Iriston.com
www.IRISTON.com
Цæйут æфсымæртау раттæм нæ къухтæ, абон кæрæдзимæ, Иры лæппутæ!
Iriston.com - история и культура Осетии
Кто не помнит прошлого, у того нет будущего.
Написать Админу Писать админу
 
Разделы

Хроника военных действий в Южной Осетии и аналитические материалы

Публикации по истории Осетии и осетин

Перечень осетинских фамилий, некоторые сведения о них

Перечень населенных пунктов Осетии, краткая информация о них и фамилиях, в них проживавших

Сборник материалов по традициям и обычаям осетин

Наиболее полное на сегодняшний день собрание рецептов осетинской кухни

В данном разделе размещаются книги на разные темы

Коста Хетагуров "Осетинскя лира", по книге, изданной во Владикавказе (Орджоникидзе) в 1974 году.


Перечень дружественных сайтов и сайтов, схожих по тематике.



Rambler's Top100 Рейтинг@Mail.ru Индекс цитирования
Статьи Словари
Здравствуйте, Гость
Регистрация | Вход
Опубл. 06.12.2010 | прочитано 2857 раз | Автор: Tabol Вернуться на начальную страницу Tabol
Æлбегты Азæмæты дыууæ фæдзæхсты…

Лæгæй-лæгмæ мын сæ загъта мæ дзæбæх сириаг ирон хистæр Азæмæт, мæнæ цыма йæхи лæппуйæн фæдзæхста, уыйау. Йæ сау цæстыты катай мæхи цъæх цæстыты баззад, мæ фæллад зæрдæмæ мын бахызт. Йæ фыццаг фæдзæхст мын, хъуыды-ма кæныс, мæ зынаргъ чиныгкæсæг, æнуд æмбисæхсæв загъта, Дамасчы ирæтты карджындæр æмæ кадджындæр Хъуыбадты Сулейманы йæ фæрныг хæдзары кæугæйæ куы ныууагътам æмæ уазæгдоны цур куы æрлæууыдыстæм, уæд: 

— Уæ хорзæхæй, Суадагмæ фæцæуын-иу мæ фæзивæг кæнут, уым Хъуыбадты Муратæн зæгъут, Дамасчы, зæгъ, уæ мыггаджы хистæр Сулейманы низ тынг хъыгдары. Ацы аз, мæгуыр, Ирыстонмæ фæцæуынмæ хъавыд, фæлæ, зæгъ, йæ зæрдæ бынтондæр нал бæззы... Йæхæдæг æй бамбардзæн Мурат, цы зæгъынмæ хъавын, уый. Ам æцæгæлон адæмы ’хсæн цыфæнды стыр лæг куы суай, уæддæр зæрондæй никæйуал фæхъæуыс. Никæй... 

Уыцы ныхæстæм, адæймаджы трагеди æвдисæг ныхæстæм, мæ зæрдæ æвиппайды суынгæг, фæлæ мæ тыхст бирæ нæ ахаста, кæцæйдæр мыл удæнцойхæссæг хъуыдытæ уалдзыгон бæласы дидинджытау фæлмæн, æнæуынæрæй æрызгъæлдысты: «Ардæм цæугæйæ цæмæй тарстæ, Дамир, уый фæдзæгъæл. Æцæгæлон бæстæйы дæр нæ ирон рæсугъд удыхъæд сæфт нæу: хистæрыл аудындзинад дард Дамасчы дæр æмæ Дзæуджыхъæуы дæр æмхуызон у. Мыггагмæ нын цæр, нæ ирондзинад». Уыцы хъуыдыты фæстæ нæдæр ме ’мбæлттæ, Юрий æмæ Хадзымурат, нæдæр Азæмæт йæхæдæг нæ бамбæрстой, цæмæн æй æрбахъæбыс кодтон, уый. Мæнæ йæхæдæг ардæм куы ’рбацæуа, зæрдæ мын бавæрдта, иу бон уæм зындзынæн, зæгъгæ, уæд ын æй зæгъдзынæн. 

