдисы сæрибар сырды цард сæрибар тархъæдты. Фæлæ æмткæй ирон поэты раз уыди æндæр хæс: цагъарад удгоймаджы сæфтмæ куыд кæны, уый равдисын. Трагизм æвзæры дыууæ контрастон нывæй — уæгъдибар тыгъдад æмæ ахæстоны уавæртæй. Поэт йæ уæлмонц тæлмæнтæй рахизы уæлвонг риторикæмæ: «Фен ыстайæн хъамылы йæ хæст, Уым у стай, гъе уым судзы цъæх артау...» Æмæ æваст кæны бæлвырд хатдзæг: тайгайы суанг мæргътæ дæр æмризæджы кæмæй ризынц, уымæн сырддоны æрмæст йæ хæррæгъ ис, «æмæ йын йæ бырынчъы тъыссы горæтаг тæппуд саби къæцæлтæ». 

Цагъарады халæн фæстиуджытæ литературæ æвдисы Гомерæй абонмæ. Уый адæймаджы æнæхай кæны тых æмæ фидауцæй, æфсарм æмæ намысæй, йæ ахæсты нæртон лæг æрхауы айуаны уавæрмæ. Бестауы-фырт йæ уацмыс фидауцæн нæ фыста, темæ йæ зæрдыл æрлæууыд йæ уды рыстæй, йæ поэтикон фантази йын цырын кодтой нæ царды уавæртæ, йæ цæстытыл уад поэты хъысмæт. Уацмысы бирæтæ хъуыстой сæ зæрдæйы хъæрзын, æмæ йын уый фæдыл уыд æхсæнадон æмæ литературон резонанс. Æмдзæвгæ арт уадзы маст æмæ сæрибары монцæй. 

Монологы жанры фыст у æмдзæвгæ «Сатанайы куывд». Кæй зæгъын æй хъæуы, Нарты мад ам хъæуы поэтикон хъуыды бæрзонд сисынæн, поэты идеалтæн æмæ ныстуантæн эпикон зæлынад раттынæн, йæ фæндæттæ уырнинаг скæнынæн. Уацмыс нæртон куывдау у патетикон, ораторы ныхасау — æндыгъд, базырджын æмæ зæрдæмæхъаргæ. Фондздæстæгон ямб, урс æмдзæвгæ, трагедион стихау, зæлы сæрибарæй, æнкъарæнтæ фæйлауынц æрсдонау, знæт фурды уылæнтау хъуыдытæй иу æййафы иннæйы æмæ йæ исы бæрзонддæр. Сатанайы арфæтæ сты адæмы фæндиæгтæ — фарн, бæркад æмæ амонд. Фæлæ уыдонæн ссарæн ис æрмæст райгуырæн зæххыл, æмæ Мады сæйраг фæдзæхст у Фыдыбæстæ хъахъхъæнын. Уыцы хъуыддæгтæн уæлтау сты намысон идеалтæ, монон хæзнатæ: 

 

Фидауынц адæм се ’гъдауæй, сæ уагæй... 

Нæртон æгъдау уæ фæдзæхст уæд, мæ хуртæ! 

Сæ фæтк, сæ ныхас — адæмтæн сæ ис, 

Цæсты гагуыйау хъахъхъæнут нæртон дзырд, — 

Нæй фидæнмæ афтидармæй цæуæн! 

 

Æмдзæвгæйы æртыккаг фæлтæры поэт нывæнды хæсты философи. Маст æмæ хæрамæй æвзæры фыдбылыз æмæ ног хæрам,— «Фæлæ фыдгул уæ уæзæгмæ куы бырса,— Ныккалут туг сæрибары сæрыл». Ног нæу ацы хъуыды. Байрон загъта: «Война священна только за свободу», науæд вæййы æрмæст тугкалæн. Уыцы философи нывæфтыд кæны Плиты Грис дæр йæ хæстон лирикæйы. Фæлæ «Сатанайы куывд»-ы уый у мидисы æрдзон хай, зæлы ног хуызы, уæлдай ахадгæ æмæ актуалон та сси ацы змæст дуджы. Уæздан æмæ куырыхон фæндиæгтæ ис уацмысы цыппæрæм хайы нæртон чызджытæн — фидæны мадæн, хъомылгæнæгæн, артдзæсты фарн хъахъхъæнæгæн: 

 

Нæртон мады ном фарнимæ хæссут. 

