Iriston.com
www.IRISTON.com
Цæйут æфсымæртау раттæм нæ къухтæ, абон кæрæдзимæ, Иры лæппутæ!
Iriston.com - история и культура Осетии
Кто не помнит прошлого, у того нет будущего.
Написать Админу Писать админу
 
Разделы

Хроника военных действий в Южной Осетии и аналитические материалы

Публикации по истории Осетии и осетин

Перечень осетинских фамилий, некоторые сведения о них

Перечень населенных пунктов Осетии, краткая информация о них и фамилиях, в них проживавших

Сборник материалов по традициям и обычаям осетин

Наиболее полное на сегодняшний день собрание рецептов осетинской кухни

В данном разделе размещаются книги на разные темы

Коста Хетагуров "Осетинскя лира", по книге, изданной во Владикавказе (Орджоникидзе) в 1974 году.


Перечень дружественных сайтов и сайтов, схожих по тематике.



Rambler's Top100 Рейтинг@Mail.ru Индекс цитирования
Статьи Словари
Здравствуйте, Гость
Регистрация | Вход
Опубл. 07.12.2010 | прочитано 10218 раз |  Комментарии (1)     Автор: Tabol Вернуться на начальную страницу Tabol
КÆЙ НÆ НЫФФЫСТОН, УЫЦЫ ЧИНЫГ

Бицъоты Гриш 

Журнал «Мах дуг», 2009, №9, 11 

 

 

Документалон уацау 

 

Гæджиты Бадилайы æрдæгфыст мысинæгтæ кастæн йæ амæлæтæй 39 азы фæстæдæр. Йæ царды хабæрттæ йын чи зыдта, уыдонæй æппæты разæй базыдтон Багаты Барисы, райгуырди Хуссар Ирыстоны Сæриттаты хъæуы. Гæджитыл, йæ мадырвадæлтыл, иузæрдион уыди. Бадилайы цардыл фыст чиныг дунейы рухс фендзæн, уыцы цинæй Барис ныррухсдзæсгом, сси ме ’мхъуыды, ме ’мсагъæс. Мæ дзыхæй ницыма схауди, нæма ской кодтон, Бадилайы дуджы цæмæй фегуырон, уый тыххæй мæ аргъæутты нымæтын ехсæй æркъуырын кæй хъæуы, афтæ Барис дзурынмæ фæци: 

— Бадилайы йæ райгуырдæй фæстæмæ чи зыдта, йемæ æртхъирæны мæй Мамысоны æфцæгыл Гуырдзымæ чи ахызти, уыдонмæ дæ байхъусын хъæудзæни æмæ уыдон ссардзыстæм, фæлæ уал, Бадила кæм райгуырди, уыцы хъæу, гвардийæ лидзгæйæ, Мамысонгоммæ кæуылты рахызтысты, уыцы æфцæгыл дæр хъуамæ ма ахизай?.. Бадилайы хуызæн лæджы цардыл чиныг ныффыссынмæ йæ ныфс чи бахаста, уый хъуамæ рагацау бамбара, цы уæззау уаргъ æй сæккой кæнын хъæуы, йæ гæнæнтæ æмæ йæ авналæнтæм æркæса æмæ йæхи бафæрса: «Сарæхсдзынæн, нæ фæфыдæнхъæл уыдзынæн?». 

Уыдæттæ мын фæсномыг ныхæстæй æмбарын кодта Барис нæ фыццаг фембæлды рæстæг. Афтæ загъта: 

— Шолоховы «Тихий Дон» — мæ цæстытыл мæгуырдæр чиныг нæ уайы. Григори Мелехов цытæ бавзæрста, уыдонæй Гæджиты Бадилайы хабæрттæ цыма цымыдисагдæр æмæ уæззаудæр сты. Къуыдаргомы диссæгтæ дæ куы бандавой, Бадила бирæтæн таурæгъы лæг кæй сси, уый æмбисондæн куы райсай... — Барисы ныхасы таг нал скъуыди. — Бадила стæм гуырд уыди. Хæрз æрыгон ма уыди, уæд ын скъуындæг йæ хъæу, йæ ком. Гуырдзиаг кънйæзты хæдзæртты æххуырсты куысты фыдæбон бавзæрста, се ’взаг сын базыдта. Сæхи æмæ сæ хъæуккæгтæй кæйдæрты галтæ уæймæ атардта. Галтæ дæр фесæфтысты, фесæфти лæппу йæхæдæг дæр. Фенхъæлмæ йæм кастысты цалдæр азы — нал фæзынди, иу уынæг æй нæ фæци. Æмæ йын хист скодтой. Йæ галтæй чи бавдæлон, уыцы хъæуккæгтæ йæ хорзæй кæм мысыдаиккой. Бадилайы хистæр æфсымæр Биаслан Тифлисы трактир «Труд»-ы куыста, Бадила та дзы цумайы лæппу уыди. Биаслан йæ кæстæр æфсымæры алы къахдзæф дæр уыдта, уæддæр йæ цæстыты разæй цыдæр æрбаци... Цæй, Бадилайы царды диссæгтæй фылдæр ницы уыди, æмæ сæ агурын хъæуы. Къуыдаргомы цæрджытæ гуырдзиаг гвардионтæй Мамысонгоммæ кæуылты лыгъдысты, мах та уыцы æфцæгыл Къуыдаргоммæ ныххиздзыстæм. Нæ изæр Стырмæсыгмæ ныххæсдзыстæм... 

Æмæ иу сæумæрайсом Згъилы æфцæджы рæбын Барисимæ «Волгæ»-йæ æрхызтыстæм, аходæны комдзæгтæ скодтам, уалæ æгæрон бæрзонд арвыл чи æмбæлди, уыцы хохыл нæ цæст схастам æмæ азмæлыдыстæм. 

Хъизæмайраг фыдæбæттæ бавзарæг хорхæсджытæ-иу кæуылты ахызтысты, уыцы æфцæгыл ахызтæн, зæгъгæ, мæхицæй ныббузныг уыдаин, фæлæ мæ цæстытыл ауадысты зæрдæйы дзæбæхæн хиирхæфсæн балцы цæуджытæ. Хæссинагæй мæм æрмæстдæр — блокнот æмæ ручкæ. Уæдæ тæккæ æфцæгыл ацафон мит кæй нæма æрхæцы, уый дæр нын хъуыдыгонд уыди. 

Сахатмæ дæр не ’ркастыстæм — æфцæгыл цæуджытæн ахæм рухс бон сæ сахат — хур. Æдзæм къахдзæфтæ кодтам æмдзæхгæр хæрды. Къахвæндаджы мынæг фæд-иу чысæмбæрзт фахсыл куы йæхи равдыста, куы-иу æрбайсæфти къæдзæхуæлцъарыл. 

Æфцæджы рагъ суынын мондагæй цæст æдзух уæллоз бæрзæндтæм лыгъди. Сентябры рухсмæ армытъæпæнмæ кæсæгау алцыдæр йæхи æргом æвдыста. Улæфæнтæ кæддæр фегом сты, æмæ бæрзондмæ тырнæг къахвæндагыл цæуын фенцондæр. 

Æмæ ралæууыди хъазгæмхасæнты загъд хиирхæфсæн ныхæсты рад. Барис — мæнæй цалдæр азы хистæр, фидæрттæарæзт. Хохы схъомыл æмæ æфцæгæн йæ уырдыг фарсыл дæр иу æмæ дыууæ хатты нæ ныццыди, хæрды цæугæйæ къахдзæфы уæз дæр дзы рох нæ уыди. Æмæ йæ алы змæлд дæр — барст, нымад. Кæддæр мæм фæзынди рæвдздæр акъахдзæфтæ кæныны монц æмæ къуыдайраг здæхтæй сдзырдтон: 

— Хæрды сæуынмæ джы мæ хуызæн нæй. 

— Æппæл, æппæл дæхисæй, быдираг, — худæндзастæй дзырдта Барис. — Изæры дæм Далоститæм æркæсдзынæн. 

Нæ фыццаг æхсæв кæм æрвитдзыстæм, уыцы хæдзары хицауы кой мын кодта. 

Къахвæндаг нæ хуыдта æмæ хуыдта хæрдмæ. Æмæ сцымыдис дæн: æппын афон нæма у, нæма суындзынæн æфцæджы бæрзонддæр арæн? Кæддæр æй уыцы дзæбæх суыдтон, цæст дзы бæрæг бынæттæ дæр ацахста. Гъæйтт-мардзæ, иуцасдæр ма æмæ æфцæджы тæккæ рагъмæ схæццæ уыдзыстæм. Уым ма нæ, æвæццæгæн, иуцасдæр дзæгвæз рæтты ауайын бахъæудзæн, уырдыгæй хурæргом дунейыл афæлгæсынæй диссагдæр ницыуал уыдзæн... 

Цы бæрзонд арæнмæ кастæн, уырдæм сæввахс стæм, афтæ мæм йæхи равдыста, цæст ын йæ цъупп дзæбæх не суыдта, хохы уыцы фахс. Æмæ бамбæрстон — æгæр тагъд кæнын, нырма нæ æфцæгмæ дзæвгар-дзæвгæрттæ суайын бахъæудзæн. Æфцæгыл афæдзæй-афæдзмæ зымæджы æууæлтæ нæ фесæфынц, кæм дзы ихкъæйыл бауайын хъæудзæн, кæм дзоданад митыл. 

Бирæ ма фæцыдыстæм зынулæфæн, зынкъахдзæф хæрды, уæд Барис æрлæууыди æмæ мын ацамыдта, чысыл фæкъул ис, ахæм, дзæбæх цæджындзы стæвдæн, уырдыг лæууæг дурмæ. Зæххæй дзы уæлæмæ зындаид цонджы бæрц. 

— Ам ме ’рвады зæй фæласта, — загъта Барис æмæ хъил дуры цурмæ бацыдыстæм. 

Дуры лæгъз фарсыл мæ цæст ацахста цыргъбырынкъ æндон къахæнæй къахт дамгъæтæ, ныггуыбыр кодтон дурмæ æмæ бакастæн: «Ам фæласта зæй Багаты Домейы». Уыцы дурыл фыстытæ бахастон мæ блокнотмæ. Сæ бынмæ афыстон: «Згъиды æфцæг». 4 сентябрь, 1976 аз». 

Барис исты хабар дзуры, уæд-иу æрлæууыди, фадат мын арæзта, цæмæй йын йæ ныхæстæ бæстон ныффыстаин. 

Æмæ уæды фыст у Домейы сæфты хабар дæр. 