Ирыстонмæ куы раздæхтæн, мæ мысинæгтæ дзурынæй мæ мондæгтæ куы суагътон, уæд æртыккаг æви цыппæрæм бон машинæйы сбадтæн æмæ дæлæ Суадагмæ фæраст дæн, фенон æй, зæгъын, цавæр Мурат у, уый, уал паддзахады фалейы афтæ тынг ныфсджын кæмæй сты, афтæ тынг кæуыл æууæндынц. Уыцы хохрæбын хъæумæ цас хæстæгдæр кодтон, уыйас мæ зæрдæ та йæхи тынгæй-тынгдæр къултыл хоста, мæхимæ хæрзæггурæггаг хæссæг æркастæн: «Цин кæнут, суадаггаг Хъуыбадтæ, æз уын уæ мыггаджы хуыздæр лæгтæй иуы сымахæй раздæр федтон, йемæ бадтæн, ныхас кодтон, сымах мысы, сымахыл йæхи фæдзæхсы...» Алæмæты æрдзон хъæбысы æрынцади ацы хъæу, уыцы хурдзаст райсом та уæлдай рæсугъддæр уыди, цæрдæг къададоны сæр-сæр æмæ мæргъты цъыбар-цъыбур мæ хъуыдытыл æфтыдтой: «Дзæгъæлы нæ бæллы ардæм Сулейман, йæхи загъдау, «куы нæ мын бантыса, уæд-иу мæ фæстæ Хуыцауæн зæгъут, иу æнæраст хъуыддаг та, зæгъ, скодтай», дзæгъæлы йæ нæ фæнды ам амæлын». Æмæ та мæ цæстытыл ауад йæ хуыз: бæрзонд, къæсхуыртæ, низæфхæрд. 

Мæ буц, мæ кадджын, мæ дзырддзæугæ хистæр Сулейман мын ардыгæй уырдæмты стыр хатыр бакæнæд, фæлæ мæхицæн дæр æнæнхъæлæджы мæ цæстытыл ауади йæ ныгæнæн бон ам, йæ фыдæлты зæххыл. Æгас Иры дзыллæ уырдыг слæууыд, Мæскуыйæ ардæм хицауиуæг кæнынмæ, ирон æгъдæутты хурхыл хæдынмæ дæс Одинцовы куы сæрвитиккой, уæддæр нын нæ мæрддзыгойты нæ бауромиккой, Суададжы райдзаст уынгтæ тæфæрфæсгæнæг дзыллæтæй байдзаг уаиккой, хъæуы урсзачъе хистæр ирон хъæздыг дзырдуаты рæсугъддæр æмæ æнкъарддæр дзырдтæ зæгъыныл архаид чырыны уæлхъус, хъарæггæнаг усы зæрдæхалæн ныхæстæм йæ цæссыг ничиуал уромид. Дамасчы бæстæзонæн музейы нæм цымыдисæй равдыстой иу æхгæд дурын: йæ хуылфы, дам, цæссыгтæ ис, иу стыр лæджы зианы сæ æрымбырд кодтой. Уыцы æгъдау махмæ куы уаид, уæд цымæ цал дурыны бахъæуид Сулейманы ныгæнæн бон! 

Æнтæф бон дывдывгæнаг къогъотæй куыд стыхсай æмæ сæ куыд асурай, афтæ асырдтон æз дæр ацы æнкъард хъуыдытæ æмæ мæ цæстытыл ауайын кодтон æндæр ныв: Сулейман Хъуыбадты Мураты хæдзары дуармæ доны сæр арæзт бандоныл бады, æрæмбырд ыл сты кæстæрæй-хистæрæй æмæ сын уый фæдзæхсы: 

— Йæ райгуырæн бæстæ чи ныууагъта, уый сæфт у. Фидар хæцут Ирыстоныл... 

Фыдæлты къонайы рухс, фыдыуæзæджы уæлдæф ын йæхицæн æвдадзы хос фестиккой, йæ низтæ йын фæсуриккой, цард ыл ныддаргъ уаид. 

Бæргæ, Хуыцау куы зæгъид. 

