Дардыл дзурæн дæр ис, цыбыртæй дæр, фæлæ мын куыд рауайа, уымæ уал байхъус...
Уым, Сирийы, ирæттæ ис, уый æппæты фыццаг базыдта уæртæ Чъребайы педагогон институты уæды ректор Цыбырты Людвиг, иу-ссæдз азы размæ, чи зоны, чысыл раздæр. Сæрмагондæй мæ ссардта, уыцы сæрыстырæй мын раппæлыд, де ’рвадæлтимæ, дам, дын Сирийы базонгæ дæн, дæ кой дæр нæм рауад, сæ хистæр Азæмæт мæ ирон чингуытæ куырдта æмæ йын арвыстон, æппæты разæй Къостайы уацмыстæ. Æхсызгон мын куыннæ уыдис, — ау, ирон нæ дæн,— дард бæстæйы дæр ме ’рвадæлтæ кæй цæрынц, уый. Уырны дæ, Дамир, уæдæй фæстæмæ цыдæр кодтон, уымæй размæ мæхимæ кæй нæ фиппайдтон, ахæм цымыдисдзинад мыл фæтых, зæгъын, æз хъуамæ базонон, ме ’мзæххонтæ уырдæм цы хуызы афтыдысты, уый, бæллиц дæр мæм фæзынд, искуы сæ, зæгъын, куы бабæрæг кæнин...
Хабæрттæ куыд цыдысты, уымæ-ма кæс. Иу райсом мæ куысты бадын, æмæ телефон ныззыланг кодта. Систон æй, æмæ, дам, дæм «Интурист»-æй дзурæм, туристон балцы де ’рвадæлтæ уæртæ дард Сирийæ Ирыстонмæ æрбацыдысты æмæ, дам, дæу бацагуырдтой фыццаг. Дæ цæстытыл ма ауайæд, куыд æхсызгон мын уыдис, уый. Уайтагъд уым балæууыдтæн, фæхъæбыстæ кодтам кæрæдзийæн, мах, дам, дæ фæсаууонмæ зонæм. Уыдысты æртæйæ — Æлбегты Бахаддин, йæ бинойнаг æмæ йе ’фсымæр Абдурахман. Сæ балц Дамаскæй райдыдта Туркмæ, Туркæй — Гуырдзымæ, Гуырдзыйæ та Дайраны комыл — Дзæуджыхъæумæ. Уыдон нæм æрбакъæртт кодтой уæд æппæты фыццаг фæндаг, ме ’рвадæлтæ.
Уыцы бон сæ, кæй зæгъын æй хъæуы, уазæгдоны кæ ныууагътон, нæхимæ сæ ракодтон, æппындæр ницæуыл бацауæрстам, мæнæ нæ адæм куыд фæзæгъынц, уыйау сæ цармæ скæсын кодтам. Дыккаг бон та сæ хæхтæм аластам æмæ уыдонмæ бакæсынæй диссагдæр ницы уыдис, куыд цин, куыд дис кодтой, ууыл. Иу дзырдæй, цалынмæ ам фесты, уæдмæ мæ хæлæртты дæр, мæхи æрвадæлты дæр тухæнæй амардтон, уазджытæм дзæбæх фæкæсут, зæгъгæ, се ’ппæты дæр сæ къахыл слæууын кодтон, хъæстагæй нæ нæ ацыдысты.
Уыдонæн фæндараст загътам, рæстæг рацыди æмæ дын сæ иу бон хуынды гæххæт куы райсин — кæимæ, дам, дæ фæнды, уыдонимæ æртæйæ рацæут. Мæхи чызг æмæ мæ хойы чызгимæ Дамасчы аэропорты æрхызтыстæм, уæдæ цы уыдаид, фæлæ нæ размæ ничи рацыд. Сахат æнхъæлмæ кæсæм, дыккаг, æртыккаг... Фæстæдæр куыд сбæрæг, афтæмæй Мæскуыйæ ме ’рвадæлтæм цы тел ныццавтам, уый райстой, мах сæм дыууæ къуырийы куы фестæм, уый фæстæ. Цы чындæуа ацы æнæзонгæ бæстæйы, зæгъгæ, мæ хъуыны стыхстæн, уæд загътон, æвзаг чи нæ зоны, уый маринаг у, зæгъгæ. Хуыцау хорз, æмæ мæм Азæмæты телефон уыди, иу æрыгон лæппумæ йæ гобийы хуызæн равдыстон, мæ къух дæр стылдтон, зæгъын, адзур ма мын телефонæй. Хуыцауы æлгъыст æмбаргæ лæппу разынд, уайтагъд йæхи æвзагæй кæдæмдæр адзырдта æмæ нæм уæд хæтæл радта — Азæмæт уыди. Уайтагъд нæм Бахаддин æрбахæццæ.
