Iriston.com
www.IRISTON.com
Цæйут æфсымæртау раттæм нæ къухтæ, абон кæрæдзимæ, Иры лæппутæ!
Iriston.com - история и культура Осетии
Кто не помнит прошлого, у того нет будущего.
Написать Админу Писать админу
 
Разделы

Хроника военных действий в Южной Осетии и аналитические материалы

Публикации по истории Осетии и осетин

Перечень осетинских фамилий, некоторые сведения о них

Перечень населенных пунктов Осетии, краткая информация о них и фамилиях, в них проживавших

Сборник материалов по традициям и обычаям осетин

Наиболее полное на сегодняшний день собрание рецептов осетинской кухни

В данном разделе размещаются книги на разные темы

Коста Хетагуров "Осетинскя лира", по книге, изданной во Владикавказе (Орджоникидзе) в 1974 году.


Перечень дружественных сайтов и сайтов, схожих по тематике.



Rambler's Top100 Рейтинг@Mail.ru Индекс цитирования
Статьи Словари
Здравствуйте, Гость
Регистрация | Вход
Опубл. 14.05.2011 | прочитано 2930 раз |  Комментарии (0)     Автор: Tabol Вернуться на начальную страницу Tabol
2. Уазæджы хынцын

Хойраг хауы, хорз кæй зонæм парахатдæрæй хъуыды кæнгæйæ, «æрдз/культурæ» кæй хонæм, уыцы категориям. Сæрысæйраг хойраг уыди æрдзон, адæймаг хиконд хæринаг нæ зыдта, фæлæ йын уый куы бантыст, уæд хойраг сси культурон, ома уыди æрдз æмæ культурæйы кæрæдзиуыл бæттæг фæрæз. Цæмæй алы хæринæгтæ æмæ нозтытæ скæнæм, уый тыххæй продукт райдианы алы технологион фæрæзты руаджы æрцæуы куыстгонд. Хæрыны размæ та цæттæ хойраг механикон хуызы æрцæуы хæйттæгонд. Уыцы хуызы хойраг баст уыди, цы мифологион æртæ къæпхæны зонæм — «цард — мæлæт — цард», уыдонимæ. Парахатдæрæй хъуыды кæнгæйæ, ныхас цæуы, мæлæты сусæгдзинад æмбæхст кæм ис, уыцы нывондаг æргæвдыныл, — уый амæлы, уæнгтæгонд куы æрцæуы, уæд. Йе уæнгтæ хæйттыл дихтæ кæнынæй та хъуамæ райгуыра ног гуырдздæттæг бæркад, суа царды фидыцы суадон. 

Иннæмæй та, фæлхас дæр цы кодтой æмæ хуынтæ дæр цы хастой, уыдон дæр кувинæгтæ уыдысты. Уыцы æгъдæуттæ кæнын бирæ адæмтæм систы фæткау. Кæрæдзимæ хуынтæ хæссын æмæ кæрæдзи хынцын дæр фидар баст сты. Хойраг цæттæ кодтой, фынгтæ æвæрдтой, минас кодтой бæлвырд фæткмæ гæсгæ. Мингай азты дæргъы уыцы æгъдæуттæн уыди æхсæнадон-культурон ахадындзинад æмæ хæлцадимæ баст нæ цыдысты. Кусарт акæныны æмæ фæлхас скæныны руаджы æххæстгонд цыди незамайнаг арф хъуыды: «дæттын дын, цæмæй мын ды дæр раттай». Нырыккон адæймаг кусарт акæнынмæ пайдайы цæстæй кæсы. Хуынтæ хæссынц æмæ лæвæрттæ кæнынц абон дæр. 

Хойраг æмæ æрдзы уавæр кæрæдзиуыл баст кæй сты, уый алчидæр зоны. Ирæтты цæрæн бæстæ у Астæуккаг Кавказ, æмæ уым бæлвырд æрдзон уавæрты аххосæй фос дарынæн æмæ зæххы куыстæн фаг экологион уавæртæ нæ уыди. Цæмæй адæймаг цæра, уый тыххæй хъуамæ хойраг иса зайæгойты æмæ цæрæгойты дунейæ. Цыбыр дзырдæй, кувинаг хойрæгтæ æмæ нозтытæ ирæттæ кодтой зæххы æмæ фосдарыны продукттæй. 

Быдырон куысты фæлтæрд кæй уыдысты, уый руаджы хор парахатæй ссгæ дæр кодтой, лæхургæ дæр. Хор куыстгонд цæмæй æрцыдаид, уый тыххæй пайда кодтой термикон æмæ механикон мадзæлттæй. Æнхъизыны руаджы базыдтой хор разайын кæнын æмæ уымæй зад кæнын. Уыцы мадзалы руаджы-иу фæхуыздæр йæ химион сконд, уый руаджы фæфылдæр сты хæринæгтæ æмæ нозтытæ. Тынг ахсджиаг уыди æнхъызт хыссæйы фæзынд, задынтæ кæнын æмæ бæгæны æхсидын кæй байдыдтой, уыдæттæ. Бирæ сæдæгай азты дæргъы адæймаджы къухы ссад кæй уыди, алыхуызон хыссæтæ кæныны мадзæлттæ кæй базыдтой, уый фæрцы фынгыл æвæрд хойрæгтæ дæр фылдæр кодтой. 

Абон дæр ма фынгмæ кæй хæссынц, уыцы хæринæгтæй инджын цыхтæй конд чъиритæ æмæ аджы фых уæныджы кæнæ фысы фыд æппæты кадджындæр кæй сты, нозтытæй та — бæгæны, ууыл ничи бадис кæндзæн. Бафиппаинаг у, хыссæ мæнæуы ссадæй кæй кодтой, уый. Бæлвырд æрдзон уавæрты аххосæй-иу ирæттæм мæнæу фаг нæ уыди, уымæ гæсгæ царды дæр æмæ адæмон сфæлдыстады уацмысты дæр мæнæу нымад уыди уæлфæдзæхстоныл. 

Хæрынæн конд дзулæн стыр аргъ кодтой, кувинаг та сын уыди, уæларвон тыхтимæ сæ чи баста, ахæм Хуыцауы комытæфдзыд хойраг. Æнæхсадæй кувинагмæ æвналын, исты æнæхъола ныхас срæдийын нымад цыди тынг æбуалгъ мийыл. Уымæй-иу æфхæрд цыдысты дзуæрттæ дæр æмæ бинонтæ дæр. Æмæ-иу сабиты хæрз чысылæй фæцахуыр кодтой хойрагæн, уæлдайдæр та кувинаг чъиритæн аргъ кæныныл. 

Кувинаг хойрæгтæ кæнæ нозтытæ чи кодта, уымæй бирæ домдæуыди. Бæрæгбонæй науæд æндæр исты цины бонæй къуыри раздæр-иу мæнæу æнæмæнг цæугæдоны ныхсадтой. Цалынмæ-иу æхсад мæнæу доны был кæттаг кæнæ нымæт хуртуаныл хус кодта, уæдмæ-иу чызджытæ æмæ чындзытæ хъазт сарæзтой, фынг æрæвæрдтой. Цæттæ мæнæу-иу æрæссадтой хуыздæр куыройы æмæ-иу ссад сыгъдæг ран сæвæрдтой. 