Стырмæсыгæй цалдæрæй хор хæссынмæ рацыдысты Цæгат Ирмæ. Сæ фысымтæ — Ногиры. Хор хастой æккойæ. Ардæм схæццæ сты, уæд сыл зæй рацыди. Доме иннæты фæсте аззад, зæйы тæккæ цырен æй æрæййæфта. Æмбæлттæ йæ уынгæ дæр нал акодтой. Мит æппын йæ уарынæй не ’нцади æмæ зæйы дыккаг уылæн куы æрцæуа, уымæй æдас нæ уыдысты. Æмæ сæ фæндагыл атагъд кодтой. Фыццаг фæдисы рацыдысты авдæй. Фæцагуырдтой йæ зæйласты æмæ ницы. Дыккаг фæдисы чи рацыди, уыдон баисты æртиссæдзы. Агуырдтой, агуырдтой æмæ сыл бон куыд æрбацыбыртæ, уый зонгæ дæр нæ бакодтой. Ницы та. Фæдисæтты хистæр загъта: 

— Цæуын хъæуы. Дунейы адæм бабын уыдзысты. 

Мæнæ араст уой, зæгъгæ, афтæ кæстæртæй иуæн йæ телын лæдзæг иу ран цыдæр фæлмæныл нынныдзæвыд. Ракъахтой уыцы ран. Доме бандоныл бадæгау кодта, афтæмæй йæ ссардтой. Хастой йæ хъæбысы. Кæрæдзи къухтыл-иу хæцыдысты, афтæмæй цыдысты. Æнафонты ныххæццæ сты Хъæцмæзты хъæумæ. Æхсæв уым баззадысты. Домейæн уым хист скодтой. 

Барисæн йæхицæн дæр кæддæрты ацы æфцæгыл цæугæ æрцыди. Иуахæмы Сæриттатæй Цæгат Ирмæ фос ратардтой. Æфцæг митæй æрæхгæдта. Æмуырдыг рæтты сæ хъомтæ æмæ сæ бæхтæн иумæ æртæрæн нæ уыди — фæтылдаиккой бынмæ, фесæфтаиккой. Æмæ сæ-иу иугай æркодтой алы хатт дæр. Раззæгтæ-иу бæхы рохтыл, стуры сыкъатыл хæцыдысты, фæстæгтæ — къæдзилыл, афтæмæй иууылдæр ныйирвæзтысты æфцæджы рæбынмæ. 

Стырмæсыджы цæрджытæ хор хæссынмæ æдзухдæр ацы æфцæгыл цыдысты. Бирæ хъыцъыдæттæ-иу банызтой фæндæгтыл. Барисы фыд, йæ фыды æфсымæртæм уыди зæххытæ (уыцы амонд стæмтæм хаудис хохæгтæй) æмæ сæхи хорæй цæрынхъом уыдысты. Йæ мад Сæриттатмæ чындзы куы æрцыди, уæд Барисы дада афтæ загъта: «Мæ чындз, æккойхорæй чи цæры, уыдоны чызг у». 

Домейы сæфты бынатæй цасдæр суадыстæм, уæд мын Барис ацамыдта къæдзæхдуртæй сисамадмæ: 

— Ам фæндаджы алы фæзилæн дæр зæрдыл дарын хъæуы. Уæртæ уыцы амад афтæ зæгъы: ацы фæдыл фалдæр ма ацы — сæрсæфæнæй ахаудзынæ. — Мамысонгоммæ йе ’ргом аздæхта æмæ загъта: — Акæс-ма, ком ардыгæй кæсгæйæ куыд æвæджиауы рæсугъд у! 

Кастæн æмæ цæст ацахста: комы фæндаг гакъон-макъон тæлмæй æфцæгмæ ссæуæны ’рдæм хылди. Аргъæутты дзуринаг бæстæйы цыма фестадтæн. 

Къуыдаргомæй рафтæг хистæртæ мын-иу дзырдтой: «Цы удвидар свæййынц хохæгтæ! Куыд-иу ирвæзтыстæм! Быныскъуыд-иу куыннæ фестæм?! Хоры иу æфсир кæм æрзадаид, зæххæй уый бæрц дæр уæгъды нæ зади. Хæдзæрттæ арæзтой цæхгæр фæхстыл дæр, къæдзæхы æмбуар-иу самадтой мæсыг. Уæлхæдзæртты сæрмæ — иууыл хауæнтæ. Саби-иу фыццаг кæй базыдта, уыцы дзырд уыди «Хауыс!». 

Згъилы æфцæджы сæрæй фæуырдыг кодтам. Куыд бахъуыды кодтон, афтæмæй дзы цæхгæр уырдыг фæхстæ, ныххауæнтæ нал ахста цæст. 

Цыдыстæм, цыдыстæм бынмæ æмæ нæ фæндаг лæгъзаумæ æппын нал æмæ нал хæццæ кодта. Уырдыджы цæуынмæ рæвдз кæй нæ дæн, уый та мæ зæрдыл æрлæууыди. Цæгат Иры ма мæ кæддæрты фæлмæн æфцгуытыл хизын бахъуыди æмæ-иу цыма мæ уæраджычъиритæ рахаудысты. Къуыдаргоммæ ныххæццæ уыдзыстæм, ууыл мæ зæрдæ нал дардтон, кæмдæр мæ къахдзæф ныссындæг, ныццыбыр уыдзæн, зæхх мæ йæхимæ куы æрæлваса, куы мæ ныббæстытæ кæна йæхимæ. 

Æвæццæгæн мæ дзæвгар рæстæг сыбыртт нал хауди, æмæ иуахæмы Барис афтæ бакодта: 

— Нæй джы мæ хуызæн бынмæ сæуынмæ! 

— Быдираг йе ’дзæллагыл сæтты — уæраджычъиритæ йыл нал ис. 

Къуыдаргомы дамгъæзонæг стæм куы уыди, Барис уыцы рæстæг хорз таурæгъгæнæг уыдаид. Æдзухдæр-иу æм дзуринæгтæ разынди. Ныр дæр та дзурынмæ фæци: 

— Ацы комыл суанг Хъæцмæзты хъæумæ ацæудзыстæм æмæ фендзынæ, цы кæрдæгджын сæрвæттæ дзы ис, уый. Ам Хуссар Иры фос хызтысты, ныр сæ гуырдзы сæхи бакодтой. Жорданиайы гвардийа хуссайрæгты цы зындоны баппæрста, уыдæттæ йæ удæй чи бавзæрста, уыдон дын сæ дзурдзысты. Советон рæстæг Гуырдзы хуссар ирæттимæ хæст нал самадтой, фæлæ сæ республикæйыл баст сты æмæ сæ æргомæй-сусæгæй æлхъивынц. Къуыдаргомы йæ рæстæджы æлдар нæ зыдтой. Уый тыххæй бирæ æмбисæндтæ баззад. 

Æлдар Гарсомæ фæзынди. Хъугомы куыд æрбацæйцыд, афтæ фембæлдысты. Йæ ныхас загъта æлдар æмæ аздæхинаг уыди. Гарсо гурдзиагау нæ зыдта, иронау ын афтæ: «Мæ хæдзар мын фен, науæд мæ къубал алыг кæндзынæн». Ратæлмац ын кодтой йæ ныхас, æлдар скатай: «Мæ къубал мын лыг кæны?» Æлдар йæ дзыппæй 3 сомы систа æмæ сæ Гарсойæн радта. Æндæр æлдармæ ирон æххуырсты уыди. Æххуырст, дам-иу æлдармæ сдзырда, дон, дам, ма мын радав. Æмæ, дам, ын-иу дон рахаста. Йæхицæй дæлдæр нæ кодта æлдар ирон æххуырсты. Гъе, Мачабелтæ та тынг карз уыдысты. Сæхи адæмæн дæр æрду дæр нæ хатыр кодтой. Кънйæзтæй иуæн йæ фырт афтæ: «Æгæр ма æфхæр дæ кусджыты». Фыд уæддæр йæ кæнон нæ уагъта. Фырт амардта йæ фыды, гæххæттын æхца йын йæ дзыхы нытътъыста, гъа, ныр, дам, сæ бафсæд! 

Хъæцмæзты хъæумæ кæд æмæ кæд фæхæццæ стæм, æмæ уыцы комы гуырдзыйы уæтæртæн банымайæн нæ уыди. 

Хъæцмæзты хъæуы уынджы цæугæйæ базыдтон: Гæджиты Гула æмæ Санетæн дунейы рухсмæ рацыди цалдæр лæппуйы æмæ иунæг чызг. Уыцы чызджы дыууадæсаздзыдæй радтой ацы хъæумæ ас лæгæн, къуылых лæгæн стыр ирæдыл. Æмæ фенамонд. Бæлвырд хабæрттæ, дам, базондзынæ Гæджиты Къостайæ. 

 

*** 

 

Хуссар Иры хохаг хъæутæн ис дыгай нæмттæ. Бадилайы райгуырæн хъæу хонынц Стырмæсыг. Йæ фылдæр цæрджытæ — Гæджиты мыггагæй, уымæ гæсгæ та йæ хуыдтой Гæджитыхъæу. 

Хъæцмæзты хъæуæй нæ Стырмæсыгмæ бахæццæ кодта машинæ. Рухсæй бауыдтон Бадилайы райгуырæн хъæу, комы фæндагæй кæсгæйæ дзы, æнхъæлдæн, банымадтон фынддæс хæдзармæ æввахс. Хъæумæ кæлы адæджы дон. Йæ фæйнæфарс фæхстæ — хъæды тæлмытæй æмбæрзт, сакъадæхтау мæм зындысты кæм чысылдæр, кæм парахатдæр æрдузтæ. 

Дзырд Къуыдаргом куыд райгуырд, уый тыххæй Бырнацты Лади (райгуырди 1895 азы) афтæ радзырдта: «Кънйаз хъалонмæ бацыд. Æмбисонды къæвда æрцыд. Кънйазы æд бæх дон фæласта æмæ ныммард. Æмæ комыл ном сæвæрдтой «Къудари» ома «мард». Хуыгаты Багъыл та йæ афтæ æмбарын кодта: «Паддзах Тамары бæх дзы фæмард æмæ йæ Къуыдаргом схуыдтой». 

Гæджиты Миха дзырдта: «Стырмæсыджы мæ рæстæджы уыди æхсæрдæс хæдзары. Гæджитæ Кæсаджджынмæ дæр алыгъдысты». Гæджиты Къоста куыд бахъуыды кодта, афтæмæй раджы ам тар хъæд уыди. Фæцагътой йæ æмæ слæгуын. Адæм сбирæ сты, зæхх, хъæд сын нал фаг кодта. Иу мыггаг иннæйы ныццагъта, стæй сæхиуыл зæй рацыд æмæ быныскъуыд фесты. Уый, дам, уæ тæригъæд. 

