Iriston.com
www.iriston.com
Цæйут æфсымæртау раттæм нæ къухтæ, абон кæрæдзимæ, Иры лæппутæ!
Iriston.com - история и культура Осетии
Кто не помнит прошлого, у того нет будущего.
Написать Админу Писать админу
 
Разделы

Хроника военных действий в Южной Осетии и аналитические материалы

Публикации по истории Осетии и осетин

Перечень осетинских фамилий, некоторые сведения о них

Перечень населенных пунктов Осетии, краткая информация о них и фамилиях, в них проживавших

Сборник материалов по традициям и обычаям осетин

Наиболее полное на сегодняшний день собрание рецептов осетинской кухни

В данном разделе размещаются книги на разные темы

Коста Хетагуров "Осетинскя лира", по книге, изданной во Владикавказе (Орджоникидзе) в 1974 году.


Перечень дружественных сайтов и сайтов, схожих по тематике.



Rambler's Top100 Рейтинг@Mail.ru Индекс цитирования
Статьи Словари
Здравствуйте, Гость
Регистрация | Вход
Опубл. 14.05.2011 | прочитано 2910 раз |  Комментарии (0)     Автор: Tabol Вернуться на начальную страницу Tabol
3. Дугъæтты ерыстæ

Адæмты историйы бæх æмæ бæхдарынæн уыди æгæрон стыр ахадындзинад. Уыцы хæдзарон æгомыг фосæй тынг пайда кодтой хæдзарадон куысты, цуаны æмæ хæсты рæстæг. Хæсты рæстæг дзы кæй пайда кодтой, уый руаджы фæзынди бæхыл бадыны æмæ ифтыгъд бæхимæ архайыны дæсныйад. Уый тыххæй та, фыццаджыдæр, сæрмагондæй бацæттæ кæнын хъуыди барæджы дæр æмæ бæхы дæр. Хæстон хъуыддаг бæрзонд кæй сырæзыди, уый руаджы бæхтæ дарыны куыст райдыдтой индоевропæйаг адæмты сыхæгтæ дæр, æмæ сæм фæзынди бæхыл бадыны ахуыры дæсныйад. Ирон адæммæ бæхыл хъазын тынг кадджын кæй уыди, уый æвдисæн у, уыцы дæсныйад-иу, фосдарыны фæтк кæмæ сфидар, уыцы адæмтæм кæй фæзынди, уымæн. Сæ мидисмæ гæсгæ бæхыл хъæзтытæн се ’ппæты хуымæтæгдæрты нысан дæр уыди, барæг дæр æмæ бæх дæр цас хæстхъом сты, уый рабæрæг кæнын. Рагзаманты-иу фæцалх сты бæхыл цæугæ-цæуын фæлтæрæнтæ кæныныл æмæ, дугъ кæнгæйæ, бæхæй æргæпп кæнын æмæ фæстæмæ абадыныл. Уыдæтты руаджы-иу барæг кодта уæнгрогдæр æмæ зæрдæвидардæр. Фæлтæрдтой сæ-иу, цæмæй уыдаиккой хъаруджын, æвзыгъд, цæрдæг, ныфсджын, фæндвидар, саргъыл бадтаиккой фидар, бæхы алы фезмæлд æнкъардтаиккой. 

Дугъоны-иу иннæ бæхтæй фæиртæстой. Бæхтæн тынгдæр кодтой се уæнг фидаргæнæг фæлтæрæнтæ. Бæхмæ зилын куыд зонай, уымæй аразгæ уыди йæ фæразондзинад. Цæмæй дугъон сагартæн æмæ рог уыдаид, уый тыххæй йæ дардтой хъарм бæхдоны æмæ йын фылдæр лæвæрдтой хъæбæрхор æмæ цæкуытæ. Алцыдæр ын лæвæрдтой бæрцæй. Бон æмæ йын æхсæвы дæргъы цас арæхдæр лæвæрдтой, уыйбæрц йæ холлаг хордта зæрдиагдæрæй æмæ йын уыди фарсылхæцондæр. 

Сæ хъус тынг дардтой, дугъон цæмæй сфæлтæра, уымæ, арæзтой йын, рæвдздæр агайын цæмæй байдыдтаид, ахæм фæлтæрæнтæ. Уый тыххæй-иу бæхы фæлвæрдтой сабыр цæугæйæ (фаддзу), сæппæй, цыппæрвадыгæй, сиргæ цыдæй. (5, т. III, 72 ф.) Уыцы хуызтæй йæ фæд-фæдыл барæй фæлвæрдтой, ома, дард фæндæгтыл фæразон уа. Куыд цырд у, уымæй та йæ цыбыр дæрддзæгмæ фæлвæрдтой. 

Æнæуи йæм цы зылдысты, уымæй уæлдай ма ахсджиаг уыдысты бæхы хинтæ æмæ кæлæнтæй хизæг магион мадзæлттæ. Уый тыххæй-иу дугъоны цæттæ кæныны мадзæлттæ — бæхауæрдын — никæмæн хъæр кодтой, йæхиуыл та йын-иу бакодтой, дæлимонтæй йæ чи бахызтаид, ахæм нысантæ. 

Дугъон йæхæдæг кæм архайдта, уыцы бæхыл хъæзтытæ æмæ ерыстæ ирæттæм зæрдаивæй дихгонд цæуынц дыууæ къордыл — дугъ æмæ бæхыл хъазт. Бæхыл хъазты, ома, дугъ кæнгæйæ барæгæн хъуамæ йæ бæх уа коммæгæс, йæхи алы фезмæлд дæр æнкъара æмæ ма топпæй дæр уа рæстдзæвин. Хъару хардзгæнæн фæлварæнтæн сæ фылдæр фæкæнынц цыппæрвадыгæй уайаг дугъоныл. Кæд дугъ æмæ бæхыл хъазт æнгæстæ сты, уæддæр бæхыл хъазт йæ ахастмæ гæсгæ хицæн кæны бирæ цæмæйдæрты — бæхыл-иу хъазыдысты тынгдæр иумæйаг æмæ бинонты цардимæ баст бæрæгбæтты æмæ цины хабæртты рæстæджы. Дугътæ та-иу уагътой марды кæндты заман. 

Уæвгæ дугътæ чындзæхсæвты рæстæг дæр арæзтой, уæдæ-иу бæхтыл дæр хъазыдысты. Чындзæхсæвты бæхыл хъæзтытæй зындгонддæр уыди тырыса скъæфын. Ацы æгъдауæн стыр ахадындзинад уыди. Тугъанты Махарбеджы фыст таурæгъ «Нарти Ацамази зар»-ы, чындзæхсæвы кой кæм рауайы, уым кадæггæнæг чындзхæсджыты тыххæй дзургæйæ скæны тырысахæссæджы кой: 

 

Æ къохбæлхуæцæг — рæсти Уасгерги. 

Дуккаг уахæн ин — Нарти Урузмаг. 

Сæ разæй цæуæг — бæрзонд Никкола. 

Турусахæссæг — Будури изæд. 

Бæхбæл нигъазуй цитгин Елиа. (21, II, 279 ф.) 