Хыссæ кæныны размæ-иу æппæты хуыздæр суадон кæнæ цæугæдонæй сæрмагондæй æрбахастой ног дон. Ирæтты цардыуаг хорз чи зыдта, уыдоны ныхæстæм гæсгæ хыссæ дæр æмæ чъиритæ дæр кодтой æнæ дзургæйæ. Сылгоймæгтæ сæ къухтæ кодтой хæрзæхсад, сæ сæрбæттæнтæ бастой, дзых куыд æрæмбæрзтаид, афтæ, ома, чъиритыл йæ комытæф ма сæмбæла æмæ сæм дзуар ма фæхæрам уа. Суанг ма абон дæр ирон чъиригæнджытæ арынджы уæлхъус бæгъæмсарæй нæ балæууынц, науæд, дзуæрттæй цы куырдтой, уый нæ сæххæст уыдзæн, сæ кувинæгтæ барст нæ уыдзысты. 

Фенынджын адæймæгты хъуыдымæ гæсгæ чъиритæ нымад цыдысты фынджы сæйрагдæр бæркадыл. Нæ сыхаг кавказаг адæмтæ дæр фынгыл чъиритæ æвæрынц, фæлæ сæм кадджындæр æндæр хæринæгтæ сты. Сæ чъиритæй иуты нæмттæ, зæгъæм; таулутæм (балхъартæ, хъæрæсейæгтæ) — «хычын», кæсгæттæм — «цэкэрэгун», гуырдзиæгтæм — «хабизгини» равзæрдысты алайнаг-ирон (дыгурон) нæммтæ «æхцин» («æхчин»), «цæхæраджын», æмæ «хæбизджын»-æй. 

Æфсинтæ цавæр чъиритæ скæнынц, уымæ гæсгæ æнæ гуырысхойæ зæгъæн вæййы, цавæр фынгтæ цæттæ кæнынц, уый. Уæливыхтæ|æхцинтæ кæдфæнды дæр фæкæнынц. Фыдæлтæй баззайгæ бæрæгбæтты рæстæг. Бинонты цардимæ баст æгъдæуттæ кæнгæйæ дæр уæливыхтæ æнæмæнг хастой æмæ хæссынц фынгмæ. Уыдон уæлдай тынгдæр уымæн ахадыдтой æмæ хуымæтæджы хæринæгтæ нæ уыдысты, фæлæ уыдысты нысанхæссæг. Æрдзон уавæрты æмæ фыдæлтæй æрцæуæг культурон-историон фæтк æдзухдæр ирæттæй домдта, цæмæй сын кæцыдæр хæдзарадон куыстытæ суой сæйрагдæртæ. Кодтой зæххы куыст, фос дардтой æмæ, цы хордтой, уый уыдонæй аразгæ уыди. Уæливых æмæ хост дзидзайæ конд фыдджын систы сæ куысты бæркадæвдисæг сæйраг хæринæгтæ. Хойраг кæнынмæ сæм цы æрхъуыды æмæ мадзæлттæ фæзынди, уыдон ирон адæмæн уыдысты зæххы æмæ фосдарыны куыстытæ æнтыстджынæй кæнынмæ разæнгардгæнæг. 

Картофы ссæстмæ, цæхæрайы сыфты æууæрстмæ æмæ насы хафтмæ-иу хæрзаддæры тыххæй бамхасæн кодтой инджын цыхт. Уæливых æмæ фыдджынимæ абаргæйæ ацы чъиритæ уыдысты фæзмæнтæ. Адон рауадысты хойраг кæныны рæзты ног къæпхæнæн æвдисæн æмæ фæзындысты, ирæттæ цæхæрадæттæ æмæ цæхæрадоны тыд культурæтæм зилын куы байдыдтой, уæд. 

Фыдæлтæй баззайгæ чъиритæ уыдысты тымбылтæ, фæлæ-иу кæцыдæр рæстæджыты кодтой æртæдзыхæттæ|сæвсат дæр. Нæ зæрдыл æрлæууын кæнæм: геометрион нысанты кой скодтам раздæр, нымæцты магион мидисыл куы дзырдтам, уæд æмæ ма йæ иу хатт зæгъæм, зиллакк кæй уыди «зæххы/æппæтæй æххæст уæвыны/æгæрондзинады æмæ кæронмæ арæзты нысан», æртæкъуымон та — бæркаддæттæг зæххы/ифтонгдзинады/дунейы фидардзинады æмæ ноггæнæг тыхты нысан. Æмæ уæдæ кувынæн конд хойрæгты геометрион хуызтæ хуымæтæджы нæ фæзындысты — уыдон сты раздæры æнусты дунембарынадимæ баст. 

Нæ фыдæлтæн æртæ æддæгуæлæ æвæрд чъирийы фынджы иннæ кувинæгтимæ иумæ уыдысты мифологион тыгъдад аразæг. Фенынджынты ныхæстæй зонæм: нымæц æртæ баст у царды æртæ сæйраг фæзындимæ. Уыдон сты: Xуыцау, Xур, Зæхх. Фынгыл алцыдæр куы æрæвæрынц, уæд хистæр уæллаг æмæ астæуккаг чъиритæ сæ бынæттæй фæиртасы æмæ скувы Хуыцау æмæ йе сконд дзуæрттæм. Чъиритæ сты æрдзы æмæ дунейы нысантæ æмæ абоны ирон адæм нал зонынц, уæллаг дыууæ чъирийы фезмæлын кæнгæйæ, хистæр Xуыцау æмæ Xуры нысаниуджытæ кæй фæхицæн кæны, уый. Уыдон та сты иу дунейы хæйттæ. 

Ныр бафиппайæм, хистæр куы акувы, уæд æппæты кæстæр бæгæныйæ кæй саходы æмæ уæллаг чъирийы кæронæй кæй акомдзаг кæны, уыдæттæ. Уый дæр нывæндтæ кæнынимæ баст æгъдау у — утæппæт бæркадæй Хуыцау æмæ йæ дзуæрттæн скувынц. Гъе, уымæ гæсгæ уæллаг чъири Хуыцауы комытæфдзыд свæййы æмæ дзы ацаходынц. 

Зианы фынгыл чъиритæ æвæрынц къæйттæй. Ам сæйраг нымæц у дыууæ. Зонынджынтæ йæ куыд æмбарын кæнынц, афтæмæй ацы фынгыл не ’вæрынц астæуккаг чъири, ома, мардæн ахуыссыд йæ хуры хай. Йæ Хуыцауы æмæ йæ Зæххы хай баззайынц. Ирон адæмон поэзийы, марды кæндтимæ баст æгъдæуттæ кæнгæйæ, фæдзурынц: «мæ хур бахуыссыд», «мæ хур аныгуылд». «Йæ дуне йыл баталынг», зæгъгæ, уыцы æмбисонд дæр уæззау заман фæзæгъынц. 

Аланты-ирæтты уырнындзинæдтæ сахуыр кæнгæйæ, проф. Абайты Васо æрцыди ахæм хатдзæгмæ: ирон сæйраг Хуыцау, дзуæрттæ, зæдтæ æмæ дауджытимæ абаргæйæ, нæ фæхайджын йæхи æууæлтæй, змæлгæ йæ нæ уынæм, ома, йæхæдæг нæ архайы, фæлæ йын æххæст кæнынц йæ ныхас, йæ алыварс чи ис, уыцы зæдтæ æмæ уæлæрвты уæвджытæ. Чырыстон дин чи иста æмæ, Кавказмæ ирайнаг дунейы тæваг чи æрбахаста, уыцы алантимæ йæ куы бабæттæм, уæд нын рæдыд нæ уыдзæн. Уый у астæуккаг æнусты æрæджиау райгуырæг сурæт. Чырыстон дин фæзыныны размæ мингай азты дæргъы уый бæсты уыди хур. Ууыл ма дзурæг у, йæ сæйраг номæй уæлдай ма йын уæларвон ном дæр кæй ис — Xурзæрин кæнæ Хурты хурзæрин, уый дæр. 