Бахсæвиуат кодтам Стырмæсыджы Гæджиты Далоститæм. Цыдаид ыл дæс æмæ æртиссæдз азмæ æввахс, æмæ æнхъæлдтон — Бадилайы тыххæй йæм исты дзуринæгтæ разындзæн. Уал азы фæстæ мæ блокноты Далостийы ныхæстæй ницы разынди. Æмæ йæ бамбæрстон: Бадила сæ хъæуæй æвзонгæй ацыди, сæ бинонтæ дæр Ногиры уартæ кæд æрцардысты, æмæ сын Далости сæ хабæрттæн ницы зыдта Барис æм ныхассайæн фæрстытæ лæвæрдта, цæмæй йæхи царды хабæрттæй истытæ æрымыса. Æмæ Далости радзырдта: «Мæ хойыл зынг схæцыди, хосгæнæг ын хос нал ссардта æмæ амарди. Цыппурсы йын хист скодтой. Ногбоны та мæнæн минæвæрттæ арвыстой. Чызг мæ никуы федта, æз дæр чызджы мæ цæсты кæронæй дæр никуы федтон. Нæ хæстæджыты чызджытæ мæ-иу сæ быны скодтой «Цом, дæ куырды фен». Æрмæст Джеоргуыбайы бацыдтæн мæ каистæм. Сиахс уайсадæг чындзы хуызæн, йæ хъæлæс нæ хъуысти. Сылгоймаг, чындз йæ лæджы ном нæ дзырдта. Иу нæм уыди, Чикъала. Минæвæрттæ йын арвыстой. Хæдзары — дыууæ хойы. Сæ иу — дзæбæх чызг, иннæ цыдæр сахъат. Дзæбæхдæрмæ бацамыдтой. Æмæ бафидыдтой. Хæсгæ та йын сахъат чызджы æркодтой. Сайды фæци, уый базыдта Чикъала. Ницы дзуры. Бæрæгбон ралæууыд. Лæг усæн афтæ: „Дзуармæ цом“. Акодта йæ, йæ цæгатмæ йæ баскъæрдта». 

 

*** 

 

Барис архайдта, цæмæй бафиппайон, хуссар ирæттæ цæгатæгтæй цæмæйдæрты кæй хицæн кæнынц, уыдæттæ. Ирон æмбисæндтæ баззад: хъæуæй хъæумæ дæр æндæр æгъдау ис, сыхæй сыхмæ дæр. 

Барис загъта: «Хæдзарæй хæдзармæ дæр ма дзы-иу цыдæр фæзилæнтæ уыди. Иуæн йæ уазæг къуыри дæр уазæг уыди. Æндæр кæйдæр хæдзары та сæмбæлæг уазæгыл нымад цыди райсомæй фæссихормæ. Изæры-иу хъуамæ гъæйтт-зæгъгæ суг састаид. Æнæмæнг кæнинаг уыди уазæгæн туг суадзын. Буцдæрæн ын æргæвстой род кæнæ хъыбыл. Хъыбылæн-иу йе ’ргæвдæнмæ æввахс йæ царм иу лыг фæкодтой, афтæмæй-иу æй фынгыл æрæвæрдтой, ома, кувын дзы нæ фæтчы. Роды сæры царм та дзуарса лыг кодтой, ома, кувинаг у...» 

Нæ иннæ фысымтæ — Багаты Мелыкотæ, цардысты Къуайсайы. Къуайсамæ цæугæйæ мын Барис Мелыкойы койтæ æхсызгонæй кодта. Згъилы æфцæгыл зæй кæй фæласта, уыцы Домейы фæдисы Мелыко дæр уыди. Тынг мадзура йæ хуыдта, фæлæ кусаг, минут, дам, æнцад бадын нæ фæрæзта. 

Раздæры рæстæджы, загъта Барис, цæуылдæрты тынг æууæндыдысты, кæцæйдæр æгъдæуттæ нымадтой æнæмæнг кæнинагыл. Багаты мыггагмæ уыди авд дзуары. Сабаты æмæ хуыцаубоны æмбисбонæй фæстæмæ нæ куыстой. Мыггаг кæрæдзимæ сæ хъус дардтой æмæ-иу нæфæтчиаг рæстæг чи бакуыста, уый хъуамæ æнæмæнг кусарт акодтаид, дзуæрттæй-иу хатыр ракуырдта, Ногиры хæрз зæрондмæ чи фæцард, Багаты уыцы хистæртæй иу афтæ дзырдта: «Сабат æмæ хуыцаубоны фæссихор кусын чи нæ уагъта, уыцы æгъдау хъæздыгæн хорз кодта, уый пайдайæн уыди. Хъæздыгмæ ис, цы аргæвда, уый. Бакуса, аргæвды, хатыр ракуры æмæ уый — æгъдауыл хæст. Мæгуыр лæг цы аргæвда, уый йæм нæй, кусын ын нæ фæтчы æмæ ноджы гæвзыкдæр кæны. Мыггаджы иннæ хистæр Засе та, дам, афтæ загъта: «Цæй æмæ къæвда бонæй хуыцаубон скæнæм, хур бон та кусæн бон уæд». 

Гъе, къуайсайаг Мелыко-иу, кусын нæфæтчы куы уыди, уыцы рæстæг дæр æнцад не ’рбадтаид. Фæтъæбæртт-иу ласта æмæ-иу хъуамæ уыгæрдæнтыл æрзылдаид. Цæуынмæ йæ ничи æййæфта. Хохы цæхгæр фахсыл-иу бæх гакъон-макъон фæдтæ агуырдта. Мелыко-иу æмраст сфардæг, æмæ йæ бæх не ’ййæфта. 

Æмæ уæд Барисы ныхæстæй ахæм хатдзæг скæнæн ис: иу мыггагæй иннæ мыггагмæ дæр æндæр æгъдау ис. 

Кæддæр Багаты мыггагмæ уыди ахæм æгъдау: фынгыл афтид сыкъа чи æвæрдта, уый æфхæрд цыди. Уыди сын-иу уырдыгыстæг. Афтид сыкъатæ йæм æппæрстой æмæ сæ-иу уырдыгыстæг сыхырнайæ ацахста. Иуахæмы сæ куывды сæмбæлд уазæг. Фысымтæ куыд кодтой, афтæ уый дæр йæ афтид сыкъа æппæрста уырдыгстæгмæ. Къонайы артмæ саби йæхи тавта, иуахæмы уазæджы сыкъа сæмбæлди сабийы къæмисæныл, æмæ дзыхъмард фæци. Куывд ма фехæла, зæгъгæ, сабийы мард амбæхстой. Бадты адæмæй алчи йæ хæдзармæ куы ацыди, уæд хъæргæнæг арвыстой. Адæм мардмæ æрцыдысты. Хист ын скодтой. Уым бадти уыцы хæдзары уазæг дæр. Сабийы сæфты хабар куы рахъæр, уæд уазæг цавддурау фæци, сæргуыбырæй сыстади. Сбадын æй кодтой. Бæллæх æнæбары рауад, зæгъгæ, йæ æрсабыр кодтой. Уый фæстæ Багатæ куывд скодтой æмæ загътой: «Амæй фæстæмæ афтид сыкъатæ уырдыгыстæгмæ æппаргæ нал кæндзыстæм. Фынгыл æй чи æрæвæра, уый та цæудзæни иваргонд». 

Мелыкойы хæдзары иунæгæй баййæфтам. Йæ чындз куы фæзиан, ууыл бирæ рæстæг нæ рауад. Мелыкойы бинойнаг æмæ йæ фырт Зауыр уыцы бон зианмæ фæцыдысты. 

Уæлдæр загътон: хуссайраг ирæттæ уазæгæн буцдæрæн æргæвстой род кæнæ хъыбыл. 

Уыцы изæр зианæй хæрз æрæджиау фæзындысты Мелыкойы бинойнаг æмæ йæ фырт Зауыр. Æгасцуай нын загътой. Зæгъын, сæ фадат куыд амоны, афтæ нын рог фынг ацараздзысты, хорæхсæн нæ фæкæндзысты. Зауыры мад Барисы алцæмæйты фарста. Зауырæн йæ хъæлæс дæр дзæбæх нæ райхъуыст, уайтагъд ыл цæст нал æрхæцыд. 

Кæрæдзи рагæй чи нал федта, уыцы æрвадæлты ныхасы суадон нæма æрысыст, афтæ Зауыр æмæ, йемæ чи фæзынди, уыцы кæстæртæ фынг æвæрынмæ фесты. Алы хæрд, алы нозтæй фынг айдзаг. Алцыдæр æрæвæрдтой, иуварс хицæнæй та уал лæууыди æнæхъæнæй койгонд хъыбыл. Хистæр куы скуывта, уæд хъыбыл дæр фынгыл йæ бынат ссардта. 

Дисæй мардтæн: иу сыбыртт сæ никæцæй райхъуысти, афтæмæй нын цыбыр рæстæгмæ Зауыр ахæм уæззау фынг куыд арæвдз кодта?! Ноджы ма цы бафиппайдтон: нæ уазджытæ, куыд уæ скадджын кодтам, цы рæдаукъух стæм, зæгъгæ, æппын ницы уæлдай хуызон фесты нæ фысымтæ. 

Уый уартæ кæд уыди, Багаты Мелыкойы фырт Зауыры лæггад мæ зæрдыл æрбалæууы æмæ та ахъуыды кæнын: нæ хуссайраг ирæттæм рагон æгъдæуттæ хъахъæныны фæтк фидардæр уыди. 

Мах та европæйаг культурæмæ фæхæстæгдæр стæм. Фæлæ та мæ æндæр хъуыды риссаг æлхыскъ акæны: Европæмæ нæ цыдæр цацатæ фæхæстæгдæр кодтой, фæлæ кæд мах атеистондæр фестæм, не ’гъдæуттæ нæ тагъддæр кæд айрох сты? 

Зауыры саударæг мады сурæт мæ нал ферох. 

Ахæм æгъдау дæр уыди хуссары хæхбæсты цæрæг ирæттæм. Гъе, судзаггаг кæй фæхонынц, ахæм зиан-иу кæуыл æрцыд, уыцы сылгоймаг-иу саутæ скодта æмæ-иу сæ йæ амæлæты бонмæ нал раласта. Æз никæмæ сидын, уыцы сылгоймæгты æнæфенд, талынг хонæм, зæгъгæ. Æгъдауы гуырæнтæ кæцæй цæуынц, уый уал бамбарæм. Æгъдæуттæ куы фесæфынц, уæд адæм цы хуызæттæ свæййынц, ныртæккæ уыдæттæ зонæн рæстæг у. 

 

*** 

 

Барис фæзмыдта, йæ фыдæлтæй зондæн, царды хосæн цы баззади, уыцы ныхæстæ. Куыд фæзæгъынц: уæд уыди йæ сæр сæрмæ хæссæг адæмы рæстæг. Барисы дзыхæй схауди: «Афтæ-иу загътой: рæсугъд лæг фенын дæ фæнды, уæд Къуыдаргоммæ бацу æмæ Гæджиты Тадиозы фен». 