Сымахæй цæудзæн уарзт æмæ хæрам дæр, 

Зæнæг уын ахæм рацæуæд, — фæл тæртæм 

Фыдыуæзæджы судзгæ уарзт, лæгдзинад, 

Нæртон æгъдау, нæртон кад æмæ намыс 

Тырысайау куыд адæттой сыгъдæгæй!.. 

 

Истори аразæг æмæ цард аразæг у куыст — «лæджы къухты тыллæг». Бестауы гуманизм кад кæны адæймаджы фæллойæн — генийы хъуыдыйæ хуымгæнæджы куыстмæ: «Зæххыл цы ис рæсугъд æмæ бæрзондæй, бæллиццагæй, сыгъдæг æмæ хæрзкондæй, гъе уыдонæн ды се сфæлдисæг дæ...». 

Фæлæ фæллойæн æмæ цардамондæн хъæуы фадат — историон, социалон, национ. Поэт ног æмæ ногæй афæлгæсы Иры историйыл, уыны тох æмæ катастрофæтæ, уыны аланты сæфт,— «Æрмæст ма Терк иронвæндæгтæ кодта». Уæззау уыд сæ хъысмæт: «Цагъары къæлæт не схастой сæ сæрмæ,— Мæгуырдзинад сыл ’рывæрдта æфсондз». Фæлæ «ыссыгъд Октябры сæуæхсид», ныллæууыд «Октябры зæринбазыр æнус». Ацы ныхæстæ абон дзырддаг сты. Бæгуыдæр, зæрин æнус нæ уыд æмæ нæй. Фæлæ æмткæй поэты хъуыды 60-æм азтæй абон у уырнинагдæр æмæ бæллиццагдæр. Уыцы æцæгдзинадæн æвдисæн у æмдзæвгæ «Къостайы бæрæгбон Къахеты». Уым бæстæ ленк кæны цины уылæнты, «Алазаны дон хъусы алайнаг ныхæстæм», уым, ирон хъæуы, адæмтæ æфсымæртау бадынц нæртон куывды, зарынц иумæ — «Къахет хуыцауы ’мсæр поэт-Къостайæн кувынц». Уыцы бæллиццаг цард 60-æм азты уыд æцæгдзинад, уыйхыгъд 90-æм азты Къахет Къостайы цырт милмæ систой хæцæнгæрзтæй. Фæлæ Бестау уыд амондджын — нал федта уыцы фыддуг æмæ йæ адæмы трагеди. 

Бестауы-фырт цин æмæ уарзты поэт у. Фæлæ уыдта царды контрасттæ,— æхсæв æмæ бон, мæлæт æмæ цардау, ивынц кæрæдзи, зоны, «Афтæ ’нцон дæр нæу зæххыл фæцæрын», уымæн æмæ — «Бавзæрстон дзы уалдзæджы къæсæрыл Судзгæ уарзты цинтимæ фыдæх дæр». Уыйадыл йæ зарæг у цинтæ æмæ хъыгты суадон. Йæ бон уыдис цæсгомджынæй æргом зæгъын: 

 

Ме стих у нæлгоймаджы цæссыг, 

Уый тæдзы мæ зæрдæйы рæбынæй. 