Æмæ уæд, цæвиттон, афтæ хъуыды кæнæн ис, зæгъгæ, æртæ чъирийы кæрæдзи сæрыл æвæрдæй уыдысты мифологион тыгъдады хуыз æвдисæг æмæ йæ дих кодтой æртæ космологион тымбылæгыл: уæллаг, астæуккаг æмæ бинаг. Дуне вертикалон хæйттыл дихтæ кæнын рагон фæзынд у, афтæ уыди индоевропæйаг дунæйы. Бæлвырддæр зæгъгæйæ та, скифтæ-сакты дин æмæ мифтæ дзурæг сты, дун-дуне æртæ дихы кæй у, ууыл. 

Хистæр æртæ чъирийы куы скувы æмæ нæлгоймæгты кæстæр куы саходы, уæд фынджы домæнтæм гæсгæ алыг кæнынц чъиритæ. Чъиритæ лыг кæнынæн та уыди космосы хæйттæ иугæнæг хъомыс. Чъиритæ лыггонд цæуынц, кæрæдзи сæрты чи ахизы æмæ дзуары нысан æвдисæг чи у, ахæм дыууæ æмраст хаххæй. Цы дзуарса ныв нæм рауади, уый фæд æртæ чъирийы зиллаччы баззайы. Уыцы дыууæ геометрион нысаны иумæ сты бæстастæуы стъæлф æмæ дун-дунейы цыппар фарсы æвдисæг символ. Фыдæлтæй баззайæг æгъдæуттæ чи зоны, уый зæгъдзæн, царды ахæмæй куы ницы ис, зæгъгæ. Раст мæ цæмæй бамбарой, уый тыххæй хъуамæ развæлгъау зæгъон, æцæгæй дæр ирон чъиритæ фæлыг кæнынц «разæй фæстæмæ» æмæ «галиуырдыгæй рахизырдæм» æмæ сæ скæнынц цыппæргай хæйттæ нæ, фæлæ æстгай хæйттæ. Хъуыддаг уый мидæг ис, æмæ, горизонталон уавæры уæвæг хæйттæн-иу арæх сæрмагонд нысаниуæг кæй уыди, уый руаджы сарæх сты, аст астæй цы арæзтæуы, уыдæттæ. 

Уæдæ, фынджы æгъдау кæнгæйæ, магион хъомыс кæмæн ис, уыцы нымæцтæ æртæ æмæ цыппар фæиу вæййынц. Уыцы дыууæ нымæцы бавæййынц авд, æмæ уый та у, незаманты дуненывгæнæг кæй хуыдтой, ахæм фæрæз. Нымæц авд у дун-дунейы æмæ æппæт æрвон буарты ахаст æвдисæг. Уый у удварн æмæ æрдзы цæдис. Ахæм нысанивæг нымæцты уидæгтæ хæццæ кæнынц индоевропæйаг æмæ индоирайнаг замантæм. 

Бæлвырддæр зæгъгæйæ, магион нымæцтæ æртæ æмæ цыппар æмиугондæй уыдысты дун-дунейы хъуыды æвдисæг. Ныр хъуамæ бамбарæм, чъиритæ лыг кæнгæйæ-иу сæ зилын цæуылнæ уагътой, уый. Уыцы карз домæн абон дæр нымайынц æххæст кæнинагыл, фæлæ цæмæн, уый фенынджынтæ дæр дзæбæх не ’мбарын кæнынц. Æгъдау афтæ домы, зæгъгæ, раттынц уæлæнгай дзуапп. Фынг куыд арæзт цæуы æмæ йæ нысаниуæг циу, уый бамбаргæйæ нæ бон зæгъын у, адæм куынæма фæзындысты, нæ ахсджиагдæр фынгтæ, уæды дуне куыд сфæлдыстæуыди, уый æвдисæг кæй уыдысты. Гъе, уымæ гæсгæ дуне хъахъхъæдтой уæлдай змæлдæй æмæ æнкъуыстытæй. Æгъдау у, адæймаджы царды сæйраг бынат куыд ахса, афтæ арæзт. Цæвиттон, æгъдау хъуамæ æхсæнадæн басгуыха цардхъомгæнæг фæрæз. Æвæццæгæн, ирон сылгоймæгтæ «Дæ бындур ныззилæд», зæгъгæ, афтæ уымæн фелгъитынц. 

 

* * *
 

Уæлдæр куыд загътам, афтæмæй фынджы фæткы дзидза хæринæгтæн ис символикон ахаст. Бæлвырд фæткмæ гæсгæ-иу равзæрстой, чи ’мбæлы, ахæм кусæрттаг, аргæвстой-иу æй, сфыхтой йæ æмæ-иу æй бахордтой. Арæхдæр æргæвстой уæнгуытæ, фыс, стæмдæр хатт — сæгъ. Кæцыдæр кæндты рæстæг æргæвстой гогызтæ æмæ кæрчытæ дæр. Иннæ хæдзарон фос æмæ мæргътæй пайда кæнынц къаты бонты. Нывондаг æдзухдæр æвзæрстой рагацау. 

Нывонд кодтой гал, уæныг, хъуг, фыр æмæ уæрыкк. Нывонд-иу скодтой бæлвырд бæрæгбонмæ, кæцыдæр дзуарæн кæнæ, фыдбылызæй чи фæрвæзт, ахæмы куывдæн. Гъе, уымæ гæсгæ-иу, кусæрттаджы фенгæйæ, æдзухдæр загътой, кæцы дзуарæн нывондгонд у, уый ном æмæ нывондаджы цæстыгагуыйау хъахъхъæдтой. 

Нывондаг-иу æвзæрстой адæммæ хорзыл нымад бæрæгбæттæ кæнæн бонты. Зæгъæм, дæргъæвсæгтæ-иу Куадзæны къуырийы цыппæрæмы Мыкагъаты сыхы Стыр Ныхасмæ æрцыдысты æмæ Хуыцауы дзуарæн æмæ Рыны бардуагæн снывонд кодтой кусæрттæгтæ. Хæлттæ-иу истой радыгай, сбæрæг-иу кодтой раздæр хъæу, уынг, æппын фæстаг — хæдзар. Бинонтæ-иу нывондагæн ауæлдай кодтой сæ хуыздæр галы. «Нагъ» зæгъын мæлæтыл сразы уæвынæй уæлдай нæ уыди — ахæм адæймаг-иу канд хъæубæсты ныхмæ нæ рацыд, фæлæ, нывондаг кæмæн æвзæрстой, уыцы дзуары ныхмæ дæр. Æгъдæуттæ чи зоны, уыдон æвдисæйнæгтæм гæсгæ уыди ахæм фæтк æмæ-иу уыцы аз нывондаг чи ратта, уый иннæ аз уæгъдгонд цыди уыцы æгъдауæй. Уыцы бинонтæн-иу раттой кусæрттаджы царм, йæ фиутæ æмæ йæ хуылфыдзаумæтты иу хай. Къарджиаты Бекызæ куыд зæгъы, афтæмæй та-иу раттой «хæдзарæн сом, науæд хæдзарæн дыууæ мæрты». 