 

Куыд уынæм, афтæмæй нартæ дæр чындзæхсæв æнæ тырыса нæ арæзтой. Æнæ бафиппайгæ нæй, хæсгæ та-иу æй быдыры бардуаг Будури изæд кæй кодта, уый. Уый бæрны уыдысты быдырты бæркад, алы зайæг халыл дæр уый аудыдта. 

Чызгæн-иу йæ чындзæхсæвы бонмæ йæ хæдзары скодтой тырыса. Урс, сырхмæтæгхуыз кæнæ сырхбын хъуымацы дзæбæх гæппæл-иу аив лæгъзгонд лæдзæгыл бакодтой. Тырысайы хъуымацыл-иу бахуыдтой нæлгоймаджы дарæстæ: сæрак дзабыртæ, къухмæрзæн, астæубос, сахатбос, тамако дымæнтæ, хуымпъыр, дамбацабос æмæ æндæртæ. (13, 1988, № 6, 108–109 ф.) 

Чындзы-иу хæдзарæй куы ракодтой, уæд-иу йе ’мбал чызджытæ кæртмæ рахастой тырыса æмæ йæ «уæй» кодтой чындзхæсджытæн. Скодтой-иу ын, цы дзаумæттæ хуыд ыл уыди, уыдонæн сегасæй стырдæр аргъ. Тырысайæн-иу цæй æнæ балхæнгæ уыди. Фæлæ хъуыддаг ууыл нæ хицæн кодта — тырыса æмæ чындзы æвыдæй хъуамæ сæмбæлын кодтаиккой усгуры хæдзарыл. Уыцы хæс та æнцон æххæстгæнæн нæ уыди — хъæуы кæнæ сыхбæсты фæсивæд-иу чындзæхсæвы бон тырыса байсынмæ сæхи цæттæ кодтой зæрдиагæй. Æгас комбæсты хуыздæр бæхтæ-иу æрæмбырд кодтой æмæ, дугътæм цæттæ кæнгæйæ куыд вæййы, афтæ сæ-иу цæттæ кæнын райдыдтой. 

Чындзхæсджытæ-иу тырыса куы балхæдтой, уæд-иу æй бакодтой æппæты æвзыгъддæр æмæ цæхæрцæстдæр лæппуйы бар. Уымæ уыди уайаг бæх æмæ йыл сæ зæрдæ дардтой. Чындзхæсджытæ-иу сæхимæ здæхтысты цыппæрвадыгæй уайгæйæ, архайдтой, фæсте сæ чи сырдта, уыдон сæ цæмæй ма раййафой, ууыл. Гъе, афтæ-иу бацайдагъ тырысайыл тох — чындзхæсджытæ размæ тындзыдтой, иннæтæ сæ фæсте сырдтой. Тырыса-иу усгуры хæдзарыл чи сæмбæлын кодта, кæнæ-иу æй чи байста æмæ йæ фæстæмæ чызджы хæдзармæ чи æрбахаста, уыдон-иу сæ комбæсты адæмы æхсæн систы сгуыхт адæймæгтæ. Тырысайыл-иу цы дзаумæттæ бахуыдтой, уыдон-иу къорды барджытæ се ’хсæн байуæрстой. Йæ тырыса-иу кæмæн байстой, уымæн та-иу йæ худинаджы хъæр айхъуысти æмæ ма йын æрæджиау дæр зæрдæнизы хос уыди, ома, йæ тырыса кæмæн байстой, уыцы чындзхæсджытæн, уæвæн ис, æмæ сæ чындзы дæр байсой. 

Тырыса-иу лæппуйы хæдзарыл куы сæмбæлд, уæд-иу æй чындзы лæвæрттимæ равдыстой, уый фæстæ-иу чындзы баци. Чындзхæсджытæ-иу кæй байстой, уыцы тырыса цасдæры фæстæ хъуыди æлхæнын, чындзыл-иу сæмбæлди. Фенынджынтæ куыд зæгъынц, афтæмæй тырыса хъахъхъæд цыди дæргъвæтин заманты. Магион æууæлтæй хайджын уыди æмæ йыл æцæгæлоны цæст куыннæ хæца, афтæ йæ æфснайдæй дардтой. Æвгъæдыбадæгæн-иу йæ бон арын куынæ уыди кæнæ-иу ноггуырд куы фæрынчын, уæд-иу сæ уыцы тырысайæ æрæмбæрзтой. 

Уыцы æвдисæйнæгтæ дзурæг сты, тырысайыл тохы чындзы тырыса æмæ бæхыл хъазтæн æнахуыр ахаст кæй уыди, ууыл. Чындзæн-иу æй фæстæмæ кæй раттой, æфснайдæй йæ кæй дардтой, æмæ дзы æвгъæдыбадæджы арыны рæстæг æмæ рынчын сабимæ зилыны рæстæг кæй пайда кодтой, уый та дзурæг у, æрвон миниуджытæй хайджын кæй уыди, ууыл. Зæгъæн ис, æмæ чындзы тырысайы хуызы кæй уынæм хорæрзадыл аудæг цавæрдæр дуаджы. 

Кæддæр чындзæхсæвты хъæзтыты рæстæг кæмæй пайда кодтой, æмæ лæвæрттæй фæлыст чи уыди, уыцы тырыса æгъдауы цыди нæ æнусы 30–40-æм азты онг. Фæлæ дзы Кæсæг-Балхъары хъæуты чындзæхсæвты ныр дæр пайда кæнынц. Уыцы фæтк баззади Ирыстоны пысылмон хъæуты дæр, уымæн æмæ сыл ахады æрвылбоны царды культурæйы тæваг. Уæлдæр кæй кой кодтам, бæхыл хъæзтыты уыцы хуыз дæр хорз зындгонд у кæсгон хъæуты. 

Чындзæхсæвы тырыса ирон пысылмон хъæуты ныронг кæй баззади, уымæ гæсгæ фендæр йæ аивадон фæлыст дæр. Дзырдæн зæгъæм, Санкт-Петербурджы этнографийы паддзахадон музейы ис ирон чындзæхсæвы тырыса. Йæ дæргъ у 1 метр, йæ уæрх — метры æрдæг. У, астæуккаг заманты бæхджын стæрæн цы тырыса уыди, уый хуызæн — æртæкъуымон, йæ тигътæ — тымбылгонд. У дыууæ хуызæй конд — урс æмæ сырхмæтæгæнгæс. Йæ хъæдмæ фидаргонд хай у урс, ууыл кæрæдзи сæрмæ дыууæ сырхмæтæгхуыз Мæйы хуыд, сæ сыкъатæ — фæстæрдæм. Тырысайы иннæ цæхгæр арæн хай — сырхмæтæгхуыз. 

Нæ хъуыды фæбæлвырд кæнæм: ацы тырысайыл йæ фæд ныууагъта алайнаг хæстон тырысаты æддаг конд, йæ ахорæнтæн дæр ис сæ фыццаджы нысаниуæг. Хорз зонæм, кæй кой скодтам, уыцы хуызтæ кæй сты, рагон уæларвон æмбарынад фарн нысангæнæг. Хъазæн чындзытæ бæрæгбæтты куыд ахадыдтой, ууыл дзургæйæ, бафиппайдтам, урс æмæ сæ сырхмæтæгхуыз хъуымацы гæппæлтæй кæй фæлыстой, уымæй тыхджындæр кодта сæ æрвон нысаниуæг. Нæ хъуыды бафидар кæнынæн æрхæсдзыстæм ахæм цымыдисаг æвдисæн. Дагъистаны бæстæзонæн музейы æвæрд ис Шамилы цалдæр хæстон тырысайы. Уыдонæй иу йæ кондмæ æмæ хуызмæ гæсгæ у ирон чындзæхсæвы тырысайы æнгæсæнтæ. 

