Иу бæсты Залкалм æрбадт æмæ адæмыл калдта йæ дзыхæй цырен. Йæ судзгæ цыренæй зынг фестад уæлдæф, æмæ адæм мардысты æнудæй. Асаст адæмæн сæ уæнджы тых, алы ран фæхаудысты мæрдтæй æмæ нал фæрæзтой фезмæлын.
Уæд Залкалм рауагъта йæ хилæгтæ, æмæ ныццавтой адæмыл сæхи; байдыдтой цъирын адæмы хъарм туг. Алы хилæг дæр бон дыууæ æнгуырстуаны цъырдта æмæ-иу нуæзта йæхæдæг, иннæ уагъта бæлæгъы; сæдæ ахæм бæлæгъæй уади туг уæрæхдæр бæлæгъмæ, уымæй та ноджы уæрæхдæрмæ.
Залкалмы дуармæ лæууыди бæлæгъ: версты бæрц уыдаид йæ дæргъ, сæдæ сардзины — йæ уæрх. Уымæ сæдæ бæстæй сæдæ бæлæгъы арæзт уыдис æмæ-иу йæ уæлбылтæм байдзаг алы бон. Сихорыл-иу Залкалм фæцавта бæлæгъы йæ бырынкъ æмæ-иу байдыдта нуазын сырх туг — ницуал-иу аззади бæлæгъы. Залкалм-иу ныддымст æмæ зæрдæхъæлдзæгæй калдта адæмыл тыхджындæр цырен.
Афтæмæй уадысты бонтæ, ивгъуыдтой афонтæ. Чи зоны, цас туг банызта Залкалм. Фæлæ иу бон ракодта дымгæ хурныгуылæнæй. Фæзынди мигътæ, ныннæрыд арв. Залкалм фестъæлфыди, фæтарсти тынг. Ахауди зæхмæ доны 'ртах, æмæ ракодта тыхджын уарын. Залкалмы цырен ахуыссыд, æмæ бауазал уæлдæф.
Адæм сулæфыдысты, ногæй та сæ бацыди тых æмæ байдыдтой змæлын.
Уарынæй хилæгтæ фембæхстой сæхи, нал уæндыдысты уæлæмæ ракæсын. Залкалм дæр йæ галуаны бадтис æнцад, æмæ фæсасти уымæлæй йæ тых. Дзырдта ма йæхинымæр: «Ма мæ сæргæвдат! Æгас ма куы баззаин, уæд сисин мæ абоны маст».
Фыртæссæй Залкалм куы рызтис æмæ ма зæрдæтæ куы кодта йæхицæн, уæд адæм дыууæ дихы фесты. Иутæ загътой: «Цом æмæ амарæм нæ тугнуазæджы, кæннод нæ стæй дæр нæ уадздзæн æнцой». Уæд загътой иннæтæ: «Ма тæрсут! Залкалм тæссаг нал у. Йемæ та ма цы хæцæм, барæй загъдмæ нæхи цы тæрæм? Ныр дæр æнцон хæцæн нæ уыдзæн йемæ, æмæ нæхицæй дæр фæхъæудзæни бирæ — ницæуыл бирæ туг акæлдзæн. Фæлтау æй ныууадзæм йæхи бар, æмæ нæ ныууадздзæн уый дæр. Ныр базыдта йæ бон æмæ ма махмæ кæм уæнды!»
Афтæ кæрæдзимæ фæбыцæу сты адæм. Залкалм та йæхинымæр худгæ кодта: «Фæлæуут, мæ хуртæ, æз та уын базондзынæн».
Уалынмæ мигътæ ахаста дымгæ, ныллæууыд уарын, æмæ та Залкалм фыццагæй фыддæр уагъта йæ цырен. Ногæй та бæстæ фестади зынг...
1907 азы июль. «Ног цард», № 60, 1907 азы октябры 11-æм бон.