Мæ бацыд Суадагæн æнæнхъæлæджы уыд. Мурат æмæ йæ уæздан бинойнаг раздæр тынг бацин кодтой Сирийы коймæ, стæй æвиппайды æрæнкъард сты, Азæмæты фæдзæхст сын куы загътон, Сулейманы цы уавæры ныууагътон, уый сын куы радзырдтон, уæд. Муратæн, ныллæджытæ, фæтæнуæхск лæппулæгæн, йæ хуыз фæцыд, йæ сæр ныллæг æруагъта, арф ныуулæфыдис: 

— Диссаг у, æвæдза, кæдæй нырмæ æхсайы йæ зæрдæ ардæм æмæ йын дзы ницы уайы. Стыр бынæтты куыста, бирæ зоны æмæ, дам, ын уымы хицауад цæлхдуртæ æвæрынц. Къорд азы размæ йæ куысты фæдыл дæлæ Мæскуыйы дæр дыууæ хатты уыди, фæлæ йын бар нæ радтой ардæм суайынмæ. Уагæры цæмæй тæрсынц?.. Уæддæр ма йæхицæн дæр æмæ махæн дæр йæ писмойы зæрдæтæ æвæры, рæхджы мæ уырдæм хъæуы, зæтъгæ. Бакæсын дæ йæ фæнды?.. 

Сулейманы фыццаг писмо Ирыстонмæ: 

«Уæ бонтæ хорз, нæ зынаргъ æфсымæртæ æмæ хотæ! 

Райстон уын уæ писмо æмæ мын тынг æхсызгон уыдис, дзæбæх æмæ æнæнизæй кæй цæрут, уый. Уæ писмо уын куы бакастæн, уæд мæ зæрдæ бахъæлдзæг и, æмæ уый диссаг нæу, ме ’мтуг, мæ бæззон, мæ кадджын мыггагæй мæм æрбацыдис уыцы писмо. 

Мæ зынаргъ æфсымæртæ, мæнæн ме стыр бæллиц у сымах фенын, æмæ сфæнд кодтон ног азы уалдзæджы майы мæйы сымахмæ ацæуын, кæд Хуыцау зæгъа, уæд. Æлбегты Азæмæт тагъд Ирыстонмæ цæуинаг у мæ разæй æмæ уын уый радзурдзæн, куыд цæудзынæн, кæуылты æмæ цас. Цæрут амондджынæй æмæ æнæнизæй. 

Уе ’фсымæр Хъуыбадты Сулейман. 

3 август 1989 аз.»

 

Хуыцау та ацы хатт дæр нæ загъта, цæмæй йæ фыдæлты зæххыл сæмбæла, уый... Катай кодтон, кæд ыл исты æрцыдис, мыййаг, зæгъгæ, ноджы уырдыгæй чи æрбаздæхт, ахæм мын уыцы æнæмæтхуызæй куы загъта, цыма, дам, амардис, зæгъгæ, уæд бынтондæр скатай дæн. Фæлæ мæ тарст дзæгъæлы рауад. Æлбегты Азæмæт нæм Дзæуджыхъæуæй æрцыд уымæй чысыл фæстæдæр, йæ салæмттæ æмæ нын йæ лæвæрттæ æрласта. Æмæ уæд æрæнцадыстæм... Ныр мæм Азæмæт иугæр ахæм фæдзæхст æрбарвыста, уæд, æвæццæгæн, чи никуыма уыд, ахæм зын уавæры ис не ’рвад. Æнæ ацæугæ йæм нæй! Ныртæккæ мæхицæн амал нæй, фæлæ уал мæ чызг Тамарæ нæ базивæг кæндзæн. Цы йæ фæнды, уый сбæлвырд кæнæм, стæй дарддæр хъæддыхæй архайдзыстæм. Ау, Горбачев фидарæй куы загъта, нæ арæнтæ алкæмæн дæр гом сты, зæгъгæ, уæд уыцы мæгуыр ирон лæджы куыннæ æрбауадздзысты? 

