Iriston.com
www.IRISTON.com
Цæйут æфсымæртау раттæм нæ къухтæ, абон кæрæдзимæ, Иры лæппутæ!
Iriston.com - история и культура Осетии
Кто не помнит прошлого, у того нет будущего.
Написать Админу Писать админу
 
Разделы

Хроника военных действий в Южной Осетии и аналитические материалы

Публикации по истории Осетии и осетин

Перечень осетинских фамилий, некоторые сведения о них

Перечень населенных пунктов Осетии, краткая информация о них и фамилиях, в них проживавших

Сборник материалов по традициям и обычаям осетин

Наиболее полное на сегодняшний день собрание рецептов осетинской кухни

В данном разделе размещаются книги на разные темы

Коста Хетагуров "Осетинскя лира", по книге, изданной во Владикавказе (Орджоникидзе) в 1974 году.


Перечень дружественных сайтов и сайтов, схожих по тематике.



Rambler's Top100 Рейтинг@Mail.ru Индекс цитирования
Статьи Словари
Здравствуйте, Гость
Регистрация | Вход
Опубл. 07.12.2010 | прочитано 3785 раз | Автор: Tabol Вернуться на начальную страницу Tabol
Журнал «Мах дуг», 2004, №11

Игорь ИРТЕНЬЕВ 

 

МАХ НÆ — СЫМАХ 

 

Быры — кæдæй! — егъау бæстæ йæ фазыл? 

Кæй аххос у? Сымах аххос æрмæст. 

Сымах ракъахтат сау тыхтона, хæст, 

Фæлæ ныххуырстат иннæтыл уæ азым. 

 

Бæрзонд бынæттæм чи бырсы? Сымах. 

Нæ хицæуттæ — уæ иузæрдыг чапартæ. 

Уæ алкæй цæрæн — дур-фидар, гæнах, 

Бынæй та — мах. Уæ дзæмбыты — нæ бартæ. 

 

Уæ алыварс — гуыппырсартæ-гæстæ, 

Уынгæджы бон æфснайд ысты уæ сæртæ. 

Рæмудзынц мах та, иблисты хæстæй 

Нæй алидзæн — ыссыхырна нæ зæрдæ. 

 

Бæсты бæркæдтæ чи ’мпулы? Сымах. 

Уæ лæвар нын — цъиахтæ-олигархтæ. 

Уæ фæрцы бадынц уыдон хъултæ сах, 

Дæлæмæ ныл уæлиауæй — гæрæхтæ... 

 

Ис махмæ дæр, ай-гъай, æрхæссæн фау: 

Уæ бæрны та уын бакæнæм нæ бæстæ, 

Фæдæттæм уын нæ хъæлæстæ æфстау, 

Сымах та не стут фидинаг уæ хæстæ. 

 

Хъодзаты Æхсары тæлмац 

 

 

СИТОХАТЫ Саламджери 

 

ÆХСЫНЦ НЫН НÆ ФИДÆН 

 

Фыдгултæ нын æхсынц нæ фидæн. 

Ныр та Беслæны акалдис йæ туг. 

Ныхъхъус ыстæм. Æрмæстдæр ма сæ ’лгъитæм, 

Кæнæм нæ маст нæ цæссыгтæй хуыдуг. 

 

Фыдгултæ нын æхсынц нæ фидæн. 

Тæрсын, тæрсын, куы акæла йæ рындз. 

О диссæгтæ! Цæф нал хъары нæ иутæм! 

Фæдисмæ нæ, æхцатырдæм бырсынц. 

 

Нымайынц иутæ доллæртæ, о, мах та 

Нымайæм, охх, нæ сабиты мæрдтæ. 

Фыдбоны катай мады зæрдæ скъахта, 

Ныссуйтæ сты йæ кæддæры фæндтæ. 

 

Фыдгултæ нын æхсынц, æхсынц нæ фидæн. 

Нæ абон дæр фыдцæф у, уæдæ цы! 

Дзыназгæ ’вналынц устытæ сæ хилтæм... 

Быхсаг ыстæм... Нæ Хуыцау нæм хæцы... 

 

 

КЪАДЗАТЫ Станислав 

* * * 

Ацæуын æнцон у, 

Тынг зын у ныууадзын — 

Удæн ам æхцон у 

Алцыдæр æвдадзау. 