Гæджиты Тадиоз нымад лæг кæй уыди, уый æвдисæг хабар радзырдта Гæджиты Къоста: «Кипо Тедетæй, бæрзонд лæг, Гæджитимæ бафидыдта. Багатæ та скъæфынц Гæджиты чызджы. Кипо та фидаугæ бакодта. Багатæ фехстой Кипойы. Йæ худы афардæг нæмыг. Кипо алыгъд. Багатæ аскъæфтой чызджы...» 

Мæ зæрдæ иудадзыд Бадилаимæ дзырдта. Уый хабæрттæ базонын — мæ сæйраг хæс. Иннæ хабæрттæм уыйас мæ хъус нæ дардтон. Уæвгæ та мæ, Бадилайы дуджы цытæ цыди, уыдон тынг агайдтой. Иу сулæфтæн-иу дзурæгæй цы схауди, уыдон талф-тулф фыстæй задысты мæ тетрады. Уæд фæрссаг хабæрттыл кæй нымадтон, ныр мæ уыдоны бæлвырддзинæдтæ дæр куыд тынг бахъæуынц! Ам хъуамæ базыдтаин Багатæ æмæ Кипойы æхсæн цы рауади, йæ куырд чызджы йын цæмæн аскъæфтой?.. Дарддæр хъусæм Къостамæ: «Гæджитæ афæдис кодтой чызгыскъæфджыты размæ. Миты ныллæсыдысты». Бæлвырд хабæрттæ дзурыныл не схæцыди Къоста. Æртæ мыггаджы æхсæн фыдæхдзинад куы райгуыра, уымæй тынг тæссаг уыди. Туг ныккалдаид, туг тугæй æхсад цыдаид. Æмæ сæ уыцы бæллæхæй Тадиоз кæй бахызта, уый уыди Къостайы ахсджиагдæр зæгъинаг. «Тадиоз йæхи Багатæм раппæрста, — дзырдта Къоста. — Тадиоз арæзтæй цыди. Багатæ йын йæ рон, йæ худ... айуæрстой. Ахæм хорз дзаума дардта æмæ-иу æм уый размæ æртхъирæн кодтой. Багатæ бамбæрстой, Тадиоз сæм цæмæн фæзынди, уый æмæ йын загътой: 

— Дауит ам ис. 

— Сымахмæ иу Дауит ис, махмæ æртæ Дауиты, — дзуапп сын радта Тадиоз. Багатæй æрдхорд уыди Тадиозæн, уый йе ’рвадæлтæн афтæ: 

— Тадиоз нымад лæг у, байхъусут æм. 

Тадиоз сын загъта: 

— Рауадзут чызджы, æгъдауæй йæ нæхицæй рахæсдзыстут. 

Уыцы ныхас, цæмæй рæстæг рамбула, уый тыххæй загъта Тадиоз. 

Ауагътой чызджы Багатæ, Хæмпæлгомы йæ Муртутæм æрхастой. Уырдыгæй йæ Стырмæсыгмæ ахастой. Кипо назбæласы хуызæн стыр лæг уыди. Æрцыди. Æрыскъæрдта гæрæм гал Гæджитæм. Бæгæны бахсыстой. Мысырты хæдзары æртæ боны фæминас кодтой. Ахаста йæ усы Кипо. Фæсвæдты йæ ахаста. Тадиоз дæр æнцад нæ бадти, аргъ ын чи кодта, ахæм лæгты руаджы фыдæхы арт судзын нæ бауагъта». 

Тадиоз ма чысыл уыди, уæд ын ус æрхастой. Сылгоймаг — йæхицæй хистæр. Лæппу-иу бафынæй, бинойнаг-иу æй йæ уатмæ бахаста. Гуырдзиаг æвзаг æвзонгæй базыдта Тадиоз, ахæм та-иу ахуыргондыл нымад цыди. Уæдæ Тадиоз хохаг зынвадаты фыдæбæттæй дæр æнæхай нæ уыди. Дыууæйæ хæдзары сæрæмбæрзæн хъуари фастой. Зæй сыл рацыди. Йе ’мбал къутæр ацахста, Тадиоз та, зæй кæй фæфæлдæхта, ахæм бæласыл ныххæцыд. Къутæр дæр æмæ, бæлас дæр «зæйы сæрыл цыдысты». Дыууæйæ дæр фервæзтысты æмæ сын стыр куывдтæ фæкодтой. Тадиоз Микъалайы хæстæй куы æрцыди, æцæг кад кæнын ын уæд райдыдтой. Уырыссаг æвзаг уый бæрц базыдта æмæ, Уæрæсейы цытæ цæуы, уыдæттæ æнцонæй æмбæрста. Къуыдаргомы адæм æм цыдысты дунейы æмбисонды хабæрттæ базонынмæ. Тадиозæй базыдтой, зæхх цæмæй иугай лæгты къухы мауал уа, ууыл стыр тохтæ кæй цæуы, амы кънйæзты зæххытæ дæр ист кæй цæудзысты. Тадиоз дыууадæс бæхы æрласта йемæ æфсадæй. Æппæты разæй уый æрхаста хъæумæ «винтовкъæ» Хонгæ та йæ кодтой «германски винтовкъæ». 

Дукани дæр уыди Тадиозæн. Дарæсы хорз æмæ зынаргъæй уымæ цас уыди æмæ йын-иу цы фидыцы хос фесты, æмæ-иу йæ фæдыл кæсынæй не ’фсæстысты. Афтæ загътой: «Куыд дзуармæ, афтæ йæм бæллыдысты». Куы амарди, уæд æй кæмдæриддæр зыдтой — алкæм дæр ын хистытæ фæкодтой. 

Зиуы-иу чи рамбылдта, уый дæр кады аккаг кодтой хуссар ирæттæ. Мæкъуыл, цъери амайынмæ дæсны лæджы дæр. Куывд, чындзæхсæвы дæр сын-иу ахæм фæлварæн басгуыхти. Уыди хъæдын нуазæнтæ, уыди галы кæнæ дзæбидыры сыкъатæ. Кæддæр-иу «Æйтты рæгъ» рауагътой. Иу лæгмæ 13 нуазæны. Алы нуазæнæй дæр-иу хицæн сидт ракодтой. Номард дæр ма йæ хуыдтой. Алы нуазæн дæр бынæй нуазгæ. Куы дзы фæуадзай — фæивар дæ кодтой. 

Йæ хъарутыл-иу йæ зæрдæ чи нæ дардта, уый-иу загъта: «Уый бæрц фос бавæрын мæ бон нæу, холлагæй рæвдз нæ дæн». Æмæ, дам, ын-иу 13 нуазæнæй иунæг аскъуыдтой. 

Ахæмтæ дзы-иу, загътой, разынди æмæ-иу сыхырнайыл хæцæгмæ æппæрста йæ æрдæгнуæзт сыкъа, ома, арахъхъ акæла æмæ йæ фæивар кæной. Нæ, дам-иу, æфсæсти æмæ барæй афтæ кодта. 

Уыцы рæстæджыты диссæгтæ дзурджытæй бирæтæм байхъуыстон æмæ сын сæ ныхæстæм мæ хъус дардтон: уæддæр рæсугъд, æцæг лæг цавæр миниуджытæй хъуамæ фæхайджын уыдаид? Æмæ сæм тыхджын лæг кадджын кæй уыди, уый дæр бафиппйдтон. 

Иу тыхджын лæджы кой цалдæрмæ рауади. Артъен æй хуыдтой. Иу загъта: «Згъæлд нартхоры голлаг ахаста æфцæгыл». Иннæ загъта: «Голлаг ссад æххормаг аз Стырмæсыгæй Буронмæ æрхаста, æфцæгыл æрхизгæйæ. Уырдыгæй йæ Ногирмæ та уæрдоны нылласта. Хос кæрдгæйæ йыл æртиссæдзаздзыдæй дæр æрыгæттæй ничи тых кодта». Æртыккаг радзырдта: «Артъен æмæ Григол Гуырдзымæ æрхуы æгтæ давынмæ ацыдысты. Рахастой фæйнæ аджы. Артъен — стыр аг, Григол — чысыл аг. Фæдисæттæ сæ расырдтой. Талынджы сæ зæрдаивæй æхстой. Григолы тых асаст. Нал цæуы. Артъен æй æд аг йæхи аджы авæрдта. Нæ йæ раййæфтой фæдисæттæ». 

Артъен — уæйыг лæг, фæлæ æгъдауыл хæст кæй уыди, уый дæр адæмæй нæ ферох. Афтæ загътой: «Артъен бадты бады — æгъдау дзы уыди. Артъен уынджы акаст — æгъдау дзы уыди». 

Æмæ Багаты Барисæй ахæм ныхæстæ схауд: «Бадила йæ адæмы „полудикари“ кæй рахуыдта, уымæй фæрæдыди. Нæ адæм сæ сæр сæрмæ хастой. Æгъдауыл тынг хæцыдысты. Æмæ се ’хсæн рæсугъд лæг чи у, æцæг адæймаг, уый дæр зыдтой». 

 

*** 

 

Барисимæ цыдыстæм, ранæй-рæтты ма стæм къутæртæ кæм аззад, сæрвæттæ æмæ уыгæрдæнтæ кæм апарахат сты, уыцы фæлмæн рæгътыл. Сентябры рухсæйдзаг бон нæм дзæбæх зындысты хъæутæ æмæ мын сæ амыдта. Фæссихоры стæм мигъаууæттæ зæххыл лæсыдысты, уыцы афон нæ нæ фæндаг бахаста хосгæрдæджы цурмæ. 

Æз уарзын хос кæрдын. Мæ бæллиц — ног цагъд, саудурæй дауд цæвæгæй задгæрдæг тъæпæныл ахæсс дзæбæх уис. Хосгæрдæджы ауыныны размæ уыгæрдæнтыл цас фæцыдыстæм, æмæ мæм мæ зæрдæ иу хатт дæр не сдзырдта исчи ардæм цæвæгимæ рацæудзæн, уый. Бæрæг уыди: къæвдатæ дзы рагæй нал æрцыди, æмæ уыцы бирæ тъæпæнты уыгæрдæнхуыз чысыл гæбæзтыд дæр цæст не ’рхæцыд. 

Дзæгæрæгхус тихалæг сарæх, хурмæ куыд руади, уый æнкъардтон. Сæ сыф æмæ ма сæ дидинкъуыбыртæ фæскъæвда дæр сæ хуыз равдыстаиккой, ууыл зæрдæ дарæн нал уыди. 

Хосгæрдæг рæстæмбис асæй — бæрзонддæр. Æрдæгбæгънæг, йæ буарыл уддзæф дæр æмбæла, фæлæ йæм хуры судзаг тынтæ æгæр ма ныйирвæзой. 