Мураты хистæр чызг, зæрдæмæдзæугæ, мидылты худаг, къæсхуыртæ, Дзæуджыхъæуы 4-æм скъолайы ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг Тамарæ æцæгæйдæр абалц кодта уыцы дард фæндагыл. Мæнæ мын цы радзырдта йæхæдæг, куы раздæхти, уæд: 

— Тынг мыл бацин кодта, раст цыма йæхи чызг уыдтæн, йæ риумæ мын мæ сæр нылвæста, йæ зæрдæ суынгæг... Дыгуронау дзырдта, æз та йын иронау дзуапп лæвæрдтон æмæ ныфсæрмытæ дæн, ныссырх дæн. къуыхцытæ кодтон. Уый мын мæ уавæр бамбæрста, æрсабыр мæ кодта, æз, дам, дарддæр дæр дыгуронау дзурдзынæн, ды та иронау, исты кæрæдзийы не ’мбарæм. Бирæ цыдæртæ йæ фæндыд зонын Ирыстоны тыххæй. Бæрæг у, стыр ахуыргонд æмæ стыр интеллекты хицау кæй у, уый... 

Ирыстонмæ ацæуыны тыххæй та баныхас кодтам афтæ: Сулейман Ереванмæ хæдтæхæджы æрбатæхдзæн, мах та йæ размæ ацæудзыстæм машинæты. Кæд нæ дзæбæх фæндтæй исты рауайа, Дамир, уæд дæм æз телефонæй ныдздзурдзынæн æмæ иумæ фæбаддзыстæм... 

Хицау нæ разынд йæ ныхæстæн Хъуыбадты уæздан чызг. Йæхи аххосæй нæ: Сулейманы та ныкъкъуылымпы кодтой дыууæ хъуыддаджы — бынæттон хицауад æмæ йæ низ. Мæнмæ дæр фехъуыст уый, мæ зæрдæ нал фæлæууыд æмæ хабæрттæ бæлвырддæр базоныны тыххæй бацагуырдтон Тамарæйы, уый йæ рæсугъд хо Фæрниаты Ирæ æмæ йæ дзæбæх сиахс Гришæтæм вæййы уазæгуаты. Æцæг ирон хæдзарау мыл бацин кодтой, Ирæ нæртон æфсин басгуыхти, уайтагъд æмбисонды картофджынтæ фынгыл авæрдта, йæ царвыл дæр нæ бацауæрста. Нæ сидтытæ куы фесты, уæ бæркæдтыл ацы мæгуыр заман бонæй-бонмæ æфтæд, мæнæй хиндæр уазæг уæм макуы æрбафтæд, зæгъгæ, сын куы раарфæ кодтон, æвæццæгæн, уымæ æнхъæлмæ каст æппæтзонаг Тамарæ, фаллаг уатæй мын, цалдæр боны размæ Сулейманæй цы æнкъард писмо райстой, уый рахаста: 

«Мурат, ме ’фсымæр. 

Хатыр, стыр хатыр мын бакæн, кæй та уæ фæсайдтон, уый тыххæй. Нæ фæразын, мæ зæрдæ мæ рæхойы, мæ зæнгты туг нал цæуы, тынг мын риссынц, хосты руаджы ма цæрын. 

Тынг мæ фæндыди сымахмæ ацæуын, фæлæ мæ бон нал у, Мурат Мæ фæндтæ бирæ уыдысты Ирыстоны тыххæй. Фæлæ, æвæццæгæн, мæ къухы ницыуал бафтдзæн. 

Мæ зæрдиаг салæмттæ æрвитын уе ’ппæтæн дæр гыццылæй стырæй, кæд уæ нæ федтон, уæддæр мæ уд уемæ ис... 

Хæрзбонтæ ут. 

Уе ’фсымæр Сулейман.»

 

Кæсут, «фенынмæ уал» нæ, фæлæ, дам, «хæрзбонтæ ут». Ау, йе ’нусон бæллицыл йæ къух систа, ау, йе ’нæхайыры низ ыл фæтых ис? О Хуыцау, хатырæй мын фæуæд, фæлæ æдзух рæстытæ нæ кæныс, мæгуыры мæгуырдæр бынатмæ батæрыс. Иры зæхх дæр æм æнхъæлмæ каст, мыггагмæйы фысым ын хъуамæ суыдаид. 