 

О, фæлæ дзы хæйрæг — 

Кувæндоны хицау, 

Уый — бæллæхты сæйраг, 

Уый къухы — къæбиц дæр. 

 

Зинтæ махмæ — минтæй, 

У сæ бар нæ рæбын, 

Хинтæй ныл сæ цинтæ, 

Зæдтæ та — æрвгæрон. 

 

Цард — цъымара, хъамыл — 

Сау фыдæх куы зæрды. 

Зæрдæ уымæн — саджил, 

Уымæн ис дызæрдыг. 

 

Фæлæ ис Фыдызæхх, 

Ис нæртон дзырды фарн! 

Уыдон ма — зынг-сыгъдæг, 

Уыдон ма — æрвыг-арф! 

2004.31.08 

 

* * * 

Никуы уыд æдзæсгомдæр 

Ацы цъаммар дугæй — 

Асæрфы йæ цæсгомæй 

Ту дæр æмæ туг дæр. 

 

Фæлæ рæстæг мах ыстæм, 

Адæмтæ, нæ бæстæ. 

Оххай-гъе, ныссагъдыстæм 

Цъымарайы цæсты!.. 

2004.10.09 

 

 

 

АЙЛАРТЫ Измаил 

 

НÆ РÆСТÆГ — НÆ ИРВÆЗЫНГÆНÆГ
 

Æнусты дæргъы Ирыстоныл бирæ фыдбылызтæ æрцыди кæм æрдзон, кæм та æхсæнадон-социалон тыхты ахæсты, æмæ дыууæ хуызы сæфты цаутæн дæр уыд æфсæнттæ, аххостæ. Æнæ æфсон æмæ аххосæй нæдæр æрдзон фыдбылызæн вæййы æрцæуыны мадзал, нæдæр æхсæнадон-социалон. Æрдзон фыдбылызты æфсæнттæ, аххостæм адæймаг ницы бар дары, æмæ йæ сæ сæфты цаутæй азымы дæр нæ бадардзынæ. Æхсæнадон-социалон фыдбылызтæн æндæр у сæ ахаст. Райдайæнæй кæронмæ æрцæуынц æхсæнады аххосæй, хицæн социалон къордты амынд æмæ архайдæй, иугай хивæнд хицæутты фæндонæй. 

Æгас дунейы рæстаг кусæг адæм æхсæнадон-социалон фыдбылызты ахæсты бахаудтой фæстаг дæс-фынддæс азы, æмæ æппæт фыдбылызы цаутæн дæр ис бæрæг æфсæнттæ. Стырдæр нымадæй абоны æхсæнадон фыдбылызты аххосæгты сæйрагдæр æфсæнттыл нымайынц фыдгæнæг къордты архайд, лæгмарты (террористты) хæст сабырæй цæрæг адæмимæ. Уыдон алы фыдгæнды нæмттæй хонгæйæ паддзахадты хицауадтæ кæрæдзимæ сидынц, цæмæй æмзонд-æмдыхæй æрлæууой лæгмарты ныхмæ, æмæ пырхгонд æрцæуой æппæт мадзæлттæй дæр. Фæлæ лæгмарты гæрзифтонг тыхтæ-къордтæ цæй фæрцы фæзындысты цыбыр рæстæгмæ, уымæн дзуапп раттæг нæй нæдæр тыхджындæр паддзахæдты разамонджытæй, нæдæр æрхъуыдыджындæр зонадон кусджытæй, ахуыргæндтæй, цыма дунейы цыфыддæр фыдгæнджытæ-лæгмартæ уæларвæй æрхаудтой цæттæйæ, гæрзифтонгæй, тугмондагæй, уый хуызæн... 

