...Дымгæ дугътæ уадзы быдыры, хъазынтæ сисы хæмыцырихийæ.
Сахъгуырды зæрдæйау сонт æмæ сæрибар дымгæ æнцой нæ зоны, сæрбихъуырæйттæ кæны æгæрон фæзты, йæхи андзары бæрзонд хæрзиунæг обауыл. Стæй æваст æрсабыр вæййы æмæ кæуын райдайы.
Дард Кæсæджы быдыры иунæг обау...
Цæргæсы ахстонæй ратæхынц лæппын цæргæстæ æмæ уазал цæгатмæ сæ ных саразынц. Сæ фæндаг вæййы урсдæллагхъуыр успаддзахмæ. Цыма сæм йæ цыллæ кæлмæрзæн батылдта, ардæм ратæхут, зæгъгæ.
Æрбатæхынц лæппын цæргæстæ успаддзахы галуанмæ, æмæ сын урсдæллагхъуыр успаддзах фæзæгъы: «Бирæ сызгъæринтæ, бирæ хæзнатæ ис мæ рæбыны, алы мулк, алы исбисæй йедзаг у мæ бæстæ, цы хорз уæ хъæуы мæнæй, гуыппырсар барджытæ? Зонын æй, арф æмæ уынгæг кæмттæй быдырты уæрæхмæ тырнынц уæ зæрдæтæ, фæлæ уыцы парахат быдыртæн фыд-зæрдæ хъахъхъæнджытæ ис. Мæ хорзæхæй уæ хайджын кæнын, дæттын уын Кавказы цæгатварс æвæджиауы быдыртæ, Мæздæджы тъæпæнтæ».
Ахæм дзырд сын радты урсдæллагхъуыр успаддзах...
Уæд размæ рахизы мыдхуызрихи цæхæрцæст, æвзыгъд Дзадже. Сæрæй акувы успаддзахæн æмæ фæзæгъы:
— Хуыцауы арфæ дыл сæмбæлæд, мæ цытджын паддзах, æмæ мын ныххатыр кæ мæ къæйных ныхас.
Стæй йæ къух æруадзы йе ’хсаргарды фистоныл æмæ йæ хъуыды бамбарын кæны:
— Мæ цытджын паддзах, курын дæ, ардæм дыууадæс æфсæн лæдзæджы æрбахæссын кæн.
Æрбахæссынц паддзахы лæггадгæнджытæ дыууадæс æфсæн лæдзæджы Дзаджейæн.
Уæд йе ’хсаргард йæ кæрддзæмæй фæцъортт ласы Дзадже æмæ æфсæн лæдзджытæ радыгай сæ астæутыл ахауын ласы сæнчыты хуызæн. Стæй та фæзæгъы:
— Нæ нæ хъæуынц Мæздæджы быдыртæ, мæ паддзах. Куы нæ бафæнда, уæд не ’хсаргæрдты руаджы байсдзыстæм уыцы зæххытæ, Мæздæджы тъæпæнтæ. Не ’хсаргæрдтæ куыд цыргъ ысты, уый та ацы сахат дæхи цæстæй федтай. Фæлæ нын кæд исты хорзы бацæуинаг дæ, уæд дæ фæсдзæуинтæн зæгъ æмæ нын бахай кæной дæ сызгъæринтæй, дæ хæзнадуртæй, дæ зынаргъ хæрдгæхуыд хъуымæцтæй, дæ хъæдабæтæй, цæмæй хъæмæ афтидармæй ма аздæхæм.
Афтæ фæзæгъы цæхæрцæст Дзадже æмæ йæ мыдхуыз даргъ рихи аздухы.
Уæд урсдæллагхъуыр успаддзах йæ къухæй ацамоны:
— Фæуæд, ацы гуыппырсары куыд фæнды, афтæ!
Байхъусут, хорз адæм, фыдæлты таурæгъмæ...
