Iriston.com
www.iriston.com
Цæйут æфсымæртау раттæм нæ къухтæ, абон кæрæдзимæ, Иры лæппутæ!
Iriston.com - история и культура Осетии
Кто не помнит прошлого, у того нет будущего.
Написать Админу Писать админу
 
Разделы

Хроника военных действий в Южной Осетии и аналитические материалы

Публикации по истории Осетии и осетин

Перечень осетинских фамилий, некоторые сведения о них

Перечень населенных пунктов Осетии, краткая информация о них и фамилиях, в них проживавших

Сборник материалов по традициям и обычаям осетин

Наиболее полное на сегодняшний день собрание рецептов осетинской кухни

В данном разделе размещаются книги на разные темы

Коста Хетагуров "Осетинскя лира", по книге, изданной во Владикавказе (Орджоникидзе) в 1974 году.


Перечень дружественных сайтов и сайтов, схожих по тематике.



Rambler's Top100 Рейтинг@Mail.ru Индекс цитирования
Статьи Словари
Здравствуйте, Гость
Регистрация | Вход
Опубл. 17.04.2011 | прочитано 4683 раз |  Комментарии (0)     Автор: Tabol Вернуться на начальную страницу Tabol
ХЪАЗАХЪХЪ

Толстой Л. Уацмыстæ. — Дзæуджыхъæу: Ир, 2008 

Ратæлмацгæнæг — Зæнджиаты Бæбу 

 

 

Кавказаг уацау 

 

I

 

Алцыдæр æрсабыр Мæскуыйы. Æрмæст ранæй-рæтты хъуысы цæлхыты хъыррыст зымæгон уынджы. Рудзгуытæй рухс нал цæуы, фанартæ дæр ахуыссыдысты. Аргъуанты дзæнгæрджыты гуыв-гуыв, азæлгæйæ, хæлиу кæны фынæй горæты сæрмæ æмæ æмбарын кæны, сбонмæ бирæ кæй нал ис, уый. Уынгты иу цъиуызмæлæг дæр нæй. Ранæй-рæтты æхсæвбадæг бæхтæрæг йæ дзоныгъы нарæг хъустæй змис митимæ бамхæццæ кæны æмæ уынгæн йæ фаллаг фарс, фисыны цур, чи йæ баххуырсдзæн, уымæ æнхъæлмæ кæсгæйæ, бафынæй вæййы. Фæцæуы зæронд ус аргъуанмæ; уым сыгъзæрин цырагъдарæнтыл ранæй-рæтты иугай, хæццæ-мæццæ æвæрдæй, сырх тæлмытæ уадзгæйæ, судзынц мыдадзын цырæгътæ, сæ рухсы тынтæй цырагъдарæнты фæлгуырыл хъазгæйæ... Кусæг адæм даргъ æхсæвы фæстæ уæлæмæ стын байдыдтой, æмæ алчи йæ куыстмæ цæуы. 

Æлдæрттæ æмæ хицæуттæн та нырма ныр байдыдта изæр кæнын. 

Шевальейы æхгæд рудзгуыты зыхъхъыртæй æнафоны иу ранæй рухсы цъыртт цыд. Æддейы, дуармæ, кæрæдзимæ хæстæг лæууыдысты къарет, дзоныгъ æмæ бæхтæрджытæ. Посты уæрдон, æртæ бæхы ифтыгъдæй, уым сæ хæд раз лæууыд. Дуаргæс кæрцы мидæг тыхтæй, тымбылæй фæскъулмæ йæхи нылхъывта, цыма æмбæхсгæ кодта фисыны аууон, уый хуызæн. 

«Ныр цы дзæнгæда цæгъдынц æнæсæрфатæй? — хъуыды кодта хинымæры лæггадгæнæг, хуыссæгхъуаг рыст цæсгомимæ тыргъы бадгæйæ. — Фыдбылызау ссæдз мæныл æрцæуы, мæ радмæ йæ æрхæссынц!» Сыхаг сонтрухс уатæй хъуыстис æхсæвæрхæрæг æртæ лæппулæджы ныхас. Уыдон бадтысты мидæггаг уаты фынджы алыварс; фынджы уæлæ уыд, æхсæвæрæй ма чи аззад, уыцы хæринæгтæ æмæ сæн. Иучысыл сыгъдæг къæсхуыр, фыдцъылыз адæймаг бады æмæ кæсы бæлццонмæ зæрдæхæлар, фæлмаст цæстæнгасæй. Иннæ бæрзонд, йæхи фæстæмæ ауагъта афтид æвгтæй дзаг стъолы цур æмæ хъазы йæ сахаты дæгъæлæй. Æртыккаг, ног цыбыр кæрцы мидæг, уаты рацу-бацу кæны фæлæууфæлæугæнгæ æмæ йе ставд тыхджын æнгуылдзтæй, сыгъдæг ныхбынтимæ, адджын æнгузтæ къæрццытæ кæны æмæ æдзух цæуылдæр хинымæр йæ мидбылты худы, йæ цæстытæ цæхæртæ калынц, цæсгом арт уадзы. Уый зæрдиагæй дзуры йæ къухтæ тилгæйæ, фæлæ бæрæг у, йæ зæрдæ йæм цы дзырдта, уыдон зæгъын кæй нæ фæрæзта, дзырдтыл нæ хæст кодта; цы дзырдтæ ахста, уыдон та зæрдæйы хъуыдытæ радзурынæн фаг нæ уыдысты. Уый æппынæдзухæй йæ мидбылты худтис. 

— Ныр мын мæ зæрдæйы ныхæстæ ракæныны амал ис! — загъта бæлццон. — Æз мæхи раст, мыййаг, нæ кæнын, фæлæ мæ фæндыдис, ды мæ уæддæр куы бамбæрстаис, мæхæдæг мæхи куыд æмбарын, афтæ. Уый йеддæмæ, хъуыддагмæ цъаммартæ, æнахъинонтæ цы цæстæй кæсынц, уыцы цæстæй кæсын æм нæ хъæуы. Ды афтæ зæгъыс, уыцы сылгоймаджы раз къæмдзæстыг, аххосджын æз дæн, — загъта уый, зæрдæхæлар цæстæнгасæй йæм чи каст, уымæн. 

— О, бæгуыдæр, дæу аххос у, — радта йын дзуапп гыццыл фыдцъылыз, æмæ цыма йæ цæстæнгас фыццагæй ноджы тынгдæр, хæлардæр æмæ фæлмастдæр уыд, уый хуызæн зынд. 

— Æз зонын, цæй дымæгмæ афтæ зæгъыс, уый, — дарддæр ныхас кæнгæйæ загъта бæлццон. — Дæуырдыгонау, куы дæ уарзтæуа, уæд уый цыма дæхæдæг уарзыс, уый хуызæн амондджын, зæрдæрухс хъуыддаг у, æмæ дын иу хатт куы бантыса, иу хатт æй куы бавзарай, уæд æгъгъæд y адæймагæн йæ амæлыны бонмæ дæр. 

— О, бæгуыдæр, æгæр дæр ма у, мæ зæрдæйы рухс! Уымæй фылдæр хъæугæ дæр нæ кæны, — загъта чысыл фыдцъылыз, йæ цæстытæ тъæбæрттытæ кæнгæйæ. 

— Фæлæ мæхæдæг дæр цæуылнæ хъуамæ бауарзон! — загъта бæлццон сагъæс кæнгæйæ æмæ йе ’мбалмæ кæсгæйæ, цыма йын тæригъæд кодта, ахæм цæстæнгасæй. — Цæй тыххæй хъуамæ ма уарзон? Зæрдæмæ нæ цæуы... Нæ, æнамонддзинад у, куы дæ уарзтæуа, уæд, уымæн æмæ дæхимæ аххос куы хæссай æмæ дæм уый цы зæрдæ дары, ды йæм ахæм зæрдæ куы нæ дарай, уæд уый æз стыр æнамонддзинадыл нымайын. О ме скæнæг Хуыцау! — Æмæ йæ къух ауыгъта. — Хъуыддæгтæ иудадзыгдæр зонды фæдыл арæзт куы уаиккой, уæд хорз, кæннод куыддæр, дæ зæрдæ-мæ зæрдæ, дызгъуынмæ, æнæсæрфатæй, мæнырдыгонау нæ, фæлæ сæхи куыд фæнды, афтæ. Цыма æз уыцы зæрдæйы уаг, уыцы зæрдæйы фæндон давгæ ракодтон, уый хуызæн цæуы. Ды дæр афтæ æнхъæл дæ, афтæ æмбарыс, нæ йыл сæтдзынæ, дæ зæрдæ ме ’вдисæн, æнæ афтæ хъуыды кæнæн дæр дын нæй, фæлæ дæ бауырнæд, сомы мæ нæ кæнын кæныс, мæ цæрынæй-мæ хæрынмæ æнæсæрфат, æнаккаг хъуыддæгтæй цыдæриддæр бакодтон, — кæнгæ та дзы чысыл нæ фæкодтон, — ce ’ппæтæй дæр æрмæст уыцы иу хъуыддагæй æвæсмон дæн, стæй дзы фæсмон кæнинагæй уæвгæ дæр ницы ис. Йæ райдианæй йæ байдианмæ кæддæриддæр æргом уыдтæн, уыцы сылгоймаджы раз дæр, мæхи раз дæр гæдыныхас мæ сæрмæ никуы бахастон. Мæнмæ афтæ каст, кæд искуы бауарзтон, уæд гъе ныр, стæй мæм æрæджиау æндæр зонд æрцыд; уый уарзондзинад нæ, фæлæ æнæбары æвæндон гæдыдзинад уыд, афтæ уарзæн нæй, æмæ уыцы æгъдауыл дарддæр нал ацыдтæн; уый уæддæр зæрдæйы фæдыл ацыд, — афтæ y йæ арæзт сылгоймагæн. Цы аххосджын дæн æз, мæ бон кæм нæ цыд, уым? Уæдæ цы хъуамæ бакодтаин, дæ фыдыстæн? 

— Цæй, ныр цы фæци, уый фæци, хъуыддаг алыг! — загъта йæ хæлар лæг тамако судзгæйæ, йæ хуыссæг цæмæй алыгъдаид, уый тыххæй. Иу хъуыддаг дзы ис æрмæст: ды нырма никуыма уарзтай æмæ не ’мбарыс, уарзондзинад цы у, уый. 

Цыбыр кæрцы мидæг чи уыд, уый та цыдæр зæгъынмæ хъавыд æмæ йæ сæрмæ февнæлдта, фæлæ, цы зæгъынмæ хъавыд, уый йæ къухы нæ бафтыд, зæгъын æй нæ бафæрæзта. 

— Нæ уарзтон. Уый æцæг у, раст зæгъын хъæуы, нæ уарзтон, фæлæ мæ зæрдæ зæгъы бауарзын. Афтæ тыхджын, афтæ тынг, æмæ йын зæгъæн дæр нæй! Иннæрдыгæй та, мæ зæрдæ ’хсайы — уæвгæ ахæм уарзондзинад ис цымæ? Алцыдæр цыдæр æрдæгдзæфтæй, куыддæр æнæсæр, æнæкæронæй баззайы. Æниу, цæй, цы ныхасаг, цы дзырддаг у! Мæ цард схылы-мылы, сæмтъеры кодтон. Фæлæ ныр хъуыддаг ахицæн, уымæй ды раст дæ, раст загътай. Ныр мæм мæ зæрдæ дзуры, æмбарын æй, ног царды къахыл кæй ныллæууыдтæн, уый. 

Бæлццон æрмæст йæхи кой кæнын байдыдта. Не ’мбæрста, уыцы хи кой кæнын йæхимæ куыд дзæбæх каст, иннæты зæрдæмæ йын афтæ кæй нæ цыд, уый. Адæймаг йæ хъæлдзæг зæрдæйыл куыд хиуарзон вæййы, афтæ æнæуый никуы вæййы. Афтæ фенхъæлы, цыма уыцы сахат адæм иууылдæр уый цæрайæ цæрынц æмæ уымæй диссагдæр, уымæй рæсугъддæр æгас дунейы ницы ис, уыйау. 

— Дмитрий Андреевич, бæхтæрæг нал лæууы! — мидæмæ цæугæйæ загъта йæ кусджытæй иу, кæрцы мидæг æмæ хъуырбæттæнæй тыхт. — Бæхтæ дыууадæс сахатæй нырмæ ам лæууынц, ныр та цыппар у. 

Дмитрий Андреевич бакаст йæ Ванюшæмæ. Йæ хъуырылтыхт хъуырбæттæн, йæ нымæт цырыхъхъытæ, йæ фырхуыстæй нарст цæсгом ын дзырдтой, æндæр цардмæ йæм кæй сидынц, — куыстарæх, фыдæбон æмæ тухийæдзаг цардмæ. 

— Цæй, уæдæ, хæрзбон у! — загъта бæлццон, йæ уæлæ йе ’нæвæрд къæндзы агургæйæ. 

Бæхтæрæгæн иу арахъхъы аргъ авæрын хъæуы, æмæ та уæд фæлæудзæн, зæгъгæ, йын дзырдтой, фæлæ уый уæддæр ницы ком радта, йæ худ йæ уæлæ акодта æмæ уаты бæрæгастæу слæууыд. Кæрæдзийæн батæ кæнын систой, иу хатт, дыккаг хатт, стæй исдуг алæууыдысты æмæ та æртыккаг хатт аба кодтой. Цыбыркæрцджын йæхи фынгмæ баласта, нуазæн систа, анызта йæ, стæй гыццыл фыдцъылызæн йæ къухыл ныххæцыд æмæ фæсырх. 

— Нæй, — зæгъгæ, загъта, — уæддæр мын æй æргом æнæ зæгъгæ нæй... Мæн æмæ дæу æхсæн хъуамæ сусæгдзинад ма уа, уымæн æмæ дæ уарзын, адджын адæймаг мын дæ. Куыд дæм кæсын, афтæмæй ды уыцы сылгоймаджы æнæ уарзгæ нæ дæ. Æз афтæ æнæхъæл дæн. Куыд зæгъыс? Раст нæ дзурын? 

— Бæгуыдæр, — загъта йын йæ хæлар, йæ мидбылты ноджы фæлмæндæр худгæйæ. 

— Чи зоны, ’мæ... 

— Курын уæ, æмæ агъуыст суæгъд кæнут, цырæгътæ ахуыссын кæныны дзырд рацыд, — загъта лæггадгæнæг фыр хуыстæй нарст цæсгомимæ, сæ фæстаг ныхæстæм сын хъуыста æмæ йæхинымæр хъуыдытæ кодта, ацы æлдæрттæ цымæ кæддæриддæр уыцы иу ныхас цæмæн кæнынц. — Хардз кæуыл ныффыссон? Дæуыл? — зæгъгæ, фæкодта бæрзондмæ дзургæйæ; раздæр дæр ын хъуыдыгонд уыд, кæмæн цы зæгъын хъæуы, уый. 

— Мæныл, — загъта бæрзонд. — Цас сты? 

— Æхсæз æмæ ссæдз сомы. 

Бæрзонд исдуг асагъæс, аджис-къус кодта, фæлæ дзургæ ницы скодта æмæ хардзы гæххæтт йæ дзыппы атъыста. 

Иннæ дыууæ сæ ныхас кодтой. 

— Фæндараст, алыпп адæймаг дæ, лæгæй лæг зæгъын хъæуы, — загъта чысыл фыдцъылыз æфсармджын цæстытимæ. 

Дыууæйæн дæр сæ цæстытæ доны разылдысты æмæ æддæмæ рацыдысты. 

— Хæдæгай, куы мæ рох кодта! — загъта бæлццон æфсæрмыгæнгæйæ æмæ бæрзондмæ дзургæйæ: — Шевальейæн цы ’мбæлы, уый куыд зонай, афтæ бакæн æмæ мæм-иу ныффыс. 

— Хорз, уымæ дæ зæрдæ ма ’хсайæд, — загъта бæрзонд йе ’рмкъухтæ кæнгæйæ. — Куыд дæм хæлæг кæнын, уый куы зонис! — æнæнхъæлгæйæ æваст сдзырдта бæрзонд, куыддæр дуарæй æддæмæ рахызтысты, афтæ. 

Бæлццон дзоныгъы сбадтис, кæрцы йæхи æрбатыхта æмæ загъта: «Цæй, ныр нæ фæндаг дарæм, араст уæм». Дзоныгъыл фалдæр бабадт æмæ йын афтæ чи загъта, хæлæг дæм кæнын, зæгъгæ, уымæн бынат радта. Дзургæ-дзурын бæлццонæн йæ хъæлæс зыр-зыр кодта. 

Йæ фæдыл чи рацыди, уый загъта: «Хæрзбон, Митя, Хуыцау дын раттæд...» Йæ ныхас кæронмæ нал ахæццæ кодта, уымæн æмæ, цæмæй тагъддæр араст уыдаид, æндæр хуыздæр ницæмæ бæллыд. 

Исдуг ныхъхъус сты. «Фæндараст!» — загъта дыккаг хатт чидæр. 

«Æ-гъи зæгъ, цæугæ!» — фехъуыстис кæйдæр хъæлæс, æмæ бæхтæрæг йæ мидбынатæй фенкъуыст. 

— Елизар, цы фæдæ, дæ уæрдон æрбатæр! — фæхъæр кодта, бæлццоны фæдыл чи рацыд, уыдонæй иу. 

Бæхтæрджытæ базмæлыдысты æмæ бæхтæм дзургæйæ бозитæй дыууæрдæм кодтой. Салд къареты цæлхыты хъыс-хъыс митыл ссыд. 

— Æвæдза, дзæбæх лæппу y ацы Оленин, — загъта, йæ фæдыл чи рацыд, уыдонæй иу. — Ныр æй цы фыдбылызы къах хæссы цымæ Кавказмæ? Исты ма куы уыдаид, фæлæ, дæлæмæ дæр æмæ уæлæмæ дæр, юнкер! Мæнмæ гæсгæ, уый æдылы хъуыддаг у. Райсом сихор клубы нæ кæндзынæ? 

— Кæндзынæн, ай-гъай. 

Æмæ фæйнæрдæм афардæг сты. 

Бæлццон кæрцы мидæг æнтæф кæнын байдыдта. Дзоныгъы хуылфы сбадт æмæ йæ кæрцы тæрттæ фæйнæрдæм аппæрста. Æртæ ифтыгъд бæхы арцбадт, хъуынтъыз хъуынимæ бараст сты, зивæг кæнгæйæ, талынг уынгæй æндæр уынгмæ, Оленин кæй никуы федта, ахæм æнахуыр хæдзæрттимæ. Оленинмæ афтæ зынд, цыма уыцы уынджы æрмæст бæлццæттæ фæцæуынц, уыйау. Йæ алфамбылай уыд талынг, æдзæм, æнтъыснæг, йæ зæрдæ та дзаг уыд рагон хъуыдытæй, уарзондзинадæй, фæсмондзинадæй æмæ зæрдæуынгæггæнæн цины цæстысыгтæй... 

 

II
 

«Уарзын, уарзын мæ уды бæрц! Иттæг дзæбæх! Хорз!» — дзырдта уый хинымæры æмæ йæм кæуын æрцыд. Фæлæ йæм кæуын цæй тыххæй цыд? Чи уыдысты уыцы дзæбæхтæ? Кæй уарзта афтæ тынг? Уый бæрæгæн йæхæдæг дæр ницы уыйас æмбæрста. Хаттæй-хатт-иу æдзынæг ныккаст искæй хæдзармæ æмæ-иу дисы бацыд: цымæ цæмæн афтæ æнахуыр конд у? Хаттæй-хатт-иу ахæм сагъæсы дæр бацыд: a бæхтæрæг æмæ Ванюшæ йæм æцæгæлон уæвгæйæ афтæ æввахс цæмæн сты, цæмæн сæ цæгъды иумæ уæрдон æмæ цæмæн кæнынц æмызмæлд, кæройнаг бæхтæ æваст куы атъæпп ласынц æмæ салд гæрзытæ куы алвасынц, куы атынг вæййынц, уæд? Æмæ та ног дзурын байдыдта: «Иттæг дзæбæх, уарзын!» Иу хатт афтæ дæр ма сдзырдта: «Куыд фæлæбурдта! Тынг хорз!» Æмæ йæхæдæг дæр фæдис кодта, уый та цымæ йæ зæрдыл куыд æрæфтыд, цæй фæдыл афтæ загъта, æмæ йæхæдæг йæхи афарста: «Кæд расыг, мыййаг, дæн?» Раст зæгъгæйæ, нуазгæ дæр акодта: дыууæ сæны авджы акъахта, фæлæ йын айдагъ уыцы сæны аххос дæр нæ уыд. Йæ зæрдыл-иу æрбалæууыдысты уарзондзинады æмæ хæлардзинады зæрдæбын хицон ныхæстæ, æфсæрмыгæнгæйæ йын аивæй, æнæбарыхуызы кæй дзырдтой йæ рарасты агъоммæ. Йæ зæрдыл æрбалæууыдысты, кæрæдзи къухтыл фидар куыд ныххæцыдысты, сæ цæстæнгас, æнæдзургæ, æдзæм бадт æмæ цавæрдæр хъæлæс, афтæ йæм чи сдзырдта дзоныгъы куы сбадтис, уæд: «Хæрзбон у, Митя!» Æрымысыд йæхи ныфсджын зæрдиагон ныхæстæ. Уыдæттæ иууылдæр йæ зæрдæмæ хæстæг хаста. Цы бон раст кодта, уый агъоммæ айдагъ йæ хæлæрттæ, хæстæджытæ æмæ раст адæм нæ, фæлæ æнæуый æцæгæлон æнæзæрдæмæдзæугæ адæм, йæ дзæбæхдзинад кæй нæ бафæндыдаид, уыдон се ’ппæт дæр æвиппайды, цыма дзургæ бакодтой, тынгдæр æй бауарзæм, зæгъгæ, æмæ йын бахатыр кæнæм, адæймаг зароба исгæйæ кæнæ йæ мæлæты сахат куыд фæкæны, афтæ. «Чи зоны, æмæ Кавказæй нал раздæхдзынæн, æмæ кæрæдзийы цæсгом нал фендзыстæм», — хъуыды кодта йæхинымæры. Æмæ йæм афтæ зынын байдыдта, цыма уарзы йæ хæлæртты, ноджыдæр ма уарзы кæйдæр æмæ йæхицæн тæригъæд кæнын байдыдта, фæлæ хæлæрттæм цы хъарм зæрдæ, цы уарзондзинад дардта, уый йын афтæ не сфæлмæн, не сбæрзонд кодта йæ зæрдæйы уаг, æмæ, уырнын кæй нæ фæрæзта, уыцы зондхъуаг, æнæ сæрфат ныхæстæ уый дымæгмæ, мыййаг, нæ кодта; уæдæ сылгоймаджы уарзондзинад дæр нæ, уымæн æмæ цæргæ-цæрæнбонты никуы никæй уарзта. Фæлæ йæм ахæм зæрдæ ’рцыд хиуарзондзинады сæраппонд, стæй йæ зæрдæйы хорздзинадæй цыдæриддæр уыд (ныртæккæ та афтæ æнхъæл уыд, æмæ йæм айдагъ хорздзинæдтæ йеддæмæ æндæр ницы уыди), уыдон кæй уарзта цардæнхъæл лæппуйы уарзтæй, уый тыххæй: ахæм цæстæй каст йæхимæ, гъе уый йæ кæуын кодта, гъе уый йын дзурын кодта уыцы схъиуд æнæсæрфат ныхæстæ. 

Оленин уыд лæппу, каст никуы фæци, паддзахады куыст никуы кодта (æрмæст кæмдæр нымад уыд номы, разагъды тыххæй). Бынхор, йæ бынтæн ce ’рдæг смарзта; цыппар æмæ ссæдз азмæ бæрæг-бæлвырд куыстыл нæ фæхæст, стæй куысты мыггагæй никуы ницы бакодта. Иу дзырдæй, Мæскуыйы уыцы дуджы стыр адæмы ’хсæн «лæппулæг» кæй хуыдтой, уыдонæй уыд. 

Æстдæсаздзыдæй Оленинæн йæ бар йæхи уыд, цы йæ фæндыд, уый кодта, «ма кæ» зæгъæг ын нæ уыд. 1840 азты уырысы хъæздыг адæмæй чысылæй нырмæ сидзæрæй чи схъомыл, æмæ уый куыд сæрибар уыд, афтæ сæрибар уыд Оленин дæр. Æгъдау, æфсарм кæй фæзагъдæуы, чи йæ урæдтаид, йæхиуыл æй чи хæцын кодтаид, ахæмæй йæм ницы уыд. Цы нæ бакодтаид æмæ цы нæ уыд æмæ йæ уæвгæ хъæугæ дæр ницы кодта, уромæг дæр æй нæ уыд, баст ницæмæй уыд. Нæ йын уыд бинонтæ дæр, фыдыбæстæ дæр, дин дæр, хъуаг дæр ницæмæй уыд. Уыцы æгъдæутты мидæг уæвгæйæ, æнтъыснæг, æнкъард, хъыггæнаг, мыййаг, нæ уыд, айдагъ ныхæстæй дæр йæхи нæ хаста, фæлæ хъуыддæгтæм йæ зæрдæ æхсайдта — сыр-сыр кæнын уарзта. Уарзондзинад нæй, зæгъгæ, ахæм зондыл лæуд уыд. Афтæмæй та-иу æвзонг рæсугъд сылгоймаджы цур тайын байдыдта æмæ-иу цы ракодтаид, уымæн ницыуал зыдта. Рагæй нырмæ дзырдта: стыр ном, кад, цыт — уыдæттæ йæ цæсты ницы сты, хынджылæггаг митæ сты, зæгъгæ, фæлæ-иу æм искуы хъазтизæры кънйаз Сергей куы бацыд æмæ-иу æй рæвдауæн ныхæстæй куы бабуц кодта, уæд-иу ын æхсызгон уыд, йæ зæрдæ-иу æвæндонæй бахъæлдзæг. Зæрдæвæндон хъæлдзæг хъуыддæгты бацæуын уарзта бархийæ, æрмæст уыцы æгъдауæй, æмæ баст куыд ницæмæй уыдаид, афтæ. Куысты мидæг уæвгæйæ-иу куыддæр бамбæрста, ныр дзы иучысыл афыдæбон, атухи кæнын хъæудзæн, зæгъгæ, афтæ-иу уайтагъд йæхи сцух кодта æмæ та-иу фæстæмæ сæрибар царды бацыд. Ахæм æгъдау, зонд æмæ зæрдæимæ бацыд царды мидæг, кодта паддзахады æмæ хæдзарады куыст, уыцы æгъдауимæ байдыдта музыкæйы куыст, иу рæстæджы йæ зæрдæ тынг кæй райста, уыцы æгъдауимæ лымæн кодта æмæ уарзта сылгоймæгты дæр, кæд æй уарзондзинад нæ уырныдта, уæддæр. Адæймагмæ уыцы иунæг хатт йæ цæргæ-цæрæнбон ахæм зæрдæ, ахæм ныфс æрцæуы, æмæ йæхицæй дæр, стæй, куыд æнхъæл вæййы, ацы дунейыл дæр, цы йæ бафæнда æмæ цы нæ скæндзæн, йæ къухы цы нæ бафтдзæн. Æцæг ахæм адæмтæ дæр вæййы, æмæ уыцы ныфс, уыцы зæрдæ кæмæ не ’рцæуы, фæлæ æвиппайды царды тымыгъы чи смидæг вæййы, фыццаджыдæр, цы хамутимæ фæдзыхæвæрд вæййы, уый йæ уæлæ чи ’ркæны æмæ зæрдиагæй, æнæаиппæй чи кусы мæлæты бонмæ. Фæлæ Оленин уыцы адæмæй нæ уыд. Лæппуйы ныфс æмæ тых æм æнæхъуаджы бирæ уыд, æмæ йæ зæрдæ агуырдта æнæ базыртæй тæхын, йæ риуы æмбæрц цæуын, фæстиат нæ фæцадаид, йæ сæр бынмæ, афтæмæй æнæбын хъоргъы йæхи баппарын, цæмæн æмæ цæй фæдыл, уымæй та йæ ды бафæрс, йæхæдæг дæр ын ницы зыдта. Ахæм æгъдау æм кæй уыд, уыйадыл йæ сины сæрыл хæцыд, йæхи сæрыстыр кодта æмæ йæ йæхæдæг дæр не ’мбæрста, афтæмæй уый сæраппонд амондджын уыд. Абоны онг иунæг йæхи удæй фæстæмæ æндæр никуы никæй уарзта, стæй йын йæхи æнæ уарзгæ дæр нæ уыд, уымæн æмæ хорздзинады йеддæмæ йæхимæ ницы æвзæрдзинад, ницы аипп хаста, æмæ йæ зæрдæ йæхиуыл никуы ницæмæй фæхудт. Мæскуыйæ куы рараст, уæд йæ зæрдæйы дзæбæхыл æмæ хъæлдзæг уыд. Амондджын лæппу-адæймаг йæ рагон рæдыдтæ куы бамбары æмæ йæхицæн афтæ зæрдæтæ куы февæры: ныронджы митæ ницæйаг уыдысты, абоны онг дзæбæх, æгъдауыл цæрыны фæнд дæр нæ кодта, фæлæ ныр, Мæскуыйæ куы рахицæн, уæдæй фæстæмæ ног цард ралæудзæн, æмæ уыцы фыццаджы рæдыдтæ нал æрцæудзысты, нæ дзы уыдзæн фæсмондзинад дæр, фæлæ дзы æнæмæнгæй уыдзæн æрмæст амонд æмæ зæрдæрухсдзинад, — раст уыцы зонд, уыцы зæрдæйы уаг уыд уыцы сахат Оленинмæ. 

Кæддæриддæр дард балцы фæндагыл афтæ дыууæ-æртæ станцæйы адæймагæн йæ зæрдæ, цы бынатæй рараст кæны, уыимæ фæдзуры, стæй иу-дыууæ боны фæстæ зæрдæ æхсайын байдайы, кæдæм æмæ цæмæн цæуы, уымæ, æмæ рагагъоммæ фæндагыл митæй мæсгуытæ амайы. Уыцы æгъдауы мидæг уыд Оленин дæр. 

Горæтæй куы рахицæн æмæ митджын быдыртыл йæ цæст куы ахаста, уæд бацин кодта, уыцы быдырты астæу æрмæст уый зыбыты иунæгæй кæй уыд, ууыл, кæрцы йæхи ныннорста, дзоныгъы гуыффæйы йæхи ауагъта, зæрдæ æрсабыр, æмæ йæ хуыссæг æрцахста. Йæ хæлæрттимæ куыд хицæн кодта, уый йын йæ зæрдæ бафæлмæн, бауынгæг кодта, æмæ сæрысуанг зæрдыл лæууын байдыдтой, фæстаг зымæг Мæскуыйы йæ бонтæ куыд æрвыста, уыдæттæ æмæ, чи аивгъуыдта, уыцы царды нывтæ; тар хъуыдытæ æмæ уайдзæфтæ кæрæдзи сæрты хаугæйæ, кæрæдзийыл тыхсгæйæ, хæддзуйæ, йæ сæрмæ бырсын байдыдтой. 

Йæ зæрдыл æрбалæууыд, йæ фæдыл чи рацыд, уыцы хæлар æмæ, кæй кой кодтой, уыцы чызгимæ ce ’хсæн цы ’гъдау уыд, уыдæттæ. Чызг уыд хъæздыг адæймаг. «Куыд æгъдауæй йæ хъуамæ бауарзтаин æз, кæд мæ чызг йæхæдæг уарзта, уæддæр?» — хъуыды кодта уый, æмæ æнаккаг гуырысходзинæдтæ йæ сæры абадтысты. «Ахъуыды кæнгæйæ, бирæ цъаммардзинæдтæ ис адæмы хуылфы. Фæлæ уæддæр, раст зæгъгæйæ, цæй тыххæй цымæ нæ уарзтон æз?» — афарста йæхæдæг йæхи. «Иууылдæр мын афтæ куы дзурынц, æз нæ уарзтон, зæгъгæ. Ау, æмæ æцæг афтæ хæлд, æнахъинон адæймаг дæн?» Æмæ йæ зæрдыл лæууын байдыдтой, йæ лæппуйæ цы æнæсæрфат, рог митæ кодта, уыдон. Æрымысыд, фыццаг хатт царды куы бацыд, уыцы рæстæг, æрымысыд йæ хæлæрттæй иуы хойы, бирæ бонтæ кæимæ арвыста изæрæй, цырагъы рухсмæ стъолы цур бадгæйæ. Исты ми кæнгæйæ уыцы чызгæн цырагъы рухсмæ бæрæгдæр зындысты йæ нарæг æнгуылдзтæ æмæ йæ рæсугъд лыстæг цæсгом æрдæгæй дæлæмæ. Йæ зæрдыл æрбалæууыдысты сæ даргъ, æнæкæрон ныхæстæ, кæрæдзимæ куыд æфсæрмы кодтой, куыд нæ уæндыдысты æргом, уæндон ныхæстæ кæнын, æмæ йын куыд зын, куыд хъыг уыд уыцы нæуæндондзинад, уыцы æмбæхст зæрдæ. Уый фæстæ æрымысыд хъазтизæр æмæ рæсугъд Д.***-имæ мазуркæ куыд кафыд. «Цы уарзт ын бакодтон уыцы ’хсæв, цы амондджын уыдтæн! Цы хъыг, цы зæрдæниз мын уыд, дыккаг бон райсомæй куы райхъал дæн æмæ куы бамбæрстон, никуы ’мæ та ницы, сæрибар та дæн! Кæм ис уыцы уарзондзинад, цæуылнæ мæм æрцæуы? Цæуылнæ мын сбæтты мæ къухтæ ’мæ мæ къæхтæ? — хъуыды кодта уый. — Цæй уарзондзинад æмæ цæй æндæр у; нæй уарзондзинад! Мæ сыхаг æхсин, æдзух уыцы иу ныхас чи кæны мæнæн, Дубровинæн æмæ уæздæтты сæрдарæн, стъалыты уарзын, зæгъгæ, уый дæр уый нæу»!. Æмæ хъæутæм йæ зæрдæ ахсайдта йæ хæдзарады куыстытæ æмæ хъуыддæгтæм, фæлæ цæмæй бахъæлдзæг уыдаид, цæуыл бацин кодтаид, ахæмæй дзы ницы ссардта уым дæр. «Мæ рацыды кой уыдон бирæ фæкæндзысты?» — абадти йæ сæры ахæм хъуыды. Фæлæ уыцы «уыдон» чи уыдысты, уый йæхæдæг дæр нæ зыдта. Уый хæд фæстæ, йæ зæрдæ йын чи бамæгуыр кодта æмæ йæ цæсгомыл чи фæбæрæг, ахæм хъуыдытæ йæ сæры абадтысты æмæ æнæсæрфат ныхæстæ скодта. Йæ зæрдыл æрбалæууыд мосье Капеле æмæ йæ хуыйæгæй 678 сомы кæй фæхæсджын, стæй йын куыд лæгъстæ кодта, иу афæдз ма йын куыд багæдзæ, куыд бахатыр кодтаид, уый тыххæй, æмæ хуыйæджы цæсгом, джис-къус кæнгæйæ, куыддзырдта: «Барæй лæудзынæн, æнæбары, æниу мæ бон циу, куы нæ лæууон, уæддæр». «Уæ мæ рафæлдисæг, ме скæнæг Хуыцау!» — дзырдта уый æмæ, цъынддзастæй кæсгæйæ, уыцы зæрдæниз хъуыдытæ йæ сæрæй сырдта. «Фæлæ уæддæр уымæ дæр не ’ркаст, афтæмæй мæ уарзта, — ахъуыды кодта, Мæскуыйæ куы раст кодта, уæд ныхас цы чызджы тыххæй æрцыд, уый тыххæй. — Куы йæ ракуырдтаин, уæд æнæхæс уыдаин, хъæлæкк, ныр та хæсджынæй баззадтæн Васильевæй». Йæ цæстытыл ахъазыд фæстаг изæр, уыцы чызгæй комкоммæ клубмæ куыд ацыд, уым Васильевимæ къамæй куыд хъазыд, æгады лæгъстæтæ йын куыд кодта, ахъазæм-ма, зæгъгæ, фæлæ Васильев къæрттæй цъула нæ фæци æмæ йын фæстæмæ æвæндон, уазал, дурзæрдæ адæймаджы дзуапп радта, нæй амал, зæгъгæ. «Иу афæдз мæхиуыл куы фæхæцон, уæд æнæхæс суыдзынæн, бафиддзынæн сæ, æмæ сæ хæйрæг бахæрæд...» Фæлæ кæд йæ зæрдæ фидар уыд бафидыны æгъдауæй, уæддæр та-иу сæ дзыхъхъынногæй нымайын байдыдта, цы хæстæ ма йыл баззад, уыдон, ce ’мгъуыдтæ æмæ сæ кæд хъуамæ бафида, уый. «Хæдæгай, Шевальейæ йеддæмæ ма Морелæй дæр куы фæхæсджын дæн, Морелæй!» Æмæ йæ зæрдыл æрбалæууыд, уыйбæрц цы ’хсæв амбулын кодта, уый. Уыцы æхсæв цигантæн хæрд æмæ нозт сарæзтой, æмæ семæ гуыпп кодтой Бетъырбухæй æрцæуæг адæм: Сашкæ Б***, флигель-адъютант, кънйаз Д*** æмæ уыцы цытджын гуыппырсар зæронд лæг... 

«Цымæ уыцы „гос податæ“ сæхи цæсты афтæ бæрзонд æмæ кадджын цæмæн сты? — ахъуыды кодта уый хинымæры. — Стæй, адæмæй хъауджыдæр хицæн къорд цæмæн сты, æмæ иннæтæй искæмæн уыцы къордмæ бацæуæн номыл æнæ кадыл цæмæн нымайынц. Æрмæст уый тыххæй, æмæ флигель-адъютанттæ кæй сты? Мардæрцыды хъуыддаг та куыннæ у, æвæдза, цæуылнæ амæлы лæг, куыд æдылы æмæ æнаккагыл нымайынц иннæты! Æз сын, гæдыныхас циу, уый бамбарын кодтон, уыдонимæ балымæн мæ хъуыдыйы дæр кæй нæй, хъæугæ дæр мæ кæй ницæмæн кæны, уый. Фæлæ уæддæр, раст зæгъгæйæ, мæ хæдзарады уынаффæгæнæг Андрей, цæвиттон, бамбæрста, Сашкæ Б***, булкъон, флигель-адъютант, мемæ куыд хицон æмæ лымæн у, уый, уæд стыр дисы бацыдаид. Æниу дзы уыцы изæр мæнæй фылдæр чи банызта? Иу дæр нæ. Цигантæн дæр ног зарæг æз бацамыдтон, æмæ йæм ce ’ппæт дæр хъуыстой. Кæд бирæ æнæсæрфат, æдылы митæ кодтон, уæддæр дзæбæх лæппу дæн, мæ фыдыстæн, дзæбæх», — дзырдта хинымæры уый. 

Æртыккаг станцæйы райсомæй цай бацымдта, стæй Ванюшкæимæ иу дзоныгъæй иннæмæ дзаумæттæ, чемодантæ-йедтæ бахаста, бафснайдта сæ æмæ ce ’хсæн æмбаргæ, раст æмæ рæвдз бадт скодта; зыдта, кæм цы æфснайд ис, уый: æхцатæ кæм сты, цас сты, йæ паспорт, йæ фæндаджы гæххæттытæ кæм сты. Уыдæттæ йæм зондыл арæзт уынаффæджын митæ фæкастысты, йæхицæй ныббузныг, бахъæлдзæг, æмæ йæм йæ дард балц æнцон, хи ирхæфсæгау кæсын байдыдта. 

Æнæхъæн райсом æмæ бонæмбис æрмæст нымайыны куыст кодта: цал версты рацыд, цал версты ма ис хæстæгдæр станцæмæ, цас — хæстæгдæр горæтмæ, сихæрттæм, цай цымын афонмæ, Стъараполмæ, стæй, ныронг цас рацыд, уый йæ фæндагæн йæ кæцы хай у. Нымадта йе ’хцатæ дæр: цас æм ис æхца, цас ма йæм баззайдзæн, цас æй бахъæудзæн йæ хæстæ бафидынæн, стæй цы ’фтиаг, цы пайда йæм хауы, уымæн йæ кæцы хай хардз кæндзæн иу мæй. Банымадта сæ изæрырдæм: Стъараполмæ йæ фæндагæн баззад йæ 7/11 хайы; йæ ис, йæ мулчы 2/8 хайы бæрц ыл хæстæ баззад... Афтæмæйты зæрдæ æрсабыр, йæхи æрбатыхта, дзоныгъы хуылфы арфдæр абырыд æмæ та ног бафынæй. Зæрдæ æмæ зонд Кавказимæ дзурын байдыдтой. Йæ цæстытыл хъазыдысты Амалат-бектæ, черкесаг рæсугъдтæ, хæхтæ, айнæг къæдзæхтæ, сахатæ, зæйтæ æмæ тасдзинæдтæ. Уыдæттæ-йедтæ дзæбæх нæ иртæста, не ’взæрста, фæлæ уæддæр стыр тасы мидæг дæр кадмæ бæлгæйæ, кадмæ æнхъæлмæ кæсгæйæ, зæрдæ рухс вæййы. Куы стыр æхсар, хъæбатырдзинад æмæ адæмæн æмбисонды тыхы руаджы ныццæгъды æмæ басæтты æнæнымæц хæххон адæмы, куы та, куыд хохаг лæг, хæххон адæмимæ уырысы ныхмæ ныллæууы æмæ семæ сæ сæрибардзинады тыххæй тох кæны. Куыддæр сæ лыстæгæй æвзарын байдайы, афтæ хъуыддаджы йæ зæронд мæскуыйаг зонгæтæ дæр кæцæйдæр февзæрынц. Сашкæ Б*** ам кæнæ уырысимæ, кæнæ хæххон адæмимæ йæ ныхмæ хæцы. Кæй фесгуыхт, кæй басаста, уый тыххæй йын цы кад, цы цыт сарæзтой, уыцы циндзинады, — цы хур, цы къæвда йæ æрхаста, Хуыцау дæсны, — фæлæ дзы куыддæрмæддагæй хуыйæг мосье Капель дæр хъуыддаджы фæци. Кæд ын уыцы æгъдауы мидæг йæ рагон æгаддзинæдтæ ’мæ рæдыдтæ æрымысынц, уæддæр сæ кой æхсызгон йеддæмæ хъыг, мыййаг, нæ вæййы. Цы зæгъын æй хъæуы, хæхбæстæйы сахаты, черкесаг рæсугъдты æмæ тасдзинæдты æхсæн уыцы рæдыдтæ дыккаг хатт нал æрцæудзысты. Иугæр сыл йæхæдæг кæм басаст, кæм æрфæсмон кодта, уым дзырддаг нал ис, ахицæн сты. Иу зынаргъ бæллиццон фæндон ма ис, лæппу-адæймаджы зæрдæ кæимæ дзырдта, æмæ йæ сæрæй чи нæ цух кодта. Уый уыд сылгоймаг. Æмæ уым, хæхты æхсæн, йæ цæстытыл хъазы цагъайраг черкесаг чызджы хуыз, хæрзконд, гуырвидауц, даргъдзыкку æмæ æфсармджын сылгоймаг коммæгæс къуырф цæстытимæ. Йæ цæстытыл хъазы хæхбæсты хибарæй хæдзар. Хæдзары къæсæрыл лæууы уыцы чызг уымæ æнхъæлмæ кæсгæйæ, фæстæмæ йæм куы æрбацæйздæхт фæлладæй, рыгæйдзагæй, тугæй ахуырстæй, стыр кад, стыр цытимæ, æмæ æмбары æцæджы хуызæн æнкъард чызгæн йæ батæ, йе уæхсчытæ, йæ адджын хъæлæс, йæ сабырдзинад. Чызг y нæртон рæсугъд, фæлæ æнахуыргонд, хъæддаг, æнæхсæст. Даргъ зымæгон æхсæвты йæ ахуыр кæнын байдайы. Зæрдæргъæвд, æмбаргæ, тыхджын райгуыргæ зондæй, æмæ уайтагъддæр фæхæст вæййы, æхсызгондæр æй чи фæхъæуы, уыцы зонды хъуыддæгтыл. Æмæ цæй тыххæй нæ? Тынг æнцон базонид æвзæгтæ, сахуыр уаид францусаг чингуыты кæсын, æмбарид сæ. «Notre Dam de Paris»1, дзырдæн зæгъын, йæ зæрдæмæ бацæуид. Францусагау дæр дзурид. Йæ мад, йæ фыды гуыбынæй цы хорздзинæдтæ рахаста, йæ туджы хъæды чи ис, уыдоны руаджы, сæмбæлгæйæ, йæхи хуыздæрæй равдисид, стыр адæмы æхсæнæй чи рацыд, уыцы æхсинтæй. Заргæ дæр кæнид æнæ гæдымитæй, тыхджын æмæ зæрдæбынæй. «Уæуу, мæнæ диссæгтæ, ацы æдылы хъуыдытæ та кæцæй бадтысты мæ сæры?» — дзырдта хинымæры йæхицæн. Раст уыцы сахат æрхæццæ сты цавæрдæр станцæмæ; уым сæ хъуыд иу дзоныгъæй иннæмæ бахизын æмæ бæхтæрæгæн арахъхъы аргъ авæрын. Фæлæ та уыцы æдылы хъуыдытæм фæстæмæ йæ зæрдæ ахсайдта, дзыхъхъынногæй сæ агурын байдыдта, æмæ та йæ сæры абадтысты уыцы черкесаг чызг, цыт æмæ кад, уыцы номдзыд рæсугъд, зæрдæмæдзæугæ ус, стæй Уæрæсемæ куыд раздæхт æмæ флигель-адъютант куыд сси. 

«Фæлæ уарзондзинад куыннæ ис, — дзырдта хинымæры. — Æниу, кад æмæ цыт цы сты? Мур дæр ницы. Уæд 678 сомы та? Æмæ цы бæстæ байстам, басастам, уый мын мæ мæлæты бонмæ цы хъæуы, уымæй фылдæр куы радта мулк, хъæздыгдзинæдтæ. Æвæдза, уыцы хъæздыгдзинæдтæ сæрмагонд дæхи бакæн, уый цас хорз уыдзæн, уымæн цæсгом дæр хъæуы. Байуарын сæ хъæуы. Æрмæст кæмæн? 678 сомы Капелæн, уый фæстæ фендзыстæм, бæрæг уыдзæн...» 

Æмæ бынтон тар, кæуыл нал хæст кодта, кæй нал иртæста, ахæм цыдæртæ ма æрдæгдзæфтæй уыдта, æмæ Ванюшæйы хъæлæс æмæ дзоныгъы æрлæуд бахъыгдардтой лæппулæджы тар фынæй. Ног станцæйы иннæ дзоныгъмæ куыд бахызт, уымæн ницы базыдта, афтæмæй дарддæр араст. 

Дыккаг бон дæр афтæ, — уыцы станцæтæ, уыцы лæвæрттæ бæхтæрджытæн, уыцы бæхты синты змæлд, уыцы цыбыр ныхæстæ. Ванюшæимæ, уыцы тар хъуыдытæ, уыцы рæдзæ-мæдзæ кæнын изæрæй, хуыссæг ахсгæйæ æмæ æнæниз, фæлмаст лæппулæджы тар фынæй æхсæв-бонмæ. 

 

III
 

Цас дарддæр кодта Оленин Уæрæсейы центрæй, афтæ, кæй мысыд йæ зæронд цардæй, уыдон æм дардæй-дарддæр зындысты; цас хæстæгдæр кодта Кавказмæ, афтæ йæ зæрдæ дæр хъæлдзæгдæр æмæ рухсдæр кодта. «Бынтондæр афардæг y æмæ фæстæмæ макуыуал раздæх, адæммæ хæстæг мауал цу, — ахæм хъуыдытæ дæр-иу абадтысты йæ сæры иуæй-иу хатт. — Ам цы адæм уынын, уыдон мæнæн адæм не сты, уыдонæй мæн ничи зоны, Мæскуымæ дæр сæ ничи бахаудзæн, æз цы адæмы æхсæн цардтæн, уыдонмæ, æмæ мын мæ ныронджы царды хъуыддæгтæ ничи бамбардзæн. Стæй уыцы адæмæй ничи базондзæн, ацы адæмимæ цæргæйæ, цы мигæнæг дæн, уый». Фæндагыл кæуыл æмбæлд æмæ, йæ зæронд мæскуыйаг зонгæты хуызæн, адæмыл кæй нæ нымадта, уыцы æнæконд адæмы æхсæн æм бынтон ног зæрдæйы уаг æрцыд, цыма йæ зæронд цардæй ахицæн æмæ æнæфсæрм, уæгъдибар сси, уыйау. Цас æнæконддæр уыдысты адæм, цас къаддæр сæм уыди ахуыргонддзинады бæрæггæнæнтæ, уыйас æнæфсæрмдæр æмæ йын æнцондæр уыд. Стъарапол йæ фæндагыл уыд æмæ йын йæ зæрдæ чысыл бамæгуыр, бамæстджын кодта. Вывескæтæ, ноджы францусагау фыст, æхсинтæ коляскæты, бæхтæрджыты лæуд сæ файтонтимæ лæгъзы, бульвар æмæ иу господин къабазджын цинел æмæ сгæллад худы мидæг, бульварыл цæугæйæ, фæстæмæ куыд фæкаст цæуджытæм, — уыдæттæ йын зæрдæнизы хос фесты. «Чи зоны ’мæ, ацы адæм мæ зонгæтæй искæй зондзысты», — æмæ та йæ зæрды æрæфтыдысты клубтæ, хуыйæг, къамтæ æмæ гуыппырсарты цард... Фæлæ Стъараполæй фæстæмæ алцыдæр фæхуыздæр: æнахуыр бæстæ, ноджы райдзаст, рæсугъд æмæ хæстон арæзт. Æмæ Оленин куыдфæстæмæ хъæлдзæгæй-хъæлдзæгдæр кодта. Хъазахъхъ уæд, бæхтæрджытæ уæд, станцæты хицæуттæ уæд, — ce ’ппæт дæр æм хуымæтæджы, Хуыцауы конд адæмы хуызæн зындысты. Чи сæ кæцы мыггагæй у, кæй туг сæ хуыздæр у, дæлдæр, уæлдæр сæ чи у, уыдæттæ ма хъуыды кæн, афтæмæй æнæ сæрнизæй семæ хъазгæ-худгæйæ ныхасгæнæн уыд хицон æгъдауæй. Æниу сæ цы хъауджыдæр ис, ce ’ппæт дæр адæмы мыггагæй уыдысты, æмæ Оленин ce ’ппæтмæ дæр æнæмбаргæйæ хъарм зæрдæ дардта; уыдон дæр æм, æнæ иу цухæй, хицон, уарзон цæстæй кастысты. 

Доны Æфсады Зæххыл сæ дзоныгъ цыппæрдзæлхыг уæрдонæй аивтой; Стъараполæй æддæмæ афтæ фæхъарм, æмæ Оленин æнæ кæрцæй цæуын байдыдта. Уалдзæг ралæууыд æнæнхъæлæджы, — хъæлдзæг уалдзæг Оленинæн. Æхсæвыгон хъазахъхъы хъæутæй адæмы цæуын нал уагътой æмæ рагагъоммæ изæрæй дзырдтой, æдас нæу, зæгъгæ. Ванюшæ чысыл тæрсын байдыдта æмæ йæ топп уæрдоны цæттæйæ ифтыгъдæй дардта. Оленин ноджыдæр фæхъæлдзæгдæр. Иу ран сын станцæйы хицау раныхас кодта, æрæджы фæндагыл цы æнæгъдау мард æрцыд, уый хабар. Гæрзтæджын адæм сыл æмбæлын байдыдтой. «Гъе, гъе, йæ цæвæнмæ æрхæццæ стæм!» — загъта хинымæры Оленин æмæ йын арæх кæй кой кодтой, уыцы хæхты фендмæ бæллын байдыдта. Иухатт бæхтæрæг ногъайаг ехсы дыдагъæй мигъы аууон хæхтæ ацамыдта. Фæлæ асæст бон уыд, хæхтыл мигъ бадт, æрдæгæй уæлæмæ нæ зындысты. Оленин уыдта цыдæр цъæх, урс, къæбæлдзыг къуыбылæйттæ æмæ йæ удæй цыд, æнувыдæй каст, фæлæ хæхты бакасты хорздзинадæй ницы ссардта, афтæмæй сæ хорзы кой бирæтæй фехъуыста, бирæ бакаст чингуыты дæр. Йæхинымæры ахъуыды кодта, хæхтæ æмæ мигъ бакастæй иу сты, хъауджыдæр сæ нæй, æмæ митджын хæхты стыр рæсугъддзинады кой Бахы музыкæ æмæ сылгоймаг уарзыны хуызæн мысгæ ныхæстыл, хъæды хъуыддæгтыл банымадта æмæ хæхтæм йæ зæрдæ нал æхсайдта. Дыккаг бон, райсомæй раджы, сæууон уазалмæ райхъал йæ уæрдоны мидæг æмæ æвæндонæй рахизфарсырдæм иу каст фæкодта. Бон уыд сыгъдæг, мигъы цъупп никæцæй зынд. Æвиппайды иу-ссæдз санчъехмæ ’ввахс, — афтæ йæм фæкаст фыццаг бакастæн, — ауыдта дынджыр хæхтæ сæ сонт урс-урсид, арвмæ чи хæццæ кодта, ахæм цъуппытимæ æмæ сæ буц, зæрдæхъæлдзæггæнæг диссаг рæсугъддзинæдтимæ. Куы бамбæрста хæхты стырдзинад, куы бамбæрста, хæхтæ æмæ арв кæрæдзимæ цас дард сты, стæй хæхты æнæкæрон рæсугъддзинад куы банкъардта, уæд хæлиудзыхæй аззад, фæтарст, кæд фын кæнæ æндæр исты у, зæгъгæ. Фынæйæнхъæл йæ мидбынаты йæхи бацагъта, базмæлынтæ кодта, цæмæй райхъал уыдаид, уый тыххæй. Фæлæ, хæхтæ цы уыдысты, уымæй баззадысты. 

— Уый циу? Цы сты уыдон? — афарста бæхтæрæджы. 

— Уыдон — хæхтæ, — дæ зæрдæ мæ зæрдæйæ йын радта дзуапп ногъайаг. 

— Æз дæр сæм рагæй кæсын, — загъта Ванюшæ. — Цы дзæбæх сты! Нæхимæ сæ нæ бауырнид. 

Тæргæбæхæй зыввытт ласта уæрдон лæгъз фæндагыл, — æмæ афтæ зынд, цыма хæхты сырх цъуппытæ райсомы хурмæ æрттывдтытæгæнгæйæ уæрдонимæ æмызгъорд кодтой арвы кæрæттыл. Райдианы хæхтæ Оленины æрмæст дисы бафтыдтой, стæй йæ бахъæлдзæг кодтой. Уый фæстæ сæм лыстæгдæр куы ’ркаст уыцы лидзæг, кæрæдзийыл рæхысау баст хæхтæм, быдыры астæу зæххы бынæй куыд сфардæг сты, уæд сын куыдфæстæмæ чысылгай-чысылгай æмбарын байдыдта сæ рæсугъддзинад æмæ бандæвта, хæхтæ цы сты, уый. Уæдæй фæстæмæ цыдæриддæр уыдта, цыдæриддæр хъуыды кодта, цыдæриддæр æндæвта — алцыдæр æм хæхтæм гæсгæ бæрæг стырдæр, беречетдæрхуызы зындысты, алцæмæ дæр ног, хуыздæр цæстæй акаст. Мæскуыйы цардæй йæ зæрдæмæ кæй хаста: фæсмон кæнын, æфсæрмы кæнын, Кавказы тыххæй цы æнæуаг хъуыдытæ кодта, уыдон ce ’ппæтдæр цыдæр фесты, æрбасатар сты æмæ фæстæмæ зæрдæмæ хæстæг никуыуал æрцыдысты. «Гъеныр райдыдта», — цыма йæм афтæ цавæрдæр цытджын хъæлæс сдзырдта. Фæндаг уæд, дардæй бæрæг чи дардта, уыцы Терчы дон уæд, хъазахъхъы хъæутæ уæд, æрдумæ дæр кæй нæ дардта ныронг, уыцы ницæйаг адæм уæд, — ce ’ппæт дæр йæ цæсты фæкадджындæр, фæбæрзонддæр сты, хъазахъхъау æм нал кастысты. Арвмæ скæса — хæхтæ йæ зæрдыл æрбалæууынц. Йæхимæ кæнæ Ванюшæмæ бакæса — уæддæр та уыцы хæхтæ. Мæнæ дыууæ хъазахъхъаджы æрбацæуынц бæхтыл, сæ топпытæ агъудты мидæг уыцы иу æгъдауыл æмхуызон змæлд кæнынц ce ’фцæджы, сæ бæхты урс, æмæ цъæх къæхтæ æмхæццæ кæнынц, æмæ сæ чи кæй у, уый цæст нæ иртасы, фæлæ хæхтæ та... Терчы фаллаг фарсæй зыны хъæу, фæздæг, фæлæ хæхтæ та... Хур скæсы æмæ хъамылы фæсте Терчы доны хъазгæ æрттывд кæны, фæлæ хæхтæ та... Хъæуæй иу уæрдонджын рараст, сылгоймæгтæ цæуынц, рæсугъд æмæ æрыгон сылгоймæгтæ, фæлæ хæхтæ та... Абырджытæ хæтынц быдыры, æз дæр мæ цыды кой кæнын, уæдæ цы кæнон, нæ тæрсын, сæ лæджыхъæд æмæ сæхæдæг, мæнмæ дæр ис топп, тых, лæппуйы ныфс, фæлæ хæхтæ... 