Æнусты ахæсты, историйы талынг къуымты цыдæриддæр фыдбылызæй, фыдгæндæй æрцыди, уыдон уыдысты фыд-зæрдæ, æгъатыр, тугмондаг, кæнгæ кадыл хæцæг адæймæгты фæндон æмæ архайдæй. Фыдгæнæг адæмæн вæййы фыдгæнæг паддзах, хæрзгæнæг адæмæн — хæрзгæнæг паддзах. Хъæубæстæ федзæрæг, уæд ын вæййы рувас æлдар. Цыбыр ныхасæй, адæмæн хъæуæй паддзахадмæ хъæуы уынаффæдон, уым та — уынаффæйы рæстаг лæгтæ иугæндзоны хæрзаудæн æмæ æрхъуыдыджынæй. Æхсæнадон лæгдоны фыдгæнджытæ куы свæййынц уынаффæйыл, уæд дзы фидæны хорзмæ æнхъæлмæ кæсæн нæй. Цавæр тыхтæ, къордтæ лæууынц ныры дуджы дунейы стырдæр, хъомысджындæр паддзахæдты сæргъы хицауады номæй, хæрзгæнджытæ æви фыдгæнджытæ? 

Советон хицауад, социалистон бæстæтæ архайдтой кусæг-фæллойгæнæг адæмты царды сабырдзинадыл алы мадзæлттæ æмæ фæрæзтæй. Æвдай азы дæргъы Уæрæсейы талынгдæр, рæбинагдæр къуымты лæгмар къордтæ сæ сæр схъил кæнын дæр нал уæндыдысты. Советон хицауад куы фехæлд, социалистон бæстæтæ капиталистон цардыуагыл куы ныххæцыдысты, уæд сарæх сты, фæскъæвдайы маргхъæстæ зокъотау, бенладентæ, масхадовтæ æмæ басаевты лæгмар тугмондаг къордтæ. Гъемæ уыцы сæфты цаутæм комкоммæ рæстаг цæстæй куы акæсæм, уæд, дунейы кусæг адæм æмризæджы кæмæй ризынц, уыдонæн марæнгæрзтæ чи радта, чи сæ сахуыр кодта хæцыны, марыны дæсныйадыл? 

Лæгмар къордты ныхмæ дæр æмæ мидбæстаг фыдгæнджыты ныхмæ дæр митингтæй, æртхъирæнтæй, гæрзтæй æвзидгæйæ тох кæнын у æнæрхъуыдыйы, æдзæлгъæды миниуæг куыд бынæттон хицауады кусджытæн, афтæ хуымæтæг кусæг адæмæн дæр. Стыр мæрдджын стæм, фæлæ иугæндзоны кæуынтæй, фыдохы уынгæг хъарджытæй нæ уавæр нæ фæхуыздæр уыдзæни. Стыр мардæрцыдæн стыр адæм хъæуы, æмæ ныр æгъгъæд у кæуынæн, саутæ дарынæн. Нæ иумæйаг куырой ссинаг донмæ фезгъæлдта нæхи æнæмæты, æдзæлгъæды аххосæй, æмæ нæ сасир йæ фæдыл мауал æппарæм, фæлæ æрбадæм фæсмардæрцыд иу адæмау сыхты, хъæуты, сахарты æмæ ахъуыды кæнæм фыццаг нæ рæдыдтыл, стæй нæм сыхаг адæмтæ цы цæстæй кæсынц, цы зæрдæ дарынц, уыдоныл æмæ, æнæ масты фæдыл цæугæйæ, æнæ æртхъирæнтæ кæнгæйæ ныллæууæм раст фæндагыл. Уый та домы рæстæджы ахастæй цалдæр хъуыддаджы: фыццагæн — нæ сæр сæрмæ хæссын дзыллон уагæй, дыккагæн — æмдзу кæнын Уæрæсейы рæстагдæр адæмтимæ æмæ агурын хæларæй кусыны, цæрыны мадзæлттæ сыхаг дзыллæттимæ. Æндæр фæндаг нын нæй дунейы сконды... 

 

 

АЙЛАРТЫ Чермен 

 