* * *
...Цыма мигътæ фæленк кæнынц арвыл, цыма уаритæ айгæрдынц уæлдæф сæ тыгъд базыртæй. Здæхынц æвзыгъд бæлццæттæ уазал цæгатæй... Ласынц зынаргъ хæзнатæ — паддзахы лæвæрттæ.
Мæздæджы æмæ Кæсæджы быдыртæ хотау кæрæдзи кæм æрбахъæбыс кæнынц, уыцы фæзы æрфистæг вæййынц хъæбатыр барджытæ. Хуыссæг. Хуыссæг сыл фæтых вæййы. Цæмæй фæзонынц, хæдмæлхор халæттау знæгтæ сæ алывæрсты кæй æртæхынц. Æмæ бадзурынц æгъатыр ызнæгтæ фæллад бæлццæттæм: дзæбæхæй нын раттут уæ хæзнаты уæргътæ — паддзахы лæвæрттæ.
Уæд сæм афтæ радзуры цæхæрцæст Дзадже:
— Фыдæлты æгъдаумæ гæсгæ уын, нæ уæздан уазджытæ, нæ исбонæй æмбæлæггаг ратдзыстæм...
Фæлæ знæгтæ стонг бирæгъты балау сæхи лæбурынмæ æрцæттæ кæнынц.
Дзадже дæр йе ’хсаргард ысласы æмæ йе ’мбæлттæм дзуры:
— Сау бон ныккодта, лæппутæ...
Барджытæ сæ уæрдæттæ æрфæлдахынц æмæ дзы кæрт æрцаразынц. Сæ нымæттæ кæрдæгыл æрытауынц æмæ сыл топпыхос æркалынц. Æмæ мæлæтдзаг тох бацайдагъ вæййы.
Уалынджы сау мигътæ æрбатыгуыр вæййынц, арв ферттивы æмæ ныннæры. Топпыхос дæр фæвæййы, æмæ та хъæбатыр Дзадже фæхъæр ласы:
— Уæдæ не ’хсаргæрдтæ нæ фыдгултæн адзалы цæвджытæ басгуыхæнт!
Уæдмæ знæгтæ дæр алырдыгæйты æрбацæйтæхынц. Дзадже уæззау цæфтæй бамбары, йæ фæстаг бон кæй æрхæццæ. Йæ цæнгтæ æрлæмæгъ вæййынц, цæстытыл мигъ æрбады. Йе ’хсаргард йæ былтæм бахæссы, аба йын кæны æмæ фæзæгъы:
— Æвгъау дæ, ме ’хсаргард, ацы куыйтæн. — Йæхæдæг уæрдоны цурмæ бабыры, цалхы дæндæгты ’хсæн авæры æхсаргард, æртасын æй кæны, стæй йæ суадзы. Æхсаргард ызнæгты сæрты æхситгæнгæ атæхы æмæ арвы цъæхы æрбайсæфы. Знæгтæ ма йæ агурæг бæргæ азгъорынц, бирæ йæ фæагурынц, фæлæ йæ нал ыссарынц. Быдырыл арт бафтауынц — кæд разынид æхсаргард. Фæлæ — никуы ’мæ ницы.
Æхсаргард зæхмæ æрхауди, сыджыты нынныхсти йæ цыргъ бырынкъæй æмæ дзы æнæхъæнæй афардæг...
Мæздæджы æмæ Кæсæджы быдыртæ дыууæ хойау кæрæдзи кæм æрбахъæбыс кæнынц, уым ис бæрзонд обау.
Дымгæ дугътæ уадзы быдыры, хъазынтæ сисы хæмыцырихийæ. Сахъгуырды зæрдæйау сонт æмæ сæрибар дымгæ æнцой нæ зоны... Сæрбихъуырæйттæ кæнын райдайы дымгæ, йæхи андзары хæрзиунæг обауыл. Стæй æваст æрсабыр вæййы æмæ ныккæуы. Фæкæуы, фæдзыназы дымгæ уынгæг хъæлæсæй...