 

IV
 

Терчы бæсты дæргъæй-дæргъмæ иу-80 верстмæ æввахс адаргъ сты гребенаг хъазахъхъы хъæутæ, æмæ уыцы иу уагыл, уыцы иухуызон сты сæ бæстыхъæд дæр æмæ сæ адæмыхатт дæр. Терк цæуы хъазахъхъ æмæ хæххон адæмæн ce ’хсæнты æмæ сæ дыууæ дихы кæны; йæ дон y лакъон, цæуы тагъд, хæлиуæй æмæ æнæхъуырхъуыргæнгæйæ; æппынæдзухæй хæссы æмæ æвæры цъæхбын змис рахизфарсы хъамылджын ныллæг былтыл æмæ хæры, гæрды галиу фарсы ныллæггомау кæрз къул былтæ, хæры фондзыссæдзаздзыд тулдз, бутъро тæрс бæлæсты æмæ тала бæлæсты бындзæфхæдтæ æд уидæгтæ. Рахизфарсырдыгæй цæрынц, чи æрсабыр, уырысы ныхмæ чи нæуал лæууы, фæлæ ма æдас кæмæй нæу, хæстхъом ма чи у, ахæм хъæутæ. Донæн йæ галиуварсырдыгæй, донмæ хæстæг, версты æрдæджы бæрц ce ’хсæн, афтæмæй адаргъ сты хъазахъхъы хъæутæ, кæрæдзийæ кæм авд, кæм аст верстмæ ’ввахс. Раджы заманы уыцы хъæутæн сæ фылдæр донæн йæ хæд былыл цардысты, фæлæ Терк азæй-аз тынгдæр хурныгуылæны ’рдæм ссæста, сæ зæхх сын хордта æмæ сæ лидзæг фæкодта. Ныр дæр ма дзы зынынц бæзджын хæмпæлæй дзаг хъæууæттæ, цæхæрадæттæ, дзедырæг æмæ, хъæддаг сæнæфсир кæуыл стыхст, ахæм кæрдо, æхсынцъы æмæ хæрис бæлæстæ. Иу уд цæрæг дзы нал ис уым, æрмæст ма бæрæг дарынц змисы уæлæ сагты, бирæгъты, тæрхъусты æмæ хъæддаг кæрчыты фæдтæ, уыцы бæстæ кæмæн фæадджындæр æмæ йыл стырзæрдæ чи нæ кодта. Хъæуæй-хъæумæ цæуы, хъæды мидæг кæй айгæрстой, ахæм фæндаг, йæ дæргъ сармадзаны æхстбæрц. Фæндагыл арæзт сты постытæ; уым фæбадынц хъазахъхъ. Посты æхсæн фæлгæсæнтыл лæууынц хъахъхъæнджытæ. Æрмæст иу-æртæфондзыссæдз сардзины йæ уæрх кæмæн у, ахæм нарæг, хъæдарæхджын, хъæздыг зæххы уадздзаджы хицау сты хъазахъхъ. Уыдоны æмхæст цæгаты ’рдыгæй фарс адаргъ сты Ногъайы æмæ Мæздæджы быдыртæ ce змисджын арыхъхъытимæ æмæ дард, Хуыцау зоны, кæм баиу вæййынц Туркмены, Астраханы æмæ Киргиз-Кайсаччы змисджын быдыртимæ. Хуссары ’рдыгæй, Теркæн йæ фаллаг фарс — Цæцæны бæстæ, кочкалыковаг стыр хохрагъ, стæй митхæхтæ, æрмæст дардæй чи зыны, фæлæ адæймаджы къах кæм никуыма уыд. Гъе уыцы хъæздыг, хъæдарæхджын зæххыл цæрынц незаманæй нырмæ зæронд дингæнæг хъазахъхъ, уырысы адæмыхаттæй гребенаг хъазахъхъ кæй хонынц, уыдон. 

Раджы кæддæр, незаманы сæ зæронд дингæнæг фыдæлтæ Уæрæсейæ ралыгъдысты æмæ Терчы фаллаг фарс цæцæны æхсæн æрцардысты хæстæг хъæдарæхстджын рагъыл, стыр Цæцæны. Цæцæны æхсæн цæргæйæ хъазахъхъ семæ бахæстæджытæ сты æмæ хæххон адæмæн райстой ce ’гъдæуттæ, сæ царды уаг, сæ царды æвæрд æмæ ce ’фсæрмдзинад. Фæлæ ce ’взаг æмæ сæ зæронд дин нæ аивтой — фыццаджы хуызæн сыгъдæгæй баззадысты. Сæ фыдæлтæй баззайгæ ныхæстæ зноны хуызæн хъуыды кодтой æмæ уымæ гæсгæ дзырдтой, паддзах Иван Грозный, дам, Терчы бæстæм æрцыд, зæронд лæгтæм æрсидын кодта, зæххытæ сын лæвæрдта Теркæн ацы фарсы ’рдыгæй, дзырдта сын, дзæбæх, хæларæй куыд цæрой, афтæ, æмæ сын зæрдæ бавæрдта: хъалондар сæ не скæндзæн, сæ дин дæр сын нæ аивын кæндзæн. Ныр дæр ма хъазахъхъы мыггæгтæй цæцæнимæ хæстæгдзинад, æрвадиуæг чи кæны, ахæмтæ ис, æмæ сын æндæр мацы ратт — сæрибардзинад, уыимæ магуса, стигъын æмæ хæстмондагдзинад. Уырысы къухы кæй уыдысты, уый сын хорздзинадæй ницы лæвæрдта: сæ бартæ сын истой æхсæны лæгтæ æвзаргæйæ; сæ хъæуты чи цард кæнæ сæ бæстыл чи цыди, уыцы æфсæдтæ сæ тыхсын кодтой æмæ сын сæ дзæгæрджытæ истой. Хъазахъхъаг, йæ туджы æмæ йæ зæрдæйы уагмæ гæсгæ, хохаг сау адæймагмæ, йе ’фсымæры марæгмæ, йæ туджджынмæ афтæ хæрам нæу, уырыссаг салдатмæ куыд у, йæ хъæу ын чи хъахъхъæны, йæ хæдзары фатеры чи цæры æмæ йын æй афтæмæй тамакойы фæздæг æмæ смагæй чи фесафы. Хохаг знаг адæймаг йæ цæсты кадджындæр y салдатæй. Салдатмæ уазалдæр зæрдæ дары æмæ йæ æлгъаг, æцæгæлоныл нымайы, хъыгдарæг æмæ тыхгæнæг кæй у, уый тыххæй. Дардыл æй цы дзурæм, цыбыр ныхасæй, уырыссаг музуккаг хъазахъхъаджы цæсты уыд æцæгæлон, æнахъинон, æнæконд, хъæддаг æмæ, былысчъилтæ кæуыл кодтой, ахæм æлгъаг цыдæр. Музуккаджы хуызæн ма хуыдтой æмæ ахæм зæрдæ дардтой æрлидзæггаг хахолмæ æмæ, сæм-иу чи бафтыд, уыцы базаргæнджытæм. Уыдонмæ «шаповал», зæгъгæ, æндæр номæй дзургæ дæр нæ кодтой. Уæлæдарæс дзаумайæ сæхи æвдисынц, сæхи хъал кæнынц, хæххон адæймаджы фæзмгæйæ. Гæрзты хуыздæр къухты æфты хæххон адæмæй, бæхты хуыздæр дæр æлхæнынц æмæ давынц уыдонæй. Лæджыхъæдджын хъазахъхъаг йæ сины сæрыл хæцы, йæхицæй æппæлы тæтæйраг æвзаг зонынæй æмæ къуылых нозтджынæй йе ’фсымæримæ дæр тæтæйрагау фæдзуры. Уæддæр уыцы чырыстон адæм дард æцæгæлон бæсты, æрдæгхъæддаг адæмы æмæ салдæтты æхсæн цæргæйæ сæхи дæлæмæ нæ уагътой, сæхи хуызæн, ce ’мсæр никæй хуыдтой зондæй, æгъдауæй, ахуыргонддзинадæй æмæ æрмæст хъазахъхъаджы нымадтой адæмы мыггагыл. Иннæ адæммæ, чи фæнды фестæнт, æлгъаджы цæстæй кастысты. Хъазахъхъаг йæ царды бонтæ фылдæр æрвыста постыты, хæсты, цуаны æмæ кæсагахсыны куысты. Хæдзары куыст, афтæ искуы иу хаттæн нæ зонын, уый йеддæмæ никуы кодта. Уазæгуаты æгъдауыл-иу стæммæ хъæумæ æрæфтыд æмæ-иу нозтыл фæци. Æнæсæн хæдзар не ссардзынæ хъазахъмæ, ce ’ппæтмæ дæр ис. Расыг кæнын сæ туджы, мыййаг, нæй, ce ’ппæты зæрдæ дæр æй кæм агурдзæн, фæлæ ce ’гъдаумæ гæсгæ æнæ нуазын хос нæй; чи нæ нуаза, уый æгъдаухалæг у, адæмимæ цæрæг нæу. Сылгоймагмæ хъазахъхъаг кæсы кусæджы цæстæй, йæхи дзæбæхдзинады тыххæй. Чызгæн ма бартæ дæтты, фæлæ усы йе ’рцыдæй йæ зæронды бонмæ куысты баппары æмæ, хурыскæсæны ’рдыгæй цæрæг адæммæ цы æгъдауы мидæг æвæрд y сылгоймаг, уыцы æгъдау дзы агуры — коммæ кæсын æмæ фыдæбон, æнæбанцайгæ куыст. Ахæм цæстæй йæм кæй кæсы, уый сæраппонд сылгоймаг сфæлтæры, сфидар, стыхджын вæййы буарæй дæр æмæ æгъдауæй дæр, æмæ, кæд цæстмæ коммæгæсæг йæхи скæны, уæддæр хæдзары, бинонты царды мидæг барджындæр æмæ дзырддзæугæдæр вæййы. Сылгоймаг æхсæны куыстæй цухгонд кæй y æмæ лæджы уæззау куыст кæй кæны, уый йын хæдзары мидæг фылдæр бартæ, фылдæр тых дæтты. Хъазахъхъаг æцæгæлон адæймаджы цур йæ усæн зæрдæлхæнæн митæ кæнæ хицæн ныхæстæ кæнын йæ сæрмæ нæ хæссы, худинагыл сæ нымайы, фæлæ йыл хибарæй, лæгæй-лæгмæ ус уæлахиздæр кæй кæны, уый тынг хорз æмбары. Хæдзар, мулк, хæдзарады арæзт иууылдæр усмæ кæсы, иууылдæр усы туджы фæллой сты. Хæдзар уый руаджы лæууы йæ къæхтыл, уый y йæ астæуккаг цæджындз. Хъазахъхъаджы тынг уырны, кусын нæлгоймæгтыл кæй нæ фидауы, худинаг кæй у, уый. Куыст уыцырдыгонау фидауы æрмæст ногъайаг æххуырстыл æмæ сылгоймагыл. Фæлæ мидæгæй йæ зæрдæ æнæ ’мбаргæ нæу, йæхи кæй хоны æмæ цæмæй цæры, уыдон иууылдæр куысты æмæ фыдæбоны фæдыл кæй сты, уый. Йæхицæн кусæг, æлхæд кæй хоны, уыцы сылгоймаджы къухы ис йæ цард, уый y йæ дарæг, æмæ уыцы сылгоймаджы куы бафæнда, уæд æй фæцух кæндзæн ахæм æввонг, æнæмæт цардæй. Стæй, хъазахъхъаг сылгоймаг æппынæдзух нæлгоймаджы уæззау куыст кæй кæны æмæ хæдзары мæт дæр иудадзыг уымæ кæй хауы, уымæ гæсгæ гребенаг сылгоймаг куыдфæстæмæ сси сæрæн, лæджыхъæдджын, йе уæнгты кондмæ гæсгæ фидар, йæ удыхъæдмæ гæсгæ ныфсджын, хæд-зонд, хъаруджын. Хъазахъхъæн сæ сылтæ сæхицæй тыхджындæр, æмбаргæдæр æмæ рæсугъддæр сты. Адæмæн æмбисонды рæсугъд цот цæуы сыгъдæг хохаг лæг æмæ тыхджын, стæвдтæарæзт уырыссаг сылгоймагæй, уый сæраппонд сты ахæм номдзыд рæсугъд гребенаг хъазахъхъаг сылтæ. Хъазахъхъы сылтæ æмæ хохаг сылтæ уыциу дарæс дарынц: хæдон, цыбыр куырæт æмæ дзабыртæ, фæлæ сæры кæлмæрзæн уырыссаг конд кæнынц. Хъалдзинад, сыгъдæгдзинад, аив æмæ рæсугъд дарæс, æфснайд хæдзар ce ’гъдауы мидæг уыд, æмæ æнæ афтæ цæрын дæр нæ зыдтой. Устытæ, уæлдайдæр чызджытæ, лæгтимæ цæрынц бархийæ, кæй куыд фæнды, афтæ. Райдианы хъазахъхъ æрцардысты Новомлинскæйы; уый уыд хъазахъхъы хъæутæн сæ бындур, сæ уидаг. Гребенаг хъазахъхъы зæронд æгъдæуттæ уыцы хъæуы куыд тыхджынæй, куыд зæрдиагæй кодтой, афтæ сæ иннæ хъæуты нæ кодтой. Сæ сылтæ афтæ номдзыд рæсугъд уыдысты, æмæ сæ рæсугъды кой дардыл хъуыст рагæй нырмæ æгас Кавказыл. Сæ цæрæнхостæ сты сæнæфсиры æмæ дыргъы цæхæрадæттæ, харбыз æмæ насы хуымтæ, кæсаг ахсын, цуан, нартхор æмæ еууы куыст, стæры цæуын, хæсты æгъдауæй æфтиаг. 

Новомлинсчы хъæуæй Терчы доны былмæ уыдзæн æртæ версты. Сæ дыууæйы æхсæн ис æнæхæрд тархъæд. Хъæуыл цы фæндаг цæуы, уымæн йæ иуырдыгæй фарс ис цæугæдон, иннæ фарсы ’рдыгæй цъæх дарынц сæнæфсиры цæхæрадæттæ æмæ зынынц Ногъайы быдыры змисджын арыхъхъытæ, дымгæ кæй фæхоста æмæ æрæвæрдта, ахæмтæ. Хъæуæн йæ алфамбылай ис сыджытæй арæзт æмбонд; æмбонды уæлæ какон сагъд кæрæй-кæронмæ. Хъæуæй æддæмæ æмæ хъæумæ мидæмæ цæуынц бæрзонд цæджындзтыл арæзт æмæ хъамылæй æмбæрзт кулдуарыл. Кулдуары фарсмæ быныхъæдтыл æвæрдæй лæууы фыдкæндтæ сармадзан, иу-фондзыссæдз азы кæмæй нæ фехстæуыд æмæ кæддæр раджы заманы хъазахъхъ кæй байстой, ахæм. Хъахъхъæнæг хъазахъхъаг кард æмæ топпимæ, æгъдаумæ гæсгæ дарæсы мидæг, дуары раз куы лæууы, куы нæ æмæ йæ рæзты цæуæг афицертæй кæмæн æгъдау ратты, кæмæн — нæ. Кулдуары сæрмæ, æмбæрзты бын, урс фæйнæджы гæппæлыл сау ахорæнæй фыст у: «Хæдзæрттæ — 266, нæлгоймæгтæ — 897, сылгоймæгтæ — 1012». Хъазахъхъы хæдзæрттæ ce ’ппæт дæр цæджындзтыл арæзт сты, зæххæй иу адылийы бæрзæндæн, æмæ дзæбæх æфснайд æмбæрзт сты хъамылæй бæрзонд цъупгонд рагъимæ уæлейы. Кæд ce ’ппæт ногконд не сты, уæддæр раст æмæ сыгъдæг сты алыхуызон дæлбазыртимæ æддейы, йæ бацæуæны ’рдыгæй, стæй кæрæдзийыл ныхæст нæ, фæлæ дæрддзæф æмæ аив, рæсугъд æвæрд сты дæргъмæ æмæ цæхгæрмæ арæзт уæрæх уынгты. Бирæ хæдзæрттæн сæ дынджыр рухс рудзгуыты раз, кауы æдде хæрдмæ сфардæг сты æмæ хæдзæртты сæрты кæсынц тарцъæхбын хæрис бæлæстæ æмæ буц, рухс сыфтæрджын акъацитæ сæ урс æхсызгон тæфгæнæг дидинджытимæ; сæ хæд раз — къæйных, æдзæсгом, æрттиваг æхсынæнты чъиритæ, тыхсаг мæцкъор æмæ сæнæфсиры бæлæстæ. Уæрæх лæгъзы зынынц æртæ дуканийы сæ базайрæгтимæ — хъуымац, æхсынæнтæ, сæгъысыкъатæ æмæ пряниччытимæ, æмæ бæрзонд быруйы сæрты, рæнхъсагъд зæронд хъæды бæлæсты фæстæйæ бæлвырд бæрæгдæр зыны полчъы хицауы даргъ æмæ бæрзонд хæдзар йæ гомгæнгæ рудзгуытимæ. Кусгæ бон, уæлдайдæр сæрдыгон, адæмæй бирæйы нæ фендзынæ хъæуы уынгты. Хъазахъхъ паддзахады куысты вæййынц кæнæ постыты, кæнæ хæсты. Зæрæдтæ цуаны, кæсаг ахсынмæ, на уый нæй — устытимæ кусынц цæхæрадæтты, æрмæст хæрз зæрæдтæ, æнахъом сывæллæттæ æмæ рынчынтæ баззайынц сæ хæдзæртты. 

 

V
 

Æрмæст Кавказы кæй фендæуыдзæн, ахæм диссаджы дзæбæх изæр скодта. Хур хæхты аууон фæци, фæлæ ма уæддæр рухс уыд. Дыдзы хур арвæн йе ’ртыццаг хай бацахста, æмæ йæ рухсмæ хæрз бæрæг дардтой фæлурс æвзистхуыз хæхты бæрзæндтæ. Уæлдæф кадавар сабыр, æнæзмæлгæ уыд, æмæ дзырд дзæбæх хъуыст. Дæргъæй-дæргъмæ иу къорд версты аивæзти быдырыл хæхты аууон. Быдыры, донæн йæ фаллаг фарс, иу цъиуызмæлæг нал уыд. Искуы-иу хатт-иу исчердыгæй барджытæ куы фæзындысты, уæд-иу посты хъазахъхъ æмæ цæцæн сæ хъæуы сæ хъустæ схъил кодтой, дисгæнгæйæ-иу сæм ныккастысты, базонæм сæ, зæгъгæ, чи уаиккой цымæ ацы гуырысхойаг адæм? Куыддæр изæрдалынгтæ æрвæййы, афтæ адæм, кæрæдзи тасæй хæдзæрттæм сæхи хæстæгдæр ласын байдайынц. Æрмæст ма сырд æмæ маргъ æдæрсгæйæ, зæрдæвæндонæй хæтынц уыцы æдзæрæг бæсты. Сæнæфсиры мæцкъортæ чи баста, уыцы хъазахъхъаг чызджытæ, кæд ма хурæй бахæццæ уаиккам, зæгъгæ, цæхæрадæттæй тагъд-тагъд кодтой хъæлдзæг ныхæстæгæнгæ. Цæхæрадæтты дæр æмæ сæ алфамбылай дæр иу удызмæлæг нал ис. Фæлæ уыцы афон, дыууæ изæры æхсæн, хъæуы мидæг цард йæ тæккæ тынгыл вæййы. Алырдыгæй адæм хъæумæ цæуынц, чи фистæгæй, чи та хъинцгæнаг уæрдоны. Чызджытæ, сæ хæдæттæ сæ сины сагъдæй, уистæ сæ къухы, афтæмæй згъордтой цъыбарцъыбургæнгæ хъæуы кулдуары ’рдæм хъомы размæ. Рыг æмæ къогъойæ азмæлæнтæ нæ уыд, рæгъауы сæрмæ мигъау сбадтысты æмтъерыйæ, æмæ хъом уыцы рыджы мидæг хъомпалæй цыдысты. Замманай нард хъуццытæ æмæ къамбецтæ уынгты алырдæм ныххæлиутæ сты, æмæ хъазахъхъаг чызджытæ хъулон куырæтты мидæг ратæх-батæх кæнынц ce ’хсæнты. Хъуысы сæ хъæрæй ныхас, хъæлдзæг худт æмæ сæ цъæхахст хъомы уасты æхсæнæй. Уым, постæй йæхи æмгъуыдмæ чи ракуырдта, ахæм хъазахъхъаг бæхыл йæ хæдзармæ æрбахæццæ æмæ бæхыл бадгæйæ рудзынг хойын байдыдта. Уыцы бахостмæ хъазахъхъаг чызгус йе ’взонг рæсугъд сæр рудзынгæй радардта æмæ мидбылты худты бынæй хъуысынц адджын рæвдауæн ныхæстæ. Уым фæтæнцæсгомджын ногъайаг æххуырст бызгъуырты мидæг быдырæй æрбахæццæ æмæ хъамылæйдзаг хъинцгæнаг уæрдон баздæхта есаулы сыгъдæг уæрæх кæртмæ æмæ дардæй хæдзары хицаумæ тæтæйрагау иугай ныхæстæгæнгæ æфсондзы бынæй знæт галтæ феуæгъд кодта. Æгас уынг чи бацахста æмæ, уал азы адæм кæй алфамбылай зилынц, уыцы цъыфдзасты цур, быруйы рæбынты, йæхи кауыл ныхасгæйæ, зынтæй, арæхстгай фæцæйцыд бæгъæввадæй хъазахъхъаг ус... Чызг арт æндзары, мад — кулгъом йе ’ккой, афтæмæй. Цуанæй чи æрбацæйздæхт, ахæм хъазахъхъаг — цуанон æм хъæр кæны хъазгæйæ: «Уæлдæр ыл схæц, худинаггæнæг», — æмæ йæм топп фæдардта. Хъазахъхъаг ус йæ хæдон дæлæмæ æруагъта, æмæ йæ суджы æргъом зæхмæ æрхауд. Зæронд хъазахъхъаг, уæлæмæ счъил хæлафы къæхтимæ, халас, хъуынджын, гом риуимæ кæсагахсынæй æрбацæйцыд: йе ’ккойы хызыны мидæг удæгас æвзистхуыз кæсæгтæ цъыллинджытæ кодтой. Хæстæгдæрты рауайон, зæгъгæ, хизы йæ сыхаджы хæлд кауы сæрты, йæ куырæты фæдджи кауы михæй уæгъдгæнгæйæ. Бæстæ сæ сæрыл систой хъазахъхъы сывæллæттæ сæ цъæхснаг хъæрæй, лæгъз рæтты сæрбихъуырæйттæгæнгæйæ æмæ цъилæй хъазгæйæ. Кауы сæрты, дардыл азилынмæ зивæг кæнгæйæ, хизынц хъазахъхъы устытæ. Пецы ердойæ хæрдмæ згъоры æхсызгон тæфгæнæг сæнары фæздæг. Æнцад, æдзæм æхсæвы размæ алы кæртæй хъуысы адæмы змæлд æмæ архайд. 

Ахуыргæнæг — хорунжийы зæронд ус Улиткæ, иннæтæ куыд фæкæнынц, афтæ уый дæр æддæмæ, кулдуары размæ, рацыд. Йæ чызг Марьянкæ уынгты хъом æрбацæйтардта, æмæ уый æрбацыдмæ æнхъæлмæ кæсы. Зæронд ус кулдуар кæнын нæ бафæрæзта, афтæ дынджыр сыл къамбец, йæ хъузæттæ, къогъотæ йæ алфамбылай, афтæмæй уасгæ-уасын дуар йемæ байста æмæ кæртмæ бараст, йæ фæдыл сабыргай цыдысты нард, æфсæст хъуццытæ, хæдзары хицаумæ кæсгæйæ, æмæ сæ дымджытæй æмхуызон, уыцы иу æгъдауыл, сæ фæрстæ хойгæйæ. Гуырвидауц, рæсугъд Марьянкæ кулдуарыл бацыд, йæ уис аппæрста, кулдуар ахгæдта æмæ, йæ рог цырд къæхтæй згъоргæйæ, хъомты алкæй йæ бынатмæ здæхта. «Дæ дзабыртæ ралас, уæртæ хæйрæджджын, — хъæр кæны мад, — дыууæ боны фаг ын нæ сысты». Мады цæф кæм риссы: хæйрæджы номæй йæм кæй сдзырдта, уый чызгмæ хъыг, мыййаг, нæ фæкаст, фæлæ йæ буц рæвдауæн ныхасмæ бамбæрста æмæ дарддæр хъæлдзæгæй йæ хъуыддаг кодта. Марьянкæйы цæсгом нæ зынд тыхт кæлмæрзæны бынæй; йæ уæлæ уыд тарбын сырх хæдон æмæ цъæх цыбыр куырæт. Нард ставд хъомы фæдыл хъасбахъы смидæг æмæ уырдыгæй йæ дзурын хъуыст, къамбецæн буц æмæ цины ныхæстæ куыд кодта, уый. «Мæнæ цы и, мæнæ! Иу ран нæ фæлæудзæн! Ma кæ, кæннод дæ ахæм фæуыдзæн æмæ... нæ, нæ, нæ дарæг, хорз дæ, хорз». Уалынджы чызг зæронд усимæ хъасбахъæй хæдзармæ æрбацыдысты. Сæ дыууæ дæр сæ къухты фæйнæ дынджыр дурыны æрбацæйхастой — абоны æхсыр. Æлыгæй амад ердойæ уайтагъд фæздæг скалд. Æхсырæй хъаймагъ кæнын байдыдтой. Чызг арт æндзары, мад кулдуары ’рдæм йæхи райста. Изæрдалынгтæ æрци. Уæлдæф халсары, фосы æмæ тæфгæнаг сæнары фæздæджы смагæй байдзаг. Кулдуæртты цур æмæ уынгты дыууæрдæм рауай-бауай кæнынц хъазахъхъы устытæ, сæ къухты судзгæ хæцъилы гæппæлтæ, афтæмæй. Кæрты хъуысы фосы нæтын æмæ сынæры цагъд; хъуысы устыты æмæ сывæллæтты хъæлæс, кæрæдзимæ хъæргæнгæйæ, кæртыты æмæ уынгты мидæг. Кусгæ бон, искуы иу боны йеддæмæ, расыг лæджы хъæлæс нæ фехъуысдзæн. 

Хъазахъхъы устытæй иу зæронд, бæрзонд, къæсхуыр, ныфсджын сылгоймаг уынгæн йæ фаллаг фарсæй æрбацыд зæронд Улиткæмæ зынггур, йæ къухы хæцъилы скъуыддзаг. 

— Гъы, нæ мад, æфснайд фестут? — загъта ус. 

— Чызг арт æндзары. Зынг дæ, мыййаг, кæд хъæуы?— загъта зæронд Улиткæ; йæхицæй ныббузныг, исты раттыны фадат ын кæй ис, уымæй. 

Дыууæ усы хæдзармæ бацыдысты. Йæ куыствæлтæрд дæрзæг къухтæ лыстæг митыл ахуыр нæ уыдысты æмæ зынаргъ спичкæйы къоппы сæр гомгæнгæйæ зыр-зыр кодтой. Чи ’рбацыд, уыцы ныфсджын усæн йæ зæрды аныхæстæ кæнын уыд æмæ къæсæрыл æрбадт. 

— Уæ адæм ма, нæ мад, скъолайы сты? — афарста ног æрбацæуæг ус. 

— О, мæ хур, о! Сывæллæтты ахуыр кæны. Фыста, бæрæгбонтæм нæхимæ уыдзынæн, — загъта хорунжийы ус. 

— Цы зæгъын æй хъæуы, æмбаргæ адæймаг у. Æгас мыст ма ’рбахæсс дæ хæдзармæ, уый йеддæмæ алцыдæр пайда у. 

— Пайда та куыннæ у. 

— Мæ Лукашæ дæр посты бады; йæ хæдзармæ йæ нæ уадзынц, — загъта, чи æрбацыд, уыцы ус. Хорунжийы ус. уыцы хъуыддаг æнæ зонгæ кæй нæу, уый æмбæрста, фæлæ, цæмæй Лукашкæйы тыххæй ныхас æрцыдаид, уый тыххæй йын йæ кой исты æфсонæй ракæнын кодта æмæ йын ныр хорунжийы чызг Марьянæйы ракурын йæ зæрды уыд. 

— Æмæ ма посты вæййы? 

— Уæдæ цы вæййы, нæ мад. Бæрæгбонæй ардæм нырма нæ хæдзары нæма уыд. Айфыццаг ын Фомушкæимæ хæдæттæ арвыстон. Куыд дзурынц, афтæмæй дзы хицæуттæ разы сты. Æвæццæгæн та абырджыты агурынц. Лукашкæйы дзæбæх, хъæлдзæг хонынц. 

— Цы ма дæ фæнды, уæдæ? Æгайтма дзæбæх у! — загъта хорунжийы ус. — Раст зæгъын хъæуы, сахъ лæппу у, — Урван, Урван. 

Лукашкæйы Урван хуыдтой йæ сахъдзинады æмæ, хъазахъхъаг лæппуйы донæй кæй раласта, кæй йæ фервæзын кодта, уый тыххæй. Хорунжийы ус, Лукашкæйы мады зæрдæ балхæнон, зæгъгæ, уыцы хъуыддаджы кой барæй ракодта. 

— Хорз фырт мын у, мæ мад, хорз, хъаст ницæмæй кæнын. Мæхи у, уый тыххæй, мыййаг, нæ зæгъын, уæд мын амæлæд. Фæлæ дзы æппæлынц иууылдæр, сæрæн у, зæгъгæ, — дзырдта Лукашкæйы мад. — Æрмæст ма мын ус куы ракурид, уæд мæрдтæм æнæмæтæй бацæуин. 

— Ууыл та мын цы тыхсыс, чызджытæй фылдæр цы ис нæ хъæуы! — загъта хинæйдзаг хорунжийы ус, йæ бызгъуыр къухтæй арæхстгай, æнувыдæй спичкæйы къоппы сæр æхгæнгæйæ. 

— Бирæ, бирæ, дæ фæхъхъау æрбауон, — загъта Лукашкæйы мад йæ сæр тилгæйæ. — Чызг зæгъ, æмæ — Марьянкæ! Гъеуый дын чызг! Чызг ахæм куы нæ уа, уæд уадз æмæ лæууа. 

Хорунжийы ус æмбæрста, Лукашкæйы мад цæмæ хъавы, уый, æмæ, кæд Лукашкæмæ æвзæр цæстæй нæ каст, хорз æй хуыдта, уæддæр, æвæццæгæн, йæхицæн лæгъстæ агуырдта, æмæ нæзонæг, æндæр ныхæстæгæнæг йæхи скодта, уымæн æмæ, иуæй, афицеры ус æмæ хъæздыг уыд, Лукашкæ та хуымæтæджы хъазахъхъаджы фырт у, уыимæ ма сидзæр. Дыккагæй, уымæн æмæ йæ йæ чызгимæ ахицæн нæма фæндыд. Уæлдай тынгдæр та уымæн, æмæ уæздан æгъдау афтæ кæнын амыдта. 

— О, йæ афонмæ куы ахæццæ уа, уæд Марьянкæ дæр чындздзон чызг уыдзæн, уæдæ цы уыдзæн, — дзырдта хорунжийы ус хиуылхæцгæйæ, цыма йæ чызгæй раппæлын æфсæрмы кодта, уый хуызæн. 

— Курджытæ уæм æрбарвитдзыстæм, мæнæ ма нæ цæхæрадæттæ бафснайæм. Æрмæст нæ дæ хорзæх уæд, æндæр нæ ницы хъæуы, — дзырдта Лукашкæйы мад.— Илья Васильевичæн дæр балæгъстæ кæндзыстæм. 

— Илья, загътай? Æмæ дзы уый та цы у? — зæгъгæ, фæкодта сæрыстырæй хорунжийы ус. — Дзурын мемæ хъæуы. Фæлæ алцæмæн дæр афон ис. 

Лукашкæйы мад хорунжийы усы карз цæсгомы ахастмæ гæсгæ бамбæрста, дарддæр дзурын аив, пайда кæй нæу, уый. Спичкæ асыгъта, хæцъилыл æй бадардта, сыстад æмæ загъта: 

— Дæ зæрдæйы хорзæх цард дын фестон, дæ зæрдæйы хорзæх. Мæ ныхæстæ мын ма ферох кæн. Цон, арт кæнын мæ хъæуы. 

Уынгæн йæ фаллаг фарсмæ куыд фæцæйцыд, йæ къухæй дардыл судзгæ хæцъил тилгæйæ, афтæ йыл Марьянæ фембæлд æмæ йын йæ сæрæй акуывта. 

«Уымæй дзæбæхдæр ма цæмæ бакастæуа! Куыстуарзон чызг, — ахъуыды кодта йæхинымæры, рæсугъд чызгмæ кæсгæйæ.— Кæдæм-ма рæза! Мой кæнын афон ын у, æрмæст хорз хæдзармæ. Бæззы Лукашæйæн». 

Зæронд ус Улиткæ дæр æнæмæт, æнæхъуыддаг нæ уыд. Къæсæрыл куыд бадт, афтæ бадгæйæ баззад æмæ цæйдæр тыххæй стыр сагъæс кодта, цалынмæ йæм йæ чызг нæ бадзырдта, уалынмæ. 

 

VI
 

Хъазахъхъæй лæджы ном кæуыл ис, уыдон сæ цард æрвитынц кæнæ хæсты, кæнæ постыты. Зæронд дыууæ усы кæй кой кодтой, уыцы Лукашкæ изæрырдæм лæууыд Дæллаг-Протоцкæйы фæлгæсæныл. Уыцы пост Терчы донæн раст йæ хæд былыл арæзт уыд. Йæ цæнгтæй фæлгæсæны сæрхъæдыл æнцайгæйæ цъынддзастæй дардмæ каст Терчы фаллаг фарсмæ кæнæ дæлæмæ бынмæ йе ’мбæлттæм æмæ-иу семæ стæммæ иугай ныхæстæ кодта. Хур хæстæг кæнын байдыдта митсæр хæхтæм. Уыцы хæхтæ къæбæлдзыгхуыз мигъы сæрмæ урс дардтой. Хæхты бын мигъ дыууæрдæм зилдухгæнгæ куыдфæстæмæ тарæй-тардæр кодта. Уæлдæф изæрырдæм рæсуг æмæ сыгъдæгдæр кæнын байдыдта. Тар æнæхæрд хъæдæй ирдгæ кодта, фæлæ ма посты цур æнтæф уыд. Ныхасгæнгæйæ хъазахъхъы хъæлæс бæлвырд тыхджындæр æмæ дарддæр хъуыст уæлдæфы. Терчы бур тагъд дон йæ риуы æмбæрц размæ бырста æмæ йæ дыууæ æнæзмæлгæ фарсы æхсæнæй бæрæг дардта йæхи. Дон йæ ивылдæй æрбадт æмæ ранæй-рæтты, былгæрæтты æмæ змисдзæстыты, ногæвæрд змис бур кæнын байдыдта. Посты бакомкоммæ, фаллаг фарс, æдзæрæг уыд, æмæ æрмæст æнæкæрон ныллæггомау хъамыл суанг хохы рæбынтæм хæццæ кодта. Чысыл иуварсырдыгæй, фæсвæд ран, донæн йæ ныллæг былыл цæцæйнаг хъæуы æлыгæй сæрст сахъари хæдзæрттæ, лæгъз тъæпæнсæр уæлхæдзæрттæ æмæ, куыдуæлæмæ, уæрæхдæр ердоимæ. 

Хъазахъхъ цæцæны ’рдыгæй æдас нæ уыдысты, абырджыты æрбабырстмæ алы сахат дæр æнхъæлмæ кастысты, уæлдайдæр майы мæйы, хъæд йæ тæккæ бæзджыныл куы вæййы, Терк та йæ тæккæ тæнæгыл æмæ ранæй-рæтты æнцон ауайæн куы вæййы йæ тæнджыты, уæд. Уый дымæгмæ дыууæ боны раздæр полчъы хицауæй ахæм гæххæтт æрбахæццæ: не сгарджыты ныхæстæм гæсгæ, a дыууæ боны Теркæн ацы фарсмæ æрбахизынвæнд кæнынц аст лæджы, æмæ уыйадыл хъазахъхъ цæттæ куыд уой, афтæ, фæлæ посты хъазахъхъ уæддæр стырзæрдæйæ сæ хъус уыйас нæ дардтой. Хъазахъхъ, цыма сæ хæдзæртты уыдысты, уыйау кæй цы фæндыд, уый кодта æмæ æнæсаргъ бæхтыл, æнæ гæрзтæй чи кæсаг ахста, чи цуан кодта, чи та-иу нозтыл фæци æмæ расыг кодта. Æрмæст дежурнæйы бæх саргъæвæрдæй, æртыкъахыг сахсæн йæ уæлæ, афтæмæй хъæды дымæгмæ какæтты æхсæнты рацу-бацу кодта æмæ хъахъхъæнæг хъазахъхъаг, цæттæйæ, æд топп, æд кард йæ куысты уæлхъус лæууыд. Урядник, бæрзонд, къæсхуыр хъазахъхъаг, æвидауц даргъ гуыримæ, чысыл къæхтæ æмæ къухтимæ, ронбæгъдæй, айдагъ куырæты мидæг бадти хæдзары къулы тæрхæгыл æмæ, хицауы хуызæн, зивæггæнаг æнкъард цæсгомы ахастимæ, цъынддзастæй, йæ сæр куы йæ иу къухы, куы иннæ къухы æнцой радгай æвæрдта. Ацæргæ хъазахъхъаг фæтæн урсæмхæццæ сау зачъетимæ, ронбастæй, айдагъ хæдоны мидæг, раст донæн йæ хæд былыл хуыссыд æмæ, зивæггæнгæйæ, каст уыцы иухуызон хъуырхъуыргæнаг Терчы фæзилæны зилдухмæ. Иннæтæ дæр афтæ — æнтæфæй сфæлмæцыдысты æмæ æрдæгбæгънæгæй чи Терчы доны йæ дзаумæттæ æнхъæвзта, чи идон æлхынцъытæ кодта, чи та доны был зæххы, тæвд змисы уæлæ хуысгæйæ, йæхинымæры зарджытæ кодта. Хъазахъхъæй иу, фыдхуыз æмæ хурæй сыгъд цæсгомимæ, фыдрасыгæй, йæ сæр-йæ фат нал æмбæрста, афтæмæй уæлгоммæ хуыссыд хæдзары къулы цур, чысыл раздæр аууон кæм уыд, ныр та фæрсырдыгæй комкоммæ хуры судзаг тынтæ кæдæм кастысты, уым. 

Фæлгæсæныл чи лæууыд, уый уыд Лукашкæ, бæрзонд, рæсугъд ссæдзаздзыд лæппулæг, раст йæ мады æнгæсæн, цæрмыстыгъд æй бакодта. Лæппу уæвгæйæ, кæд йæ асмæ, йæ кармæ нæма ахæццæ, уæддæр йæ цæсгом æмæ йе уæнгты æвæрд æвдыстой тых, ныфс æмæ йæм æфсарм кæй уыд, уый. Кæд хъазахъхъаг æрæджы баци, уæддæр йæ цæсгомы ахаст, йæ цæстæнгас æмæ йæхиуыл йæ зæрдæ кæй дардта, уыдонмæ гæсгæ бæрæг уыд, хъазахъхъагæй дæр, æнæуый дæр гæрзимæ чи схъомыл, ахуыр сыл чи у, уыдон куыд æхсарджын, ныфсхаст зæрдæджын æмæ хæстæргом вæййынц хи цæсты, уыдон куыд хъалбын, хъаларæзт вæййынц, хуымæтæджы исты, мыййаг, кæй нæу, фæлæ хъазахъхъаг кæй y æмæ, йæ сæрæн аргъ кæнын кæй базондзæн, уый. Йæ уæлæ уæрæх, ранæй-рæтты скъуыдтæ цухъхъа, йæ худ фæстæмæ счъил, цæцæн куыд дарынц, афтæ, зæнгæйттæ уæрджытæй дæлæмæ уагъд. Фæлыст, мыййаг, нæ уыд дзаумайæ, фæлæ йыл дзаума бадгæ дзæбæх кодта, кæй фæзмыдтой, уыцы цæцæныл куыд фидыдта, афтæ. Æцæг хъæбатыр адæймаг кæддæриддæр дардта уæрæх скъуыдтæ дзаума, фæлæ зынаргъ гæрзтæ. Фæлæ уыцы скъуыдтæ дзаума æмæ гæрзтæ æнгом, рæсугъд, аив дарын искуы иу йеддæмæ ничи зыдта. Уыцы аивдзинад хохаг адæймаг кæнæ хъазахъхъаг уайтагъд уыцы иу бакастæй æмбæрста. Лукашкæ дæр уындæй уыцы хъæбатыр уыд. Йæ карды сæрыл хæцгæйæ-иу цъынддзастæй лыстæг ныккаст, дарддæр цы хъæу ис, уымæ. Лыстæгæй æвзаргæйæ, йæ цæсгомы æвæрд рæсугъд нæ уыд, фæлæ æнæуый уыцы иу бакастæй, йæ хæрзконд хъуыр æмæ йæ сауæрфыг цæсгомы хатмæ гæсгæ, чидæриддæр æнæ зæгъгæ нæ фæцаид: «Дау æм нæй, саг лæппу у!» 

— Бæстæ усæй байдзаг, гуылфæнтæ кæнынц хъæуæй! — загъта Лукашкæ цъæхснаг хъæлæсæй, зивæг кæнгæйæ, йæ сæнт урс дæндæгтæ æвдисгæйæ, бæлвырд бæрæг никæмæ дзырдта, афтæмæй. 

Назаркæ бынæй хуыссыд, æваст йæ сæр фæхъил кодта æмæ загъта: 

— Дондзаутæ сты, æвæццæгæн. 

— Багæрах сæ кæнин, афтæ тæрсыны гæрах? — загъта Лукашкæ худгæйæ. — Хæрзаг кæрæдзи сæрты хауиккой! 

— Нæ дын бахаудзæн. 

— Цы? Уый та цы хоныс? Уый тыххæй йыл мæ зæрдæ дарын, сæ сæрты дæр ма афардæг уыдзæн. Гъæй, мæнæ сæ бæрæгбон æрхæццæ кæны. Гирей-ханмæ мын æнæ цæугæ нæй арфæтæм æмæ махсымæ нуазынмæ, — загъта та Лукашкæ, мæстæй æдзæсгом къогъотæ сургæйæ. 

Хъæдæй цавæрдæр сæр-сæр фехъуыст, æмæ хъазахъхъ уыцырдæм сæ хъус адардтой. Хъулонæмхæццæ цуанон куыдз, фæд агургæйæ æмæ йæ гæмæх дымæг тилгæйæ, сыллынксыллынкгæнгæ, постмæ æрбацæйзгъордта. Лукашкæ базыдта йæ сыхаг цуанон Ерошкæйы куыдзы; уымæн йæ хæд уæлвæд ауыдта хъæдæн йæ тæккæ бæзджыны мидæг æрбацæйлæсгæ Ерошкæйы дæр. 

Ерошкæ уыд стæвдтæарæзт, бæзæрхыг хъазахъхъаг урс, миты хуызæн, фæтæн зачъетимæ, уæрæх уæхсчытæ æмæ уæрæхриуджын, фæлæ хъæды мидæг кæимæ йæ абарстæуыдаид, ахæмæй дзы ницы уыд æмæ уымæ гæсгæ, цы уыд, уымæй цыбырдæр зынд. Йæ уæлæ уыд скъуыдтæ куырæт, йæ фæдджитæ йæ сины сагъд, йæ къæхтыл сагдзармæй конд къогъодзитæ зæнджы хъулты онг рæхсæнтæй баст, йæ сæрыл — дæрдджын гыццыл урс худ. Йе ’ккой иуырдыгæй уыд хъуызæн дзаума (кобылкæ2) æмæ голладжы мидæг хъæддаг карк æмæ цъиусур — хъæрццыгъа сайæнтæ, иннæрдыгæй — гæрзы скъуыддзагыл баст хъæддаг гæдыйы мард; фæсте йæ синыл хызын; хызыны мидæг — нæмгуытæ, топпыхос æмæ дзул, стæй бæхы дымæг — къогъотæ сурæн æмæ дыууæ хъæддаг мард карчы; йæ фарсыл — стыр хъама хæлд кæрæттæ æмæ тугæйдзаг кæрддзæмимæ. Ерошкæ постмæ бакаст æмæ фæлæууыд. 

— Гей, Лям! — зæгъгæ, фæхъæр кодта, куыдзмæ дзургæйæ, ахæм гуыргуыргæнаг хъæлæсæй, æмæ йæ хъæр дард хъæды мидæг ныййазæлыд. Дынджыр пистонджын топп йе ’фцæджы баппæрста æмæ йæ худ зына-нæзына сæрæй фæхицæн кодта. — Уæ бонтæ хорз, мæнæ дзæбæх адæм! — загъта хъазахъхъæн фыццаджы хуызæн тыхджын, хъæлдзæг хъæлæсæй æмæ афтæ хъæрæй, цыма доны фаллаг фарсмæ искæмæ дзырдта, уый хуызæн, барæй, мыййаг, нæ, фæлæ йæ дзырды æгъдау афтæ уыд. 

— Æгас нæм цу, Ерошкæ, æгас! — загътой йын хъæлдзæгæй лæппу-адæм хъазахъхъæгтæ. 

— Цы хабæрттæ уæм ис? Истытæ-ма мын радзурут, — загъта Ерошкæ, йæ цухъхъайы дысæй йæ фæтæн сырх цæсгомы хид сæрфгæйæ. 

— Хъусыс мæм, Ерошкæ? Мæнæ ам тæрс бæласыл замманай хъæрццыгъа цæры. Ахæм маринаг никуы ис. Куыддæр изæр ралæууы, афтæ ам зилдух кæнын байдайы, — загъта Назаркæ, йæ цæст ныкъулгæйæ, йе уæхск æмæ йæ къах змæлынгæнгæйæ. 

— Хынджылæг куы нæ скъæрис, — гуырысхогæнгæйæ загъта зæронд лæг. 

— Æцæг зæгъын, æцæг, хъазын æнхъæл ма у. Бабад-ма йæм, — загъта та Назаркæ, йæ мидбылты худгæйæ. 

Хъазахъхъ бахудтысты. 

Назаркæ хъæрццыгъа дæр нæ федта æмæ иу дæр, фæлæ лæппу-адæм фæцахуыр сты, æмæ-иу сæм Ерошкæ куы ’рбафтыд, уæд-иу æй сайдтой. 

— Гæдыныхæстæ йеддæмæ йын мацы ратт, — æрдзырдта Лукашкæ уæлейæ фæлгæсæнæй Назаркæмæ. 

Назаркæ уайтагъд ныхъхъус. 

— Бабадын дæр хорз у. Цы кæны, абаддзыстæм, — загъта зæронд лæг. Хъазахъхъ бахъæлдзæг сты: æхсызгон сын уыд йæ ныхас. — Йæд та... Йæд та... Хуытæ, мыййаг, цы федтаиккат? 

— Афтæ æнцон y хуытæ фенын! — ратулбатулгæнгæ æмæ йæ дыууæ къухæй йæ даргъ фæсонтæ ныхгæйæ, загъта урядник хъæлдзæгæй, хи аирхæфсыны фадат ын кæй æрдыд, уыйадыл. Ам хуытæ нæ, фæлæ абырджытæ кæй æрцыд, уыйадыл. — Дæ хъусыл ницы æрцыд æппын? — загъта урядник цъынддзастæй кæсгæйæ æнæ исты æфсонæй æмæ йæ урс æнæхъуыд дæндæгтæ æвдисгæйæ. 

— Абырджытæ, зæгъыс? — загъта зæронд лæг. — Нæ, ахæм хабарæй ницы фехъуыстон. Уыдæттæ-йедтæ ма фæуадз, фæлæ уæм æппын ахуыпп кæнинагæй ницы ис, сæн, мыййаг? Фæхъæстæ-ма мæ кæн, ме ’фсымæры хай. Фæлмæст дæн, ды цæрай. Кæд мæ къухты исты бафта, уæд уый зон, æмæ æнæхай нæ уыдзынæ. Мæхи бар мæ уадз, рохуаты нæ баззайдзынæ. Фæлæ кæд аназинаг ис, уæд рахæсс, — ской та кодта зæронд. 

— Цы уынаффæ дæм ис, бабадынмæ хъавыс, мыййаг? — афарста йæ урядник, цыма йын йæ ныхас нæ бамбæрста, уыйау. 

— Иу æхсæв бафыдæбон кæнынмæ хъавын. Кæд бæрæгбонмæ мæ къухы исты бафтид. Уæд, хъæлæкк, исты уаид. Æнæ дæу кæй бахæрон, уый мын хæрам фестæд. 

— Ерошкæ! А-у-у, Ерошкæ! — цъæхснаг хъæлæсæй уæле æрхъæр кодта Лукашкæ. Хъазахъхъ æм ce ’ппæт дæр фæстæмæ фæкастысты. — Уæллаг суадонмæ-ма дæхи слас, уым стыр æрдонг3 хæты. Гæдыныхæстæ кæнын æнхъæл мын ма y. Me ’цæгæй зæгъын, бауырнæд дæ! Айфыццаг, æрæджы, мах хъазахъхъæй иу хуыйы фехста. Æцæг, æцæг, нæ хъазын, — загъта та уый, йæ топпы къæдзыл хæцгæйæ. Йæ хъæлæсы хаттæй бæрæг уыд, сайгæ йæ кæй нæ кодта, уый. 

— А-а, Лукашкæ-Урван дæр ам куы ис, сæрæй!— загъта зæронд лæг уæлæмæ кæсгæйæ. — Кæцы ран æй фехста? 

— Цыма йæ нæ федтай, уый фарст кæныс! Раст донхæрдæн йæ тæккæ былыл, — загъта Лукашкæ æнæхъазгæйæ. — Донхæрды былтыл фæцæйцыдыстæм, афтæ æвиппайды къæр-къæр ссыд. Мæ топп фыдбылызау агъуды мидæг уыд, фæлæ йыл æй Иляскæ ныххуырста. Æз дын æй фенын кæндзынæн уыцы бынат, — дард нæу, хæстæг у, бауадз мæ, мæнæ мæ равдæла. Æз ын, ме ’фсымæры хай, йæ цæуæнтæ хорз зонын. Мосев! — бадзырдта Лукашкæ урядникмæ уæндонæй, ныфсхастæй, цыма йыл йæ бар цыд, уыйау. — Афон y аивынæн! — йæ топп райста æмæ урядничы уынаффæмæ дæр нал фæкаст, афтæмæй фæлгæсæнæй дæлæмæ хизын байдыдта. 

— Рахиз! — загъта ма æрæджиау урядник æмæ йæ алфамбылай йæ цæст ахаста. — Дæ рад, мыййаг у, Гуркæ? Цæугæ! Дæ Лукашкæйæ лæг рацæудзæн, сагдзинæдтæ йæм ис, — загъта урядник, зæронд лæгмæ дзургæйæ. — Дæуæй уæлдай нæу, иу ран æрбадæн ын нæй, хæтын уарзы. Айфыццаг дзы иу афæлдæхта. 

 

VII
 

Хур аныгуылди. Изæрдалынгтæ æрци. Хъазахъхъ посты цур сæ куыстытæ фесты æмæ хæдзармæ æхсæвæр хæрынмæ æмбырд кодтой. Æрмæст ма зæронд лæг, тæрс бæласы бын хъæрццыгъамæ æнхъæлмæ кæсгæйæ, бадти æмæ йæ къахæй баст цъиусуры змæлын кодта. Хъæрццыгъа бæласыл бадт, фæлæ дæлæмæ каркмæ йæхи нæ уагъта. Лукашкæ сабыргай, арæхстгай какæтты æхсæн, кæрчыты цæуæнты, синагæй цæгтæ арæзта кæрчыты ахсыны тыххæй æмæ зарджытæ кодта иу иннæйы фæдыл. Кæд ставдкъухджын æмæ бæрзонд уыд, уæддæр бæрæг уыд, кæй арæхсы æмæ йæ къухы алы куыст дæр кæй фидауы, уый. 

— О Лука! — хæстæг, къудзиты æхсæнæй фехъуыст Назаркæйы цъæхснаг хъæлæс. — Хъазахъхъ æхсæвæр хæрынмæ фæцæуынц. 

Назаркæйæн удæгас хъæддаг уасæг йæ дæлармы, афтæмæй какæтты æхсæнты лæсгæйæ, къахвæндагмæ рацыд. 

— Гъæй, — загъта Лукашкæ, йæ дзырд уромгæйæ.— Кæм бафтыд дæ къухы уыцы уасæг? Æз афтæ зæгъын, æмæ йæ мæ къæппæг æрцахста. 

Назаркæ Лукашкæимæ æмгæрттæ уыдысты, æмæ уый дæр ауалдзæджы бацыд службæмæ. 

Уый уыд бакастæй фыдуындгомау, тæлуссонд, сæрымагъзджын, йæ цъæхахстгæнаг хъæлæс зæлланг кодта хъусты. Лукашкæимæ сыхæгтæ æмæ лымæнтæ уыдысты. Лукашкæ нæууыл тæтæйраг бадт кодта æмæ синагæй цæгтæ арæзта. 

— Нæ зонын кæй, æвæццæгæн, дæууон уыдаид. 

— Къахæны фале, мыййаг, тæрс бæласы бын? Уый уæдæ мæн у, знон æй сарæзтон. 

Лукашкæ сыстад æмæ хъæддаг уасæджы рауын-бауын байдыдта. Йæ къухмæ йæ райста æмæ йын йæ тарцъæхбын сæр æрсæрфтытæ кодта. Уасæг-иу тæссæй йæ бæрзæй раивæзта æмæ-иу йæ цæстытæ азылдта. 

— Абон плау хæрдзыстæм. Цу, аргæвд æй æмæ йæ асыгъдæг кæн. 

— Цы уынаффæ дæм ис, нæхæдæг æй хæрæм æви йæ урядникæн раттæм? Æмæ йæ гуыбын нæ фæрисдзæн? Æгъгъæд ын у. 

— Æргæвдын мæм зын кæсы, мæ зæрдæ нæ комы, — загъта Назаркæ. 

— Ардæм æй рахæсс уæдæ. 

Лукашкæ йæ хъамайы кард йæ кæрддзæмæй сласта æмæ йын йæ къубал æрбадзæнгæл ласта. Уасæг йæхи сцагъта æмæ йæ базыртæ нæма ахæлиу кодта, афтæ йæ сæр æрдыдагъ, æмæ йæ гæндзæхтæ цæгъдын байдыдта. 

— Гъе, афтæ-иу кæн, мæ лымæн, гъе! — загъта Лукашкæ æмæ уасæджы иуварсырдæм аппæрста. — Плау дзы ахæм рацæудзæн æмæ диссаг — дæ комыдæттæ йæм згъордзысты. 

Назаркæ уасæгмæ кæсгæйæ фестъæлфыд. 

— Хъусыс мæм, Лука, нæ хæйрæг та нæ ахсæв бадынмæ æрвитдзæн, — загъта Назаркæ урядникæй æмæ уасæг йæ къухмæ систа. — Фомушкины сæнмæ арвыста, уый рад уыд. Ныр цал æмæ цал æхсæвы цæуæм фæд-фæдыл. Æрмæст мах ссардта. 

Лукашкæ æхситгæнгæйæ посты ’рдæм араст. 

— Синаг демæ рахæсс! — фæхъæр кодта фæстæмæ. 

Назаркæ йын йæ фæндон сæххæст кодта. 

— Тæккæ абон мын æнæ зæгъгæ нæй; фæкæс-ма, кæддæра йын нæ зæгъин! — сдзырдта Назаркæ. — Арæби, бафæлмæцыдыстæм æмæ нал цæуæм, æндæр ма дзы исты ис. Ды-ма йын зæгъ, дæумæ хуыздæр байхъусдзæн. Ай цæй хæрæджы дымæг у! 

— Ныр цæуыл дзурыс, уый бæрæг нæй! — загъта Лукашкæ, йæхинымæры æндæр цыдæртæ хъуыдыгæнгæйæ. — Уый та цы дзырддаг у! Хъæуæй нæ куы ’рвитиккой, уæд ма цы зæгъыс, уый зæгъ, уым ма дæ бон хъæлдзæгæй арвитдзынæ, фæлæ ам та цы хъауджыдæр y — посты æви æндæр ран искуы. Гъе-уæууæй-гъе. 

— Хъæумæ, мыййаг, æрбацæудзынæ? 

— Бæрæгбонты æнæ цæугæ нæй. 

— Гуркæ цы дзырдта, уый зоныс, дæ Дунайкæ, дам, цыма Фомушкинимæ хæты, афтæ зæгъы, — сдзырдта Назаркæ æнæнхъæлгæйæ. 

— Хæйрæджы амæттаг фæуæд, мур дæр мæ ницæмæн хъæуы! — загъта Лукашкæ æнæхудгæйæ æмæ йæ урс æмхæст дæндæгтæ æвдисгæйæ. — Æндæр не ссардзынæн, æви цы зæгъыс? 

— Гуркæ куыд дзырдта, афтæмæй йæм бацыд; йæ мой сæхимæ нæ уыд. Фомушкин йæхицæн бады æмæ хæры. Иучысыл абадт æмæ рацыд. Рудзынджы бынæй сæм сусæгæй байхъуыста æмæ ус Фомушкинæн дзырдта: «Ацыд уыцы хæйрæг. Цæуылнæ ахæрыс, цæ, мæ уд? Хъусыс, хуыссынмæ уæхимæ ма ацу, ам баззай». — Уæд сæм Гуркæ рудзынджы бынæй бадзырдта: «Уый чи бæззы, уый у». 

— Гæдытæ дзурыс. 

— Æцæг зæгъын, мæ фыдыстæн. 

Лукашкæ ныхъхъус. 

— Гауарда, кæд æндæрыл фæхæст, уæд. Чысыл дзы ис? Уыйас дæр ма дæ хъæуæд. Уæддæр æм мæ зæрдæ нал ради, схъыг дзы дæн. 

— Иблистæй дæ ды! — загъта Назаркæ. — Гъæй, хорунжийы чызг Марьянкæмæ ма дæхи балас. Цымæ никæимæ хæты. 

Лукашкæ йе ’рфгуытæ фæтар кодта. 

— Æмæ иннæтæй уæлдай циу Марьянкæ дæр? Цы уæлдай ис, иу сты, — загъта Лукашкæ. 

— Куыннæ, зæгъыны йеддæмæ дæ ницы хъæуы, авзар ма уæдæ... 

— Æмæ уæд цы ’нхъæл дæ, дæ зæрдæйæ? Хъæуы дзы чысыл ис? — Æмæ Лукашкæ æхситгæнгæйæ посты цурты араст, бæлæсты къалиуты сыфтæртæ тонгæйæ. Къудзиты æхсæн цæугæйæ æвиппайды иу рæхснæг лæгъз уисыл йæ цæст фæхæцыд, фæлæууыд, йæ хъамайы кард сласта æмæ йæ æрбадзæнгæл ласта. 

— Топпы фатæн ахæм никуы ис, — загъта Лукашкæ, уисæй уæлдæфы хъазгæйæ; дзæбæхау æм каст уисы цъыччытæ æмæ æхситт уæлдæфы. 