Æнæхъæн авд къуырийы дзы фестæм, куыд бæрзонд бынаты æвæрд сæм уыдаиккам, уый дын дзурын нæ хъæуы, æрмæст мæ сæ тæвд мардта, ахæм тæвд ранмæ фыццаг хатт бахаудтæн, фæлæ цæмæн нæ бафæраздзынæ дæхи адæмы астæу. Уырдæм иугæр куы цæуай, уæд кæфты мæй кæнæ Джеоргуыбайы мæй цæуын хъæуы. Ирæттæ иууылдæр мах уынæг цыдысты, мах уыдыстæм фыццаг, ардæм афтæ дæргъвæтин рæстæгмæ чи ’рбацыд, уыдон, алцыдæр сæ зонын фæндыд Ирыстоны тыххæй. Куындыхаты Муссæйы æлгъыстой, уый, дам, нын расайдта нæ фыдæлты ардæм. Ссæдз азы размæ дæр ма ирæттæ æмæ иннæ кавказаг адæмтæ Сирийы дæллаг кæрон цардысты хицæн хъæутæ æмæ горæт Эль-Кунейтрæйы, фæлæ сæм, дæхæдæг дæр æй куы федтай, израилæгтæ ныббырстой, горæт зæххы æмхуызон скодтой æмæ уæд ирæттæ Дамаскмæ ралыгъдысты.
Бирæтимæ дзы базонгæ дæн — ме ’рвадæлтимæ се ’ппæтимæ дæр — ногæй-зæрондæй, — Кодзыртимæ, Хъаныхъуатимæ, Абысалтимæ... Хъæбæлотæ мæ сæхимæ ахуыдтой, кусарт мын акодтой æмæ Ирыстонмæ куы ’рбаздæхтæн, уæд æй уæды партийы обкомы фыццаг секретарь Хъæбæлоты Биларæн дзырдтон, зæгъын, де ’рвадæлтæ мæ афтæ сбуц кодтой, зæгъгæ, æмæ сæ хуымæтæджы хъал уыди, фæлæ йын куы радзырдтон, не ’гъдау рох кæнын райдыдтой, кусарты сæрæн æрмæст йе ’рдæг æрæвæрдтой, зæгъгæ, уæд-иу куы ныккатай кодта. Уый, дам, кæсгон æгъдау у. Нæхи ирон Æгъдау дзы сæфынмæ хъавы, Азæмæт ма йæ, мæгуыр, йæ тых йæ бонæй хъахъхъæны, фæстæмæ йыл хæцы, фæлæ Азæмæт дæр кæдмæ фаг уыдзæн? Мæнæн мæхи бон цас баци, уыйас сын ирон æгъдæуттæ æвдыстон — фынгыл мæ хистæрæн сбадын кодтой æмæ дæле мæ куырыхон хъæуккаг хистæр Кокайты Саламджерийæ цы базыдтон, уыдон равдисыныл бацархайдтон, зæгъын, ирон фынгыл алы сидтæн дæр хъомыладон нысан ис, уæлдай тынгдæр сæ зæрдæмæ фæцыд тæхгæ-нæргæ Уастырджийы сидт, зæгъын, Хуыцау зæгъæд æмæ уын куыд баххуыс кæна уæ фыдæлты зæхмæ фæстæмæ раздæхынмæ... Физонджытæ кæнын дæр сын бацамыдтон, мæхæдæг сæ фыхтон, кæд мын хъæугæ уавæртæ æмæ æцæг физонджытæн цытæ хъæуы, уыдон нæ уыди, уæддæр. Тынг сæ зæрдæмæ фæцыдысты, ныр дæр ма йæ ’рымысынц, Хæритоны физонджытæ, дам, Сирийы æмбисондæн баззадысты. Хъазт дæр сын сарæзтон — уыдон æрмæст кæсгон цагъд æмæ кæсгон кафт кæнынц æмæ мæм хардзау æркаст, афтæ ма мæм, зæгъын, кæсут, мæ хæрæфырты къухыл рахæцыдтæн æмæ-иу мæ къахфындзтæ куы ’рсагътон, уæд ма мæ тæккæ лæппуйæ уыдтæн... Загътон сын афтæ: «Амæй фæстæмæ æрмæстдæр ирон æгъдау!» Мæнæ ныр куы ’рбацæуынц, уæд та сæ афæрсын: «Цæй куыд у, мæ фæдзæхст мын нæ ферох кодтат?» Се уæхсчытыл æнæбары хæст скæнынц, æмæ йæ æз æрæджиау равзæрстон: «Æцæгæлон адæмы ’хсæн куы цæрай, уæд сæ мæнæ мах цытæ домæм, уыдон æххæст кæнын цыфæнды тынг куы фæнда, уæддæр сæ цыма мæнæ сусæгæй кæнынц, афтæ уайы. Хи уæддæр та хи у. Æнхъæлыс, уæдæ цæмæн афтæ тырнынц ардæм?!»