 

Бестауы-фырт цардæй ацыд, йæ курдиат йæ тыхы куы бацыди, уæд (1978). Трагикон у поэтты хъысмæт. Азы фæстæ рухсмæ фæзынд йæ фæстаг чиныг «Арты æртæхтæ» (1979). Ацы æмбырдгонд у ирон лирикæйы бæрзонддæр æнтыстытæй. Уым арвайдæнау разынд Бестау æппæтвæрсыгæй — Поэт æмæ Адæймаг. Фæсабырдæр нæрæмон темперамент, æмæ романтикон уæлмонц ныхас рахызт сабыр зæрдæбын ныхасмæ. Ныр сусæг кæнын нал куымдта иу хабар: курдиатджын поэт у «стихы дæсны, уацмысы аивдзинадыл удуæлдай кусæг» (14,3). Æцæг поэт искæмæн куыд зоны аргъ кæнын, афтæ — йæхицæн дæр. Бестау зæгъы: «Талынг æхсæвæй уæ раскъуыдтон судзгæ цырагъау, мæ зарджытæ». Æцæгдæр, чиныг нын нæ зæрдыл æрлæууын кæны стъалыджын арв. 

Поэзийы ратæдзæн у миф. Бестауы-фырт æрдз æмæ царды фидауц æнкъары æмæ йын табу кæны муртакк лæгау. Уый бæллиццаг миниуæг у ахуыргонд лæгæн цивилизацийы дæвдæг бæрзæндыл. Поэт æрдз æмæ дунейы сконды уыны «Рухс царды суадон» æмæ уымæ гæсгæ у хур æмæ рухсы зарæггæнæг. 

Чиныджы нывæфтыдæй уынæм нæ зæхх йæ алы хуызты. Уыцы нывты зыны зæхх æмæ адæймаджы иудзинад, бердзенаг мифты Антей æмæ зæххы хæстæгдзинаг куыд у, афтæ. 

 

Зæхх — нæ уромæг, нæ дарæг, 

Зæхх — нæ уæлион дзæнæт! 

Ды — нæ чысыл цины зарæг, 

Ды — нæ бирæ хъьщ нæ мæт. 

 

Лирикон хъайтар йæ дарæг зæхмæ кæсы поэт æмæ аразæджы цæстæй. Зæгъы йын уарзгæйæ: «Дард хъæддаг лæгæтты цъассæй Тулæм рухсæй-рухсмæ дæу», «Кæнæм дæ цыт, дæ номæн Арвы стъалытæм фæндаг». Уый хуымæтæг метафорон ныхас нæу. Адæм цъирынц зæххы туг, кæнынц ын æбуалгъ фыдмитæ, халынц ын йæ фидауц, æмæ ахæм уавæрты йæ бавæрынæн хъæуы рухс зонд æмæ уарзæг зæрдæ,— уый домынц нæ рæстæджы гуманизм æмæ фидæны сагъæс. 

Гиуæрги поэтизаци кæны æрдзы фæзындтæ, йæ царддæттæг тыхтæ, уымæн æрдзы змæлд хæссы цин, амонд æмæ зарыны мондаг: 

 

«Цин æрцыди!» — сау зæрватыкк уасы, 

Цин цæгъды дзæнгæрджытæ мæ уды... 

 

Æрдзы фидауцæй адæймаджы зæрдæйы райхъал ис уадындз, адæймаг сси поэт, уарзты дзуарылæг (жрец), æвзæры йæм бæрзонд æмæ рæсугъд фæндиæгтæ. Поэты бæллиц у, рухс уалдзæг рæстæджы куы анхъæвзид, уый: уæд дуне уаид дзæнæты дыргъдон, уым уаид æрмæст фидауц æмæ сæфид хæрам. Ацы мылазон дуджы уыцы удон рухс дæтты ныфс æмæ тых. 