Нывондæн-иу йе ’фцæгыл бафтыдтой гаккы къæбæл|гъолахъ. Гарданты Михалы ныхстæм гæсгæ-иу уыдон уыдысты дзуарсаарæзт, науæд та асткъуымон стъалыйы хуызæн. Ахæм стъалы-иу сарæзта уыцы азы хоры фысым. Ахæм алыхуызты конд нывæфтыд къæбæлтæ дзæвгар ис Дигори зæды кувæндоны. Уыдоны нымæцмæ гæсгæ базонæн ис, дзуарæн ам цал кусарты акодтой, уый. Ахæм къæбæлтæ арæзтой æрмæстдæр хъæугуывдæн нывондгонд кусæрттæгтæн, ома галтæн. Барахъты Надя 1938 азы Черчесты Джеорæй (цыди йыл 120 азы) базыдта, фырытæ æмæ уæрыччытыл æндæр гакк кæй кодтой, уый. Фырыты сыкъатыл-иу дзуарса уыгард ныккодтой, науæд-иу сыл мырмыраг æрцауыгътой. 

Хъæубæстæ хъахъхъæдтой сæ нывондæгты, галты ифтындзгæ нал кодтой, нæ сæ цавтой, нæ сыл хъæртæ кодтой. Куывды фысымтæ сæм къуыригæйтты зылдысты сæхи фосау кæнæ хуыздæр. Нывондаг кусарты-иу хъæуы хæдзæрттыл кæй байуæрстой, афтæ хорз æм уымæн зылдаиккой. Цуайнаджы фых дзидзайы хæйттæ-иу сыл байуæрстой, иумæйаг фынгыл та æрæвæрдтой сæр, бæрзæй, къæхтæ æмæ æндæр хæйттæ. Уыдон тыххæй зæгъдзыстæм иннæ сæргонды. 

Нывондаджы кусарт кодтой фæткмæ гæсгæ. Фæсивæдæй-иу исчи фыры бакодта къонайы цурмæ. Нывондæн-иу цæхх адардтой. Уый æдзухдæр кодтой æппæты разæй. 

Ацы æгъдауы тыххæй æппæты фыццаг ныффыста В.Ф. Миллер: «Лæппу бакæны фыры хæдзары къонамæ. Зæронд лæг йæ цурмæ бацæуы, фыры галиу сыкъайыл ныххæцы æмæ скувы Хуыцаумæ æмæ, кæмæн æй снывонд кодтой, уыцы дзуармæ. Куывд куы фæвæййы, уæд æхсидавæй дзуарса гакк скæны йæ рахиз хъусы фæстæ æмæ йæ ныхыл. Сыгъд хъуыны фæздæг хæрдмæ куы ссæуы, уæд фæзæгъынц: «Барст фæуæд Хуыцауæн нæ нывондаг». 

Уый фæстæ хистæрмæ раттынц арахъхъы нуазæн, артмæ дзы бакалы, кæстæрæн дзы ацаходын кæны, иннæ йæхæдæг баназы. Зæронд лæг йе ’гъдау куы скæны, уæд лæппу æмæ йе ’ххуысгæнæг фынгыл æрæвæрынц фыры, йæ сæр — цæгаты ’рдæм, йæ ’ргæвдæн та — скæсæн ’ырдæм. Фæзæгъынц: «Хуыцау, дæуæн табу», — æмæ фысы аргæвдынц. Уый фæстæ сæр фæхицæн кæны. Уысмы бæрц ма йæ йæ гуырыл авæры æмæ йæ хистæрмæ ратты. Уый йæ бæстон сарауы æмæ йæ аджы ныппары. Сæр æдзухдæр хистæртæм æрхауы». (7, II, 264 ф.) 

Царды æцæг куыд вæййы, цæмæй уыдонимæ В.Ф. Миллеры æвдисæйнæгтæ абарæм, уый тыххæй скæнæм дыууæ ахсджиаг хынцинаджы кой. Кусарт кæныны æгъдау бæстон æрфыста, фæлæ нæ загъта, сæр куы фæхицæн вæййы, уæд ын йæ лыгвæд артмæ кæй бадарынц æмæ арыды тæф куы скæны, уæд афтæ банымайынц, цыма хусысмаг фæхæццæ дзуармæ æмæ, йæ номыл кусарт кæй акодтой, уый базыдта. Уый фæстæ сæр цасдæр бæрзæйыл ныхæстæй адарынц. Чысыл фæстæдæр бæрзæйæ иу кæрдих ралыг кæнынц æмæ йæ артмæ баппарынц. 

Иннæ ахсджиаг хынцинаг та у ахæм — мурзæгæй ралыг кæнынц иу карст æмæ йæ, уæлкъæсæрыл куыд аныхæса, афтæ сцæвынц. Мæ куыстытæй иуы фыстон, зæгъгæ, хæххон хъæутæй иуæй-иуты цæлгæнæнты дуæрттæ уыдысты æнахуыр къæлиндары хуызæн. Хæдзары хицауæн йæ бон ранымайын вæййы, афæдзы дæргъы кæцы бæрæгбоны цавæр кусарт акодта, уыдæттæ. Афтæ загъæн ис: тарвазыл цал гаччы ис, уал хатты сæ хæдзар бакодтой дзауры уазæг æмæ сыл ауддзæн. 

Гал кæнæ уæныг куы фергæвдынц, уæд дæр бакæнынц уыцы æгъдæуттæ, æрмæст кусарт стыр куы вæййы, уæд æй фынгыл нæ аргæвдынц, фæлæ зæххыл. Кусæрттаджы-иу æрфæлдæхтой йæ галиу фарсыл, йе ’ргæвдæн скæсæны ’рдæм кæнæ хуссар-скæсæны ’рдæм здæхт, афтæмæй. Уæлдæр кæй кой скодтам, уый — Черчесты Джеор ма 1938 азы фæзмыдта йæ хистæрты ныхæстæ, раджы кæддæр, дам-иу нывонды æнæхъæнæй судзгæ кодтой. Ууыл æцæгæй дæр дзурæг у, кусарты кæцыдæр хæйттæ артмæ кæй феппарынц, уый. Нывонды ныхыл æхсидав дзуарса æвæрд кæй акæнынц, уый дæр у, кусæрттаг уæларвон тыхтæн нывондгонд кæй у, ууыл дзурæг. Нывæфтыд хъæдын къæбæлтæ дæр хайджын уыдысты комкоммæ уæлæрвтимæ баст стъалытæ æмæ хурæн табугæнæг кувæндоны æууæлтæй. 

Ам æнæ зæгъгæ нæй, кусарт кæныны æгъдау хæдзарон фосы дыууæ нысаниуæгимæ баст кæй у, уый тыххæй дæр. Иуæй у æрдзы ахадæн тыхтæ хæссæг, иннæмæй та бæрæгбонæн вæййы фæлхасы хос. Кусарт кæныны фыдæлтыккон æгъдæуттæ ирæттæй абон дæр нæма ферох сты. Не ’взаджы активон дзырдуаты ис, кæй аргæвдынц, уыцы нывондæн ахадгæ дзырд — кусарт. Кусарт кæнын куыд ахсджиаг æгъдау у ирæттæм, ууыл дзурæг у, ноджы ма нæм уыимæ баст æмахадгæ дзырд æргæвдын кæй ис, уый дæр. 