Спорт чысылæй кæмæн фæадджын вæййы, йæ мады гуыбынæй рахæсгæ саджы фисынтыл амад гуырыконд зæронды кармæ чи ахæссы, æмæ спортивон дарæстæ алы хуызты кæмæ сарæх вæййынц, уыдонæй уыди. Уæвгæ йыл цыфæнды дарæстæ баппар, уæддæр ын йæ нывмæ хæссинаг фидыц рæсугъд уæнгтæ нæ бамбæхстаиккой. 

Бердзенты олимпиадæты сгуыхт лæгмæ кæсæгау кастæн Геркулесарæзт хосгæрдæгмæ. Йæ хурсыгъд фидæрттæарæзт даргъ цæнгтæн скоммæгæс парахатæвнал уæрæхуисхæссæг цæвæг. Йæ бынаты мæхи авæрдтон. Уыцы цæвæг мын дзæгæрæгхус тихалджытæй искуы иу хал ракъуырдтаид, иннæтæ-иу фæфæлдæхтаиккой. Уымæн йæ уис бæрæг дардта. 

Къуыдаргоммæ уынынмæ кæмæ цыдысты, уыцы Тадиозы хуызист дæр никуы федтон æмæ ныр ацы хосгæрдæгмæ гæсгæ мæ цæстыты раз фегуырди. 

Тадиозы рæстæджытæм та мæ хуыдта Барис: «Æнцонæй ничи царди Къуыдаргомы. Æлдар дзы нæ уыди, æххуырст дзы ничи дардта. Æмцæдис кодтой. Дæумæ — галтæ. Мæнмæ галтæ нæй. Мæнмæ — лæгдых. Дыууæ галæн иу бон хъуамæ бакусæм. Иу бон та галты хицауы тыххæй. Иу бон кусæм мæн тыххæй. Мæнмæ галтæ нæй. Куыстой ерысæй. Дæ цъери рæсугъд амад куынæ уа, афоныл куынæ æрласай цъеритæ, уæд дыл худгæ кодтой. Æвзæр кусæнгарзæй кусыс, æз дæ рæзты фæцæуын, уæд мæ хъуамæ хатыр ракурай. Зиуæй куыстой хохаг адæм, зиу сæ басаста, домдта сæ æнæсайд куыст. Уыди хоскæрдæнты, хуымкæрдæнты, хуымгæнæнты æмæ сугласæнты зиутæ. Сæ тæккæ диссагдæр — хосгæрдæнты зиу. Зиу кодтой хосдзауцух кæнæ, иунæг хосдзау кæмæ уыди, ахæм хæдзæрттæ. Бирæ уыгæрдæнтæ кæмæ уыди, уый дæр зиууæтты æххуыс хъуыди. Зиумæ-иу сæхи æгъдауæй æрцыдысты суанг æндæр хъæутæй дæр. Дыууиссæдз, дæс æмæ дыууиссæдз дæр-иу баисты хосгæрдджытæ. Тынг къул рæтты кæрдгæйæ цыдысты зулаив, сегас-иу кæрæдзи фæдыл нал æрлæууыдысты. Хауынæй тас кæм уыди, уым хæдзары хицау карста йæхæдæг. Хæсы сæр чи æрлæууыди, уый-иу ныззарыди. «Емпоп» хуыдтой уыцы зарæг. Зарæг-иу суæнгрог кодта зиууæтты. Зарæг уыди зиуы æмбис. Зарæгæн-иу ногæй ногмæ ныхæстæ æрбаймысыдысты. Уыцы зарæгæй ма зæрдыл æрлæууыди цалдæр рæнхъы: 

 

Ой, хосдзау, гъей! 

Ойтæ, ой, уæрæйдæ! 

Размæ, хосдзау, о-у-у!.. 

Æрсуры дæ, оу-у-у! 

Лидзгæ, хосдзау, о-у-у! 

 

Ерысæй карстой. Ерыс-иу кæддæр стынг ис æмæ-иу зонгуытыл цæугæйæ кæрдын байдыдтой. Хæсы кæрон та-иу «Сагъæса» азарыдысты. Уыцы зарæг та сын сæ фæллад сырдта. Ерысы рæстæг рабæрæг вæййы хъаруджындæр, арæхстджындæр. Ахæмæн-иу кодтой зæрдæлхæнæнтæ. Аходæны рæстæг ын — гуыл. Сихоры рæстæг æм-иу æрхаудис кусæрттаджы сгуы. Иннæ зиуты рæстæг та ма-иу зæрдæлхæнæн кодтой, йæ гал, йæ кусæнгарз хуыздæр кæмæн у, уымæн дæр. Куыстыхъæдмæ тынг кастысты. Йæ уис-иу тæлмытæ-тæлмытæй кæмæн аззад, уый карст-иу рахуыдтой «хуыбарц» æмæ нымад нæ цыди. Нымад нæ цыди «цъиудзагъд» карст дæр — бынтыл нæ даста цæвæг, æмæ-иу ссивæджы уыцы бынæттæ хъыгдардтой. Изæрæй-иу зæронд лæг азылди хосгæрстыл æмæ-иу загъта æппæты хуыздæр зиууоны ном. Æхсæвæры рæстæг уымæн лæвæрдтой сгуы. Хосдзæутты аходæны буц хæринæгтæ — уæливыхтæ æмæ дзыкка. Æмбисонд дæр — уæливыхтæ, нозт. Изæры та-иу дыууæ кусарты дæр акодтой. Зæрдæлхæнæн гуыл-иу уæлахиздзауæн бахастой лæппутæ æмæ чызджытæ. Кусæнгарзы рæвдзмæ хъус тынг дардтой. Алы хосдзауæн дæр-иу радтой цæвæг цыргъгæнæн дур нымæтын агъуды тъыстæй. Дыууæ лæгæн — иу хъæсдарæг æмæ иу дзæбуг. Сæрмагонд къæдзæхæй æфтыдтой цæвæгцыргъгæнæнтæ. Саудур — хуыздæр цыргъгæнæн, сырх дур цæвæджы тынг хæры. 

Голтæ кодтой цъеритæ амайыны размæ. Хос æрæппарын хъуыди, æдæрсгæ змæлæн кæм ис, ахæм ранмæ. Иу голы вæййы фондз, æхсæз цъерийы кæмæй самайай, уый бæрц хос. Дæ гол дзæбæх нæ рауагътай — къæдзæхыл-иу йæхи скъуырдта, кæнæ-иу бæлæстæм баирвæзт, æмæ дæ фыдæбæттæ фæдзæгъæл сты. 

Цъери амайыны размæ зæххы уæлæнгай сагъд кæнынц, йæ кæроныл хæдзонæг кæмæн ис, ахæм хъил. Хъилы алыварс амайынц хос. Æмбисмæ схæццæ, уæд æм иу схизы, нæмы йæ. Хъилы кæрон хъуамæ зына. Хъилыл дон цæмæй ма лæдæрса, уый тыххæй йын кæнынц худ — хосы гуцъула хъилыл хъæддых æрбатухынц, куыннæ райхæла, афтæ. Фыццаг мит æруарыны онг цъери ныббады, дзоныгъмæ кæнæ йæ мæхъимæ æрфæлдахынц æмæ йæ æфтауцуатмæ æрласынц. 

Уыгæрдæнтæм хъус дарын хъуыди. Сау уыры дзы-иу сарæх, зæххы абырынц, фæндæгтæ дзы айгæрдынц æмæ уыгæрдæн лæгъз нал вæййы. Хос карст фесты, уæд-иу ардæм ратардтой хъомты, сæ къæхты бын уырыты цъист кодтой æмæ-иу уыгæрдæн слæгъз. 

Хорæфснайæнты рæстæг дæр уыди хорз куысты барæнтæ. Хуым кæрдæгæн фылдæр æнтыса, зæгъгæ-иу йе ’нгуылдзтæм къæбæлтæ амхасæн кодта. Иу æвнæлдæн-иу æфсирджын æвзартæй йæ армы цы фæци, уыдон-иу афтæ æрбалхъывта æмæ-иу сæ йæ сæрты куы аппæрста, уæд-иу нæ апырх сты. Дыууæ кæрдæгæн уыди иу куырисбæттæг. Куырис куыд баст у, уый базоныны тыххæй дзы-иу цалдæр халыл схæцыдысты. Кæд ласын не скомой, уæд хорз баст у. 

 

*** 

 

Барис мæ йæ райгуырæн хъæу Сæриттатмæ дæр бахуыдта. Хъæуæн бындурæвæрджытæ равзæрстой ацы бынат. Дон æм æввахс нæ разынд, фæлæ дзы — дунейы уыгæрдæнтæ æмæ сæрвæттæ. Æвзæрст бынатæй иуцасдæр æддæдæр ссардтой суадон, хохы фахсыл æй хъæумæ æруагътой къæдзæхы тигътæ нуккъуырфкъахтæй донвæд аразгæйæ. Суадон хъæумæ куы æрхæццæ, уæд æй хицæн нуквæдтыл тъæпæнджытæм арæзтой. 

Зырнæйзылд къустæ æмæ уидгуытæ арæзтой хъæуккæгтæ сæхæдæг. Бинонтæй алкæмæн дæр уыди йæхи къус æмæ уидыг. Мæ дада, загъта Барис, йæ къус иннæты къустимæ æвæрын нæ уагъта. 

Чъизи, æнæфснайд, æдзæллагыл худтысты. Барисы фыдымад Нини-иу Сæриттатæй фæраст, сæ чызджытæ чындзы кæдæм фæцыдысты, уыцы хъæутæм, уыцы хæдзæрттæм. Къонайы сæрмæ — уæлæндгуытæ. Иуыл фиутæ ауыгъд, иннæуыл хус кодтой уæлæйы дарæс. Дыууæ уæлæндыджы æхсæнты царæй æрцыд къонайы рæхыс, йæ кæрон — агауындзæн. Нини-иу рæхысыл йæ арм æрхаста æмæ-иу алайæ куы сахуырсти, уæд сæ чызджытыл, æндæр хæдзары чындзытыл мæгуыры бон кодта. Хъæумæ æрбацæуæнтæм-иу сæ хъус дардтой, Нинийы ауынгæйæ-иу бакатай кодтой: «Нæ фыдбылыз та æрбацæуы!» Æмæ-иу æфснайынмæ фесты. 