Бестауы-фырт у уарзондзинады зарæггæнæг. Европæйы гуманизм рацыд Петраркайы интимон лирикæйæ. Стыр поэт зæдтыл нæ зарыд, фæлæ зæххон сылгоймагыл. Бестау зæххон сылгоймагæй скодта зæд. Уымæн суанг арв дæр у йæ «рагсæнтты уарзоны рухс цæсгом». Поэты лирикæйы Адæймаг у уæздан æмæ рæсугъд, зæххон лæг, фæлæ цæуы хурон бардуаг Аполлоны хуызы, йæ зæрдæ — арвау ирд æмæ рæдау, йæ зонд — рухс, йæ ныхас — цин æмæ уарзты сыгъдæг уддзæф. Йæ уарзт у зæххон æмæ æрвон, хуымæтæг æмæ æнахуыр диссаг. Æмæ йæ зарæг сси поэтикон миф. 

 

Ды фæцæйцыдтæ, рухс калгæ, уынджы, 

Уынг уæлион дзæнæтау ысуындджын. 

Дуне фестади кувæндон, аргъуан, 

Ды — йæ бæстастæу судзгæ цырагъау. 

 

Циклы æмдзæвгæтыл нæй бæстон дзурæн,— уый, иуæй, нæ бантысдзæн уацы æвзагæн, иннæмæй, уæд комментари хъæуид алы рæнхъæн дæр. Уыдон сты хуры тынтау æмæ сын нæй уырзæй сгарæн, уыдон сты уарзтау алæмæт æмæ æхцон. 

*** 

Бестауты Гиуæргийæн йæ алы куысты дæр судзы рæдау зæрдæйы рухс. Поэт афтæ бæрнонæй бавнæлдта Æгъуызаты Иуанейы кадæг тæлмац кæнынмæ, æмæ дæсны æрмдзæфæй «Алгузиани» фестад ирон кадæг, оригиналæй тæлмац рауад хæрзконддæр æмæ мидисджындæр, афтæмæй бафтыд ирон аив дзырды хæзнатыл. Тæлмацгæнæг фæирддæр æмæ фæарфдæр кодта авторы хъуыдытæ. Бестау бавнæлдта ирон æвзаджы æвæрæнтæм, эпос æмæ таурæгътæм æмæ бирæ архаизмтæн радта ног цард,— уыдонæй аив кæны уацмысы эпикон зæлынад, фæлынды йæ рæстæджы æууæлтæй, дæтты йын национ колорит. 

Сфæлдыстадон сгуыхт у Бестауы-фыртæн Шота Руставелийы «Стайы цармдарæджы» тæлмац. Раст зæгъы Булкъаты Михал: «Æвæдза, диссаг уыд Бестауы æгъатырдзинад йæхи тæлмацы куыстмæ. Зыдта йæ, дæсны тæлмацгæнæг кæй уыд, фæлæ уæддæр йæхицæй домдта æвæджиау æнтыст, æгæрон бирæ» (15, 244). Поэт басыгъд уыцы сфæлдыстадон куысты, æмæ йæ рухс баззад йæ уацмысты. 

Бестауы-фырт уыдис нæ дуджы зынгæ поэт. Йæ аивадон бынтæ бæрцæй бирæ не сты, фæлæ æнустæм бæрæг дардзысты ирон литературæйы хæзнадоны. Йæ дæсныйад æмæ йæ лæджыхъæд уыдзысты фæзминаг, йæ ном æмæ йæ фæлгонц — ныфсдæттæг рухс. Йæ иу уацы поэт фыста, зæгъгæ, «лæг а зæххыл хъуамæ цæра бæрзонд идеалты сæрыл тохгæнæгæй, хъуамæ уа дуджы фæдисон...» (4, 105). Ахæм лæг уыд Бестау йæхæдæг. 

ЛИТЕРАТУРÆ: 

1. Джусойты Нафи. Слово о друге. // Кавкасиони, вып. 1. Тбилиси, 1983. 

2. «Фидиуæг», 1978, № 8. 

3. Бестауты Гиуæрги. Амондмæ фæндæгтæ... Тæссаг фæзилæнтæ // Фидиуæг, 1962. 

4. Бестауты Гиуæрги. Арвы дуар гомæй фенынау. «Фидиуæг», 1977. № 11. 