Уыцы заман йæхæдæг дæр æвзæр уыди. Фондз азæй фондз азмæ йеддæмæ хонын нæ уагътой, алы дамгъæмæ дæр æдасдзинады комитеты кусджытæ ссæдз хатты кастысты. Мæнæ Бахаддин фыццаг хатт куы ’рбацыд, æмæ сæ æз æнæ искæй бафæрсгæйæ нæхимæ куы ракодтон, уæд дын телефоны зæлланг куы райхъуысид, систон æй æмæ уыцы сусæг кусджытæй иу разынд мæ зонгæ, тæлмацгæнæг, дам, дæ, нæ хъæуы, уый йын æфсон уыди, уыдонмæ чи куыста, иу ахæмы мæм æрбарвыстой. Уæд махмæ цæй сусæг ныхас хъуамæ уыдаид?! Уый фæстæ æз мæхæдæг, Дамаскы уæвгæйæ, хъæрæй кæмдæр мæ курдиат загътон, зæгъын, Хъуыбадты Сулейманимæ бæргæ фембæлин, уый уæд ацы паддзахады стырдæр лæгтæй иу уыди. Уыцы ныхас мæхицæй рох дæр ма фæци, фæлæ дын мæм иу бон мæ цæрæн бынатмæ дыууæ нæ хицон булкъоны куы ’рбацæуиккой, иумæйаг ныхæстæ, иумæйаг фæрстытæ мæ акодтой, стæй мын æй комкоммæ бакъæрцц кодтой: «Хъуыбадты Сулейманимæ фембæлыныл фæлваргæ дæр ма бакæн!» Æмæ кæйдæр бæстæйы цы дæ бон у?! Уæддæр ыл. сæмбæлдтæн. Азæмæтимæ уынджы фæцæйцыдыстæм æмæ дын мæ æвиппайды куы басхоид: «Уæлæ Сулейман æрцæуы!» Æз сагъдауæй баззадтæн, фæлæ мын бантыст йæ фенын. Йæ кары чи бацыд, ахæм бæрзонд, хæрзконд, æлвæст лæг. Азæмæт нæ базонгæ кодта. Сулейман мæ сыгъдæг дыгуронау фарста, мæ зæрдæмæ куыд цæуы ам, куыд у Ирыстон, ноджы цæмæйдæрты ма, фæлæ мæнæн мæ цæстытыл уадысты æнахуыр дыууæ булкъоны, зыдтон æй, исчи нæ фæдыл зилы, исчи нæ хъахъхъæны, уый, æмæ стыхстæн. Æвæццæгæн, мын Сулейман дæр мæ уавæр бамбæрста, йæ мидбылты мæм бахудт, Ирыстонæн-иу мæ номæй салæмттæ ратт, зæгъгæ, ма мын ныффæдзæхста æмæ нæ иувæрсты аивгъуыдта. Æрæджиау æй æрцахста мæ сæр: æнæмæнг Сулейманæн йæхи дæр тынг фæндыди, йæ фыдæлты зæххæй чи ’рбацыди, уыцы ирон лæджы фенын, йæ цæстытæм ын бакæсын, уыцырдыгон ирæттæ та хуызæй цавæр сты, уый базонын, истæмæйты йæ афæрсын æмæ Азæмæтимæ баныхас кодтой, æнæнхъæлæджы фембæлд саразын, куыд ничи ницæуыл фæгуырысхо уа, афтæ. Тынг мæ фæндыди йемæ ногæй фембæлын, фæныхас кæнын, уымы ирон адæмы хъысмæты тыххæй йæм цы фæндтæ ис, уый базонын, æмæ дыккаг хатт Дамаскмæ куы ацыдтæн, уæд ууыл зæрдиагæй архайдтон, фæлæ дзы ницы рауади. Хæстæг æм никæй уагътой, цалынмæ стыр бынат ахста, уæдмæ...