Чызджы-иу йæ фидæны хæдзармæ раджы цæттæ кæнын байдыдтой. Чындздзон чызг зыдта, йæ фидæны хæдзары йæм цы фыдæбæттæ æнхъæлмæ касти, уый. Лæгтæ ма-иу фынæй кодтой, чындз-иу уæд фестади. Хæдзары-иу дæс куыстхъом лæджы дæр уыди æмæ сын сæ къогъодзиты хъуамæ фæсал бакодтаид, сæ фæсмын цъындатæ, сæ зæнгæйттæ сыгъдæг æмæ хус уыдаиккой. Ходыгъд ын-иу кæд æххуыс кодта, æндæр арт кæнын дæр чындзæн йæхимæ касти. Зæхбын, сæрст хæдзар рамæрзын хъуыди. Хъомты, бæхты бынтæ дæр сыгъдæг кодта чындз. Зымæгон кæрты миттæ фыййагæй калинаг, уый фæстæ уисойæ мæрзинаг. Къæртаты-иу цалдæр хасты æрбакодта дон. Амонд кæмæ каст, уымæн йæ ходыгъдтæ — æххуысгæнæг. Чындзы цæуæн бон-иу чызг дзыназгæ куыдæй фæкуыдта, цæссыгæй йæхи фехсадта. 

Барис сæ хъæуы чындзытæй иуы æрымысыд. Кæмæ æрцыд, уыцы бинонтыл хъæубæстæ не ’рвæссыдысты, сæ хойраг сын ничи хордта. Ацы чындз сæ баудмидæг кодта. Лæг йæ усы руаджы сæмпæрчъийæ нал цыди. Фæлæ бахус ис йæ удæй тонагæнæг сылгоймаг, пецмæрзæн цъылыны хуызæн баихсыд. 

Гуфтайы хъæуы дæр бахсæвиуат кодтам Джиоты хæдзары, Хаджитæм. Адджын адæймаг уыди Барисæн. Ардæм мæ хуымæтæджы нæ фæхуыдта Барис. Ирон æгъдау йæ алы уæнджы дæр кæмæн уыди, ацы хæдзармæ ахæм чындз æрцыди. Уый уыди Хаджийы мад Чызнал. Цардбарæгхуыз ма уыди. 

Чызнал бачызг, уæд йæ фыд амарди. Йæ бæрны баззадысты кæстæр хотæ æмæ æфсымæртæ. Чызг хæдзар цудын нæ бауагъта. Хъæддзау дæр йæхæдæг. Хос карста, цъеритæ амадта, æфтауцмæ сæ ласта. 

Тыхæвзарæн дуртæ-иу уыди хохаг хъæуты. Айчы хуызæн дур. Æнгуылдзтæ дзы-иу кæм фæфидар уыдаиккой, ахæм дæрзæг уырзы бæрц ран дæр дзы-иу нæ разынд æмæ йæ зæххæй нæ фæиртасын кодтаис уыцы тыхæвзарæн дуры. Æрбатул æй дæ къахуæлфæдтæм, дæ зæнгтыл æй стул, дæ уæрджытæй фæуæле, дæ хъæбысмæ схæццæ. Суанг-иу хъуамæ уæхскмæ схæццæ уыдаид. Ахæм тыхæвзарæн дур исыныл-иу нæлгоймæгтимæ фæерыс Чызнал. Джиотæм чындзы куы æрцыди, уæд уыдæттæ йæ хицауы хъустыл æрцыдысты. Бафæлварон æй, зæгъгæ, йæ чындзмæ фæдзырдта баба. Дыууæ лæджы сыл нæ аххæссыдаиккой, ахæм сыфцæй ласт тæрс бæлæстæ — сæ уынджы. Дыкъухыг хырхæй сæ ныллыгтæ кодтой баба æмæ Чызнал. Фæлладхуыз дæр нæ баци чындз. Йæ сæрбæттæн ын йæхи къухæй систа баба, мауал мæм уайсад, зæгъгæ. 

Ахæм фæлмæнтæдзураг, чындзы фыдæбонæн аргъ зонæг, чындзы рис æмбарæг дадатæ æмæ бабатæ дæр нæм-иу разынди. 

 

*** 

 

Ногирмæ, Гæджиты Къостамæ дæр Барисимæ фæцыдтæн. 

Къоста дæр райгуырди Стырмæсыджы хъæуы. Уыди Бадилайы æмгар. Бинонтæ нæм рухсдзæстæй ракастысты. Бадилайы царды хабæрттæ чиныджы фыстæй дунейы рухс фендзысты, зæгъгæ, Къостайы цæсгомæй хуртæ касти, йæ цин йæ бинонтыл дæр æфтыдта. Йæ мысинæгтæ чиныгмæ хæссыны аккаг куынæ рауайой, зæгъгæ, тыхсти. 

Немæ аластам магнитофон, уæззауæн æй бахастам. Чи зоны, уый размæ уынгæ дæр кæй никуы фæкодта, уыцы ныхæстæ ныхъуырæг зондджын аппаратæн йæ мысинæгтæ дзурын куы байдыдта Къоста, уæд стагъд. Къостайы æмбæрстон. Мæхæдæг дæр кæддæрты магнитофоны раз хъуамæ мæлгъæвзаг фестадаин, æмæ та-иу ныссуйтæ дæн. 

Уалынмæ ралæууыди ирон хæдзары ирон фынджы рад. Нозты руаджы нæ чемы æрцыдыстæм. Къоста фервæзт магнитофоны ахæстæй æмæ дзырдта æдæрсгæ, дзырд ын скоммæгæс. 

Магнитофоны фыст ныхæстæ машинкæйæ гæххæтмæ раивтон, бакастæн сæ æмæ рабæрæг — Къостамæ мæ æнæмæнг фæцæуын кæй бахъæудзæн. Йæ дзуринæгтæй бирæ цыдæртæ — фæбæлвырддæргæнинаг. Бирæ зоны æмæ мын сæ хъуамæ бæстон фæдзура. 

Къоста мæм уайтагъд йæхæдæг фæзынди. Нæ горæтаг фатеры къæсæрæй куыддæр æрбахызти, афтæ йæ сæр батылдта, сдзырдта: 

— Цытæ дын фæдзырдтон?! Дæлæ-уæлæ ныхæстæ. 

Бæрæг уыди, куы сæм уыдыстæм, уæдæй нырмæ йæхи кæй фæхордта. 

Иунæг уыдтæн æмæ, къух цы амоны, уымæй йæ бабуц кæнон, зæгъгæ, базмæлыдтæн. Ской дæр мæ нæ бауагъта: 

— Мæ дæлæ-уæлæ ныхæстæй мæ цæсгом судзы. Нæ рæстæгæй мацы фесафæм æмæ дын сæ фæдзурон... 

Ныллæджытæ, фæлæ бæзæрхыгтæарæзт уыди Къоста, уæд цыппарыссæдзмæ баввахс сты йæ азтæ, фæлæ йæм зæронды æууæлтæй ницыма иртæстон. 

Ивгъуыд рæстæгмæ мæ фæхуыдтой Къостайы ныхæстæ. 

Комбæттæн æхсæв. Рæхысыл дзидзатæй дзаг аг ауыгъд. Аджы бын цыренæй сыгъдысты сатретæ. Мæхи батавон, зæгъгæ, Къоста зылын сатрейыл абадти, сатрейы кæрон суади агыл, фыцгæ бас ыл ракалди æмæ йе ’рбадæнтæ басыгъдысты. Кæрдæджытæй йын хостæ кодтой. Афтæ сын бацамыдтой: тæрхъусы къах басудз, йæ хъуыны сыгъдон ын хъæдгомыл зæрд æмæ сур кæндзæн. Картоф кардæй хафтой æмæ уый дæр хъæдгомыл æвæрдтой. Арсы сойæдзаг хæцъил дæр ыл æвæрдтой. Дыууæ азмæ фæсæрæн. 

Ссæдз азы цыди Къостайыл, уæд йæ тæккæ хъаруйыл уыди. Икъоты Самелтæн хосгæрдæнты зиуы ацыди. Уыдысты дыууадæс, карстой уырдыг уыгæрдæны. Гуыл-иу кæмæн радтой, уыцы уæлахиздзауы кой-иу хъæуыл айхъуысти. Гуыл-иу арæх рамбылдта Къоста. Уыцы бон дæр та хæрæгдымæг арæх кæрдæг сæрдасæнау карста, аразæй та ис. Хæсы кæронмæ ахæццæ уа, афтæ йæ фæстæ цæуæджы цæвæг æрбауад Къостайы фадхъулы бынты. Туг цыхцырæг ныллæууыд. Йæ хæдон ын æрфарин кодтой, абастой цæф къах. Сæ хъæбысты йæ хъæумæ фескъæфтой. Дыууæ азы йын фæхос кодтой. Зæнджы стæг фæлыстæг. Фистæгæй цæугæйæ-иу къах арæсыди, уазалæн нал фæрæзта. 

Æдзæстуарзонмæ дæр хорз зонд нæ цæуы æмæ йын барæй афтæ бакодтаид йе ’мзиууон. 

Æххуырсты фыдæбæттæ бавзæрста Къоста. Йæхæдæг сæ куыд дзырдта, афтæмæй цыма цæстытыл хуыздæр ауайынц: 

— Мерабатæ, дыууæ æфсымæры. Кънйæзтæ. Сиобаны цардысты. Хуссæрттæ — уыдоны. Æз сæм æххуырсты уыдтæн. Цæхджын фыдтæн арт кодтон. Сæ сой тæдзы, æмæ-иу зæххыл мæсыг сарæзтой. Кусæг адæм сын-иу сæ кусæрттæй æрбахастой хай. Æмæ та-иу æй сауыгътой цæхджын фыдтимæ. Кънйаз-иу раарфæ кодта: «Ицоцхли1 » Кънйаз-иу æрхуыдта йе ’мгæртты дæс æмæ дыууиссæдзæй. Сæдæйы бæрц дæр. Глехи2 адæм сын уыдысты лæггадгæнæг. Кафын-иу райдыдтой. Сæ сылгоймæгтæ доныхъазты хуызæн. Глехитæ сын-иу сæ фæдджитыл схæцыдысты. Хæргæ та кодтой мæнæ низджыны хуызæн. Æнæбары комдзæгтæ-иу скодтой. Стонг кæм уыдысты... Гуырдзиаг мæгуыр ус. Йæ лæппу — æфсады. Йæ бон нæ уыд хъалон фидын. Гуыбыр уыд кънйаз. Ус æм бацыд: «Батъоно3 , мæ лæппу æфсады ис æмæ цыбыркъух дæн...» Æрцыд йæ лæппу æфсадæй. Кънйаз сæм бацыд, хъалон бадомдта. Лæппу мæстыйæ: «Азилдзынæн хъæутыл æмæ дын дæ хъалон ратдзынæн». Кънйаз мæстыйæ: «Æдзух ардæм цæудзынæн?» Лæппу йæ фелвæста, зæххыл æй ныццавта. Кънйаз амарди. Глехи абон дæр кæм ис, уый бæрæг нæй. Сæ быркуы ахæм стыр уыд — ныххиз æм æмæ йæ æхс. Бирæ къомнæттæ сæм. Иуы — фыд ауыгъд. Чи цы уарзы, уый йын кодтой. Сæйаг лæгау — сæ хæрд. Хуым сын кодтам мах, æххуырстытæ, фыййау цыдыстæм, суг ластам, æхсæстам сæнæфсиртæ, къæпи, тохийæ4 къахтам уалдзæджы фæлдæхт хуым. Фыццаг хатт æххуырсты уыдтæн Арутентæм, сомихæгтæм. Дон мын ласын кодтой стыр дурыны. Мæсты сæм кодтон, сæ доныл сын-иу истытæ дæр ныккалдтон. Чызг-иу ласта кънйазы дзабыртæ, уыцы дзабырты-иу дон ныккодтон. Уый фæстæ та æххуырсты уыдтæн Пъаулемæ. Скъæты сæрмæ — мæ хуыссæн. Мæ фыд Ариман мæм æрцыд. Æз ын: «Æвзæр фынæйгæнæнтæ мын ис». Уый сæм сзагъд: «Æнæхицау æй æнхъæлут? Мæ фырт уын куыдз у?» Радтой мын хорз хуыссæнтæ. Æххуырсты митæ нæ уарзтон æмæ иу ран бирæ нæ фæрæзтон. Бæстæ, зæххытæ — сæ къухы. Дардтой сау сукнотæ — цухъхъатæ, рон, хъама, бæрцытæ. Фыййауы къогъодзитæй-иу бафæлмæцыдыстæм æдзух æртæхы æмæ-иу хъæдын дзабыртæ скодтон. Хъæдын уæфсты фæрстыл гæрзытæ æрбахуый, æрбабæтт сæ. 