Къæхты бынæй сæрмæ ныррызтæн, æрæджыты мæ мæ зæрдæ афтæ никуыуал срæхуыста, кæуын мæм æрцыд. Æнæнхъæлæджы, мæхи дæр та нæ фæндыдис, афтæмæй та мæ цæстытыл ауадис Сулейманы ныгæнæн бон уым, Дамасчы. Азæмæт та йæ базондзæн фыццаг, уый уыдзæн хъæргæнæг, фæлæ се ’ппæтмæ нæ фехъуысдзæн зианы хабар, кæмæн йæ телефон нæ кусдзæн ирæттæй, чи та балцы уыдзæн фæсарæнты. Нымад адæм дзы æрæмбырд уыдзæн, нымад цæссыгтæ йыл æрхаудзæн. Горæты кæрон ын бур-бурид зæххы ингæн скъахдзысты æххуырст адæм... 

Æмæ баззайдзæн замманайы лæг Азæмæт зыбыты пунæгæй, йæхæдæг хистæры бынатмæ бацæудзæн, æнгом хæцдзæн ирон адæмыл, кæрæдзиуыл сæ бæтдзæн. Хъуыбадты Сулейманы бæллиц йæхи бæллиц суыдзæн, дзæгъæлы мын нæ загъта, уым Дамасчы æрдæгрухс уынджы Цæлойты рæсугъды зарæг куы систа æмæ йæ зæрдæ куы бахъæлдзæг, уæд: «Раздæр уал мæ цотæй исчи ацæудзæн Ирыстонмæ цæрынмæ, стæй та — мæхæдæг»... 

Ныр та йæ дыккаг фæдзæхсты тыххæй: 

«Хуымæллæджы мын ме ’рвад Хæритон кусарт акодта... Мæ салæмттæ йыл сæмбæлын кæн». 

Æлбегаты Агойы фырт Хæритон мæнæн мæ хъæуккаг у, мæ сыхаг. Хуымæллæг сæрыстыр кæмæй у, Хуымæллæг кадджын кæй руаджы у, йæ уыцы хъæбултæй иу. Кæд раджы афтыд горæтмæ, стыр бынæтты куыста, уæддæр йæ фыдыуæзæг рох нæ кæны, иугæр хъæуы зиан ис æмæ йæ фехъуыста, зæгъгæ, уæд ын æнæрцæугæ нæй. Уый тыххæй йын хъæубæстæ уæлдай фылдæр аргъ кæнынц. Æрæджы республикæйы радиокомитет сæрмагонд бакаст сарæзта ацы хъæуы тыххæй, йæ хуыздæр лæгты йын номæй-номмæ ранымадта уацхæссæг. Дыккаг бон сæм чидæр слæбурдта. Хæритоны кой, дам, дзы цæуылнæ скодтат. Фарон Дыгургомы хъæутæй иуы уазæгуаты уыдтæн, минæвар, æмæ фынджы хистæр куы базыдта кæцæй стæм, уый. уæд сæрмагонд сидт рауагъта Хуымæллæджы хъæубæсты тыххæй, йæ фыццаг арфæ та нын ахæм уыд: «Хуыцау уый зæгъæд, æмæ ма уæ хъæу нæ Ирыстонæн Æлбегаты Агойы фырт Хæритоны хуызæн лæппутæ куыд радта». Йæ хъæу чи уарзы, уымæн уый æхсызгон куыннæ уыдзæн, мах дæр ын зæрдиагæй «оммен, Хуыцау», загътам. 

Гъе, æмæ уыцы Хæритонмæ рарвыста нæ сириаг ирон Азæмæт йæ зæрдæбын арфæтæ. Суададжы мæ хæс æххæстыл куы банымадтон, уæд та Дзæуджыхъæуы сабыр уынгтæй иуы бахостон мæ хъæуккаджы дуар. Ам ноджы æнæнхъæлæджыдæр уыд ме ’рбацыд, кæрæдзиуыл цинтæ куы фестæм, уæд не ’хсæн рауад мæнæ ахæм диалог: 

 

— Хуыцауы хатырæй, Дамир, кæцæй фæдæ, цы Хуыцау дæ æрбахаста махмæ? 