Хъазахъхъ бадтысты зæхбын, æлыгæй сæрст посты тыргъы хохаг фынджы алыварс. Æхсæвæр хæргæйæ ныхас æрцыд, кæй рад y ахсæв сусæг ран бабадын, уый тыххæй. 

— Чи хъуамæ ацæуа ахсæв? — бадзырдта урядникмæ дуарæй мидæмæ иу хъазахъхъаг. 

— Чи хъуамæ ацæуа, зæгъыс? — радзырдта фæстæмæ урядник. — Бурлак йæ рад арвыста. Фомушкин дæр афтæ, — дзырдта гуызавæгæнгæйæ урядник. — Сымах та, мыййаг, ацæуиккат? Ды ’мæ Назаркæ, — загъта та Лукашкæмæ дзургæйæ. — Уæд та Ергушов дæр уемæ ацæуæд, хуыссæгæй бафсæстаид, æвæццæгæн. 

— Дæуæн дзы куы нæ ис бафсис, уæд уый цы кодта дæуæй хъауджыдæр! — загъта Назаркæ сусæггомау. 

Хъазахъхъ бахудтысты. 

Къулы рæбын фыдрасыгæй цы хъазахъхъаг хуыссыд, уый уыд Ергушов. Нырма ныртæккæ бацыд тыргъмæ йæ цæстытæ æууæрдгæйæ. 

Лукашкæ уыцы сахат сыстад æмæ йæ топмæ зылд. 

— Æрмæст афойнадыл ацæут, æхсæвæр бахæрут æмæ, — загъта урядник. Сæ фæндон сын нæма бамбæрста, ацæудзысты æви нæ, афтæмæй дуар йæ фæдыл ассыдта, æвæццæгæн сыл йæ зæрдæ нæ дардта коммæ бакæсыны тыххæй. — Хицæуттæй дзырд куы нæ уаид, уæд уæ нæ батыхсын кæнин, фæлæ нæй æндæр амал, æвиппайды сотник куы ’рбалæууа, уымæй тæрсын. Ноджы ма ахæм ныхæстæ дæр кæнынц, абырджытæ аст лæгæй ацы фарсмæ æрбахызтысты, зæгъгæ. 

— Цæуын хъæуы, — загъта Ергушов.— Æгъдауы сæрты хизæн нæй! Рæстæг афтæ амоны. Æз зæгъын, æмæ цæуын хъæуы. 

Лукашкæ сæ цуры, йæ дыууæ къухæй уасæджы сгуы йæ дзыхмæ даргæйæ, ракæс-бакæс кодта куы урядникмæ, куы — Назаркæмæ, цыма сын сæ митæм йæ хъус нæ дардта æмæ сыл хинымæры худти, уыйау. 

Хъазахъхъ æхсæв бадынмæ нæма араст сты, афтæ Ерошкæ дæр талынг тыргъы æрбалæууыд. Бон-сауизæрмæ тæрс бæласы бын дзæгъæлы фæбадти. 

— Цæй, лæппу! — ныггуыр-гуыр кодта ныллæг тыргъы мидæг йæ бæзджын хъæлæс, афтæ тынг, æмæ уый хъæлæсы йеддæмæ ницыуал хъуыст. — Мæнæ æз дæр сымахимæ цæуын. Сымах цæцæнмæ бабаддзыстут, æз та — хуытæм. 

 

VIII
 

Хæрз мæйдар æрци, афтæ Ерошкæ æмæ æртæ хъазахъхъаджы, топпытæ ce ’фцæджы, нымæттæ сæ уæлæ, афтæмæй аивгъуыдтой Терчы былтыл сæ сусæг бадæн бынатмæ. Назаркæмæ цæуыны уынаффæ нæ уыд, фæлæ йыл Лука фæхъæр кодта, æмæ уайтагъд сæхи арæвдз кодтой. Хъазахъхъ иукъорд санчъехы æнæдзургæйæ акодтаиккой, афтæ донхорыгæй иуварсырдæм цæхгæр фæзылдысты æмæ хъамылы æхсæн, чысыл бæрæг дардта, ахæм лыстæг къахвæндæгтыл Теркмæ бацыдысты. Донæн йæ тæккæ хæд былыл, дон кæй раппæрста, ахæм ставд сау хъæды къуылдых лæууыд, йæ алфамбылай ногыссæст хъамыл. 

— Ам бабадгæйæ куыд уаид, цымæ? — загъта Назаркæ. 

— Уæдæ ма уæ цы хъæуы? Æгæр хорз у? — загъта Лукашкæ. — Ам уал сбад, æз ныртæккæ фездæхдзынæн, мæнæ Ерошкæйы бахæццæ кæнон. 

— Хуыздæр бынат нал æмбæлы, ничи нæ уындзæн, нæхæдæг уындзыстæм, — загъта Ергушов. — Хуыздæр бадæнæн скæнæн дæр ма нæй, барæй конд цыма у, уый хуызæн. 

Назаркæ Ергушовимæ нымæттæ байтыдтой æмæ хъæды аууон æрбынат кодтой. Лукашкæ дарддæр Ерошкæимæ ацыд. 

— Мæнæ ам хæстæг у, Ерошкæ, — загъта Лукашкæ, арæхстгай, фæлмæн къахдзæфтæгæнгæйæ æмæ зæронд лæджы разæй цæугæйæ. — Кæуылты ацыдысты, уый дын фенын кæндзынæн. Мæхи уды йеддæмæ йæ ничи зоны. 

— Фенын мын æй кæн, фенын. Æвæдза, саг лæппу дæ, иу дзырдæй — Урван, — сусæгæй дзургæйæ загъта зæронд лæг. 

Лукашкæ иукъорд къахдзæфы акодта, стæй фæлæууыд, доны кулмæ æргуыбыр кодта æмæ фехситт кодта. 

— Мæнæ уыныс, дон нуазынмæ кæуылты ацыдысты, — загъта зæронд лæг. — Уый, æвæццæгæн, донхорыджы фале уыдзæн, уый мын цы зонын хъæуы. Ныр æй мæ бар уадз. Ды фæстæмæ аздæх, æз æм бабаддзынæн. 

Лукашкæ йæ нымæтыл уæлдæр схæцыд, иунæгæй фæстæмæ доны былтыл араст, фæйнæрдæм ракæсбакæсгæнгæ, куы галиуварсырдæм амад къулы хуызæн хъамылмæ, куы та — Теркмæ, йæ хæд цур къардиуы бын хъуырхъуыргæнгæ зилдух чи кодта, уымæ. «Æвæццæгæн, уый дæр хъахъхъæны, на уый нæй, искуы сусæгæй хъуызы»,— ахъуыды кодта йæхинымæры цæцæйнаджы тыххæй. Æвиппайды цыдæр хыбар-хыбур æмæ доны цæллахъхъ фæцыд. Лукашкæ фестъæлфыд æмæ топмæ фæлæбурдта. Къардиуы бынæй футтытæгæнгæ хъæддаг нæл хуы расæррæтт ласта, йæ сау æндæрг доны сæры æрттиваг хуызæй фæиппæрд æмæ цæстыфæныкъуылдмæ хъамылы смидæг. Лукашкæ ма æвиппайды топп, хъæлæкк, фелвæста, хуымæ йæ фæцарæзта, фæлæ йæ æхст нал бафæрæзта. Нæл хуы хъамылы мидæг фæцыдæр. Лукашкæ фыр мæстæй ату кодта æмæ дарддæр араст. Бынатмæ куы баввахс, уæд фæлæууыд æмæ чысыл фехситт кодта. Йе ’хситмæ фæстæмæ æхситт фехъуыст, æмæ йе ’мбæлттæм бацыд. 

Назаркæ йæхи батыхта æмæ тымбылæй хуыссыд. Ергушов бадти, йæ къæхтæ йæ быны дзуарæвæрд скодта, афтæмæй, йæхи чысыл иуварс айста æмæ Лукашкæйæн бынат радта. 

— Амæй хуыздæр бынат ма уыдзæн, — хъæлдзæг, æдас! — загъта Назаркæ. — Бахæццæ йæ кодтай? 

— Бацамыдтон ын æй, — дзуапп ын радта Лукашкæ нымæт таугæйæ. — Ныртæккæ иу дынджыр хъæбæр нæл хуыимæ дзыхæвæрд фæдæн, раст мæ тæккæ хæд разæй доны былæй рагæпп ласта. Кæй кой кодтам, уый уыдаид, æвæццæгæн. Йæ къæрццытæ йын фехъуыстаис? 

— Фехъуыстон, бæгуыдæр, æмæ йæ уайтагъд базыдтон, сырд кæй уыд, уый: мæхинымæры загътон, Лукашкæ сырд фæтæрсын кодта, зæгъгæ, — загъта Ергушов йæхи нымæты тухгæйæ. — Æз ныр афынæй уыдзынæн. Куыддæр кæрчытæ ныууасой, афтæ-иу мæ сыхъал кæн, уымæн æмæ æгъдау афтæ амоны. Æз уал иучысыл æркъул кæндзынæн, уый фæстæ та ды ахуысдзынæ, æз абаддзынæн... Афтæ, афтæ. 

— Бузныг, æз не схуысдзынæн, нæ мæ ахсы хуыссæг, — загъта Лукашкæ. 

Æхсæв уыд мæйдар, хъарм æмæ æнæдымгæ. Æрмæст иуырдыгæй фарс арвыл æрттывтой стъалытæ, иннæрдыгæй арвæн йæ фылдæр хай æмхæст мигъæй нæ зынд. Тар мигъ хæхтыл фæзынд, æмæ æнæдымгæ бон, уæзбын цыдгæнгæ, дардæй-дарддæр йæхи систа, æмæ йæ хæрдмæзылд къабæзтæй хæрзбæрæг уыд, арф стъалыджын арвæй хицæнгонд кæй у, уый. Хъазахъхъагмæ разæй зындысты æрмæст Терк æмæ дард быгъдæг бæстæ, фæстейы æмæ йæ дыууæ фарсы ’рдыгæй та лæууыд, къулы хуызæн, бæзджын хъамыл. Цыма æнæ исты æфсонæй, афтæ йæхи æгъдауæй, уыйау-иу искуы-иу хатт хъамыл базмæлыд æмæ сыр-сыр кодта, кæрæдзийыл ныдзæвгæйæ. Дæле хъамылы зырзыргæнгæ цокоратæ арвы рухсмæ бæласы бæзджын цæнгты хуызæн зындысты. Разæй, йæ тæккæ къæхты бын, къардиуы аууон, цæллахъхъытæ æмæ зилдух кодта хъуырхъуыргæнгæ цæугæдон. Дарддæр æрттиваг цæугæдоны бурбын фæйлауæнтæ уыцы иу æгъдауыл, æмхуызон зырзыргæнæгау змæлыдысты кæрæтты æмæ тæнджыты. Ноджы дарддæр дон уæд, доны былтæ уæд, мигъ уæд — иууылдæр мæйдаримæ баиу сты, æмæ цæст ницыуал ахста. Доны сæрты лæсыдысты бындзæфхæдты æмæ къала бæлæсты сау æндæргтæ, æрмæст хъазахъхъаджы ахуыр цæст кæй иртæста, кæй æвзæрста, ахæмтæ. Искуы иу хатт-иу арвы ферттывды схъиуæггаг рухсмæ донæн йæ фаллаг фарсы ныллæг былтæ фæзындысты. Æхсæвыгон æмхуызон уынæр æмæ хъæртæ, хъамылы сыф, хъазахъхъы хуыр-хуыр, къогъоты гуыв-гуыв æмæ цæугæдоны хъæр исдуг фæхъус, федзæм вæййынц дардæй æхст топпы гæрахы хъæрæй, кæнæ къардиуы былы ныххауды тъыллуппæй, кæнæ стыр кæфы цъыллинджы уынæрæй, кæнæ ногдзыд тала æмæ къудзиджын тар хъæды мидæг стыр сырды къæрццытæй. Иухатт сидахъ Терчы сæрты дон-дон атахт æмæ тæхгæ-тæхын йæ базыртæ раст æртыккаг фæхъилæн кæрæдзийыл цавта. Хъазахъхъæн сæ тæккæ хæд сæрмæ хъæды ’рдæм фæзылд æмæ, бæласмæ куыд хæстæгдæр кодта, афтæ йæ базыртæ алы фæхъилæн кæрæдзийыл къуырдта, стæй, зæронд тæрс бæласыл бадгæйæ, бирæ ракæ-бакæ фæкодта. Ахæм уынæр, къæрцц кæнæ хъæр-иу искæцæй æнæнхъæлгæйæ куы фæцыд, уæд, хъазахъхъæй фынæй чи нæ уыд, уый-иу йæ хъустæ фæхъил кодта æмæ-иу æнувыдæй, цъынддзастæй хъусын байдыдта, сабыр, арæхстгай йæ топп сгаргæйæ. 

Æхсæв бирæ нал уыд. Тар мигъ аивæзт хурныгуылæны ’рдæм, фæдихтæ ис, æмæ йе ’хсæнæй фæзынд ирд стъалыджын арв, æмæ фæстæмæ фæлдæхт сыгъзæрин, æрдынхуыз мæй сырх рухс суагъта хæхты сæрмæ. Сæууон ирдгæ уазал хаста. Назаркæ фехъал, аныхæстæ кодта æмæ та фæстæмæ бафынæй. Лукашкæ бадынæй схъыг, сыстад, йæ хъамайы кард сласта æмæ рæхснæг уисæй топпы фат амайын байдыдта. Йæ сæрмæ алы хъуыдытæ бырстой: уым, хохы цъассы куыд цæрынц цæцæн, сæ саг фæсивæд ацы фарсмæ давынмæ куыд цæуынц, хъазахъхъæй куыд нæ тæрсынц æмæ æндæр ран доны куыд æрбахиздзысты. Æмæ-иу йæ сæр радардта, дон-дон-иу акаст, фæлæ йæ цæст ницæуыл хæст кодта. Стæммæ дардмæ доны былтæм æмæ донмæ каст, æмæ мæйы мæгуырау дыдзы рухсмæ донæн йæ фаллаг был бæрæг дардта — цæст иртæста, донæй куыд хицæн кодта, уый. Цæцæнимæ йæ зæрдæ нал дзырдта æмæ æрмæст сбонмæ, æмбæлтты сыхъалмæ æмæ хъæумæ цæуынмæ æнхъæлмæ каст. Хъæуы мидæг йæ цæстытыл ахъазыд Дунькæ, йæ зæрдæйы рухс, йæ хуры хай, — æндæр номæй нæ дзырдтой хъазахъхъ сæ хæзгултæм — æмæ зæрдæнизимæ уый тыххæй хъуыдытæ кодта. Бонивайæны нысæнттæ: æвзистхуыз мигъ доны сæрмæ урс адардта, лæппын цæргæстæ хæстæгæй цъæхахст æхситт скалдтой æмæ сæ базыртæ сцагътой... Фыццаг уасæджы зарын дардмæ хъæуæй фехъуыст, йæ фæстæ дыккаг уасæджы дæргъвæтин хъæлæс, уалынджы иннæтæ дæр кæрæдзимæ уасын байдыдтой. 

«Стын афон», — ахъуыды кодта Лукашкæ, йæ топпы фат сцæттæ, æмæ йыл хуыссæг тых кæнын байдыдта. Йе ’мбæлтты ’рдæм куы фæзылд, уæд сын сæ къæхтæ раиртæста, чи сæ кæй у, уый. Æвиппайды йæм афтæ фæзынд, цыма Теркæн йæ фаллаг фарс цыдæр фæпæллахъхъ кодта, уыйау æмæ ма иу каст фæкодта æрдынхуыз фæстæмæзылд мæйы бын, сæууон рухсмæ хæхты цъуппытæм арвгæрон, стæй донæн йæ фаллаг былы арæнтæм. Теркæн йæхимæ æмæ, ныр цæст дзæбæх ахсын куы байдыдта, уыцы донласт къуындзихтæ æмæ бындзæфхæдтæм. Афтæ йæм фæзынд, цыма йæхæдæг змæлгæ, цæугæ кодта. Терк та æд къуындзихтæ иу ран æнцад лæууыд, уый хуызæн. Фæлæ уый æрхъæцæй фылдæр нæ ахаста. Дзыхъхъынногæй æнувыдæй кæсын байдыдта. Иу дынджыр цонгджын сау кæлдым æй йæхимæ æркæсын кодта. Куыддæр æнæхуыз, æнæзмæлгæ, æнæзилдухгæнгæ, ленк кодта донæн йæ тæккæ бæрæгастæу. Афтæ дæр ма йæм фæзынд, цыма дон-дон нæ, фæлæ Терчы цæхгæрмæ гæрста йæ тæнæджы ’рдæм, уыйау. Лукашкæ йæ сæр радардта æмæ йæм лыстæг ныккаст. Къуындзих ленк кодта змисдзастмæ, стæй ныллæууыд æмæ куыддæр æнахуыр змæлд скодта йæхимидæг. Фын фенæгау Лукашкæйæн йæ цæст ацахста, цыма къуындзихы бынæй адæймаджы къух фæзынд, уый хуызæн. «Мæнæ мын цы фадат æрцыд, зыбыты иунæгæй абырæджы амардзынæн!» — ахъуыды кодта йæхинымæры, топмæ арæхстгай бавнæлдта, саджилæг тагъдгомау ацарæзта, топп ыл æрæвæрдта, сабыргай йæ сæргъæвта, йæ улæфт фæурæдта æмæ зæрдиагæй ныхъхъавыди мысанмæ. «Хъал никæй скæндзынæн», — зæгъгæ, загъта хинымæры. Фæлæ мидæгæй риуы зæрдæйы гуыпп-гуыпп афтæ тынг ссыд, æмæ йæхи фæурæдта æмæ та хъусын байдыдта. Къуындзих æвиппайды фæтъупп ласта æмæ та доны цæхгæр ацы фарсы ’рдæм æрбаленк кодта. «Куынæ йæ фæивгъуыин», — ахъуыды кодта, æмæ мæйы дыдзы рухсмæ æрхъæцмæ иу зынд фæкодта тæтæйраг сæр къуындзихы разæй. Топп раст сæрмæ фæцарæзта. Сæр æм топпы кæсæнæй хæрз хæстæг фæкаст, цыма хæтæлы бырынчъы уæлæ уыд, уый хуызæн. Кæсæны сæрты ма йæм иу каст фæкодта. «Абырæг у, æнæмæнгæй», — ахъуыды кодта цингæнгæйæ æмæ æвиппайды йæ зонгуытыл абадт, топп та йæм фæцарæзта, цæст топпы даргъ хæтæлы кæсæн ацахста, йæ чысылæй нырмæ цы ’гъдауыл сахуыр, уымæ гæсгæ загъта: «Фыдæн æмæ фыртæн», — æмæ гæдывæдæг фелхъывта, æмæ дæ балгъитæг афтæ. Топп цæхæртæ акалдта, йæ рухсмæ исдуг дон æмæ хъамыл фæрухс сты. Топпы гæрахы цыбыр къæрцхъæр айхъуыст уæлдæфы æмæ кæмдæр дард йæ гуыр-гуыр ссыд. Къуындзих цæхгæрмæ нал, фæлæ дæлæмæ дон-дон афардæг хъеллау æмæ зилдухгæнгæ. 

— Æз дын зæгъын, хæц ыл! — фæхъæр кодта хуыссæгхъæлдзæгæй Ергушов æмæ, йæ топп сгаргæйæ, кæлдымы фæстæ йæ сæр сдардта. 

— Ныхъхъус у, дæлимон! — сабырæй дзырдта Лука. — Абырджытæ! 

— Кæй фехста? — бафарста Назаркæ. — Цы фехстай, Лукашкæ? 

Лукашкæ ницы дзырдта. Уый йæ топп ифтыгъта æмæ каст, къуындзихы дон кæцырдæм ласта, уымæ. Хæстæг, донæн йæ тæнæджы, къуындзих банцад, æмæ йæ бынæй фæзынд дынджыргомау цыдæр æмæ доны фæйлауæнтимæ æмызмæлд кодта. 

— Цы фехстай? Дæхи куы ныхъхъус кодтай? — сдзырдтой йæм хъазахъхъ. 

— Абырæджы дын куы загътон, — фæстæмæ сын радта дзуапп Лукашкæ. 

— Ныр цы гæдыныхæстæ кæныс, кæй афæливынмæ хъавыс? Æвæццæгæн, дæ топп феваст. 

— Абырæджы амардтон! Кæд уæ уырны, уæд! — сдзырдта ризгæ хъæлæсæй Лукашкæ уæлæмæ стгæйæ.— Лæг æрбацæйленк кодта... — загъта уый, йæ къухæй змисдзаст сакъадахмæ амонгæйæ. — Æз æй амардтон. Цæстытæ дыл нæй? Акæс-ма дæлæ. 

— Æгъгъæд у! Ныр цы гæдыныхæстæ кæныс! — загъта та Ергушов йæ цæстытæ æууæрдгæйæ. 

— Уый та цы хоныс? Акæс-ма, акæс! Уыныс дæлæ? — загъта Лукашкæ æмæ Ергушовы уæхсчытæм фæлæбурдта, йæхимæ йæ афтæ тынг æртасын кодта, æмæ йæ хъихъхъ фæцыд. 

Ергушов акаст, Лукашкæ йын кæдæм амыдта, уырдæм, æмæ марды куы раиртæста, уæд æндæр хъæлæсæй, æндæр дзыхы уагæй дзурын байдыдта. 

— М-м, — зæгъгæ, фæкодта, — æз дын зæгъын, иунæг нæ уыдаид, æмбæлттæ ма йын уыдзæн. Me ’цæгæй зæгъын, бауырнæд дæ! — Æмæ йæ топп рæвдз кæныныл фæци. — Уый сæ раздзог уыд. Кæнæ ам, кæннод та фаллаг фарс искуы хæстæг уыдзысты. Уымæн æнæ афтæ хос нæй. 

Лукашкæ йæ рон сыхæлдта æмæ йæ цухъхъа ласыныл фæци. 

— Кæдæм, кæ, гуымиры, кæд де сæфт не ’рцыд, уæд? — фæхъæр кодта Ергушов. — Бавзар-ма æрмæст, доныкъусы сæфт фæкæндзынæ, æцæг дын зæгъын, æцæг. Кæм æй амардтай, уым дын никæдæмуал алидздзæн. Æри-ма дæ топпыхосдон, æз мæ топпы хъусы топпыхос авгæнон. Ис дæм? Назар! Цырд згъоргæ постмæ, æрмæст, хъусыс, доны былтыл ма ацу. Амардзысты дæ, уый дын зæгъын. 

— О, зæгъыны йеддæмæ дæ ницы хъæуы? Куыд нæ дын ацыдтæн иунæгæй! Дæхæдæг цы ми кæныс, цæуылнæ цæуыс? — загъта мæстыйæ Назаркæ. 

Лукашкæ йæ цухъхъа фелвæста æмæ доны былмæ бацыд. 

— Ma цу дын куы зæгъын, — сдзырдта Ергушов йæ топпы хъусы топпыхос æвгæнгæйæ. Уыныс, змæлгæ дæр нал кæны, йæхи куыд ныхъхъус кодта, æз æй æмбарын, ма тæрс. Бонмæ бирæ нал ис, уалынджы постæй дæр хæццæ кæндзысты. Цæугæ, Назаркæ! Мæнæ цы тæппуд у, сымахыстæн! Ныр цæмæй тæрсыс? Ma тæрс дын куы зæгъын æз! 

— Лука, о Лука! — загъта Назаркæ. — Радзур-ма нын, дæ хорзæхæй, куыд æй амардтай, уый. 

Лукайы уыцы сахат донмæ бахизын нал бафæндыд, æрфæсмон кодга. 

— Цæугæ постмæ! Цырддæр у! Æз уал ам абаддзынæн. Хъазахъхъæн зæгъ, фæдисы агурæг цæуын хъæуы, зæгъгæ. Кæд ацы фарсы ’рдыгæй разыной, уæд сæ æрцахсын хъæудзæн. 

— Æз афтæ зæгъын, æмæ аирвæздзысты, — загъта Ергушов стгæйæ. — Уымæй раст зæгъыс, æрцахсын сæ хъæуы. 

Ергушов Назаркæимæ сыстадысты, сæхиуыл дзуæрттæ бафтыдтой æмæ постмæ араст сты, доны былтыл нæ, фæлæ фæсвæдты, какæтты æхсæнты æмæ хъæды къахвæндагмæ бахызтысты. 

— Хъусыс, Лука, цырд лæуу, змæлгæ дæр ма кæ, — загъта Ергушов, — кæннод дæ ауæлгоммæ кæндзысты, сух-мух митæ нæй. Бахъахъхъæн дæхи, стырзæрдæ ма у, æз дын афтæ зæгъын. 

— Цæугæ, зонын, — сдзырдта Лука, йæ топп арæвдзытæ кодта æмæ та кæлдымы аууон сбадт. 

Лукашкæ зыбыты иунæгæй бадт, алырдæм каст æмæ хъазахъмæ йæ хъус дардта, цымæ нæма æрбацæуынц, зæгъгæ. Пост дæрддзæфгомау уыд, æмæ йæ удæй цыд, кæй амардта, уымæн йе ’мбæлттæ зæфцы фыдæй куы аирвæзой. Сагъæсы бацыд, мæстæй мард, дысонизæр хъæддаг нæл хуы куыд аирвæзт, афтæ ныр абырджытæ дæр куы аирвæзой. Алырдæм йæ алфамбылай ракæс-бакæс кодта, донæн йæ фаллаг фарсмæ дæр-иу бакаст, кæд ма дзы мæ цæст искæуыл æрхæцид, зæгъгæ. Фæндыд ма йæ, саджилæг куы æррæвдз кæнид æмæ искæй куы багæрах кæнид, уый. Йæхи йын амардзысты, уый йæ зæрдæйы кæрон дæр нæ уыд, хъуыды дæр æй нæ кодта. 

 

IX
 

Бон цъæх кæнын байдыдта. Цæцæйнаджы мард уыцы иу ран лæууыд, зына-нæзына доны фæйлауæнтимæ æмызмæлд кодта æмæ ныр дзæбæх зынд. Æвиппайды хæстæгæй хъамылы къæрцц фæцыд, къæхты хъæр фехъуыст, æмæ хъамылы цокоратæ базмæлыдысты сæхимидæг. Хъазахъхъаг топп сæргъæвта æмæ хинымæры загъта: «Фыдæн æмæ фыртæн». Фæлæ топпы къæрццы хæд фæстæ къæхты хъæр фæхъус. 

— Гъей, хъазахъхъ, зæронды ма амарут, мачи фехсæд, — фехъуыст зонгæ бæзджын хъæлæс, æмæ Ерошкæ хъамыл ссæндгæйæ хъазахъхъаджы уæлхъус алæууыд. 

— Чысыл ма бахъæуа, фæцæй дæ мардтон, дæу цы Хуыцау скодта, уыйыстæн, — загъта Лукашкæ. 

— Цы фехстай уый? — афарста йæ зæронд лæг. 

Зæронд лæджы хъæлæс ныййазæлыд хъæды æмæ дон-дон дæлæмæ, æмæ хъазахъхъаджы алфамбылай цы æдзæмдзинад æмæ сусæгдзинад уыд æхсæвыгон, уый цыдæр фæци, фесæфт. Цыма æвиппайды бæстæ фæхуыздæр æмæ фæхъæлдзæгдæр, афтæ сси. 

— Дæуæн дæ цæст ницæуыл æрхæцыд, фæлæ дзы æз иу сырд афæлдæхтон, — загъта Лукашкæ æмæ стгæ-стын, топпы сампал дæлæмæ æруагъта, йæхи, цы нæ уыд, уымæй зæрдæджын, ныфсджындæрæй æвдисгæйæ. 

Зæронд лæг æдзынæг каст марды фæсонтæм. Ныр дзæбæх зынд, урс дардта, æмæ йæ алфамбылай Терчы лыстæг фæйлауæнтæ змæлыдысты. 

— Бæласы цонг йæ астæуыл баст, афтæмæй ленк кодта. Æз æй бахъуыды кодтон... Ацырдæм-ма ракæс! Уæртæ уыныс? Цъæх хæлафы мидæг: цыма йæм топп дæр ис... Уыныс, æви нæ? — загъта Лука. 

— Цас уынинаг у, — йæ зæрдæмæ кæсгæйæ, загъта зæронд лæг карз цæсгомы хаттимæ. — Сахъ лæг амардтай, — загъта, цыма тæригъæд кодта, уыйау. 

— Афтæ мæхицæн бадын, кæсын, æмæ фаллаг фарс цавæрдæр сау æндæрг фæзынд. Æз æй бахъуыды кодтон, уым ма куы уыд, уæд. Афтæ мæм фæзынд, цыма лæджы хуызæн цыдæр æрбацыд æмæ доны ныххауд. Уæуу, мæнæ диссаг, зæгъгæ, загътон мæхинымæры. Кæсын, æмæ дынджыр къуындзих ленк кæны, дон-дон нæ, фæлæ цæхгæрмæ. Уалынджы дын йæ бынæй лæджы сæр фæзынд. Ай та цавæр диссаг уа? Бахъавыдтæн æм, æмæ мæм хъамылæй дзæбæх нæ зынд. Мæ бынатæй сыстадтæн æмæ, — хæйрæг кæм не сты, — æвæццæгæн, йæ хъусыл исты æрцыд, донæн йæ тæнæгмæ æрбалæст æмæ алырдæм ракæс-бакæс кæны. «Гæды зæгъыс, нал аирвæздзынæ», — ахъуыды кодтон мæхинымæры. (Уæуу, мæ хъуыр мын цыдæр бахгæдта). Æз мæ топп арæвдз кодтон, уæдæ цы уыдаид, ныхъхъус дæн, æнхъæлмæ кæсын. Уый иучысыл алæууыд æмæ та аленк кодта, — мæй кæдæм каст, уырдæм куы бахæццæ, уæд йæ фæсонтæ фæзындысты. «Фыдæн фыртæн æмæ сыгъдæг удæн». 

Кæсын, æмæ фæздæджы аууонæй йæ цыппæртæ цæгъды. Цыма схъæрзыдта, афтæ дæр мæм фæзынд, «Хуыцау, дæуæй разы, — ахъуыды кодтон мæхинымæры, — амардтон æй!» Дон æй кæронмæ куы раппæрста, уæд раргом бынтондæр; стыныл ма афæлвæрдта, фæлæ йæ бон нал баци. Атухитæ ма кодта иуцъусдуг, стæй йæхи ауагъта. Ныр дзæбæх зыны. Кæсыс æм, змæлгæ дæр нал кæны, æвæццæгæн, ныммард. Хъазахъхъ постмæ фезгъорынц, — кæд йе ’мбæлттæ нæ аирвæзиккой. 

— Ницыуал æрцахстат, — загъта зæронд. — Ныр уыдон сæхи айстаиккой, — æмæ та æнкъардæй, йæ хуылфмæ кæсгæйæ, йæ сæр банкъуыста. 

Уыцы сахат фистæг æмæ бæхджын хъазахъхъ хъæрæй дзургæйæ æмæ къалиутæ къæрццытæгæнгæ æрбазындысты. 

— Æвæццæгæн, бæлæгъ æрбаласынц, — фæхъæр кодта Лука. 

— Саг лæг дæ, Лука. Дæ рынтæ мæ гуыбыны. Раласут æй доны былмæ, — хъæр кодта хъазахъхъæй иу. 

Лука бæлæгъ æрбахæццæмæ дæр нал фæлæууыд, фæлæ йæ дзауматæ ласынмæ фæци, мардмæ йæ цæсты зул даргæйæ. 

— Фæлæуу уал! Назаркæ бæлæгъ куы æрбаласы!— хъæр кодта урядник. 

— Æдылы сæр, кæд ма æгас у, мыййаг, марды æфсон кæд йæхи барæй ныхъхъус кодта. Хъама уæддæр ахæсс, — фæхъæр кодта хъазахъхъаг. 

— Ныхæстæ кæныс! — йæ хæлаф ласгæйæ загъта Лука. Цырд йæ дзауматæ раласта, йæхиуыл дзуар бафтыдта, йæ мидбынаты хæрдмæ йæхи фехста, æмæ доны йæ цæлхъ фæцыд. Йæ астæу бæрзонд даргæйæ йæ урс къухтæ дардмæ æлвæста æмæ æмдзæхгæр ивазгæ ленк акодта. Хъазахъхъ доны былыл иукъордæй ныхасгæнгæйæ æмдзырд кодтой. Æртæ бæхджыны сгарæг ацыдысты. Бæлæгъ фæндаджы фæзилæнæй фæзынд. Лукашкæ тæнæджы йæ къæхтыл алæууыд, æргуыбыр кодта æмæ марды иу-дыууæ фæлдæхты акодта. 

— Мардæй йæм дау нæй! — æрбайхъуыст уырдыгæй Лукайы цъæхснаг хъæлæс. 

Цæцæйнагæн нæмыг раст йæ тæккæ сæрыл сæмбæлд. Йæ дзауматæ — цъæх хæлаф, хæдон, цухъхъа, йæ гæрзтæ — топп, хъама — ce ’ппæт дæр йæ фæсонтæм сбаста. Уыдоны уæлæ баст уыд дынджыр бæласы цонг, райдианы Лукашкæйы чи фæсайдта, уый. 

— Дзæбæх сардзан кæфыл фæхæст дæ, лымæн!— загъта, марды алыварс, зиллаклæуд чи кодта, уыцы хъазахъхъæй иу, марды бæлæгъæй куы раргъæвтой æмæ йæ доны был кæрдæг ссæндгæйæ куы адаргъ кодтой, уæд. 

— Цы бур-бурид y йæ буар, — загъта иннæ. 

— Нæ адæм кæдæм ацыдаиккой, цымæ? Æвæццæгæн, фаллаг фарсмæ ахызтысты. Ай сæ раздзог уыдаид, уый йеддæмæ йæ иунæгæй, кæд йе сæфт не ’рцыд, уæд цы фыдбылыз хаста, кæдæм мын цыд! — загъта æртыккаг. 

— Иннæтæй хъауджыдæр йæхи кæм суæлдай кодта, уым æнæ лæг нæ уыд. Сæ тæккæ сæрæндæртæй! — хъазгæмхасæн, хынджылæггæнæгау загъта Лукашкæ йæ хуылыдз дзаума лæмаргæйæ æмæ æдзух фестъæлффестъæлфгæнгæйæ. — Йæ зачъетæ ахуырст æмæ æлвыд сты. 

— Йæ цухъхъа хызыны мидæг фæсонтыл бабаста. Æмæ афтæ хъуыд, ленк кæнынмæ йын æнцондæр уыд, — загъта чидæр. 

— Хъусыс, Лукашкæ! — бадзырдта урядник, йæ къухы марды хъама æмæ топп даргæйæ. — Ды баздæх, æмæ a хъама дæхицæн уадз, цухъхъа дæр афтæ, a топп чи у, уымæн дын æртæ сомы ратдзынæн, æрбацу-иу. Тынг хæзна нæу, гæдыныхас æхситт кæны, — загъта уый, топпы хæтæлы фугæнгæйæ. — Афтæ мæм дæ номыл фæдарын дзæбæхау кæсы. 

Лукашкæ йæм фæстæмæ ницы сдзырдта: хъыг ын уыд уыцы мæгуыргурдзинад, фæлæ æндæр амал æмæ æнæ афтæ бакæнæн нæ уыд. 

— Ничи йæм кæсы уыцы хæйрæгмæ! — загъта уый, йæхи фæтар кæнгæйæ, æмæ цæцæйнаг цухъхъа зæххыл ныццавта. — Истæйаг цухъхъа дæр ма куы уаид, фæлæ цыдæр байгуш. 

— Хъæдмæ цæуынмæ уæддæр бæззы, — загъта иннæ хъазахъхъаг. 

— Мосев, нæхимæ ауайынвæнд мæм ис, — загъта Лукашкæ урядникæн: йæ маст æй ферох æмæ йын лæвар кæй бакодта, уый æнæуый истæмæй баххæст кæнынмæ хъавыд. 

— Æмæ цы кæны, æгайтма дæ фæнды, — цæугæ! 

— Марадзут, посты æддæмæ йæ аласут, — загъта урядник хъазахъхъæн йæ топп рауын-бауынгæнгæйæ. — Хур æм цæмæй нæ кæса, уый тыххæй исты тапкагонд аразын хъæудзæн. Æвæццæгæн, хох сæ мард нæ ныууадздзысты, æлхæнынмæ йæм æрцæудзысты. 

— Tac ын нæу, нырма уыйбæрц æнтæф нæма у, — загъта чидæр. 

— Хъæддаг куыдз æй куы акъабæзтæ кæна, мыййаг? Уæд хорз уыдзæн? — баппæрста йæ ныхас хъазахъхъæгтæй иу. 

— Хъахъхъæнджыты æрæвæрын хъæудзæн, кæннод æй куы ’лхæной, — къабæзтæй хорз нæ уыдзæн. 

— Гъæй, Лукашкæ, дæ бар дæхи, фæлæ дæ фæсивæдæн иу ведра æрæвæрын хъæуы, — загъта хъазгæмхасæн хъæлдзæгæй урядник. 

— Æнæуый та уæдæ куыд! — сдзырдтой алырдыгæй хъазахъхъ. — Хуыцау ын цы амонд радта, йæ хъул сах абадт: æнæ исты фенгæйæ, æнæ фыдæбонæй абырæджы афæлдæхта. 

— Хъама æмæ цухъхъа балхæн. Æрмæст æхца фылдæр рахæсс. Хæлаф дæр уæй кæнын. Кæмæ мын цæуынц, — дзырдта Лукашкæ,— Мæныл уæддæр не ссæудзæн. Стæвдтæ уыд, йæ мард фесæфа! 

Цухъхъа иу хъазахъхъаг сомæй алхæдта. Хъамайыл иннæ радта дыууæ сæны ведрайы. 

— Цæй, куыйтæ уæ бахæрæнт, иу ведра уын æвæрын, нуазгæ ут, лæппутæ, — загъта Лукашкæ. — Хæсгæ дæр ма уын æй мæхæдæг æрбакæндзынæн хъæуæй. 

— Хæлафæй та чызджытæн сæрбæттæнтæ скæрд, — загъта Назаркæ. 

Хъазахъхъ ныккæл-кæл кодтой. 

— Цæй-ма, уæ худын нал ныууадздзыстут? — сдзырдта урядник. — Адде йæ кæнут ардыгæй уыцы æлгъаджы! Хæдзары цур æй цы æрæвæрдтат? 

— Ныр цы слæууыдыстут? Раласут æй ацырдæм! — барджын хъæлæсæй фæхъæр кодта Лукашкæ. 

Хъазахъхъ уыйагъоммæ зивæггæнгæйæ æвнæлдтой марды буармæ, фæлæ Лукашкæ, цыма сæ хицау уыд, уыйау ын йæ ныхас сæххæст кодтой. Марды иукъорд къахдзæфы æддæдæр аластой йæ къæхтæй æмæ йæ æрæппæрстой, сæхæдæг сæхи чысыл фæстæдæр айстой æмæ исдуг æнæдзургæйæ йæ уæлхъус алæууыдысты. Mapдæн йæ сæр йæ быны фæци. Назаркæ бацыд, сæр марды бынæй раласта æмæ йын йæ цæсгом æмæ йæ мæнгдзæсты сæрмæ топдзæф дзæбæх куыд зындаиккой, афтæ йæ сарæзта. 

— Бæрæггæнæн ын æвзæр не скодта, æвæдза! Дзæбæх ранмæ йын бахъавыд! Раст йæ тæккæ сæрымагъзы хъапмæ, — загъта хъазахъхъæй иу. — Нал фесæфдзæн, хионтæ йæ йæ гаккæй базондзысты. 

Ничи йæм ницы сдзырдта, фарн ce ’хсæнты атахт, æмæ та æрсабыр сты. 

Хур дзæвгар уæлиау ссыд æмæ йæ тынтæй рухс кодта æртæхджын цъæхснаг кæрдæгыл. Хъæд райхъал, æмæ Терк йæ хъæбысы гуыр-гуыр кодта. Райсомыл цингæнгæйæ хъæддаг уасджытæ хæрзæггурæгау кæрæдзимæ уасыдысты. Хъазахъхъ марды уæлхъус тæфæрфæсгæнæджы лæуд кодтой æмæ йæм кастысты. Марды нуарджын цæнгтæ æмраст хъæддыхæй лæууыдысты фæрсты æмбуар. Цъæхбын ногдаст тымбыл сæр, туг кæм бацахст, уыцы топдзæфтимæ фæстæуæз æвæрд уыд. Хурæй сыгъд лæгъз ных æргом бæрæгдæр уыд даст сæры цармæй æмæ хицæн хуызы йæхи æвдыста. Авгхуыз дзагъыр цæстытæ арф хауд гагуытимæ хæрдмæ дзæгъæл кастысты. Цæхгæр æлвыд сырх рихиты бын нарæгæлвæст былтыл баззад зæрдæхæлар зына-нæзына мидбылты худт. Хъуынджын гыццыл къухты æнгуылдзтæ сырх ахуырст ныхтимæ мидæмæ таст уыдысты. Лукашкæ нырма йæ дзауматæ йæ уæлæ нæма скодта. Уый уыд хуылыдз, йæ бæрзæй фыццагæй сырхдæр уыд, йæ цæстытæ уæлдай тынгдæр æрттывтой, фæтæн рустæ рæстæгæй-рæстæгмæ стъæлфæгау зыр-зыр кодтой, урс æнæниз тыхджын буар зына-нæзына тæф уагъта райсомы уазал дымгæйæ. 

— Уый дæр, æвæдза, адæймаг уыд, — загъта Лукашкæ, марды зæрдæмæдзæугæ сурæтмæ кæсгæйæ. 

— Фадат ран дыл куы фæхæст уыдаид, уæд куыд раирвæзтаис, уый лæппутæ федтаиккой: мысты хуынкъ туманæй агуырдтаис. 

Фарн ce ’хсæнæй атахт. Хъазахъхъ та базмæлыдысты, ныхас кæнын байдыдтой. Дыууæйæ уистæ кæнынмæ ацыдысты тапка саразынæн. Иннæтæ посты ’рдæм сæхи айстой. Лукашкæ æмæ Назаркæ хъæумæ цæуын сфæнд кодтой æмæ азгъордтой сæхи арæвдз кæнынмæ. 

Сахаты æрдæг рацыдаид — нæ, афтæ Лукашкæ Назаркæимæ хъæуæй Терчы æхсæн тар хъæды мидæг фæдисы згъорд кодтой сæ хæдзæрттæм, æнæскъуыйгæ ныхасгæнгæйæ. 

— Хъусыс, мæ кой-иу ма скæн, фæлæ бацу æмæ, йæ мой сæ хæдзары ис, нæй, уый бæрæг хабар мын-иу рахæсс, — дзырдта Лука йæ цъæхснаг хъæлæсæй. 

— Æз та Ямкæмæ бауайдзынæн. Гъæй, цæй æмæ абоны бон нæ бонтæй иу арвитæм, иучысыл нæхи бахъæлдзæг кæнæм. Цы зæгъыс, мæ лымæн? — афарста коммæгæсаг Назаркæ. 

— Уæдæ ма кæд, кæд, хуыздæр бонтæ ма ныл кæд скæндзæн? — дзуапп ын радта Лука. 

Хъæумæ куы бацыдысты, уæд хорз банызтой æмæ схуыссыдысты изæрмæ æмгъуыдæй. 

Уыцы хабæртты фæстæ æртыккаг бон Кавказаг фистæг полкъæй дыууæ ротæйы æрцыдысты цæрынмæ Новомлинскы хъазахъхъаг хъæумæ. Хъæуæн йæ бæрæгастæу лæгъзы мидæг æрбадтысты æмæ сæ бæхтæ суæгъд кодтой. Касгæнджытæ дзыхъхъытæ скъахтой, алы æгуыдзæг рæттæй суджы лыггæгтæ фæхастой æмæ кас фыхтой. Фельдфебельтæ æхцатæ уæрстой. Бæхтæмзилджытæ михтæ къуырдтой бæхбæттæнтæн. Фатеры койгæнджытæ хидон адæмау ратæх-батæх кодтой уынгты, афицертæ æмæ салдæттæн сæ фатертæ амонгæйæ. Уым уыд цъæх асыччытæ рæнхъæвæрдæй. Уым уыд цыппæрдзæлхыг уæрдæттæ æмæ бæхтæ. Уым уыд касфыцæн æгтæ. Уым уыд капитан, поручик æмæ фельдфебель, Онисим Михайлович. Уыдонæн ce ’ппæтæн дæр рагагъоммæ æмбæрстгонд уыд, ацы хъæуы мидæг кæй уыдзæн сæ цæрæнбынат, уый. Уыйадыл цыма сæхи хæдзæртты æрцардысты? Чи сты ацы хъазахъхъаг? Ам кæй æрцардысты, уый хъазахъхъы зæрдæмæ цæуы, нæ цæуы? Зæронд дингæнджытæ сты æви не сты? Уыдæттæ-йедтæ йæ зæрдæйы кæрон, йæ хъуыдыйы дæр никæмæн уыд. Уæгъдибар, фæлмаст рыгæйдзаг салдæттæ хъомпалæй, хъæлæбагæнгæ, ногдзыд мыдыбындзыты хуызæн ныххæлиу сты хъæуы уынгты æмæ лæгъзыты. Хъазахъхъ сæм цы æвзæр цæстæнгас дардтой, уый йæ фæсонæрхæджы дæр никæмæн уыд, афтæмæй дыгæйттæй, æртыгæйттæй, хъæлдзæг ныхæстæгæнгæ æмæ топпытæй зылангмылунггæнгæ хæдзæрттæм æнæфсæрмæй бырстой, дзауматæ къултыл ауыгътой, голджытæ райхал-байхал кодтой æмæ хъазахъхъы устытимæ хынджылæг скъæрдтой. Салдæттæ сæ уарзон касфыцæн бынатмæ æмбырдтæ кæнынц дзыгуыртæй æмæ, сæ лулæтæ сæ дзыхты, афтæмæй ракæс-бакæс кæнынц, æнæзынгæйæ, хъуызæгау уæларвмæ чи сфардæг æмæ уым урс мигъау чи сбадт, уыцы фæздæгмæ, кæнæ кæсынц, сыгъдæг уæлдæфы тад авджы хуызæн зырзыргæнгæ чи хъазы, уыцы арты цыренмæ. Хъазæн ныхæстæгæнгæйæ, сæхи ирхæфсынц æмæ, хъазахъхъ сæ сылтимæ уырысы хуызæн кæй нæ цæрынц, сæ царды уаг, сæ царды æгъдæуттæ æндæр кæй сты, уыдæттыл худынц. Алы кæрты змæлынц салдæттæ æмæ хъуысы сæ хъæлдзæг худт, сæ кæл-кæл; хъуысы, салдæтты сæ хæдзæрттæм чи нæ уадзы, дон, дзаума сын чи нæ дæтты, уыцы хъазахъхъаг устыты цъæхахст хъæлæс æмæ хъæр. Гыццыл сывæллæттæ, сæ мадæлтыл кæнæ сæ кæрæдзийыл сæхи ныхасгæйæ, тарстхуызы мидæг дисгæнгæйæ кæсынц, кæй никуыма федтой, уыцы салдæтты змæлдмæ æмæ дардæй сæ фæдыл згъорынц. Зæронд хъазахъхъæгтæ хæдзæрттæй æддæмæ лæсынц, къулы тæрхæгыл сбадынц æмæ æнæ исты дзургæйæ, æнтъыснæгæй салдæтты ракæ-бакæмæ кæсынц, цыма алцæуыл дæр сæ къух ауыгътой, ахæм цæстæнгасæй. 

Оленин ныр æртæ мæйы Кавказы полчъы бакуыста. Фатер ын радтой хорунжий Илья Васильевич æмæ йæ ус Улиткæйы хæдзары, хъæуы мидæг хæдзæрттæн сæ тæккæ хуыздæры. 

— Нæ раны стæм, Дмитрий Андреевич! Бæрæг нæм уыдзæн, цъысымы бахаудыстæм, — дзырдта Ванюшæ Оленинæн хæстулæфтгæнгæйæ, цухъхъайы мидæг хъæлдзæгæй фондз сахаты цыды фæстæ сæ ног фатеры кæрты куы æрбалæууыд, уæд, Грознайы цы кæсгон бæх балхæдта, ууыл бадгæйæ. 

— Æмæ цы хабар у, Иван Васильевич? — бафарста Оленин, бæхмæ æвзидгæйæ хъæлдзæгдæры тыххæй æмæ Ванюшæмæ кæсгæйæ. Ванюшæ, мæгуыр, ныртæккæ æрбахæццæ уæрдонимæ æмæ уыцы хидæйдзагæй, пыхцыл сæрыхъуынтимæ мæстыхуызæй дзауматæ æфснайдта. 

Оленин бакастæй йæхи хуызæн нал уыд, æндæр адæймаг фестад, нал æй базыдтаис. Быныл даст цæсгомы бæсты йыл уыд лæппын хъуын, гыццыл рихитæ æмæ зачъетæ. Æнæ хуыссæгæй фæлмæст цæсгом аивта æнæниз хурсыгъд уадултæй, ных æмæ фæсхъустæй. Ног сау фрачы4 бæсты дардта урс чъизи фæтæнсинтæ цухъхъа æмæ хæцæнгарз. Ног сыгъдæг крахмал æфцæгготы бæсты йыл уыд зæлдаг куырæты æфцæггот йæ хурæй сыгъд хъуырыл. Черкесаг дзаума дардта, фæлæ йыл хорз нæ фидыдтой. Йæ фыццаг бакастæй бæрæг уыд, хохаг кæй нæу, фæлæ уырыссаг кæй у, уый. Цыдæриддæр цыма куыд æмбæлд, афтæ æгъдауыл конд уыд, фæлæ цыма афтæ дæр нæ уыд, уый хуызæн зынд, фæлæ уæддæр æдде бакæсгæйæ, æнæниз, хъæлдзæг кæй у, йæхицæй разы кæй у, йæхæдæг йæхи зæрдæмæ кæй цæуы, уый бæлвырд уыд, уый гуырысхойаг нæ уыд. 

— Дæумæ худæг кæсы, — загъта Ванюшæ, — фæлæ-ма дæхæдæг авзар, цу ’мæ аныхас кæн семæ. Æппын лæджы ницæмæ дарынц. Дзырд циу, уый дæр сæ нæ рафæлгъаудзынæ. — Ванюшæ мæстыйæ ведра къæсæрмæ баппæрста. — Цы мæрддаг сты, ард сæ фæнычы бацæуа, уый бæрæг нæй, уырысы хуызæн дæр не сты. 

— Хъæуыхицауимæ цæуылнæ аныхас кодтай? 

— Хæйрæг базонæд, чи сæ кæм цæры, æз сын ницы зонын, — тæргайхуызæй, бустæгæнгæ загъта Ванюшæ. 

— Уæддæр дæ афтæ чи ’фхæры? — афарста йæ Оленин алырдæм кæсгæйæ. 

— Æмæ сын чи цы ’мбары! Тьфу! Хицау бæрæг дæр дзы нæй. Кæдæмдæр, кæсагахсынмæ, дам, ацыд! Сæ зæронд ус — ус-бирæгъ никуы федтай? Аба-бау, Хуыцау мæ уымæй бахизæд! Ам куыд фæцæрдзыстæм, уымæн ницы зонын! Афтæмæй сæ чырыстон хонынц, уайдзаг бауæнт; тæтæйраг куы загъдæуа, уый дæр бирæ хуыздæр, бирæ уæздандæр у. Ацыди, дам, ацыд. Цы хæйрæг æй ахаста, уый бæрæг нæй! — бафтыдта ма Ванюшæ æмæ Оленинмæ йæ чъылдым фездæхта. 

— Нæхимæйы хуызæн нæу ам, уæдæ, и? — загъта Оленин, хъазгæмхасæн, мæстæймарæгау, бæхыл бадгæйæ. 

— Бæх ардæм æри, — загъта Ванюшкæ йæ ахуыр æгъдаумæ гæсгæ æмæ ног царды уагыл дисгæнгæйæ. 

— Уæдæ тæтæйраг уæздандæр у, зæгъыс, Ванюшæ, и? — дыккаг хатт æй афарста Оленин. Бæхæй рафистæг æмæ саргъы баз йæ къухæй æрхоста. 

— Дæумæ худæг кæсы, фæлæ йæ бамбардзынæ! — загъта Ванюшæ мæстджын хъæлæсæй. 

— Фæлæуу-ма, дæ хорзæхæй, мæсты ма кæ, мæсты, Иван Васильевич, — загъта Оленин йæ мидбылты худгæйæ. — Кæс-ма, уæдæ, мæнмæ, æз сæм бацæуон, кæддæра хъуыддаг дзæбæх нæ ацæуид. Афтæ цæрдзыстæм, æмæ хуыздæр нал æмбæлы! Æрмæст ды мæсты ма кæ. 

Ванюшæ йæм ницы дзырдта, æрмæст цъынддзастæй, æвзæр, æлгъаджы цæстæнгасæй йæ барины фæдыл акаст æмæ йæ сæр батылдта. 

Кусæг баринмæ æмæ барин кусæгмæ цы цæстæй фæкæсы, уыцы цæстæй кастысты кæрæдзимæ Оленин æмæ Ванюшæ. Исчи сын афтæ куы загътаид, дыууæ хорз хæлары сты, зæгъгæ, уæд стыр дисы бацыдаиккой. Фæлæ йæ сæхæдæг дæр не ’мбæрстой, афтæмæй стыр дыууæ лымæны уыдысты. Ванюшæ æмæ Оленин æмгæрттæ, иуазыккæттæ уыдысты. Иуæндæсаздзыдæй Ванюшæйы барины хæдзармæ райстой. Олениныл фынддæс азы цыдаид, афтæ иуахæмы Ванюшæйы чиныджы ахуыр кæнын байдыдта æмæ йын францусагау кæсын дæр бацамыдта. Уыцы æгъдауæй-иу Ванюшæ йæхи сæрыстыр кодта æмæ йæ синысæрыл хæцыд. Йæ дзæбæх зæрдыл-иу куы уыд, уæд-иу ныхасгæнгæйæ францусаг ныхæстæ дæр фæтъыста æмæ-иу йæхæдæг æдылы худт бакодта. 

Оленин хæдзары дæлбазыры асинтыл суади æмæ тыргъы дуар басхуыста. Марьянкæ фæтарст æмæ фесхъиудта, къулæнцой алæууыд æмæ йæ хæдоны уæрæх дысæй йæ цæсгомы дæллаг æмбис амбæрзта. Марьянкæ æрмæст афтид хæдоны уыд: афтæ уыд ce ’гъдау хъазахъхъы устытæн мидхæдзары. Оленин дыккаг дуар бакодта æмæ дыдзырухсмæ ауыдта бæрзонд, хæрзконд, æвзонг хъазахъхъаг чызджы сурæт. Йæ цæстытæй йæ ахордтаид, ахæм лæппулæджы цæстæнгасæй йæм бакаст. Уайтагъд йæ цæст ацахста тæнæг хъуымац хæдоны бын тыхджын, æнæниз сылгоймаджы гуырвидауц æмæ рæсугъддзинæдтæ, сынты базыры хуызæн сатæг сау рæсугъд цæстытæ, æвзонг адæймаджы тарстхуыз, æмæ йæм чи фемдзаст, уыцы сырддзаст æмæ æмбаргæ цæстæнгас. «Мæнæ ис, гъеныр æй ссардтон, гъе, кæд ма исты зонын, уæд», — ахъуыды кодта Оленин. «Ахæмтæ ма дзы ноджыдæр бирæ уыдзæн», — сдзырдта та йæм уый фæстæ йæ зæрдæ, æмæ хæдзары дуар бакодта. Зæронд ус, Улиткæ, йæ чызджы хуызæн уый дæр айдагъ хæдоны мидæг, гуыбырæй, йæ чъылдым уазæджы ’рдæм здæхт, афтæмæй уат марзта. 

— Дæ бон хорз, нæ мад! — Æз дæм фатеры тыххæй æрбауадтæн... — байдыдта мæлгъæвзагæй дзурын Оленин. 

Зæронд ус йæ астæу не стасын кодта, афтæмæй йæм йæ тызмæг, карз, ныр дæр ма рæсугъд цæсгом фæзылдта. 

— Цы ’рбабырыдтæ? Хынджылæг кæнынмæ нæ хъавыс? И? Æз дын бацамондзынæн, куыд хынджылæг кæнын хъæуы, уый. Рын уыл сыста, — фæхъæр кодта ус, тар æрфгуыты бынæй зулдзастæй кæсгæйæ. 

Оленин афтæ æнхъæл уыд, æмæ фæлмæст хъæбатыр кавказаг æфсæдтæм, йæхæдæг дæр нымад кæуыл уыд, уыдонмæ кæмдæриддæр цингæнгæйæ, дзæбæх цæстæй ракæсдзысты, уæлдайдæр та хъазахъхъ, ce ’мæфсæддон хæцæг адæм, æмæ уымæ гæсгæ стыр дисы бафтыд, цы ’гъдау ын радтой, ууыл. Фæлæ уæддæр нæ фефсæрмы æмæ зæронд усæн бамбарын кæнынмæ хъавыд, йæ фатерæн ын æхца фидынвæнд кæй кæны, уый, фæлæ йын зæронд ус йæ дзырд кæронмæ ахæццæ кæнын нæ бауагъта. 

— Цы ’рбалæстæ? Цы гуыбынниз дæ хæры? Даст хæмхудтæ! Фæлæуу, мæнæ нæ лæг æрбацæуа, уый дын бацамондзæн дæ бынат. Цы сæ кæнын де ’взæр æхцатæй? Max ахæмтæ бирæ федтам! Тамакойы смагæй хæдзар фесæфдзæн, æмæ йæ æхцайæ баххæст кæнынмæ хъавы. Атъæпп уа мын дæ сæр! — бæстæ хъæрæй йæ сæрыл систа зæронд ус. Оленинмæ дзы дзырды бар нал æрхауд. 

«Куыд уынын, афтæмæй Ванюшкæ раст у! — ахъуыды кодта Оленин. — Тæтæйраг бирæ уæздандæр у», — æмæ, Улиткæйы судзаг арфæтæ йæ фæдыл цæугæйæ, афтæмæй дуары æдде фæци. Æддæмæ куы рацæйцыд, уæд Марьянкæ тыргъы мидæг йæ цурты æнæнхъæлгæйæ æваст фæселф ласта афтид хæдоны мидæг æмæ урс кæлмæрзæнæй тыхт цæсгомимæ. Бæгъæввадæй, асины къæхтыл гуыпгуыпгæнгæ цырд æрызгъордта, фæлæууыд, худæнцæстæнгасæй лæппулæгмæ уыциу каст фæкодта æмæ хæдзары фисыны аууон фæци. 