Чындзæхсæвы тырыса ирæттæм раздæры заманты куыд ахсджиаг уыди, уымæн æвдисæн у чындзы хыз-иу цæмæй систой, уыцы сæрызæды|сæризæди къимбус чысыл тырыса дæр. Хуыз-иу иста лæппуйы хæстæджытæй исчи, æрыгон лæппу, уыдис æм-иу чындзы чырынæй ист чысыл тырыса. Хыз сисыны размæ-иу хуызисæг тырыса æртæ зылды æркодта кæнæ æртæ тылды бакодта чындзы сæрмæ æмæ-иу хъæрæй загъта: «Фарн, фарн, фарн! Авд лæппуйы æмæ иу цъæхчызг! Фарн, фарн, фарн!» 

Куыд уынæм, афтæмæй æнæ тырысайæ хыз нæ истой. Уый уыди, уæларвон тых кæмæ хæццæ кодта æмæ чындзы бинонтыл чи баста, ахæм нысан. Ууыл дзурæг сты, бирæ цот ын цæмæй рацæуа, уый тыххæй хуызисæг цы арфæйы ныхæстæ фæзæгъы, уыдон дæр. Уæдæ тырысайы ном — сæрызæд — ома, чындзыл аудæг дæр ууыл дзурæг у. Дыгуронау зæдмæ æфтыд цæуы къимбус, гæбаз. Тырыса фылдæр хатт вæййы урс хъуымацæй, йæ кæрæтты йын аласынц сырх кæнæ сырхмæтæгхуыз цыллæ уадздзаг, стæмдæр хатт — æрвхуыз уадздзаг — чызг сыгъдæгцæсгом кæй у, уымæн æвдисæн. Уымæн сæ-иу хъахъхъæдтой бирæ рæстæджыты дæргъы. Сæрызæды тырыса-иу хæдзары сылæгъдæджы/сылгоймæгты хай/къуымы батъыстой. Ныр та йæ къæбицы сæвæрынц — уый та цæуы кæддæры ирон хæдзары бæсты. 

Уæдæ афтæ зæгъæн ис: чындзæхсæвы тырыса æмæ сæрызæды тырыса сты ахсджиаг нысанхæссæг æвдисæйнæгтæ. Адæм куыд нымадтой, афтæмæй сырх æмæ сырхмæтæгхуызтæ баст уыдысты хорæрзадимæ, урс æмæ æрвхуыз та уыдысты сыгъдæгдзинады нысантæ. 

Ныхас кæй тыххæй рауад, уыцы хъазты хуызтæй иу уыди Худскъæфæн. Хуыздæр бæхты хицæуттæн-иу, йæ дугъон уайагдæр кæмæн у, уый сбæрæг кæныны тыххæй бацайдагъ худтæ скъæфыны хъазт. Уый-иу уыди чындзæхсæвы рæстæг. Худаскъæфæджы-иу худы хицау куы фæцæйæййæфта, уæд-иу худ баппæрстой чындзы бричкæмæ. Ахæм «уацайраджы»-иу чындзы æмбал чызджытæй бахъуыди йæ худ æлхæнын. Лæвæрдта сын æхца кæнæ исты лæвар. Худ скъæфынæй хъазыдысты æнæуи бæрæгбæтты дæр. (13, 1988, № 6, 109 ф.) 

Чындзæхсæвы адæм бирæ уарзтой бæхыл хъазтмæ кæсын. Барæг-иу равдыста, бæх ын куыд коммæгæс у æмæ хæцæнгарзимæ архайынмæ куыд дæсны у, уыдæттæ. Уæлдай арфæйагдæр-иу фесты, кафæн фæзмæ баирвæзын-иу йæ къухы кæмæн бафтыд, уыцы барджытæ. Ахæмæн кодтой сæрмагонд цагъд, хуынди бæхтæн цагъд. Барæг-иу бæхыл æркодта рог кафт. Сæ цæхæрцæстдæртæ-иу хæдзары дæр смидæг сты. Уый та афтæ æнцонæй не ’фтыди къухы — хæдзар æмызмæлд кодта адæмæй, схизын хъуыди нарæг асиныл, хæдзары тарваз-иу уыди ныллæг. Фæткмæ гæсгæ ахæм сгуыхт барæгæн хастой хуын: æртæ чъирийы, дурыны дзаг арахъхъ æмæ дзидзайы хай. 

Бæхыл хъæзтытæ кадджын уыдысты къæлиндары хыгъд бæрæгбæтты рæстæг дæр. Ахæм хъæзтытæ-иу сарæзтой Хуыцауы дзуары бæрæгбоны рæстæг дæр. Уый уыди уалдзæджы, бон æмæ-иу æхсæв æмбæрцытæ куы баисты, уыцы рæстæг. (13, 1988, № 2, 104 ф.) Бæх уыди, Хур кæй хуызы бацыди æмæ йæ архайд æрдзы тыхты райхъал кæнымæ арæзт кæмæн уыди, ахæм сурæт. Уымæн-иу архайдтой уыцы бæрæгбоны дæр. 

Бæх зайæгхал рæзынгæнæг æмæ бæркадхæссæг магион миниуджытæй хайджын кæй уыди, уымæ гæсгæ архайдта куыстимæ баст бæрæгбæтты дæр. Фенынджынты æвдисæйнæгтæм гæсгæ-иу Дзывгъисы дзуары бæрæгбон кодтой, фæззæджы быдырон куыстытæ-иу куы фесты, уæд. Архайдтой-иу дзы 200–300 барæджы. 30–40-гай барджытыл-иу фæдихтæ сты, æмæ-иу бæхыл хъазты рæстæг алчи йæ алы арæхстдзинад æвдыста. Аргъгæнæг та сын-иу уыдысты фенынджын хистæртæ. Хуыздæр барæг æмæ-иу хуыздæр дугъоны рахицæн кодтой; адæмы номæй-иу барæгæн раттой цыты нуазæн. Ахæм нуазæны аккаг дæ скæной, уый стыр амонд уыди æмæ-иу ацы хъæзтытæм сæхи рагацау цæттæ кæнын райдыдтой. 

Барджытæ ма-иу архайдтой æндæр ерысты дæр. Фæкъордтæ-иу сты, æмæ-иу ерысы бацыдысты, бæрæгбоны бæгæны кæм æхсыстой (хуыдтой йæ бæгæныстон), уырдæм нæ чи баирвæзид, зæгъгæ. Сæ фæндаг сын æхгæдтой фистæг адæм. Уыдоны къухты уыди къæркъæргæнæгтæ, лæдзджытæ, нымæты гæбæзтæ, хæцъилтæ. Тæрсын-иу кодтой бæхты, æвзыстбй барджытæм. Æууæрст бæхы хицауы къухы-иу бафтыди бæгæныæхсидджыты цурмæ баирвæзын. Уымæ-иу æрхаудис бæрæгбоны бæгæныйæ бануазыны бар. Боны дæргъы-иу уыцы хъазт дæс хатты сног кодтой. (13, 1988, № 3, 101 ф.) 

