Иу хатт æртæ æфсымæрæн амардысты сæ мад æмæ сæ фыд. Баззадысты лæппутæ сидзæрæй, фæлæ цуан кæныныл фæцалх сты æмæ сæхицæн царды амæлттæ кодтой.
Уæд та дын иу бон куы уыд, уæд цуаны ацыдысты, амардтой саг, бастыгътой йæ, суæнгтæ йæ кодтой, æмæ сæ иу бакатай кодта:
— Гъе, дедасса, ныр ма нæ зынг куы уаид, уæд физонджытæ нæ фæкæниккам?
Уалынмæ, дзырд дардыл у, фæлæ фæкастысты æмæ хъæдрæбынæй кæлы рухс. Æй, Хуыцау, дам, нæ куыд сарæзта, — ныццин кодтой æфсымæртæ, æмæ хистæр фæцæуæг зынггур. Бацыд артмæ, кæсы æмæ уæртæ йæ цуры бады иу зæронд лæг. Кæрæдзийæн арфæ ракодтой, стæй лæппу дзуры зæронд лæгмæ, уæртæ, дам, уым æртæ æфсымæрæй саг амардтам, зынг ахæссæм, ды дæр нæм саккаг кæн æмæ, дам, физонджытæ скæнæм.
Зæронд лæг æм скаст æмæ йын, æрбад уал, дам, дæ уæрджытæ аулæфын кæн — æхсæв даргъ у, физонджыты рæстæг дæр ма нын аззайдзæни.
Лæппу дæр æрбадт арты фарсмæ, æмæ та йæм дзуры зæронд лæг:
— Дæ Хуыцауы тыххæй, æз цæстæй хорз нал дæн, фæлæ ма уæлæ уыцы мæймæ скæс: къæвдайы мæй у æви хуры?
Лæппу дæр скасти мæймæ æмæ ныццагъта йе ’рмттæ:
— Гъе, ацы мæйæн къæвдаджынæй тас нæу!
Уæд æй зæронд лæг нымæтын ехсæй æркъуырдта, æмæ лæппу хæрæг фестади. Лæг æй бæндæнæй бабаста бæласыл.
Лæппу æрæгмæ куы здæхт, уæд дыууæ кæстæр æфсымæры батыхстысты, не ’фсымæр нырмæ кæм ис, зæгъгæ, æмæ йæм астæуккаг ауад агурынмæ. Уый дæр та бахæстæг артмæ, кæсы, уæртæ арты фарсмæ бады иу зæронд лæг, йæ фарсмæ хæрæг баст.
Уыдон дæр та кæрæдзийæн раарфæ кодтой, æмæ йæ афарста лæппу, зæгъгæ, ам дæм мæ размæ ничи æрбацыди.
— Ничи, — сабыргай бакодта лæг.
Нæ хистæр æфсымæр, дам, зынггур рацыд æмæ йæхæдæг дæр нал зыны, фæлæ уал мах цом зынг ахæссæм, уæртæ саг амардтам æмæ дзы физонджытæ скæнæм, зæгъгæ.
— Абад уал, дæ уæрджытæ аулæфын кæн. Цы тагъд кæныс, æхсæв даргъ у, уæдмæ кæд де ’фсымæр дæр зынид, — загъта йын зæронд лæг. Æмæ арты фарсмæ æрбадти лæппу дæр.
Уæд та уымæн дæр зæронд лæг афтæ:
— Уæлæ ма уыцы мæймæ скæс, æз цæстæй хорз нал дæн — хуры мæй у æви къæвдайы?
Лæппу мæймæ скæстытæ кодта æмæ ныццагъта йе ’рмттæ, ацы мæй, дам, схур кæнынæй тас нæу — къæвдайы мæй, дам, у.
Уæд та зæронд лæг уый дæр нымæтын ехсæй æркъуырдта. Лæппу хæрæг фестад, æмæ йæ лæг бабаста йе ’фсымæрхæрæджы фарсмæ. Йе ’фсымæртæ куынæ зындысты, уæд бакатай кæстæр æфсымæр дæр æмæ сæм агурæг араст йæхæдæг. Бацыд артмæ, кæсы: мæнæ арты фарсмæ бады зæронд лæг, йæ цуры бæласыл — дыууæ хæрæджы бастæй.