Фæткæн нæм баззад фынгыл уæларты фых дзидза æвæрын, хæрз стæм хатт та йæ æрæвæрынц сурвыхæй, ома, физонæггондæй. Бæрæгбонæн фых дзидза у ахадгæ нысаниуæгтæй хайджын. Фынг цæй тыххæй арæзт цæуы, дзидза хæринаг уымæ гæсгæ сцæттæ кæнынц. Вæййы афтæ дæр æмæ уыцы иу фынгмæ дзидза рахæссынц уæларты фыхæй дæр æмæ сурвыхæй дæр. «Сурвых» æмæ «уæларты фых» хæринæгтæ сты хæдзарадон куысты дыууæ хуызы æвдисæнтæ. Фыццаг хуыз у, цуаны руаджы чи цыд хæдзармæ, ахæм æвæлмоны æфтиаг. Дыккаг æфтиаг цыди фос дарыны руаджы. Цуангæнджытæн се ’рвылбоны хæринаг уыди сурвых хæринаг (физонæг). Фос чи дардта, уыдон та хордтой уæларты фых. Сурвых дзидза уыди бонджынты буц хæринаг. 

Уæдæ уæларты фых æмæ сурвых хæринæгтæ ивгъуыд заманты уыдысты бæрæгбæтты æмæ къаты бонты фынгæвæрды бæрæггæнæнтæ. Уыдоны баззайæццæгтæ æрхæццæ сты махмæ дæр. Къæлиндарон æмæ бинонты цардимæ баст бæрæгбæтты рæстæг та уый свæййы, бæрæгбæттæй кæм цавæр фынг арæзт хъуамæ цæуа, уый амонæг. Ахæм рæстæджы дзидза фыцын вæййы нæлгоймæгты бæрны, æрвылбоны царды та уыцы куыст феххæст кæнынц сылгоймæгтæ. Ныхмæвæрд цы цæуы, уыдоны æрæмварс кæнын, æвæццæгæн, раст нæ уаид, фæлæ зæронд æгъдæутты домæнтæ хынцгæйæ, чи зоны, ныхмæвæрд цæстæнгасты æхсæн разына æмбæхстдзинæдтæ. Зæгъæм: «бæрзонд» — «ныллæг», «рахиз» — «галиу», «сылгоймаг» — «нæлгоймаг», «кувинаг» — «æнæуи хæринаг», «уæларты фых» — «сурвых». 

Ныхас цæуы дыууæ ахсджиаг уавæрыл. Фыццаджыдæр, ахсджиагдæрыл нымад у уæларты фых хæринаг, æмæ уый баст у ахадгæ хæдзарадон куыстимæ. Дыккагæй та, бæрæгбæттæн нывондæгтæ æвзæрстой хæдзарон фосæй. Мæ хъуыдытæ бафидар кæндзынæн ахæм æмбисондæй: «Сырды фыдæй кувинагæй фысы фыдæй кувинаг хуыздæр у». 

Кувинаг хойрæгтæ уæлфæдзæхстон кæй уыдысты, ууыл дзурæг у рагон царды æвдисæйнæгтæй иу — уæны фæрсын. Абон дæр ма ис, уæны кæсын чи зоны, ахæмтæ. Афтæ дзырдтой, зæгъгæ, уæны къуызыртæм, йæ урс æмæ сау тæппытæм гæсгæ базонæн ис, хортæ куыд æрзайдзысты, фидæны кæмæ цы ’нхъæлмæ кæсы, уыдæттæ. Цымыдисаг у, иронау дыууæаздзыд рæуæд уæныг кæй хонынц, уый. Уыцы дзырд равзæрди «уæн»-æй. 

Нывондæгтæ кусарт кæныны æгъдæуттæ фидар фæткмæ гæсгæ арæзт кæй цыдысты, уый руаджы ирæттæ абон дæр дæсны сты кусарт ауæнгтæ, уый фæстæ йæ ахæйттæ кæнын æмæ, цал хъæуы, уал фынджы сæвæрынмæ. Абоны онг дæр фынгыл æнæмæнг æвæрынц кусарты сæр фыхæй. Сæр, бæрзæй, уæн æмæ дымæг — кусарты кадджындæр уæнгтæ æвæрд цæуынц æртæ хистæры раз. Уый тыххæй æрхæсдзынæн цалдæр ирон æмбисонды: 

 

Нæл фыс æмæ куыр — нывондæн барст. 

Сæр хистæрты раз æвæрдæуы. 

Кусарты сæр æнæ хистæрæй нæ фæхæрынц. 

Фысы дымæг Хуыцауæн кувынæн у. 

 

Фыццаг сæры кад у, дыккаг — бæрзæйы кад, æртыккаг — уæны кад. 

Фых сæр æмæ бæрзæй фынгыл æдзухдæр æвæрынц. Уæн æмæ дымæгæй та куы иу сæвæрынц, куы иннæйы. Афтæ кæнынц, алы нывæндтæ кæй аргæвдынц, уый тыххæй. Гал æмæ фырæн æрæвæрæн ис сæ сæртæ дæр æмæ бæрзæйтæ дæр. Дымæг вæййы æрмæст фырæн. Цæмæй нымæц æртæ хыгъд цæуа, уый тыххæй-иу фынгмæ рахастой дымæджы æмкадджын хай. Ахæм хайыл нымад цыди уæн. Мах рæстæджы уæн сси хиаирхæфсæн мадзалы хуызæн, къух-къух ацæуы æмæ йæм фæракæс-бакæс кæнынц. 

Ахуыргæндтæ куыд бафиппайдтой, афтæмæй Астæуккаг Ирыстоны хъæуты нывондаг фыр куы аргæвдынц, уæд фынгмæ хæссынц дымæг. Быдыры хъæуты та кадджындæр у кусæрттагæн йæ уæн. Нард, йæ фиу, йæ хъуын æмæ йæ царм сты, æгас нывондæгты бæсты чи цæуы, ахæм нысæнттæ. Сой уыди æфсисы æмæ хъæздыгдзинады нысан. Гъе, уымæ гæсгæ йæ кой арæх вæййы бæрæгбоны зарджыты æмæ хиирхæфсæн хъæзтыты рæстæг. 

Нырыккон цардыуаг фæзынди, ирон адæм хойрагмæ цы цæстæй кæсынц, ууыл. Быдыры хъæуты æмæ горæты цæрджытæ сæ фынгтыл арæх нал æвæрынц фых кæнæ фæздæгдзыд дымæг, нард, фиуджынтæ. Уыцы хæринæгтæ æрымысынц хистæртæ, цы ахадæн æмæ æфсæдæн уыдысты, зæгъгæ, сæ феппæлынц. Хæххон хъæуты æмæ, быдырмæ æрæджиау чи ралыгъд, уыдон рагон æгъдæуттыл тынгдæр хæст сты. Уыдон ма ныр дæр хистæрты раз æвæрынц фыры дымæг. 