— Балцы уыдтæн æмæ дын мемæ зæрдæбын салæмттæ рарвыстой, Хæритонмæ, дам-иу, сæ ратт. 

— Балцы, зæгъыс? Дард балцы? 

— Дард. Сирийы. Ды дзы дæхæдæг дæр уыдтæ. 

— Диссаджы адæймаг дæ, Дамир, — йæ къухтæ кæрæдзиуыл ныццавта Хæритон.— Кæд уырдæм цыдтæ, уæд мын куыннæ загътай, уым ма ’рвадæлтæй бирæ цæры, дæ размæ рацыдаиккой. Ардыгæй уырдæм чи бахауы, уыдоны Азæмæт æнæмæнг сбуц кæны. Мыййаг æй нæ федтай? 

— Федтон, Хæритон, федтон. Уый мын бафæдзæхста дæумæ æрбацæуын, салæмттæ дæм æрвыста, тынг дыл тыхсынц, бæрæг у, тынг бирæ дæ уарзынц, уый. Хæритоны фæрцы, дам, базыдтам, нæ фыдæлты зæхх. 

 

Хæритон исдуг хъуыдыты аныгъуылд, стæй уæзбынæй, сæрыстырæй загъта: 

— Уый мæ хуызы Ирыстоныл тыхсынц, Ирыстоны уарзынц. Мæнæ дын уымæн ирд æвдисæн, уым кæимæ базонгæ дæн, уыцы ирæттæн сæ писмотæ, бакæс уал сæ, стæй дын æз мæ хабæрттæ ракæндзынæн... 

Æмæ мын уайтагъд мæ цуры писмоты рæгъ авæрдта. Æз дзы иу цалдæр систон, мæнæ дзы сымахæн дæр алкæцыйæ фæйнæ цыбыр скъуыддзаджы рафыстон... 

I
 

«Дæ бонтæ хорз уæнт, Хæритон. 

Не ’рвад Азæмæт Ирыстонæй фæстæмæ ардæм куы раздæхти, уæд æнкъардæй фæхабар кодта, ды æнæфæразгæ кæй дæ æмæ рынчындоны кæй хуыссыс, уый. Тынг хъыг нын уыди, уæдæй абонмæ нæ зæрдæтæ демæ дзурынц. 

Уæдæй фæстæмæ мах ам Хуыцауæн дуа кæнæм, цæмæй ды фервæзай дæ низæй æмæ дæ хæдзармæ дзæбæхæй куыд раздæхай. Мæнæ мæ цуры лæууынц æмæ дæ фæрсынц Нана, Бахаддин, Салахиддин. 

Нæ бон куы уаид, уæд дæм не ’ппæт дæр фæрсæг фæцæуиккам, дæ цуры фæбадиккам, дæ фæрцы та ногæй Ирыстон фениккам. Фæлæ нын бахатыр кæн, Хæритон, хабæрттæ дæхæдæг зоныс, ды æмбаргæ дæ. Цæр нын æнæнизæй, хъæлдзæгæй, амондджынæй. 

27 август 1986 аз. Азæмæт 

II
 

«Нæ зынаргъ æфсымæр Хæритон! 

Ног азы тыххæй дын зæрдиаг арфæтæ æрвитæм, æнæниздзинад æмæ хъæлдзæгдзинад æрхæссæд дæуæн æмæ Ирыстонæн. 

Хæритон, дæ зæрдыл лæууæд: махæн дæуæй зынаргъдæр æфсымæр Ирыстоны нæй, Ды махæн нæ Ирыстон дæ, Ирыстон та ды дæ. Хъусыс, мадæлон зæхх нæ зæрдыл куы ’рлæууы, уæд фыццаг ды ауайыс нæ цæстытыл. Кæд дын бафиддзыстæм цымæ дæ хорздзинæдтæ? 