Уыцы хабæрттæ махмæ æнцондæр лыггæнæн уыдысты. Азæмæт махмæ фыццаг хатт куы ’рбацыд, мæнæ дын афтæ куы загъта, Хæритон мæ йæ райгуырæн хъæу Хуымæллæгмæ аласта æмæ мын йæ фыды хæдзары кусарт акодта, зæгъгæ, уæд æм стыр фæндтæ уыди. Æз иу райсом раджы телефоны хæтæл систон æмæ Хъæбæлоты Билармæ бадзырдтон, зæгъын, зынаргъ уазæг ис Ирыстоны, Сирийæ, уыцы ирон адæмы де ’ххуыс хъæуы, мæнæ дæм сæ минæваримæ фæцæуæм, кæд дæ чысыл æвдæлы, уæд. Рацæут, дам. Азæмæт бацин кодта, уæдæ цы уыдаид, æмæ йын афтæ зæгъын. кæд дæм балæваргæнинаг ис, фалейæ ласт, уæд-иу ма фефсæрмы кæн. Йæ дзыппытæ басгæрста, мæгуыр, æмæ йын дзы рæсугъд ручкæ разынд, фæлæ, дам, ыл барвæсдзæн? Зæгъын, барвæсдзæн. Бацин ныл кодта Ирыстоны хицау, Азæмæтæн æз куыд загътон, афтæ бакодта, æмæ уымæн æхсызгон уыди. Æцæг иу хъуыддаг Азæмæты зæрдæмæ нæ фæцыд — обкомы секретары кабинетмæ, цалынмæ мах уым уыдыстæм, уæдмæ цыдысты æмæ цыдысты æндæр адæм дæр, районты хицæуттæ, цыдæр æнæзонгæ инæлæрттæ, æмæ йыи уæд иу заман Азæмæт комкоммæ загъта: «Бахатыр кæн, Билар, тынг æнæвдæлон дæ, уый уынын, фæлæ мын мæ иунæг курдиатмæ байхъус. Сæфынц фале нæ ирон адæмы æвзаг, нæ культурæ, не ’гъдæуттæ æмæ нæм фæкæсут. Дæлæ кæсæг куыд бакодтой, афтæ бакæнæн нæй? Уыдон сæ институтмæ ахуырмæ райстой, Сирийы чи цæры, уыцы кæсгон лæппуты æмæ чьгзджыты къорды...»
Билар, Азæмæт цалдæр паддзахады сæргы кæй æрбахаста, йæ зæрдæйы арфы чи райгуырд, уыцы курдиат сырх-сырхид чернилæйæ бæзджынцъар блокноты ныффыста, зæрдæ йын бавæрдта, фæлæ хъуыддагæй ницы сарæзта. Кæнæ дзы рох фæци йæ ныхас, кæнæ та йæ сæххæст кæнын йæ къухы нал бафтыд, æвæццæгæн, æй октябры мæйы змæстытæ бахъыгдардтой. Нымад бонтæ ма йын баззад республикæйы сæргъы уæвынæн. Уый фæстæ дзы чи уыд, уый та хъæугæ ницы кодта. Кæд мæнæ ныр...