Къоста-иу йæ фыд Ариманы кой арæх ракодта æмæ-иу чысыл цин нæ бавзæрста. 

Ариманыл къуыри цыди, уæд йæ фыд Чермен амард. Ариманы мад Гуыбионæн æрвадæлты лæгтæ бамбарын кодтой, цæмæй йæ сывæллоны ныууадза æмæ йæ цæгатмæ ацæуа. Æфсон агурын дæр сæ-иу нæ хъуыди: нырма æрыгон дæ æмæ дæ амонд агур. Гуыбион сын загъта: «Никæдæм цæуын, мæ сабийы нæ ныууадздзынæн». Уæд ын æрвадæлтæ байстой йæ хæдзар. Ариманы фыд Черменæн Зæгъойтæм уыди лæскъ. Уыдон дæр ын байстой. Гуыбион йæ сабиимæ æрвадæлтæй куы кæй скъæты царди, куы кæй. Курæггаг комдзæгтæй ирвæзтысты. Йæ хъизæмайраг уавæртæй куы сфæлмæцыд Гуыбион, уæд æд сывæллон йæ цæгатмæ ацыди. 

Ариман бахъомыл, йе ’мгар лæппутæй кæйдæр фæнадта. Уый мад ын бауайдзæф кодта: 

— Куыд уæндыс ды мæ лæппумæ, дзæгъæлзад чи у, уый! Гуыбион фæстæмæ æрыздæхт Стырмæсыгмæ. Цардысты кæйдæр скъæты. Мад-иу ныттæхуды кодта: 

— Искуы дæ хъæбулы ласт сугты артмæ дæ къухтæ батав! Ариманы мады йæ цæгат кæмæндæр усæн радтой. Лæппуйæн цард ад нал кодта. Йæ мадмæ лидзыны хъуыды йæм-иу куы фæзынди, уæд, дам-иу, йæхи сынтæгмæ бабаста. Уыдæттæ мады хъустыл æрцыдысты æмæ йæ лæгæн загъта: 

— Æз цæуын Стырмæсыгмæ — мæ бынтæ иууылдæр уым сты. 

— Цæй бынтæ дын дзы ис? — бахудти йыл лæг. 

— Мæ фырт — мæ фæллæйттæ, мæ бынтæ. Ариманмæ чидæр хæрзæггурæггаг фæци, дæ мад дæм æрцæуы, зæгъгæ. Лæппу фæтъæбæртт ласта йæ ныййарæджы размæ. Цины цæссыгтæй сæхи фехсадтой. 

Гуыбионмæ уайтагъд йе ’фсымæр æрхæццæ, карзæй загъта: 

— Ныртæккæ мемæ цæуыс дæ лæджы хæдзармæ, нæ дæ ныууадздзынæн! 

— Ардыгæй къахдзæф дæр никæдæмуал акæндзынæн, мæ лæппуйы нал ныууадздзынæн! — цæхгæр дзуапп радта Гуыбион. 

Æфсымæр цæхæртæ калгæ ацыди. 

Ныййарæджы зæрдæ æнкъараг у. Фырт кæддæр йæхимæ хъусыныл фæци, смадзура. Гуыбион æй хорз æмбæрста — йæ мæгуыры уавæрæй рафæлмæцыд, æнæбон кæй у, уый йæ æгады бынаты æвæрдта. Йæ фыды бынтæ йын сæхи чи бакодта, уыдонæй иу куыннæ æрфæсмон кæны йæ хæраймаг митыл? Ариман йæ лæджы кары бацыди æмæ йæм мыггаг куы схæрам уой, уыдæттæ сагъæссаг фæкодтой мады. Гуыбион иуахæмы æнафоны йæ фырты змæлынмæ райхъал, йæ дзæкъулы цыдæртæ февæрдта æмæ хъуызгæ къахдзæфтæй ахызти хæдзарæй. Мад йæ фæдыл цасдæр ауади, хæстæгдæр мæсыгмæ фæзылди, йæ хъæлæс фынæй хъæуыл айхъуысти: 

— Хорз адæм, ракæсут-ма, уæхи цæстытæй фенут — мæ фырт къæрныхы цæуы! 

Раздæхти лæппу фæстæмæ. 

Уыцы хабары фæстæ хъæуы куывд уыди. Æртæ лæджы Ариманы иуварс ахуыдтой æмæ йын æргом загътой, йæ фыды бынтæ йын æрвадæлтæ сæхи кæй бакодтой, бацамыдтой йын йæ фыды зæххытæ. Æрвадæлты хистæртæм бауырдыг Ариман: 

— Мæ фыды хæдзар, мæ фыды зæххытæ мын куынæ радтат, уæд уын уæ цард сæнад кæндзынæн! 

— Цытæ лæхурыс? — бабылысчъил ыл æрвадæлтæй иу. — Цæй хæдзар æмæ цæй зæххыты кой кæныс! Ардыгæй фесæф! 

Ариман йæ дзыппытæ, йæ куырæты тæрттæ дуртæй байдзаг кодта. Æрвадæлты лæгтæ куывдæй куы рацыдысты, уæд сæ дурадзагъдæй йæ разæй сурынтæ байдыдта. Цалынмæ йæ зæххытæ байста, уæдмæ нал æрсабыр. Ноджы ма Джусойтæй дæр зæххытæ балхæдта. 

Ариманæн уыди цыппар усы. Йæ цæрайæ йæ фæдонтæ баисты фондз æмæ æртиссæдзы. 

Ариманы дæсныйад хуыдтой дураразæг. Загътой: Мыкалгабыры дзуары хъæды сырх дур уыди. Ариман сæ аив кодта, арæзта цыртытæ. Кæддæр æй бафарстой: 

— Цал азы дыл цæуы, Ариман? 

— Ацы дуртæ мæ цахъхъæн не сты, — загъта зæронд. — Дæс æмæ мыл æхсæзыссæдз азы цæуы. 

Уый фæстæ ма фæцарди дæс азы. Ариманы хуызæн амондджын дæ Хуыцау фæкæнæд, зæгъгæ-иу, афтæ арфæ кодтой адæм кæрæдзийæн. 

*** 

Бадилайы райгуырæн хъæуы уыди иуæндæс мæсыджы. Сæ тæккæ стырдæр мæсыджы тыххæй Къоста загъта: «Æз æй æнæхъæнæй не ’рæййæфтон. Дзырдтой: йæхи мидæг ныккалди. Афтæ бæрзонд æй хуыдтой æмæ, дам, лæг йæ сæрæй нæ ракастаид. Йæ дуртæй йын амадтой хæдзæрттæ. Стыр мæсыджы дуртæй амад сты, зæгъгæ, цыппар хæдзармæ амыдтой». Ивгъуыд рæстæджытæй стыр мæсыджы тыххæй ахæм таурæгъ баззади. Кæцæйдæр æм æрбацыдысты халынмæ æмæ сæм йæ цъуппæй урс маргъ ныууасыди. Фæсагъæсхуыз сты мæсыгхалджытæ æмæ сæ иу загъта: «Ацы мæсыгæн лæджы къухæй халæн нæй». Уæд арынджы топпыхос фæхус кодтой æмæ йæ уымæй срæмыгътой. 

Къостамæ рауади Бадилайы фыд Гулайы цæрæнты кой: «Рагон хæдзар уыди, ердо йын. Къулты зыхъхъыртæ æлыджы змæстæй сæрстой. Къонайы сæрмæ — уæлæндгуытæ. Уæлæндгуытыл-иу сæвæрдтой кæрдзынтæ. Стыр уатмæ-иу сатретæ галтыл дæр баластой. Йæ тыргъæй уыди балкъонмæ ахизæн. Сæ иннæ уат чысыл, сæ пысултæ уым æфснайдтой. Сæ бегъелитæ хицæн, цæстытæ-цæстытæ уыдысты, ссæдтæй-иу сæ байдзаг кодтой. Сæ хæндыг дæр — ам. Фылдæр хæдзæрттæн — сæхи куырæйттæ, кæнæ дыууæ хæдзарæн — иу куырой. 

Бадила куыд бахъуыды кодта, афтæмæй сын уыди хъæдæлхынцъ хæдзар. 

Бадилайы мад Санеты тыххæй зæрдæбын ныхæстæй фылдæр ницы хъуыстон. Загътой-иу: «Лæг æрдзæй амонд рахæссы æмæ йæм Санеты хуызæн сылгоймаг æрхауы». Бадилайы фыд Гулайæ загътой: «Хъæды куыст кодта, хос карста. Хъазæн ныхасæй йæ хуыдтой: зылынгуыбын, йæ цыд, йæ гуырыкондмæ гæсгæ. Аназын уарзта». 

Цот сын нæма фæзынд, уæд Санет йæхи байста æмæ йæ цæгатмæ ацыди. Æнæрвæссон, дам, кодта йæ лæг Гулайыл. Ахæм митæ уæды рæстæджы ничи барста. Чындз йæ цæгатмæ ацыди, уæд хъуамæ чызджы хæдзар ирæд æгасæй дæр фæстæмæ радтаид. Стырмæсыгæй Санеты цæгатмæ Зæгъойтæм æфцæгыл ныххизын хъуыди. Ныллæбурдта Зæгъойтæм Гулайы æфсымæр Пуста. Зæгъойты фос ратардта. Æфцæг уæдмæ митæй æрæхгæдта. Цъитисæр æфцæгыл Пуста æккойæ фæхаста фосы. Фæдисæттæ йæ дæсæй расырдтой. Сæ иу Пустамæ йæ хъыримаг ныддардта: 

— Маргæ йæ кæнын! 