Цымыдисаг сты, бæхтæй тынг кæм пайда кодтой, уыцы марды кæндтæ. Абайты Васойы хъуыдымæ гæсгæ дугъ у, «Астæуккагазиаг тюркаг æвзæгтæй алантæ раджы кæй райстой, ахæм дзырд». Абайы-фырт раиртæста «марды кæнд» æмæ «дугъæн» иумæйагæй цы ис, уый, фæлæ дзырд «дугъ» нымайы тюркаг æвзæгтæй æрбафтæгыл. (5, т. I, 374 ф.) Бæхдарынад индоирайнаг æмæ индоевропæйаг адæмты историимæ баст кæй у, уый хынцгæйæ ма ис æндæр хъуыды дæр. Скæсæйнаг адæмты цард англисаг иртасæг сэр Гарольд В. Бэйли нарты тыххæй йæ монографион куысты зæгъы, зæгъгæ, дзырд «дугъ»-ы бындуры ис рагон ирайнаг dau a — «згъорын». Уыцы дзырд, дам, тюркаг знæмтæй кæй райстой, уый 598 азы банысан кодта Менандр Протектор. Фыдæлтæй баззайгæ марды кæндты рæстæг цы дугътæ рауадзынц, уыдон хуыйныц æмбойны дугъ, стыр дугъ, æлæм, фырыскъæфæн æмæ фиусудзæн. Æмбойны дугъ уагътой мардæвæрæн бон. Сæ арæзтмæ гæсгæ уыдысты хуымæтæг, архайдта-иу дзы цалдæр бæхы. Бæхтыл-иу сбадтысты лæппутæ, чи сæ цы бынат бацахста, уымæ гæсгæ сын-иу ракодтой лæвæрттæ, фæстагдæр рæстæджы та сын лæвæрдтой æхца. 

Дугътæм цæттæ кæныны рæстæг-иу хъæрæй загътой, цавæр дугътæ уыдзысты æмæ барджытæн цавæр лæвæрттæ ракæндзысты, уыдæттæ. Лæвæрттæм гæсгæ-иу барджытæ зыдтой, цас дæрддзæгмæ дугъ кæндзысты, уый. Дугътæ-иу уагътой иу зиллаччы алыварс кæнæ та бæлвырд фæндагыл. 

Фыццæгтæ-иу æнæрынцойæ зиллаччы алыварс æртæ зылды æркодтой. Фæлтæрдджын барджытæ-иу дыууæ фыццаг зылды рæстæг архайдтой, цæмæй се ’мбæлттæй фæсте ма баззайой, ууыл, сæ бæхтыл-иу æртыккаг зылдмæ фæцауæрстой. Æвæлтæрд барæг та-иу райдианты йæ бæхы бастаин кодта æмæ-иу фæуæлахиз дæсныдæртæй исчи. 

Стыр дугъ-иу ахаста цалдæр боны дæр, уымæн æмæ-иу мæрдджынты фæдзæхстмæ гæсгæ дугъы архайджытæ сыхаг хъæуты бабæрæг кодтой уыдонæн сæ хæстæджыты дæр. Ирон литературæйы ацы дугъты кой арæх вæййы æмæ сыл лæмбынæгæй нæ дзурдзынæн. Æрмæст бафиппайдзыстæм: уыцы дугътæ иннæтæй хицæн кодтой, хъузæттæ дзы кæй архайдта, уымæй. Ацы темæйыл Тугъанты Махарбег цы зындгонд графикон ныв скодта, уымæн йæ оригинал æвæрд у Цæгат Ирыстоны паддзахадон музейы Дзæуджыхъæуы. (II, 81 н/в 1320) 

Хъузæттæ-иу архайдтой (уæлдайдæр хæххон уавæрты) дугъуат фæндаджы кæцыдæр рæтты, уыдонмæ лæвæрттæ нæ хауди. Алы барæг дæр-иу сæрмагондæй йæхицæн æвзæрста æххуысгæнжытæ. Йæ бæхы фæразондзинадæй аразгæ уыди хъузæтты нымæц. Дугъы фæндаджы зындæр рæтты-иу слæууыдысты дыгай барджытæ — хъузæттæ. Сæ иу дугъоны йæ рохтæй размæ ласта, иннæ йыл фæсте хъæр, æхситт кодта. Баххуыс-иу кодтой дугъы архайæг барæгæн, йæ бæх-иу йæ быны куы фæмард (ахæм хабæрттæ та-иу хæхты арæх уыди), уæд дæр. (13, 1988, № 9, 90–91 ф.) 

Ирон адæмы культурæ æмæ æвзаг иртасæг академик А.М. Шёгрен афтæ фыста: «... дугътæ-иу рауагътой, марды сæйраг æртæ кæндæй иуы размæ, марды бæх, йæ хъыримаг æмæ æндæр дзаумæттæ-иу лæвæрд цыдысты, барджытæй чи цы лæгдзинад равдыста, уымæ гæсгæ куыд-зынаргъдæрæй. Æппæты кадджындæр лæвар уыди бæх, уый фæстæ — топп... Æппæт дæр-иу куы сцæттæ кодтой, уæд-иу хистæртæй равзæрстой тæрхонгæнджытæ, уый фæстæ-иу райдыдтой дугътæ. Æз фæраздæрон, зæгъгæ, ерыс кодтой, тæхгæ-тæхын милмæ æхстой, зæххæй-иу исты фелвæстой, цæвиттон, алчи æвдыста йæ алы арæхстдзинад. Хъазт-иу фæци тæрхонгæнджыты уынаффæмæ гæсгæ, уый фæстæ-иу чи фесгуыхт, уыдонæн лæвæрттæ ракодтой æмæ-иу сæ фынгмæ бахуыдтой; ахæм хистытæ-иу мæрдджынты смæгуыр кодтой, уымæ гæсгæ ма сæ кæнынц æрмæстдæр бонджынтæ; дугъ ауадзынц, фæлæ лæвæрттæ нал кæнынц; майрæмбонты ма искуы иу хатт хуымæтæджы марды кæнды размæ хъæуы уынджы фенæн вæййы цалдæр дугъы уайæг барæджы, уæлдæфмæ гæрæхтæ кæнгæ». (10, I, 75 ф.) 

Æцæгæй дæр, мæрдтæн-иу кæй рауагътой, уыцы дугътæ (уæлдайдæр фæззыгон Стыр дугъ)-иу тынг батыхсын кодтой адæмы. Адæм-иу æгæр кæй смæгуыр сты, æнамонд хабæрттæ дзы-иу кæй æрцыд, уымæ гæсгæ Уæрæсейæ æрвыст хицауад нал уагътой марды номыл дугъ уадзын. Ирон сауджын Гатеты Б. куыд дзырдта, афтæмæй: «Æхсайæм азты фæстаг æмбисæй 1873 азмæ марды номыл дугътæ никуал уагътой æмæ адæмæй рох кæнын байдыдтой, фæлæ та, хъыгагæн, 1873 азы дзырддзæугæ пысылмæттæй иу, дыгурон, хицауадæй ракуырдта йæ марды номыл дугъ рауадзыны бар. Гъе, æмæ хохæгтæ бирæ цыдæртæ куырмæджы кæй кæнынц, уымæ гæсгæ йæ бафæзмыдтой æгас Дыгургом дæр, уыдон фæстæ та иннæ рæтты цæрæг адæм (10, 1, 201 ф.) 