УДЫ МОНОЛОГ
 

Алы бæстæты адæммæ дæр ис сæхи хицæндзинæдтæ. Раппæлинаг æмæ рафауинаг хъуыддæгтæ æмæ миниуджытæ. Ирæттæ сæрыстыр сты сæ хæстон хъæбатыртæй, ахуыргæндтæй, уазæгуарзондзинадæй, нæ фарсмæ цы ’ндæр адæмыхæттытæ цæры, уыдонимæ фидыдæй цæрынæй. Ирæттæ сты, чи зоны, уæлдай фæразон, бараг, сабыр зондыл хæст. Ис нæм аиппытæ дæр, рæсугъд цæрын нæ чи нæ уадзы, ахæмтæ. Уыдонæн сæ ахсджиагдæртæ сты: фаг нæ хъуыды кæнæм нæ фидæны цардыл. Нæхæдæг куыд сыгъдæгзæрдæ, æнæхин æмæ цæстуарзон стæм, иннæты дæр афтæ хонæм. Карзæй бафхæрын кæй фæхъæуы, уымæн тæнзæрдæ разынæм æмæ йын ныххатыр кæнæм, кæд æм хуыздæр зонд æрцæуид, зæгъгæ. Уый аххосæй иу фыдракæндæй иннæ фыдракæндмæ, иу бæллæхæй иннæмæ сæрæсæфæнмæ хæстæгдæргæнгæ цæуæм. Куырм бæхтау нæ размæ нæ уынæм æнæбын къардиу æмæ нын тæссаг у, куы йæм асхъиуæм, уымæй. 

Æппæт дунейы истори абоны онг цы нæма федта æмæ фехъуыста, ахæм æвирхъау фыдбылызы хай баци Беслæныхъæу. Уыцы стыр бæллæх ныл нæ фыддæр фынты æрцыд, æви нæ хъалæй, уый абон дæр бирæтæ нæма раиртæстой. Чи йæ базыдта, уый та йæхи дæр æмæ йе ’мбæлтты дæр бафæрсы, цæмæн æрцыд, уымæй. Кæй æххуысæй æмæ кæй аххосæй? Кæмæй бацагуырдæуа дзуапп? Чи йæ ссара? 

Бæллæх не ’рцæудзæн, уый нæ хъахъхъæнджытæ нæ зыдтой, зæгъгæ, уый абон зын зæгъæн у. Куы нæ йæ зыдтаиккой, уæд рагацау сæ цæрæнуæтты дæр, сæ куыстуæтты дæр хъалагъурты нæ сæвæрдтаиккой. Хæцæнгæрзтæй ифтонг салдæттæ сын сæ сæрты цъиу атæхын дæр куы нал уагътой. Афтæмæй мингæйттæ та æвæгæсæгæй бабын сты. Иу дзы нæ загъта, нæхи куыд хъахъхъæнæм, афтæ адæмы дæр бахъхъахъæнæм, зæгъгæ. 

Алчи дæр бамбæрста, нæ фыдгул йæ хуыз кæй аивта, уый. Не знаг зноны знаг нал у. Уый нæ раздæр иугæйттæй мардта. Æхста нæ фæскъулæй, къудзитæй, хъамылтæй — сусæгæй. Абон нæ марын райдыдта æргомæй æмæ бирæгай лыстæг сасирæй луæрст сæрмагонд программæмæ гæсгæ. Кæйдæр амындæй, кæйдæр ардыдæй. Зонынц нын нæ лæмæгъ бынæттæ æмæ нæ цæвынц уыцырдыгæй. 

Раздæр кæд нæлгоймæгтимæ хæцыдысты, уæд ныр та нæ сылгоймæгтæ æмæ æнахъом сабитимæ райдыдтой. Уыдонимæ хæцын та лæджы хуызæн лæг сæрмæ дæр никуы хаста. Сывæллонмæ бирæгъ дæр куынæ ’вналы... Знаг зоны, Ирыстоны сабитæ чысыл кæй гуыры, уый. Æмæ нæ хъавы æнæ фидæн фæкæнынмæ. Райсом сын уæд æнцондæрæй басæтдзыстæм. Нæртон адæмы байзæддаг, аланты фæдон ирон лæг нал æххæст кæны йæ æрдзон-гуырдзон хæс. Йæ фыдæлты уæзæгыл йæхи хицауыл нæ, фæлæ æцæгæлоныл нымайын райдыдта. Раздæр ныл цы бæллæхтæ æрцыд, уыдоны аххосæгтæ афоныл æргомгонд куы æрцыдаиккой, уæд, æвæццæгæн æмæ, Беслæныхъæуыл тугуарæн не скодтаид. 