5 январы 1987 аз. Бахаддин.» 

III
 

«Ме ’фсымæр Хæритон, мæ хотæ Мишурæт, Ранæ, Варя æмæ чындз Райæ! 

...Æрæгмæ уæм куы фæфыссын, уæд афтæ ма æнхъæлут, æмæ уæ ферох кæнын. Нæ! Ирыстонмæ цæуын æнцон куы уаид, уæд æм алыбон дæр тæхиккам, фæлæ заман цыдæр хуызæн ссис, хæдтæхæгмæ билет тынг зынаргъ ссис. Мæ бинойнаг Умаимæ æдзух уæ кой кæны, цыма йæ цæгат стут, уыйау. 

Бахаддин уын æй нæ хъæр кæны, фæлæ йæ куыст ныууагъта, йæ цæстыты цъæх дон фæзынди, йæ хъуыддаг куыд уыдзæн, уымæн ничи ницы зоны. Катай кæны, мæгуыр, йæхæдæг дæр, Ирыстоны хæхтæм, дам, ма дзаг цæстæй кæд акæсдзынæн..! 

5 февралы 1987 аз. Азæмæт.» 

IV
 

...Махæн, æвæдза, нæ фыдæлтæ стыр рæдыд, æруагътой, ардæм кæй ралыгъдысты, уымæй. Надзир хорз бакодта, Ирыстоны цæргæ кæй баззади, уымæй. 

Цалдæр къуырийы размæ нæм Ирыстонæй туристтæ уыд æмæ сæ æппæты разæй де ’нæниздзинадæй бафарстам, стæй та Райæйы писмо райстам æмæ уæд нæ зæрдæтæ гыццыл фæрухсдæр сты. 

Бахаддинæн йæ уынд бонæй-бон цауддæр кæны, августы мæйы Цалахиддинимæ Ирыстонмæ цæуинаг сты операци кæнынмæ, кæд, дам, мын мадæлон зæхх баххуыс кæнид... 

Мæнæ йæ бинойнаг Умаимæ мæ уæлхъус лæууы æмæ мæ куры, мæ салæмттæ, дам, арвит Хæритоны бинойнаг Райæмæ, йæ хотæм, хицæнæй Беллæ æмæ йæ лæгæн, дæ сыхæгты мын иугай-иугай бафæрс, кæд æй сæ нæмттæ ферох сты, уæддæр сын сæ рæсугъд цæсгæмттæ нæ ферох кодта. 

7 июны 1988 аз. Азæмæт, Умаимæ.» 

V
 

«Нæ зынаргъ æмæ цытджын æфсымæр! 

...Махæн тынг хъыг у, тагъд кæй нæ дзæбæх кæныс, уый. Нанайæн, Абдурахманæн, Салахиддинæн, Надирæйæн, Саирæйæн, уæлдайдæр та мæнæн. Нæ зæрдæтæ тынг тыхсынц, дæу хуызæн цытджын æфсымæрæн цæмæй баххуыс кæнæм, ууыл. Кæд искуы исты хос зоныс, дæуæн чи баххуыс кæна, ахæм, уæд нын æй бацамон æмæ йæ мах æрбаласдзыстæм. Кæд дæ фæсарæнтæм ласын бахъæуа, кæмдæриддæр куы уа ацы дунейы цъарыл, уæддæр мах дæу тыххæй ницæуыл бацауæрддзыстæм. Мах фæнды, цæмæй дæ ныфс тыхджындæр уа, æмæ та кæрæдзиуыл ногæй сæмбæлæм. 

20 июны 1988 аз. Ахмæт.» 