Дугъты равзæрды тыххæй нæм ис цалдæр зонадон хъуыдыйы, фæлæ уыдон бынтон раст не сты. Не ’мкусæг Дзаттиаты Р.Г. йæ иртасæн куысты равдыста, уыцы ирон æгъдау тынг рагон кæй у, суанг уартæ скифты рагзамантæй кæй æрхæццæ, уыдæттæ. Æппæты райдианты дугъты архайдтой хиуæттæ, барджытæ-иу нымадæй уыдысты цалдæр, тæрхонгæнæг хистæртæ-иу сбæрæг кодтой уæлахизуæвджыты æмæ сын-иу марды дарæстæй истытæ балæвар кодтой. Уыцы дарæстæ æмæ хæцæнгæрзтæ-иу уыдысты марды мулк æвдисæг нысантæ æмæ-иу хъуамæ бауыдаиккой хиуæтты. Бæлвырддæр зæгъгæйæ та, мардæн йе ’вæрæн кæнæ йæ афæдзы бон кæй уагътой, уыцы дугътæ сты, не заманты-иу марды бынтæ хиуæтты æхсæн уаргæйæ цы хъæддаг æгъдау уыди, уый фæдтæ. (30, 22–29 ф.) 

Раздæры заманты ма-иу фæззæджы марды кæндты рæстæг дæр сарæзтой бæхтыл хъазт æмæ хуынди фиусудзæн. Æппæты разæй уый тыххæй загъта ирæтты цард иртасæг Тотраты В.К. Хисты бон къабузджын бæласыл ауыгътой, уый размæ марды кæндæн кæй аргæвстой, ахæм кусæрттæгты фиутæ. Бæласы зæнджы алыварс калдтой хус къалиутæ æмæ хъæмп æмæ сыл-иу бандзæрстой. Дугътæм-иу кастысты адæм, архайдта дзы-иу нымадæй цалдæр барæджы. Архайдтой уайгæ-уайын пиллон арты æвзæгты æхсæнæй фиу раскъæфыныл. Фылдæр фиутæ-иу кæй къухы бафтыд, уый нымад цыд уæлахизуæвæгыл. Лæвар ын кодтой фыр æмæ-иу æй уый мардæн ныххæлар кодта. 

Фыдæлтæй чи баззади æмæ марды кæндты рæстæг кæй уагътой, уыцы дугътæй иу та хуынди æлæмхæссæн. Иутæ-иу сæ сарæзтой мæрдты бадæнты рæстæг. Бадæнтæ та кодтой Комахсæнты. 

Дугъты ном афтæ хуыйны æлæммæ гæсгæ. Мард нæлгоймаджы номыл æй цæттæ кодтой мардæн йæ хотæ кæнæ йæ чызджытæ. Бæрæгбонмæ сæрмагондæй æлхæдтой дунейы дыргътæ æмæ адджинæгтæ. В.Ф. Миллер фыста: «Æлæм (илæн) уыди дзуар кæнæ æфсæддон тырысайы æнгæс, арæзт уыди дзуарса хуыд хъилтæй, цы бæттæнтæ сæ æрзæбул, уыдоныл-иу бастой мыдамæстытæ, æнгузтæ, къафеттæ æмæ сæ-иу рауади хæлттæ». (7, II, 272 ф.) Дыргътæ æмæ къафеттæ кæуыл ауыгътой, ахæм бæттæнæй быд хызæй сылгоймæгтæ кодтой худ, хæдон, ехс, хъæдын топп, æмæ, хæстон барæджы чи хъуыди, алы ахæм дарæстæ æмæ æндæртæ. 

Уыдон уæрстой барджытыл, æлæм лæвæрдтой къорды хистæрмæ. Барджытæ хъæуыл зылдысты цыппæрвадыгæй. Сæ размæ-иу къорд адæймаджы куы фæци, уæлдайдæр сывæллæттæ, уæд-иу сæ æлæмтæ ныууыгътой. Чи æрызгъæлди, уыцы дыргътæ æмæ-иу адджинæгтæ хъæр-хъæлæба кæнгæ сабитæ рауыгътой. Афтæ кодтой, æлæмыл-иу чысыл цыдæртæ йеддæмæ цалынмæ нал уыд, уæдмæ. Уый фæстæ-иу ацыдысты уæлмæрдтæм æмæ ма сæм цы баззад, уыдон уæрстой сæхи æхсæн. Æлæмы хъæд æмæ «дарæстæ»-иу ингæныл сæвæрдтой. Уæлмæрдтæй мæрдджыны хæдзармæ здæхтысты æзфæразæйонæй дугъ кæнгæйæ. Се ’рцыдмæ-иу фынгтæ æвæрд уыдысты. 

Æлæм арæзтой мард нæлгоймæгты номыл, сылгоймæгтæн-иу сфæлыстой зазы къалиу. Фенынджынтæй иуты хъуыдымæ гæсгæ æлæм æмæ зазы къалиу сæ ахадындзинадмæ гæсгæ сты æмхуызон. Уый уымæй бæрæг кæны æмæ-иу хатгай мард нæлгоймагæн дæр сфæлыстой зазы къалиу. Иннæты хъуыдымæ гæсгæ та, кæд æмдых сты, уæддæр нæлгоймаг кæнæ сылгоймагæн конд кæй вæййынц, уый сæ кæрæдзийæ æнæ иртасгæ нæу. Афтæ банымайæн ис, æмæ æлæм у «царддæттæг бæлас» (царды гуырæн). Марды кæндты дзы тынг уымæн пайда кодтой æмæ уыди тыхджын нысаниуæгæй хайджын. 

Нæ хъуыды тынгдæр райхалыны тыххæй нæ зæрдыл æрлæууын кæнæм: уырыссагау «тис» кæй хонынц, уыцы заз-иу сагътой уæлмæрдты, ома, дам, у цардыл уæлахизгæнæг нысан, æмæ дзы-иу спайда кодтой, сæ архайд бæркæдтæ дæттын æмæ цардæндидзынмæ арæзт кæмæн у, ахæм æгъдæутты рæстæг. Цы æвдисæйнæгтæ æрхастам, уыдон дзурынц æлæм æмæ æнусон цъæх фæлыст зазы къалиу мидтæгтæй баст кæй сты, ууыл. Уыцы иу рæстæг уыдон баст сты тырысаимæ дæр. Æвзагзонынады æрмæджытæй куыд рабæрæг, афтæмæй æлæмы бындуры æвæрд ис араббаг-персайнаг уидаг «’Lm», уымæн йæ райдианы мидис у «нысан — тырыса — алæмæттаг диссаг». Ацы дзырдтæ сты комкоммæ «тырысаимæ» баст. Нæ зæрдыл æрлæууын кæнæм гуырдзиаг дзырд «алами», суайнаг «лем» æмæ мæхъхъæлон «æлæм беккха». 