Лæгæн «де ’хсæв хорз» загъта, уый дæр ын арфæ ракодта. Æмæ йæ афарста, ам, дам, дæм зынггур ничи æрбацыд, мæ хистæр æфсымæртæ, дам, дæм зынгмæ рацыдысты æмæ сæхæдæг дæр нал зынынц.
— Ничи, — загъта зæронд лæг.
Мæнæ уал, дам, дæ уæрджытæ аулæфын кæн, æхсæв даргъ у, уæдмæ, дам, уыдон дæр зындзысты. Æмæ арты фарсмæ æрбадт кæстæр æфсымæр дæр.
— Дæ Хуыцауы тыххæй, æз цæстæй хорз нал дæн, фæлæ ма уæлæ уыцы мæймæ скæс: къæвдайы мæй у æви хуры?
Лæппу йæ мидбылты бахудт æмæ бакасти зæронд лæгмæ:
— Дæ хорзæхæй, ацы хорз лæг, хынджылæг мæ кæныс, æви?.. Уалæ арвыл мæй ис, æз ам зæххыл дæн æмæ йын цы зонын, хуры мæй у æви къæвдайы? Фæлтау мæнæ зынг ахæссæм, ме ’фсымæртимæ саг амардтам æмæ дзы физонджытæ скæнæм.
Зæронд лæг дæр ницыуал сдзырдта, сыстад æмæ йын — ныр, дам, мæнæ уæддæр бон кæны, чи зоны, де ’фсымæртæ дæр хæдзармæ ацыдысты, мах дæр, дам, саджы мард мæнæ хæрджытыл ныххæссæм хæдзармæ æмæ уым физонджытæ кæндзыстæм иумæ.
Лæппу дæр ма цы загътаид, сразы æмæ саджы мард хæрджытыл ныххастой хæдзармæ.
— Ме ’фсымæртæ ардæм не ’рцыдысты, — кæстæр æфсымæр афарста йæ чындзыты, æмæ йын бадиссæгтæ кодтой демæ, дам, дæуæн уыдысты, фæрсгæ та, дам, сæ махæй кæныс. Лæппу дæр ницыуал сдзырдта, уазæджы хæрджыты абаста скъæты, йæхæдæг саджы фыдæй физонджытæ ацарæзта æмæ æрбадтысты къæбæр хæрыныл.
Уалынмæ чындзытæ райдыдтой сыллынчытæ кæнын æмæ фæмидæг сты скъæты. Уырдæм сæм фæкуыси сты сæ хæзгултæ æмæ... Цы ми кодтой, уый сæхæдæг зонынц, фæлæ сæ хæрджытæ кæм уагътой, ралæууыдысты сыл зæвæтдзæгъдæнæй. Уæд устытæ фаджысæйдзаг цъылынтæ фелвæстой æмæ сыл уыдонæй дзæбæх æрцыдысты, сæхæдæг та дарддæр кодтой сæ хъуыддаг.
Зæронд лæг дæр фестад, арфæ сын ракодта сæ лæггады тыххæй, ныфсытæ сын авæрдта, лæппутæм, дам, уæ зæрдæ ма ’хсайæд, зындзысты, дам, йæхæдæг ахæцыд хæрджытыл æмæ ацыди. Хъæуæй куы фæаууон, уæд æрлæууыди, хæрджыты ехсæй æрцъыччытæ кодта æмæ фестадысты дыууæ æфсымæры.
— Куыд у, исты федтат? — афарста лæппуты, æмæ уыдон дæр нынкъуыстой сæ сæртæ, кæд ма, дам, искуы æууæнк ис, уæд бирæ цыдæртæ федтам, фæлæ сæ фæлтау куынæ федтаиккам.
— Гъе, æмæ кæсут, уæ цæстыты раз уæ устытæ цахæм уыдысты, уый нæ зыдтат, æмæ арвыл мæй хуры мæй у æви къæвдайы, уымæн уæхи уынаффæгæнæг цæмæн кодтат? — загъта ма сын зæронд лæг — уый та Уастырджи уыдис — æмæ афардæг йæ фæндагыл.
1974 азы 25 ноябры йæ радзырдта Цхинвалы районы Ногхъæуы цæрæг 74-аздзыд зæронд лæг Хъазиты Рутен.