Фæстаг бон дæр та нæм фæндараст зæгъынмæ Азæмæт æрбацыд, уæздан æмæ фæлмæнзæрдæ Азæмæт. Не ’ппæты номæй та йын Хадзымурат арфæйы ныхас загъта, бирæ та фæныхас кодтам, цалынмæ Абу-Гасан йæ мерседестæ не ’рбатардта, уæдмæ. Уазæгдоны къæсæрыл Азæмæт йæ дзыпмæ нывнæлдта, цыппæрдигъон гæххæтт дзы систа:
— Мæнæ мын ацы писмо Ирыстоныл сæмбæлын кæн, Дамир... Сусæггагæй дзы ницы ис.
Æз æй хæдтæхæджы райхæлдтон. Сымах дæр æй бакæсут, куыддæриддæр уыд, афтæмæй, иу дзырд дæр ын дзы нæ аивтон, ницы йæм бафтыдтон, æрмæст дзы цалдæр къæдзыджы æвæрын бахъуыд.
«Дæ бон хорз, мæ Ирыстон! Зæрдæбынæй дын салæмттæ æрвитын. Æрæджы дæ раздæхтæн нæхимæ, фæлæ мæ зæрдæ та уым баззад, æвæццæгæн, мын базыртæ куы разаид, уæд та дæм фæстæмæ раздæхин æмæ та дæ уынгты, дæ къуымты, дæ къæраты ногæй æрзилин. Уымæн дын зæгъын уый æмæ дæ уарзын. Райгуырæн бæстæйæ зынаргъдæр нæй, æдзухдæр дæ мысын, дæ кой куы фæкæнæм, уæд мæ зæрдæ барухс вæййы, схъæлдзæг вæййы.
Бирæ хæттыты мæхинымæр фæдзурын: „Æз Ирыстоны афтæ цæмæн уарзын?“ Æвæццæгæн, мадæлон æвзагæй кæй дзурын, „Ирон фæндыр“ иронау кæй кæсын, ирон зарджытæ мæ зæрдæмæ кæй хъарынц, уый тыххæй; æз Ирыстонимæ мæ амæлæтмæ баст дæн, æдзухдæр ууыл хъуыды кæнын.
Æз иронау куы нæ зыдтаин, уæд мæ зæрдыл дæр не ’рлæууид. Ирыстоны цы ирон адæмтæ цæрынц, уыдой иу бон Къостайы æвзагæй куы нал дзурой, уæд æнцонтæй фæхицæн уыдзысты мадæлон зæххæй. Фæстаг хатт куы уыдтæн Ирыстоны, уæд уынгты æрзылдтæн, зæгъын, мадæлон æвзагыл ныхас фехъусон адæмы дзыхæй, фæлæ никуы æмæ ницы. Дзæуджыхъæуы стыр уынджы мæ хъустыл ауади ирон ныхæстæ, акастæн æмæ федтон цалдæр адæймаджы, хъæутæй чи ссыд, ахæмтæ сæ фæллад уагътой. Уыдон дæр иу бон сæ фæстаг балцы куы ацæуой, уæд ма Къостайы æвзагæй чи дзуры, ахæм нал уыдзæн. Адæймаг йæ мадæлон æвзагæй куы нал дзура, уæд æм хъару дæр нал уыдзæн зæгъынмæ: „Æз ирон дæн“. Цы ’взагæй ма бакæсдзæн „Ирон фæндыр“, кæмæн æй ныффыста Къоста?
Мах, мадæлон зæххæй чи фæхицæн æмæ дзæгъæлæй чи цæры фæсарæнты, уыдон не ’взаг нал зонæм æмæ цы адæмы ’хсæн цæрæм, уыдоны æвзагæй дзурæм, се ’гъдæуттæ сын райстам, сæ историимæ сын баст стæм. Махæн нæ зынг ахуыссыди, нæ амонд ахæм у, фæлæ Терчы былыл цы адæм цæрынц, уым чи райгуырди, уым чи схъомыл и, уыдон се ’взагæй ма дзурæнт, уый куыд раст у? Афтæ фæзæгъынц: „Мадæлон æвзагæй чи нæ дзуры, уый йæ райгуырæн бæстæ нæ уарзы, уый æцæг амонд никуы ссардзæн“.
Гыццыл адæм се ’взагыл хъæбæр куы нæ хæцой, уæд стыр цуайнаджы атайдзысты... Хуыцау нæ уымæй бахизæд.
Дамаск. 17.10.1989 аз.
Æлбегты Азæмæт».
Нырма ныр фæкомкоммæ дæн, писмо цы бон, цы мæй æмæ цы аз фыст æрцыдис, уымæ. Æвæццæгæн æй сымах дæр бафиппайдтат, зынаргъ кæсджытæ. Цæмæн æй фæдардта уый бæрц рæстæг йæхимæ? Кæд къонверты æдасдзинадыл не ’ууæндыдис æмæ Ирыстонæй искæй бацыдмæ æнхъæлмæ каст, цæмæй йæ уый «Рæстдзинад»-ыл сæмбæлын кæна?