Æвзонг чызджы уæндон цыд, цæхæрцæст сырддзаст урс кæлмæрзæны бынæй, хæрзконд, тыхджынарæзт, нæртон рæсугъд чызджы буар Оленины зæрдæ тынг балхæдтой. «Æвæццæгæн, уый!», зæгъгæ, загъта хинымæры. Фатеры мæт дæр æй тынг нал уыд, афтæмæй чызгмæ фæкæсфæкæсгæнгæйæ Ванюшæмæ бацыд. 

— Кæсыс, сæ чызг дæр сæхи хуызæн хъæддаг у! Сындзы бынæй сындз цæуы, — загъта Ванюшæ уæрдонимæ архайгæйæ, — емылыкк ефсæй уæлдай нæу. Лафам5, цы Хуыцау æй дæтты, — бафтыдта ма уый хъæрæй, бæзджын хъæлæсæй дзургæйæ, æмæ йæхæдæг худæгæй уæлгоммæ ахауд. 

 

XI
 

Изæры хæдзары хицау кæсагахсынæй æрбаздæхт æмæ, куы бамбæрста, фатерæн ын æхца фидынвæнд кæнынц, уæд йе ’фсины æрсабыр, æрлæгъз кодта æмæ дзы Ванюшæ цы домдта, уыдоныл сразы ис. 

Сæ ног фатеры сæ цард алцæмæй дæр срæвдз кодтой. Хæдзары хицæуттæ баивтой хъарм агъуыстмæ, юнкерæн та радтой уазал уат мæй æртæ сомыл. Оленин бахордта, схуыссыд æмæ бафынæй. Изæрырдæм райхъал, йæхи цæхсадта, йæ дзауматæ асыгъдæджытæ кодта, сихор бахордта, бапъироз ссыгъта æмæ уынджы ’рдæм фæрссаджы цур сбадт. Æнтæф фæсаст, фæуазалдæр. Хæдзары аууон иуварсырдæм зулаив адаргъ рыгæйдзаг уынджы æмæ базылди сыхаг хæдзары бындурыл дæр. Йæ бакомкоммæ, уынгæн иннæрдыгæй фарс, хъамылæй æмбæрзт хæдзары кæрз къулсæр тæмæнтæ калдта хуры рухсмæ, хурæн йæ ныгуылæнмæ ’ввахс. Уæлдæф куыдфæстæмæ уазалдæр кодта. Хъæубæстæ уыд сабыр, æдзæм. Салдæттæ фатертæ бацахстой æмæ æрсабыр сты. Хъом нæма ссыдысты. Адæм сæ быдыры куыстæй нæма æрбаздæхтысты. 

Оленины фатер уыд хъæуæн йæ кæронмæ ’ввахс. Стæммæ дард, Терчы фаллаг фарсæй, бæрæг нæ уыд, кæцæй, цæцæнæй æви хъуымыхъхъы быдыртæй, хъуыстысты топпы гæрæхты æмыр хъæртæ. Æртæ мæйы æфсæдтимæ быдырты царды фæстæ Оленинмæ йæ ныры цард дзæбæх каст. Чъизидзинады фæстæ æхсад цæсгом æмæ сыгъдæг буар Оленины сног кодтой, уæнгтæ сæ фæллад суагътой æмæ фæхъæддыхдæр, фæцырддæр сты. Зæрдæ дæр фæрухсдæр, фæхъæлдзæгдæр. Оленин æрымысыд хæсты заман æмæ тас рæстæг. Йæ зæрдыл æрбалæууыд, тас рæтты йæхи куыд дзæбæх дардта, æвзæрдæр кæй никæмæй уыд æмæ Кавказы хъæбатыр къордыл нымад куыд æрцыд, уыдæттæ. Мæскуыйы хъуыддæгтæ адард сты, зæрдæ сæм нал æхсайдта. Ферох ис зæронд цард дæр, ралæууыд ног, бынтон ног цард, рæдыддзинад кæм нæма уыд, ахæм. Ныр ын амал уыд ам ног адæймагæй æцæгæлон адæмы ’хсæн йæхи равдисын, йæ цард хорз уагыл сæвæрын, дзæбæх цæстæй йæм цæмæй ракæсой æмæ йæ хорзы ном цæмæй баззайа, йæ зæрдæ дзаг уыд, æнæ исты ’фсонæй, ног царды циндзинæдтæй. Фæрссагæй æддæмæ уынгмæ каст. Уым лæппутæ аууон ран цъилтæй хъазыдысты. Уыдонмæ æмæ йе ’фснайд фатермæ кæсгæйæ хъуыдытæ кодта, йæ цард куыд хъæлдзæг, куыд дзæбæх сараздзæн ацы ног хъазахъхъаг хъæуы мидæг. Скæстытæ кодта хæхтæм æмæ арвмæ дæр, æмæ ма йæ фыццаг хъуыдытыл бафтыд ног фæндонтæ бæсты стырдзинад æмæ рæсугъддзинæдты сæраппонд. Мæскуыйæ куы цыд, уæд куыд æнхъæл уыд, уыцы æгъдауыл æвæрд не ’рцыд йæ цард, фæлæ æнæнхъæлгæйæ хуыздæр рацыд. Хæхтæ, хæхтæ, хæхтæ, йæ цæстытыл хъазыдысты æмæ нæ цух кодтой йæ зонд æмæ йæ зæрдæйæ. 

— Гадзайæн аба кодта, дурын басдæрдта! Зæронд Ерошкæ гадзайæн аба кодта, — схъæр кодтой æваст хъазахъхъаг лæппутæ, уыйагъоммæ цъилæй чи хъазыд рудзынджы бын, уыдон. — Гадзайæн аба кодта! Хъама арахъхъыл ауæй кодта!— хъæр кодтой гыццыл сывæллæттæ, кæрæдзимæ æнгом лæугæйæ æмæ размæ лидзгæйæ. 

Уыдон мæстæй мардтой зæронд лæг Ерошкæйы. Ерошкæ цуанæй æрбацæйцыд, топп йе ’фцæджы, хъæддаг уасджытæ йæ астæуыл йæ роны сагъд, афтæмæй. 

— Мæ аххос у, мæ аххос, лæппутæ! — дзырдта Ерошкæ цæугæ-цæуын хъæлдзæгæй, рог-рог йæ къухтæ тилгæйæ æмæ дыууæрдæм хæдзæртты рудзгуытæм кæсгæйæ. — Ауæй кодтон мæ гадза арахъхъыл, мæ аххос y æцæг, мæ аххос! — загъта Ерошкæ дыккаг хатт, æвæццæгæн, мæстыйæ, фæлæ йын цыма хъыг нæ уыд æмæ сæ ницæмæ дардта, афтæ æвдыста йæхи. 

Оленин стыр дис фæкодта, лæппутæ зæронд цуанонмæ цы дзыхы уагæй дзырдтой, ууыл, ноджы диссагдæр та йæм фæкаст, Ерошкæ кæй хуыдтой, уымæн йæ зæрдæргом, æмбаргæ цæсгомы хатт æмæ йæ тыхджын уæнгты æвæрд. 

— Зæронд лæг! Уæ хъазахъхъаг! — бадзырдта йæм Оленин. — Ардæм-ма хæстæг æрбацу. 

Зæронд лæг рудзынгмæ фæкаст æмæ ныллæууыд. 

— Дæ бон хорз уæд, хорз лæг! — загъта Ерошкæ, йæ уæлæнгай æлвыд сæрæй йæ гыццыл худ уæлæмæ исгæйæ. 

— Æгас нæм цу, хорз лæг, æгас, — дзуапп ын радта Оленин. — Цы дæм дзурынц уый сывæллæттæ? 

Ерошкæ фæрссагмæ хæстæгмæ бацыд. 

— Цы дзурын æнхъæл сын дæ. Мæстæй мæ марынц, зæронд лæджы. Æмæ уый ницы кæны. Æз уарзын сывæллæттимæ хъазын. Уадз æмæ мыл цин кæной, — загъта уый тыхджынæй, дзырдтæ ивазгæйæ, æмæ, зæронд æгъдауджын адæймаг цы дзыхы уагæй фæдзуры, уыцы æгъдауæй. — Ды, æвæццæгæн, фистæг салдæтты хицау уыдзынæ? 

— Нæ, æз юнкер дæн. Уыцы хъæддаг уасджытæ та кæм амардтай? — афарста йæ Оленин. 

— Хъæды æртæ карчы амардтон, — загъта зæронд лæг æмæ фæрссаджы ’рдæм йæ фæтæн чъылдым фæзылдта. Фæсте æртæ хъæддаг карчы, сæ къубæлттæ роны сагъдæй, дзедзыкка кодтой, туджы æртæхтæ калгæйæ цухъхъайыл. 

— Никуы сæ федтай, æвæццæгæн? — афарста йæ зæронд лæг. — Кæд дæ фæнды, уæд дзы иу-дыууæ дæхицæн айс. Гъа! — зæгъгæ, йæм рудзынгæй дыууæ карчы балæвæрдта. — Цуанон нæ дæ? — афарста йæ зæронд. 

— Бæгуыдæр дæн цуанон. Хæстмæ цæугæйæ дзы фæндагыл мæхæдæг дæр цыппар амардтон. 

— Цыппар, зæгъыс? Æгæр фæдæ, уæдæ! — загъта зæронд лæг, Олениныл худгæйæ,— Уый дæр афтæ фæуæд, фæлæ ануазынмæ та куыд дæ? Сæнимæ лымæн нæ дæ? 

— Цæй тыххæй нæ, ануазын дæр уарзын. 

— Е-е-е, куыд дæм кæсын, афтæмæй сахъ лæг цыдæр дæ. Æз æмæ ды цыма стыр лымæнтæ уыдзыстæм, афтæ мæм зыны, — загъта лæг. 

— Мидæмæ рацу, — загъта Оленин. — Фæйнæ сæны дæр ануаздзыстæм. 

— Мидæмæ дæр цы кæны, хорз у, — загъта зæронд лæг. — Кæрчытæ айс дæхицæн. 

Зæронд лæджы цæсгомыл бæрæг уыд, юнкер йæ зæрдæмæ кæй бацыд, уый. Цы бамбарын æй хъуыд, юнкермæ йын лæвар бануазыны амал кæй уыд, уый, æмæ йын уымæ гæсгæ æнæзивæгдæрæй дыууæ карчы балæвар кодта. 

Иукъорд минуты фæстæ дуарæй æрбазынд Ерошкæ. Оленин æрмæст ныр равзæрста уыцы лæгæн йæ мызыхъхъ, стæвдтæарæзт, тыхджын уæнгты æвæрд. Йæ тарбынсырх цæсгом бæзджын урс-урсид зачъетимæ ставд æнцъылдтæй дзаг уыд, зæронд æмæ тыхджын фæллойгæнæг адæймаджы бæрæггæнæнтæ къухтæ, къæхтæ æмæ уæхсчыты хæцъæфтæ, лæппу-адæймагæн куыд вæййынц, афтæ дзаг æмæ хъæддых уыдысты. Йæ сæрыл ныллæгæлвыд сæрыхъуынты бынæй зындысты дынджыр арф ностæ. Ставд нуарджын бæрзæй, раст мидæг хорæй хаст галы бæрзæйы хуызæн, чырынтæ-чырынтæ æнцъылдтæ уыд æнæласт дыууæрдæм конд хуымы хуызæн. Мызгъуыр къухтæ хæлд æмæ цъæррæмыгъдтæ уыдысты. Зæронд лæг цырд æмæ аив бахызти къæсæрыл, йæ топп йе ’фцæгæй систа, къуымы йæ æрæвæрдта, уыциу фæкастæй хæдзары дзауматыл йæ цæст ахаста æмæ базыдта, чи циу, уый, æмæ къогъодзиты мидæг йæ зылын къæхтæй фæлмæн санчъехтæгæнгæ уаты астæумæ бацыд. Йемæ уатмæ бахаста сæн, арахъхъ, топпыхос æмæ ахст туджы æмхæццæ, тыхджын, æвзæр смаг. 

Ерошкæ дзуæрттæн бакуывта, йæ рихитæ адаудта, Оленинмæ хæстæгдæр бацыд æмæ йæм йæ сау ставд къух бадаргъ кодта. 

— Кошкильды! — загъта уый. — Уый тæтæйрагау афтæ у: æнæниз у, фарн уе ’хсæны. 

— Кошкильды! Æмбарын æй, æмбарын, — загъта Оленин йæ къух дæтгæйæ. 

— Ницы æмбарыс, нæ зоныс æгъдæуттæ! Æдылы дæ, — загъта Ерошкæ, уайдзæфгæнæгау йæ сæр тилгæйæ. — Афтæ дын куы загъдæуа: «Кошкильды», уæд ын-иу зæгъ: «Ала рази бо сун», ома, Хуыцауы хорзæх дæ уæд. Афтæ, мæ фыд, афтæ, уый йеддæмæ кошкильды зæгъын æгъдауы нæ цæуы. Æз дæ, Хуыцауы фæндонæй, бирæ цæуылдæрты сахуыр кæндзынæн. Ам нæм иу цард, Илья Moсеич, зæгъгæ, сымахæй уыд уый дæр, уырыссаг, мемæ тынг хæлар уыд. Лæгæй дæр ахæм никуы уыд, æвæдза, раст зæгъын хъæуы, саг, лæджыхъæдджын адæймаг; расыггæнаг, хуыснæг, цуанон; хуымæтæджы цуанон дæр нæ, фæлæ хорз, хорз, иттæг хорз! Æз æй алцæуыл дæр сахуыр кодтон. 

— Мæн та уæд цæуыл сахуыр кæндзынæ? — афарста йæ Оленин; куыдфæстæмæ йæм тынгæй-тынгдæр йæ зæрдæ æхсайын байдыдта. 

— Цуаны дæ акæндзынæн, кæсаг ахсын дын бацамондзынæн. Цæцæйнæгты дын фенын кæндзынæн, удыгага дæ куы бахъæуа, уæд дын æй æрбахæццæ кæндзынæн. Æз, мæ хур, ахæм лæджы мыггаг дæн, цы мæ хоныс, уæдæ. Хъазаг дæн, æцæг! — Æмæ зæронд лæг ныххудт. — Цæй æмæ, сбадон, ме скæнæг, фæллад дæн. Карга? — фæзмæгау загъта зæронд лæг. 

— Карга та цы хоныс? — афарста йæ Оленин. 

— Уый гуырдзиагау y «хорз». Æз афтæ фæдзурын, уарзон ныхас мын у. Карга, карга куы дзурон, уæд уый зон, æмæ хъазгæ кæнын. Уыдæттæ иууылдæр хорз, ме скæнæг, фæлæ дæм ануазинагæй æппын ницы ис? Салдат кусæг дын нæй? Æцæг, æцæг? Иван! — зæгъгæ, фæхъæр кодта зæронд лæг. — Сымахмæ алы салдат дæр Иван хуыйны. Дæууон дæр Иван уыдзæн, æвæццæгæн? — О, мæнæн дæр Иван хуыйны. Ванюшæ! Марадз-ма, мæ хур, хæдзары хицауæй сæн рахæсс. 

— Иван æмæ Ванюшæ иу сты, хъауджыдæр сæ нæй. Цымæ уæм цæмæн афтæ у, иууылдæр кæд стут Ивантæ. Иван! — зæгъгæ, фæхъæр кодта зæронд лæг. — Æвнæлд боцкъайæ ракур. Адоны сæнæй хуыздæр æгас хъæуы мидæг дæр нæй. Хъусыс, æхсæз суарийæ фылдæр ведрайы æстæймаг хайæн-ма ратт, кæннод уыцы кæлæнгæнæг цы нæ бакæндзæн, æууæнк ыл нæй... Max адæмы цы хонут, цъаммар сты, æдылы адæм, — дзырдта Ерошкæ хицон, зæрдæргом æгъдауæй, Ванюшæ æддæмæ куы рацыд, уæд. — Уыдоны цæсты адæмыл нымад дæр не стут. Уастæн тæтæйраг куы загъдæуы! Уыдонæй дæр уæ фыддæр хонынц. Æлгъагыл уæ нымайынц. Мæнырдыгонау та, кæд салдат у, уæддæр адæймаг у, уæдæ циу, уый дæр Хуыцау скодта, уымæн дæр уд ис. Раст нæ зæгъын? Илья Мосеич салдат уыд, фæлæ ахæм адæймаг кæм уыд — зæд, сыгъзæрин. Афтæ нæу, ме скæнæг? Мæнмæ гæды сох-мох митæ нæй, раст фæдзурын кæддæриддæр, уарзгæ дæр мæ уый тыххæй нæ кæнынц. Фæлæ сæ æз хъуыды дæр нæ кæнын, мæнæн хъауджыдæр нæу. Æз хъæлдзæг адæймаг дæн, æппæты дæр уарзын. Æз Ерошкæ дæн, Ерошкæ! Афтæ, ме скæнæг, афтæ. 

Æмæ зæронд лæг буцдæрæн лæппулæджы уæхск æрхоста. 

 

XII
 

Ванюшæ уыйагъоммæ хæдзарады хъуыддæгтæ бакодта, бафснайдта, йæхи адаста дасæгмæ, йæ хæлафы къæхтæ цырыхъхъыты хъусты æдде дæлæмæ æруагъта, салдæттæ уæрæх, парахат фатерты кæй æрцардысты, уый дымæгмæ, æмæ иттæг зæрдæхъæлдзæг уыд. Ерошкæмæ æдзынæгæй, фæлæ æвзæр цæстæнгасæй бакаст, цыма æнахуыр, æнæфенгæ хъæддаг сырд уыд, уый хуызæн, æмæ уайдзæфгæнæгау йæ сæр батылдта, пъолтæ кæй счъизи кодта, уый тыххæй. Тъахтины бынæй дыууæ авджы райста æмæ хæдзары хицауы ’рдæм ацыд. 

— Уæ бонтæ хорз, мæ уарзон адæм, — мæлгъæвзагæй байдыдта дзурын Ванюшæ. Ацы хатт йæхи сабыр æмæ уæзданæй равдисын фæнд скодта. — Барин сæн æлхæны, æмæ ма базивæг кæнут, раттут мын сæн, мæ хуртæ. 

Зæронд ус æм ницы сдзырдта. Чызг гыццыл тæтæйраг айдæны раз лæууыд æмæ, кæлмæрзæн йæ сæрыл куыд аивдæр батдзæн, ууыл архайдта. Ванюшæмæ æнæдзургæйæ фæстæмæ фæкаст. 

— Æз уын æхца бафиддзынæн, цытджын адæм, — загъта Ванюшæ, йæ дзыппы сау æхцатæй дзæгъдзæгъгæнгæ. — Сымах нын дзæбæх куы уат, уæд уын мах дæр дзæбæх уыдзыстæм, æмæ афтæ хъæуы, афтæ хуыздæр у, — бафтыдта ма Ванюшæ. 

— Бирæ дæ хъæуы? — æнæ уæлдай гæдымитæй афарста зæронд ус. 

— Дыууæ авджы. 

— Цу, цард дын феста мæ уд, æрфæрсудз сæн, — загъта зæронд ус Улитæ, чызгмæ дзургæйæ. — Æвнæлд боцкъайæ сын æркæ. 

Чызг дæгъæлтæ æмæ графин райста æмæ Ванюшæимæ хæдзарæй рацыд. 

— Дæ хорзæхæй, зæгъ-ма мын, чи y уæртæ уыцы сылгоймаг? — афарста Оленин зæронд лæджы æмæ Марьянæмæ ацамыдта. Марьянæ уыцы сахат рудзынджы бынты фæцæйцыд. 

Зæронд лæг йæ цæст фæныкъуылдта æмæ лæппулæджы йæ рæмбыныкъæдзæй басхуыста. 

— Фæлæуу, сабыр у, — загъта зæронд æмæ рудзынгæй æддæмæ йæ сæр радардта. — Къыхы-мыхы! — зæгъгæ, схуыфыд зæронд лæг. — Марьянкæ! Уæ Марьянкæ! Бауарз мæ, мæ чысыл хур. Æз хъазын уарзын, — сусæгæй загъта зæронд лæг, Оленинмæ дзургæйæ. 

Чызг æй хъуыды дæр не ’ркодта æмæ йæ цыды кой кодта, йæ къухтæ тыхджын æмæ аив тилгæйæ, хъазахъхъаг чызджытæ куыд хъал æмæ рæвдз цыд фæкæнынц, уыцы цыдæй. Æрмæст йæ сатæг сау цæстытæ сабыргай зæрондыл ахаста. 

— Бауарз мæ æмæ амондджын уыдзынæ, — ахъæр та кодта Ерошкæ æмæ йæ цæст ныкъулгæйæ фæрсæгау Оленинмæ бакаст. — Цы мæ хоныс, æз сахъ лæг дæн, сахъ лæг, худæг, — бафтыдта ма уый. — Цы дзы загъдæуа, — паддзахы чызг, цыбыр ныхасæй! Афтæ нæу? Цы зæгъыс? 

— Рæсугъдæй йæм дау нæй, — загъта Оленин. — Ардæм-ма йæм æрбасид. 

— Нæ, уый гæнæн нæй, — загъта зæронд лæг. — Лукашкæйæн æй курынц. Лука саг хъазахъхъаг у, айфыццаг æрæджы абырæджы дæр амардта. Уый циу, æз дын хуыздæр дæр ма ссардзынæн. Ахæм дын ссардзынæн, æмæ айдагъ даритæ æмæ æвзисты мидæг чи цæуа. Æз, йæ дзырд дыууæ чи акæна, уыдонæй нæ дæн. Иугæр мæ дзыхæй ныхас схауд, уæд кæй уыдзæн, уый зон. Мæйтæ æмæ хуртæ кæмæй кæсой, ахæм рæсугъд дын æрбамидæг кæндзынæн. 

— Зæронд лæг куы дæ, ахæм ныхæстæ цæмæн кæныс, — загъта Оленин. — Тæригъæд у, афтæ ма дзур! 

— Тæригъæд? Уый та цы хоныс? Цæй тæригъæд! — цæхгæр загъта зæронд лæг. — Рæсугъд чызгмæ бакæсын тæригъæд у? Йемæ рæстæг арвитын тæригъæд у? Кæннод бауарзын тæригъæд у? Уый кæд сымахмæ афтæ у? Нæ, ме скæнæг, уый тæригъæд нæу, фæлæ удыбæстæ у, царды хос у. Дæу дæр Хуыцау сфæлдыста, чызджы дæр Хуыцау сфæлдыста. Иууылдæр уый уыд, уый, нæ кæнæг Хуыцау. Афтæ, мæ хур, афтæ, рæсугъд чызгмæ кæсын тæригъæд нæу. Цæмæй йæ уарзæм æмæ йыл цæмæй цин кæнæм, уый тыххæй конд у... Æз иу лæгæй афтæ хъуыды кæнын, хорз лæг. 

Марьянæ кæртыл ауад, иу талынг, уазал, боцкъатæй дзаг къæбицы смидæг, йæ ахуыр æгъдаумæ гæсгæ бакуывта, боцкъамæ бацыд æмæ дзы гоцъоби ауагъта. Ванюшæ къæсæрыл лæууыд, касти йæм æмæ мидбылты худти. Стыр худæг æм каст, чызг айдагъ хæдоны мидæг кæй уыд: ноджы худæгдæр та — йæ фæдджи йæ сины сагъд, йæ хъуырыл æвзист сомырдджытæ конд кæй уыд, уый. Йæхинымæры ахъуыды кодта: цæвиттон, чызг уыцы хуызы мидæг Уæрæсейы сæхимæ фестад, уæд адæм худæгæй тъæппытæ ахаудаиккой. «Ла филь ком се тре бье 6 бæззы. Афтæ мын æнæ зæгъгæ нæй баринæн», — ахъуыды кодта хинымæры Ванюшæ. 

— Ныр цы ныхъхъен дæ? Сагъдæй куы баззадтæ! — æнæнхъæлгæйæ æваст фæхъæр кодта чызг. — Графин уæддæр æрбалæвæрдтаис. 

Марьянкæ графин сырх сæнæй байдзаг кодта æмæ йæ Ванюшæмæ балæвæрдта. 

— Æхца мæ мадмæ ратт, — æмæ Ванюшæйы къух æхцатимæ иуырдæм акъуырдта. 

Ванюшæ бахудти. 

— Цæмæн афтæ мæстыгæр дæ, мæ хуры чысыл? — загъта Ванюшæ, куы йæ иу, куы йе ’ннæ къахыл йæ буары уæз уадзгæйæ, чызг боцкъайы сæр куы æмбæрзта, уæд. 

Чызг бахудти. 

— Æмæ сымах фæлмæнзæрдæ адæм стут? 

— Æз æмæ мæ барин сабыр, хорз адæм стæм, — зæрдæбынæй загъта Ванюшæ. — Max афтæ зæрдæхæлар адæм стæм, æмæ кæмдæриддæр цардыстæм, — хъаст нæ никуыма ничи ракодта, никæй хæрамы бацыдыстæм, иууылдæр нын арфæгæнæг уыдысты. Цæмæн афтæ уыд, зæгъгæ, мæ куы бафæрсай, уæд уымæн, æмæ уæздан лæг у. 

Чызг фæлæууыд æмæ хъуыста. 

— Уæд йед та... Ус ын ис дæ панæн? — афарста чызг. 

— Нæй! Мæ барин нырма лæппу у, ус ын нæма ис. Уый уымæн, æмæ стыр уæздан адæм, ce ’гъдаумæ гæсгæ, ус æрæгмæ курынц, — дзуапп радта Ванюшæ зонд амонæгау. 

— Кæмдæр дзы лæппу ис, мидæг хорæй хаст къамбецæй уæлдай нæу, ус курын та, дам, ын раджы ма у! Æфсæдтæн ce ’ппæты хицау у? 

— Мæ барин нырма юнкер у. Уый уымæ цæуы, æмæ афицер нæма у. Фæлæ æнæуый ном æмæ мыггагæй инæларæй дæр хистæр у. Стыр лæг у. Нæ булкъон уый цур циу? Ницы. Паддзах æй йæхæдæг дæр зоны, — сæрыстырæй, йæ синысæртыл хæцгæйæ загъта Ванюшæ. — Max иннæтыл ма бар, кæйдæрты хуызæн гæвзыкк не стæм. Йæ фыд йæхæдæг сенатор у. Мин зæгъон, æмæ йын бирæ фылдæр кусджытæ ис, махæн дæр æхца мингай æрвиты. Уæдæ нæ цæмæн уарзынц, зæгъыс? Уымæн нæ уарзынц кæддæриддæр, уымæн. Уый йеддæмæ капитан дæр фест, дæ дзыппы куы ницы уа, уæд. Цæмæн у, цы пайда у? 

— Цæй, дæхи айс, дуар æхгæнгæ кæнын, — цæхгæр ын йæ ныхас фæлыг кодта чызг. 

Ванюшæ сæн бахаста æмæ Оленинæн францусагау загъта: «Ла филь се тре жули»7 æмæ æдылы худт кæнгæйæ æддæмæ рацыд. 

 

XIII
 

Уыцы афон хъæуы астæу лæгъзы изæры цагъд ныккодтой. Адæм сæ быдыры куыстæй æрбаздæхтысты. Хъомвос æмбырдтæ кодтой сыгъзæринхуыз рыг æврагъы мидæг æмæ кулдуæртты цур сæ уасын ссыд. Чызджытæ æмæ устытæ ратæх-батæх кодтой уынгты ’мæ кæртыты фосы койгæнгæйæ. Хур аныгуылд дард митджын æфцæджы фæстæ. Тар цæхæрадæтты сæрмæ стъалытæ зына-нæзына дыдзырухс кодтой, æмæ хъæуы мидæг фос æмæ адæмы уынæр чысылгай æрсабыр. Устытæй, йæ фос чи бафснайдта, уыдон уынгты фисынтæм цыдысты æмæ æхсынæнтæ къæрццытæгæнгæйæ сæ бæрæгон бынæтты, хæдзæртты къулты тæрхæджытыл бадтысты. Иу ахæм къордмæ, йæ дыууæ хъуджы æмæ йæ къамбец куы радыгъта, уæд Марьянæ дæр бацыд. 

Уыцы къорды уыд иу цалдæр усы æмæ чызджы æмæ иу зæронд хъазахъхъаг. 

Абырæджы марды хабар кодтой. Хъазахъхъаг уацхъуыд хаста, устытæ хъуыстой. 

— Стыр хæрзиуæг ын ратдзысты, æвæццæгæн? — дзырдта хъазахъхъаг ус. 

— Æнæ уый та, уæдæ, куыд? Дзурынц, крест ын рацæудзæн, зæгъгæ. 

— Мосев дæр дзы йæхирдæм фелхъывта, йæ зæрдæхудты бацыд. Топп йæхирдыгæй фæкодта, фæлæ йын цыма нæ батад. Хъызлары хицæуттæ йæ базыдтой. Йæ цæсгомæн мын тæрсы Мосев? Цъаммардæр лæгæн скæнæн дæр ма нæй. 

— Афтæ куы дзырдтой, Лукашкæ æрбацыди, зæгъгæ, — загъта чызджытæй иу. 

— Назаркæимæ Ямкæмæ нуазынц. Ведрайы æрдæг, дам, анызтой. (Ямкæ хæтаг сылгоймаг уыд æмæ арахъхъ уæй кодта). 

— Урванæн йæ амонд абадти, — загъта чидæр. — Æцæг Урван у, æцæг. Раст зæгъын хъæуы, хорзæй та ма дзы цы загъдæуа, дау æм нæй, саг лæппу y! Раст адæймаг. Йæ фыд Кирьякы цæрмыстыгъд бакодта — уый дæр афтæ уыд. Куы йæ амардтой, уæд адæм ууыл цы ныккодтой! Æгас хъæу æм кæугæйæ фæцыдысты. Уæртæ цыма уыдон æрбацæуынц, — загъта, ныхас чи кодта, уыцы ус æмæ къухæй ацамыдта, чи сæм æрбацæйцыд уынджы, уыцы хъазахъхъы ’рдæм. — Ергушов дæр йæхи кæм нæ фæтъысдзæн, кæцæй та сæм бахæццæ! Расыггæнаг! 

Лукашкæ, Назаркæ æмæ Ергушов ведрайы æрдæг банызтой æмæ чызджыты ’рдæм сæхи райстой. Ce ’ртæ дæр, уæлдайдæр та зæронд хъазахъхъаг, ce ’цæг хуызæй сырхдæр уыдысты. Ергушов фыдрасыгæй гакъæттæ кодта æмæ хъæрæй худгæйæ Назаркæйы фæрстæ басхой-басхой кодта. 

— Цы уыл æрцыд, цæуылнæ зарут, гадзатæ? — фæхъæр кодта Ергушов чызджытыл. — Æз уын зæгъын, мах хъæлдзæгдзинады тыххæй уæддæр азарут. 

— Алы бон æгас цæут! Æгас цæут, — фехъуыстысты алырдыгæй арфæтæ. 

— Цæуыл хъуамæ зарæм? Бæрæгбон, мыййаг, куы нæу? — загъта иу ус. — Ды дзы ныххырхтай æмæ цæуылнæ зарай. 

Ергушов ныккæл-кæл кодта æмæ Назаркæйы басхуыста. 

— Цæй, ды азар! Æз дын бахъырндзынæн, нæ зонын æнхъæл мын ма у, æз дын зæгъын, дæсны дæн. 

— Цыма уыл фæуарыди, уый каст куы кæнут, рæсугъдтæ! Фынæй баистут? — загъта Назаркæ. — Постæй ардæм акувынмæ æрбауадыстæм. Мæнæ Лукашкæйæн акуывтам. 

Лукашкæ æмбырдмæ бацыд, сабыргай йæ худ систа æмæ чызджыты комкоммæ сæ разы æрлæууыд. Йæ фæтæн уадултæ æмæ йæ бæрзæй сырх уыдысты. Лукашкæ лæууыд æмæ сабыргай дзырдта. Фæлæ уыцы сабырдзинад, уыцы хиуылхæцгæ змæлд зæрдæмæдзæугæдæр æмæ рæсугъддæр уыдысты Назаркæйы тентекк, рог митæй æмæ дзæнгæда цæгъдынæй. Хъалхаст уырс хъилдымæгæй фыррыччытæгæнгæ куы атæхы æмæ, цыма йæ садзгæ ачынд, уыйау æвиппайды куы ныллæууы, раст гъеуый зæрдыл лæууын кодта ацы сахат Лукашкæ дæр. Лукашкæ сабыр лæууыд чызджыты уæлхъус æмæ сæм худæндзастæй каст, дзырдта стæммæ æмæ-иу куы йæ нозтджын æмбæлттыл, куы та чызджытыл йæ цæст ахаста. Марьянкæ ныхасмæ куы ’рбахæццæ, уæд ын Лукашкæ сабыргай, аивæй йæ худ систа, фæндаг ын радта, йæ иу къах чысыл фæстæдæр айста æмæ фæстæмæ йæ бынаты йæ комкоммæ слæууыд æмæ, йæ хистæр æнгуылдзтæ йæ роны тъыстæй, афтæмæй йæ хъамайæ хъазыд. Марьянæ йын йæ саламмæ йæ сæрæй сабыргай акуывта, къулы æнцой тæрхæгыл йæ бæрæгон бынаты æрбадт æмæ йæ ронæй æхсынæнтæ систа. Лукашкæ Марьянкæйы йæ цæстытæ ныссагъта æмæ, æхсынæнтæ æхсынгæйæ, тутæ кодта. Марьянкæ куы æрбацыд, уæд ce ’ппæт дæр сæ ныхас фæурæдтой. 

— Кæдæй-уæдæй ма дæ федтам. Кæдмæ фæуыдзынæ ам? — афарста иу хъазахъхъаг ус Лукашкæйы. 

— Ардыгæй райсоммæ, — дзуапп ын радта уый. 

— Мæ хуры чысыл акæ, — загъта зæронд хъазахъхъаг Лукашкæйæн. — Æхсызгон мын y дæ хъуыддаг, ныртæккæ ма дæ кой кодтон. 

— Æз дæр афтæ зæгъын, — баппæрста йæ ныхас Ергушов дæр худгæйæ. — Уазджытæй бæстæ байдзаг! — бафтыдта ма уый, чи фæцæйцыд, уыцы салдæттæм кæсгæйæ. — Цы сын уарзын салдæттæн, уый сæ арахъхъ, — хорз у! 

— Махмæ дæр дзы æртæ удхæссæджы æрбакодтой. Нæ зæронд хъæуыхицаумæ хъæстмæ дæр ма бацыд, фæлæ æндæр амал нæй, зæгъгæ, йын загътой. 

— А-а, зындзинад бамбæрстой? — загъта Ергушов. 

— Тамакойы смагæй бæстæ фесæфтаиккой, æвæццæгæн? — афарста устытæй чидæр. — Æдде, кæрты, дæ зæрдæ цас зæгъы, уыйбæрц дым, фæлæ мидæмæ, хæдзармæ, æрбауадзæн нæй. Æниу хъæуыхицау йæхæдæг куы æрбацæуид! Ноджы, сæ къухтæ дæр кæй нæ лæууынц, мардæрцыд уый у. Хъæуыхицау йæхи гуылы бын æндзарын хорз зоны — йæхимæ никæй бауагъта. Дæлдзæхдзæуæг у, цы йæ хонут! 

— Нæ уарзыс! — загъта Ергушов. 

— Куыд дзурынц, афтæмæй чызджытæ салдæттæн сæ хуыссæнтæ кæндзысты æмæ сæ мыдджын сæнæй хорз уындзысты, — загъта Назаркæ, Лукашкæйы хуызæн йæ къах фæстæдæр айста æмæ уыйау йæ худ къæбутыл акодта. 

Ергушовыл худæг бахæцыд æмæ йæм хæстæгдæр цы чызг лæууыд, уый йæ хъæбысы акодта. 

— Стæ-ма дæхи, писи! — сцъæхахст кодта чызг. — Фæлæуу, æз дыл де ’фсины куынæ сардауон. 

— Цæмæй мæ тæрсын кæны! Зæгъ, чи нæ дæ уадзы, — загъта Ергушов æмæ иннæ чызджыты кæрæдзи фæдыл æнæ иу цухæй хъæбыстæ кæнын байдыдта. 

— Мæнæ цы и, мæ арт бауазал, удхæссæг! — худæгæй мæлгæйæ суасыд сырхуадул, тымбылдзæсгом Устенькæ æмæ йæ къух ныццæвынæввонг дард фæхаста. 

Хъазахъхъаг йæхи фæстæмæ айста æмæ, чысыл ма бахъæуа, фæцæйхауд. 

— Чызджытæм, дам, хъару нæй, фæзæгъынц; уæдæ уый циу, — фæцæй мæ мардта. 

— Дæхи айс, писи. Кæцæй фæци, кæ, хæйрæджы хай! — загъта Устенькæ пыррыччытæгæнгæйæ æмæ йæхи фæтигъ кодта. — Абырæджы æрбацыд нæ базыдтай, бафынæй дæ! Уый дын дæ сæр, хъæлæкк, акъуырдтаид, æмæ, æвæдза, хуыздæр уыдаид. 

— Дæ цæссыгтæ та уагътаис! — бахудти Назаркæ. 

— О, мæхи дыл мардтаин, æндæр мæт мæ нæй! 

— Хъарджытæ та кодтаид, нæ? Æццæй, Назаркæ? — загъта Ергушов. 

Лукашкæ æнæдзургæйæ æдзух æдзынæгæй Марьянкæмæ каст. Чызг уымæй чысыл æфсæрмы кодта. 

— Марьянкæ, æнхъæлдæн, æмæ уæм хицауы æрцæрын кодтой? — загъта Лукашкæ æмæ йæм йæхи хæстæгдæр баласта. 

Марьянкæ, кæддæриддæр куыд кодта, афтæ ныр дæр уайтагъд дзуапп нæ радта, фæлæ сындæггай уæлæмæ хъазахъхъагмæ скаст. Лукашкæ дæр æм худæндзастæй каст. Уыцы сахат ce ’хсæн цы ныхæстæ цыд, уыдон дард уыдысты, сæ зæрдæйы хуылфы цы фæндонтæ уыд, уыдонмæ. 

— Дыууæ уаты кæмæн ис, уыдонæн та циу! — Марьянкæйы бæсты йæхи радавта иу ус. — Уæртæ Фомушкинтæм дæр хицауы æрцæрын кодтой æмæ, куыд дзурынц, афтæмæй та сæ сæр кæм фæтъыссой, уымæн ницыуал зонынц. Искуы ма уый æрцыд, — æгас рæгъау хъæумæ æрбаскъæр! Фæлæ цы бачындæуа! — загъта та уыцы ус. — Æниу, цæмæн хъæуынц, цы ми кæндзысты? Емынæ сыл сыста, уастæн! 

— Цыма Теркыл хид араздзысты, афтæ дзырдтой, — загъта иу чызг. 

— Мæнæн та афтæ дзырдæуыд, — загъта Назаркæ, Устенькæмæ йæхи хæстæгдæр ласгæйæ, — цыма уæрм къахдзысты æмæ чызджыты уырдæм æппардзысты, лæппуты кæй нæ уарзынц, уый тыххæй, — æмæ чызджытæм худæг чи фæкаст, ахæм æнахуыр зылд ныккодта. 

Ергушов Марьянкæйы рад фæуагъта æмæ иу зæронд хъазахъхъаг усы хъæбыстæ кæнын систа. 

— Марьянкæйы цæуылнæ кæныс дæ хъæбысы? Михцухæй ницы, фæлæ уыцы иудадзыг кæрæдзи фæдыл, — загъта Назаркæ. 

— Нæ, мæ зæронд адджындæр у, — хъæр кодта хъазахъхъаг зæронд усæн батæгæнгæйæ. Зæронд ус, мæгуыр, мæ сæр ма дзы куы фервæзид, зæгъгæ, йæхи ратоныныл архайдта. 

— Ныххурх мæ кæндзæн, — худти уый. 

Уынгæн йæ иу кæроны ’рдыгæй æмхуызон къахдзæфты хъæр сын сæ худын фæурæдта. Æртæ салдаты цинелты мидæг, топпытæ сæ уæхсчытыл, афтæмæй, сæ къæхтæ æмистгæнгæйæ, цыдысты æхцайы чырын хъахъхъæнджыты аивынмæ. Ефрейтор, крестджын, талынгæрфыгæй хъазахъмæ кæсгæйæ, салдæтты йæ фæдыл афтæ акодта, æмæ Лукашкæйы Назаркæимæ иуварс алæууын хъуыд фæндаг раттыны тыххæй. Назаркæ фæстæдæр йæхи айста, фæлæ Лукашкæ салдæтты ’рдæм йæ сæр æмæ йæ фæтæн уæхсчытæ разылдта, цъынддзастæй сæм бакаст, фæлæ йæ мидбынатæй нæ фезмæлыд, — куыд лæууыд, афтæмæй баззад. 

— Фæндаг уæрæх куы у, уыныс, адæм лæууынц, уæд азил, — загъта Лукашкæ æмæ салдæттæм зулдзастæй бакаст. 

Салдæттæ сæ рæзты ацыдысты рыгæйдзаг фæндагыл сæ къухтæ æмхуызонæй æмистгæнгæйæ. 

Марьянæ бахудти; бахудтысты йæ фæстæ иннæ чызджытæ дæр. 

— Кæсут-ма сæм, хуымæтæг сты, дæлвæд-уæлвæд даргъ фæдджиджын сауджынтæ, — загъта Назаркæ салдæттæй æмæ сын сæ цыд уынджы афæзмыдта. 

Уый адæммæ цы худæг фæкаст, æмæ ce ’ппæтæн дæр худæгæй ницыуал уыд. 

Лукашкæ чысылгай Марьянæмæ йæхи хæстæгдæр баласта. 

— Хицауы та кæм æрцæрын кодтат? — афарста уый. 

Чызг исдуг ницы загъта. 

— Ног хæдзармæ йæ бауагътам, — загъта чызг. 

— Зæронд y æви лæппулæг у? — афарста та Лукашкæ æмæ йæ цуры хæстæг æрбадт. 

— Æмæ йæ фæрсгæ исты, мыййаг, бакодтон, — дзуапп ын радта чызг. — Сæнмæ йын ацыдтæн, федтон æй Ерошкæимæ рудзынджы цур бадгæ, сырх цыдæр у. Дзаума дуне æрбаластой, уæрдон йæ тæккæ дзагæй. — Æмæ йæ цæстытæ дæлæмæ æруагъта. 

— Цы æхсызгон мын у, постæй рацæуыны фадат мын кæй фæци! — загъта Лукашкæ чызгмæ йæхи ноджыдæр хæстæгдæр ласгæйæ æмæ йын йæ дыууæ цæстмæ æдзынæг кæсгæйæ. 

— Бирæ фæуыдзынæ ам? — афарста йæ Марьянæ зына-нæзына йæ мидбылты худгæйæ. 

— Ардыгæй райсоммæ. Де ’хсынæнтæй-ма мæнæн дæр авæр, — загъта Лукашкæ æмæ йæм йæ къух бадаргъ кодта. 

Марьянæ йæ мидбылты æргомдæр бахудт æмæ йæ хæдоны тæрттæй иу байгом кодта. 

— Ce ’ппæт ма сис, — загъта чызг. 

— Мæ зæрдæ дæумæ æхсайдта; рагæй дæ кæй нал федтон, уый тыххæй хъыг кодтон, æцæг зæгъын, Хуыцау ме ’вдисæн, — загъта Лука сабыргай, чызджы ронæй æхсынæнтæ исгæйæ. Чызгмæ хæстæг йæ сæр æруагъта æмæ йын йæ хъусы сусæгæй цыдæртæ дзурын байдыдта худæндзастæй кæсгæйæ. 

— Дæ гæндзæхтæ куы ацæгъдай, уæддæр нæ бацæудзынæн дын куы загътон, — æвиппайды хъæрæй сдзырдта Марьянæ, йæхи тигъгæнгæйæ. 

— Æцæг, æцæг...Цыдæр дын зæгъинаг уыдтæн, — сусæгæй загъта Лукашкæ. — Мæ мард фен, куы нæ æрбацæуай. 

Марьянæ «нæгъ», зæгъгæ, йæ сæр батылдта, фæлæ худти. 

— Марьянкæ! Уæ Марьянкæ! Нана дæм дзуры, æхсæвæр хæрынмæ, дам, рацу, — æрбахъæр кодта згъоргæ-згъорын Марьянæйæн йæ гыццыл æфсымæр. 

— Ныртæккæ фæцæуын, — загъта чызг. — Ды уал цæугæ, азгъор, мæ хур, иунæгæй, æз дæр дæ феййафын. 

Лукашкæ сыстад æмæ йæ худ фелвæста. 

— Цон æмæ мæ хæдзармæ афардæг уон. Афтæ цыма хуыздæр уыдзæн, уыйау мæм кæсы, — загъта Лукашкæ йæ худæг уромгæйæ æмæ, цыма зæрдиагæй дзырдта, уый хуызæн, йæхæдæг хæдзары фисыны аууон фæци. 

Æхсæв хъæуы мидæг дæр йе ’гъдау кодта, æмæ æрмæйдар. Цæхæрцæст стъалытæ талынг арвыл тæмæнтæ калдтой. Талынг уынгты иу цъиуызмæлæг нал уыд. Назаркæ, къулы тæрхæгыл бадгæйæ, чызджытимæ баззад, æмæ уырдыгæй сæ худыны хъæр хъуыстис. Лукашкæ сабыргай чызджытæй йæхи раласта, фæгуыбыр кодта æмæ, йæ къæхты хъæр куыд нæ хъуыстаид, афтæ уынджы дæлæмæ атахти йæ хъамайыл хæцгæйæ, сæхимæ нæ, фæлæ хорунжийы хæдзары ’рдæм. Дыууæ уынджы фæстæ иучысыл цæхгæрмæ уынджы фæзылд, йæ цухъхъайы фæдджитæ æрбамбырдтæ кодта æмæ кауы аууон зæххы дзуццæджы абадт. «Хорунжийы чызгмæ нæ кæсыс, хуымæтæг у! — ахъуыды кодта йæхинымæры Марьянкæйы тыххæй. — Хъазын дæр йæ сæрмæ нæ хæссы! Фæлæуу, фендзыстæм!» 

Хæстæгæй сылгоймаджы къахдзæфты хъæр ын йæ зæрдæ бахъæлдзæг кодта. Æнувыдæй хъусын байдыдта æмæ хинымæры бахудтис. Марьянæ, зæхмæ кæсгæйæ, рог æмхуызон санчъехтæгæнгæ, комкоммæ Лукашкæйы ’рдæм æрбацæйцыд, уисы къалиуæй кауы михтæ къæрццытæгæнгæ. Лукашкæ йæ мидбынаты фестад. Марьянкæ фестъæлфыд æмæ æваст фæлæууыд. 

— Мæ хæдзарыл, мæнæ хæйрæджджын! Мæ уд мæ къæхты бынæй ауад. Уæхимæ цæуинаг куы уыдтæ, уæд дыл цы ’рбамбæлд? — загъта чызг æмæ йæ хъæлæсыдзаг ныххудти. 

Лукашкæ йæ иу къухæй чызджы йæ хъæбысы æрбакодта, иннæ къух ын йæ цæсгомыл æрбатыхта. 

— Цы дын зæгъынмæ хъавыдтæн... Хуыцауæн йæхистæн? — йæ хъæлæс зыр-зыр кодта æмæ дзургæ-дзурын къуылымпы кодта. 

— Цæй ныхасаг ссардтай ныр æхсæвыгон? Нана мæм æнхъæлмæ кæсы, цу уæртæ дæ уарзонмæ афардæг у. 

Чызг йæхи атыдта æмæ иукъорд къахдзæфы алыгъд. Сæ кæрты каумæ куы бахæццæ, уæд фæлæууыд æмæ лæппумæ йе ’ргом фездæхта. Лæппу чызджы йæхицæй цух нал уагъта æмæ йын лæгъстæ кодта, иу сахат-ма аныхæстæ кæнæм, зæгъгæ. 

— Цæй, цæй цы зæгъынмæ хъавыдтæ, æхсæвхæтæг? — æмæ та йæм бахудти. 

— Худгæ мыл ма кæ, Марьянæ, мæ хур! Уарзон мын кæй ис, уый койаг дæр нæу. Уый мæтæй дын мæлын, мур дæр мæ ницæмæн хъæуы! Æрмæст мын ды мæ зæрдæ барухс кæн, дзæбæх ныхас мын зæгъ. Афтæ дæ уарздзынæн, афтæ, æмæ дын æй куыд зæгъон: дæу цæрайæ цæрдзынæн, дæу цы фæнда, уый йеддæмæ ницы бакæндзынæн. Мæнæ сты, уый зон! (Æмæ лæппу йæ дзыппы æхцатæ бадзæгъ-дзæгъ кодта). Ныр цæрын базондзыстæм. Адæм цардæй хынджылæг кæнынц, уæд æз цы кодтон, мæгуыр мæ бон? Æппын мын мæ зæрдæмæ рухсы цъыртт никæцæй уадзыс, Марьянкæ! 

Чызг æм ницы дзырдта, йæ разы æнцад лæууыд æмæ йе ’нгуылдзты ’хсæн уисы къалиу лыстæг къæцæлтæ кодта. 

— Уый циу, æдзух æнхъæлмæ æмæ æнхъæлмæ кæс! Кæд ма дæ æз нæ уарзын, уæд нæ зонын! Дæ бар дæн, æмæ дæ цы фæнды, уый мын кæн, — загъта æвиппайды Лука мæстыйæ, йе ’рфгуыты бынæй кæсгæйæ, æмæ йын йæ дыууæ къухыл ныххæцыд. 

Марьянæ йæ цæсгомы æмæ йæ хъæлæсы хатт нæ аивта, уыцы иу æгъдауыл æнцад йæхи дардта. 

— Дæхицæй цы нæ дæ, уый ма кæ, Лукашкæ, фæлæ-ма ныхасмæ байхъус, — загъта чызг, йæ къухтæ хъазахъхъаджы къухты ’хсæн даргæйæ, фæлæ йæ йæхицæй дарддæр алæууын кодта. — Æз сылгоймаг дæн, фæлæ мæм уæддæр байхъус. Мæ бар мæхи нæу, фæлæ мæ кæд уарзыс, уæд дын ме ’цæгæй зæгъын. Мæ къухтæ мын суадз, ма тæрс, никæдæм алидздзынæн. Комгæ дын бакæндзынæн, фæлæ уымæй дарддæр исты æвзæрдзинад, æдылы митæ дæ фæсонæрхæджы, дæ зæрдæйы кæрон дæр ма уæнт, уый никуы уыдзæн, — загъта чызг йæ цæсгом лæппуйы ’рдæм здæхтæй. 

— Комгæ мын кæй бакæндзынæ, уый æгъгъæд нæу, фæлæ мæ уарзгæ бакæ, уарзгæ, Марьянкæ, мæ хур, — дзырдта Лука æмæ æвиппайды тарæрфыг, æнтъыснæг Лукашкæ сабыр, коммæгæс æмæ зæрдæхæлд буц адæймаг фестад æмæ, мидбылты худгæйæ, гæды фиумæ куыд кæса, уый каст кодта чызджы цæстытæм. 

Марьянæ йæм æнгом балæууыд æмæ йын йæ былтæн аба кодта. 

— Мæ чысыл хур! — сусæг хъæлæсæй загъта чызг æмæ йæ фæд-фæдыл иукъорд хатты йæ хъæбысы акодта, стæй æвиппайды йæхи атыдта, алыгъд æмæ фæстæмæ дæр нал фæкаст — сæ кулдуары мидæгæй фæци. 

Хъазахъхъаг ма йын бæргæ лæгъстæ кодта, иу минут-ма мæм фæлæуу, цыдæр дын зæгъон, зæгъгæ, фæлæ йын Марьянæ ком нал радта, афардæг. 

— Цæугæ! Фендзысты нæ! — фæдзырдта ма йæм чызг. — Кæсыс, уыцы хæйрæджы хай, нæ фатеры цæрæг, æнхъæлдæн æмæ кæрты рацу-бацу кæны. 

«Хорунжийы чызг фæткъуы у! — ахъуыды кодта хинымæры Лукашкæ. — Бакомдзынæн, дам, дын. Бакомын диссаг нæу, фæлæ мæ уарзгæ бакæ, уарзгæ!» 

Лукашкæ Назаркæйы Ямкæмæ баййæфта æмæ уыимæ иучысыл абадтысты, нуазгæ дæр акодтой, уæдæ цы, стæй Лукашкæ уырдыгæй Дуняшкæмæ ацыд, æмæ, æндæр ног хæзгултæ кæй скодта, уымæ дæр ын нал æркаст, фæлæ йе ’хсæв уым арвыста. 

 

XIV
 

Оленин æцæг рацу-бацу кодта кæрты, Марьянкæ кулдуарыл куы бахызт, уæд, æмæ афтæ куы загъта: «Уæртæ уыцы хæйрæг, нæ фатеры цæрæг рацу-бацу кæны». Æнæхъæн изæр Оленин Ерошкæимæ арвыста йæ ног фатеры тыргъы. Уатæй æддæмæ фынг, самовар, сæн, судзгæ сойын цырагъ рахæссын кодта æмæ уым цай цымгæйæ æмæ сигар дымгæйæ зæронд лæджы хабæрттæм хъуыста. Зæронд лæг йæ цуры бынæй асины къæхтыл сбадт æмæ афтæмæй ныхас кодта. Дымгæ бон нæ уыд, фæлæ уæддæр цырагъы цырен фæйлауæнтæ кодта алырдæм æмæ-иу куы асины цæджындз, куы фынг, куы авджын дзаумæттæ, куы та-иу зæронд лæджы урс сæр срухс кодта. Æхсæвцæрæг гæлæбутæ ратæх-батæх кодтой сæ базырты рыг калгæйæ, æмæ-иу кæм фынгыл сæхи ныццавтой, кæм-иу агуывзæйы смидæг сты, кæм цырагъы цыреныл сæхи асæрфтой æмæ-иу фæаууон сты тар уæлдæфы, цырагъы рухс кæдæм нæ хæццæ кодта, уым. Оленин æмæ Ерошкæ дыууæйæ фондз авджы сæн анызтой. Ерошкæ-иу агуывзæйы сæн æркодта æмæ, Оленинмæ сидгæйæ, æппынæдзух æвæлмæцгæйæ дзырдта. Ерошкæ йын хъазахъхъы зæронд царды хабæрттæ кодта, стæй йæ бæзæрхыг, домбай фыды кой дæр ракодта, дæс путы чи ласта, ахæм хъæддаг хуыйы мард йе ’ккой куыд хаста æмæ уыцы иу æрбадтæн дыууæ ведрайы сæн куыд нозта. Радзырдта йын йæхи æмæ йæ лымæн Гирчикы хабæрттæ, адæмыл емынæ куы сыстад, уæд-иу уыдон та Терчы фаллаг фарсæй ацы фарсмæ нымæттæ куыд ластой. Раныхас ын кодта, иу райсом цуаны дыууæ саджы куыд амардта. Радзырдта йын йæ уарзон хæзгулы хабар дæр, æхсæвыгон-иу æм йæхи къахæй постмæ куыд цыди. Ерошкæ йын уыцы хабæрттæ, куыд уадзымыс лæг, афтæ дæсны, афтæ рæсугъд дзырдта, æмæ Оленин, рæстæг куыд аивгъуыдта, уый нæ базыдта. 

— Афтæ, ме скæнæг, афтæ, — дзырдта Ерошкæ, — нæ мæ зыдтай, мæ рæстæг куы уыди, уæд, æз дын, хъæлæкк, бирæ цыдæртæ фенын кодтаин. Ныр та ма циу Ерошкæ? Ныр сын Ерошкæ дурын сдæрæг сси, уый йеддæмæ йæ рæстæджы Ерошкæ цы уыд, уый лæппутæ зыдтой, хъæлæкк. Æгас полчъы Ерошкæйæ лæгдæр нæ уыд, йæ ном дæрдтыл хъуыст. Кæмæ уыд бæхты хуыздæр? Чи дардта гурдайы8 конд кард? Кæмæ-иу цыдысты баназынмæ æмæ рæстæг арвитынмæ? Кæй æрвыстой хохмæ Ахмæтханы марынмæ? Æрмæст Ерошкæйы. Уæдæ сын Ерошкæйы йеддæмæ никуы ницы уыд. Кæй уарзтой чызджытæ? Ерошкæйы. Уымæн æмæ лæг уыд, саг лæг, барæг, расыггæнаг, хуыснæг, хохæй-иу æгас бæхы рæгъæуттæ тардтон, зарынмæ та — æниу исчи хæйрæг куы фестадаид, — мæнимæ ничи рахъазыдаид. Иу цыбыр ныхасæй, чердæм мæ фездæхтаис, кардæй уæлдай нæ уыдтæн. Ныр та цæй хъазахъхъаг ис? Нал ис хъазахъхъаг, нал. Сæ бакастæй дæр зæрдæ мæгуыр кæны. Зæххæй уæлæмæ нæ зындзæн (Ерошкæ къухæй зæххæй адылийы бæрц ацамыдта) мæлдзыджы хуызæн, афтæмæй цырыхъхъытæ ссæрфы æмæ йæхимæ куынæг нæ кæсы, цинæй сыл мæлы. Кæннод ныррасыг уыдзæн. Æмæ баназын дæр лæджы хуызæн нæ зонынц, фæлæ куыддæр, куыд зонай, афтæ. Фæлæ æз чи уыдтæн, уый зоныс? Æз Ерошкæ уыдтæн, мæ хæлар, Ерошкæ, хуыснæджытæн сæ тæккæ бынæйласгæтæй. Хъазахъхъы хъæуты мæ афтæ нæ зыдтой, хохы мæ куыд зыдтой. Æлдæрттæ фысым мæнмæ цыдысты. Æз алкæимæ дæр цæрын зыдтон, ce ’ппæтимæ дæр лымæн уыдтæн: тæтæйрагимæ — тæтæйраг, сомихагимæ — сомихаг, салдæттимæ — салдат, афицеримæ — афицер. Мæнæн сæ хъауджыдæр нæ уыд, æрмæст расыггæнаг уæд, уый йеддæмæ. Кæимæ цæрыс, уыдонæй дæхи ссыгъдæг кæн, зæгъгæ, мын дзырдтой: салдæттимæ, дам, ма нуаз, тæтæйрагимæ ма хæр. 

— Чи дын дзырдта афтæ? — афарста йæ Оленин. 

