Иу райсом раджы мæ хæдзары телефоны дзæнгæрæгмæ хæтæл систон. Æлбегаты Хæритоны йæ бæзджын хъæлæсæй базыдтон.
— Æхсызгон хабар фехъусын дæ фæнды? — ахæм уыдысты йæ фыццаг ныхæстæ, — ме ’рвад Азæмæты лæппу Айманд Дамасчы нарæг уынгтыл йæ къух систа æмæ йæ фыдæлты зæхмæ ’рбацыд, мæнæ Дзæуджыхъæуы ’рцарди. Йæ фыд Азæмæты бæллиц сæххæст. Чындзæхсæв дæр ма скодта...
Хъуыды ма кæныс, мæ зынаргъ чиныгкæсæг, Дзæмæты монолог? Уым йæ ацы фыртæй афтæ куы загъта: «Мæ лæппу Ленинграды институты ахуыр кæны. Иронау æппындæр нæ зыдта, стæй дын мæм иу хатт уырдыгæй ардæм телефонæй куы ’рбадзурид. Сыгъдæг иронау! Хуымæтæджы æхсызгон мын уыди. Куыд базыдтон, афтæмæй уым йемæ ирон лæппутæ царди, Хуссар Ирыстонæй æмæ, дам, ныхъхъæддых сты, нæхи æвзагæй базон, мах дын аххуыс кæндзыстæм. Дæ лæппу дæм иронау куы сдзура, уæд уымæн аргъ ис?!»
— Æмæ дзы нæ уыдтæ? Нæ йын раарфæ кодтай? — мæхи нал баурæдтон æз дæр.
— Куыннæ?!— ныддис кодта Хæритон, — Замманайы къуыдайраг чызг ракуырдта, уыдон та цотгæнаг сты æмæ, зæгъын, Хуыцау зæгъæд, æмæ уын æртæ сау лæппуйы æмæ æртæ цъæхдзаст чызджы куыд райгуыра. Æвзæр сын загътон?.. Цæй æмæ сæ иу изæр бабæрæг кæнæм...
— Æнæмæнг, Хæритон, æнæмæнг, кæддæриддæр зæгъай, уыцы бон...
Телефоны хæтæл куы ’рæвæрдтон, уæд та мæ цыдæр тых фыссæн стъолы цурмæ бакодта, йæ уæззау лагъз ын раластон æмæ мемæ дард балцы чи уыд, мæ уыцы зæронд блокнот рафæлдæхтон, уым сириаг ирæттæ раздæр кæм цардысты, уыцы хæлддзаг горæт Эль-Кунейтрæйы цур сындзтелты астæу уацары цы сырх дидинæг уыдис, æз кæй æртыдтон, мемæ кæй æрбаластон, уымæн йæ хус сыфтæм бавнæлдтон. Мемæ йæ æнæхæсгæ нæй Дзæуджыхъæумæ, уадз æмæ йæ феной.
Ног чындзмæ афтид армимæ нæ фæцæуынц. Дæлæ Хуымæллæгмæ ныууайдзынæн, мæхæдæг кæй ныссагътон, мæхæдæг кæмæ зилын, уыцы дидинджыты ставддæртæй иу хъæбысыдзаг æртондзынæн.
Уыдон амондджын зæххыл æрзадысты.
Дамасчы нæ егъаудæр аргъуантæй иумæ куы бакодтой, уæд æппæты рæбынæй фæкомкоммæ дæн æнахуыр рæсугъд залмæ, йæ бацæуæны иу къулæй иннæ къулмæ æнахуыр сырх лент ивæзт, ома мачи йæм цæуа. Мæ цымыдисдзинад мыл фæтых æмæ та нæ тæлмацгæнæг, уæздан Анис Харбайы бафарстон, зæгъын, уæртæ иннæ залтæ ламазгæнæг адæмæй се ’мдзаг куы сты, уæд ацы зал афтид цæмæн у?
— Уый нæ бæстæйы сæргълæууæг Хафез Асады сæрмагонд зал у, Хуыцаумæ дуа ацы ран фæкæны. Уæртæ йын йæ нывмæ кæсыс...
Ацы чиныджы фыццаг сæргонды йæ куы фыстон: «Бæстæйы сæргълæууæджы нывтæ æмæ хуызистытæ тынг арæх уыдысты горæты алы рæтты — хæдзæртты къултыл, хиды бынхъæдты фæтæн фæрстыл, машинæты фæстаг æвгтыл, дуканиты манекены фарсмæ, светофоры сæрмæ... Алы ран дæр фæлмæн йæ мидбылты худы. Æрмæст иунæг ран ис йæ ныв æнæхудгæйæ — Дамасчы егъаудæр аргъуаны. Уый йæхи афтæ бафæндыд...»
Æз раздæр мæ мидбылты бахудтæн æмæ нæ хæрзгæнæг Абу-Гасанмæ бауæндыдтæн, зæгъын, бауадз мæ уырдæм, мæ къах дзы æрæвæрон, мæхинымæр, искуы афтæ куыд зæгъон, уæртæ Сирийы хицауæн аргъуаны цы зал ис, уым æз дæр уыдтæн, зæгъгæ. Зæрдæхæлар Абу-Гасан сразы ис. Фæлæ Хафез Асады нывы бынмæ хъæдын къæлæтджын бандонмæ куы фæкомкоммæ дæн, уæд та ногæй хъæугæ чи кодта, ахæм къæйныхдзинад равдыстон æмæ дзы бæстон æрбадтæн, йе ’рттиваг хæцæнтыл ын мæ тæвд армытъæпæнтæ æруагътон æмæ стыр Хуыцаумæ скуывтон.
Уынгмæ куы рахызтæн, уæд мæ Абу-Гасан фæстейы æрбаййæфта, йæ къух мын ме уæхсчытыл æруагъта æмæ хъазæн ныхас загъта:
— Ныр дæ паддзах æнæ рауайгæ нæй... Уый Асады бандон у.
Мæхинымæр: «Ницæмæн мæ хъæуы, уæхицæн æй уадзут, фæлтау мæ куывд Хуыцаумæ фехъуысæд: мæнæ ардæм зынджы стъæлфæнтау чи расхъиудта, уыцы ирæттæн амонд раттæд, фыдæлты къонайы рухс сын макуы ахуыссæд, фыдæлты зæххыл сæ фæстæмæ бахæцын кæнæд...»
Æлбегтæм Хæритонимæ куы ссæуон, уæд дзы, нæ дзæбæх ирон æгъдау куыд амоны, афтæ мысайнаг ратдзынæн æмæ та ам дæр стыр Хуыцаумæ зæрдиагæй скувдзынæн, ацы хæдзары æрыгон бинонтæн дзы амонд курдзынæн.
Мæ куывдтытæ та цæуаг сты.
Дæуæн дæр æм кувын, мæ иунæг, мæ къона Ирыстон!