УӔ КУРДИАТМӔ ГӔСГӔ
Ирыстонӕн бирӕ хӕрзты чи бацыд, лӕггад кӕнынӕй йын чи нӕ бафсӕст ӕмӕ не 'хсӕнӕй ӕвиппайды чи фӕ- хъуыд, уыцы хӕларзӕрдӕ ӕмӕ ӕмгаруарзон лӕппу Таболты Солтанбеджы амардыл ӕрӕджы сӕххӕст дыууӕ азы.
Поэт Кокайты Тотрадз ӕмӕ композитор Ӕлборты Феликс ыл скодтой зарӕг. Фыццаджыдӕр ӕй азарыдысты Уӕрӕсейы Федерацийы адӕмон артист, нӕ республикӕйы культурӕйы министр Уататы Бибо ӕмӕ нӕ зындгонддӕр зарӕггӕнджытӕй иу Бӕцӕзаты Юри лӕппуты къордимӕ.
Зарӕг тынг фӕцыд адӕмы зӕрдӕмӕ. Бирӕ фыстӕджытӕ ӕрбацыд редакцимӕ, ӕрбадзырдтой нӕм телефонӕй дӕр, цӕмӕй ацы зарӕг ныммыхуыр кӕнӕм газет «Рӕстдзинад»-ы.
Ӕххӕст кӕнӕм нӕ газеткӕсджыты курдиат ӕмӕ сын мыхуыр кӕнӕм зарӕджы текст:
Бæцæзаты Юри - Таболты Солтанбеджы зарæг |
|
ТАБОЛТЫ СОЛТАНБЕДЖЫ 3АРӔГ
Уӕ, мӕнӕ та ныл цы сау бон ныккодта!
Нӕ хуыздӕр лӕппуйыл ӕрцыди фыдӕлгъыст,
Йӕ тӕригъӕдӕй уӕд сау зӕхх дӕр куы ныррызт,
Дзӕнӕты фӕбада!
Уӕ, сидзӕр мӕгуыр у, сидзӕр мӕгуыр у? —
Дӕ мады зӕнӕг уа, дӕ уарзон бинонтӕ,
Сӕ саутӕ ыскодтой уӕд ацы фыдбонты
Уæ уаих ӕрбауа!
Уӕ, сидзӕры дур хӕрдмӕ дӕр куы суры!
Йӕ бындур ныззила, фӕсудза цъӕх арты,
Де 'нӕхин фӕндагыл кӕй зилгӕ цалх атылд,
Уӕ, «уӕу-уа» фӕкӕна!
Уӕ, мӕнӕ фӕлтӕр! Цы 'мгар нӕ фӕхъуыди!
Таболты цӕхӕрцӕст куы уыди нӕ раздзог,
Йӕ хуыздӕр хъӕбулӕй Ир сидзӕрӕй аззад.
Уӕ рухсы фӕбада!
Уӕ, уыцы фӕззӕг цы сау зӕгъ ныууарыд!
Уый сау зӕгъ нӕ уыди, нӕ уыди уый сау зӕгъ, —
Уый судзгӕ цӕссыгтӕ куы ныхъуырдта сау зӕхх.
Уӕ, марой фӕкӕна!
Уӕ, Иры Уӕзӕг дӕ фыдӕнхъӕл куыд фӕци!
Уӕнгсастӕй куы лӕууы дӕ фидар къабӕзтау,
Дзӕнӕты фӕбадай, Таболты Солтанбег,
Уӕ, рухсаг!
Ист у 1995 азы газет "Рæстдзинад"-æй