— Чи куы зæгъай, уæд нæ динамонджытæ. Молло кæнæ тæтæры кадимæ-ма байхъус. Уыдон афтæ фæзæгъынц: «Сымах раст дингæнджытæ не стут, джауыртæ стут, хуыйы фыд цæмæн хæрут?» Алкæмæ дæр йæхи æгъдау хорз кæсы. Æз та афтæ зæгъын, æмæ сæ хъауджыдæр нæй. Ce ’ппæты дæр Хуыцау скодта адæймаджы зæрдæрухсдзинады тыххæй. Цæй тæригъæд æмæ цæй æндæр. Сырдтæм-ма бакæс, уыдон махæй дæсныдæр сты. Уыдон тæтæйраг хъамылы дæр цæрынц, махоны дæр цæрынц. Кæм ыл бахсæв уа, уым — йæ хæдзар. Цæуыл фембæла, уый æвдæрзы, лыстæгæй сæ не ’взары. Махонтæ та афтæ дзурынц: уыдæтты тыххæй мæрдты тебæтæ сдæрдзыстæм. Мæнмæ гæсгæ та, уыдæттæ иууылдæр гæдыдзинадыл арæзт сты, — загъта Ерошкæ æмæ фæхъус. 

— Гæдыдзинад та цы хоныс? — афарста йæ Оленин. 

— Мæнæ, динамонджытæ кæй дзурынц, уый. Махмæ, Червленæйы, иу булкъон мæ лымæн уыд. Кæм уыд ахæм саг лæг, мæнæ мæ хуызæн. Цæцæны фæмард, мæгуыр. Афтæ дзураг-иу уыд: «Динамонджытæ мысгæ кæнынц сæхи сæрæй. Куы ныммæлай, уæд дæ уæлмæрдыл кæрдæг æрзайдзæн, æндæр ницы, ууыл хъуыддаг ахицæн уыдзæн», — зæронд лæг ныххудти. — Æхсарджын, саг лæг уыди, æвæдза. 

— Цал азы дыл цæудзæн? — афарста Оленин. 

— Æмæ сын чи цы зоны. Иу-дæс æмæ æртиссæдз мыл цæудзæн, зæгъгæ, зæгъын. Мæнæ сымахмæ ус-паддзах куы уыд, уæд чысыл нал уыдтæн, лæг уыдтæн. Гъеныр банымай, цас мыл цæудзæн, уый. Дæс æмæ æртиссæдзы мыл цæудзæн? 

— Ай-гъай, цæудзæн дыл, афтæмæй ма сæрæн дæ. 

— Цæуылнæ уон, Хуыцауæй разы, æнæниз дæн, хъыгдарæг мæ нæй. Æрмæст мæ мæ хæйрæг æфсин бадомдта, мæ тæригъæд æй баййафа, мæ цард мын фехæлдта. 

— Куыд уый та? 

— Афтæ, фехæлдта. 

— Куы амæлай, уæд кæрдæг æрзайдзæн, и? — йæ ныхас ын ракодта Оленин. 

— Æмæ, уæдæ, цы ’нхъæл уыдтæ? Баназ-ма, цæй, дæ хорз зонд дзы, мыййаг, куынæ сафдзынæ, — фæхъæр кодта Ерошкæ, Оленинмæ сæны нуазæн дæтгæйæ. 

 

XV
 

— Цæй тыххæй дзырдтон, ферох мæ ис, сымахыстæн! — байдыдта та Ерошкæ хъуыдыгæнгæйæ. — Уæдæ æз ахæм лæджы мыггаг дæн, мæ хур, ахæм! Æз цуанон дæн, цуанон. Мæ хуызæн цуанон æгас полчъы дæр нæй! Æз дын алы сырд, алы маргъ ссардзынæн æмæ фенын кæндзынæн. Кæм цы ис, уыдон иууылдæр зонын, æнæсгæрст ран мын нал баззад. Мæнмæ куыдз дæр ис, дыууæ топпы, кæсагахсæн хыз, кобылкæ, уари — алцыдæр мæм ис Хуыцауы фæрцы. Кæд æцæг цуанон дæ æмæ дæхицæй не ’ппæлыс, уæд дын æз цыдæриддæр фенын кæндзынæн. Æз ахæм адæймаг дæн! Иугæр мæ цæст сырды фæд æрцахста, уæд мын амонын нал хъæуы, зонын, цавæр сырд у, уый, зонын, кæм æрхуысдзæн, дон кæм нуаздзæн, кæм сæвдулдзæн, кæм ратул-батул кæндзæн, — уыдæттæ мын хъуыдыгонд сты иууылдæр. Мæхицæн бадæн саразын бæласыл кæнæ æндæр искуы æмæ бадын æхсæв, хъахъхъæнын. Уæдæ хæдзары бад, уый цы пайда у! Ныррасыг уыдзынæ æмæ ма исты тæригъæды дæр бацæудзынæ. Кæнæ устытæ æрбацæудзысты, æмæ сын нæ зоныс сæ сусу-бусу ныхæстæ, кæнæ лæппуты хъæр æмæ ахст; ныммæстджынтæ ма уыдзæн лæг. Фæлтау изæррухсæй афардæг у, дæхицæн дзæбæх бынат равзар, хъамыл дæ быны æрыссæнд, сбад æмæ уыцы бадгæйæ æнхъæлмæ кæс. Хъæды цыдæриддæр æрцæуа, уый æмбарыс, уымæн æмæ йын зоныс йе ’гъдæуттæ. Арвмæ скæс æмæ стъалытæм гæсгæ зоныс, Бонвæрнонмæ ма цас ис, уый. Дæ алфамбылай акæс, æмæ хъæд змæлы, сыр-сыр кæны, æмæ æнхъæлмæ кæсыс: ныртæккæ къæрцц фæцæудзæн, æмæ нæл хуы æрбацæудзæн йæхи æвдулынмæ. Хъусыс лæппын цæргæсты цъист-цъист, сæ фæдыл уасджыты уасын кæнæ хъазты хъæр хъæуы мидæг. Хъазтæ æмбисæхсæвы онг фæхъæр кæнынц, афтæ y ce ’гъдау. Уыдæттæ иууылдæр зонын, амонын мын сæ нæ хъæуы. Науыйнæй, искуы дард топпы хъæр фæцыд, æмæ зæрдæ алырдæм адзуры. Ахъуыды кæныс: уый чи фехстаид, цымæ? Кæд, мыййаг, хъазахъхъаг, мæнæ мæнау, сырдмæ бабадт æмæ йæ кæд нæ амардта, фæлæ йæ æрмæст æрдæгдзæф фæкодта, — уæд афардæг уыдзæн, мæгуырæг, хъамылы мидæг, дзæгъæлы туг калгæйæ. Нæ уарзын! Уымæй æвзæрдæр мæм ницы кæсы! Цæмæн фæсахъат кодта сырды уыцы æдылы, ард йæ хæдзары бацæуа! Кæннод хинымæры ахъуыды кæныс: «Кæд цæцæйнаг абырæг æвзонг æдылы лæппу-хъазахъхъаджы амардта». Уыдæттæ-йедтимæ зæрдæ æнæ адзургæ кæм вæййы. Уæд дын иухатт доны был бадын; кæсын, æмæ дын уæлæ дон иу авдæн раласы. Бынтон æнæхъæн, æрмæст йæ иу кæрон саст. Уый та кæй уа, цымæ? Мæхинымæры ахъуыды кодтон: æвæццæгæн та уыцы Хуыцауæй æлгъыстытæ, сымах салдæттæ, цæцæнæй уацайрæгтæ — устыты — рахастой, сывæллоны иу цъаммар амардтаид: йæ къæхтыл ын фæхæцыдаид æмæ йæ къулыл ныффæртт ластаид. Афтæ, ома, нæ бакæндзысты, зæгъыс? Дурзæрдæ, æнахъинон адæм сты, цы сæ хоныс, цы нæ бакæндзысты, ахæм сын нæй! Уыцы хъуыдытæ мæ сæры абадтысты, æмæ мæ зæрдæ суынгæг, срыст, æмæ йын тæригъæд кæнын байдыдтон. Хъуыды кодтон: авдæн аппæрстой, усы ахастой, хæдзар басыгътой, фæлæ сахъ лæппу топп райста æмæ ацы фарсмæ, махырдæм стæры рацыд. Афтæмæй бадыс æмæ æдзух хъуыдытæ кæныс. Куыддæр бамбарай, — рухсы æрдонг æрбабырсы, — афтæ мидæгæй зæрдæ скафы. У, мардзæ, фестыйнæгтæ, ацырдæм, ацырдæм! Æрмæст тæрсыс: уыцы фыдæбоны смаг бамбæрстой, уæд сыл дæ цæст дæр нал фæхæцдзæн. Бадыс, змæлæны мыггаг нæй, зæрдæ мидæгæй — гуыпп-гуыпп-гуыпп! — лæджы афтæ хæрдмæ æппары. Ауалдзæджы иу стыр æрдонг æрбацыд, йæ сау æндæрг фæзынд. «Фыд æмæ фырты...» — зæгъгæ, сæм топп фæцарæзтон. Гъеныр фехсон, зæгъгæ, афтæ мад чи у, уый уыциу хуыррытт фæкодта йæ хъыбылтыл: «Туг ныл æруарыд, сывæллæттæ, уæртæ лæг бады!» — æмæ цæстыфæныкъуылдмæ къудзиты ’хсæн къæрццытæгæнгæ фæцыдæр сты. Мæ хæсгæмардыл, гъе, зæгъгæ, загътон, мæ иу цонг хауд куы уыдаид, æмæ уæ æрмæст иу къæпмæ куы æрбаййæфтаин! Афтæ йæ дæндагæй бахордтаин фыр мæстæй дзæргъы. 

— Æмæ дзæргъ куыд æгъдауæй загъта йæ хъыбылтæн, уæртæ лæг бады, зæгъгæ? — афарста йæ Оленин. 

— Уæдæ куыд æнхъæл уыдтæ? Афтæ æнхъæлдтай, æмæ æдылы y сырд? Уый дæ фæсонæрхæджы дæр ма уæд; лæгæй æмбаргæдæр у, йæ ном хуы кæй хуыйны, уымæ йын ма кæс. Æмбаргæ алцыдæр кæны. Дзырдæн зæгъæм: адæймаг сырды фæд фены æмæ ницы бамбары, фæлæ дын хуы дæ фæд куы ссара, уæд фæфутт кæны æмæ атымыгъ ласы, йæхи бафснайы. Уый уымæ цæуы, æмæ йæм зонд ис: ды дæхи смаг не ’мбарыс, уый дын æй æмбары. Ды йæ марынмæ хъавыс, уый та хъæды удæгасæй хæтын фæнды. Дæумæ ахæм æгъдау ис, уымæ та æндæр æгъдау. Уый хуы у, фæлæ уæддæр дæуæй фыддæр нæу. Уый дæр Хуыцау куы скодта. Гъе-уæууæй-уæууæй! Æдылы куы y адæймаг, æдылы, хæрз æдылы, — загъта зæронд лæг иукъорд хатты уыцы ныхас, йæ сæр дæлæмæ æруагъта æмæ хъуыдытыл фæци. 

Оленин дæр сагъæсы бацыд, тыргъæй дæлæмæ æрхызт, йæ къухтæ йæ фæсонтыл сæвæрдта æмæ æнæдзургæйæ кæрты дыууæрдæм рацу-бацу кæнын байдыдта. 

Ерошкæ куы æрномыл, уæд йæ сæр фæхъил кодта æмæ æдзынæг кæсын байдыдта, цырагъы сæрмæ ратæх-батæх чи кодта æмæ цыреныл йæхи чи цавта, уыцы æхсæвцæрæг гæлæбутæм. 

— Æдылы къоппа! Æдылы къоппа! — дзырдта Ерошкæ. — Кæдæм тæхыс, кæд де сæфт не ’рцыд, уæд. Мæнæ фæлхæрстытæ! — Ерошкæ сыстад æмæ йæ къухы ставд æнгуылдзтæй гæлæбуты сурын байдыдта, куы басудзой, уый тæссæй. 

— Басудздзынæ, фæлхæрст, мæнæ ацырдæм ратæх, бынат дзы чысыл куы нæ ис, — дзырдта Ерошкæ фæлмæн, рæвдауæн хъæлæсæй æмæ сæ æнæбахъыгдаргæйæ арæхстгай йе ставд æнгуылдзтæй ахста сæ базыртæй, стæй-иу сæ суагъта. — Дæхæдæг дæхи сафыс, æз та ма дын тæригъæд кæнын. 

Ерошкæ бирæ фæбадт йæхинымæры цыдæртæ дыгъалдыгъулгæнгæ æмæ авджы хъуырæй нозта. Оленин та кæрты дыууæрдæм рацу-бацу кодта. Æвиппайды йæ хъусыл æрцыд, цыма кулдуары æдде чидæртæ сусæгæй ныхас кодтой, уыйау, æмæ дисы бацыд. Йæ улæфт æвæндонæй фæурæдта, æмæ йæм дзæбæх фехъуыст сылгоймаджы худын, лæджы хъæлæс æмæ байы уынæр. Барæй, йæ къæхтæй кæрдæджытыл сæрсæргæнгæ, кæртæй йæ иу кæронæй иннæмæ ацыд. Чысыл фæстæдæр къæрццытæ фæцыд. Хъазахъхъаг, тарбын цухъхъа æмæ урс уæлдзарм худы мидæг, каурæбынты сивгъуыдта, бæрзонд сылгоймаг та урс кæлмæрзæны мидæг Оленины фæрсты æрбаселф ласта. «Мæн демæ, дæу та мемæ ницы хъуыддаг ис», — цыма йын Марьянæйы ныфсджын цыды ахаст афтæ загъта, уыйау æм фæзынд. Оленин хæдзары къæсæры онг чызджы фæстæ уыцы кæсгæйæ баззад, стæй мидæгæй хæдзары йæ кæлмæрзæн сæрæй куыд систа æмæ тъахтиныл куыд æрбадт, уый дæр ма йæ цæст ацахста. Оленин æвиппайды æрæнкъард, сагъæсы æмæ мæты бацыд, йæ зæрдæ байдзаг, дзæбæх кæй нæ ахста, фæлæ суынæнхъæл кæмæн уыд, ахæм зæрдæвæндон хъуыдытæй æмæ хæлæгдзинæдтæй. 

Рухс никæцæйуал цыд. Хъæу æрсабыр, иу уынæр никæцæйуал хъуыст. Каутæ уæд, кæрты мидæг зына-нæзына урс чи дардта, уыцы хъомвос уæд, хæдзæртты сæртæ, рæхснæг хъал гæдыбæлæстæ уæд — ce ’ппæт дæр цыма тарф, æнæниз, куыствæллад фыны мидæг уыдысты, афтæ зынд. Æрмæст ма цъыфдзастæй хæфсыты æнæбанцайгæ зæлланггæнаг уасын дардмæ хъуыстис. Хурыскæсæны ’рдыгæй стъалытæ мынæггæнгæ цыдысты æмæ цыма сæууон рухсы тадысты, уый хуызæн зынд. Комкоммæ арвæн йæ бæрæгастæу арфдæр æмæ арæхдæр уыдысты. Зæронд лæгыл хуыссæг тыхджын кæнын байдыдта, йæ сæр йæ быцæу æмæ æвæрд къухтыл æруагъта æмæ арæдзæ-мæдзæ кодта. Уынгæн йæ фаллаг фарсæй уасджыты уасын фехъуыст. Лæппу-фæсивæды зарæг йæ хъусыл æрцыд. Оленин каумæ йæхи хæстæг баласта æмæ зæрдиагæй хъусын байдыдта. Лæппутæ хъæлдзæг зарæг кодтой, æмæ дзы иуы хъæлæс бæлвырд бæрæгдæр хъуыст. 

— Чи зары, уый зоныс? — загъта зæронд лæг, куы æрыхъал, уæд. — Уый сахъ Лукашкæ у. Айфыццаг цæцæйнаджы дæр куы амардта. Ныр цин кæны. Фæлæ дзы цы циндзинад ис, уый æз не ’мбарын. Æдылы у, мæгуыр йæ бон, æдылы! 

— Ды дæр искуы лæг амардтай? — афарста йæ Оленин. 

Зæронд лæг йæ рæмбыныкъæдзтæй йæхи систа æмæ Оленины цæсгоммæ йæхи бахæстæг кодта. 

— Хуырым! — фæхъæр ыл кодта зæронд лæг. — Цæмæй мæ фæрсы? Исчи ма ахæм ныхæстæ кæны! Дæхи æмбойны æрбайсафдзынæ, уый зон. Де ’хсæв дæхи фæндиаг, ме скæнæг, нозтджын, хæрдджын, хъæстаг ницæмæй дæн, — загъта зæронд лæг стгæ-стын. — Райсом цуаны цæудзыстæм? Уæд æрбацæуон. 

— Æрбацу. 

— Хъусыс, раджы-иу сыст. Афойнадыл куы нæ сыстай, уæд ивар бафыстай, уый зон. 

— Ma мын тæрс уымæй, дæуæй фæраздæр уыдзынæн, — загъта Оленин. 

Зæронд лæг рацыд. Зарын никæцæйуал хъуыст. Къæхты хъæр æмæ хъæлдзæг ныхас йæ хъусыл æрцыд. Иу цъусдуг рацыдаид, афтæ та дардæй зарын ссыд, æмæ Ерошкæйы тыхджын хъæлæс бафтыд фыццаг хъæлæстыл: «Адон цавæр адæмы мыггаг сты, æмæ чердыгон цард y сæ цард!» — ахъуыды кодта Оленин, дæлиауæй ныуулæфыд æмæ иунæгæй йæ уатмæ бацыд. 

 

XVI
 

Ерошкæ царди зыбыты иунæгæй. Уый уыд, паддзахы куыстæй бынтондæр чи схицæн, ахæм хъазахъхъаг. Йæ ус ссæдз азы размæ чырыстон дин райста, стæй кæйдæр фæдыл алыгъд æмæ иу уырыссаг фельдфебель мой скодта. Зæнæг ын нæ уыд. Зæронд заманы йæ рæстæджы æгас хъæуы мидæг уый хуызæн саг лæг нæ уыд, фæлæ, йæхи койгæнгæйæ, уыцы æгъдауæй æппæлаг нæ уыд. Йæ рагон сагдзинады тыххæй æнæхъæн полчъы мидæг номдзыд уыд, æмæ йæ уыйадыл æнæзонгæ ничи уыд. Иу æмæ дыууæ нæ, фæлæ къорд удгоймаджы тæригъæды бацыд цæцæнæй дæр æмæ уырысæй дæр. Стæры хохмæ цыд, фæлæ уырысыл дæр нæ ауæрста: давта сын сæ фос æмæ дыууæ хатты ахæстоны дæр ныддаудта. Йæ царды бонтæ фылдæр æрвыста цуаны, хъæды мидæг. Бон-сауизæрмæ-иу хъæды афтид дзулы къæбæры æвджид баззад æмæ-иу доны йеддæмæ йæ дзыхмæ ницы схастаид. Фæлæ-иу хъæумæ бафтгæйæ нозтыл фæци, бафсис ын нæ уыд æмæ-иу бон изæрмæ гъæйтт кодта. Оленинæй сæхимæ куы æрцыд, уæд иу-дыууæ сахаты афынæй, стæй сæударæй фехъал æмæ йæ хуыссæны мидæг йæ ног зонгæйы тыххæй хъуыдытæ кодта. Оленин йæ зæрдæмæ тынг бацыд, сæрыстыр, зынæрвæссон кæй нæ уыд, уыйадыл (сæн арæхæй кæй лæвæрдта, уымæн æм афтæ фæзынд). Йæхинымæры дис кодта, ацы уырыс æнæзынæрвæссон æмæ хъæздыг цæмæн сты, стæй цæмæн афтæ у, цымæ, ce ’ппæт дæр ахуыргонд уæвгæйæ æмбаргæ ницы кæнынц. Уыдæттæ-йедтыл хъуыдыгæнгæйæ, Оленинæй цы ратонон, цы рафæлгъауон, уыимæ йæ зæрдæ дзырдта. Хъазахъхъы устытæ, сæ ахуырмæ гæсгæ, сыгъдæгдзинады кой тынг кодтой; Ерошкæйы уат та тынг æнæфснайд æмæ чъизи уыд, дзауматæ алыран дæрæн-хæрæнæй лæууыдысты. Стъолы уæлæ лæууыдысты тугæйдзаг куырæт æмæ дзулы æрдæг, сæ фарсмæ — лæгуын, æрдæгхæрд дзæгъындзæджы мард, йæ уарийы холы. Тъахтиныл пырхæй лæууыдысты æрчъиаг къогъозитæ, топп, хъама, хызын, хуылыдз дзауматæ æмæ пысултæ-йедтæ. Хæдзары къуымы тъæпæнæджы, смаггæнаг доны мидæг, удæстысты æндæр æрчъиаг къогъозитæ. Зæххы, фæйнæгбын уаты, лæууыдысты кæсагахсæн хыз æмæ цалдæр карчы марды. Стъолмæ æввахс йæ иу къахæй баст хъæддаг карк рацу-бацу кодта æмæ цыдæртæ уидзгæйæ йæ бырынкъæй фæйнæджытæ къуырцц-къуырцц кодта. Уазал пецы хуылфы саст хъæдын къусы мидæг цыдæр æхсырхуыз тæнгъæд уыд. Пецы сæр цъиусур бадт æмæ цъиуцъиугæнгæ йæ синаг атоныныл æвзæрста. Йæ цуры пецы, къулы былыл, бадт лæгуын уари æмæ-иу зулаив хъæддаг каркмæ бакаст кæнæ-иу рахизфарсырдæм йæ къубал къæлæтау сыздыхта. Ерошкæ йæхæдæг къул æмæ пецы ’хсæн йæ цыбыр сынтæгыл уæлгоммæ хуыссыд афтид хæдоны мидæг æмæ, йæ къæхтæ хæрдмæ пецыл æвæрдæй, афтæмæй йе ставд æнгуылдзтæй йæ мызгъуыр къухты хæлмæгтæ къахта. Уарийы йæ къухыл æнæ æрмкъухæй хаста, æмæ йын сæ уыйадыл ныцъцъæррæмыгъдтытæ кодта. 

Уаты мидæг, уæлдайдæр зæронд лæгæн йæхимæ ’ввахс, уæлдæфы ахъардта, чи никуы дзы цух кодта, ахæм тыхджын, фæлæ куыддæр æвзæрæмхæццæ смаг. 

— Бынаты дæ, нæхион? — фехъуыст рудзынгæй цъæхснаг хъæлæсы хъæр. Ерошкæйæн цы базонын хъуыд хъæлæсмæ гæсгæ йæ сыхаг Лукайы. 

— Мæнæ дæн, мæнæ! Мидæмæ рацу! — рахъæр кодта мидæгæй зæронд. — Кæцæй фæдæ сæумæдæвдæгæй? Постмæ цæуын сфæнд кодтай, æвæццæгæн? 

Уари фæпæррæст ласта, йæ базыртæ сцагъта æмæ йæ бæттæн аивæзтытæ кодта. 

Зæронд лæг Лукашкæйы хъулон уарзт кодта, лæппу-фæсивæдæй æрмæст иунæг уымæ каст дзæбæх цæстæй. Лукашкæ æмæ йæ мад, куыд сыхæгтæ, дзæбæх уыдысты Ерошкæйæн, йæ бахъуаджы сахат-иу æм æнæ фæкæсгæ нæ лæууыдысты, цæмæй хъуаг уыд, уымæй, æмæ йын-иу кæм сæн, кæм хъаймагъ барвыстой. Ерошкæ йæ царды мидæг кæддæриддæр йæ зæрдæйы фæдыл цыд æмæ уымæ гæсгæ алцæмæ дæр пайдайы цæстæй каст. «Æмæ цы? Цæрæг адæм сты, — зæгъгæ-иу дзырдта йæхинымæры Ерошкæ. — Æз сын кæм ныхас, кæм æндæр исты авæрын, уыдон дæр мæ, гæдыныхас, нæ рох кæнынц, — куы гуыл, куы сойыфых мын æрбарвитынц хаттæй-хатт». 

— Алыбон æгас цу, Марка! Æхсызгон мын y дæ уынд, — æмæ Ерошкæ лæппулæгау цырд йæ къæхтæ зæхмæ æрæппæрста, фæтæррæст ласта, иу-дыууæ къахдзæфы фæйнæгбын уаты акодта, йæ зылын къæхтæм æркаст æмæ йæм худæг смидæг, йæ бæгъæввад зæвæттæй дыууæ къуырды æркодта æмæ æнахуыр зылд ныккодта. — Куыд дæм кæсын, мæ лымæн, и? — афарста Лукайы, йæ гыццыл цæстытæй æрттивгæйæ. (Лукашкæ йæ мидбылты бахудт.) — Постмæ цæуыны уынаффæ дæм ис, æвæццæгæн? — афарста зæронд. 

— Мæнæ дын иучысыл сæн æрбахастон, айфыццаг дын посты зæрдæ куы бавæрдтон. 

— Уæ, Чырыстийы арфæ дыл сæмбæла! — загъта зæронд лæг æмæ зæххæй, къæхты бын чи лæууыд, уыцы халат æмæ куырæт систа, йæ уæлæ сæ акодта, рон æрбабаста йæ астæуыл, саст къусæй йæ къухтыл дон æркодта, зæронд хæлафыл сæ асæрфта, сæрвасæны састæй йæ зачъетæ адаудта æмæ Лукайы раз алæууыд. — Æз цæттæ дæн! — загъта Ерошкæ. 

Лукашкæ куыси райста, йæ къухтæй йæ асæрфта, сæнæй йæ байдзаг кодта, бандоныл æрбадт æмæ нуазæн Ерошкæмæ бахаста. 

— Цæй, дæ цæрæнбон мын бирæ уæд! — загъта зæронд лæг æмæ, цыма стыр хъуыддаджы бацыд, уый ист ракодта нуазæн. — Дæ зæрдæ цыдæриддæр зæгъы, уый дæ къухы бафтæд, саг лæг у, крест бакус! 

Лукашкæ дæр ракуывта, сæнæй ацахуыста æмæ йæ стъолыл æрæвæрдта. Зæронд лæг йæ бынатæй сыстад. Хус кæсаг æрбахаста, дуары къæсæрыл æй æрæвæрдта, лæдзæгæй йæ æрхоста фæлмæндæры тыххæй, йæ мызгъуыр хæлмагджын къухтæй йæ йæ иунæг цъæх тæбæгъы æрæвæрдта æмæ йæ стъолмæ бахаста. 

— Хъуаг ницæмæй дæн, алцыдæр мæм ис, цы ацаходæм, уый дæр, Хуыцауы фæрцы, — загъта зæронд лæг, йæхиуыл чи фервæссыд, ахæм сæрыстыр, хъалдзырдгæнæг лæджы æгъдауæй. — Мосевимæ та цы бадæ?— афарста йæ зæронд. 

Лукашкæ радзырдта, урядник ын йæ топп куыд байста, уый, æвæццæгæн æй ракъахынмæ хъавыд, кæддæра зæронд лæг цы зæгъид, зæгъгæ. 

— Топпыл дæ къух ауигъ, суæлдай йæ кæн, — загъта зæронд лæг, — топп куы нæ радтай — хæрзиуæг нæ райсдзынæ. 

— Цæй хæрзиуæг ратдзысты лæппулæгæн, паддзахы службæйы чи нæма бацыд, уымæн. Топпæй та ахæм никуы уыд, хъыримаг, аст туманы аргъ. 

— Ныккуыйты йæ уадз, дæ фыдыстæн. Æз дæр ма афтæ фæерыс дæн ницæй тыххæй сотникимæ — кæд мын куырдта мæ бæх. Æри, дам, дæ бæх, æмæ дæ афицермæ бавдисдзынæн. Æз ын уæддæр нæ радтон æмæ ницæмæй баззадтæн. 

— Мардæрцыд у, бæх æлхæнын мæ кæй хъæуы. Куыд дзурынц, афтæмæй донæн фаллаг фарс бæх фондз туманæй асламдæр кæсынмæ дæр ничи ратдзæн. Мæ мад нырма сæн дæр нæма ауæй кодта. 

— Гъе-уæууæй, гъе! Уæдæ уыдæттæ мах хъуыды дæр нæ кодтам, — загъта зæронд лæг. — Æз дæ карæн куы уыдтæн, уæд Ногъайæ æнæхъæн рæгъæуттæ тардтон æмæ-иу Терчы фале бæх арахъхъы авгыл кæнæ нымæтыл æрбауæй кодтон. 

— Афтæ аслам сæ цæмæн лæвæрдтай? 

— Æдылы куы дæ, Лука, æдылы! — загъта былысчъилгæнгæйæ зæронд лæг. — Нæ уыд æндæр амал: хуыснæг лæгыл мæрддзæст нæ фидауы, давгæ дæр уымæн кæны. Сымах, æвæццæгæн, бæхрæгъæуттæ куыд тæрынц, уый уæ цæстæй дæр никуы федтаиккат. Цы ныхъхъус дæ, мæ лымæн? 

— Æмæ цы зæгъон, уæдæ? Æвæццæгæн, сымах хуызæн адæм не стæм. 

— Куы дын амардаин — ницы æмбарут, мæгуыр уæ бон, ницы! Сымах хуызæн адæм, дам, не стæм,— загъта зæронд лæг, лæппу хъазахъхъаджы фæзмгæйæ. — Дæ карæнæй æз ахæм хъазахъхъаг нæ уыдтæн. 

— Уæдæ цы бачындæуа? — афарста Лукашкæ. 

Зæронд лæг былысчъилтæгæнгæ йæ сæр банкъуыста. 

— Ерошкæ, мæ хæлар, парахат лæг уыд, уый зон; фæстæмæ ницæуыл хæцыд, ницæуыл ауæрста. Æгас цæцæны мыггаг мемæ хæлар уымæн уыдысты. Мæ лымæнтæй мæм-иу исчи куы фæзынд, уæд-иу æй арахъхъæй хорз федтон, барæвдыдтон-иу æй, мæ цуры-иу æй схуыссын кодтон; йæхимæ-иу ын куы цыдтæн, уæд-иу ын исты лæвар мемæ ахастон. Лæг чи у, уый афтæтæ фæкæны, мæ лымæн, афтæтæ. Уый йеддæмæ ныр куыдтæ æмæ цытæ кæнынц, уый ницы у. Ныры лæппутæ хи ирхæфсынæн хуыздæр куыстæн уый ссардтой, æмæ æхсынæнтæ къæрццытæ кæнынц æмæ сын сæ цъæрттæ тутæ кæнынц, — загъта лæг былысчъилтæгæнгæ æмæ, лæппу-хъазахъхъ æхсынæнтæ куыд æхсынынц æмæ сын сæ цъæрттæ куыд тутæ кæнынц, уый фæзмын байдыдта. 

— Уый зонын æз дæр, — загъта Лукашкæ. — Уымæй раст зæгъыс! 

— Саг лæг уай, уый дæ куы фæнда, уæд музуккаджы хуызæн ма у, фæлæ дæм ныфс æмæ сахъдзинад уæд. Уый йеддæмæ бæх балхæнын диссаг нæу; бæх музуккаг дæр балхæндзæн — æхца акалдзæн æмæ бæх райсдзæн. 

Сæ дыууæ дæр исдуг ныхъхъус сты. 

— Хъæуы дæр æмæ посты дæр, адæймаджы зæрдæ цæмæй барухс уа, ахæмæй дзы ницы ис. Лæг йæхи кæм равдиса, кæм аиваза, ахæм ран дæр нæй. Дзырдæн, Назаркæйы райсæм. Айфыццаг цæцæйнаг хъæуы уыдыстæм. Гирей-хан нæ Ногъаймæ бæхтæ тæрынмæ хуыдта. Уый бахъуыды кæн, æмæ ничи акуымдта. Æз дæр ма иунæгæй цы бакодтаин? 

— Уæд æз цы ми кæнын? Мæ гæрзтæ æрæвæрдтон, ома? Уый æнхъæл ма у. Нырма мæ зæрдæ мæ мидæг ис, уый зон. Æри-ма уæдæ бæх, кæддæра ныртæккæ Ногъайы нæ балæууин. 

— Дзæгъæл ныхас ницæмæн у, — загъта Лука. — Фæлæ Гирейханимæ цы бакæнон, уый-ма мын зæгъ. Афтæ зæгъы, бæхтæ Теркмæ æрбахæццæ кæ, уый фæстæ сæ мæ бар уадз, æнæхъæн рæгъауæн дæр, дам, бынат скæндзынæн. Нæ зонын, фæлæ уыцы гæмæхсæрыл дæр куыд баууæндыдæуа. 

— Гирей-хан æнæсайд лæг у, баууæндæн ыл ис. Уыцы мыггаг ce ’ппæт дæр хорз сты. Йæ фыд мæ хорз хæлар уыд. Мæнмæ хъус æрмæст. Æз дæ æвзæрдзинадыл нæ сардаудзынæн. Ам ын куы бахæрын кæнай, уæд ыл дæ зæрдæ дар, йæ ард нæ фæсайдзæн. Фæлæ уæддæр, цы вæййы, куыд вæййы, цы нæ æрцæуы, æмæ йемæ цæугæйæ фæндагыл стырзæрдæ ма у, сайд дыл æрцæудзæн, дамбаца цæттæ дар, уæлдайдæр бæхтæ уарынмæ куы æрцæуат, уæд. Иухатт мæ афтæмæй иу цæцæйнаг, чысыл ма бахъæуа, фæцæймардта. Æз дзы бæхæн туман куырдтон. Æууæндгæ кæ, фæлæ æнæ топпæй хуыссæнмæ дæхи ма ’руадз. 

Лукашкæ зæрдиагæй хъуыста зæронд лæгмæ. 

— Уæд йед та... — зæгъгæ, загъта Лукашкæ. — Афтæ фехъуыстон, халæнгæрдæг дæм ис, зæгъгæ. 

— Халæнгæрдæг мæм нæй, фæлæ дын æй амонгæ бакæндзынæн, цæй, цы дын чындæуа, уæдæ, дзæбæх лæппу дæ, гæдыныхас циу, — зæронды дæр нæ рох кæныс, æрхъуыды йæ кæныс. Бацамонон дын æй, уæдæ? 

— Куы мын бацамонис, хъæлæкк! 

— Уæртджын хæфс зоныс? Дæлимонтæй y уый дæр. 

— Зонын. Уый та чи нæ зоны! 

— Цæвиттоны хъуыддагæй, баздæх æмæ уæртджын хæфсы ахстон ссар æмæ йын йæ алфамбылай кау æрбий, мидæмæ йын бацæуæн куыд нал уа, афтæ. Уый æрбацæудзæн æмæ йæ алыварс æрзилæнтæ кæндзæн, стæй фæстæмæ афардæг уыдзæн, халæнгæрдæг ссардзæн, æрбахæсдзæн æй æмæ кау фехалдзæн. Дыккаг бон райсом сæударæй уым балæуу. Кæс, æмæ кау хæлд кæм разына, раст гъеуыцы ран зæххы халæнгæрдæг лæудзæн. Сис æй æмæ йæ демæ хæсс, кæдæм дæ фæнда, уырдæм. Цæй гуыдыр æмæ цæй дуарæхгæнæн, — дæ цæстæй дæр сæ нал фендзынæ. 

— Дæхæдæг дæр æй бавзæрстаис? 

— Нæ, мæхæдæг æй, гæдыныхас, нæ бавзæрстон, фæлæ йæ зондджын адæм дзырдтой. Мæнмæ æрмæст уыцы иу хос уыд: æз, гъа ныр бæхыл сбадон, зæгъгæ, афтæ-иу загътон: «Æгас цæут». Куыд мæ уыныс, ничи мæ амардта, цардæгас дæн. 

— Уагæр цавæр «æгас цæут» у? 

— Æмæ йæ нæ зоныс? Æ, мæгуыр уæ бон, гъе, сымах дæр дзы адæм стут. Зæрондæн йæ фындз амæрз æмæ йæ зондæй бафæрс. Мæн-иу афæрс, мæн. Хъус, уæдæ, мæ фæдыл дзур: 

 

Æгас цæут, Сионы цæрджытæ. 

Ай дæ паддзах у. 

Max сбаддзыстæм бæхтыл. 

Сафоние хъæрæй дзырдта, 

Захарие ныхас кодта. 

Нæ фыд Мандрыче — 

Адæймаджы æнусмæ уарзæг. 

 

— Æнусмæ, æнусмæ уарзæг, — дыккаг хатт та загъта зæронд лæг. — Бамбæрстай? Цæй-ма, уæдæ йæ зæгъ! 

Лукашкæ бахудти. 

— Æмæ дæ уый тыххæй, мыййаг, нæ амардæуыд? Уый та кæй бауырндзæн. 

— Æгæр æмбаргæ стут. Сахуыр æй кæ йегас дæр æмæ йæ радзур. Уымæй дæ ницы сæфы, ницы дыл æрцæудзæн. Азардзынæ «Мандрыче» æмæ æнæфсæрм уыдзынæ. — Зæронд лæг йæхæдæг ныххудти. — Фæлæ уæддæр, Лука, Ногъаймæ ма сфæнд кæ! Цæй тыххæй, уый зоныс? 

— Цæй тыххæй? 

— Цæй тыххæй куы зæгъай, уæд ахæм рæстæг нал у, сымах дæр фыццаджы адæмæй не стут. Ницæйаг хъазахъхъ сты ныры хъазахъхъ. Уырыс дæр стыхджын сты. Ахæстоны бахауынæй дæр æдас нæу. Æцæг зæгъын, ма сфæнд кæн. Сымах аккаг хъуыддаг нæу. Æз æмæ Гирчик фыццаг заманы-иу куы... 

Æмæ зæронд лæг йе ’нæкæрон хабæрттæ радзурынмæ хъавыд, фæлæ Лукашкæ рудзынгмæ фæкаст. 

— Бон æрбацъæх, — зæгъгæ, фæкодта Лука æмæ йын йæ ныхас фæлыг кодта. — Афон у, байрæджы мын ис, абæрæг-иу нæ кæ искуы. 

— Чырысти де ’мбал, æз дæр салдæтты хицаумæ цæуын: зæрдæ йын бавæрдтон, цуаны дæ ахондзынæн, зæгъгæ. Куыд æм кæсын, афтæмæй дзæбæх адæймаг чи у, ахæм у. 

 

XVII
 

Ерошкæтæй Лукашкæ сæхимæ бацыд. Сæ хæдзармæ куы бахæццæ, уæд уымæл сæлфгæ мигъ зæххæй йæхиуыл схæцыд æмæ хъæуыл æрбадт. Уый агъоммæ хъомвос нæ зындысты мигъæй, ныр алырдыгæй змæлын байдыдтой. Уасджытæ арæхдæр æмæ тынгдæр кæрæдзимæ уасыдысты. Уæлдæф рæсугъддæр, сыгъдæгдæр кодта, æмæ адæм стын байдыдтой. Мигъ сæлфынæгау кодта. Лука сæхимæ куы бахæццæ, уæд ауыдта сæ уымæл кау, сæ бацæуæн асин æмæ гом дуар. Кæрты, сугтæ сæтгæйæ, хъуысти фæрæты хъæр мигъы мидæг. Лукашкæ уатмæ бацыд. Йæ мад сыстад æмæ пецы уæлхъус лæугæйæ пецы хуылфмæ сугтæ калдта. Сынтæджы хуыссыд æвзонг чызг — йæ хо. 

— Дæ мондæгтæ та суагътай? Хорз та фæралли-балли кодтай, — загъта сабыргай йæ мад. — Кæм та уыдтæ дысон-бонмæ? 

— Хъæуы уыдтæн, — æвæндонæй йын радта дзуапп фырт, йæ топп агъудæй сласта æмæ йæ рауын-бауын кодта. 

Мад йæ сæр батылдта. 

Лукашкæ топпы хъусы топпыхос ныккодта, дзæкъул райста, йæ бæрцагъудтæй иукъорд афтид бæрцы сласта, алы бæрцы дæр æхстбæрц топпыхос ныккодта æмæ сын сæ дзыхтæ æнгом ахгæдта пысулты мидæг тыхт нæмгуытæй. Иннæ бæрцытæн дæр дæндагæй сæ пысултæ сласта, æркасти сæм æмæ фæстæмæ дзæкъул йæ бынаты æрæвæрдта. 

— Нана, афтæ дын куы загътон, бæхы хызын бампъуз, зæгъгæ. Бампъызтай йæ æви нæ? — загъта лæппу. 

— О, дысон къуытты цыдæртæ æмпъызта. Æмæ дæ постмæ дæ цæуынафон æрхæццæ? Куыд тагъд, нырма дæм дзæбæх кæсгæ дæр куы нæ бакодтон? 

— Мæхи куыддæр арæвдз кæнон, афтæ цæуын хъæуы, — загъта Лукашкæ, дзæкъулы ком бæтгæйæ. — Къуытты та кæм ис? Æддæмæ искæдæм ацыд? 

— Æвæццæгæн, сугтæ сæтты. Дæ мæтæй батад, æдзух дæ кой кæны. Йæхи нал æвдисы, æппын ыл мæ цæст нал хæцы, зæгъгæ, зæгъы дæуæй. Йæ къухæй йæ цæсгом ацамоны, стæй йæ æнгом йæ зæрдæйыл авæры, ома, дæуæй афтæ: «Тæригъæд ын кæнын». Бадзурон æм? Куыд дæ фæнды? Абырæджы марды хабар дæр бамбæрста. 

— Бадзур, — загъта Лукашкæ. — Дæ разы ма мын уым иу сæрдæны мур аззад, демæ-иу æй рахæсс, — мæ кард байсæрдинаг у. 

Зæронд ус æддæмæ рауад, æмæ иукъорд минуты фæстæ хъинцгæнаг асиныл хæдзармæ æрбацыд Лукашкæйæн йæ къуытты хо. Хо æфсымæрæй æхсæз азы хистæр уыд, бакастæй, раст йе ’фсымæры æнгæсæн уыдаид, ивддзаг фæцадаиккой, цæвиттон, къуыттытæн ce ’гъдаумæ гæсгæ йæ цæсгомы хатт къуымых æмæ фæливаг куы нæ уыдаид, уæд. Йæ уæлæ уыд дæрдджын, æмпъызтытæ хæдон, йæ къæхтæ бæгъæввад æмæ цъыфæйдзаг, сæрыл — дæрдджын цъæх сæрбæттæн. Бæрзæй, къухтæ æмæ цæсгом нуарджын, раст музуккаг лæгæн куыд вæййынц, афтæ. Бæрæг уыд, йæ дарæсæй дæр æмæ æнæуый алцæмæй дæр куыствæлтæрд кæй уыд æмæ лæджы уæззау куыст кæй кодта, уый. Чызг йæ хъæбысыдзаг сугтæ æрбахаста æмæ сæ пецы раз æркалдта. Стæй æфсымæрмæ цингæнгæйæ бацыд æмæ йын худгæйæ (йæ цæсгом кæмæй нынцъылдтæ, ахæм худтæй) йе уæхскыл йæ къух авæрдта æмæ къухæй, цæсгомæй, буары змæлдæй йемæ ныхæстæ кæнын байдыдта. 

— Хорз, хорз, сахъ чызг дæ, Степкæ! — дзуапп ын лæвæрдта æфсымæр йæ сæрæй кувгæйæ. — Алцыдæр бавæрдтай, барæвдз кодтай, бафснайдтай, саг чызг дæ, дæу хуызæн кæм ис. Гъа, мæнæ дын лæвар! — зæгъгæ, йæ дзыппæй дыууæ пряниччы систа æмæ сæ чызгæн радта. 

Къуыттыйæн йæ цæсгом фæсырх æмæ фыр цинæй куыддæр æнахуыр хъæртæ байдыдта. Пряниччытæм фæлæбурдта. Ноджы рогдæр дзурын байдыдта нысæнттæй æмæ йæ къухæй, арæх иуварсырдæм амонгæйæ, йæ хистæр æнгуылдз цæсгомыл æрхаста æмæ-иу æрфгуытæ адаудта. Лукашкæйæн цы бамбарын хъуыд, кæй кой йын кодта, уый, æмæ йæ мидбылты худгæйæ, йæ сæрæй «о» кодта. Къуытты æфсымæрæн дзырдта: чызджытæн адджинæгтæ арæхдæр куыд æлхæна, чызджытæ йæ бирæ уарзынц, æмæ чызджыты хуыздæр Марьянкæйы зæрдæмæ дæр цæуы. Марьянкæйы койгæнгæйæ йæ къухæй уыдоны ’рдæм амыдта: йæ къух-иу йæ риуыл авæрдта æмæ йын-иу аба кодта. Мад фæстæмæ хæдзармæ æрбаздæхт æмæ, къуыттыйы ныхæстæ куы бамбæрста, уæд йæхинымæры бахудт æмæ йæ сæр батылдта. Къуытты йын йæ пряниччытæ равдыста æмæ та фыр цинæй хъыллистытæ кæнын райдыдта. 

— Айфыццаг Улитæйæн дзырдтон, минæвæрттæ дæм æрвитдзынæн, зæгъгæ, — загъта мад. — Мæ ныхæстæн уæлдай ницы загъта, цыма йæм дзæбæх фæкастысты. 

Лукашкæ æнæдзургæйæ йæ мадмæ бакаст. 

— Ныр куыд, нана? Сæн ласын хъæудзæн. Бæх балхæнын хъæуы. 

— Йæ афон куы ’рцæуа, уæд аласдзынæн. Боцкъаты кой уал бакæнон, — загъта зæронд ус, фæлæ фырт хæдзары уынаффæйы йæ дзырд кæй æппæрста, уый йæ зæрдæмæ нæ цыд, нæ йæ фæндыд. — Куы цæуай, уæд дæ разы тыргъы голлаг демæ ахæсс. Æфстæутты бацыдтæн дæу тыххæй, бавæрдтон дын сæ. Хордзенты дын сæ сæвæрин? 

— Куыд дæ фæнды, афтæ, — загъта Лукашкæ. — Гирей-хан, мыййаг, куы фæзына, уæд-иу æй постмæ сардау, кæннод мæ ныр тагъд нал суæгъд кæндзысты. Хъуыддаг мæ ис йемæ. 

Лукашкæ йæхи рæвдз кæныныл фæци. 

— Хорз, хорз, Лукашкæ, арвитдзынæн æй. Дысон-бонмæ та Ямкæмæ уыдаиккат, æвæццæгæн? Æмбисæхсæв хъом абæрæг кæнынмæ рацыдтæн, æмæ цыма уырдыгæй дæ хъæлæс хъуыст, афтæ мæм фæзынд. 

Лукашкæ йæм фæстæмæ ницы сдзырдта, тыргъмæ рацыд, хордзентæ йе ’ккой баппæрста, йæ фæдджитæ йæ сины асагъта æмæ къæсæрыл слæууыд. 

— Хæрзбон у, мæ мад, — загъта лæппу мадæн йæ фæдыл дуар ссонгæйæ. — Назаркæимæ мын уыцы боцкъа æнæ рарвитгæ ма фæу — лæппутæн зæрдæ бавæрдтон, ауылты æрбауайдзæн. 

— Чырыстийы фæдзæхст у, Лукашкæ! Стыр Хуыцауы уазæг! Ног æнæвнæлд боцкъайæ дын арвитдзынæн, дæ зæрдæ ма ’хсайæд, — загъта зæронд ус, йæ фæдыл цæугæйæ. — Байхъус мæм, — бафтыдта ма зæронд ус, кауыл йæ риуæй æнцойгæнгæйæ æмæ кауы сæрты кæсгæйæ. 

Хъазахъхъаг фæлæууыд. 

— Ам иучысыл дæ фæллад суагътай, дæхи аирхæфстай, æмæ цы кæны, хорз y уый! Лæппу-адæймагæн æнæ афтæ кæнæн дæр кæм ис? Хуыцауæй дæр уæдæ хъæстаг ницæмæй дæ, хорз дын баххуыс кодта, амонд дын радта. Уый дæр хорз у. Фæлæ дарддæр стырзæрдæ ма у, дæхи хъахъхъæ! Уæлдай тынгдæр дын уый фæдзæхсын: хицауы зæрдæ æлхæн, нæй гæнæн æнæ афтæ, уый зон. Æз сæн ауæй кæндзынæн æмæ дын æхца бæхы аргъ бавæрдзынæн, стæй дын ус дæр ракурдзынæн. 

— Хорз, хорз! — дзырдта йæм фæстæмæ фырт æрфгуыты бынæй. 

Къуытты дæр æм фæсте адзырдта, — йæхимæ йæ кæсын кодта. 

Сæр æмæ къух ацамыдта — ома, даст сæр, цæцæйнаг. Стæй йæ цæстытæ фæтар кодта æмæ, цыма истæмæ хъавгæ кæны, афтæ йæ къухтæ ацарæзта æмæ хъæртæ кæнын систа йæ сæр тилгæйæ. Уыцы митæй æмбарын кодта, иу цæцæйнаг ма цæмæй амардтаид Лукашкæ, уый. 

Лукашкæ йæ бамбæрста, бахудти æмæ цырд, рог къахдзæфтæгæнгæ æмæ нымæты бын топпы къæдзыл хæцгæйæ фæаууон тар мигъы мидæг. 

Зæронд ус æнцад-æнцойæ, æнæдзургæйæ кулдуары цур алæууыд, стæй фæстæмæ хæдзармæ æрбаздæхт æмæ йæ куысты уæлхъус æрлæууыд. 

 

XVIII
 

Лукашкæ постмæ афардæг, Ерошкæ дæр уыцы сахат куыйтæм фехситт кодта, стæй кауы сæрты ахызт, фæсвæдты Оленины фатермæ бацыд (цæвиттоны хъуыддагæй, цуаны цæугæйæ устытæй йе сæфт уыдта, нæ сæ уарзта, фыдæмбæлæг сæ хуыдта). Оленин ма хуысгæ кодта. Ванюшæ райхъал, фæлæ йæ хуыссæнæй нæма сыстад æмæ алырдæм ракæсбакæсгæнгæйæ хъуыды кодта, сыстын афон y æви нæ, афтæ Ерошкæ дæр, топп йе ’фцæджы, цуанонарæзтæй, дуар байгом кодта. 

— Лæдзджытæ! Мæнæ нæминаг адæм, — фæхъæр кодта Ерошкæ йæ бæзджын хъæлæсæй. — Фæдис! Цæцæн æрбафсæрстой! Иван! Баринæн самовар æвæргæ. Ды та уæлæмæ сыст! Цырд у! — фæхъæр кодта зæронд. — Махмæ афтæ кæнынц, хорз лæг! Уæртæ ма чызджытæ дæр куы сыстадысты. Рудзынгæй-ма дæ цæст адар, уыныс! Донмæ фæцæуынц, ды та ма хуысгæ кæныс. 

Оленин фехъал æмæ фæгæпп ласта. Цыма сног, уыйау бахъæлдзæг зæронды æрбацыдæй æмæ йæ хъæлæсы зæллангæй. 

— Цырд, мардзæ фæуинаг! Цырд y дын куы зæгъын, Ванюшæ! — фæхъæр та кодта зæронд. — Цуаны афтæ фæцыдæуы? Адæм кæд æмæ кæд сыстадысты, аходæн хæрын афон куы у, ды та ма хуысгæ кæныс. Лям! Кæдæм, кæ, дæ бындар дæ счындæуа! — фæхъæр кодта куыдзыл. — Дæ топп рæвдз y æви нæ? — хъæр кодта зæронд, цыма уаты дуне адæм гуылфæнтæ кодтой, уыйау. 

— Мæ аххос у, раст зæгъгæйæ, сæттын ыл, фæлæ, цæй, цы бакæнон. Топпыхос, Ванюшæ! Пысултæ! — бадзырдта Оленин. 

— Иван! — хъæр кодта зæронд. 

— Дю те вулеву?9 — загъта Ванюшæ францусагау, йæ мидбылты худгæйæ. 

— Ды махæй нæ дæ! Хæйрæджыты æвзагæй дзурыс, дæлгоммæгæсæг! — фæхъæр ыл кодта зæронд, йæ дæндæгты бындзæфхæдтæ зыхъхъыргæнгæйæ. 

— Фыццаг хатт мын хатыр фæуæд, — загъта Оленин хъазгæмхасæн йæ дынджыр цырыхъхъытæ кæнгæйæ. 

— Цæй, цы дын бачындæуа, фæуæд хатыр фыццаг хаттæн, фæлæ дыккаг хатт афойнадыл нæ сыстадтæ, уæд мын цы ’нхъæл дæ, хъаст мæ-иу ма ракæ, сæны ведра бафиддзынæ. Куыддæр хур зæхх батава, афтæ саг гандзайы хай бауыдзæн, йæ дымгæ дæр ын нал фендзынæ. 

— Æниу æй куы баййафай, уæд цы бакæнинаг дæ? Махæй зондджындæр куы у, — загъта Оленин, зæронд лæгæн йæ дысоны ныхæстæ фæзмгæйæ,— нæ йæ фæсайдзынæ! 

— Худæгæй мыл мæл! Маргæ уал исты акæ, стæй уый фæстæ ныхас кæн. Цæй, цырддæр у! Кæсыс, уæртæ дæм хæдзары хицау дæр æрбацæуы, — загъта Ерошкæ рудзынгæй æддæмæ кæсгæйæ. — Уыныс, йæхи куыд ацарæзта, ног цухъхъа акодта. Дæ цæстмæ афтæ кæны: афицер кæй у, уый дын зонын кæны. Уæвгæ, æвæдза, адæм худæг сты, худæг! 

Æмæ, æцæг, Ванюшæ æрбацыд æмæ загъта, хæдзары хицауы фæнды барины фенын. 

— Ларжан10,— загъта Ванюшæ, арф хъуыдыгæнгæйæ. Рагагъоммæ йын æмбарын кодта Оленинæн хорунжийы æрбацыды хабар. Уымæн йæ хæд фæстæ хорунжий йæхæдæг уаты æрбалæууыд, афицеры пъагæттæ йе уæхсчытыл, ног цухъхъа æмæ сыгъдæг цырыхъхъыты (хъазахъхъ цырыхъхъытæ арæх нæ дардтой), худæндзастæй, узгæ æрбацыд æмæ сын бæрæгбоны арфæтæ ракодта. 

Хорунжий, Илья Васильевич, уыди ахуыргонд адæмыл нымад, Уæрæсейы чи ахатти, ахæм, скъолайы ахуыргæнæг, уыимæ ма ноджы уæздæттæй. Афицер уæвгæйæ, йæхиуыл фервæссыд, йæхи сæрыстыр дард кодта, уæзданæй йæхи æвдыста, аивдзинæдтыл йæхи хъардта ныхасæй дæр æмæ æнæуый алцæмæй дæр. Фæлæ уæддæр бæрæг уыд, хуымæтæджы хъазахъхъаг кæй уыд, уый, цыбыр ныхасæй, дæлвæд-уæлвæд — Ерошкæ. Афтæ кæй уыд, уый бæрæг уыд йæ хурсыгъд цæсгомæй дæр, йæ къухтæй дæр æмæ йæ сырх фындзæй дæр. Оленин æй сбадын кодта. 

— Æгас нæм цу, нæ фыд Илья Васильевич! — загъта Ерошкæ уæлæмæ стгæйæ æмæ ныллæг кувгæйæ, æмæ, Оленинмæ куыд фæзынд, афтæмæй хынджылæггæнæгау. 

— Бирæ цæрай, Ерошкæ! Ды дæр та ам куы дæ, сæрæн? — дзуапп ын радта хорунжий æмæ йын æнæбарыгомау йæ сæрæй акуывта. 

Хорунжий уыд иу-дыууиссæдзаздзыд адæймаг, урсæмхæццæ, куыд дæлæмæ, цыргъарæзт зачъетимæ, къæсхуыр, нарæг, лыстæгарæзт рæсугъд лæг æмæ йæ азтæй лæппудæрхуыз. Оленинмæ куы бацыд, уæд, хуымæтæджы хъазахъхъыл æй куы банымайа, уымæй тæрсгæйæ, йæхи хуыздæрæй бавдисынмæ хъавыд. 

— Ай Мысыры бæстæйы11 Нимврод12 у, (Нимврод Египетский), зæгъгæ, загъта хорунжий Ерошкæйы тыххæй худæнбылæй, йæхицæй разыйæ — ома, мах дæр уыйбæрц æгуыдзæг не стæм, нæ, цыдæртæ зонæм. — Хицæутты раз хи дарынмæ ахæм никуы ис. Чердæм æй фездахай, — йæхицæн æмбал нæй, кардæй уæлдай нæу. Уый бамбарын дæхицæн саккаг кодтаис? 

Ерошкæ йæ хуылыдз къогъодзиджын къухтæм каст æмæ сагъæсгæнгæйæ йæ сæр тылдта, цыма хорунжийы дæсныдзинад, арф зонд æмæ стыр ахуыргонддзинадыл дис кодта, уыйау, æмæ хинымæры дзырдта: «Нимрод гицкий! Æвæдза, цы нæ æрхъуыды кæндзæн, ахæм ын нæй!» 

— Цуаны ауайынвæнд кæнæм, — загъта Оленин. 

— Цæмæйдæриддæр хъуыддагæй афтæ y æцæгдзинадæй, — сдзырдта хорунжий,— Мæн демæ иу чысылгомау хъуыддаггонд ис. 

— Цы зæгъинаг дæ? Чи йæ сæххæст кæндзæн, уый æз. 

— Ды уæздан лæг кæм дæ, — байдыдта хорунжий, — æз дæр мæхи куыд æмбарын æмæ, цæвиттоны хъуыддагæй, мæнмæ дæр афицеры æгъдау кæм ис, уым, æвæццæгæн, куыдфæстæмæ кæрæдзи бабардзыстæм, уæздан адæмæн куыд æмбæлы, афтæ. (Хорунжий исдуг фæхъус æмæ йæ мидбылты худгæйæ зæронд лæг æмæ Оленинмæ бакаст). Фæлæ дæ кæд фæнды, æз куыд уон, афтæмæй, уымæн æмæ мæ ус нæ мыггаджы æдылы сылгоймаг y æмæ ацы сахат дзæбæх нæ бамбæрста дæ дысоны ныхæстæ. Уый тыххæй, æмæ нæ фатер полчъы адъютантæн лæвæрд уыд æнæ скъæтæй æхсæз сомыл, фæлæ лæвар æз кæддæриддæр, куыд уæздан лæг, мæхицæй асурдзынæн. Фæлæ дæу кæм фæнды, уым æз, афицеры æгъдау мæм кæм ис, уым сæрмагонд демæ алцæуыл дæр сразы уыдзынæн æмæ не ’гъдауы фæдыл нæ, фæлæ амы бæсты цæрæг кæй дæн, алдæмæй дæр не ’хсæн цы ’гъдæуттæ уа, уыдон сæххæст кæнинаг дæн... 