VI
 

«Дзæбæхæй раздæхтыстæм Ирыстонæй нæхимæ, нæ бинонты дæр дзæбæхæй ныййæфтам, ныр алы бон уæ кой кæнæм, нæ цæстытыл уайут. Уæ лæвæрттæ бирæ, сбуц нæ кодтат фаг. Бузныг, Хæритон. Райæ, Мишурæт, уæ хæлардзинад, уæ уарзондзинад мах ныр никуыуал ферох кæндзыстæм. Мах сымахæй ницы агурæм, иунæг хъуыддаг йеддæмæ: Хæритонмæ уæ цæст дарут, нæ алы ацыды дæр æй дзæбæхæй куыд уынæм, афтæ. Кæд мах сымахæй дард цæрæм æмæ нæ кæрæдзийы нæ уынæм, уæддæр махæй рох никуы уыдзыстут, мах бынаты уæ макуы мачи бахауæд. Цы гæнæн ис, нæ хъысмæт ахæм у, Ирыстонæй фæхицæн стæм æмæ царды ад нæ зонæм. Сымах бæрæг кæнын дæр æнцон нал у, æвæццæгæн, мæ бæллицтæм гæсгæ мæ бон куы уаид, уæд уæм ныртæккæ атæхин. 

Мах нырма цæрæм, фæлæ райсом куыд уыдзæн, уый нæ зонæм... Фæлæ мæ уырны: иу бон та Умаимæ Ирыстонмæ фæзындзыстæм, нæ кæрæдзийы та фендзыстæм, Хæритон та домбайы хуызæн æнæниз уыдзæн... 

20 февралы 1990 азы. Азæмæт.»

 

 

Иннæ писмоты дæр афтæ: Ирыстон, Ирыстон, Ирыстон, Хæритон, Хæритон, Хæритон... Емæ уый, æвæццæгæн, раст у, уымæн æмæ сириаг ныртæккæйы ирæттæ сæ хистæрты фæдзæхст уый руаджы сæххæст кодтой, федтой сæ рагфыдæлты зæхх, кæддæр чи аскъуыд царды, уыцы æндах фидар баст æрцыди æмæ чæ ныр ницавæр тых райхалдзæн. 



<==    Версия для печати
Реклама:

Ossetoans.com OsGenocid ALANNEWS jaszokegyesulete.hu mahdug.ru iudzinad.ru

Архив публикаций
  Января 2024
» О чем рассказали восточно-европейские руны
  Ноября 2022
» От Кавказа до Волги
  Августа 2022
» Кавказцы глазами русских: говорят архивные документы...
  Марта 2022
» К вопросу о заселении Фиагдонской котловины, по данным фамильных и народных преданий
» О новых именах в истории царственного дома средневековой Алании
  Февраля 2022
» К ВОПРОСУ ОБ УДЕЛЬНЫХ ВЛАДЕТЕЛЯХ УАЛЛАГКОМА ПО ФАМИЛЬНЫМ, НАРОДНЫМ ПРЕДАНИЯМ И АРХИВНЫМ МАТЕРИАЛАМ
  Декабря 2021
» Осетинская религия; религия осетин (Ирон дин)
  Мая 2021
» Иверская (Моздокская) икона Божией Матери
  Мая 2020
» Соотношение понятий Æгъдау, религия (дин), вера во внутриосетинской дискуссии
  Июля 2019
» Открытое обращение представителей осетинских религиозных организаций
  Августа 2017
» Обращение по установке памятника Пипо Гурциеву.
  Июня 2017
» Межконфессиональный диалог в РСО-Алании состояние проблемы
  Мая 2017
» Рекомендации 2-го круглого стола на тему «Традиционные осетинские религиозные верования и убеждения: состояние, проблемы и перспективы»
» Пути формирования информационной среды в сфере осетинской традиционной религии
» Проблемы организации научной разработки отдельных насущных вопросов традиционных верований осетин
  Мая 2016
» ПРОИСХОЖДЕНИЕ РУССКОГО ГОСУДАРСТВА
» НАРОДНАЯ РЕЛИГИЯ ОСЕТИН
» ОСЕТИНЫ
  Мая 2015
» Обращение к Главе муниципального образования и руководителям фракций
» Чындзӕхсӕвы ӕгъдӕуттӕ
» Во имя мира!
» Танец... на грани кровопролития
» Почти 5000 граммов свинца на один гектар земли!!!
  Марта 2015
» Патриоту Алании
  Мая 2014
» Что мы едим, или «пищевой терроризм»