— Ма йæ амарæм, — загъта иннæ фæдисон. 

— Цæмæ йæ марут? — загъта æртыккаг фæдисон. — Пуста хорз лæг у. Пустайы иннæ æфсымæр Джитъе дæр Зæгъойтæм бацыд. Хъæлдзæг лæг уыди Джитъе, хъазæн ныхасгæнаг. Йæ зарæгмæ хъусынæй йын не ’фсæстысты. Гулайы каистæ йыл фæцин кодтой æмæ Пустайы рауагътой. 

Зæгъуен уæззау хуынимæ æрыздæхти Гæджиты хæдзармæ. 

Гула æмæ Санетæн рæгъмæ чи рацыди, уыдон — цыппар лæппуйы æмæ иу чызг. 

Санет йæ лæгыл уæлахиз кæй кодта, уый тыххæй ма ахæм хабар радзырдтой. 

Санеты фыд Гокко амарди. Æмæ йын æй не схъæр кодтой. Гула йын загъта: 

— Дæ цæгатæй æрвитынц æмæ сæ бабæрæг кæнæм. 

Сæ иунæг бæхыл саргъ сæвæрдтой, æмæ йыл Санет абадти. Гулайæн уый фæхъыг, сзагъд кодта: 

— Мæнæ уал хъæуæй ахизæм æмæ-иу уæд уыйас дæр бад. 

Ницæмæ æрдардта Санет йæ лæджы ныхас, бæхы фæрстæ бацавта æмæ кæртæй уынгмæ ахызти. Гула йæ фæдыл адзырдта: 

— Дæ фыд Гокко амарди. Адæм хабар зонынц æмæ цы ахъуыды кæндзысты? 

Санет æргæпп кодта бæхæй, нырдиаг ласта. 

Л. Толстойæ ахæм ныхæстæ баззадысты: саби йæ фыццаг фондз азы дæргъы цы райсы, цы банкъары, уыдæттæ йын вæййынц, йæ уый фæстæйы цардыл кæронмæ чи сахады, ахæм суадæттæ. 

Бадилайы цардыл кæронмæ чи сахадыдта, уыцы æбуалгъ хабар рæгъмæ хæссын, Гæджиты Къостайы ныхæстæй мæм куыд баззадысты, афтæмæй: 

 

«Гуырдзиаг кънйаз æрцыди Стырмæсыгмæ. Джитъетæ йæ хорз уынынц: хæбизджынтæ, физонæг. Хорз фæминас кодта кънйаз æмæ загъта: 

— Фæдзурут мын Бардзинмæ. Джусойты Бардзины мын фенын кæнут. 

Бардзин царди къæдзæхрæбын. Бардзинмæ ссыдысты æмæ йын зæгъынц: 

— Бардзин, кънйаз дæм дзуры, хъалон нæ бафыстай æмæ уый тыххæй. 

Бардзин йæ фырт Хъыбылæн афтæ: 

— Фæнæмдзæн мæ кънйаз. 

Йæ фырт Хъыбыл ын афтæ: 

— Уадз æмæ дæу фæнæмæд. Мæн куы фæнæма, уæд дын ноджы зындæр уыдзæн. 

Бардзин загъта: 

— Цæйнæфæлтау мæ лæппуйы фæнæма, фæлтау æз цæуын. 

Æмæ йæ хъуынджын худ, йæ кæрцы мидæг рацыд уынгтыл уырдыгмæ Бардзин. Æмæ цанæбæрæг уый цæуы, уанæбæрæг не знæгтæ фæкæуæнт. 

Бацыдис Бардзин Джитъеты кæртмæ æмæ мидæмæ хъæр кæны: 

— Батъоно! Батъоно! 

Æмæ йæм кънйаз дзуры: 

— Моди, моди ака!5  

«Батъоно» йеддæмæ ницы фæразы дзурын Бардзин. Бацыд кънйазмæ хæстæг æмæ йын кънйаз афтæ: 

— Дæ сæр хæстæг æрбакæ. 

Йæ сæр хæстæг бакодта Бардзин, æнхъæлдта, цæвгæ йæ кæны. Йæ худ ын систа кънйаз æмæ йын дынджыр цæхæр арты батъыста йæ худ. Æмæ ссыгъдис худ, хæдзарыл апырх ис арыды смаг, æмæ бинонтæ иууылдæр æддæмæ алыгъдысты. 

Бардзин рацыди фæстæмæ. Нæ йæ ныццавта кънйаз. Йæ фырт Хъыбыл æрцыди йæ размæ æмæ йæм дзуры: 

— Фæнадта дæ кънйаз? 

— Нæ мæ фæнадта, фæлæ мын мæ худ цæхæры батъыста. 

Фырт бацин кодта: 

— Хæйрæг бахæрæд дæ худы. Иу фысдзарм йеддæмæ ма у! 

Уыйадыл Бардзины хъалон фесæфти. Хъалон фидын æй нал бахъуыди. Ницы йæм уыди æмæ цы бафыстаид?.. Кънйаз æрцыди Гуламæ æмæ йын афтæ: 

— Дæ хъалон куынæ ныххæссай Онмæ, уæд фендзыстæм! 

Гула базæронд, бæхыл бадын дæр йæ бон нал уыди. Кънйаз дыккаг хуыцаубон æрцыди Гуламæ. Дыууæ стражничы ракодта йемæ къанторæй. Кънйаз стражниктæн загъта: 

— Гуламæ бацæут. Гагишвили мын мæ хъалон нæ фиды, æмæ йæм бацæут. Хъалон куынæ фида, уæд-иу æй нæмын райдайут, — æмæ кънйаз бацыди мæсыгмæ. 

Гула стражниктæм ракасти. Уыдон ын загътой: 

— Гула, дæ хъалон цæуылнæ фидыс? Ай размæ дын кънйаз куы загъта: мæ хъалон мын Онмæ ныххæсс. 

Гула дзурынæн дæр нал уыд. Стражниктæ дзуапмæ æнхъæлмæ кастысты. Кънйаз сын мæсыгæй ацамыдта: цæвут Гулайы! 

Стражниктæ уæлбæхæй зæронды ехсытæй цæвын райдыдтой дыууæрдыгæй. Иуахæмы ехсы тъæпæн кæрон цæстыл сæмбæлд, æмæ цæст фæхаудис. Туг кæлы уырдыгмæ. Гула æрхаудис. 

Бадила уæд уыди хæрз гыццыл сывæллон. Дзурынтæ йедтæ æмбарын зыдта. Æмæ хъæр кæны: 

— Деда! Деда! Гулайы амардтой! Деда рауади æмæ сыл схъæр кодта: 

— Гъы, тугцъиртæ, тугхортæ! Зæронд лæджы цæуыл аргæвстат? Мæнæ иууылдæр сымах сты æмæ сæ ахæссут! 

Гула ма дзурын сфæрæзта: 

— Дон, дон... 

Рахастой йын дон. Æрæхсадтой йæ æмæ йæ хæдзармæ бахастой. Уæд кънйаз хъæр кæны стражниктæм: 

— Бацæут сæм æмæ дзы æргæвдинаг цы ис, уый ратæрут! Нывонд фыр сæм уыди, æрмикъæбæрæй хаст. Раластой йæ. Бадила куы нырдиаг кодта, уæд æй стражниктæй иу басырдта. Хъуамæ йæ ехсæй æрдзæхст ластаид. Лæппу балыгъди къарампанимæ, чъеуритæ æфснайæнмæ æмæ уым балæсти. 

Бадила бахъомыл æмæ загъта: 

— Мæ фыды цæст мын чи скъахта, уый куы базонин æмæ йæ куы ссарин. 

Сæ хъæуккаг æй акодта Гуырдзымæ æмæ йæ æххуырсты радта. Бардзинайы худ чи басыгъта, Гулайы цæст чи скъахта, уыцы кънйазмæ æввахс ран Бадила гуырдзиаг æвзаг базыдта. Кънйазæн уыцы заманы ницы сарæзта Бадила». 

 

Бадила йæ фыды æфхæрæгæй йæ маст куыд райста, уый тыххæй йæ мысинæгты ницы дзуры. 

Бадила райгуырди 1891 азы. Уæд Къуыдаргом хауди Кутаисы губернимæ. Йæ фыд Гула æххуырсты куыст кодта кънйаз Джапаридзетæм æмæ æндæр кънйæзтæм. Йæ мады хоны сæрæн адæймаг, куыстуарзаг. Мад æмæ фыды бæрны уыдысты дæс сывæллоны. Фыд-иу йæ хъизæмайраг куыстæн райста капеччытæ, æмæ-иу цы хъуамæ сахадыдтаиккой... Кæмтты цæрджытæй кæмæдæрты уыди зæххы чысыл гæбæзтæ. Гулайы бинонтæ — æнæзæхх. Кодтой æрмæстдæр фосы куыст. Къонайы алыварс-иу бафынæй сты, сæ быны — лыстæн. Сæхиуыл-иу æрæппæрстой цæрмттæ, исты пысултæ. 

Бадила куыд нымадта, афтæмæй Къуыдаргомы цæрджыты нымæц хæццæ кодта дæс минмæ. Скъолайæн сæм йæ кой дæр нæ уыди. Фосимæ æмдзард кодтой. Йæ хъуыдытæ афтæ балхынцъ кодта: «Отсюда вывод, что они были полудикари». 

Бадилайы йæ бинонтæ сæфтыл банымадтаиккой, æвæццæгæн, 1907 азы. 1904 азы уырыссаг-япойнаг хæсты чи фæмарди, уыцы булкъоны бинойнаг Бадилайæ йæхицæн уæд загъта фырт. 

Уæдæй 1921 азмæ ма Бадилайы фæци иунæг уынæг. 

Гæджиты Ерастъо дзырдта: «Наниты Вано Бадилайы Кисловодскы федта, Гæджиты бинонтæм хæрзæггурæггаг фæци: „Бадила уын сæрæгас у, тагъд æй ардæм хъæуы“. Ванойæн тинтычъи тын балæвар кодтой. Бинонтæ бирæ фенхъæлмæ кастысты Бадиламæ, фæлæ — никуы æмæ ницы. Биаслан цины уацхæссæджы фæнадта». 

Бадилайы сæфты хабар Хуыгаты Багъылæй хуыздæр чи хъуамæ зыдтаид. Багъылы фыд амард, йæ мад чындзы ацыд. Æрвадæлтæй йæ æртæ æфсымæры сæхимæ райстой. Йæ фыды бынтæ йын æртæ хай