Æнæмæнг фынгыл кæй æвæрынц, кусарты уыцы хæйттæ уыдысты бæрæг цæйдæр нысантæ. Уæлдæр дзырдтам чъириты тыххæй дæр. Уыдон ахсджиагдæр кувинæгтыл нымад кæй уыдысты, уый бæрæг у, хистæры раз æвæрд кæй цыдысты, уымæй дæр. Æвæццæгæн, кусарты хæйттыл дзургæйæ, зæрдыл дарын хъæуы, дуне æртæ æддæгуæлæйæ арæзт кæй у, уый. 

Скæсæнирайнаг æхсæнады цард, бæлвырддæр зæгъгæйæ та, рагон скифаг æмæ астæуккаг æнусты алайнаг æхсæнæдты цард ахуыр кæнгæйæ ирдæй раргом, кæй кой кæнæм, уыцы æгъдæуттæ сæйраг æртæ нысанимæ æмахаст кæй сты, уый. Уыдон сты: Хуыцау æмæ йæ дзуæрттæм кувын, дины æгъдæуттæ æмæ дзуарылæг, хæстон æмæ хæдзарадон. Ацы ран ахсджиаг у рагон æхсæнады социалон арæзт æвдисæг æртæ æддæгуæлæ дуне дун-дунейы тыгъдад æвдисæг хуызæгимæ æмахаст. 

Иугæр индоирайнаг знæмтæ æмæ адæмыл дзурæм (уыдоны нымæцмæ хауынц скифтæ, алантæ æмæ ныры ирæттæ), уæд нæ бахъæудзæн фылдæр истытæ æрæмных кæнын. Æхсæнадон цардарæзт æмæ уырдыглæууæг дунейы арæзт кæрæдзиуыл сты афтæ баст: дзуарылæгтæ кæнæ кæцыдæр уавæрты хæстон адæм æмахаст вæййынц уæлæрвтимæ; хæстон адæм кæнæ уæлдæр дыууæ сферæйы бæттæг дзуарылæгтæ та æмахаст вæййынц космосы астæуккаг сферæимæ; хъæууон адæм та æмахаст сты зæххимæ. Уыдæттыл тынг лæмбынæгæй дзуры скифты культурæ иртасæг Д.С. Раевский æмæ йын йæ куыст цымыдистæ сæхæдæг бакæсæнт. Æз та ма иу хатт зæгъдзынæн: ирæтты æмæ уыдон фыдæлты цæстæй кæсгæйæ, дæллаг сферæ — зындон — уыди культурон æгъдауæй быгъдæг тыгъдад, æмтъеры дуне. 

Уæлдæр цы хъуыдытæ загътам, уыдон фадат дæттынц æхсæнадон цард æмæ цæрæгойты дунейы иудзинад раиртасынæн. Зæгъæм, сæр//зонд//дзуары лæг сты иу æмбарынад, бæрзæй//хъару//хæстонтæ — дыккаг æмбарынад, дымæг//бæркад//хъæууон адæм — æртыккаг æмбарынад. Фæлæ сæр//бæрзæй//дымæг та иумæ æвдисынц, индоирайнæгтæ Хуыцауæн табу кæнын, хæстон æмæ хæдзарадон æртæ æхсæнадон функцимæ цы цæстæй кастысты, уый. Ныр хъуамæ тынгдæр раргом уа ирон æмбисонд «Фыццаг сæры кад у, дыккаг — бæрзæйы кад, æртыккаг — уæны кад»-ы арф уæларвон мифологион æмæ социалон мидис. 

Цы зæгъæн ис, дымæг æмæ уæн алы ран æмхуызон кадджын кæй не сты, уый тыххæй та? Афтæ фенхъæлæн ис, æмæ уæны кæсын йæ нысанмæ гæсгæ хæстæгдæр у Хуыцауæн табу кæнынимæ. Фæззæджы цавæр тыллæг сисдзысты, сæ фосыл цас бафтдзæн, алцæмæй куыд æххæст уыдзысты, уыдæттæ-иу уæны руаджы кæй базыдтой, уый тыххæй йæм кастысты афтæ арæх. Уыцы хуызы уæн æмæ дымæгæн уыди иухуызон нысаниуæг. 

Нæ къухы бафтыдысты, мæрдты кæндтæн цы хойраг кодтой æмæ уый куыд фæлхасгонд цыди, уыдоны бастдзинад æвдисæг бæрæггæнæнтæ дæр. Фыдæлтæй баззайæг фæткмæ гæсгæ ахсджиагдæр фынгтæм хойраг хастой хойрагхæссæн сæрмагонд фынгыл æмæ уый дæр хуымæтæджы нæ уыди. 

Куывдмæ цы хойраг кодтой æмæ куывды цавæр дзаумæттæй архайдтой, уый рагæй фæстæмæ дæр тынг хъуыдыйаг уыди. Уыдæттæ хыгътой зæххы куыстгæнæг æмæ фосдарæг рагон æхсæнæдтæ, уыдонмæ та хаудысты индоевропæйаг адæмтæ, уыдонимæ ирæттæ дæр. Уæдæ афтæ, æртыкъахыг тымбыл фынгыл-иу уæле бадæг хистæрты размæ бахастой фых сæр, бæрзæй, дымæг кæнæ уæн. Фæстæдæры рæстæджыты фынгты бæсты пайда кæнын байдыдтой европæйаг алы бæрзонд стъолтæй, чъиритæ æмæ дзидза та рахæссынц хицæн тæбæгъты. 

 

* * *
 

Ацы æгъдæуттыл нæ ныхас кæронмæ конд цæмæй фæуа, уый тыххæй æххæст зæгъæм нозтыты тыххæй. Уыдон дæр дзурæг сты, адæм цы æрдзон уавæрты цардысты, ууыл æмæ баст уыдысты зæххы куыстимæ, уымæн æмæ нозт кодтой хорæй. Абоны онг дæр ирæттæм тынг кадджын у бæгæны. Бахсидынц æй бæрæгбæттæм. Æппæты кадджындæр бæрæгбæтты-иу æппæты разæй скуывтой, таурæгъты дзуринаг нæртон адæм дæр кæй кодтой, уыцы нозт бæгæныйæ. 

Сгуыхт аланты-ирæтты эпосы ис Сатанайы æрхъуыдыдзинадыл дзурæг таурæгъ. Уырызмæг федта, сырддонцъиу цæттæ хуымæллæджы нæмгуытæ куыд рауыгъта æмæ зæххыл куыд адæргъ ис, уый. Цы федта, уыдон зонынджын Сатанайæн радзырдта, йæ ныхæстæ Сатанайы хъуыдытыл бафтыдтой æмæ уалынмæ фæзынди бæгæны. 

 

«Сатана дæр ауад, хуымæллæг ратыдта, сфыхта йæ хоры задимæ ’мæ дзы диссаджы бæгæны рауад. Бинонтæ дзы фæрасыг сты. Ууыл дæр нæ ахицæн хъуыддаг. Бурæнæлфыс аргæвдын кодта Сатана, ныссыгъдæг æй кодтой хорз, стæй йæ æд дымæг æгасæй уыцы бæгæныйы сфыхтой. Диссаджы æлутон дзы рауад — сау, бæзджын, æлвасгæ нуазинаг. 

Нартæ, зæгъы, уæдæй фæстæмæ Сатанайы конд бæгæны йеддæмæ ницыуал нозтой сæ куывдты». 

 

Ацы сюжет нæ зонынц, нарты кадджытæ кæмæ ис, кавказаг уыцы иннæ адæмтæ. 

