Æгуыппæгæй лæууыдысты фæныкхуыз къæдзæхтæ — æрнæг комы куырм æмæ гоби хъахъхъæнджытæ.
Сау калмау дæлиау кæмдæр къæдзтæ-мæдзтæй хуыссыди ком. Йæ фæрстыл аууæттау пырхытæй баныхæстысты тъæпæнсæр хæдзæрттæ, рæстæг сæ сæртæ адзæнгæл ласта æхсонкъул мæсгуытæн. Фæлæ йын фæлдæхын нæ бакуымдтой, сæ дзæмбытæй ныддæвдæг ысты хохы фæсонтыл.
Æз бадтæн айнæгыл æмæ хъуыстон абухгæ доны хъæлæбамæ. Уый æррайау тындзыдта кæдæмдæр. Цыма сæ амонд йæ фæдыл сайдта, уыйау уылæнтæ тахтысты кæрæдзи сæрты гæппытæгæнгæ. Се рæгътыл пæр-пæр кодтой урс фынчыты æнахуыр цыллæхызтæ.
Æрдзы æдзæмдзинадмæ уыд иунæг ныхилæг — фыд-зыкъуыр, æнæнцой дон. Йæ иугæндзон уынæрмæ риуы гуырыдысты ивгъуыд бонты нывтæ. Хъуыдыты хал-иу куы зæлдагау анывæсти, куы та-иу суйтæ ныцци. Иу ныв ивта иннæйы, æмæ-иу зæрдæйы къултæ æрбалвæста, зæгъæн кæмæн нæй, ахæм æнахуыр æхцон утæхсæн.
Бонтæ цыдысты. Ивта алцы дæр. Æрмæст ацы нывтыл рæстæджы æрмдзæф ничердыгæй фæбæрæг. Бæрзонд къардиуы сæрмæ фæзгонды — стыр урс дур. Ууыл бадгæйæ кодта зæронд Хъауырбег фыдæлты диссаджы таурæгътæ. 3æхх æй йæхимæ раджы айста, фæлæ ма йæ сурæт мæ цæстыты раз сысты цардæгасау, хъусын йæ сабыр, гæзæмæ фæсус хъæлæс:
— Фæсивæд, уæ рын бахæрон, кæддæриддæр Хуыцауы уазæг ут. Табу Йæхицæн æмæ йæ минæвар Мæхæмæт-пехуымпарæн... Байхъусут та, мæ хуртæ, фыдæлты кадæгмæ...
Кæстæртæ-иу Хъауырбеджы алыварс æртыгуыр ысты, тарстысты, йæ ныхæстæй йын искæцы куынæ фехъусой. Сæ цымыдис цæстытæ-иу нал истой зæронд лæгæй. Фæлæ Хъауырбег нæ тагъд кодта. Йæ лулæйы хъуыры-иу тамако ныннадта, зынг ыл-иу бафтыдта, стæй-иу йæ ныхас уыцы уæзбынæй ауагъта:
— Уартæ хохы фарсыл уыцы хуыкком уынут? Ууылты мидæмæ куы бахизат, уæд дзы уæ цæст æрхæцдзæни стыр дурыл. Дуры бын ныккæнд ис. Ныккæнды та — адæймаг æмæ куыдзы стæгдартæ. Сæ уæлхъус хъенæй лæууы стыр дурныв, сартæй карсты хуызæн. Æвналын сæм нæ фæччы; ахæрæты бонмæ уым лæудзысты. Сымах карæн ма куы уыдтæн, уæд мæ дадайæ ахæм хабар фехъуыстон. Раджы кæддæр, Мæхæмæт-пехуымпар ма сæрæгас куы уыд æмæ йæ фарны хъæлæс адæмы зæрдæтæм рухс куы хаста, уæд а комы царди цавæрдæр адæмы мыггаг, йæ ном ын ничиуал хъуыды кæны. Уыцы адæмæн уыдис æлдар, æлдарæн та — фырт. Йæ зæронды бонты уымæй хаста йæ ныфс, йæ удæнцойыл, йе 'нхъæлцауыл æй нымадта. Бирæ уарзта зæронд æлдар йæ фырт Æмзоры æмæ йæ бынтæ дæр уымæн ныууадзынмæ хъавыди. Фæранкау фидæрттæ æмæ æхсарджын уыди лæппу. Комбæсты йæ разæй никæй уагъта лæгæвзарæнты. Уыцы хъæуы ма цардис иу мæгуыр дзабырхуыйæг. Æхсæв-бон нæ зыдта, фыргуыстæй бастад-баихсыд, уæддæр æм никæцæй ницы æфтиаг хауди. Фæлæ хъаст ницæмæй кодта, фæрæзта, Хуыцаумæ куывта зæрдæбынæй, йæхи йыл фæдзæхста, Хъуыраны амындтытæ æххæст кодта. Гъемæ йын Хуыцау дæр иуахæмы стыр хорзы бацыд — æрдхæрæны рæсугъд чызг райгуырди мæгуыр лæгæн. Аминæты — ахæм ном сæвæрдтой чызгыл — цæстытæ стъалытау æрттывтой, æвзисты зæллангау та йæ худын уыди. Æмзор чызджы куы федта, уæд йæ зæрдæйы æвиппайды ссыгъди уарзондзинады арт. Æмæ йæ фыдмæ баминæвар кодта, мæгуыр дзабырхуыйæгмæ мын фидауджытæ барвит, зæгъгæ. Фыдæн уый фæхъыг, йæ маст рафыхти: цавæрдæр гæвзыкк сæмпæрчъи нæ чердыгæй бахъуыди! Йе 'мдæндаг æлдæрттæй искæцыимæ бахæстæг уæвын фæндыди фыды. Фырт ын йæ ныхасæн бæргæ аргъ кодта, фæлæ йæ зæрдæйы кæнонтыл дæр гуыдыр куыд сæвæрдтаид! Ноджы фидарæй зыдта: чызг дæр æй уарзы. Æмзорыл-иу куы амбæлд, уæд-иу йæ уадултæ пиллæттæ суагътой, йæ даргъ цæстыхау-тæ-иу дæлæмæ æруагъта. Зæрдæйы гуыпп-гуыпп-иу фæтынгдæр. Гъемæ цыма Æмзоры йæ хæйрæджытæ ацардыдтой — фыдæлты фæдзæхстытыл йæ къух ауыгъта, Хуыцауы фæндтæ мурмæ дæр не 'рдардта, йæ фыды урс сæрыл нæ ахъуыды кодта... Хуыцау бирæтæ бары, фæлæ Йæ фыдæхæй уæхи хъахъхъæнут, мæ хæдзæрттæ, Йæ хъыджы ма цæут, галиу фæндæгтæй хизут уæхи.