Ирон этнографион æрмæджытæм гæсгæ куыд рабæрæг, афтæмæй-иу нæлгоймаг æрыгонæй куы амард, уæд æнæмæнг кодтой сау тырыса. Тырысайы бинаг къуым-иу зулаив алыг кодтой, йæ хъæдыл та йын бастой сау уадздзаг, йæ кæрæттæ-иу æрзæбул сты. Дугъы рæстæг æлæм лæвæрдтой барджыты тыхджындæрмæ, тырыса та, æвзыгъддæр дугъон кæмæ уыди, уымæ. Афтæ дæр зæгъынц, зæгъгæ, тырысайыл фыстой, дугъ кæй номыл уагътой, уый ном. Историон фольклоры æвдисæйнæгтæм гæсгæ ацы æгъдау нæ фыдæлтæ кодтой астæуккаг æнусты дæр. «Бадилатæ Цæргæстæй хъалон куыд истой», зæгъгæ, уыцы фыдæлты таурæгъ æнæхъæнæй дæр амад у уыцы хабæртты бындурыл. 

Проф. Æлборты Барысбийы фыстытæй (сты Гуманитарон иртасæн институты) зонæм марды «„тырыса“ кæй у дзæнæты къалиу», æмæ ацы къалиуы тыххæй зæгъы: «Дзæнæты бæлæстæй дын уæд дыргътæ тоныны бар». Ирон адæмы цард чи зыдта, уыдон ирдæй фæбæрæг кодтой, марды кæндты рæстæг тырысайæн цы нысаниуæг ис, уый. Тырыса у царды суадон. 

Санкт-Петербурджы этнографийы музейы ис саударæн тырыса, у сау æмæ урс хъуымацы гæппæлтæй хуыд. Йæ уæллаг хай у сау, йæ фæйнæ кæроны фæйнæ урс хæцъилын дзуары хуыд. Бинаг хай у урс, уæллагæй къаддæр. Ам дæр сауы хæд бынмæ йæ фæйнæ кæроныл ис фæйнæ урс дзуары хуыд. Тырысайы астæу сырхмæтæгхуыз гæххæттæй ромбæнгæс дзуар хуыд. 

Ацы тырыса чындзæхсæвы тырысаимæ куы абарæм, уæд фендзыстæм йæ кондмæ, йæ хуызмæ æмæ йæ фæлыстмæ гæсгæ тынг кæй хицæн кæнынц. Бафиппайын хъæуы, марды кæндтæн конд тырыса дæр æмæ æлæм дæр зындгонд сты чырыстон ирæттæн, уый та бæрæг у йæ фæлыстæй — чындзæхсæвы тырысайыл нывгонд ис æрдæгмæй, ам та — дзуар. 

Йæ бинаг кæрон къæпхæнтæ куыд рауайа, афтæ кæмæн лыг кодтой, уыцы тырыса конд цыди сæрмагонд мадзалмæ гæсгæ. Тырыса зулаив лыггонд кæй цыди, уый нысан кодта адæймаг зæххон цардæй кæй ахицæн, уый. Йæ бинаг кæрон зулаив кæнæ къæпхæнтæ лыг кæмæн æрцыд, ахæм тырыса нывгонд у Стъараполы бæстæзонæн музейы кæрты æвæрд алайнаг паддзахы дурын чырыны къулыл. 

Тырыса саударæн кæй у, уымæ гæсгæ йыл хъуамæ уа дыууæ хатты дыгай дзуартæ, уымæн æмæ ирон æгъдаумæ гæсгæ нымæц дыууæ у марды кæндтимæ баст. Уыцы уавæр абон дæр нæ аивта. Æнæуи бонты ирæттæ къæйттæй сæхи хизынц, марды æгъдауы рæстæджы та уый сæрмагондæй бахынцынц. Кæй æрæмных кæнынц, ахæм сау æмæ урс хуызты сырхмæтæгхуыз куы фæбæтты, уæд иумæ фæнысан кæнынц мæлæт, сыгъдæгдзинад æмæ цард. Уыдон иумæ та æвдисæн сты, мард æндæр фæлгонц кæй райсы æмæ «æцæг дунемæ» кæй ацæуы, уымæн. Хорз зонæм, «хæдзарвæндаджы сæйраг мидис баст кæй у царддæттæг тыхтимæ, æнусон цардимæ æмæ йæхицæй аразгæ æнæмæлæт уæвынимæ... 

Марды кæндты рæстæг кæй кодтой, уыцы бæхыл хъæзтыты æхсæн ахсджиаг уыди милмæ æхсын — хъабахъ. Милмæ æхстой уæлбæхæй дæр æмæ фистæгæй дæр. Зæххы кæй къуырдтой, ахæм æртæ тымбыл хъæдмæ-иу ныффидар кодтой хъил. Йæ цъуппыл-иу ын æрцарæзтой мысан фæйнæг, фæйнæджы астæу — нымæты кæнæ сæрачы гæбаз, сæ фæйнæ фæрсты — цъозтæ. Нысаны астæу кæй нæмыг суадаид, уый-иу рамбылдта уæныг кæнæ фыр, цъозтæ-иу чи акъуырдта, уымæн та — æхцайы лæвар. Фыццаг æхсты бар лæвæрдтой марды хæстæджытæй искæмæн. Уый фæстæ-иу ерыстæ райдыдтой. Рагацау алчидæр йæ рад зыдта æмæ-иу кæрæдзи фæдыл æхстой мысанмæ. Фыццаг гæрæхты фæстæ-иу сæйраг мысан фæкъахыртæ æмæ-иу иннæтæн фæзындæр ис мысан къуырын. Хатгай дзы-иу разынди, бæхыл цыппæрвадыгæй уайгæйæ мысан чи æрæппæрста, ахæм рæстдзæвинтæ дæр. Цæвиттон, «Xъабахъ» кæй хуыдтой, уыцы хъазт-иу еси бæхыл хъазты хуызæн. Чи фæуæлахиз, уыдон адæмы цæсты тынг кадджын уыдысты, ома, фесгуыхын цыфæнды лæвæрттæй дæр кадджындæр уыди. Хъабахъ чи æрæппæрста кæнæ марды кæндты æндæр ерысты чи фæуæлахиз, уыдонæн-иу лæвæрттæ сæхимæ нæ баззыдысты. Фосæй-иу цы рамбылдтой, уыдон дæр-иу марды хæрнæгæн бахъуыдысты, уæдæ ма-иу фæуæлахиз уæвæджы бинонтæ марды фынгæн сæхицæй истытæ скодтой. 

Бæхыл хъæзтытæ фыдæлтæй баззайæг марды кæндты рæстæг ахсджиаг бынат ахстой. Уæлдæр цы æвдисæйнæгтæ фæнымадтам, уыдон нын дæттынц фидарæй афтæ зæгъыны бар: ирон адæмы æмæ уыдоны рагфыдæлты дунембарынады бæхимæ бирæ цыдæртæ бастой. Фæлæ дзы марды кæндты рæстæг æнувыдæй пайда кæнын кæд байдыдтой, уый бæлвырд бæрæг нæу. 