Фыст æрцыдысты, ирон адæмы хъæздыг сфæлдыстады бæгæныйы тыххæй цы зарджытæ ис, уыдон дæр. Уыдоны æхсæн уæлдай зынаргъдæр сты «Сау бæгæны цæмæй вæййы» æмæ «Бæгæны æнтауджыты зарæг». Мæнæ цы ныхæстæ ис дыккаг зарæджы: 

 

Нарты нæртон æфсин Сатанайы 

Къухæй æфтыд фæу! 

Дæ кад Сидæмоны кадæн фæуæд! 

Де ’хсар Алгъуызы æхсарæн фæуæд, 

Дæ бæркад — Кусæгоны бæркадæн! 

Кæй тыххæй дæ рауагътой, 

Уымæ сыгъдæгæй фæхæццæ у. 

Мæ къах æмæ дын мæ къух хорз фæуæнт! 

Чи дæ баназа, уыдонæн сойау батай! 

Мæн та дæ кадæй хай уæд! 

 

Зæгъын хъæуы уый, æмæ зарæджы цы алайнаг-ирон хъайтарты кой цæуы — Сидæмон, Алгъуызон æмæ Кусæгон, — уыдон ирон адæмы истори æмæ культурæйыл тынг сахадыдтой. Адон сты, дунейы равзæрды тыххæй æртæнысаниуæгон уырнындзинад æвдисæг сурæттæ. Уый та зындгонд уыди, канд ирæттæн нæ, фæлæ æгас индоирайнаг æхсæнадæн дæр. Æртæнысаниуæгон уырнындзинады миниуджытæ сты намыс, æхсар æмæ бæркад. Уыдонимæ кувинаг бæгæны куы абарæм, уæд иннæ ахæм нозтыты æхсæн у бирæ цæмæйдæрты хуыздæр. 

Бæгæны ирæтты æмæ уыдоны фыдæлты царды куыд ахадыдта, ууыл дзурæг сты, индоирайнæгты рагзаманты рæстæг чи райгуырд канд йæ уыцы ном нæ, фæлæ ма, «тæнгъæд» дзулы кой кæм ис, уыцы æмбисæндтæ дæр: 

Бæгæны хæрдæн хæрд у, нозтæн нозт. 

Ирон бæгæны хæрд дæр у æмæ нозт дæр, кæй загъдæуы. 

Хъæбæрхорæй бæгæны кæнынц æртæ хуызы. Уыдонæй æппæты тынгдæр зындгонд у бæгæны. Кодтой йæ хъæбæрхоры мыггæгтæ хъуыдалы æмæ сискæй. Æнæмæнг ын хъуыди зад. Уый тыххæй-иу, нæмыг, куыд уымæл у, уый хынцгæйæ, баудæстой æртæ боны æмæ æртæ æхсæвы кæнæ цыппар боны æмæ цыппар æхсæвы. Ныффæрсыгътой-иу æй æмæ йæ бафтыдтой. Сыхы кæнæ хъæугуывдæн зад æмбырд кодтой къусбарæй. Алы хæдзар дæр-иу бавæрдта сæрмагондæй задагæн конд хуымы хорæй хуымилиаг. Ахæм хæдзæрттæ дæр уыди, къусбары рæстæг зад дыууæ-æртæ хатты фылдæр чи лæвæрдта. Ахæм бинонтæ-иу бæрæгбоны фæстæ алы бон дæр сæхимæ къæртайы дзаг æрбахастой кувинаг бæгæныйæ. Афтæ-иу уыди Куырттаты комы Дзывгъисы дзуары бонты дæр. (13, 1988, № 3, 100 ф.) 

Хъæбæрхоры цъæл-иу æрхуы цуайнаджы иу фых ракодтой, ома, цъæлвых-иу æй ракодтой. Уый фæстæ-иу, хъæмп кæм нывæрдтой, ахæм чыргъæдæй цъæл ныффæрсыгътой. Фæрсыгъд-иу æндæр цуайнаджы ныккодтой æмæ, цалынмæ цалдæр къухы бæрц ныффыхтаид, уæдмæ йæ фыхтой. Уый хуыдтой мырæг. Бантыдтой-иу æй æнтуанæй æмæ-иу æй æнхъизынмæ ныууагътой. Ирæттæ бæгæны куыд кæнынц, уый фыццаг хатт бæстон ныффыста проф. Мысыкаты Мæхæмæт æмæ йæ бахаста, докторы ном ын кæй тыххæй раттой, йæ уыцы диссертацимæ. Мыхуыргонд æрцыд 1916 азы Одессæйы. 

Бæгæныйы дыккаг хуыз къаматтаг фыццагæй æвзæрдæр нæ уыди. Кодтой йæ, фыццаг бæгæныйæ цы цъæл баззади, уымæй. Цъæл-иу афтæ бирæ нал уыд æмæ йæ дыккаг хатт фыхтой къаддæр аджы. Уый-иу куырдадзы конд уæлфæдзæхстон къонайы рæхысыл нæ ауыгътой, фæлæ уæлæмхасæн хъæдын дæлрæхысыл. Гуыбаты Ф.-йы æрмæджытæм гæсгæ къонайы сæрмæ ауыгъд дæлрæхыс хуынди къама. Æвæццæгæн, ацы дзырдæй равзæрд «къаматтаг». 

Тынг кадджын уыди ирæттæм йæ хæрзхъæдмæ гæсгæ бæгæныйы æвæджиауы хуыз æлутон. Фынгæн конд уæливыхтæ æмæ фыдджынтау ацы бæгæны дæр æвдисæн у, ирæттæ хор æмæ фосы куыстæй кæй цардысты, уымæн. Æлутон цы у, уый абоны ирæттæ нæ зонынц. Алæмæттаг ад кæй кодта, æфсисджын кæй уыди æмæ йæ бахсидынæн сæрмагонд мадзæлттæ зонын кæй хъуыди, уыдæтты тыххæй баззад æрмæстдæр мысинæгты. 

Æлутоны тыххæй Абайты Васо ныффыста сæрмагонд статья, мыхуыргонд у йæ чиныг «Осетинский язык и фольклор»-ы. 

 

«1931 азы абалц кодтон хæххон Дыгурмæ æмæ уым цы базыдтон, уыдон мын фæбæлвырд кодтой мæ фæстаг хъуыды. Иу дыгурон зæронд лæг мын куыд радзырдта, афтæмæй ма уый æвзонджы кары рæстæг Дыгургомы арæх кодтой æлутон; бæгæныйы-иу ныффыхтой фысы дымджытæ æмæ æнæхъæн фысы мæрдтæ. Ныр бамбæрстон, æлутон æххормаг сæттæг нозт у, зæгъгæ, дзы хуымæтæджы кæй нæ дзырдтой, уый; бæгæны хоры дон у æмæ адæймагæн йæ дойны дæр сæтты, хæрдæн дæр ын ахъаз у; фæлæ-иу æгасæй дæр фысы соимæ куы сæмхæццæ, уæд-иу æфсæдæн сси... Адæймаг-иу дзæвгар рæстæг нал сæххормаг». 

 

(М.-Л. 1949, 339 ф.) 