— Дзæбæх сыгъдæгæй йæ куы аскъæрдтай, лымæн. Дзурынмæ та, — æниу, искæмæн йæ мæрдтæ дæр ма куы æрцæуиккой, — сбæр-бæр кодта зæронд лæг Ерошкæ. 

Хорунжий ма уыцы æгъдауæй бирæ фæныхæстæ кодта. Уыцы ныхæстæй Оленин стыр зынæй бамбæрста хорунжийы фæндондзинад: фатерæн мæй æхсæз сомы кæй агуры, уый. Оленин æнæ иу уæлдай ныхасæй сразы ис æмæ дзы куырдта, иу цайы агуывзæ куыд саккаг кодтаид, афтæ. Хорунжий нæ бакуымдта. 

— Не ’нæзонд, æдылы æгъдаумæ гæсгæ, — загъта хорунжий, — мах тæригъæды хуызæн нымайæм искæй агуывзæйæ цай бацымын. Æз, куыд ахуыргонд лæг, хъуамæ æмбарон уыдæттæ, фæлæ мæ къай адæймаджы лæмæгъдзинæдтæм гæсгæ... 

— Уæдæ саккаг кæндзынæ иу цайы агуывзæ? 

— Кæд мын бар дæттыс, уæд æз мæхи агуывзæ æрбахæсдзынæн, сæрмагонд мын у, — загъта хорунжий æмæ æддæмæ рауад. — Агуывзæ-ма радав! — бахъæр кодта хорунжий сæхимæ. 

Иукъорд минуты фæстæ дуар байгом, æмæ уырдыгæй æрбазынд æвзонг сылгоймаджы хурсыгъд къух розæхуыз хæдоны дысы мидæг агуывзæимæ. Хорунжий бацыд, агуывзæ райста æмæ чызгимæ сусæгæй цыдæртæ адзырдта. Оленин хорунжийæн цай æркодта йæхи сæрмагонд агуывзæйы, Ерошкæйæн та хуымæтæг агуывзæйы. 

— Æгæр уæ фæстиат кæнын, — загъта хорунжий æмæ йæ былтæ судзгæйæ йæ цайы агуывзæ ацымдта. — Æз дæр тынг уарзын кæсаг ахсын. Ныртæккæ мæ куыстæй уæгъдгонд кæй дæн, ам дæр уый тыххæй дæн. Мæн дæр фæнды мæ амонд бавзарын, кæд мæн дæр Терчы лæвæрттæй иу мæ хай фæуид. Мæ зæрдæ дарын, ды дæр мæ искуы бабæрæг кæндзынæ «фæйнæ» баназынмæ нæ хъæуы æгъдаумæ гæсгæ,— бафтыдта ма фæстагмæ хорунжий. 

Хорунжий Оленинæн хæрзбон загъта, йæ къух ын райста æмæ рацыд. Цалынмæ Оленин йæхи рæвдзытæ кодта, уалынмæ хъуыста хорунжийы барджын хъæлæс, хæдзары бинонтæн уынаффæгæнгæйæ. Иукъорд минуты фæстæ Оленин ауыдта хорунжийы рудзынджы бынты фæцæйцæугæ, йæ хæлафы къæхтæ уæлæмæ фæлдæхтæй бацæвитты онг, скъуыдтæ куырæт йæ уæлæ, кæсагахсæн хыз йе ’ккой, афтæмæй. 

— Дæлгоммæгæсæг, фæлитой! — загъта Ерошкæ, йæ цай иумæйаг агуывзæйæ цымд куы фæци, уæд. — Ныр ын æцæг фидынвæнд кæныс æхсæз сомы? Искуы ма уый æрцыд? Хуыздæр уат нал ныууадздзынæ, ахæм дыууæ сомæй баххуырсдзынæ. Ахæм хин æмæ кæлæн никуы уыдзæн. Æз дын уæртæ мæ уат æртæ сомыл дæттын. 

— Нæй, ракæ-бакæйæ ницыуал, ам баззайдзынæн, — загъта Оленин. 

— Æхсæз сомы! Æвæццæгæн дæм æрра æхцатæ бирæ ис? Мæнæ царциатæ! — загъта зæронд лæг. — Иван, сæн-ма рахæсс! 

Сæ цæуынмæ ’ввахс Оленин зæронд лæгимæ хорз банызтой, бахордтой, стæй райсомæй аст сахаты уыдаид, афтæ æддæмæ, уынгмæ рацыдысты. 

Кулдуары цур хæрхæмбæлд фесты ифтыгъд уæрдонимæ. Йæ цæсгом цæстыты онг урс кæлмæрзæнæй тыхт, цыбыр куырæт æмæ хæдоны мидæг, йæ къæхтыл цырыхъхъытæ, йæ къухы даргъ рæхснæг уис æмæ сæрбос, афтæмæй Марьянæ разæй галты сæрыл хæцыд. 

— Мæ зæды хай, — сдзырдта зæронд æмæ йæм, цыма фæлæбурынмæ хъавыд, афтæ йæхи фæкодта. 

Марьянæ уис дард фæхаста æмæ йæм февзыста, стæй сæ дыууæмæ дæр йæ рæсугъд цæстытæй хъæлдзæгæй бакаст. 

Оленин ноджы тынгдæр бахъæлдзæг. 

— Цæй, цом, нæ фæндаг дарæм! — загъта Оленин йæ топп йе ’фцæджы æфтаугæйæ æмæ чызджы цæстæнгас æмбаргæйæ. 

— Гъæ! Гъæст! — фæзыланг кодта сæ фæстæ Марьянæйы хъæлæс, æмæ уæрдоны хъинц-хъинц ссыд. 

Цалынмæ фæндаг фæсвæдты, хъæугæрæтты хизæнтыл цыд, уалынмæ Ерошкæ йæ ныхасæй нæ банцад. Хорунжий йæ сæрæй нæ цух кодта, æлгъыста, фаудта йæ. 

— Цæмæ гæсгæ йæм афтæ изгард дæ? — афарста зæронды Оленин. 

— Мæрддзæст у! Хæлиу къухæй дзы дон не ’ртæдздзæн. Нæ уарзын ахæмты, — загъта зæронд лæг,— Куыдзы мард ныккæндзæн, æмæ йын дзæгъæл баззайдзысты. Кæмæн мын æмбырд кæны? Дыууæ хæдзары скодта. Дыккаг цæхæрадон йе ’фсымæрæй байста. Гæххæтт ныффыссынмæ ахæм кæм ис, хъæбæр дæсны у, ничи йыл фæтыхджындæр уыдзæн! Иннæ хъæутæй дæр уымæ цæуынц гæххæтт скæнынмæ. Куыддæриддæр ныффысса, афтæ йын æнæ рауайгæ нæй. Амонын ын нæ хъæуы. Фæлæ мын кæмæн кæны бынтæ? Дæлæмæ дæр æмæ уæлæмæ дæр — иунæг лæппу æмæ иунæг чызг. Моймæ йæ куы радта, уæд ма дзы чи баззайдзæн? 

— Æвæццæгæн, чызгæн йемæ исты раттынмæ хъавы æмæ кæд уый тыххæй æмбырд кæны, — загъта Оленин. 

— Цытæ мын дзурыс, цы? Ахæм нæу. Чызджы курджытæ ис, хорз чызг у, гæдыныхас, дау æм нæй. Фæлæ хæйрæгимæ чи бафидаудзæн, зындзырд у. Æрмæст æй хъæздыг хæдзармæ дæттынвæнд кæны, ирæд бирæ кæмæй рафæлгъауа, ахæммæ. Лука мæ сыхаг æмæ ме ’фсымæры лæппу у, хъазахъхъаг у, æцæг, фæлæ сагдæр адæймагæн скæнæн дæр ма нæй, æрæджы цæцæйнаджы чи амардта, уый. Рагæй йыл дзуры, фæлæ йын æй нæ дæттынц. Рафсон-бафсон кæнынц: æвзонг чызг, дам, y зæгъынц, афон ын нæмаутæ-йедтæ. Фæлæ мидæгæй мæ зæрдæйы хуылфы цы ис, уый нын амонын нæ хъæуы, ахæмтæ бамбараг дæн. Цæвиттон, сæхицæн лæгъстæ агурынц. Уæддæр йæ фæстаг Лукашкæмæ цæуы, уымæй йын аирвæзæн нæй. Цæй тыххæй, зæгъгæ, мæ куы бафæрсай, уæд уый хуызæн хъазахъхъаг нæ хъæуы мидæг нæй, йæ разы ничи æрбалæудзæн, саг лæг у, абырæджы амардта, крест ын рацæудзæн. 

— Уæд уый та цы уыдаид, цымæ? Дысон æз кæрты куы рацу-бацу кодтон, уæд хæдзары хицауы чызг цавæрдæр хъазахъхъагимæ батæ кодта, — загъта Оленин. 

— Хынджылæг-ма ма кæ, — фæхъæр кодта зæронд лæг. 

— Мæ фыдыстæн! Æцæг зæгъын, æцæг. Хъазын æнхъæл мын ма у. 

— Сылгоймаг хæйрæджы мыггагæй у, æууæнк ыл нæй, — хъуыдыгæнгæйæ загъта Ерошкæ.— Цыхуызæн уыд хъазахъхъаг? 

— Цыхуызæн уыд, уый нæ равзæрстон. 

— Цавæр худ ыл уыд? Урс, мыййаг? 

— Æнхъæлдæн. 

— Сырх цухъхъайы мидæг? Асæй дæумæ гæсгæ, нæ? 

— Нæ, мæнæй бæрзонддæр. 

— Уæдæ уый уыдаид. — Ерошкæ зæрдиагæй ныххудти. — Уый та уыд, уый, мæ Лука. Æз æй Маркæ хонын Лукашкæйы, буцдæрæн, хъазгæйæ. Уый уыд, æнæмæнгæй. Уарзын ахæмты. Мæхæдæг дæр афтæ уыдтæн, мæ хæлар. Кæсын сæм нæ хъæуы. Цы нæ кодтон мæ лæппуйæ, æвæдза! Мæ зæрдиаг, мæ уарзон иу йæ мад æмæ йæ чындзимæ хуыссыд, афтæмæй-иу сæм балæстæн. Маринаг та куыннæ уыдтæн, уæвгæйæ. Сæ хæдзар бæрзонд уыд. Мад — сылбирæгъ, хæйрæг. Мæнæй йе сæфт уыдта. Мæ хæлар, Гирчик æй хуыдтой, уыимæ сæм-иу бацыдыстæм. Æз-иу Гирчикы уæхскыл слæууыдтæн æмæ-иу рудзынг байгом кодтон. Чызг кæддæриддæр рудзынджы цур хуыссыд, æмæ-иу æй мæ къухæй асгæрстон. Кæддæр æй афтæмæй фехъал кодтон. Мæн нæ базыдта æмæ фæхъæр кодта, чи дæ, зæгъгæ. Мæнæн та, ахъуыды-ма кæ, дзурæн нæ уыд. Мад хуыссæны мидæг базмæлыд. Æз мæ худ фелвæстон æмæ йæ чызджы дзыхы атъыстон. Худы былтæм гæсгæ мæ уайтагъд базыдта. Æддæмæ расæррæтт ласта. Хъæугæ нæ ницы кодта, фæлæ уæддæр хъаймагъ уæд, сæнæфсир уæд, — цынæ-иу хаста. Уыцы иунæг мын, мыййаг, куы нæ уыд. Бирæ мын уыд ахæмтæ. Цы рæстæг, цы цард нын уыд, æвæдза! 

— Æмæ ныр цы кæны? 

— Ныр уал куыдзы фæдыл цом. Хъæддаг уасæджы стæхын кæндзыстæм, æмæ, бæласыл куы абада, уæд æхсыны кой кæ. 

— Уый дæр афтæ уæд, фæлæ цымæ Марьянæ къухы ницы æгъдауæй бафтид? Авзарис? 

— Куыйты ’рдæм дæ цæст дар. Изæры фендзыстæм, — загъта зæронд æмæ къухæй йæ уарзон куыдз Лямы ’рдæм ацамыдта. 

Исдуг фæхъус сты. 

Иу-фондзыссæдз санчъехы, ныхæстæгæнгæйæ, ацыдаиккой, афтæ зæронд лæг фæлæууыд. Фæндагыл цæхгæрмæ иу уис лæууыд, æмæ йæ Ерошкæ уымæ æркæсын кодта. 

— Куыд æнхъæл дæ ды? — загъта Ерошкæ. — Ома, уый ницы у, зæгъыс? Нæ, мæ бон. Ацы лæдзæгæн йæ лæуды æгъдау хорз нæу, уый зон. 

— Цæмæй нæу хорз? 

Ерошкæ бахудти. 

— Куы дын амардаин! Куыд дæм кæсын, афтæмæй исты æмбарыс. Мæнмæ байхъус. Лæдзæг афтæ куы лæууа фæндагыл, уæд йæ сæрты макуы ахиз, фæлæ-иу иуварсырдæм азил, на уый нæй, — сис æй æмæ йæ фæсвæндагмæ аппар æмæ бакув: «Фыдæн, фыртæн æмæ сыгъдæг удæн» æмæ дарддæр дæ фæндаг дар. Ницыуал тас дын y уæд, уый зон. Афтæ мын амыдтой зæронд лæгтæ. 

— Уый ницы y! Уыдæттæ-ма ныууадз, фæлæ-ма мын Марьянæйы хабæрттæ ракæн. Куыд æнхъæл дæ, Лукашкæимæ хæты, цымæ. 

— С-с! Дæ дзыхыл хæц, — сабырæй загъта зæронд лæг æмæ йын йæ ныхас фæлыг кодта. — Ардæм хъус. Мæнæ афтæ хъæдыл ацæудзыстæм. 

Æмæ зæронд лæг сабыр, арæхстгай санчъехтæгæнгæйæ разæй араст нарæг къахвæндагыл. Фæндаг цыд бæзджын, чи срухс, ахæм тар хъæдмæ. Ерошкæ иукъорд хатты мæстыхуызæй, йæ цæсгом æнцъылдтæгæнгæйæ фæстæмæ Оленинмæ фæкаст, цæугæйæ сæр-сæр æмæ дынджыр цырыхъытæй къæрццытæ кæй кодта æмæ йæ топп бæлæсты цæнгтыл кæй хафта, уый тыххæй. 

— Сабыр хил, дæхимæ кæс, салдат, — мæстыйæ сабырæй дзырдта Ерошкæ. 

Уæлдæфы бæрæг уыд, хур кæй скаст, уый. Мигъ йæхи алырдæм исын байдыдта, фæлæ ма уæддæр бæлæсты цъуппытæ æмбæрзта. Хъæд тынг бæрзонд зынд. Бæстæ алы къахдзæфæн дæр йæхи æндæр хуызы æвдыста. Дардæй кæсгæйæ бæлас æнхъæл кæмæн уыдаис, уый-иу къудзи разынд. Хъæз бæласы хуызæн зынд. 

 

XIX
 

Мигъ сæлфынæгау кодта æмæ фæндаг уымæлгæнгæйæ каурæбынты кæрдæгыл æртæх æвæрдта, стæй йæхи уæлæмæ исын байдыдта, хæдзæртты хъамылæй æмбæрзт хуылыдз сæртæ гомгæнгæйæ. Фæздæг алырдыгæй ердотæй уæлæмæ зыгъгъуытт ласта. Адæм хъæуæй æддæмæ цыдысты, — чи куыстмæ, чи донмæ, чи постмæ. Цуанонтæ цыдысты фæрсæй-фæрстæм уымæл, кæрдæгджын фæндагыл. Куыйтæ сæ фæрсты згъордтой сæ къæдзилтæ тилгæйæ æмæ фæстæмæ сæ хицæуттæм фæкæсфæкæсгæнгæйæ. Æнæнымæц къогъотæ уæлдæфы зилдухгæнгæйæ цуанонты фæстæ тахтысты æмæ сын сæ фæсонтыл, сæ цæстытыл æмæ къухтыл бадтысты. Кæрдæджы æмæ хъæды уымæлы смаг цыд. Оленин æдзух фæстæмæ фæкæс-фæкæс кодта Марьянæйы уæрдонмæ æмæ, уисæй галтæ куыд дардта, уымæ. 

Бæстæ уыд æдзæм. Раздæр, хъæутæй цуанонтæм цы хъæртæ хъуыст, уыдон ныр нал хъуыстысты. Æрмæст ма куыйтæ мæнæ-мæнæ кодтой какæтты æхсæнæй, æмæ-иу искуы-иу хатт цъиуты уасын ссыд куыйты рæйынмæ. Оленин æмбæрста, хъæд абырæгыстон кæй у, æмæ хъæды мидæг æдас кæй нæу, уый. Хъæды мидæг фистæг цæуæг адæймагæн топп йе стыр ныфс, йæ хъахъхъæнæг кæй у, уый дæр æнæ зонгæ нæ уыд. Тæрсгæ, мыййаг, нæ кодта, фæлæ уæддæр йæ зæрдæ æмбæрста, йæ бынаты æндæр исчи куы уыдаид, уæд уый стыр тасы мидæг кæй бацыдаид, уый. Уымæ гæсгæ зæрдиагæй æдзынæг каст, мигъ кæм бадти, уыцы уымæл хъæдмæ, æнувыдæй хъуыста алы чысыл змæлдмæ, алы къæрцмæ; йæ топп иу къухæй иннæмæ райс-байс кодта, æмæ йæ зæрдæ, кæй никуыма бавзæрста, ахæм ног æгъдау, ахæм циндзинад æндæвта. Ерошкæ разæй цыд æмæ-иу сырды æмхæццæ фæд цы кулы кæнæ цъыфдзасты цур ауыдта, уым-иу фæлæууыд æмæ-иу æм лыстæг каст Оленинæн æй æвдисгæйæ. 

Ерошкæ ныхас нæ кодта, æрмæст-иу сусæгæй искуы иу хатт исты ацамыдта. Цы фæндагыл цыдысты, уый кæддæр уæрдонвæндаг уыд, фæлæ йыл цæуæг нал уыд, æмæ йыл кæрдæг фæхæцыд. Фæндагæн дыууæрдыгæй цы тæрс æмæ сывылдз хъæд уыд, уый афтæ бæзджын, афтæ цъыхыры сси, æмæ дзы адæймаг йæ развæндаг нæ уыдта — разæй ницы зынд. Алы бæласыл дæр, искуы иу йеддæмæ, хъæддаг сæнæфсир стыхст суанг йæ бынæй йæ сæрмæ. Бæлæсты бын зад бæзджын сау какон. Алы гыццыл æрдузы дæр алæсæн нæ уыд дзедырæг æмæ фæныкхуыз цокораджын хъамылæй. Ранæй-рæтты сырдты стыр фæндæгтæ æмæ кæрчыты, хуынчъыты хуызæн, лыстæг фæндæгтæ здæхтысты стыр фæндагæй хъæдмæ. Ахæм хъал цæугæ, æнæхæрд, ставд хъæд, фосы къах кæм никуыма æрлæууыд, Оленин йæ цæргæ-цæрæнбонты никуы федта æмæ йыл дисæй марди. Уыцы хъæд, тасдзинад, зæронд лæг йæ сусæгдзинæдтæй дзаг сабыр ныхæстимæ, Марьянæ йæ ныфсджын, гуырвидауц сурæтимæ æмæ хæхтæ, — уыдон иууылдæр цыма йæ фыны уыдта, афтæ зынд Оленинмæ. 

— Хъæддаг уасæг бæласыл абадт, — фæстæмæ кæсгæйæ сабырæй загъта зæронд лæг æмæ йæ худ йæ ныхыл авæрдта. — Дæ дзыхыл хæц — хъæддаг уасæг, — мæстыйæ Олениныл йæ къух ауыгъта, йæхæдæг дарддæр йæ цыппæртыл абырыд. — Адæймаджы дзыхæй ce сæфт уынынц. 

Оленин фæсте аззад: зæронд лæг ныллæууыд æмæ бæласмæ ракæс-бакæс байдыдта. Куыдз бынæй уæлæмæ рæйдта, æмæ йæм уасæг бæласæй фæхъихъхъ кодта. Оленин уасæджы ауыдта. Уыцы сахат Ерошкæйы топпы хъæр фæцыд, сармадзаны гæрахы хуызæн. Уасæг стахт йæ бумбулитæ калгæйæ æмæ зæхмæ æрхауд. Оленин зæронд лæджы ’рдæм куыд фæцæйцыд, афтæ дыккаг стахти. Оленин топп фелвæста æмæ, уыцы тæхгæ-тæхын æрмидаргæйæ ныхъхъавыди æмæ йæ фехста. Уасæг фатау фæхауд, стæй, бæласы цæнгтыл йæхи хойгæйæ, зæххы абадт. 

— Дæ рынтæ мæ гуыбыны! — загъта зæронд лæг, тæхгæ-тæхын æхсын нæ зыдта æмæ йæм дзæбæхау фæкаст. Уасджыты систой æмæ дарддæр араст сты. 

Оленинæн уыцы раппæлдæй йæ зæрдæ барухс, бахъæлдзæг æмæ зæронд лæгимæ арæхдæр ныхас кæнын байдыдта. 

— Фæлæуу! Ацырдæм цом, — йæ ныхас ын цæхгæр фæлыг кодта зæронд, — знон ам саджы фæд федтон. 

Хъæдæн йæ пыхсбынмæ фæзылдысты æмæ иу-æртæфондзыссæдз къахдзæфы куы акодтой, уæд иу æрдузмæ бафтыдысты. Æрдуз ранæй-рæтты цъымарабын уыд, æмæ дзы хъæз зад. Оленин зæронд лæджы фæстæ баззад. Ерошкæ иу-ссæдз санчъехы бæрц раздæр уыд, æргуыбыр кодта æмæ Оленинмæ йæ сæрæй æмæ йæ къухæй тилын байдыдта. Оленин куы бахæццæ, уæд ын Ерошкæ къухæй лæджы фæд ацамыдта. 

— Уыныс? 

— Уынын, æмæ ды? — загъта Оленид æмæ, цыма нæ фæтарст, уыйау йæхи зæрдæджын дард кодта. — Адæймаджы фæд у. 

Оленинæн æваст æвæндонæй йæ зæрдыл æрбалæууыдысты Куперы Патфайндер æмæ абырджытæ. Зæронд лæджы цыды сусæгдзинад уыдта, фæлæ йæ бафæрсын æфсæрмы кодта æмæ дызæрдыг кæнын байдыдта, уыцы сусæгдзинад цымæ тасы фæдыл у, æви цуаны æгъдаумæ гæсгæ. 

— Нæ, уый мæ фæд у, — сабыргай загъта зæронд лæг æмæ, чысылтæ ма чи зынд, ахæм сырды хъæрау фæд 13 кæрдæджы ацамыдта. 

Зæронд лæг дарддæр араст. Оленин йæ фæстæ гурæй-гурмæ йе ’мцыд кодта. Ссæдз санчъехы акодтаиккой, афтæ, уырдыджы дæлæмæ цæугæйæ, пыхсы мидæг дынджыр пæлæхсар къабузджын кæрдойы бæласмæ бафтыдысты. Бæласæн йæ бын уыд гæмæх, саузæхх, зæххы — сырды ног багатæ. 

Бæласыл алырдыгæй сæнæфсиры мæцкъор стыхст, æмæ йæ бын зæрдæмæдзæугæ сатæг, талынггомау, барæй конд æмбæрзт тапкайы хуызæн уыд. 

— Райсомæй ам уыд, — зæрдыбынæй улæфгæйæ загъта зæронд лæг. — Бæрæг у, йæ хуыссæн бынат ног у, рахид кодта. 

Æвиппайды хæстæгæй, иу-дæс къахдзæфы бæрц ce ’хсæн, фехъуыст тыхджын къæрццытæ. Сæ дыууæ дæр фестъæлфыдысты æмæ топпытæм фæлæбурдтой, фæлæ уынгæ ницы кодтой. Сырд цыппæрвадæй тахт, æмæ йæ къæхты хъæр æрхъæцмæ фехъуыст, стæй къæрццытæ нал, фæлæ æрмæст гуыв-гуыв хъуысын байдыдта æмæ уыцы гуыв-гуыв дардæй-дарддæр æмæ тынгæй-тынгдæр хæлиу кодта æдзæм хъæды мидæг. Афтæ, цыма йæ зæрдæйы ауындзæнтæй исты аскъуыд, уый хуызæн фæци Оленин. Дзæгъæл хуымæтæджы ма каст Оленин æнувыдæй тарцъæх хъæды хуылфмæ, кæд ма йæ цæст истæуыл фæхæцид, зæгъгæ, фæлæ ницы, æмæ æрæджиау лæгмæ фæстæмæ фæкаст. Ерошкæ цавддуры хуызæн, цыма йæ садзгæ ачынд, уыйау лæууыд комхæлиуæй. Йæ топп йæ хъæбысы, худ йæ къæбутыл, цæстытæ цæхæртæ калдтой æмæ йæ хæлиу дзыхæй мæсты каст кодтой бур дæндæгты бындзæфхæдтæ. 

— Саг, — зæгъгæ, фæкодта Ерошкæ. Фыр мæстæй йæ топп зæххыл ныццавта æмæ йæ урс рихитæ ивазын байдыдта. — Нæ тæккæ хæд раз лæууыд! Фæндагæй цыд куы фæцадаиккам! Мæ сæр сæттинаг у! — Æмæ та мæстыйæ йæ рихитæм февнæлдта. — Æдылы сæр y мæ сæр. Хуыйы хъыбыл, — дзырдта Ерошкæ йæхицæй, йæ рихитæ ивазгæйæ фæриссыны онг. 

Цыма хъæды сæрты мигъы мидæг цыдæр тахти, уыйау дардæй-дарддæр, тынгæй-тынгдæр гуыв-гуыв кодта тарст саджы уад. 

Дыууæизæрастæу Оленин фæстæмæ сæхимæ æрбаздæхт зæронд лæгимæ фæлладæй, æххормагæй æмæ тыхджынæй. Ce ’рбацыдмæ сæ сихор цæттæ уыд. Оленин Ерошкæимæ бахордта, банызта æмæ чысыл йæхи бахъарм, бахъæлдзæг кодта æмæ æддæмæ дæлбазырмæ рацыд. Ног та йæ цæстыты раз зæххæй уæларвмæ сфардæг сты бæрзонд хæхтæ хурныгуылын афон. Ног та зæронд лæг æнæбанцайгæйæ хæссын байдыдта йе ’нæкæрон таурæгътæ: цуаны, абырджыты, йæ зæрдиаг уарзонты æмæ йæ рагон æнæмæт, хорз царды тыххæй. Ног та диссаджы рæсугъд Марьянæ дыууæрдæм æддæмæ-мидæмæ кодта кæрт æмæ хæдзары æхсæн. Йæ хæдоны бынæй йæхи æвдыста æнæцыд рæсугъд чызджы сыгъдæг буар. 

 

XX
 

Дыккаг бон Оленин æнæ ’мбалæй, айдагъ йæхæдæг, ацыд, саг бонасадæн цы ран кодта æмæ кæцæй алыгъд, уырдæм. Дардыл, хъæуы кулдуарыл зилыны бæсты баздæхт, иннæ адæм куыд кодтой, афтæ уый дæр сындзæй æмбæрзт быруйы сæрты ахызт. Сындзыл йæ цухъхъайы фæдджи фæхæцыд, æмæ уый куыд уæгъд кодта, афтæ йæ куыдз разæй азгъордта æмæ дыууæ хъæддаг уасæджы стæхын кодта. Куыддæр какæттæм бахæццæ, афтæ алы къахдзæфæн дæр кæрчытæ тæхын байдыдтой (зæронд лæг ын барæй нæ фенын кодта уыцы арæхстджын бынат, йæхæдæг дзы иунæгæй ацуан кæнынмæ хъавыд). Оленин дыууадæс æхстæн фондз уасæджы амардта æмæ какæтты æхсæн уыдон фæдыл ратæх-батæх кæнгæйæ афтæ бафæлмæцыд, æмæ йæ хид йæ къæхты бынæй донау мызт. Оленин йæ куыдзмæ фæдзырдта, йæ топпы сампалтæ æруагъта, картечы фæстæ топпы хæтæлты нæмгуытæ ныкъкъуырдта æмæ цухъхъайы дысæй къогъотæ сургæйæ зноны бынатмæ сабыргай араст. Фæндагыл куыдзæн бауромыны амал нæ уыд, йе ’гъдау кодта, агургæ цыд фæдмæ гæсгæ, æмæ ма дыууæ уасæджы амардта. Уыйадыл афæстиат æмæ зноны бынатмæ æрмæст æмбисбон бахæццæ. 

Бон уыд тынг ирд, æнæдымгæ æмæ æнтæф, æнуд. Райсомы уазал хъæды мидæг дæр нал кодта, æмæ дуне къогъотæ уыцы гуппарæй бадтысты адæймаджы цæсгомыл, фæсонтыл æмæ къухтыл. Куыдз йæ саухуыз цъæхæй аивта, уый дæр къогъохуыз сси. Сæ маргджын фат сын цухъхъа дæр нæ урæдта. Оленин йæ сæрæн хос нал ардта æмæ лидзынырдæм йæ хъус адардта. «Хъæуы мидæг сæрд фæцæрæн нæй», — зæгъгæ, загъта йæхинымæры. Фæстæмæ сæхимæ цæуыныл фæци, фæлæ куы ахъуыды кодта, уæдæ дзы иннæ адæм куыд цæрынц, куыд фæразынц, уæд, лæг ма фæцаин, зæгъгæ, бауынаффæ кодта бабыхсын æмæ йæхи къогъоты бар ныууагъта. Стыр диссаг æм цы фæкаст, уый — æмбисбонмæ къогъойы хæст æмæ буары дыз-дыз хъыг нал, фæлæ йæм æхсызгон кæсын байдыдтой. Афтæ дæр ма йæм зынд: къухы бын хидæйдзаг цæсгомыл лæхъир хыссæйау чи хæцыд, уыцы къогъойы æфсæдтæ æмæ уыцы буары хъыгдарæг дыз-дыз куы нæ уыдаиккой, уæд амы хъæд йæ цæсты афтæ рæсугъд æмæ зæрдæмæдзæугæ нал уыдаид. Ахæм зонд æм æрцыд, уыцы æнæнымæц къогъойы æфсæдтæ æмæ алыхуызон сасчъы мыггаг цыма тынг хорз фидыдтой ацы зайæгхалæй хъæздыг, рæсугъд бæстæтимæ, уыйау; фидыдтой, хъæды æмызмæлд цы сырдтæ æмæ мæргътæ кодтой, уыдонимæ дæр; фидыдтой ацы тарбын зайæгхалимæ æмæ æхсызгон тæфгæнаг тæвд уæлдæфимæ; фидыдтой, Теркæй чи лæдæрсы, уыцы лакъон гыццыл дæттимæ, кæмдæр бæлæсты сыфтæрты бын хъуырхъуыргæнгæ чи згъоры. Уыдæттæм гæсгæ Оленинмæ фыццаг æвзæр æмæ иттæг зын чи каст, уый йæм ныр дзæбæхау кæсын байдыдта. Зноны бон сырд цы ран федтой, уымыты азылдтытæ кодта æмæ, куы ницæуыл фембæлд, уæд æй йæ фæллад суадзын æрфæндыд. Хур йæ тæккæ комкоммæ хъæды сæрмæ лæууыд, æмæ йæ судзаг тынтæ æмраст цыхцырæгау Оленины фæсонтæ æмæ сæрмæ сарæзта, фæндагмæ кæнæ-иу æрдузмæ куы бафтыд, уæд. Авд уæззау хъæддаг уасæджы йын сæ уæзæй, рон дæлæмæ ивазгæйæ, йæ астæу риссын кодтой. Оленин зноны саджы фæд бацагуырдта, пыхсы къудзийы бынмæ бабырыд, раст знон саг кæм хуыссыд, уырдæм. Уым саджы хуыссæны цур йæхи æруагъта æмæ бонасадæн кодта. Йæ алфамбылай тарбын зайæгхалыл йæ цæст ахаста, æркаст саджы хуыссæнмæ, йæ фаджысмæ, йæ зонгуыты фæдмæ; æркаст, саг кæй стыдта, ахæм сау нæууы гæппæлмæ æмæ йæхи зноны фæдмæ. Йæ бадæн бынат сатæг æмæ зæрдæмæдзæугæ уыд. Ацы сахат ницы хъуыды кодта, йæ зæрдæ дæр ницæмæ æхсайдта, ницы агуырдта. Æвиппайды, æнæ исты æфсонæй, ахæм æнахуыр амонд æмæ уарзондзинад йæ зæрдæ бандæвта алцæмæ дæр æмæ алкæмæ дæр, æмæ, сывæллонæй нырмæ цы ’гъдауыл ахуыр уыд, уымæ гæсгæ йæхиуыл дзуæрттæ æфтауын æмæ кæмæндæр арфæ кæнын байдыдта. Æвиппайды йæ сæры абадт æмæ бæлвырд, æцæг, æргом зонд, зæгъгæ, мæнæ æз, Дмитрий Оленин, иннæ цæрджыты хуызæн нæ, фæлæ æндæр цыдæр, хуыздæр, хицæн тугæй конд, хуыссын ныр зыбыты иунæгæй, Хуыцау зоны, кæм, дзæгъæл бæсты, чи зоны, æмæ адæймаджы йæ цæстæй дæр чи никуы федта, уыцы зæронд рæсугъд саг кæм цард, адæймаджы къах кæм никуы никæд æрлæууыд, æмæ афтæ мæ хуызæн кæм никуы ничима хъуыдытæ кодта. «Бадын æмæ мæ алфамбылай лæууынц зæронд æмæ тала бæлæстæ; уыдонæй сæ иуыл стыхстысты хъæддаг сæнæфсиры мæцкъортæ æмæ къалиутæ; мæ цуры хæстæг, знæт фосау, змæлынц æмæ кæрæдзи расур-басур кæнынц хъæддаг уасджытæ æмæ, æвæццæгæн, æмбудынц сæ мард æфсымæрты». Оленин асгæрста йæ уасджыты, æркасти сæм æмæ йæ хъарм тугæйдзаг къух йæ цухъхъайыл асæрфта. «Æмбудынц сæ, æвæццæгæн, хъæддаг куыйтæ дæр æмæ, сæ къухы кæй ницы бафтдзæн, уый æмбаргæйæ тæргайхуызы иннæ фарсы ’рдæм азылдысты. Мæ цуры сыфтæрты æхсæнтæй тæхынц æмæ уæлдæфы мидæг зилгæйæ дыв-дыв кæнынц къогъотæ. Иу, дыууæ, æртæ, цыппар, фондзыссæдз, мин, милуан къогъойы — ce ’ппæт дæр истæй дымæгмæ исты ныхæстæ кæнынц мæ цуры, æмæ сæ кæцыдæриддæр, сæ алчидæр йæхи хуымæтæджы исты нæ хоны, фæлæ, мæнæ мæнау, бæрæг цыдæр, иннæтæй уæлдай йæхи хицæн Дмитрий Оленин хоны». Оленин дзæбæх бамбæрста, къогъотæ цытæ хъуыды кæнынц æмæ цæй фæдыл дыв-дыв кæнынц, уый. «Ардæм, ардæм, фæсивæд! Мæнæ цы холы ссардтам», — сæ дывдывгæнаг æвзагæй дзырдтой къогъотæ æмæ æмбырдтæ кодтой Олениныл. Дзæбæх бамбæрста, уырыссаг уæздан лæг кæй нæу, Мæскуыйы къорды уæнг дæр кæй нæу, уый, æмæ уый хæстæг кæй нæу, фæлæ, йæ алфамбылай цы къогъо, уасæг кæнæ саг цæры, уыдонæй уæлдай кæй ницы у, уыдонимæ иу кæй сты, хъауджыдæр сæ кæй нæй. «Уыдон хуызæн, уыдон æгъдауыл æмæ Ерошкæйы хуызæн æз дæр ацæрдзынæн æмæ амæлдзынæн. Раст загъта Ерошкæ, топпы фаты хуызæн, — æрмæст ма кæрдæг разайдзæн». 

«Æмæ цы, кæд кæрдæг разайдзæн, уæд, — хъуыды кодта дарддæр Оленин. — Уæддæр цæрын хъæуы, уæддæр амондмæ бæллын хъæуы, уымæн æмæ зæрдæ æрмæст иунæг хъуыддаг агуры — амонд. Цыдæриддæр уон — хъауджыдæр нæу: сырдæй мæнæй цы уæлдай ис, иу стæм, уæдæ цы стæм, не ’ппæт дæр уыцы иу ранмæ цæуæм, æрмæст кæрдæг кæм разайдзæн; фæлæ, кæд мæм Хуыцауы тæф хæццæ кæны, уæддæр, амал æмæ гæнæн цас уа, уыйбæрц хуыздæр æмæ хуыздæр цæрын хъæуы. Цæмæй амондджын уа адæймаг, уый тыххæй куыд цæрын хъæуы? Цымæ ныронг цæуылнæ уыдтæн амондджын?» Æмæ йæ ныронджы царды хъуыддæгтæ æрымысыд æмæ йæхæдæг йæхимæ æгад æркаст. Йæхимæ тынг хиуарзон адæймаг кæсын байдыдта, афтæмæй та, лыстæг æркæсгæйæ, йæхи удæн ницы агуырдта, ницы йæ хъуыд. Йæ алфамбылай æдзух алырдæм каст, рæсугъд зайæгойтæм, чи фæкъул, уыцы хурмæ, ирд, сыгъдæг арвмæ æмæ йæхимæ ныронджы хуызæн амондджын каст. «Цæмæй дæн, цымæ, амондджын æмæ ныронг цæмæн цардтæн, мæ цард цæй фæдыл уыд? — ахъуыды кодта йæхинымæры. — Куыд хиуарзон уыдтæн æмæ куыд домаг, куыд тыхтонагæнæг уыдтæн мæхи уды дзæбæхдзинады тыххæй, афтæмæй кæнгæ та уæвгæ ницы скодтон худинаг æмæ зæрдæнизы йеддæмæ! Мæнæ мæ куыд ницы хъæуы амонд ссарынæн!» Æмæ æвиппайды цыма райгас, æмæ йæ разы ног дуне, ног цард æрбалæууыд, уый хуызæн фæци. «Амонд уый у, — зæгъгæ, загъта хинымæры, — æмæ адæймаг йæхи уды тыххæй нæ, фæлæ иннæты тыххæй куы цæра, уæд. Уый æцæг афтæ кæй у, уый æргом у, гуырысхойаг нæу. Амонд домын, амондмæ бæллын адæймагæн йæ удыхъæды ис, æрдзæй йæ рахаста, йæ мады гуыбынæй, æмæ йын аппарæн нæй, царды æвæрды мидæг ис. Уыцы амонд адæймаг æрмæст хиуарзондзинады фæдыл куы араза, уæд æй агурын хъæуы йæхи тыххæй хъæздыгдзинад, кад, цыт, дзæбæх, æнцон царды уаг, фæлæ цард афтæ æрзилы, æмæ уыцы хъуыддæгтæ, уыцы фæндонтæ адæймаджы къухы нæ фефтынц. Уымæ гæсгæ ахæм зæрдæвæндон хъуыддæгтæ царды æгъдауы нæ цæуынц амонды хуызæн, бæллын кæмæ хъæуы æмæ агурын кæй хъæуы. Уæдæ кæддæриддæр кæцы зæрдæвæндон хъуыддæгтæ бафтдзысты къухы алы царды æгъдауы, алы царды фадæтты мидæг дæр? Уарзондзинад æмæ хи сæрвæлтау кæнын искæй дзæбæхдзинады тыххæй!» Оленинæн йæ туг базмæлыд, бацин кодта, ахæм ног хорз бæллиццаг æм кæй æрцыд, ахæм ног æцæг царды дæгъæлыл кæй фæхæст, уый тыххæй. Йæ мидбынаты фæгæпп кодта æмæ цыбæлæй агурын байдыдта, йæ уд кæй тыххæй радта, хорздзинад кæмæн ракæна, кæй бауарза, уый. «Хи уды къоппайы ницы хъæуы, — ахъуыды кодта хинымæры уый, — уæд цæй тыххæй хъуамæ ма цæра адæймаг иннæты тыххæй?». Йæ топп йæ къухмæ райста, пыхсæй æддæмæ рацыд æмæ æнæбафæстиатæй сæхимæ цæуынвæнд скодта, уыдæттæ-йедты тыххæй дзæбæхдæр асагъæс, ахъуыды кæнын æмæ исты хорз искæмæн ракæныны тыххæй. Æрдузмæ куы рацыд, уæд фæстæмæ иу каст фæкодта: хур бæлæсты цъуппыты сæрмæ нал зынд, уазалдæр кæнын байдыдта, цы ран уыд, уый дæр æм куыддæр æнахуыр, æнæзонгæ фæкаст, цыма йæм йæ раздæры хуызæй ницы уыд, уыйау. Æвиппайды рæстæг дæр æмæ хъæд дæр сæ хуыз аивтой, арвыл мигъ бадын байдыдта, дымгæ къуыс-къуыс кодта, æмæ бæлæсты цъуппытæ змæлыдысты, йæ алфамбылай ма æрмæст зындысты хъамыл æмæ уадсаст зæронд бæлæстæ хъæды мидæг. Оленин йæ куыдзмæ хъæр кæнын байдыдта, — йæ цурæй цавæрдæр сырды фæдыл азгъордта, — æмæ йæм йæ хъæры æгъдау, цыма æдзæрæг бæсты цард, уыйау фæкаст. Æвиппайды тасы бацыд — зæрдæ фæтарст. Йæ сæры абадтысты абырджытæ, лæджы мæрдтæ, æмæ йæм мидæгæй йæ зæрдæ сдзырдта: ныртæккæ къудзиты бынтæй цæцæн гæппытæ кæнын байдайдзысты, æмæ йыл сау бон бакæндзæн, кæнæ мæлын, кæнæ йæ йæхи баиргъæвын хъæудзæн. Рагæй-æрæгмæ чи никуыуал æрлæууыд йæ зæрдыл, уыцы Хуыцау æмæ йæ мæрдтæмвæндаг йæ цæстытыл ахъазыдысты. Йæ алфамбылай бæстæ уыцы æнкъард, æнтъыснæг æмæ карз хуызы мидæг уыд. Æрмæст хи уды тыххæй фæцæр, уый бæззы, уый аккаг y адæймагæн? Мæлæт дæ фындзы хъæлыл лæууы, æмæ кæд æрбамæлдзынæ, кæд фæцъынд уыдзынæ, уый ма зон, афтæмæй макæмæн мацы хорздзинад ракæ дæ дунейыл æмæ искуы, мачи дæ базона, афтæмæй амæл, уый лæджы хуызæн лæгæн аккаг нæу. Оленин зæрдаивæй хъæуы ’рдæм араст кодта. Цуан кæнын йæ зæрдæйы кæрон дæр нал уыд, тынг æнæгъдау бафæлмæцыд, алы къудзи, алы бæласмæ æнувыд, сырддзастæй фæкæс-фæкæс кодта тæрсгæ-ризгæйæ, катайгæнгæйæ, гъеныр мæ раны дæн, мæ мæлæты сахат æрцыди, зæгъгæ. Дзæвгар фæратæх-батæх кодта, стæй æрæджиау иу донхорыгмæ бафтыд, Терчы змисджын уазал дон кæм цыд, ахæммæ, æмæ, цæмæй дарддæр йæ фæндагæй ма фæдзæгъæл уа, уыйадыл донхорыджы былтыл цæуынвæнд скодта, кæдæм æй ныххæццæ кæндзæн, уымæн йæ бæрæг бæлвырд нæ зыдта, афтæмæй. Æвиппайды фæсте хъамылы къæрццытæ фæцыд, Оленин фестъæлфыд, йæ уд йæ къæхты бынæй ауад æмæ топмæ фæлæбурдта. Стæй йæхæдæг йæхицæй æфсæрмы кæнын байдыдта: фæсте куыдз æнтæфы мидæг лæфлæфгæнгæ æрбахæццæ, уазал донмæ йæхи баппæрста æмæ йæ сдæрын байдыдта. 

Оленин дæр дон банызта æмæ йæ фæдыл араст, йæ зæрдæйæ загъта, куыдз æй хъæумæ бахæццæ кæндзæн. Куыдз дæр ныфсæн æххуыс у, фæлæ йæ алфамбылай бæстæ æнтъыснæгæй-æнтъыснæгдæр кодта. Хъæд фæтардæр, дымгæ тыхджынæй-тыхджындæр кодта бæлæсты сæрмæ. Дынджыр мæргътæ зилдух кодтой сæ ахстæтты алфамбылай. Зайæгой куыдфæстæмæ къаддæр кодта, арæхдæр зынын байдыдтой сырсыргæнаг хъамыл æмæ змисджын хус æрдузтæ. Дымгæйы къуыззитт æмæ сыф-сыфыл ма бафтыд ноджы цавæрдæр зæрдæмæгуыргæнæн, хъарæджы хуызæн ниуын. Зæрдæмæ рухсы цъыртт никæцæй цыд, тар мигъ ыл æрбадт. Фæсте, йæ чъылдымыл, мард хъæддаг уасджытæ асгæрста, æмæ дзы иу уым нал разынд: аскъуыд æмæ кæмдæр фесæфт, æрмæст ма йæ тугæйдзаг къубал æмæ сæр ронбасты мидæгæй хæрдмæ хъилæй лæууыдысты. Йæ дунейыл кæй никуы бавзæрста, ахæм тасы мидæг бацыд. Хуыцауæн кувын байдыдта æмæ иу хъуыддаг йæ зæрдæмæ хаста: искæмæн æнæ исты хорздзинад бакæнгæйæ куы амæла. Цæрын æй тынг æрфæндыд, иттæг тынг, кæд ын искæй дзæбæхдзинады тыххæй йæ сæр нывондæн æрхæссыны фадат æрцæуид. 

 

XXI
 

Æваст хуры рухсау срухс йæ зæрдæ. Оленин фехъуыста уырыссаг ныхас, фехъуыста Терчы доны тагъд æмæ æмхуызон цыд: дыууæ къахдзæфы дарддæр, разæй фæзынд Терк йæхæдæг йæ бур донимæ, фæзындысты кæрæтты æмæ тæнджыты хуылыдз змисдзæстытæ, фæзындысты лæгъз быдыртæ дардæй, посты фæлгæсæн, посты бæх æд саргъ, æртыкъахыг сахсæнимæ какæтты æхсæн æмæ хæхтæ. Сыгъзæринхуыз хур мигъы æхсæнæй æрхъæцмæ фæзынд æмæ фæстаг хатт йæ хъæлдзæг тынтæй ферттывта дон-дон дæлæмæ, срухс кодта хъамыл, хъазахъхъы фæлгæсæн æмæ хъазахъхъæн сæхи. Хъазахъхъ иу ран дзыгуырæй лæууыдысты, æмæ уыдон æхсæн Лукашкæ йе уæнгты æвæрд æмæ йæ хъæлдзæгдзинадæй æвæндонæй Оленины йæхимæ æркæсын кодта. 

Оленин та дзыхъхъынногæй æнæ исты æфсонæй бахъæлдзæг æмæ та йæхи стыр амондджыныл банымадта. Фаллаг фарс цæцæйнаг хъæуы æрбардыгæй, йе ’рбакомкоммæ ацы фарс. Терчы былыл æмраст Нижне-Протоцкийы постмæ бацыд. Хъазахъхъæн ce ’зæртæ хорз, зæгъгæ, загъта, фæлæ хорздзинад цæй æфсон, цæй фæдыл искæмæн ракодтаид, ахæмæй ницæуыл фæхæст æмæ дарддæр уатмæ бацыд. Уаты дæр афтæ — ницы æфсон ссардта. Хъазахъхъ æм дзæбæх цæстæй нæ ракастысты. Уатæй сахъари хæдзармæ бацыд æмæ бапъироз ссыгъта. Хъазахъхъ ын ам дæр ницы уыйас æгъдау радтой, иуæй, тамако кæй дымдта, уый тыххæй, иннæмæй, уыцы изæр сæхи цæмæй ирхæфстой, ахæм хъуыддаджы мидæг уыдысты. Хохæй æрцыдысты сæ чегъреимæ, уырысы ныхмæ чи лæууыд, ахæм цæцæйнæгтæ, хъазахъхъ цы абырæджы амардтой, уымæн йæ хæстæджытæ сæ мард балхæнынмæ. Хъæуæй хицæуттæ æрбацæуинаг уыдысты, æмæ уыдон æрбацыдмæ æнхъæлмæ кастысты. Мардæн йе ’фсымæр уыд бæрзонд, гуырвидауц адæймаг, æлвыд сырхахуырст зачъетимæ, æмæ, кæд скъуыдтæ цухъхъа æмæ худы мидæг уыд, уæддæр паддзахы хуызæн йæ сæр сæрмæ чи хаста, ахæм уыд. Цæсгомæй раст йе ’фсымæры цæрмыстыгъд бакодта. Цыма никæуыл æрвæссыд, уый дард кодта йæхи, дзæгъæл кæстытæ нæ кодта, мардмæ дæр никуы бакаст, æрмæст аууоны дзуццæджы бадт, тутæ кодта лулæ дымгæйæ æмæ-иу искуы иу хатт йæ коммæгæсаг æмбалæн иу-дыууæ барджын ныхасы загъта. Бæрæг уыд, алцæмæй дæр саг лæг кæй уыд, уый, уырысимæ дæр бирæ хæттыты чи авзæрста, чи фæныхæй-ныхмæ, ахæм, æрмæст æндæр хуызы, æндæр æгъдæутты æмæ фадæтты мидæг. Цæуыл бадис кодтаид, цы нæ федта уырысимæ, ахæмæй сæм ницы уыд, æмæ сæ уымæ гæсгæ хъуыды дæр нæ кодта. Оленин, мардмæ бакæсон, зæгъгæ, бацыд, фæлæ йæм мардæн йе ’фсымæр зæрдæджын æмæ æлгъаджы цæстæнгасæй бакаст йе ’рфгуыты сæрмæ æмæ мæстыхуызæй цæхгæр цыдæр загъта. Чегъре уыцы сахат цухъхъайæ марды цæсгом бамбæрзта. Оленин стыр дис фæкодта цæцæйнаджы барджын æмæ карз цæсгомы ахастыл. Йемæ аныхас кæнын æмæ йæ афæрсынмæ хъавыд, кæцы хъæуккаг дæ, зæгъгæ, фæлæ йæм цæцæйнаг æнтъыснæг, æлгъаг цæстæнгасæй зулаив бакаст, нытту кодта, йæхи фæтигъ кодта æмæ иннæрдæм аздæхт. Хохаг æй кæй ницæмæ æрдардта, уый йæм ноджыдæр диссагдæр фæкаст, фæлæ æнцондæры тыххæй йæхицæн зæрдæтæ авæрдта æмæ йæ кæй не ’рхъуыды кодта, уый йын æдылыдзинад æмæ æвзаг нæ зоныныл банымадта. Йе ’мбал уыд чегъре æмæ тæлмац хæррæгъты мидæг, иннæйы хуызæн бурхил нæ, фæлæ саулагъз гæдывад, ратасбатасгæнаг, миты хуызæн урс дæндæгтæ æмæ æрттиваг цæстытимæ. Чегъре æнæзивæгæй, разæнгардæй йемæ ныхас кæнын байдыдта æмæ дзы бапъироз ракуырдта. 

— Адон уыдысты фондз æфсымæры, — раныхас кодта чегъре хохаг здæхтæй, æрдæгдзæфтæй. — Гъеныр æртыккаг æфсымæр мард фæци уырысы къухæй, дыууæйæ ма баззадысты. Ай стыр сахъ, стыр лæджыхъæдджын адæймаг у, — загъта чегъре цæцæйнагæй. — Ахмет-ханы (афтæ хуыдтой марды) куы амардтой, уæд уый фаллаг фарс хъамылы бадти; йæхи цæстæй федта, бæлæгъы йæ куыд сæвæрдтой æмæ йæ ацы фарсмæ куыд раргъæвтой, уый. Бон-сауизæрмæ уым фæбадти. Зæронд лæджы марынмæ хъавыд, фæлæ йæ иннæтæ нæ бауагътой. 

Лукашкæ ныхасгæнджытæм йæхи баласта æмæ сæ цуры æрбадт. 

— Кæцы хъæуккаг уыдыстут? — афарста сæ уый. 

— Уæртæ, уыныс, уыцы хæхтæй, — радта йын дзуапп чегъре æмæ йæ къухæй ацамыдта, донæн уыцы фарсы ’рдыгæй цъæх мигъ цы комы бадт, уымæ. — Суюк-су зоныс? Ардыгæй йæм дæс версты уыдзæн. 

— Суюк-суйы Гирей-ханы нæ зоныс? — афарста Лукашкæ хи æппæлæгау, ахæм зонгæ йын кæй ис, уымæн. — Мæнæн мæ хæлар лæг у. 

— Мæ тæккæ сыхаг, — дзуапп радта чегъре. 

— Уый хорз, уæдæ. — Æмæ Лукашкæ тæтæйрагау зæрдиагдæрæй ныхас кæнын байдыдта тæлмацимæ. 

Чысыл фæстæдæр бæхтыл æрбахæццæ сты сотник æмæ хъæуыхицау дыууæ хъазахъхъагимæ. Сотник, æрæджы йæхи хъазахъхъыл чи ныффыссын кодта, ахæм уыд. Æгъдаумæ гæсгæ хъазахъхъæн «дзæбæх ут», зæгъгæ, загъта, фæлæ йын фæстæмæ салдæттæ куыд фæзæгъынц: «Æнæниз ут, уæ бæрзонддзинад», зæгъгæ, ахæм дзуапп ничи радта, æрмæст ын иугæйттæ сæ сæртæй акуывтой, куыд зонай, уыцы æгъдауæй. Чидæртæ Лукашкæимæ сыстадысты æмæ, куыд æмбæлы, афтæ раст алæууыдысты, сæхи уæлæмæ ивазгæйæ. Урядник ын фехъусын кодта, пост æвыд, æнæфыдбылыз кæй у, уый. Уыдæттæ иууылдæр Оленинмæ худæг фæкастысты, цыма хъазгæ кодтой, уыйау салдæтты хынджылæггæнæгау фæзмыдтой. Стæй хицон митæ æмæ ныхæстæ кæнын байдыдтой. Сотник рæвдз, сæрæн адæймаг чи уыд, ахæм уыд æмæ тæтæйрагау къæрцц-къæрццæй ралæууыд ныхас кæныныл тæлмацимæ. Цыдæр гæххæтт та фыстой, тæлмацмæ йæ радтой æмæ марды койыл фесты. 

— Гаврилов Лука та уæ чи у? — загъта сотник. 

Лукашкæ йæ худ йæ сæрæй фелвæста æмæ йæм хæстæгдæр бацыд. 

— Дæу тыххæй æз полчъы хицаумæ гæххæтт арвыстон. Цы дзы рацæудзæн, уый бæлвырдæй мæхæдæг дæр нæ зонын. Æз дæ крестмæ бавдыстон, урядникæн нырма æгæр лæппу дæ. Чиныджы зоныс? 

— Нæ зонын. 

— Сахъгуырд чи у, ахæм у! — загъта сотник стыр хицауы дзыхыуагæй. — Дæ худ ныккæ. Кæцы Гавриловтæй у, цымæ? Широкæйы, мыййаг, ма уæд? 

— Йе ’фсымæры лæппу у, — радта йын дзуапп урядник. 

— Марадз ут, фæкæсут сæм, — бадзырдта хъазахъмæ сотник. 

Лукашкæйæн фырцинæй йæ цæсгом срухс æмæ, цы уыд, уымæй рæсугъддæр зынд. Урядникæй йæхи аласта, йæ худ акодта æмæ та фæстæмæ Оленины фарсмæ æрбадт. 

Марды бæлæгъмæ куы бахастой, уæд йе ’фсымæр доны былмæ бацыд. Хъазахъхъ сæхи фæйнæрдæм айстой æмæ йын фæндаг радтой. Уый йæ иу къахæй йæхи фехста æмæ бæлæгъы алæууыд. Оленин æй хъуыды дардта, æмæ æрмæст гъеуæд фыццаг хатт цырд йæ цæст ахаста хъазахъхъыл æмæ йе ’мбалы цыбыр цæмæйдæр афарста. Йе ’мбал ын фæстæмæ цыдæр загъта æмæ Лукашкæйы ацамыдта. Цæцæйнаг æм уыциу каст фæкодта, сабыргай иннæрдæм азылд æмæ донæн йæ фаллаг фарсмæ кæсын байдыдта. Знаджы охыл, знаджы цæстæй нæ, фæлæ уазал, æлгъаджы цæстæнгасæй бакаст цæцæйнаг фæстаг хатт. Æрæджиау ма цыдæр загъта. 

— Цы загъта, цы? — афарста Оленин гæдывад тæлмацы. 

— Твоя наша бьет, наша ваша карабчит. Все одна хурда-мурда, — ракодта чегъре хъазгæмхасæн, сайæн, былæлгъты ныхæстæ йæ урс дæндæгтæ æвдисгæйæ æмæ бæлæгъмæ багæпп кодта. 

Марды æфсымæр бæлæгъы бадт æнцад-æнцойæ, æнæдзургæйæ æмæ æдзынæгæй каст фаллаг фарсмæ. Йæ хуылф дзаг уыд мастæй, йæ цæстытæ рыстысты ацы сахат адæмы уындæй, æрмæст йæ хуылфмæ каст, æндæр йæ зæрдæ ницæимæ дзырдта. Чегъре бæлæгъы кæрон лæууыд, æмæ, фæйлауæн фыййагæй дыууæрдæм рæвдз æвналгæйæ, бæлæгъ размæ тардта æмæ æппынæдзухæй ныхас кодта. Бæлæгъ доны цæхгæрмæ зулаив цыд æмæ куыдфæстæмæ, сæ бæхтæ кæм лæууыдысты, уырдæм бацыдысты. Уым марды бæлæгъæй раргъæвтой æмæ йæ бæхыл сæвæрдтой. Бæх, мардæй тæрсгæйæ, иу ран нæ лæууыд, йæхи раппар-баппар кодта. Мардласджытæ бæхтыл сбадтысты æмæ сабыр цыдæй, хъæуы фæрсты цы фæндаг цыд, ууылты араст кодтой. Хъæуæй сæ размæ бирæ мæрддзыгой рацыд. Донæн ацырдыгæй фарс хъазахъхъ иттæг хъæлдзæг уыдысты. Алырдыгæй хъуыст худын æмæ хъазæн ныхæстæ. Афицер, сотник æмæ хъæуыхицау хæдзармæ бацыдысты аминас кæнынмæ. Лукашкæ хъæлдзæг цæсгомимæ йæхи барæй æмбаргæ дард кодта, йæ хъæлдзæгдзинад цæсты куыннæ ахадыдтаид, уый тыххæй, афтæмæй Оленины цур бадти æмæ, йæ цæнгтæй йæ уæрджытыл æнцайгæйæ, къæцæл амадта. 