5. Гафез. Æлвæст кард. Фидиуæг, 1959, № 3. 

6. Дзуццаты Хадзы-Мурат. Уадтымыгъы æрдхорд // Критикон уацты æмбырдгонд. 2-аг хай. Дзæуджыхъæу, Ир, 1994. 

7. Брытъиаты Елбыздыхъо. Уацмыстæ. 1-агтом. Орджоникидзе, Ир, 1981. 

8. Карлейль Томас. Теперь и прежде. М., Республика, 1994. 

9. Манн Генрих. Дух и деяние. В защиту культуры. Сб. статей.— М., Радуга, 1986. 

10. Къеркегор Серен. Наслаждение и долг. Киев, 1994. 

11. Дзуццаты Хадзы-Мурат. Ирон адæмы зæрдæйы фидиуæг. «Мах дуг», 1977, № 1. 

12. Плиты И. Поэты ног чиныг // Бестауты Гиуæрги. Царды цин. Цхинвал. Ирыстон, 1962. 

13. Петефи Шандор. Собр. соч. в 3-х т.— Т. 1. Будапешт. Карвина, 1964. 

14. «Фидиуæг». 1978, № 2. 

15. Булкъаты Михал. Доныхъазы зарæг. Критикон уацты æмбырдгонд. 2-аг хай.— Дзæуджыхъæу. Ир, 1994. 

____________________________________ 

 

1 Чиныгыл 1962 азы ныффыстон рецензи, æмæ, ацы æмдзæвгæйы тыххæй цы хъуыдытæ загътон, уыдон газет «Рæстдзинад» ныкъкъуыхтæ кодта.



<==    Комментарии (0)      Версия для печати
Реклама:

Ossetoans.com OsGenocid ALANNEWS jaszokegyesulete.hu mahdug.ru iudzinad.ru

Архив публикаций
  Января 2024
» О чем рассказали восточно-европейские руны
  Ноября 2022
» От Кавказа до Волги
  Августа 2022
» Кавказцы глазами русских: говорят архивные документы...
  Марта 2022
» К вопросу о заселении Фиагдонской котловины, по данным фамильных и народных преданий
» О новых именах в истории царственного дома средневековой Алании
  Февраля 2022
» К ВОПРОСУ ОБ УДЕЛЬНЫХ ВЛАДЕТЕЛЯХ УАЛЛАГКОМА ПО ФАМИЛЬНЫМ, НАРОДНЫМ ПРЕДАНИЯМ И АРХИВНЫМ МАТЕРИАЛАМ
  Декабря 2021
» Осетинская религия; религия осетин (Ирон дин)
  Мая 2021
» Иверская (Моздокская) икона Божией Матери
  Мая 2020
» Соотношение понятий Æгъдау, религия (дин), вера во внутриосетинской дискуссии
  Июля 2019
» Открытое обращение представителей осетинских религиозных организаций
  Августа 2017
» Обращение по установке памятника Пипо Гурциеву.
  Июня 2017
» Межконфессиональный диалог в РСО-Алании состояние проблемы
  Мая 2017
» Рекомендации 2-го круглого стола на тему «Традиционные осетинские религиозные верования и убеждения: состояние, проблемы и перспективы»
» Пути формирования информационной среды в сфере осетинской традиционной религии
» Проблемы организации научной разработки отдельных насущных вопросов традиционных верований осетин
  Мая 2016
» ПРОИСХОЖДЕНИЕ РУССКОГО ГОСУДАРСТВА
» НАРОДНАЯ РЕЛИГИЯ ОСЕТИН
» ОСЕТИНЫ
  Мая 2015
» Обращение к Главе муниципального образования и руководителям фракций
» Чындзӕхсӕвы ӕгъдӕуттӕ
» Во имя мира!
» Танец... на грани кровопролития
» Почти 5000 граммов свинца на один гектар земли!!!
  Марта 2015
» Патриоту Алании
  Мая 2014
» Что мы едим, или «пищевой терроризм»