 

Заводы бæгæныйыл чи сахуыр, уый бадис кæндзæн æмæ нын нæ ныхæстæ æцæгæн нæ райсдзæн. Фæлæ æлутон уæвгæ кæй кодтой, ууыл дзурæг сты этнологион æрмæджытæ. Казахтæм уыди махсымæйы (бузайы) хуызæн нозт сурбоза. Цæттæ нозты-иу нывæрдтой фысы дымæг æмæ-иу нозт æмæ сой сæмхæццæ сты, дымæг та-иу æргъиуы хуызæн сси. Буза-иу афтæ скарз æмæ иу дзы иу нуазæн чи банозта, уый-иу срасыг. Казахæгтæм ма баззади, бузайы хуызтæй сæ иу кæныны мадзал. Кæддæр уыцы мадзал хорз зыдтой, Волгæйы хуссар былгæрæтты æмæ Хуссар Уралы сарматты цæдисы чи цард, уыцы алйнæгтæ. 

Бæгæныйæн уыди стыр ахадындзинад бæрæгбæтты рæстæг. Æнæуи бæгæны хуынди æлутоны бæгæны. Æвæццæгæн, уый тыххæй ивд æрцыди ном æлутон дзырд «бæгæны»-йæ. Кæцыдæр дзырдтæ-иу нæфæтчиаг куы систы, культурæйы историйы ахæм хабæрттæ чысыл нæ уыди. Æлутон ма йæ тæккæ кадджын æмæ ногæй уыди, уæд ын йæхи дæр æмæ йæ ном дæр алантæй айстой гуырдзиæгтæ æмæ йæ хонынц луди. Ацы хабар дзурæг у ууыл, æмæ гуырдзиæгтæ алантæм гæсгæ æлутон минас кæныны охыл нæ райстой, фæлæ дзы пайда кодтой дины бæрæгбæтты. Хохæгтæ, æрдзон уавæртæ хынцгæйæ, сæны бæсты кувинаг нозтæн райстой, алы ран дæр кæй зыдтой, уыцы бæгæны нæ, фæлæ, æлутон кæй хуыдтой, хуыцæутты уыцы нозт. 

Абайты Васойы хъуыдымæ гæсгæ, ацы ран алантæ басгуыхтысты, Цæгат Европæ æмæ Фæскавказ культурон хуызы чи баста, ахæм адæм. Уымæн æппæты ирддæр æвдисæн у, бæгæны кæнын бирæ рæтты кæй байдыдтой, уый. Куыд загътам, афтæмæй æлутонæн йæ сæйраг æфсæнттæ баст уыдысты динимæ. Бæгæны Хуыцауы комытæфдзыд нозтыл нымад кæй уыди, уый ирæттæ хорз зыдтой. 

Æлутон ирон фынгæн конд кувинæгтимæ нымад кæй уыди, уый зæрдыл даргæйæ нын æнцондæр уыдзæн уыдон кæрæдзиуыл абарын. Сæры цæуаг нозт фæхайджын зæххы æмæ æрвон Хуры хъомысæй. Уыцы миниуджытæй хайджын кæй у, уымæ гæсгæ фынгæн конд иннæ хойрæгтау бæгæны дæр свæййы кувинаг. Дунейы арæзты æртæнысаниуæгон миниуджытæй хайджын бæгæны уыди уæларвон дунейы тыгъдад иугæнæг. Уыди, дун-дунейæн фидыцы хос цы у æмæ йæ æмтъеры цы кæны, уыдæтты дæр æмæ дун-дунейы уæллаг æмæ бинаг тымбылæгтæ бæттæг дæр. Кувинаг бæгæнымæ цы хъомыс уыди, уый цæстуынгæ скæн, уæд дзы рауайдзæн ахæм схемæ: арв — бæгæны/къус (нуазæн) — зæхх кæнæ хуыцæуттæ — бæгæны/къус (нуазæн) — зæххон мæлинæгтæ. Бæлвырддæр зæгъгæйæ та, ам ныхас цæуы ныхмæвæрд арв æмæ зæххы иугæнæг стъæлфыл. Стъæлфы хуызы ахады бæгæны. Уæларвон тыхтæн кæмæй кувынц, уыцы хуыцæутты нозт бæгæныйæн хъуамæ уа аккаг дзаума. Ахæмтæ, ома, нозтæн йæхийау уæлфæдзæхстон сты бæгæнынуазæн къустæ — æрмгуысты аивады нывæфтауæг дæсныты цæвиттойнаг куыстытæ. 

Бæрæгбонæн конд бæгæны кадджын æмæ ахадгæ кæй уыди, уымæ гæсгæ ирæттæм ис бæгæны кæныны хъæздыг фæлтæрддзинад. Бæгæны кæныны дæсныйадыл ма амæй фæстæмæ дæр дзурдзыстæм, фæлæ уал ныртæккæ дæр бæрæг у, бæгæны кæнын индоевропæйаг культурон-историон фæткимæ баст кæй у, уый. Ууыл дзурæг сты бæгæныйæ гаджидæуттæ уадзыны æгъдæуттæ. 

 

 

Уарзиаты Вилен 

Ирон бæрæгбæттæ незамантæй абонмæ 

Ратæлмацгæнæг — Бицъоты Гриш 

[Цæгат Ирыстоны гуманитарон иртасæнты институт, 1995] 

 



<==    Комментарии (0)      Версия для печати
Реклама:

Ossetoans.com OsGenocid ALANNEWS jaszokegyesulete.hu mahdug.ru iudzinad.ru

Архив публикаций
  Января 2024
» О чем рассказали восточно-европейские руны
  Ноября 2022
» От Кавказа до Волги
  Августа 2022
» Кавказцы глазами русских: говорят архивные документы...
  Марта 2022
» К вопросу о заселении Фиагдонской котловины, по данным фамильных и народных преданий
» О новых именах в истории царственного дома средневековой Алании
  Февраля 2022
» К ВОПРОСУ ОБ УДЕЛЬНЫХ ВЛАДЕТЕЛЯХ УАЛЛАГКОМА ПО ФАМИЛЬНЫМ, НАРОДНЫМ ПРЕДАНИЯМ И АРХИВНЫМ МАТЕРИАЛАМ
  Декабря 2021
» Осетинская религия; религия осетин (Ирон дин)
  Мая 2021
» Иверская (Моздокская) икона Божией Матери
  Мая 2020
» Соотношение понятий Æгъдау, религия (дин), вера во внутриосетинской дискуссии
  Июля 2019
» Открытое обращение представителей осетинских религиозных организаций
  Августа 2017
» Обращение по установке памятника Пипо Гурциеву.
  Июня 2017
» Межконфессиональный диалог в РСО-Алании состояние проблемы
  Мая 2017
» Рекомендации 2-го круглого стола на тему «Традиционные осетинские религиозные верования и убеждения: состояние, проблемы и перспективы»
» Пути формирования информационной среды в сфере осетинской традиционной религии
» Проблемы организации научной разработки отдельных насущных вопросов традиционных верований осетин
  Мая 2016
» ПРОИСХОЖДЕНИЕ РУССКОГО ГОСУДАРСТВА
» НАРОДНАЯ РЕЛИГИЯ ОСЕТИН
» ОСЕТИНЫ
  Мая 2015
» Обращение к Главе муниципального образования и руководителям фракций
» Чындзӕхсӕвы ӕгъдӕуттӕ
» Во имя мира!
» Танец... на грани кровопролития
» Почти 5000 граммов свинца на один гектар земли!!!
  Марта 2015
» Патриоту Алании
  Мая 2014
» Что мы едим, или «пищевой терроризм»