— Тамако та цæмæн дымыс? — загъта Лукашкæ, цыма йæ не ’мбæрста, уыйау. — Цы хорздзинад æм ис? 

Оленин иунæг, æцæгæлон кæй уыд хъазахъхъы æхсæн æмæ йæм уый чысыл хардзау кæй каст, уымæ гæсгæ Лукашкæ, аирхæфсон æй, зæгъгæ, йæм йе ’взаг æруагъта æмæ йæ дзырдтыл дардта. 

— Афтæ йыл фæцахуыр дæн, — дзуапп ын радта Оленин. — Æмæ цы кæны? 

— М-м-м! Махæй исчи куы дымид, уæд ыл мæгуырыбон бакæнид, адæм æй сæ уæлныхты ахæссиккой, мысты хуынкъ æртæ чъирийæ агурид. Уæртæ хæхтæ уыныс, хæстæг цыма сты, — загъта Лукашкæ коммæ амонгæйæ, — фæлæ сæм нæ бахæццæ уаис!.. Уæд ды уæхимæ иунæгæй куыд ацæудзынæ, мæйдар куы у! Кæд дæ фæнды, уæд дæ æз бахæццæ кæндзынæн, æрмæст урядникæй ракур. 

«Цы сахъгуырд у!» — ахъуыды кодта хинымæры Оленин хъазахъхъаджы хъæлдзæг цæсгоммæ кæсгæйæ. Йæ зæрдыл æрбалæууыд Марьянæ, Лукашкæ йын куыд бакодта, кулдуары фæстæйæ сæм куы хъуыста, уæд, æмæ Лукашкæйæн тæригъæд кæнын байдыдта, æнахуыргонд кæй у, уый тыххæй. «Стыр диссаг та куыннæ сты адæм, æвæдза! Уымæй æдылыдæр, уымæй æнæзонгæдæр хъуыддаг ма цы уа, — хъуыды кодта хинымæры Оленин. — Иу иннæйы амардта æмæ йæхи амондджын хоны, цыма иттæг хорз хъуыддаг бакодта, уый хуызæн. Куыннæ йæм дзуры, цымæ, йæ зæрдæ, ам цæуыл бацин чындæуа, ахæм хъуыддагæй дзы куы ницы ис! Искæй амар, уым амонд нæй, фæлæ искæй сæрыл дæхи нывондæн æрхæсс, искæй тыххæй дæ уд суæлдай кæн, амонд уым ис, уым». — Гъе, дæхи хъахъхъæн ныр, мæ лымæн! — загъта хъазахъхъæй иу, марды фæдыл чи ацыд, уыдонæй. — Федтай, дæу тыххæй куыд афарста, уый? 

Лукашкæ йæ сæр фæхъил кодта. 

— Me ’мдзуарджынæй зæгъыс, мыййаг? — дзуапп ын радта Лукашкæ. Уыцы номæй хуыдта, цы цæцæйнаджы амардта, уый. 

— Æмдзуарджын нал сыстдзæн, фæлæ дын йæ сырхрихиджын æфсымæр фадат ран, лæг циу, уый бацамондзæн. 

— Йæхæдæг удæгасæй, æнæфыдбылызæй кæй аирвæзт, уымæй бузныг уæд, — загъта Лукашкæ худгæйæ. 

— Цин та ма цæуыл кæныс? — афарста йæ Оленин. — Де ’фсымæры дын куы амардтаид, уæд дын, æвæццæгæн, тынг æхсызгон нæ уыдаид. 

Хъазахъхъаг Оленинмæ худæндзастæй каст: Оленин ын цы зæгъынмæ хъавыд, уый йын цы бамбарын хъуыд, фæлæ ахæм зондыл лæуд нæ уыд, ахæм хъуыдытæ йæ сæрмæ дæр нæ хаста. 

— Уæдæ куыд! Нæй гæнæн æнæ афтæ дæр! Уыдон махæй къаддæр нæ марынц, нæ ныл ауæрдынц, ма тæрс! 

 

XXII
 

Сотник хъæуыхицауимæ бæхтыл аивгъуыдтой. Оленин, Лукашкæйы зæрдæ балхæнон, зæгъгæ, стæй æнæуый дæр æхсæвыгон иунæгæй тар хъæды цæуын дæр æм цас хорз кастаид, æмæ уымæ гæсгæ урядникæй Лукашкæйы йæхицæн æмбалæн ракуырдта. Урядник æй суæгъд кодта. Оленин афтæ æнхъæл уыд, Лукашкæ Марьянæйы фендмæ бæлдзæн, æнæуый дæр ахæм хæрзуынд, зæрдæмæдзæугæ, дзыхарæхст æмбалимæ цæуын æм дзæбæх каст. 

Лукашкæ æмæ Марьянкæ йæ цæстытыл хъазыдысты, йæ сæрæй цух нæ кодтой, æмæ уыдонимæ йæ зæрдæ кæй дзырдта, уый йын æхсызгон уыд. «Уый Марьянæйы уарзы, — хъуыды кодта йæхинымæры Оленин, — фæлæ йæ цыма æз дæр бауарзин, уыйау мæм кæсы». Æмæ, кæй никуыма бавзæрста, ахæм цавæрдæр тыхджын зæрдæйы фæлмæндзинад банкъардта, тар хъæды мидæг куы фæцæйцыдысты, уæд. Лукашкæйæн дæр йæ зæрдæ хъæлдзæг уыд. Цыма уыцы дыууæ æцæгæлон лæппу-адæймаджы кæрæдзийæн фæадджын сты, ce ’хсæн цыма уарзондзинады хуызæн цыдæр бацыд, афтæ уыдысты ацы сахат. Кæрæдзимæ-иу куы фемдзаст сты, уæд-иу сæм худын æрцыд. 

— Дæу кæцы кулдуарыл бацæуын хъæуы? — афарста Оленин. 

— Астæуккагыл. Æз дæ уæддæр уæртæ цъыфдзастмæ бахæццæ кæндзынæн. Уырдыгæй фалæмæ мацæмæйуал тæрс. 

Оленин бахудт. 

— Æмæ, дæ зæрдæйæ, тæрсгæ, мыййаг, кæнын? Аздæх фæстæмæ, бузныг. Æз иунæгæй дæр ацæудзынæн. 

— Нæ, ницы кæны! Мæ куыстытæ дын, мыййаг, куы нæ кæнын. Стæй тæрсын дæр диссаг нæу! Тæрсгæ, гæдыныхас, мах дæр кæнæм, — загъта Лукашкæ хъазгæмхасæн, цæмæй нæ фефсæрмы уыдаид æмæ йæ йæхимæ цæмæй нæ банкъардтаид, уый тыххæй. 

— Цом уал махмæ. Аныхæстæ кæндзыстæм, баназдзыстæм, æмæ райсом афардæг уыдзынæ. 

— Ам мæнæн фæлæууæн бынæттæй фылдæр цы ис, — загъта Лукашкæ худгæйæ, — фæлæ мæ урядник куырдта, фæстæмæ мæ бынаты куыд сæмбæлон a изæр, афтæ. 

— Зарджытæ куы кодтай дысон, уæд дæм хъуыстон, дæхи дæр дын федтон... 

— Иууылдæр адæм сты, — æмæ Лукашкæ йæ сæр батылдта. 

— Ус курынвæнд, дам, кæныс? Æцæг y уый? — афарста Оленин. 

— Мæ мад мын курынвæнд кæны, афтæмæй мын нырма бæх æлхæд дæр нæма ис. 

— Паддзахады куысты нæма бацыдтæ? 

— Кæм, кæ! Гъеныр мæхи барæвдз кодтон. Бæх хъуаг ма дæн. Къухы дæр афтæ æнцонтæй кæм бафтдзæн. Æнæ ус дæр уымæн дæн. 

— Уагæры цæй аргъ y бæх? 

— Айфыццаг фаллаг фарс иу бæхыл дзырдтон, æмæ йæ æхсæз туманæй дæлдæр кæсынмæ дæр нæ дæтты, афтæмæй кæд y ногъайаг бæх. 

— Мемæ хæстмæ ацæуыныл не сразы уаис? Уæд дын хицæуттæй бар ракурин æмæ дын бæх балæвар кæнин, — æвиппайды, æнæнхъæлгæйæ загъта Оленин. — Æцæг дын зæгъын. Мæнмæ дыууæ ис, дыккаг мæ ницæмæн хъæуы, уæлдай мын у. 

— Уанцон нæу, — уый та куыд, куыннæ дæ хъæуы? — худгæйæ загъта Лукашкæ. — Цæмæн мын хъуамæ балæвар кæнай, мæ дзæбæхтæ мын куы нæ мысыс, исты амалтæ та кæндзыстæм мах дæр Хуыцауы фæндонæй, алкæмæн дæр йæ амонд конд у. 

— Зæрдæйæ дын зæгъын, æцæг. Нæ дæ фæнды, æвæццæгæн, — загъта Оленин цингæнгæйæ, Лукашкæйæн бæх лæвар кæнын йæ зæрдæйы кæй æрæфтыд, уый дымæгмæ. Фæлæ уæддæр цыма цæмæйдæр æфсæрмы кодта, уый хуызæн уыд. Хъуыды кодта, цы ма зæгъон, зæгъгæ, фæлæ йæ дзыхы ницы æфтыд, ницæуыл хæст кодта. 

— Уæрæсейы дын хæдзæрттæ ис дæхицæн? — афарста йæ Лукашкæ. 

Оленин йæхи нал баурæдта æмæ йын сæ радзырдта, иу нæ, фæлæ йын къорд хæдзары дæр кæй ис, уый. 

— Хорз хæдзар? Махонтæй стырдæр? — рæузæрдæйæ йæ афарста Лукашкæ. 

— Бирæ стырдæр, дæс хатты, æртæ æддæгуæлæтæ, — загъта Оленин. 

— Бæхтæ дæр дæм ис? Мæнæ мах бæхты хуызæн? 

— Фондзыссæдзы мæм ис, дæс æмæ ссæдз-дыууиссæдз туманы æргътæ, æрмæст сымахонты хуызæн не сты. Дæс æмæ ссæдз туманы æвзистæй! Сирæгтæ, зоныс... Фæлæ уæддæр амы бæхты фылдæр уарзын. 

— Ардæм барвæндонæй, дæхи æгъдауæй æрцыдтæ æви дæ æрвитгæ ракодтой? — афарста Лукашкæ хынджылæггæнæгау. — Гъеныр адзæгъæл дæ, — загъта Лукашкæ, цы фæндагыл цæуын хъуыд, уый амонгæйæ, — рахизфарсырдæм дæ азилын хъуыд. 

— Мæхи æгъдауæй, — дзуапп ын радта Оленин. — Фæндыд мæ уæ бæстæ фенын æмæ хæсты бацæуын. 

— Абон дæ æфсады цæуын хъуыд, — загъта Лука. — Кæсыс уыцы æлгъыстытæм, куыд ниуынц хъæддаг куыйтæ, — загъта та Лука куыйтæм14 хъусгæйæ. 

— Дæ зæрдæмæ ницы хæссыс, нæ тæрсыс, лæг кæй амардтай, уый тыххæй? 

— Цæмæй хъуамæ тæрсон? Фæлæ хæстмæ ацæуын мæ фæнды, — дыккаг хатт загъта Лукашкæ. — Афтæ мæ фæнды, афтæ, æмæ йын зæгъæн дæр нæй. 

— Кæд дæ фæнды, уæд иумæ цом. Max ротæ араст уыдзæн бæрæгбонты размæ, сымах сотня дæр афтæ. 

— Ардæм æрцæуын та дæ зæрдыл куыд æрлæууыд? Хæдзар дын ис, бæхрæгъау ис, кусджытæ, кæй загъдæуы, ис. Æз дæ бынаты куы уыдаин, уæд цардæй къæртт аппæрстаин, хынджылæг дзы кодтаин. Йед та... Исты хæрзиуæг дæр дæм ис? 

— Æз юнкер дæн, фæлæ мæ ныр афицермæ бавдыстой. 

— Уæдæ кæд дæхицæй не ’ппæлыс æмæ æцæг ахæм царды мидæг уыдтæ, уæд æз, дæ бынаты уæвгæйæ, мæ къах дæр никæдæм равæрдтаин мæ хæдзарæй. Гъеныр дæр ардыгæй никæдæм алидзин. Нæ бæстæ хорз цæрæн ран у. Афтæ нæу? 

— Бæгуыдæр у. Иттæг хорз, — загъта Оленин. 

Бынтондæр æрталынггæрæттæ, афтæмæй, ныхасгæнгæйæ, хъæумæ æрбаввахс сты. Хъæды мæйдарæй уæддæр нæма сцух сты. Дымгæ бæрзæндты къуыззитт кодта. Хъæддаг куыйтæ иу æвиппайды сниудтой, скæл-кæл кодтой, схудтысты æмæ, цыма сæ хæд уæлхъус уыдысты, афтæ сæм зынд. Разæй, хъæуæй, хъуыст сылгоймæгты ныхас, куыйты рæйын; дзæбæх зынын байдыдтой хæдзæртты сау æндæргтæ, рухсыстæ, æмæ цæуын байдыдта фæздæджы æмæ сæнары æнахуыр тæф. Афтæ зынд Оленинмæ, уæлдайдæр ацы изæр, цыма йæ хæдзар, йæ бинонтæ, йæ амонд ацы хъæуы мидæг сты, стæй цыма ацы хъæуы хуызæн амондджын цард ныронг дæр, амæйфæстæмæ дæр никуы кодта æмæ никæд кæндзæн. Йæ зæрдæ афтæ æрфæлмæн ацы изæр, æмæ адæмы ce ’ппæты дæр бауарзта, уæлдайдæр та — Лукашкæйы. Сæхимæ куы бацыд, уæд Оленин йæхæдæг йæхи къухæй скъæтæй бæх раласта, йæхæдæг-иу кæуыл бадти кæддæриддæр, уый нæ, фæлæ æндæр. Грознайы кæй балхæдта, уый, чысыл ацæргæгомау, фæлæ дзæбæх æнæсахъат бæх, æмæ йæ Лукашкæйæн балæвар кодта. 

— Цæй тыххæй мын лæвæрттæ кæныс? — загъта Лукашкæ. — Мæ хæрзтæ дыл куы нæ ис, куы ницы хорздзинад мæ зоныс. 

— Бауырнæд дæ, уый мæнæн ницы у, — загъта йын Оленин. — Айс æй, искуы мын æй истæмæй баххæст кæндзынæ... Мæнæ хæстмæ дæр иумæ ацæудзыстæм. 

Лука фефсæрмы. 

— Уанцон лæвар нæу! Бæх афтæ аслам куы нæ у, — загъта Лука бæхмæ кæсын æфсæрмыгæнгæйæ. 

— Алас æй, алас! Куы нæ йæ бакомай, уæд мæ бафхæрдтай, уый зон. Ванюшæ, марадз, цъæх бæхы Лукашкæтæм бахæццæ кæн. 

Лукашкæ бæхы рохтæм бавнæлдта. 

— Стыр бузныг. Æнæнхъæлгæйæ, мит æрыскъæфау... 

Оленин хъæлдзæг æмæ амондджын уыд дыууадæсаздзыд лæппуйау. 

— Ам уал æй бабæтт. Бæхæй хорз бæх у, Грознайы йæ балхæдтон, уайгæ дæр тынг хорз кæны. Ванюшæ, сæн-ма нын рахæсс. Цом мидæмæ. 

Сæн æрбахастой. Лукашкæ сбадти æмæ хъæдын нуазæн йæ къухмæ райста. 

— Кæд Хуыцауы фæнда, уæд дын æй æз дæр истæмæй баххæст кæндзынæн, — загъта Лукашкæ æмæ сæн быннозт акодта. — Дæ ном цы хуыйны? 

— Дмитрий Андреич. 

— Цæй, Дмитрий Андреич, Хуыцау дын æххуысгæнæг уæд, лæвархъом у. Æз æмæ ды ардыгæй фæстæмæ — дыууæ хæлары. Ныр-иу мах дæр абæрæг кæн. Кæд хъæздыг не стæм, уæддæр нæ хæлары суазæг кæнын бафæраздзыстæм. Æз мæ мадæн дæр бафæдзæхсдзынæн, исты, мыййаг, дæ куы хъæуа: кæм хъаймагъ, кæм — сæнæфсир. Постмæ, мыййаг, куы бафтай, уæд дын æз алцæмæ дæр цæттæ: цуаны, фаллаг фарсмæ, — кæдæм дæ бафæнда, æз дын — кæстæр. Айфыццаг дæ нæ зыдтон, уый йеддæмæ ахæм нæл хуы афæлдæхтон, æмæ — диссаг! Хъазахъхъæн æй байуæрстон дзæгъæлы, дæуæн æй æрбахастаин, хъæлæкк. 

— Хорз, бузныг. Æрмæст-иу æй уæрдоны ма сифтындз, ахуыр нæу. 

— Уæрдоны та куыд, уанцон нæу! Цы ма дын зæгъинаг уыдтæн... — зæхмæ кæсгæйæ загъта Лукашкæ. — Хохы мын иу хорз лымæн ис, Ахмет-хан, зæгъгæ. Айфыццаг мын дзырдта, хохæгтæ цы фæндагыл цæуынц, уым сæ размæ бабадæм, зæгъгæ. Цом иумæ. Æз дыл гадзрахатæй нæ рацæудзынæн, уый тыххæй мыл дæ зæрдæ дар. 

— Цæуылнæ, цæуылнæ, искæдбон ацæудзыстæм. 

Оленин Лукашкæмæ цы зæрдæ дардта, цы цæстæй каст, уый дзæбæх бамбæрста Лукашкæ æмæ æрсабыр, йæ зæрдæ ничердæмуал æхсайдта. Йæхи рæсугъд, сабыр æмæ хицоны дард кæй кодта, уый Оленинмæ диссаг фæкаст, фæлæ ахæм æгъдауджын, ахæм æфсармджын кæй разынд, уый йын иучысыл хъыг дæр ма уыд. Бирæ фæныхæстæ кодтой, стæй æрæджиау, æнафоны Лукашкæ къуылых нозтджынæй (фæрасыджы онг никуы нозта) Оленины къух райста, хæрзæхсæв ын загъта æмæ рацыд. 

Лукашкæ куы рацыд, уæд, кæддæра, цы кæндзæн, зæгъгæ, Оленин рудзынгæй йæ фæдыл ракаст. Лукашкæ сабыргай цыд дæлæмæ, зæхмæ кæсгæйæ. Стæй кулдуары æдде куы фæци, уæд бæхыл дзылар баппæрста, йæхæдæг гæдыйау йæхи фехста, бæхыл абадт, фенкъуыста йæ æмæ уынджы дæлæмæ уыциу тахт акодта. Оленин та афтæ æнхъæлдта, Лукашкæ Марьянæмæ бацæудзæн æмæ йын йæ циндзинад радзурдзæн. Кæд Лукашкæ афтæ нæ бакодта, уæддæр Оленинæн йæ зæрдæ хъæлдзæг æмæ рухс уыд, афтæ йын йæ дунейыл дæр никуыма уыд. Раст сывæллонау цин кодта æмæ йæ зæрдæйы ныхæстæ Ванюшæйæн ракодта, — айдагъ бæхы рарды хабар нæ, фæлæ йæ цæй фæдыл ралæвар кодта æмæ йæм цæй ног зæрдæ æрцыд амонд ссарыны тыххæй, уыдæттæ дæр. Ванюшæмæ уыцы ног зонд хорз нæ фæкаст, æмæ йын комкоммæ загъта, æхца куы нæ уа, уæд уыдæттæ-йедтæ мур дæр кæй ницы сты. 

Лукашкæ сæ хæдзармæ бауад, бæхæй рагæпп ласта æмæ йæ мадæн бафæдзæхста, хъазахъхъы рæгъаумæ йæ куыд аскъæра, афтæ. Йæхицæн та уыцы æхсæв постмæ фæстæмæ æнæ аздæхгæ амал нæ уыди. Къуытты бæх йæхи бар бакодта, æз æй ныххæццæ кæндзынæн, зæгъгæ, æмæ нысæнттæй бамбарын кодта, бæх ын чи ралæвар кодта, ууыл куыддæр сæмбæла, афтæ йын йæ къæхтæм бакувдзæн, зæгъгæ. Зæронд ус, мæгуыр, йæ сæр батылдта лæппуйы ныхæстыл æмæ йæхинымæры загъта, æвæццæгæн, Лукашкæ бæх радавта æмæ йæ уыйадыл сæударæй къуыттыйæн рæгъаумæ æрвитын кæны. 

Лукашкæ постмæ зыбыты иунæгæй ацыд æмæ æдзух хинымæры хъуыдытæ кодта Оленины хъуыддагыл. Бæх уыцырдыгонау сæ хæрзтæй нæ уыд, фæлæ уæддæр æппынфæстаг цыппар туманы райстаид, уымæ гæсгæ Лукашкæ уыцы лæварæй иттæг хъæлдзæг уыд. Фæлæ йын цæй фæдыл, цы бузныггадæн уыцы лæвар ракодта, уый бамбарынæн ницы фæрæзта æмæ дзы мур бузныг дæр нæ уыд. Гуырысхо ма йыл кодта, кæд, чи зоны, ’мæ юнкеры зæрды исты æвзæр, исты хинæйдзаг хъуыддæгтæ, уынаффæтæ ис. Фæлæ цавæр хъуыдытæ уыдаид йæ зæрды, ууыл нæ хæст кодта, уый бамбарынæн ницы фæрæзта, æнæуый та æнæ исты æфсонæй, æрмæст зæрдæхæлары æгъдауыл цыппар туманы аргъ бæх æнæзонгæ, æцæгæлон адæймагæн балæвар кæн, уый чи бакæндзæн, уый кæй бауырндзæн, зæгъгæ, йыл æнæууæнккаг кодта. «Расыг ма куы уыдаид, уæд цы зæгъыс, уый зæгъ, уæд хицæн хъуыддаг уыдаид, — загътаиккой, йæхи равдисын, йæхицæй раппæлынмæ хъавыд, зæгъгæ. Фæлæ нозтджын дæр куы нæ уыд. Нæй, ам цыдæр кæй ис, уый мын цы зонын хъæуы. Цыдæр фыдбылызы хъуыддаг йæ зæрды бафтыд, æмæ мæ балхæнынвæнд кæны. Нæ, гæды зæгъыс, уый нæ уыдзæн! — ахъуыды кодта Лукашкæ. — Бæх уал мæнæ ис, дарддæр дæр Хуыцауы цы фæнда, уый уыдзæн. Чи нæ кæй фæсайдзæн, уый бæрæг нæй, уый дыууæйыл у, уый фендзыстæм!» Иу дзырдæй, ахæм зонд æм æрцыд, æмæ дзы хи хъахъхъæнын хъæуы, æмæ йæхæдæг йæхи цыргъ кодта, ардыдта, хæрамдæр æм цæмæй уыдаид, ууыл. Бæх æм цы ’гъдауæй æрхауд, уый кой никæмæн кодта. Иутæн дзырдта, балхæдтон æй, зæгъгæ, иннæтæн-иу былæлгъты ныхæстæ акодта. Фæлæ уæддæр хъæубæсты æцæгдзинад уайтагъддæр бамбæрстой. Лукашкæйы мад, Марьянæ, Илья Васильич æмæ хъазахъхъ куы базыдтой, æнæ исты æфсонæй, афтæ ницæуыл бæх ралæвар кодта, зæгъгæ, уæд джис-къус, гуызавæ кæнын байдыдтой æмæ дзы сæхи дард ластой, сæхи хъахъхъæдтой. Кæд ыл адæм æнæууæнк кодтой, уæддæр ын ацы хъуыддаг йæ хъæздыгдзинад æмæ йæ хæларзæрдæ раргом кодта æмæ йæ адæмы цæсты тынг скадджын кодта. 

— Кæсыс юнкермæ, мæнæ Илья Васильичмæ чи цæры, Лукашкæйæн фондз туманы аргъ бæх йæ фыццаг дзæбæх куы скодта, — дзырдта хъазахъхъæй иу. — Фыр хъæздыгæй ракæл-ракæл чи кæны, ахæм цыдæр у! 

— Фехъуыстон, — загъта иннæ арф хъуыдыгæнгæйæ. — Æвæццæгæн, дын исты дзæбæх фæци, æнæуый куыд, уæдæ. Бакæсæм уал æм — бон цæуы æмæ фарн йемæ хæссы. Ацы Лукашкæйæн йæ амонд хæрæгыл бады. 

— Уыцы юнкерты мыггагæн æмбал дзы нæй. Дæлгоммæгæсджытæ, фæлитойтæ, иу дзырдæй! — загъта æртыккаг. — Искæй басудзыныл кæнæ æндæр исты ахæм хъуыддаг бакæныныл нæ бацауæрддзысты. 

 

XXIII
 

Оленины цард цыд уыцы иу æгъдауыл, æмхуызон. Хицæуттæ æмæ йе ’мбал афицертимæ арæх не ’мбæлд, хъуыддаг дæр æй бирæ нæ уыд семæ. Уыцы æгъдауæй хъæздыг юнкеры цардæвæрд Кавказы тынг хорз æмæ пайда уыд. Хæстмæ кæй ацыд, уый тыххæй йæ афицермæ бавдыстой, æмæ, цалынмæ афицер райстаид, уалынмæ йæ нæ хъыгдардтой, æмæ æнцад, æнæмæтæй йæхицæн цард. Афицертæ йæ стыр уæздан адæмыл нымадтой æмæ, уымæ гæсгæ, йæ цуры сæхи æгъдауыл, аив дардтой. Æфсæдты æхсæн афицертимæ цы цард бавзæрста: къамæй хъазт, хъал къуыдипп митæ, хæрд, нозт, зарджытæ, уыдæттæ-йедтæм йæ зæрдæ не ’хсайдта, хорз æм нæ кастысты, æмæ уый сæраппонд хъæуы мидæг афицертæй йæхи цух дардта. Афицерты царды уаг хъæуты рагæй-æрæгмæ уыцы иу хуызы мидæг, уыцы иу æгъдауыл æвæрд уыд. Алы юнкер, алы афицер фидарæй мидæг цæргæйæ æдзух, æнæ иу бон цухæй, сау бæгæны куыд нуазы, къамæй штосс куыд хъазы æмæ хæстмæ ацыды тыххæй хæрзиуджыты кой куыд кæны, афтæ ам, хъæуы мидæг дæр, æрвылбон сæн нуазы фатеры хицæуттимæ, хорз уыны чызджыты адджинæгтæй, мыдæй, хъазахъхъы устытимæ хæты, бауарзы сæ, хаттæй-хатт дзы йæхицæн ус дæр æрхæссы. Оленин кæддæриддæр царды хицæн æгъдауыл æмæ над къахвæндагыл цæуын нæ уарзта. Ам дæр афтæ: кавказаг афицерты царды цæлхнадыл нæ ацыд. 

Йæхæдæг йæхи æгъдауæй йæ царды æвæрд афтæ æрцыд, æмæ алы райсом хъал кодта бонивайæны. Цай-иу куы бацымдта, уæд-иу йæ зæрдæйы дзæбæхæн йæ цæст ахаста хæхтыл, боны æгъдауыл æмæ Марьянæйыл, уый фæстæ-иу галдзармæй конд хæррæгътæ кæрцы къæрид йæ уæлæ акодта, удæст къогъодзитæ йæ къæхтыл скодта, йæ рон-иу йæ астæуыл æд хъама бабаста, райста-иу топп, хызын, хæринæгтæ бапъирозтимæ, бадзырдта-иу йæ куыдзмæ æмæ-иу райсомæй æхсæз сахатыл хъæуы æдде хъæдмæ араст кодта. Изæрæй-иу æвдæм сахатыл фæстæмæ æрбаздæхт фæлмæстæй, æххормагæй фондз-æхсæз мард каркимæ ронбастыл ауыгъдæй, кæнæ сырды мардимæ иуæй-иу хатт æмæ æнæвнæлд хызынимæ æд хæринæгтæ æмæ бапъирозтæ. Йæ хæдзармæ-иу æрцыд зæрдæнцойæ, æнæмастæй, тыхджын æмæ амондджынæй. Цæвиттоны хъуыддагæй, бафарстай йæ, цытæ хъуыды кодта уыцы афон, цуаны уæвгæйæ, уæд дын бæрæг-бæлвырд дзуапп нæ раттаид. Сæры хъуыдытæ, зæрдæйы фæндонтæ кæнæ æнæуый истытæ фын фенæгау сæры мидæг æмтъерыйæ æнæхъола ралли-балли кодтой. Куы-иу йæхи хъазахъхъагæй ауыдта цæхæрадоны кусгæйæ йæ хъазахъхъаг усимæ, куы-иу абырæгæй хохы ратæх-батæх кодта, куы та-иу нæл хуы фестад æмæ йæхæдæг йæхицæй лыгъди. Æмæ æдзух зæрдиагæй хъусы, лыстæг кæсы, хъахъхъæны æмæ æнхъæлмæ кæсы хъæддаг уасæгмæ, нæл хуымæ кæнæ сагмæ. 

Изæрæй Ерошкæйæн фæцухы мыггаг нæ уыд. Ванюшæ-иу ведрайы æстæймаг хай сæн æрбахаста æмæ-иу сабыргай, ныхæстæгæнгæйæ, дзæбæх банызтой, стæй-иу хъæлдзæгæй, разыйæ алчи йæхи айста хуыссынмæ. Дыккаг бон дæр афтæ: ног та-иу цуаны ацыдысты, ног та-иу бафæлмæцыдысты, ног та-иу, ныхæстæгæнгæйæ, хорз банызтой æмæ та амондджын уыдысты. Хатæй-хатт-иу бæрæгбоны кæнæ къаты боны йæ хæдзары бадти бон-изæрмæ. Ахæм бон-иу йæ куыст Марьянæйы скодта, йæ цæстытæ-иу дзы ныссагъта æмæ йæ йæхæдæг дæр не ’мбæрста, афтæмæй йын-иу рудзынгæй кæнæ тыргъæй йæ алы къахдзæфмæ, йæ алы змæлдмæ æдзынæгæй цыбæл, зыд каст кодта. Марьянæмæ каст, уарзгæ дæр æй кодта, æрмæст уыцы æгъдауæй, æмæ мæнæ хæхты кæнæ арвы рæсугъддзинад куыд уарзта, афтæ, уымæй дарддæр йæ зæрдæйы ницы фæндондзинад уыд. Афтæ йæм зынд, æмæ Марьянæ æмæ хъазахъхъаг Лукашкæйы æхсæн цы æгъдæуттæ уыдаид, уыдон иумæ куыд фидыдтаиккой, уыцы фидауц уый æмæ Марьянæйы æхсæн нæ уыдаид; уымæй ноджы фыддæр: хъæздыг афицер æмæ хуымæтæджы хъазахъхъаг чызг æгъдауæй кæрæдзимæ афтæ дард сты, æмæ кæрæдзи никуы бамбæрстаиккой. Афтæ дæр æм зынд, æмæ йе ’мбал афицертæ цытæ æмæ куыдтæ кодтой, афтæ уый дæр куы бакодтаид, уæд йæ гæрз мæцъæй баивтаид æмæ, цы æхсызгондзинад æндæвта, уый бæсты зæрдæниз, тухитæ æмæ фæсмондзинад ссардтаид. Уыцы сылгоймаджы тыххæй, йæ зæрдæ кæмæй барухс, ахæм уарзондзинад хъуыддаг дæр бакодта — бæх балæвар кодта. Фæлæ цæмæйдæр стъæлфыд — Марьянæмæ йæ ныфс нæ хаста æмæ йæм ницæй тыххæй бауæндыдаид æцæгæй нæ, фæлæ хъазгæйæ дæр уарзон ныхас зæгъын. 

Иуахæмы кæддæр, сæрдыгон бон, цуаны нал ацыд æмæ сæхимæ бадти. Æнæнхъæлгæйæ, æваст уæларвæй дур æрхауæгау æм йæ мæскуыйаг зонгæ, хæрз æрыгон адæймаг, стыр адæмы æхсæн кæимæ сæмбæлдтытæ кодта, уый æрбалæууыд. 

— Уæуу, мæнæ ма кæй федтон! Мæ зынаргъ æфсымæры! Цы æхсызгон мын уыд, цы, ам дæ, уый куы базыдтон, уæд! — байдыдта уый мæскуыйаг францусаг æвзагæй æмæ дарддæр дæр афтæ дзырдта, — уырыссаг æмæ францусаг ныхæстæ æмхæццæгæнгæйæ. — «Оленин», зæгъгæ, мын, куы загътой, уæд мæхинымæры дис кодтон, кæцы Оленин уа, цымæ? Ам кæрæдзи фендзыстæм, уый æнхъæл чи уыди. Афтæ æхсызгон мын уыд, æмæ дын æй куыд зæгъон. Гъы, куыд дæ, дæ хорзæхæй? Чердыгæй? Цы хур, цы къæвда дæ æрхаста? 

Æмæ йын кънйаз Белецкий йæ хабæрттæ сæрæй-бынмæ ракодта: рæстæгмæ ацы полчъы куыд ныллæууыд, æфсæдты сæрдар æй йæхицæн адъютантæн куыд хуыдта, хæсты фæстæ йæм куыд ныллæууыд, афтæмæй та цыма уыдæттæ-йедтæ ницæмæ дардта, йæ цæсты кадджын нæ уыдысты, уыцы хуызы йæхи æвдыста. 

— Ацы сæрсæфæн бæсты, æгæр-мæгуыр, дæхицæн мацы скæн, уый та куыд?.. Фæндаг... крест... цин, гвардимæ бахизын. Уыдæттæ æхсызгон хъæуынц, мæхи уды тыххæй, мыййаг, нæ, фæлæ хæстæджыты, зонгæты тыххæй. Кънйаз мын иттæг хорз æгъдау радта, бацин мыл кодта; тынг уæздан адæймаг у, цы дзы загъдæуа, — дзырдта Белецкий æнæбанцайгæйæ. — Хæстмæ кæй ацыдтæн, уый тыххæй мæ Аннæйы крестмæ бавдыстой. Ныр у, æмæ уал ам ацæрдзынæн хæстмæ цæуыны афонмæ. Ам иттæг хорз у. Цы сылгоймæгтæ дзы ис, уый куы зонис! Гъы, куыдтæ мын цæрыс, дæ хорзæхæй! Нæ капитан мын дæ кой кодта — зондзынæ йæ, æвæццæгæн, — Старцев; æдылы у, фæлæ зæрдæхæлар, фæлмæн адæймаг... Уый, зæгъы, хъæддаг сырдау иунæгæй цæрыс, хæстæг никæмæ цæуыс. Амы афицертимæ æмдзæхдон кæй нæ кæныс, уый æмбарын. Æхсызгон мын у, амæй фæстæмæ кæрæдзи кæй уындзыстæм, уый. Ам æз фатеры урядникмæ ныллæууыдтæн. Цы чызг дзы ис, цы, Устенькæ, зæгъгæ. Куыд дын дзы зæгъон, — цыбыр ныхасæй, цыкурайы фæрдыг! 

Æмæ ноджыдæр, æмæ ноджыдæр згъæлдысты францусаг æмæ уырыссаг ныхæстæ. Оленин æвдисæн кæуыл бакодта, уыцы мæскуыйаг стыр адæмы æвзаджы хаттæй. Адæм æм цы цæстæй кастысты, уымæ гæсгæ Белецкий иттæг рæсугъд æмæ хæларзæрдæ адæймаг уыд. Кæд æцæг афтæ уыд, уæддæр Оленины зæрдæмæ нæ бацыд, тынг æнад ын фæци. Дæлвæд-уæлвæд, цы адæмыл бавдисæн кодта, уыдонæй иу. Уыцы æнад адæймагæн цæхгæр йæ ных бакъуырын кæй нæ бафæрæзта, уый йын иттæг зын уыд. Хъыг ын уыд, йæ зæронд зонд, йæ зæронд æгъдæуттæ æмæ ахуырæй йæхи ныр дæр ма суæгъд кæнын кæй нæ фæрæзта, уый. Мæсты кодта йæхимæ дæр æмæ Белецкиймæ дæр, фæлæ йæ ахуырмæ гæсгæ æвæндонæй, æнæбары ныхасгæнгæйæ, францусаг ныхæстæ æмхæццæ кодта, — æфсæдты сæрдары æмæ мæскуыйаг зонгæты кой кодта. Хъазахъхъы хъæуы мидæг сæ дыууæ дæр францусагау кæй дзырдтой, уый сæраппонд æвзæр, æлгъаджы цæстæнгасæй каст йе ’мбал афицертæ æмæ хъазахъмæ, Белецкийы та хицоны, хæлары æгъдауыл бабуц кодта, куырдта дзы, куыд-иу æй абæрæг кæна, афтæ, æмæ йын дзырд радта, йæхæдæг дæр æм кæй цæудзæн, ууыл. Оленин уæддæр нæ цыд Белецкиймæ. Ванюшæ Белецкийæ раппæлыд, загъта: уæздæттæн сæ тæккæ æцæгтæй у, зæгъгæ. 

Белецкий уайтагъд, хъæздыг кавказаг афицерæн куыд æмбæлд, уыцы æгъдауыл йæ цард сæвæрдта. Оленины цæсты раз раст мæйы бонмæ рагон цæрæг адæймагау хицон æрбаци хъæуы мидæг. Зæронд лæгты расыг кодта, чызджытæн хъазтизæртæ арæзта, йæхæдæг дæр сæм æнæзивæг цыд, йæхæдæг арæх æппæлыд, чызджыты æхсæн йæ фæндаг хорз кæй цыд æмæ йын кæй æнтыст, уымæй; афтæ хицон сси, æмæ йæ чызджытæ æмæ устытæ, Хуыцау зоны, цæй дымæгмæ, фæлæ йæм зæронд лæджы номæй дзурын байдыдтой. Сæн æмæ сылты кæй уарзта, уыйадыл æй хъазахъхъ дзæбæх бамбæрстой, сахуыр ыл сты æмæ йæ Оленинæй тынгдæр бауарзтой, Оленин циу, цавæр у, ууыл нæ хæст кодтой, нæ йæ æмбæрстой æмæ йæ гуырысхойаг адæймагыл нымадтой, йæ хуымгæнд дæлдзæх кæмæн ис, ахæмыл. 

 

XXIV
 

Райсомæй фондз сахаты уыд. Ванюшæ цырыхъхъы хъусæй самовары зынджытæ дымдта. Оленин бæхыл хи найынмæ Теркмæ аивгъуыдта. Æрæджы йæхицæн хи ирхæфсыны тыххæй ног хъæлдзæгдзинад æрхъуыды кодта: Терчы йæ бæх найын. Хæдзары хицауы ус мидæгæй хæдзары уыд, пецы арт æндзæрста, æмæ бæзджын сау фæздæг ердойæ уæлæмæ цыд. Чызг хъасбахъы мидæг къамбец дыгъта. «Амæй æлгъыстдæр ма фос уыдзæн, иу ран фæлæууыны мыггаг ын нæй!» — цыдис хъасбахъæй чызджы ныхас, уымæн йæ хæд уæлвæд та æхсыры æмхуызон цъыгъгъуытт дуцгæ-дуцын. Хæдзары цур уынджы бæхы рог цыды къæхты хъæр фехъуыст, æмæ Оленин рæсугъд, æрттиваг, тарцъæх бæхыл бирæгъы цыдæй кулдуары цур æрбалæууыд. Марьянæ йæ рæсугъд сырх сæрбæттæнæй баст сæр скъæты дуарæй æддæмæ радардта æмæ та фæстæмæ фæаууон. Олениныл уыд сырх дари хæдон, урс цухъхъа, æлвæст рон хъамаимæ æмæ бæрзонд худ. Чысыл хъалгомау бадт кодта хуылыдз бæхы рагъыл æмæ йæ иу къухæй топпы къæдзыл хæцгæйæ æргуыбыр кодта кулдуар байгом кæнынмæ. Йæ сæрыхъуынтæ нырма хуылыдз уыдысты; лæппулæджы æвзонг цæсгом æнæниздзинад æвдыста. Уый афтæ æнхъæл уыд, бæхыл хорз фидауы, хорз арæхсы, цыбыр ныхасæй — барæг у. Фæлæ уымæ дард уыд. Кавказаг барæг æй уыциу бакастæй базыдтаид, салдат кæй y æмæ йæ барæгмæ бирæ цыдæртæ кæй хъæуы, уый. Чызджы рæсугъд сæрыл йæ цæст куы фæхæцыд, уæд ноджы цырддæр фæгуыбыр кодта, кауын кулдуар иуварсырдæм аппæрста, бæхы рохтæ æрбамбырд кодта, ехс дард фæхаста, бæхмæ февзыста æмæ кæрты балæууыд. «Цай цæттæ у, Ванюшæ?» — фæхъæр кодта хъæлдзæгæй Оленин æмæ йе ’ргом барæй чызджы ’рдæм нæ, фæлæ иннæрдæм сарæзта. Дзæбæхау æм каст æмæ йын æхсызгон уыд, бæх йæ фæстаг æрдæг куыд æрбалвæста, рохтæ размæ ивазгæйæ йæ сæрæй куыд хъазыд æмæ кауы сæрты агæппæввонгæй хус æлыгцъар кæрты йæ мидбынаты куыд кафыд. «Ce пре!15» — загъта Оленинæн Ванюшæ. Афтæ æнхъæл ма уыд, Марьянæйы рæсугъд сæр æм хъасбахъæй кæсы, æмæ йын цыма фыддæрадæн кодта, уыйау æм фæстæмæ дæр нæ фæкаст. Бæхæй рагæпп ласта, асины сæрыл йæ топп скъуырдта, уæзбын æнаив къахдзæф акодта æмæ фæстæмæ хъасбахъмæ тарст каст фæкодта, кæд мæ, мыййаг, федта, зæгъгæ, фæлæ йæ цæст ницæуыл фæхæцыд, æрмæст та уыцы æмхуызон цъыгъгъуытт хъуыст къамбец дуцгæйæ. 

Оленин уатмæ бацыд, чысыл афæстиат æмæ фæстæмæ рацыд, чиныг йæ къухы, лулæ йæ дзыхы, афтæмæй, æмæ стъолы фарсмæ цайы агуывзæйы цур æрбадт, хуры тæссармæ арæзт тынтæ кæдæм нæма хæццæ кодтой, ахæм аууон ран. Ацы бон сихæрттæм ацæуинаг никæдæм уыд, фæлæ бонæй-бонмæ æмгъуыд цы писмотæн кодта, уыдон ныффыссынвæнд скодта, æрмæст æй цыдæр урæдта, — йæ бынатæй сыстын æй нæ фæндыд, ахæстонмæ цæуæгау æм зын каст уатмæ фæстæмæ баздæхын. Хæдзары хицауы ус пец стæвд кодта, чызг хъом аскъæрдта, фæстæмæ куы æрбаздæхт, уæд сæнæрттæ æмбырд æмæ ныхасын байдыдта æмбондыл, Оленин чиныджы каст, фæлæ дзы уынгæ ницы кодта, йæ зæрдæ æндæр ранмæ æхсайдта. Æдзух фæкæс-фæкæс кодта, йæ цæсты раз рауай-бауай чи кодта, уыцы тыхджын æвзонг сылгоймаджы змæлдмæ. Райсомы уазал аууонмæ бацыдаид уыцы сылгоймаг кæнæ кæрты астæу фæзындаид уыцы хæрзконд гуыр, æрттиваг дзаумайы мидæг — хъауджыдæр нæ уыд, алцæмæ дæр æдзынæг каст, иу фезмæлд дæр дзы цæмæй нæ аирвæзтаид, уый тæссæй. Æхсызгон ын уыд чызгмæ кæсын, йæ нарæг астæу-иу зæхмæ куыд æртасын кодта кæнæ-иу йæ сырх хæдон куыд æмбырдтæ, куыд æнцъылдтæ кодта риуыл æмæ зæнгтыл дæлæмæ. Йæ зæрдæ-иу бахъæлдзæг, чызджы астæу-иу фæстæмæ куы стасыд кæнæ æнгом хæдоны бынæй-иу æргом куы фæзындысты улæфгæ риуы бæрæггæнæнтæ. Зæрдæ рухс кодта йæ къахы айстæй, нарæг зæвæт-иу зæронд сырх сæрак дзабыры мидæг уыцы иу æгъдауыл зæххыл куыд ныдзæвд, кæнæ-иу йæ тыхджын къухтæ фæстæмæ фæлдæхт дыстимæ цæнгты хæцъæфтæ тынггæнгæйæ фыййагæй мæсты æппæрст куыд кодтой, кæнæ-иу æм йæ къуырф сау цæстытæ хаттæй-хатт куы фæкомкоммæ, куы фемдзаст сты. Кæд йæ нарæг æрфгуыты бынæй тарæрфыгæй каст, уæддæр йæ цæстæнгас дзырдта, йæ рæсугъддзинад йæхæдæг дæр кæй æмбары æмæ уымæй йæ зæрдæ рухс кæй у, уый. 

— Оленин, раджы сыстадтæ? — афарста йæ Белецкий кæртмæ цæугæйæ кавказаг афицеры дзаумайы мидæг. 

— А-а, Белецкий куы дæ, — фæстæмæ йæм, йæ къух даргъгæнгæйæ, сдзырдта Оленин, — куыд раджы? 

— Цы бакæнон, уæдæ. Рантъæрдтой мæ. Абон мæм хъазтизæр уыдзæн. Марьянæ, ды та цы зæгъыс, æрбацæудзынæ Устенькæмæ? — загъта чызгмæ дзургæйæ Белецкий. 

Оленин бадис кодта, куыд уæндыд Белецкий афтæ хицон æгъдауæй дзурын уыцы сылгоймагмæ. Фæлæ Марьянæ, цыма ницы фехъуыста, уыйау йæхи фæтигъ кодта, фыййаг йе ’ккой баппæрста æмæ дæлæмæ, зæхмæ кæсгæйæ, лæджы цыдæй цырд хæдзары ’рдæм баивгъуыдта. 

— Æфсæрмы кæны, æфсæрмы, — йæ фæдыл дзырдта Белецкий, — дæуæй æфсæрмы кæны, — æмæ хъæлдзæгæй, худгæйæ асинтыл уæлæмæ сызгъордта. 

— Цæй хъазтизæры кой кæныс? Чи дæ рантъæрдта? 

— Мæ фатеры хицауы чызг хъазтизæр аразы. Ды дæр хуынд дæ. Хъазтизæр, зæгъгæ, фыдджын æмæ чызджыты æмбырд. 

— Æмæ дзы мах та цы мигæнæг уыдзыстæм? 

Белецкий йæ мидбылты бахудт хинæйдзаг худтæй, йæ цæст фæныкъуылдта æмæ сæрæй ацамыдта, Марьянæ кæдæм бацыд, уыцы хæдзармæ. 

Оленин йæ уæхсчытæ æрбалвæста, æмæ цæсгомы туг абадти. 

— Мæ хуыцауыстæн, куыддæр мæм æнахуыр адæймаджы хуызæн кæсы. Цæй, цæй, дзур дарддæр. 

Оленин йæхи фæтар кодта. Белецкий йæ бамбæрста æмæ, джискъусгæнгæйæ, бахудти. 

— Амæй диссагдæр ма цы уа, дæ хорзæхæй! — загъта Белецкий. — Иу хæдзары цæргæйæ... æмæ ахæм дзæбæх чызг, тынг дзæбæх, иттæг рæсугъд... 

— Рæсугъдæй та дзы цы загъдæуа! Диссаг, нæртон диссаг! Ахæм сылгоймагыл мæ дунейы никуыма сæмбæлдтæн, — загъта Оленин. 

— Дæуæн ма уый загъдæуа. Гъемæ, уæдæ куыд? — Æппын ницы æмбаргæйæ афарста Белецкий. 

— Чи зоны, æмæ дæ зæрдæмæ нæ фæцæудзæн мæ ныхас, — радта йын дзуапп Оленин. — Фæлæ цы уа, уый зæгъын хъæуы. Ам цы бон æрцардтæн, уыцы бонæй ацы бонмæ сылгоймаг мæ хъуыдыйы дæр нæ уыд. Æмæ дын, гæды ма зæгъон, хорз мæм кæсы уый. Стæй æнæуый дæр, зæгъ-ма мын, амы сылтæ æмæ мах æхсæн цы ис? Max — хицæн, уыдон — хицæн. Ерошкæйæ ма куы зæгъай, уæд уый хицæн хъуыддаг у. Нæ дыууæ дæр иу куыст кæнæм — æмцуанæттæ стæм. 

— Гъеуый дын ныхас, гъе! Цы, дам, ис не ’хсæн! Æмæ, уæдæ, зæгъ-ма мын, дæ хорзæхæй, мæн æмæ Амалия Ивановнæйы æхсæн цы ис? Гъеуый дæр афтæ. Афтæ ма куы загътаис, чъизи, фыдæхсæст сты, уый ма дын зæрдæмæ бацыдаид. «A la guerre, comme al la guerre!»16

— Æз, мæ хæдзар, Амалия Ивановнæты нæ зыдтон, семæ цæрын арæхсгæ дæр нæ кодтон, — загъта Оленин. — Фæлæ уыдонæн æгъдау дæттæн, уыдонæн аргъ кæнæн нæй, адонæн та ис, адон мæ цæсты кадджындæр сты. 

— Гъемæ сын дæтт æгъдау! Чи дæ хъыгдары? 

Оленин ницыуал загъта. Æвæццæгæн ма йæ фæндыд йæ ныхас кæронмæ ахæццæ кæнын, йæ зæрдиаг хъуыдытæ зæгъын. 

— Куыд кæсын, афтæмæй ам иунæг мæ уды йеддæмæ дыккаг мæ хуызæн нæй. (Чысыл фефсæрмыгомау). Мæ царды æвæрд афтæ æрцыд, æмæ йæ, цæвиттон, аивон, фендæрхуызон æй кæнон, уыцы зæрдæ мæм нæй. Æз, гæды дын ма зæгъон, ды цы æгъдауы мидæг цæрыс, уыцы æгъдауы мидæг цæрын нæ бафæрæзтаин, æнамонддæр уыдаин. Æнæуый дæр æз æндæр æгъдауыл лæуд дæн; ды сæм цы цæстæй кæсыс, æз сæм уыцы цæстæй нæ кæсын. 

Белецкий гуырысхогæнгæйæ йе ’рфгуытæ фелхынцъ кодта. 

— Уæддæр-иу изæры æнæ æрцæугæ ма фæу. Марьянæ дæр уым уыдзæн, — æз уæ балымæн кæндзынæн. Дæ зæрдæмæ куы нæ бацæуа, уæд ацæудзынæ, æндæр ма дзы исты ис. Æрцæудзынæ? 

— Цæугæ, чи зоны, ’мæ ныккæнин, фæлæ, раст зæгъгæйæ, мæ зæрдæ мæхиуыл нæ дарын: тæрсын, æгæр куы бауарзон. 

— О-о-о! — фæхъæр кодта Белецкий. — Цæугæ ’ркæ, уый йеддæмæ дын дæ зæрдæйы низæн æз хос ссардзынæн. Æрцæудзынæ? Æцæг зæгъын, æцæг, æри, уæдæ дæ хуыцауы къух! 

— Цæугæ ныккæнин, фæлæ дын ме ’цæгæй зæгъын, — уым цы ми кæндзыстæм, уымæн ницы æмбарын. 

— Мæ хатыр бакæ, æз дæ курын. Æрцæудзынæ, уæдæ, нæ? 

— Хорз, ныццæудзынæн, æвæццæгæн, — загъта Оленин. 

— Дæ хорзæхæй, цы ма дæ хъæуы! Уый дын рæсугъд сылгоймæгтæ; ахæмтæ дæ дунейыл дæр не ссардзынæ, афтæмæй моладзанæй цæр! Мархо дар, уый та куыд? Дæ къухы цы уа, уымæй цæрын ма базон æмæ барвæндонæй дæ цард хал, уый дæр хъуыддаг у? Хæдæгай, йед та... фехъуыстай, мæ ротæ Воздвиженскиймæ цæудзæн, уый? 

— Æз не ’нхъæл дæн. Мæнæн афтæ загъд и, цыма æстæймаг ротæ цæудзæн, — загъта Оленин. 

— Нæ, æз адъютантæй писмо райстон. Уый фыссы, кънйаз йæхæдæг дæр æфсады цæудзæн. Æхсызгон мын у, уым кæрæдзи фендзыстæм. Ам, раст дын зæгъон, хъыг кæнын байдыдтон. 

— Афтæ дзурынц, тагъд бабырсынмæ хъавынц. 

— Ахæм хабарæй ницы фехъуыстон; фæлæ мæ хъустыл æрцыд, Криновицынæн хæстмæ ацыды тыххæй Аннæ17 рацыд. Уый та поручикмæ æнхъæлмæ каст, — загъта Белецкий худгæйæ. — Йæ хъуыддаг дзæбæх нæ рацыд. Штабмæ аивгъуыдта... 

Изæрдалынгтæ æрци. Оленинæн йæ зæрдæ хъазтизæримæ дзурын байдыдта. Хуынды цæуын æм зын касти, йæ зæрдæйы йын низ бауагъта. Цæуын æй æрфæндыд, фæлæ уым цы митæ кæндзысты, уыдæттæ йæм куыддæр æнахуыр диссаг, æнаив æмæ тæссаг зындысты. Уый зыдта — чызджыты йеддæмæ дзы зæронд устытæ æмæ хъазахъхъ хъуамæ ма уой. Цытæ кæндзысты? Хи куыд дарын хъæуы? Цы дзурын хъæудзæн? Чызджытæ цы дзурдзысты? Цы æгъдæуттæ хъуамæ уа уымæн йæхи æмæ хъæддаг сырдты — хъазахъхъаг чызджыты æхсæн? Белецкий ахæм æнаккаг, æбуалгъ, фæлæ карз, хиуылхæцгæ миты кой кодта... Диссаг æм каст, уым Марьянæимæ иу уаты кæй уыдзысты, чи зоны, æмæ ныхас дæр кæй кæндзысты, уый. Уый та куыд уыдзæн, зæгъгæ, хинымæры дзырдта, Марьянæйы хъал аив уæнгты ахаст-иу зæрдыл куы æрбалæууыд, уæд. Нæй, куы нæ ацæуин, уæд хуыздæр уаид. Уыдæттæ иууылдæр æнæуаг, цъаммар, æбуалгъ митæ сты — хъæугæ дæр ницæмæн кæнынц. Фæлæ та-иу зæрдæ ахсайдта: фенын æмæ базонын хорз уаид. Æмæ дзырд кæй радта, уый бакæнын йæхицæн хæсы хуызæн нымадта. Цæхгæр ницæуыл алыг кодта хъуыддаг, фæлæ уæддæр араст æмæ, Белецкиймæ куы бахæццæ, уæд мидæмæ бацыд. 

Белецкий цы хæдзары цард, уымæн йæ конд, йæ арæзт раст Оленины хæдзары хуызæн уыд. Хæдзар уыд дыууæуатон, цæджындзтыл арæзт, зæххæй уæлæмæ сæ бæрзæнд дыууæ адылийы кæмæн уыдаид, ахæмтыл. Оленин æмуырдыг арæзт асиныл уатмæ бацыд, уым иуварсыгæй дзæбæх, аив æфснайд уыдысты хъæццултæ, базтæ, гобæттæ æмæ гауызтæ. Къултыл ауыгъд уыдысты æрхуы тастæ æмæ гæрзтæ. Нарæты бын лæууыдысты харбызтæ æмæ настæ. Дыккаг уаты мидæг уыд стыр дзулфыцæн пец, стъол, даргъ бандæттæ æмæ зæронддингæнджыты дзуæртты нывтæ. Уыцы уаты цард Белецкий. Уаты уыди чумæдантæ, чысыл гауыз, гауызыл гæрзтæ ауыгъд, дарддæр стъол, йæ уæлæ æфснайд æмæ аив æвæрд уыдысты лыстæг дзауматæ æмæ хуызистытæ. Дари куырæт уæгъд æппæрстæй лæууыд тъахтиныл. Белецкий йæхæдæг сыгъдæг мидæггаг хæдон æмæ хæлафы мидæг аив хуыссыд сынтæгыл æмæ чиныджы каст. «Les trois mousquetaires»18

Белецкий йæ хуыссæнуатæй фæгæпп ласта. 

— Уыныс, мæ царды æгъдау куыд сарæзтон. Куыд дæм кæсы, дæ зæрдæмæ цæуы? Цы хорз бакодтай, кæй æрцыдтæ, уымæй. Уыдон архайынц, кусынц хæлæфæй. Фыдджын цæмæй кæнынц, уый зоныс? Хыссæ, хуыйы фыд æмæ сæнæфсирæй. Фæлæ хъуыддаг ууыл нæу. Бакæс-ма, куыд гъæйттæй кусынц, уымæ. 

Æмæ, æцæг, рудзынгæй ракастысты æмæ ауыдтой, чызджытæ хæдзары мыдыбындзытау куыд ратæх-батæх кодтой, уый. Дыууæрдæм, хæдзарæй тыргъы æхсæн, æддæмæ-мидæмæ кодтой куы иу, куы иннæ дзаумаимæ. 

— Тагъд уыдзыстут? — ахъæр сæм кодта Белецкий. 

— Ныртæккæ! Нал лæууыс, сæххормаг дæ, баба? — Æмæ хæдзарæй фехъуыст чызджыты хъæрæй худт. 

Устенькæ, пумпуси, сырхуадул, зæрдæмæдзæугæ, фæстæмæ фæлдæхт дыстимæ, Белецкийы уатмæ бауад тæбæгътæм. 

— Мæнæ цы и, мæнæ! Тæбæгътæ сæттын, — цъæхснаг хъæлæсæй фæхъæр кодта Белецкийыл Устенькæ. — Ды дæр дзæгъæл бадты бæсты бацыдаис æмæ исты феххуыс кодтаис, — фæхъæр кодта Олениныл чызг худгæ-худын. — Чызджытæн дæр адджинæгтæ бацæттæ кæн. 

— Марьянæ дæр æрцыд? — афарста Белецкий. 

— Цæй тыххæй хъуамæ ма ’рцæуа? Хыссæ дæр уый куы æрхаста. 

— Цæвиттоны хъуыддагæй, — зæгъгæ, загъта Белецкий, — ацы Устенькæйы дзæбæх сараз, ссыгъдæг æй кæн æмæ йæ буц царды баппар, уæд мах рæсугъдтæ йæ рыджы дæр нæ фæзыниккой. Хъазахъхъаг Борщевы чызджы цы федтаис? Мæнæ булкъон мой чи скодта, уый. Уымæй рæсугъддæр мады гуыбынæй нæ рацæудзæн. Цы dignité 19 y! Кæм свæййынц афтæ... 