Ирыстоны хъæутæ æмæ горæтты азæй азмæ фылдæргæнгæ цæуы наркотиктæ уæйгæнджыты нымæц. Се ’хсæн бирæ ис, иронау чи нæ дзуры, ахæмтæ. Наркотиктæ чи уæй кæны, уый дæр лæгмар у, фæлæ йæ йе ’цæг номæй иу рахонæг нæй. Æмæ хæмпæлгæрдæгау нæ фæсивæды æхсæн рæзынц наркоманты рæнхъытæ дæр. Алчи дæр дзы хъылма æнцонæй ары æмæ йæхи бабын кæны, йæхи цæрдудæй мары. Наркоманиимæ чи хъуамæ тох кæнид, уыдоны иу хай хъылмауæйгæнджыты æмдзæхдон сси. Уыдоны тугамæст æхцатæ сын систы сæ бинонтæ дарæн фæрæз. Кæмæн сæ йæ фадат куыд у, афтæ фæсарæнты йæхицæн æлхæны цæрæнуат æмæ йæ кæстæрты уырдæм æрвиты цæрынмæ æмæ ахуыр кæнынмæ. 

Бирæ цыбырхъуыртæ ис нæ алыварс. Царды мидæг æнæбонæй бæрзонд стæхынмæ чи хъавыд, хицау суæвынмæ йæ уды быцъынæг чи тыдта, фæлæ кæмæн нæ бантыст, ахæмтæ. Уыдон æнæхин адæмы ардауынц республикæйы хицауад фæтæрыныл, цæмæй сæхимæ стыр бынæттæ æрхауа. Домынц хæст ракъахын, цæмæй не знæгты бæллиц сæххæст уа, фæлæ адæм куырм æмæ къуырма не сты. Нæ зондджын æмæ дардмæ уынæг хистæрты уый нæ фæнды. Тæвдтуг чи у, тæнæгсæр, уыдон сидынц фæсивæдмæ туг райсынмæ. Семæ сразы вæййынц тæлтæг кæстæртæ, арахъхъæй бафсис кæмæн нæй, судзиныл чи æрбадт, ахæмтæ. Æцæг сæхæдæг размæ нæ ацæудзысты. Фæлæ ма алчи дæр бæстон ахъуыды кæнæд, кæимæ йæ хъæуы схæцын? Кæмæй райсæм нæ туг? Куы схæцæм, уæд та цал æмæ цал ног ингæны фæзындзæн нæ уæлмæрдты, цал сидзæры, цал идæдз усы? Чи фæуæлахиз уыдзæн ахæм хæсты? Ничи! Æмæ уæд цæуыл силлæг стæм, хæсты цæхæрмæ куырм æрсытау цæуыл бырсæм? Ныры онг нæ цы туг фæкалд, уый нын æгъгъæд нæу? 