Зæронд Хъауырбег йæ къæлæтсæр лæдзæгæй къæй æрхоста, йæ алыварс фæсивæд хъусæй лæууыдысты, æнхъæлмæ кастысты, дарддæр цы зæгъдзæн, уымæ.
Лæг нæ тагъд кодта. Йæ лулæ раджы ахуыссыд æмæ йын Хъауырбег ризгæ къухæй йе 'ртхутæг ракалдта. Стæй йæ ихсыд чъисса систа, лулæйы дзыхы ногæй тамако ныннадта æмæ та хъуыдыты аныгъуылд. Æрæджиау йæ ныхас дарддæр кодта:
— Æлдары фæсдзæуинтæй иу Тариб хуынд — æрыгон нукер. Рувасы æвзаг æмæ йын бирæгъы зæрдæ уыди. Зæронд æлдармæ йæ дæндæгтæ рагæй цыргъ кодта, æмæ йын ныр æвæджиауы фадат фæцис. Æмзоры уæгъд нал уагъта, Аминæты аскъæф, ме 'ххуыс дæ куы бахъæуа, уæд дын мæнæ лæг, зæгъгæ. Æмзорæн йæ зæрдæ гуырысхотæ æууылдтой, зын æм каст йæ фыды зæрдæхудты бацæуын. Тарсти Хуыцауы фыдæхæй. Фæлæ хæйрæг дæр æнцой нæ зыдта, лæппуйы зонд галиутæ кæнынæй не 'нцади... Зæронд æлдармæ байхъуысти фыдхабар: Æмзор Аминæты аскъæфта. Æлдары дзыхæй хъыпп-сыпп дæр не схауди. Стыр зынтæй урæдта йæ маст. Йæ уаты-иу иунæгæй куы баззад, уæд йæ хъизæмæрттæн кæрон нæ уыд. Æмæ та йыл иуахæмы йæ судзгæ фыдтæ куы 'ртыхстысты, фырадæргæй цы фæуыдаид, уый куы нал зыдта, уæд йæ дзыхæй сирвæзти карз æлгьыст. Æмæ йын Стыр Хуыцау йе 'лгъыст фехъуыста. Фырты дæр æмæ йæ ардауæджы дæр Дунескæнæджы азар басыгъта: ныккæнды æмбæхстæй куыд бадтысты, афтæ Æмзоры цавддур фестын кодта, Тарибы та — куыдз. Аминæт-рæсугъдæн Хуыцау ныббарста, йæ фыд рæстзæрдæ кусæг лæг кæй уыд, уый тыххæй. Ныр Æмзор карст дурнывæй лæууы ныккæнды, Тариб та æлгъаг куыдзы хуызы бацыд. Аминæт удаистæй ныттыхсти дурнывыл, афтæмæй изæрмилты йæ уд систа. Фыд-зæрдæ куыдз Тариб дæр ныххæдмæл, уæдæ цы уыдаид? Уæдæй-нырмæ ныккæнды æмбийынц Аминæт æмæ Тарибы стæгдартæ. Сæ уæлхъус та хъенæй — Æмзоры дурныв. Афтæ лæудзысты, цалынмæ ахæрæты бон Джабраил-архангел йæ уадындз нæ райса æмæ дзыллæтæм нæ фæсида. Уæд дзыллæтæ æрлæудзысты Дунескæнæг Хуыцауы тæрхоны раз. Хистæртæн аргъ кæнут, мæ хæдзæрттæ. Не Сфæлдисæг Хуыцауы фыдæхæй тæрсут. Табу йæхицæн.
Зæронд Хъауырбег йæ ныхас фæцис. Исдуг сыбыртт никæ-цæйуал хъуыст. Æрмæст абухгæ доны уылæнтæ раздæрау кæрæдзи сургæ тахтысты комы.
Æви азты базырты иугæндзон пæр-пæр айнæг хæхтæ арыдта?..