Ацы æгъдæуттыл дзургæйæ, зæгъын хъæуы бæхфæлдисынæн сæрмагонд нысаниуæг кæй ис, уый тыххæй. Йæ мидисмæ æмæ йæ арæзтмæ гæсгæ дæр ацы æгъдау цымыдисаг у æмæ бæрæг у, ирæттæ йæ XVIII æнусы дæр кæй кодтой, уый. Уый тыххæй нын фæстæдæры иртасджытæ А.М. Шёгрен, В.Ф. Миллер, Тугъанты М.С. æмæ æндæртæ фехъусын кодтой сæ зонинæгтæ. Историон абарсты мадзалæй пайда кæнгæйæ, ацы æгъдау сæрмагондæй сбæрæг кодта ирæтты цард иртасæг зындгонд ахуыргонд Калоты Барис. В.Ф. Миллеры, Ж. Дюмезилы æмæ Абайты Васойы фæстæ уый дæр бæхфæлдисын нымайы скифтæ æмæ сарматтæй баззайæг æгъдауыл. 

Æз ыл бæлвырд нæ дзурдзынæн, зæгъдзынæн ацы æгъдауы сæйраг фæзилæнты тыххæй. Йæ ахсджиагдæр мидис у, адæймаг уæлæуыл куыд царди, мæрдты бæстæйы дæр афтæ кæй цæрдзæн, уый. Уым дæр кæй цæрынц æмæ адæймагæн зæххон царды уавæртæ кæй саразын хъæуы, ууыл кæй æууæндыдысты, уымæ гæсгæ-иу марды йæ бинонтæ, хиуæттæ афтæ бацæттæ кодтой, цыма дард фæндагыл цыди. Уыцы балцы рæстæг, бæгуыдæр, æппæты ахсджиагдæр уыди саргъыбæх. 

Уымæ гæсгæ-иу ын фæлдыстой бæх. Бæхы-иу сифтонг кодтой, йæ саргъыл — марды дарæстæ æмæ йæ хæцæнгарз ауыгъд, чырыны алыварс-иу æй æрзилын кодтой, рохтæ-иу марды къухмæ раттой. Уый фæстæ-иу ын æй ныффæлдыстой. Уый хуынди бæхфæлдисыны аргъуыд. Бæхы хъус-иу уыгард лыг ныккодтой, йæ цармæй йын æлвыдтой гæбаз. Уый фæстæ-иу, бæх мардимæ мæрдты бæсты кæй уыдзæн, уый гуырысхойаг нал уыди. 

Уыцы дзырд «фæлдыст»-æй нырыккон ирон æвзаджы пайдагонд цæуы æндæр хуызы. Зæгъæм, сфæлдыстадон куыст кæнын. Куыд зæгъынц, афтæмæй сæ дыууæйы мидис дæр у иу — кæлæнгæнæг, уæларвон хъомысæй сты хайджын. Бæлвырддæр ын зæгъæн ис афтæ: фæлдисын, ома, сфæлдыстадон уавæр расайæн ис лæгъстæтæ æмæ сомыты руаджы, ныффæлдисын, ома нывонд кæнын, уый та амоны зæххон дунейæ мæрдты бæстæм æрвитын. 

Ахсджиаг у, бæхфæлдисæн аргъуыды ныхæстæй цы фæзагъдæуы, уый. Райдианы бæхфæлдисæг фæзæгъы Терк-Турчы бæстæтыл бирæ кæй фæзылдысты. Бирæ рæгъæуттæ федтой, фæлæ дзы дæу аккаг бæх никуы разынди. Ахæм æфсургъ разындзæн уæлæрвты цæрæг Уастырджимæ. Уый йын йæ балцы фæндагмæ сфæлыстой, цæфхады болатфидар зæрин зæгæлæй дахран саргъы онг ын алцыдæр самал кодтой. Арæх ын ахæм лæвæрттæ ракæнынц Мæйы, Хуры æмæ Фарны фырттæ. Уæларвон рæгъæуттимæ чи фæхызти, уыцы бæх йæ дард балцы уыдзæн тыхджын, уайаг æмæ коммæгæс. 

Бæхфæлдисыны ныхæстæ сты фæрстытæ æмæ дзуаппытæй арæзт. Мæрдты бæстæм цæугæйæ, фæндагыл мард уыны æнахуыр нывтæ æмæ афæрсы йæ фæндарастгæнæджы. Уый йын алцыдæр бамбарын кæны. Нывæфтыд, цыргъзонд æвзагæй æвдыст цæуынц, уæлæуыл царды адæймагмæ цы хъæндзинæдтæ уыди, цы тæригъæдтæ ракодта æмæ сæ ныр мæрдты æгъдауæй куыд фиды, зындоны арты куыд судзы, алы æбуалгъ хъизæмæрттæ куыд æвзары, уыдæттæ. Зæгъын хъæуы уый, æмæ нæм бæхфæлдисыны ныхæстæй цы ис, уыдоны æвзаг кæй у нывæфтыд, аивадон æгъдауæй æвæджиау хъæздыг. (21, т. II, 396–416 ф.) 

Адæмон сфæлдыстады ацы цыртдзæвæн, хъыгагæн, нырма лæмбынæг æвзæрст нæма æрцыди. Уæвгæ та бæхфæлдисыны ирон тексттæ иртæстгонд куы æрцæуиккой, уæд нын уыцы куыст тынг фæахъаз уаид. Историон абарсты мадзалы руаджы цы чысыл иртасæн куыст бакæнын бафтыди къухы, уыдон нын равдыстой махмæ æмæ Ригведæйы бæхфæлдисыны æгъдæуттæ тынг æмхуызон кæй сты канд сæ сæйраг мидисмæ гæсгæ нæ, фæлæ ма сæ лыстæг фæзилæнтæм гæсгæ дæр. (X, 56). 

Бæхдарынад рагон заманты кæй фæзынд æмæ бæх семиотикон æгъдауæй куыд бæрзонд æвæрд цыди, уый руаджы нæ ферох ис, незаманты æрвон миниуджытæй æгæрон хайджын кæй уыди, уый. Гъе, æмæ ацы марды кæндты руаджы уæлдай тынгдæр раргом сты, фæндагыл цæуыны фæрæз чи сси, уыцы бæх йæхæдæг æмæ йæ рагзаманты æрвон æууæлтæй хайджын кæй кодтой, уыдæттæн иумæйагæй цы ис, уый. Фæлдыст бæх хъуамæ адæймаджы фæхæццæ кодтаид йæ уæларвон дунемæ, цæлхдурты сæрты ахызтаид. Уыцы бастдзинæдтæ бамбарынæн нын фæахъаз уыдзысты, незаманты индоевропæйаг дунейы бæхы тыххæй цы уырнындзинæдтæ уыди, уыдон. 