Æз афтæ нæ зæгъын, æмæ нæ гæрзтæ æруадзæм, ныббарæм не ’фхæрд. Нæ! Тох кæнын æнæмæнг хъæуы, фæлæ — зондæй, æндæр мадзæлттæй. Маст райсынмæ æндæр фæндагыл ацæуын æмбæлы. Стыр Уæрæсеимæ æмвæнд, æмзондæй. Цы калм ныл æртыхст, уымæн йæ сæр ссарын хъæуы. Уый сæрæй маргæ у, æмæ йæ иумæ куы нæ амарæм, уæд иугæйттæй ницы бакæндзыстæм. Не скъолатæ æмæ сывæллæтты рæвдауæндæттæ хъахъхъæнæг æххуырсæм хъалагъуртæ, уымæй дæр — туджы аргъæй, фæлæ иу æмæ дыууæ лæджы кæй бахъахъхъæндзысты, цы сæ бон у? Уый «Зарницæйы» хъазты хуызæн у æмæ дзы нæхи сайæм иннæ бæллæхмæ. Беслæны скъоламæ цы бирæгъты æрдонг æрбалæбурдта, уымæн цас зын аныхъуырæн сты ахæм дыууæ лæджы? Гъе стæй, кæд милицæйы чи аива, ахæм хъалагъуртæ баххуырстам, уæд баххуырсæм разведчикты чи аива, сæ хæстæ сын чи æххæст кæна, ахæм кусджытæ дæр. Саразæм адæмон сгарджытæ дæр, нæхи æфсад, нæхи милицæ. Æмæ ма нæ уæд чи ис, уыдон та ма нæ цы боны хорзæн хъæудзысты? Чидæр хæрæг уасынæн куыд дардта, уымæн? Кæм сты уыцы бæрнон кусджытæ? Кæм сты нæ паддзахадон арæнхъахъхъæнджытæ? Кæддæр йæ сæрты маргъ дæр атæхын кæмæн нæ уæндыд, уыцы арæнтыл нын фæсарæйнаг æххуырст фыдгултæ ныр мæлæт æнцонтæй цæмæн хæссынц? Цæмæн æмæ сыл кæй æххуысæй æрбафсæрынц тугмондаг сæркъуыртæ наркотикты уæззау уæргътимæ, тæккæ ногдæр хæцæнгæрзтимæ?! Нæ иумæйаг хæдзар — Кавказ къуыввитдон æмæ ривæддон куы сси алыхуызон фыдгæнджытæн. Кæд та паддзахадон арæнтæ дæр ныййарджыты хъахъхъæнинаг систы, уæд нын æй исчи афоныл зæгъæд, æмæ та уыцы масты комдзаг дæр аныхъуырæм. Милицæ, æфсад æмæ ма ноджы бирæ кæмæндæртæн дæр сæ сæйраг хæс у адæмыл аудын, сæ æдасдзинадыл кусын æмæ сын сæ бæсты хъуамæ мачи æххæст кæна сæ хæстæ! Йæ куыстмæ сæ чи нæ арæхсы, науæд гæртамхор чи сси, уыдонæй та нæ нæхи бахизын хъæуы æмæ — цас раздæр, уыйас — хуыздæр! Æнæ уыцы æмæ æндæр мадзæлттæй нæ туджы зæйтæ ницæмæй æрлæудзысты, нæ бахус уыдзысты. Фыдвæд æмæ æвæд фæуыдзыстæм райсом. Сæфтæн та æвгъау стæм. Мах ацы фæлывд æмæ мæнгард дунейыл цæрынæн рантыстыстæм, æмæ дзы хъуамæ нæ цард нæхи фæндиаг саразæм. 



<==    Версия для печати
Реклама:

Ossetoans.com OsGenocid ALANNEWS jaszokegyesulete.hu mahdug.ru iudzinad.ru

Архив публикаций
  Января 2024
» О чем рассказали восточно-европейские руны
  Ноября 2022
» От Кавказа до Волги
  Августа 2022
» Кавказцы глазами русских: говорят архивные документы...
  Марта 2022
» К вопросу о заселении Фиагдонской котловины, по данным фамильных и народных преданий
» О новых именах в истории царственного дома средневековой Алании
  Февраля 2022
» К ВОПРОСУ ОБ УДЕЛЬНЫХ ВЛАДЕТЕЛЯХ УАЛЛАГКОМА ПО ФАМИЛЬНЫМ, НАРОДНЫМ ПРЕДАНИЯМ И АРХИВНЫМ МАТЕРИАЛАМ
  Декабря 2021
» Осетинская религия; религия осетин (Ирон дин)
  Мая 2021
» Иверская (Моздокская) икона Божией Матери
  Мая 2020
» Соотношение понятий Æгъдау, религия (дин), вера во внутриосетинской дискуссии
  Июля 2019
» Открытое обращение представителей осетинских религиозных организаций
  Августа 2017
» Обращение по установке памятника Пипо Гурциеву.
  Июня 2017
» Межконфессиональный диалог в РСО-Алании состояние проблемы
  Мая 2017
» Рекомендации 2-го круглого стола на тему «Традиционные осетинские религиозные верования и убеждения: состояние, проблемы и перспективы»
» Пути формирования информационной среды в сфере осетинской традиционной религии
» Проблемы организации научной разработки отдельных насущных вопросов традиционных верований осетин
  Мая 2016
» ПРОИСХОЖДЕНИЕ РУССКОГО ГОСУДАРСТВА
» НАРОДНАЯ РЕЛИГИЯ ОСЕТИН
» ОСЕТИНЫ
  Мая 2015
» Обращение к Главе муниципального образования и руководителям фракций
» Чындзӕхсӕвы ӕгъдӕуттӕ
» Во имя мира!
» Танец... на грани кровопролития
» Почти 5000 граммов свинца на один гектар земли!!!
  Марта 2015
» Патриоту Алании
  Мая 2014
» Что мы едим, или «пищевой терроризм»