Куыд рабæрæг, афтæмæй рагон ирайнæгтæ табу кодтой бæхтæн, уымæн æмæ бæх уыди, уæларвон тыхтæ зæхмæ кæй хуызы æрцыдысты, ахæм цæрæгой. Æвæццæгæн, бæх уадæмтагъд æрдзæй кæй фæци, уымæн сæ уырныдта, æрвон æууæлтæй хайджын у, уый. Нæ рагфыдæлтæ куыд хъуыды кодтой, афтæмæй бæрзонд æмæ ныллæгæн, тагъд æмæ сындæгæн, рухс æмæ талынгæн уыдис иу уавæрæй иннæмæ рахизыны нысаниуæг. Æцæгæй дæр бæх хайджын у фыццаг миниуджытæй, уыдон та баст сты Хур æмæ стъалытимæ. Бæлвырддæр дзургæйæ, бæх у Хуры сурæт хæссæг. Индоевропæйаг æмæ индоирайнаг поэзийы арæх æмбæлы Хуры сурæт æмæ йæ хонынц «Уадæмдзу бæхджын Хур». 

Нæ ацы хъуыдытæн нын æвдисæн сты, уæлдæр кæуыл дзырдтам, уыцы хъæзтытæн сæ ахаст дæр æмæ, цы нысæнттæй хайджын сты, уыдæттæ дæр... 

Марды кæндты рæстæг ма уыди, хъабахъ кæй хуыдтой, уыцы хъæзтыты хуызтæй ноджыдæр иу бырæн хъил. Ам хъуыди лæгъзбуар, æмдымбыл хъæдыл сбырын æмæ йын йæ сæрыл цы сæвæрой, уый æрисын. Ацы ран хъæд у, «уыцы бæстæмæ», дзæнæтмæ хонæг фæрæз. 

Бæхыл хъæзтытæ царды домæнтæй кæй равзæрдысты æмæ бæх æрвон æууæлтæй хайджын кæй уыди, уымæ гæсгæ сæ рæзты фæндаг рауади дæргъвæтин æмæ æрхæццæ сты мах рæстæгмæ. Æхсæнадон-экономикон уавæртæ æндæр хуызон кодтой, техникæ æрвылбоны царды тынгæй-тынгдæр ахадыдта, уæддæр бæхыл хъæзтытæ адæмæн цы æхсызгондзинад лæвæрдтой, уый нæ бамынæг, уымæн æмæ бæхыл бадыны аивад æнусты дæргъы йæ рæзтæй никуы банцади. Уыцы аивад бахызти цирчы фæзмæ æмæ æгас дунейы дæр рапарахат æгæрон тынг. Бирæ дæсгай азты дæргъы Уæрæсейы цирчы равдыстытæн сæ астæустæг уыдысты, се ’хсар, сæ лæгдзинад æмæ бæхыл бадыны æвæджиауы дæсныйад равдисынæн фадат аразæг хицæн адæмты бæхтыл хъæзтытæ. Уыцы хуызы кавказаг бæхылбадджыты дæсныйадæн æмбал нæ уыди. Æрмæст Ирыстонæй ахæм æмбисонды дæсны бæхылбадджытæ рацыди дзæвгар, фыццаджыдæр, зæгъын хъæуы Гуццаты Агуыбе æмæ Гатыккоты Муссæйы нæмттæ, сæ кой дардыл айхъуысти революцийы размæ. Уæд райдыдта советон дуджы бæхты цирчы бындурæвæрæг Хъантемыраты Алыбеджы сфæлдыстадон фæндаг дæр. Бæхыл хъазт уый дзæвгар фæхъæздыгдæр кодта ног ирд ахорæнтæй, йе змæлд фæцырендæр, удæн тæссаг кæм вæййы, ахæм техникон мадзæлттæ систы йæ æдзухы хотых. Уый схъомыл кодта, хигъæдон аивад кæмæ фæзынди, бирæ ахæм барджытæ. Уыцы аивад систа æгæрон бæрзондмæ. Йæ дæсныйад алæвæрдта йæ ахуыргæнинæгтæм. Алыбеджы руаджы цирчы фæзы бæхыл хъазыны ирон аивад сырæзыди тынг бæрзонд. 

Адæймаг бæхæй бирæ æнусты дæргъы кæй пайда кæны, уый фадат лæвæрдта, цæмæй фæзындаид алы цæстæнгастæй арæзт системæ. Ацы хæдзарон фосæн æгæрон семиотикон хъомыс кæй уыди, уымæ гæсгæ тынг рапарахат сты бæхыл хъæзтытæ. Уыцы хъæзтытæ чындзæхсæвты фидауц кæй систы, уый та дзырдта, бæх æрвон миниуджытæй хайджын кæй уыди, ууыл. Гъе, уымæн уыдис ахсджиаг бæхтыл хъазт ирон бæрæгбæтты. Уыдоны сæйраг нысаниуæг та уыди алы бæркæдтимæ баст. Бæхыл хъæзтытæ зæрдæрухсы æмæ хиирхæфсыны мадзал кæй уыдысты, уыцы хуызы дæр чысыл не сахадыдтой. 

 

 

Уарзиаты Вилен 

Ирон бæрæгбæттæ незамантæй абонмæ 

Ратæлмацгæнæг — Бицъоты Гриш 

[Цæгат Ирыстоны гуманитарон иртасæнты институт, 1995] 



<==    Комментарии (0)      Версия для печати
Реклама:

Ossetoans.com OsGenocid ALANNEWS jaszokegyesulete.hu mahdug.ru iudzinad.ru

Архив публикаций
  Января 2024
» О чем рассказали восточно-европейские руны
  Ноября 2022
» От Кавказа до Волги
  Августа 2022
» Кавказцы глазами русских: говорят архивные документы...
  Марта 2022
» К вопросу о заселении Фиагдонской котловины, по данным фамильных и народных преданий
» О новых именах в истории царственного дома средневековой Алании
  Февраля 2022
» К ВОПРОСУ ОБ УДЕЛЬНЫХ ВЛАДЕТЕЛЯХ УАЛЛАГКОМА ПО ФАМИЛЬНЫМ, НАРОДНЫМ ПРЕДАНИЯМ И АРХИВНЫМ МАТЕРИАЛАМ
  Декабря 2021
» Осетинская религия; религия осетин (Ирон дин)
  Мая 2021
» Иверская (Моздокская) икона Божией Матери
  Мая 2020
» Соотношение понятий Æгъдау, религия (дин), вера во внутриосетинской дискуссии
  Июля 2019
» Открытое обращение представителей осетинских религиозных организаций
  Августа 2017
» Обращение по установке памятника Пипо Гурциеву.
  Июня 2017
» Межконфессиональный диалог в РСО-Алании состояние проблемы
  Мая 2017
» Рекомендации 2-го круглого стола на тему «Традиционные осетинские религиозные верования и убеждения: состояние, проблемы и перспективы»
» Пути формирования информационной среды в сфере осетинской традиционной религии
» Проблемы организации научной разработки отдельных насущных вопросов традиционных верований осетин
  Мая 2016
» ПРОИСХОЖДЕНИЕ РУССКОГО ГОСУДАРСТВА
» НАРОДНАЯ РЕЛИГИЯ ОСЕТИН
» ОСЕТИНЫ
  Мая 2015
» Обращение к Главе муниципального образования и руководителям фракций
» Чындзӕхсӕвы ӕгъдӕуттӕ
» Во имя мира!
» Танец... на грани кровопролития
» Почти 5000 граммов свинца на один гектар земли!!!
  Марта 2015
» Патриоту Алании
  Мая 2014
» Что мы едим, или «пищевой терроризм»