— Борщевы чызджы никуы федтон, фæлæ, мæнырдыгонау, адон дарæсæй хуыздæрæн скæнæн дæр ма нæй. 

— Æвæдза, диссаджы адæймаг дæн æз, алы царды уагимæ фидауын дæр зонын, — загъта Белецкий хъæлдзæгæй, зæрдæбынæй улæфгæйæ. — Цон, бакæсон сæм, кæддæра цы ми кæнынц. — Йæ уæлæфтау дзаума йæ уæлæ баппæрста æмæ ацыд. — Ды та адджинæгты кой бакæ, — фæдзырдта фæстæмæ Оленинмæ. 

Оленин кусæг салдаты арвыста пряниччытæ æмæ мыдмæ, æхца дæттын æм ахæм зын, ахæм æнаккаг хъуыддаг каст, цыма æхцайæ искæй, сайды æгъдауыл, балхæнынвæнд кодта, уыйау. Уымæ гæсгæ йæ салдат куы бафарста, цас балхæнон, зæгъгæ, битъына æмæ мыдджын пряниччытæй, уæд ын бæрæг-бæлвырд дзуапп раттын нæ бафæрæзта. 

— Куыд дæ фæнды, афтæ. 

— Ce ’ппæтæй дæр? — афарста та йæ зæронд салдат джискъусгæнгæйæ. — Битъынаджынтæ зынаргъдæр сты. Æхсæрдæсгæйттыл сæ уæй кодтой. 

— Ce ’ппæтæй, ce ’ппæтæй, — сдзырдта Оленин, рудзынджы цур æрбадти æмæ дис кодта, йæ зæрдæ афтæ тынг кæй гуыпп-гуыпп кодта, ууыл, цыма исты æвзæр, æнахъинон хъуыддаг бакæнынмæ йæхи цæттæ кодта, уыйау. 

Оленин фехъуыста, чызджытæн сæ хъæр æмæ сæ ахст куыд ссыди. Белецкий сæм куы бацыд, уæд, стæй федта, чызджытæ йæ тыххæй, хъуырдухæнгæнгæйæ, худæгæй мæлгæйæ лидзæг куыд фæкодтой æмæ асинтыл дæлæмæ куыд атахт. 

— Рантъæрдтой, — загъта Белецкий. 

Иукъорд минуты фæстæ Устенькæ уатмæ бацыд æмæ уазджытæн «еблуагъæ», зæгъгæ, загъта, ома — мидæмæ, цæттæ стæм. 

Куы бацыдысты, уæд æцæг алцыдæр уыцы цæттæйæ баййæфтой. Устенькæ бумбули гобæттимæ архайдта æмæ сæ къулæнцой æвæрдта. Чысыл салфеткæйæ æмбæрзт стъолыл лæууыд графин сæнимæ æмæ хусгонд кæсаг. Уаты уæлдæф хыссæ æмæ сæнæфсиры тæф кодта. Чызджытæ, иу-æхсæзы бæрц, ног куырæтты мидæг, гомсæртæй, пецы фæстæ къуымы ныдздзыгуыр сты æмæ сæ кæрæдзийыл сæхи ныхасгæйæ худтысты æмæ пыррыччытæ кодтой, сусæгæй ныхас кæнгæйæ. 

— Курæм уæ, сбадут æмæ мæ зæдыхайæн бакувут, — загъта Устенькæ уазджыты фынгмæ хонгæйæ. 

Оленин уыцы замманайы æмхуызон рæсугъд чызджыты æхсæн Марьянæйы ауыдта æмæ йын хъыг уыд, ахæм æгад, æнаккаг æгъдæутты æмæ фадæтты мидæг ыл кæй сæмбæлд, уый. Базондзæн æмæ сарæхсдзæн, ууыл йæ зæрдæ нæ дардта æмæ бауынаффæ кодта алцæмæй дæр Белецкийы фæзмын, — уый куыд кæна, æз дæр афтæ кæндзынæн, зæгъгæ. Белецкий цыма стыр æгъдæуттæ æмæ хъуыддæгты мидæг бацыд, уыйау ныфсджынæй æмæ аивæй фынгмæ хæстæг бацыд, иу нуазæн Устенькæйы цæрæнбоны тыххæй банызта, стæй иннæтæй дæр ракуырдта, уыдон дæр уый хуызæн фæйнæ куыд баназой, афтæ. Устенькæ сын бамбарын кодта, чызджытæ кæй нæ нуазынц, уый. 

— Мыдимæ, чи зоны, æмæ баназдзысты, — фехъуыстис чызджыты æхсæнæй иуы хъæлæс. 

Уыцы сахат салдат дæр æрбахæццæ, æмæ йæм адзырдтой. Салдат æрфгуыты бынæй, хæлæггæнæгау æви уайдзæфгæнæгау, уый не сбæрæг, фæлæ минасгæнæг «господатыл» йæ цæст рахаста æмæ сын аивæй, зæрдæлхæнæн коммæгæсæджы æгъдауæй балæвæрдта цъæх гæххæтты тыхт мыды фæзгъæр æмæ пряниччытæ. Цасæй сæ балхæдта æмæ ма йæм фæстæмæ цас рацыд æхца, уый тыххæй ма цыдæр зæгъын йæ зæрды уыд, фæлæ йæ Белецкий дзурын нал бауагъта æмæ йæ дуары æдде фæкодта. 

Белецкий агуывзæты сæн æмæ мыд ныккодта, æртæ джиранкæйы пряниччытæ фынгыл аив ахæлиу кодта, чызджыты къуымæй тыххæй раласта, фынджы алыварс сæ æрбадын кодта æмæ сын пряниччытæ уарын байдыдта. Оленин æвæндонæй ауыдта Марьянæйы хурсыгъд чысыл къух, иу бур æмæ дыууæ битъына пряниччы куыд систа, джискъусгæнгæйæ, цы сын хъуамæ бакæна, ууыл, хъуыдыгæнгæйæ. Устенькæ æмæ Белецкийы фæндыд уазджыты бахъæлдзæг æмæ, уымæ гæсгæ, сæхи æнæбары хъæлдзæг, къæйных æмæ уæндон дард кодтой, фæлæ уæддæр сæ ныхас кæрæдзийыл нæ бадти, æмæ æнкъард уыдысты. Оленин тыхсти, хъуыдытæ кодта, цы зæгъон, зæгъгæ, стæй йæхимæ æнкъардта, цыма сæ каст иудадзыг дæр уый скодтой, цыма йыл худгæ дæр кæнынц æмæ уымæй æфсæрмыгæнгæйæ иннæты дæр æфсæрмы кæнын кодта. Йæ цæсгом-иу фæсырх æмæ йæм афтæ зынд, цыма Марьянæ уæлдай тынгдæр æфсæрмы кодта, уыйау. «Æвæццæгæн, æхцамæ æнхъæлмæ кæсынц, — зæгъгæ, загъта хинымæры. — Цæй æфсон æмæ куыд æгъдауæй сын дæтдзыстæм æхцатæ? Тагъддæр сын раттæм, æмæ лидзын хъæуы!» 

 

XXV
 

— Уæ хæдзары фатеры чи цæры, уый куыннæ зоныс? — загъта Белецкий, Марьянæмæ дзургæйæ. 

— Хæстæг нæм куы нæ цæуы, уæд æй куыд базонæм, — загъта Марьянæ æмæ Оленинмæ иу каст фæкодта. 

Оленин цыма истæмæй фæтарст, уыйау йæ зæрдæ ныссæххæтт кодта æмæ цы дзырдта, уый йæхæдæг дæр не ’мбæрста, афтæмæй загъта: 

— Дæ мадæй нæ уæндын. Фыццаг хатт уæм куы бацыдтæн, уæд мын мæ хъуын ацагъта, алывыд мын фæкалдта. 

— Æмæ дзы ды дæр фæтарстæ, нæ? — загъта чызг, иу каст æм фæкодта æмæ йæхи иннæрдæм азылдта. 

Ацы ран фыццаг хатт федта Оленин рæсугъд чызджы цæсгом æххæстæй, уыйагъоммæ дæр æй федта, фæлæ æрмæст кæлмæрзæны тыхтæй суанг цæстыты онг. Хуымæтæджы нæ дзырдтой, уымæй рæсугъддæр æгас хъæуы мидæг нæй, зæгъгæ. Устенькæ дæр зæрдæмæдзæугæ чызг уыд: чысыл, хæрзхуыз, сырхуадул, хъæлдзæг, сынты базыры хуызæн сатæг сау цæстытæ, æнæбанцайгæ ныхасгæнаг æмæ худаг. Марьянæ, дзæбæх кæй фæхонынц, ахæм нæ уыд, фæлæ уыд æцæг адæмæн æмбисонды рæсугъд. Йæ цæсгомы ахаст фыццаг бакастæй карз зындаид нæлгоймаджы цæсгомы хуызæн, фæлæ йæ хæрзконд даргъ гуыр, тыхджын бæрæчет риу æмæ уæхсчытæ, даргъ сау цæстытæ, карз æмæ буц, уарзæгой цæстæнгас, тар зиллæччытæ цæстыты алфамбылайы, рæвдауæн дзыхы арæзт æмæ зæрдæмæхъарæн адджын мидбылты худт, — уыдон ce ’ппæт иумæ кæрæдзиуыл диссаг хорз фидыдтой æмæ стыр рæсугъддзинад æвдыстой. Худгæ æцæг арæх нæ кодта, фæлæ йæ бахудт адæймаджы зæрдæйы ауындзæнтæм æвнæлдта. Бæрæг уыд алцæмæй дæр, æнæхæлд, сыгъдæг, æнаипп, æфсармджын æмæ æнæниз кæй уыд, уый. Чызджытæ ce ’ппæт дæр рæсугъд уыдысты, фæлæ чызджытæ сæхæдæг дæр, Белецкий дæр, пряниччытæ чи ’рбахаста, уыцы салдат дæр, — иууылдæр сæ каст Марьянæмæ скодтой æмæ йæ сæ уæлныхты хастой. Паддзахы усы хуызæн йæ сæр сæрмæ чи хæссы, ахæм зæрдæхъæлдзæг зынæрвæссон сылгоймаджы каст кодта æмæ иннæ чызджыты æхсæн бæрæгдæр уыд. 

Белецкий йæ уды быцъынæг скъуыдта, цæмæй хъазтизæр хъæлдзæгдæр æмæ рæсугъддæр ацыдаид, ууыл, æмæ æнæбанцайгæйæ ныхас кодта, чызджытæн нуазæнтæ хæссын кодта, семæ архайдта, зилæнтæ кодта, Марьянæйы рæсугъддзинады тыххæй Оленинæн францусагау æнæуаг, æнæфсарм æмбарæн ныхæстæ кодта, «дæ», la votre, зæгъгæ, йæ хуыдта æмæ йæхæдæг цы митæ кодта, уыдæттыл æй ардыдта. Оленинмæ куыдфæстæмæ уыдæттæ зын кæсын байдыдтой æмæ тыхсти. Мæ сæр ма дзы куы аирвæзид, зæгъгæ, æфсон ссардта æмæ лидзынвæнд скодта, фæлæ уыцы сахат Белецкий раныхас кодта æмæ загъта: йæ райгуырæн бон кæмæн у, уыцы Устенькæ хъуамæ алкæмæн дæр нуазæн бахæсса æмæ йын аба кæна. Устенькæ сразы, æрмæст уыцы æгъдауæй, æмæ, чындз хæсгæйæ куыд фæкæнынц, афтæ йын йæ тæбæгъы æхцатæ куыд æвæрой, афтæ. «Гъе, гъе, мæ раны дæн ныр, цы фыдбылызы къах мæ æрбахаста ацы æнаккаг хуындмæ та!» — загъта хинымæры Оленин, сыстад йæ бынатæй æмæ цæуынвæнд скодта. 

— Кæдæм, кæ, мæ лымæн? 

— Мæхицæн тамако æрбахæссон, — загъта уый, лидзын йæ зæрды уæвгæйæ, фæлæ йæ Белецкий йæ дысæй ацахста. 

— Æхца мæнмæ ис, — загъта йын Белецкий францусагау. 

«Цæуæн нæй, фидын хъæуы ам, — зæгъгæ, загъта йæхинымæры Оленин, æмæ йæм хъыг æркаст, кæй нæ арæхст, уый. — Ныр Белецкий цытæ ’мæ куыдтæ кæны, афтæ кæнын мæ бон нæу мæнæн, цымæ? Цæуын нæ хъуыд, фæлæ цыд кæм фæдæн, уым сын сæ хъæлдзæгдзинад халын нæ хъæуы. Хъазахъхъимæ æмнозт кæнын хъæуы, æндæр амал нæй. Къаддæр чи баназа, уый мардзæ фестæд», — зæгъгæ, аст агуывзæйы кæм цыд, ахæм хъалац райста, сæнæй йæ байдзаг кодта æмæ йæ йæ бындзарæй анызта. Чызджы тæ йæм джис-къус æмæ дисгæнгæйæ кастысты, куы нуæзта, уæд. Куыддæр сæм диссаг æмæ æнаив фæкаст. Устенькæ ма сын ноджы фæйнæ нуазæны бахаста æмæ сæ дыууæйæн дæр аба кодта. 

— Чызджытæ, нæ бон хъæлдзæгæй арвитыны фадат нын ис, — загъта Устенькæ, тæбæгъы йын цы цыппар æвзист сомы сæвæрдтой, уыдонæй дзæгъдзæгъгæнгæйæ. 

Оленин æфсæрмы нал кодта, фæдзыххæлд, фæкъæйныхдæр æмæ йыл фырдзырд бахæцыд. 

— Ныр та дæ рад у, Марьянæ, нуазæнтæ бахæсс батæгæнгæйæ, — загъта Белецкий æмæ йын йæ къух ацахста. 

— Ахæм ба дæ фæуыдзæн, æмæ! — загъта Марьянæ æмæ йæм хъазгæйæ йæ къухæй февзыста. 

— Бабайæн20 æнæ ’хцайæ дæр аба чындæуыдзæн, — загъта чызджытæй иу. 

— Уый дын мæ зæрдæмæ цæуы. Уымæй цы зæгъыс, уый зæгъ, — загъта Белецкий æмæ дзы йæхи атонынмæ чи хъавыд, уыцы чызгæн аба кодта. — Уымæй дын нæ уыдзæн, Марьянæ, — тынгæй дзырдта Белецкий, — фæлæ-ма мæнæ уæ фатеры цæрæгæн дæ нуазæн бахæсс. 

Белецкий Марьянæйы къухыл ныххæцыд, бандонмæ йæ хæстæг ракодта æмæ йæ Оленины фарсмæ æрбадын кодта. 

— Мæнæ диссаджы рæсугъд! — загъта Белецкий æмæ чызджы сæр зулаив иуварсырдæм азылдта. 

Марьянæ йæм ницы сдзырдта, фæлæ Олениныл зынæрвæссон цæстæнгасæй йæ даргъ цæстытæ рахаста. 

— Рæсугъдæй йын кæрон нæй! — загъта дыккаг хатт Белецкий. 

«Цæй рæсугъдтæ кæнут, цæ!» — æмбарын кодта йæ цæстæнгасæй Марьянæ. Оленин йæхæдæг дæр не ’мбæрста, цы ми кодта, уый, афтæмæй Марьянæйы йæ хъæбысы акодта æмæ йын аба кæнынмæ куыд хъавыд, афтæ Марьянæ йæхи атыдта, Белецкийы æмæ стъол скъуырдта æмæ пецы ’рдæм балыгъд. Белецкий, чысыл ма бахъæуа, фæцæйхауд. Ce ’ппæтæн дæр худæгæй ницыуал уыд. Белецкий чызджытæн сæ хъусы цыдæртæ адзырдта, æмæ ce ’ппæт дæр хæдзарæй тыргъмæ ралыгъдысты. 

— Белецкийæн куы аба кодтай, уæд æз цы кодтон? — загъта Оленин чызгæн. 

— Афтæ, нæ мæ фæнды, æндæр ма дзы исты ис, — радта йын дзуапп Марьянæ йæ дæллаг был æмæ йе ’рфыг змæлынгæнгæйæ. — Уый баба у, — бафтыдта ма чызг худæнбылæй, стæй дуармæ бацыд æмæ йæ хойын байдыдта. — Цы йæ сæхгæдтат, фæлдурæджджынтæ? 

— Цы нæ сæфы, уадз сæ, уыдон уым, мах та ам, — загъта Оленин йæхи чызгмæ хæстæгдæр ласгæйæ. 

Чызг йæхи фæтар кодта æмæ йыл йæ къухæй æддæдæр ахæцыд, ома, дард лæуу, зæгъгæ. Оленинмæ та чызг афтæ хæрзуынд, афтæ аив фæкаст, æмæ йæхиуыл фæхудт, — йæ митæй æфсæрмы кæнын байдыдта. 

— Белецкий, дуар-ма бакæ! Цæй дзеудзæлæй митæ сты адон, дæ хорзæхæй! 

Марьянæ та йæм ног бахудти йæ адджын, амондджын худтæй. 

— Тæрсгæ цыдæр мæ кæныс? — сдзырдта йæм чызг. 

— Тæрсын дæр диссаг нæу, уыцы тызмæгæй кæсыс, раст дæ мады хуызæн. 

— О, Ерошкæимæ фылдæр куы бадай, уæд дæ чызджытæ сæ хъуыры æгънæгæн æнæ даргæ нæ фæуыдзысты, æндæр мæт сæ нæй, — загъта Марьянæ худæнбылæй, хæстæг æмæ комкоммæ Оленины цæстытæм кæсгæйæ. 

Оленин цы загътаид, уымæн ницыуал зыдта. 

— Сымахмæ куы цыдаин, уæд та?.. — афарста йæ æнæнхъæлгæйæ Оленин. 

— Уæд хицæн хъуыддаг уыдаид, — загъта чызг йæ сæрæй хъазгæйæ. Уыцы сахат Белецкий дуар байгом кодта. Марьянæ иуварсырдæм йæхи фехста. Оленины зæнгтыл йæ агъд ахафта æмæ дарддæр алæууыд. 

«Цыдæриддæр хъуыды кодтон ныронг, уыдон ce ’ппæт дæр ницы сты: уарзондзинад дæр, искæмæн дзæбæх, искæй тыххæй хи сæрвæлтау кæнын, Лукашкæ дæр. Æрмæст иу амонд ис. Амондджын чи уа, раст дæр уый у», — ахæм хъуыды æваст йæ сæры абадт Оленинæн. Æмæ, æнхъæл куыд нæ уыд, афтæ тыхджынæй рæсугъд Марьянæйы йæ хъæбысы акодта æмæ йын йæ уадул æмæ йæ мæнгцæстæн аба кодта. Марьянæ йæм не смæсты, æрмæст хъæрæй ныххудти æмæ иннæ чызджытæм ралыгъди. 

Хъазтизæр ууыл ахицæн. Зæронд ус, Устенькæйы мад, быдыры куыстæй æрбахæццæ, чызджытæм баздæхт æмæ сын алывыд фæкалдта æмæ сæ фæсырдта. 

 

XXVI
 

«Афтæ, уæдæ, афтæ, — хъуыды кодта Оленин хинымæры фæстæмæ сæ хæдзармæ цæугæйæ. — Цæвиттоны хъуыддагæй, мæ рохтæ чысыл сæхи бар суагътон, уæд ацы хъазахъхъаг чызджы æнæгъдау бирæ бауарзтаин». 

Уыцы хъуыдытимæ схуыссыд æмæ æнхъæл уыд, уыдæттæ-йедтæ ферох уыдзысты æмæ та йæ зæронд царды бацæудзæн. 

Фæлæ зæронд цард нал раздæхт. Марьянæимæ сæ царды æгъдæуттæ ныронджы хуызæн нал уыдысты. Ce ’хсæн цы къул уыд, уый фехæлди. Сæмбæлгæйæ, Оленин кæддæриддæр чызгæн салам дæттын байдыдта. 

Хæдзары хицау æрцыд йæ фатеры мызд исынмæ æмæ, Оленины хъæздыг æмæ таучелдзинады хабар куы бамбæрста, уæд æй йæхимæ бахуыдта. Зæронд ус дæр ыл цинтæ кæнын байдыдта æмæ йæм лæгъз дзыхыуаг æруагъта. Хъазтизæры фæстæ сæм Оленин арæх цыд æмæ сæм-иу æнафонтæм фæбадти. Мидхъæуы цыма ныронджы цардыуаг кодта, афтæ зынд æдде бакæсгæйæ, фæлæ мидæгæй, зæрдæйы хуылфы, зæронд цардæн йæ кой дæр нал уыд. Бон-сауизæрмæ-иу хъæды фæци. Гъа, ныр изæрдалынгтæ æрци, зæгъгæ, афтæ-иу аст сахатмæ æввахс хæдзары хицæуттæм бацыд иунæгæй кæнæ Ерошкæимæ. Хæдзары хицæуттæ йыл афтæ фæцахуыр сты, æмæ-иу дисы бацыдысты, изæрæй-иу куы нæ зынд, уæд. Сæны тыххæй уæлдайджынтæй фыста, стæй æнæуый дæр сабыр адæймаг уыд, æмæ дзы хъаст ницæмæй кодтой. Ванюшæ йын-иу уырдæм цай бахаста; йæ бадæн уыд пецы цур къуымы. Зæронд ус æм хицоны цæстæй каст æмæ йæ цуры æнæкъæмдзæстыгæй, æнæфсæрмæй йæ куысты кой кодта æмæ-иу афтæмæй цай цымгæйæ кæнæ сæн нуазгæйæ ныхæстæ кодтой: куы хъазахъхъы, куы сыхæгты, куы Уæрæсейы тыххæй. Уæрæсейы хабæрттæ кæнгæйæ, Оленины рафæрс-бафæрс кодтой. Уый дæр сын-иу дзуапп лæвæрдта. Хаттæй-хатт-иу чиныг райста æмæ-иу æй йæхинымæры касти. Марьянæ-иу хъæддаг сæгъау йæ къæхтæ йæ быны бакодта æмæ-иу афтæмæй бадт пецы сæр кæнæ талынг къуымы æнцад-æнцойæ, æнæдзургæйæ. Фæлæ йын Оленин уыдта йæ цæстытæ, хъуыста йæ алы змæлды хъæр, æхсынæнты къæрццытæ, æмбæрста, йæ ныхæстæм ын зæрдиагæй, æнувыдæй кæй хъусы, уый, чиныджы хинымæры кæсгæйæ, æндæвта чызджы æввахсдзинад. Хаттæй-хатт æм афтæ зынд, цыма чызджы цæстытæ уымæ арæзт сты, уыйау, æмæ-иу æм афтæмæй куы фемдзаст, уæд-иу йæ ныхас фæурæдта æмæ-иу æм уыцы кæсгæйæ баззад. Чызг-иу уæд уайтагъд йæхи амбæхста. Оленин та-иу уæд зæронд усимæ йæхи æхсызгон ныхæстæгæнæг скодта æмæ-иу æдзынæгæй хъуыста чызгæн йæ улæфтмæ, йæ алы змæлдмæ, æнхъæлмæ кæсгæйæ, кæд та мæм фæкæсид, зæгъгæ. Искæй цур-иу фылдæр хæттыты чызг йæхи йемæ лæгъз, хицоны дард кодта, хибарæй та йæм тызмæг, сырддзастæй касти. Оленин сæм-иу хаттæй-хатт рагацау бацыд, чызг ма уынгæй нæма æрбаздæхтаид, афтæ. Æвипиайды-иу къæхты тыхджын хъæр фехъуыст, æмæ-иу Марьянæ цъæх хæдоны мидæг хæдзары æрбалæууыд. Оленинмæ-иу хъæлдзæгæй рæвдауæн цæстæнгасæй бакаст æмæ-иу ын йæ зæрдæйы тас æмæ хъæлдзæгдзинад бауагъта. 

Оленин чызгæй ницы агуырдта, ницы дзы домдта, афтæмæй та, куыдфæстæмæ тынгæй-тынгдæр, йæ цард æнæ уый ад нал кодта, æнæ уый нал лæууыд, йæхицæн бынат нал ардта. 

Оленин хъæууон цардыл афтæ фæцахуыр, афтæ йын фæадджын, æмæ йæ фыццаг цард йæ цæсты ницыуал уыд, йæ койæ дæр зæрдæ рыст: сомбоны цард та йæ хъуыдыйы дæр нæ уыд, уæлдайдæр, ныр цы цардæй цард, уыцы цардимæ баст куы нæ уыдаид, уæд. Сæ хæдзарæй, хионтæй кæнæ хæлæрттæй цы писмотæ иста, уым ын фæлгъатæгæй æмбарын кодтой, сæфтыл æй кæй нымайынц æмæ йыл хъыг кæй кæнынц, уый. Оленин уый йæ зæрдæмæ мастæн хаста, уымæн æмæ, йæхæдæг хъæуы мидæг цы цардæй цард, уыцы æгъдауыл чи нæ цард, уыдон ce ’ппæты дæр сæфтыл нымадта. Йæ зæронд цард йæ зæрдæйæ кæй аппæрста æмæ ам, хъæуы мидæг, хибарæй, нæхстæры цæрæгау, йæ цардыуаг зæрдæвæндонæй кæй сарæзта, ууыл фæсмон кæй никуы фæкæндзæн, уый тыххæй йæ зæрдæ фидар уыд. Æфсады кæнæ стæры цæугæйæ æмæ фидæртты мидæг йæ цардæй разы уыд. Æрмæст иунæг Ерошкæйы базыры бынæй, йæ ахуыр хъæдæй, йæ хъæугæрон арæзт хæдзарæй æргом уыдта йæ зæронд царды гæдыдзинæдтæ, уæлдайдæр Марьянæ ’мæ Лукашкæ-иу зæрдыл куы ’рлæууыдысты, уæд. Уыцы гæдыдзинæдтæ фыццаг уым цæргæйæ дæр нæ уарзта, фыццаджыдæр ын зæрдæнизы хос уыдысты, ныр та йæм æлгъаг, худæг кастысты, æмæ сæ йе сæфт уыдта. Ам цыма бонæй-бон тынгдæр, бонæй-бон хуыздæр æмæ сæрибардæр кодта, афтæ йæм каст. Кавказæн, куыд æнхъæл уыд, уыцы хуызæй, уыцы æгъдауæй йæм ницы ссардта. Нæ дзы ссардта нымæттæ дæр, айнæджытæ, Амалат-бектæ, хъæбатыртæ, æвзæргæнджытæ. «Адæм цы вæййынц, уый сты ам дæр, æмæ дуне цы æгъдауыл цæры, афтæ цæрынц уыдон дæр: мæлынц, гуырынц, мыггаг, цот кæнынц, ноджыдæр та гуырынц, тох кæнынц, нуазынц, хæрынц, цин кæнынц æмæ та мæлынц, нæ дуне хурæн, кæрдæгæн, бæласæн цы æнусмæ æгъдæуттæ сарæзта, уыцы æгъдæуттыл. Æндæр æгъдæуттæ сæм нæй...» Уыйадыл амы адæмы йæхиуыл куы абарста, уæд-иу æм рæсугъддæр, хуыздæр, тыхджындæр, сæрибардæр зындысты, æмæ, уымæ гæсгæ, йæхимæ æгад æркаст, йæхицæй æфсæрмы кодта æмæ йæ зæрдæ рыст. Арæх-иу æм ахæм зонд æрцыд, æмæ уыцы зæронд хъуыддæгтæ аппар, ферох кæн æмæ хъазахъхъыл дæхи ныффысс, фос, хæдзар балхæ, хъазахъхъаг чызг æрхæсс, æрмæст Марьянæйы нæ, уый Лукашкæйæн саккаг кодта, фæлæ æндæры, æмæ цæр Ерошкæимæ, йемæ цуан кæ, кæсаг ахс æмæ хъазахъхъагмæ хæстмæ цу. «Уæдæ, цымæ, цæуылнæ кæнын афтæ? Цæмæ ма æнхъæлмæ кæсын?» — афарста-иу йæхæдæг йæхи. Æмæ-иу йæхи ардыдта, йæхи æфсæрмы кодта: «Æвæццæгæн, хорз æмæ мæм раст чи кæсы, уый бакæныны ныфс мæм нæй, уый бакæнын нæ уæндын? Хуымæтæджы хъазахъхъаг ус, дунемæ хæстæгдæр цæр, фыдбылыз макæмæн у, уыимæ ма адæмæн хорздзинæдтæ кæн, — уыдæттæм бæллын цæмæй æвзæрдæр у, фыццаг цæмæ хъавыдтæн æмæ бæллыдтæн, уыдонæй, — дзырдæн зæгъæм, министрæй кæнæ полчъы хицауæй». Фæлæ йæм йæ зæрдæйы бынæй цавæрдæр хъæлæс дзырдта: «Ma батагъд кæн, багæдзæ уал кæн». Йæхæдæг дæр æргом бæлвырд кæй не ’мбæрста, ахæм зонд æй урæдта æмæ йæ нæ уагъта Ерошкæ æмæ Лукашкæйы цард æмæ æгъдæутты мидæг цæрын, уымæн æмæ уый æндæр амондыл хæст y — искæмæн дзæбæхдзинад кæнын, искæй тыххæй хи сæрвæлтау кæнын. Лукашкæйæн цы æгъдау радта, ууыл абон дæр ма цин кæны. Æппынæдзухæй агуырдта искæмæн исты хорздзинад ракæнын, фæлæ ахæм амал, ахæм фадатыл нæ хæст кодта. Хаттæй-хатт-иу æй ферох, кæй ссардта, уыцы ног амонддæттæг æвдадзы хос, æмæ-иу æм ныфс æрцыд Ерошкæимæ иту цардæй фæцæрын, фæлæ та-иу уайтагъд æрномыл æмæ та-иу ахæм зондыл ныллæууыд: хи æрхæссын искæй сæрыл, искæй дзæбæхдзинады тыххæй, æмæ уый сæраппонд сæрыстыр, æнæрвæссон каст кодта æппæт адæммæ æмæ искæй амондмæ. 

 

XXVII
 

Лукашкæ раст сæнæфсир тонын афоны размæ Оленинмæ бæхыл æрбалæууыд. Уыцы бон Лукашкæ æнæуый бонтæй аивдæр æмæ сагдæр арæзт уыд. 

— Ус нæма курыс? — хъæлдзæгдзастæй кæсгæйæ йæ афарста Оленин. 

Лукашкæ йын комкоммæ дзуапп нæ радта. 

— Мæнæ дын дæ бæхы æндæрæй баивтон доны фаллаг фарс. Ахæм бæх никуы ис! Сыгъдæг кæсгон ловдамгъæ. Гæды дын ма зæгъон, бæхæн йæ хорз уарзын. 

Ногæлхæд бæхмæ æркæстытæ кодтой, кæрты йыл схъазыдысты. Бæхæй ма дзы цы загъдæуыдаид, — æнæгъдау хорз уыд: пох, стæгджын, фæтæнтæарæзт, даргъастæу, æрттиваг хъуыны хатт, бæзджындымæг, тæнæг, хæрзмыггаг бæрæггæнæн аив барц æмæ мæсыг. Нæрдæй та афтæ уыд, æмæ йын йе рагъыл уат бакæ. Иттæг рæсугъд, аив, æнæсахъат сæфтджытæ, цæстытæ æмæ уæнгты æвæрд, хæрзмыггаг бæхæн куыд вæййынц, афтæ. Оленин ыл цин кодта æмæ йæм кæсынæй не ’фсæсти. Ахæм рæсугъд бæхыл нырма никуы ма сæмбæлд Кавказы бæсты. 

— Уæд йæ цыд та, йæ цыд! Æнцой рагъ, — дзырдта Лукашкæ бæхы бæрзæй хойгæйæ, — йæ цапуал та уымæй диссагдæр! Ноджы æмбаргæ: йæ хицауы фæдыл, адæймаг куыддæриддæр уа, афтæ згъоры. 

— Уæлæфтауæн ма йын цас радтай? — бафарста Оленин. 

— Нæ сæ банымадтон, — йæ мидбылты худгæйæ загъта Лукашкæ. — Мæ хæлары руаджы мæ къухы бафтыд. 

— Диссаг рæсугъд бæх у, раст зæгъгæйæ! Цас æй кæныс? — афарста Оленин. 

— Фынддæс туманы мын иста, дæуæн та — лæвар, — загъта хъæлдзæгæй Лукашкæ. — Æрмæст дæ дзыхæй ныхас ссæуæд, уый йеддæмæ фæстæмæ фæкæсæн нæй. Йæ саргъ ын фелвасдзынæн, æмæ дын хæлар уæд. Мæнæн та цы хъауджыдæр у, цыфæнды дæр мын ратт йæ бæсты. 

— Нæ, уый гæнæн нæй! 

— Уæдæ дын мæнæ лæвар дæр куы ’рбахастон, — Лукашкæ йæ астæуæй йæ рон сыхæлдта æмæ йæ фарсыл дыууæ хъамайæ иу райста. — Фаллаг фарс мæ къухы бафтыд. 

— Стыр бузныг. 

— Сæнæфсир та дын мæ мад йæхæдæг æрбахæссинаг уыд. 

— Уыдæттæ цæмæн хъæуынц æниу, искуыбон банымайдзыстæм. Ныр дын мæнæ æз дæ хъамайы тыххæй æхца, мыййаг, куы нæ фиддзынæн. 

— Уый та куыд? Хæлæрттæ куы стæм. Мæн айфыццаг кæддæр фаллаг фарс Гирей-хан йæ хæдзармæ бахуыдта æмæ мын загъта: «Равзар бархийæ, цы дæ фæнды, уый». Æз мæнæ ацы æхсаргард райстон. Max æгъдау афтæ у. 

Сæ дыууæ дæр мидæмæ хæдзармæ бацыдысты æмæ, куыд æмбæлы, афтæ банызтой. 

— Ам кæдмæ фæуыдзынæ? — афарста Оленин. 

— Хæрзбон зæгъынмæ æрбауадтæн. Постæй мæ æфсæдтæм аивтой Терчы фаллаг фарсмæ. Абоны бон мын æнæ цæугæ нæй ме ’мбал Назаримæ. 

— Уый дæр хорз, фæлæ чындз та кæд хæссæм? 

— Тагъд фæстæмæ æрбаздæхдзынæн; уæд бафидаудзыстæм, стæй та фæстæмæ мæ куыстмæ, — æвæндонæй йын дзуапп радта Лукашкæ. 

— Уый та куыд, дæ куырд усы ма фен, афтæмæй? 

— Æмæ йæ цы уынон, никуы йæ федтон?.. — Æфсæдтимæ стæры кæнæ хæстмæ куы цæуай, уæд-иу мах сотняйы мæнæй уый бафæрс. Лукашкæ Широкий, зæгъгæ-иу, зæгъ. Хуытæн уым ныккæнæн нæй! Æз дзы айфыццаг дыууæ амардтон. Æнæ хонгæ дын нæй уырдæм. 

— Цæй, хæрзбон уал у! Чырыстийы уазæг у. 

Лукашкæ Марьянæмæ нал бацыд, бæхыл абадт æмæ уынджы дæлæмæ бæхыл хъазгæйæ афардæг, Назаркæ йæм æнхъæлмæ кæм каст, уырдæм. 

— Гъæй, нал æй бабæрæг кæндзыстæм? — афарста Назаркæ, йæ цæст, Ямкæ кæм цард, уыцырдæм ныкъулгæйæ. 

— Уæртæ куы ис, уæртæ, гъа, мæнæ бæх дæр демæ алас æмæ цæугæ уырдæм. Æз, мыййаг, æгæр куы афæстиат уон, уæд-иу бæхæн хор ратт. Уæддæр райсом сæударæй нæ бынаты уыдзыстæм. 

— Йед та... A юнкер дын ницыуал балæвар кодта? 

— Нæ, Хуыцау хорз, æмæ йын хъама балæвар кодтон, кæннод, чысыл ма бахъæуа, мæ бæх мын фæцæйкуырдта, бахæлæг æм кодта, уый бахъуыды кæ, — загъта Лукашкæ бæхæй хизгæйæ æмæ йæ Назаркæмæ дæтгæйæ. 

Лукашкæ раст Оленины рудзынджы бынты фæсыффытт ласта, кæрты смидæг æмæ хæдзары хицауы уаты рудзынгмæ бацыд. Бынтон æрталынгтæ ис. Марьянæ афтид хæдоны мидæг йæ сæр фаста, хуыссынмæ хъавыд. 

— Æз дæн, — сусæгæй сдзырдта хъазахъхъаг. 

Марьянæйы цæсгом, цыма никæй ницæмæ дардта, афтæ уыд. 

Йæ ном куы фехъуыста, уæд æваст фæхъæлдзæг. Рудзынг фæхъил кодта æмæ тæрсгæ ’мæ цингæнгæйæ рудзынгæй йæ сæр радардта. 

— Цы дæ хъæуы? Ныр цы æрбацыдтæ? — сдзырдта чызг. 

— Ныууадз уал æй, — загъта Лукашкæ. — Æрмæст мæ иу минут бауадз мидæмæ. Æнæ дæу афтæ схъыг дæн, афтæ, æмæ дын æй куыд зæгъон. 

Лукашкæ чызджы сæр йæ хъæбысмæ æрбалхъывта æмæ чызгæн аба кодта. 

— Æцæг зæгъын, ныууадз уал. 

— Ныр дзæгъæлы цæмæн дзурыс! Куы дын загътон, нæ дæ æрбауадздзынæн. Бирæ фæуыдзынæ ам? 

Лукашкæ йæм ницы дзырдта, æрмæст ын батæ кодта; дзурынмæ йæ нал æвдæлд. Чызг дæр æй ницæмæйуал фарста. 

— Зæрдæвæндоныл хъæбыс акæнæн дæр нæй, не ’ххæссын дзæбæх рудзынджы сæрты, — загъта Лукашкæ. 

— Марьянушкæ, — фехъуыст зæронд усы хъæлæс,— Уый та дын чи у? 

Лукашкæ йæ худ фелвæста, уымæ гæсгæ йæ куы базона, уый тæссæй, æмæ рудзынджы бын æрбадт. 

— Цæугæ тагъд, — сусæгæй загъта Марьянæ. — Лукашкæ уыди, — радта дзуапп чызг йæ мадæн, — бабайы фарста цыдæр хъуыддаджы тыххæй. 

— Хорз, хорз, мидæмæ йæ рахон. 

— Аивгъуыдта, нæ, дам, мæ æвдæлы. 

Æмæ, æцæг, Лукашкæ тагъд къахдзæфтæгæнгæ рауади рудзгуыты бынты æмæ Ямкæйы ’рдæм афардæг. Æрмæст æй Оленин федта, æндæр ничи. Дыууæ хъалацы сæн банызта æмæ Назаркæимæ бæхтыл хъæуæй раивгъуыдтой. Æхсæв уыд хъарм, мæйдар æмæ сабыр, æнæдымгæ. Цыдысты æнæдзургæйæ, æрмæст ма бæхты къæхты хъæр хъуыст. Лукашкæ хъазахъхъаг Мингалы зарæг ныккодта, фæлæ йæ æрдæгыл фæуагъта æмæ Назаркæмæ дзуры: 

— Уый бахъуыды кæн, æмæ мæ йæхимæ нæ бауагъта. 

— Афтæ у, уæдæ цы ’нхъæл уыдтæ? — дзуапп ын радта Назаркæ. — Кæй дæ нæ бауадздзæн, уый æз æнæ дæу зæгъгæйæ дæр зыдтон. Юнкер, дам, сæм цæуын байдыдта. Ерошкæ йын хæрзгæнæг ныллæууыд. Йæхицæй æппæлыд, Марьянæйы тыххæй юнкерæй гæртам топп райстон, зæгъгæ. 

— Гæдытæ дзуры, фæлитой! — мæстыйæ загъта Лукашкæ. — Æз уыцы зæронд хъебырæн йæ фæрстæ куы нæ банымайон, уæд ам лæг нæй. — Æмæ йæ уарзон зарæг ныккодта: 

 

Из села было Измайлова. 

Из любого садочка сударева, 

…………………………………………. 

 

XXVIII
 

Хæдзары хицæуттæм фидауынмæ æрбацыдысты. Лукашкæ хъæумæ бæхыл æрбацыд æмæ Оленины нæ бабæрæг кодта. Оленин дæр хорунжийы хуындмæ гæсгæ нæ бацыд. Уыцы хъæуты цы бон æрцард, уæдæй ардæм афтæ æнкъард никуы уыд. Лукашкæ йæ мадимæ дыууæизæрастæу хæдзары хицæуттæм усгур лæппу арæзтæй бацыд. Оленин сæ федта æмæ тыхст, хъынцъым кодта — хъыг ын уыд, Лукашкæ дзы цæмæйдæр разы кæй нæ уыд æмæ йæм уазал зæрдæ кæй дардта, уый тыххæй. Оленин дуæрттæ йæхиуыл бахгæдта æмæ йæ боныг фыссын байдыдта. 

«Бирæ фæхъуыдытæ кодтон aфæстаг бонты, бирæ хъуыдытæ ногæй аивтон, ныронг цы уыдтæн, уымæй адард дæн, æмæ, сывæллон кæй бамбардзæн, ахæм ног бæлвырд зонд мæм æрцыд. Адæймаг амондджын цæмæй уа, уый тыххæй йæ хъæуы уарзын æмæ уарзын æмæ хи сæрвæлтау кæнын. Уарз алкæй дæр æмæ алцыдæр. Хæлуарæджы тынау сараз дæ уарзондзинады тынтæ алы ран æмæ дзы чи бахауа, ууыл хæц. Афтæ æрцахстон æз Ванюшæйы, Ерошкæйы æмæ Марьянæйы...» 

Гъа ныр фыст фæуыдзæн, зæгъгæ, афтæ йæм Ерошкæ æрбалæууыд. 

Ерошкæ йæ зæрдæйы хъæлдзæгыл уыд. Айфыццаг кæддæр Оленин изæрырдæм Ерошкæмæ бацыд æмæ йæ баййæфта кæрты мидæг хъæддаг хуыйы марды уæлхъус. Ерошкæ йæхиуыл фервæссыд æмæ амондджын, сæрыстыр цæстæнгасæй кæсгæйæ чысыл хæрынкъайæ хуыйы мард уæнгтæ кодта. Куыйтæ, йæ уарзон Лям ce ’хсæн, афтæмæй йæ цуры хуыссыдысты æмæ сабыргай, сæ дымджытæ тилгæйæ, Ерошкæйы куыстмæ кастысты. Сывæллæттæ, æнæуый бон-иу куыд кодтой, афтæ йæ мæстæй нал мардтой фæлæ йæм быруйы сæрты уарзæгой каст кодтой. Сыхаг устытæ йæ тынг буцгæнаг нæ уыдысты, ныр ын схицонтæ сты æмæ алырдыгæй гæппытæ кодтой æмæ хастой, — чи сæны гоцъоби, чи хъаймагъ, чи цы, чи цы. Дыккаг райсом Ерошкæ сæ сарайы бадти тугæйдзаг дзауматы мидæг æмæ джиранкагай уæрста фыд, кæмæн æхцайыл, кæмæн сæныл. Йæ цæсгомыл фыст уыд: «Хуыцау амонд радта, сырд амардтон, æмæ та сæ ныр мæ сæр бахъуыд». Уыйадыл фыр цинæй нозтыл фæци æмæ хъæуы абон цыппæрæймаг бон нуæзта. A изæр фидыды хъуыддаджы дæр банызта. 

Ерошкæ Оленинмæ æрбацыд фыдрасыгæй, йæ сæр йæ фат нал æмбæрста, афтæмæй, сырх-сырхид цæсгом æмæ пыхцыл зачъетимæ, хæрдгæбыдæй арæзт морæ куырæты мидæг, йæ къухы цыдæр фæндыргонд, фаллаг фарсæй æрбахæсгæ, цавæрдæр хъæдæй конд. Оленинæн раджы бавæрдта зæрдæ, иуахæмы дæ бахъæлдзæг кæндзынæн, зæгъгæ. Ныр йæ зæрдæйы дзæбæхыл уыд. Оленины фысгæ куы баййæфта, уæд бахъынцъым кодта. 

— Фысс, фысс, — загъта Ерошкæ ныллæг хъæлæсæй, цыма афтæ æнхъæл уыд, Оленин æмæ гæххæттыты æхсæн хæйрæджытæй чидæр бады æмæ йæ куы фæтæрсын кæна, уый тæссæй æнæхъæлæбайæ, сусæгæй зæххы æрбадт. Расыгæй йæм зæххы бадынæй дзæбæхдæр никуы каст. Оленин æм фæстæмæ фæкаст, сæн æрбахæссын кодта æмæ та фыссыныл фæци. Ерошкæмæ иунæгæй нуазын нæ цыд, — аныхас æй фæндыд. 

— Хæдзары хицæуттæм уыдтæн, фидаугæ кæнынц. Æвзæр сты! Сæ хуынд дæр ницы æмæ сæхæдæг дæр! Нæ хъæуынц! Фæлтау та демæ абаддзынæн. 

— Кæм дын уыд уыцы балалайкæ? — афарста йæ Оленин фысгæ-фыссын. 

— Доны фаллаг фарс уыдтæн, балалайкæ дæр уым самал кодтон, — загъта сабыргай Ерошкæ. — Дæсны дæн цæгъдынмæ: тæтæйраг зæгъай, хъазахъхъаг зæгъай, уæздан адæмы, салдæтты зæгъай, — хъауджыдæр мын нæу, кæцы дын нæ акæндзынæн, ахæм нæй. 

Оленин æм фæкаст, бахудт æмæ та фыссын байдыдта. Уыцы бахудтмæ зæронд лæг фæныфсджын. 

— Ныууадз-ма, цæй, дæ фыдыстæн! Цæй фыст y уый! — загъта цæхгæр Ерошкæ барджын дзыхыуагæй. — Бафхæрдтой дæ, æмæ сын сæ Хуыцау æгъгъæд фæуæд, ныккуыйты сæ уадз. Ныр цы фыссыс! Цы пайда у, цæмæн хъæуы! 

Æмæ Оленины фæзмын байдыдта йæ къухы ставд æнгуылдзтæй фæйнæгбын зæхх хойгæйæ æмæ йæ цæсгом ныззылын кодта былысчъилтæгæнгæйæ. 

— Гæды хъæстытæ та фыссыс? Фæлтау дзы ныххырх æмæ адæмы хуызæн уай! 

Фыстмæ та ахæм цæстæй каст, æмæ, уыйырдыгонау, æрмæст гæды, фыдбылыз, мæнг хъæстытæ фыссæн ис, æндæр — ницы. 

Оленин зæрдиагæй йæ дзыхыдзаг ныххудт. Ерошкæ дæр афтæ æмæ йæ мидбынатæй фæтæррæтт ласта æмæ йæ дæсныдзинад æвдисын байдыдта тæтæйраг цæгъдтытæгæнгæйæ. 

— Фыссын та циу, уадз æмæ лæууа! Фæлтау мæм байхъус, æз дын азарон. Мæрдты нал зардзыстæм. Хæрын æмæ нуазын хъæуы! 

Фыццаг йæхи конд зарæг акодта. 

 

A ди-ди-ди-ди-ди-ли. 

A где его вадели? 

На базаре в лавке 

Продает булавки. 

 

Уый фæстæ та, фельдфебель ын кæй бацамыдта, уый: 

 

В понедельник я влюбился, 

Весь овторник прострадал, 

В середу в любви открылся, 

В четверток ответу ждал. 

В пятницу пришло решенье, 

Чтоб не ждать мне утешенья, 

A во светлую субботу 

Жить окончить предпринял, 

Но, храня души спасенье, 

Я раздумал в воскресенье. 

 

Стæй та ногæй: 

 

A ди-ди-ди-ди-ди-ли. 

A где его видели? 

 

Стæй, йæ цæст ныкъулгæйæ æмæ йе уæнгтæй кафгæйæ, ныззарыд: 

 

Поцелую, обнему, 

Алой лентой перевью, 

Надеженькой назову. 

Надеженъка ты моя, 

Верно ль любишь ты меня? 

 

Ерошкæ афтæ бахъæлдзæг, æмæ, рог-рог цæгъдгæйæ, аив фæзылд æмæ иунæгæй уаты мидæг кафын байдыдта. 

Ди-ди-ли зарæг æмæ иннæ уæздæтты зарджытæ сæрмагонд Оленины тыххæй акодта, фæлæ ма уый фæстæ æртæ сæны агуывзæйы куы анызта, уæд зæронд заман йæ зæрдыл æрбалæууыд æмæ уæд æцæг хъазахъхъаг æмæ тæтæйраг зарджытæ кæнын байдыдта. Иу уарзон зарæг æмбисмæ куы ахæццæ кодта, уæд йæ хъæлæс æвиппайды ныззыр-зыр кодта æмæ æваст фæхъус, æрмæст ма фæндыры хъистыл къухы æнгуылдзтæ змæлыдысты, сæ куыст кодтой. 

— Æй, мæ хæлар лæг! — загъта Ерошкæ. 

Æнахуыр кæуынхъæлæсы хатмæ Оленин фæстæмæ фæкаст: зæронд лæг куыдта. Цæстытæ донæй айдзаг сты, иу цæстысыг та уадултыл дæлæмæ цыд. 

— Аивгъуыдта мæ рæстæг, нал раздæхдзæн, цы фæдæн, уый фæдæн, — хæкъуырцгæнгæйæ сдзырдта зæронд лæг. — Баназ, — æваст фæхъæр кодта йæ цæстысыгтæ сæрфгæйæ. 

Тынгдæр ын йæ зæрдæ тавлинаг зарæг смæгуыр кодта. Ныхæстæ дзы бирæ нæ уыд, фæлæ зæрдæмæгуыргæнæн, хъарæггæнæг зардау уыд: «Ай-дай-дала-лай», зæгъгæ, зæрдæйы ауындзæнтæм æвнæлдта. Ерошкæ зарæджы ныхæстæ ратæлмац кодта: «Сахъ лæппу хъæуæй хохмæ йæ фос аскъæрдта, уырыс æрбацыдысты, хъæуыл бандзæрстой, нæлгоймæгты фæцагътой, сылгоймæгты уацары акодтой. Сахъ лæппу хохæй фæстæмæ æрыздæхт æмæ йæ æдзæрæгæй ссардта. Мад — нал, хæдзар — нал, æфсымæр — нал. Иунæг бæлас ма дзы баззад. Сахъ лæппу бæласы бын æрбадт æмæ зæрдиагæй ныккуыдта. Мæнæ дæу хуызæн зыбыты иунæгæй баззад. Æмæ ныззарыд: «Ай-дай-дала-лай!» Зæронд лæг уыцы зæрдæхалæн зарæг фæд-фæдыл къорд хатты ныккодта. 

Зард куы фæци, уæд Ерошкæ къулыл ауыгъд топмæ фæлæбурдта, кæртмæ рауад æмæ дыууæ хæтæлæй дæр фæгæрах кодта. Æмæ та ног ноджы æнкъарддæрæй ныззарыд: «Ай дай-дала-лай-а-а !» æмæ ныхъхъус. 

Оленин йæ фæдыл рауад, топпы гæрæхты цæхæрты ’рдæм талынг стъалыджын арвмæ скаст. Хæдзары хицауы уатæй рухс цыд, ныхас хъуыст. Кæрты чызджытæ къордгæйттæй æмбырдтæ кодтой æмæ хæдзарæй тыргъы астæу æддæмæ-мидæмæ кодтой. Топпы гæрæхтæм хæдзарæй иукъорд хъазахъхъаджы рагæппытæ кодтой æмæ Ерошкæйæн фæстаджырдæм бахъырныдтой. 

— Ды сæм цæуылнæ цæуыс? — афарста Оленин. 

— Сæ Хуыцау сын æгъгъæд фæуæд, — загъта зæронд лæг, æвæццæгæн æй истæмæй афхæрдтой. — Мæ зæрдæ сæм нæ комы, нæ уарзын! Уыдон адæм сты! Цом хæдзармæ. Уыдон сæхицæн, мах та нæхицæн нуаздзыстæм. 

Оленин фæстæмæ уатмæ баздæхт. 

— Лукашкæ цымæ хъæлдзæг нæу? Ардæм мæнмæ не ’рбацæудзæн? — афарста Оленин. 

— Лукашкæ цы! Гæдыныхæстæ йын фæкодтой, цыма æз чызджы дæуырдæм ардауын, — загъта зæронд лæг. — Æмæ чызг цы? — Куы нæ бафæнда, уæд мах уыдзæн, бæгуыдæр. Æхцайæ тынгдæр куы фæкæсис, уæд мæнæ ис. Уый дын мæ быгъдуан; чи йæ сараздзæн, уый æз. Æцæг зæгъын. 

— Нæй, уарзондзинад куы нæ уа, уæд æхцайæ ницы сараздзынæ. Хуыздæр уаид, уый кой куы нæ кæнис, уæд. 

— Уарзон не стæм æз æмæ ды, сидзæртæ стæм, — æваст сдзырдта Ерошкæ æмæ та кæуын байдыдта. 

Оленин, зæронд лæджы ныхæстæм хъусгæйæ, цы æмбæлди, уымæй фылдæр анызта. «Лукашкæ ныр амондджын у», — хъуыды кодта хинымæры Оленин, фæлæ мидæгæй йæ зæрдæ рыст. Зæронд лæг ацы изæр йæхи хъаджджынæй нæ ныууагъта, афтæ дзы ныххырхта, æмæ йæ къæхтыл нал лæууыд — ахауд. Ванюшæ феххуыс кæнынмæ салдæттæм бадзырдта æмæ йæ тутæгæнгæйæ æддæмæ раласта. Афтæ мæсты йæм уыд зæронд лæгмæ йæ æбуалгъ миты тыххæй æмæ францусагау дæр ницыуал загъта. 

 

XXIX
 

Августы мæй уыд. Хорз рæстæг скодта; фæд-фæдыл иукъорд боны арвыл мигъы цъупп хæснагыл дæр не ссардтаис. Хур æнæвгъау сыгъта. Райсомæй уадымс кодта æмæ арыхъхъытæй æмæ фæндæгтæй тæвд змис систа æмæ йæ уæлдæфы мидæг мигъау хаста хъамылы, бæлæсты æмæ хъæуты сæрты. Кæрдæг æмæ бæлæсты сыфтæртæ рыгæй нал зындысты. Фæндæгтæ, цыма сæ мæрзгæ ныччынди, афтæ сыгъдæг сысты æмæ хъæбæр хъæр кодтой. Терчы дон раджы æрбадт, тагъд цыд æмæ сысыд къанæутты. Хъæугæрон цады былтыл хъомвосы фæдæй дзаг змисдзæстытæ зынын байдыдтой, æмæ æнæхъæн бон-сауизæрмæ уырдыгæй хъуыстис, доны цæллахъхъ æмæ сывæллæтты хъæр. Быдыры змисджын рæттæ æмæ хъамылтæ хус кæнын байдыдтой. Хъомвос боныгон æмбу кодтой æмæ къуымтæм лыгъдысты. Сырдтæ сæхи дард хъамылтæ æмæ хæхтæм айстой, Теркæн уыцы фарсмæ. Къогъотæ æмæ лыстæг сау бындзытæ фæлмы хуызæн æрбадтысты ныллæг рæтты æмæ хъæуты сæрмæ. Митджын хæхтæ аныгъуылдысты цъæх мигъы мидæг. Уæлдæф уыд тæнæг æмæ æвзæр тæф кодта. Абырджытæ, цыма бадт доны тæнджыты ацы фарсмæ æрбахызтысты, ахæм ныхæстæ кодтой. Хур алы изæр тæвд сырх сæуæхсиды мидæг ныгуылди. Куыст йæ тæккæ тынгыл уыд, уд исынмæ дæр никæй æвдæлд, æмæ хъæууон кусæг адæм æмызмæлд кодтой харбызы хуымты æмæ сæнæфсирдæтты. Дыргъдæттæ байдзаг сты тыхсаг зайæгойтæй æмæ уазал аууон дардтой. Алырдыгæй уæрæх рæсугъд сыфтæрты æхсæнæй сау дардтой рæгъæд, уæззау сæнæфсиры цупæлттæ. Цæхæрадæтты рыгæйдзаг фæндагыл лæстысты сау сæнæфсирæй цъупдзаг хъинцгæнаг уæрдæттæ. Рыгæйдзаг фæндагыл куы кæм, куы кæм лæууыдысты, цалх кæуыл азылд, ахæм цъæл сæнæфсиры цупæлттæ. Æвзонг сывæллæттæ сæнæфсирæй ахуырст хæдæтты мидæг, сæнæфсирæй дзаг къухтæ æмæ дзыхтимæ сæ мадæлты фæстæ згъордтой. Æххуырстытæ бызгъуырты мидæг æнæсцухæй æмбæлдысты фæндагыл сæ тыхджын æккæйттыл сæнæфсирæй дзаг тæсчъытæ хæсгæйæ. Сæнæфсирæй цъупдзаг уæрдæтты ифтыгъд галты сæрыл хæцыдысты устытæ кæлмæрзæнтæй тыхт цæсгæмттимæ цæстыты онг. Фæндагыл уæрдонджынтыл салдæттæ æмбæлдысты æмæ хъазахъхъхъæгты устытæй сæнæфсиртæ куырдтой. Уыцы цæугæ-цæуын-иу устытæй исчи уæрдонмæ сгæпп ласта, хъæбысыдзаг-иу сæнæфсиртæ фелвæста æмæ сæ-иу салдаты фæдджийы ныккалдта. Иугай хæдзæртты сæнæфсир лæмарын байдыдтой. Цъæл сæнæфсиры тæфæй уæлдæф байдзаг. Тугхуыз сырх арынгтæ зындысты тапкаты бынæй, ногъайаг æххуырстытæ та — кæртытæй. Хуытæ пыррыччытæгæнгæ хордтой сæнæфсиры цъацъатæ æмæ сыл ратул-батул кодтой. Хурмæ хус кæнынмæ кæй сæвæрдтой, ахæм, янтары хуызæн сау сæнæфсиры цупæлттæй хæдзæртты тъæпæн уæлхæдзæрттæ нæ зындысты. Халæттæ ’мæ дзæгъындзджытæ нæмгуытæ уидзгæйæ кæрæдзи æлхъывтой уæлхæдзæртты цур æмæ иу ранæй иннæ ранмæ ратæх-батæх кодтой. 

Адæм сæ афæдзы фæллой хъæлдзæгæй æмбырд кодтой. Ацы аз дыргътæ иттæг сыгъдæг æмæ зад уыдысты. 

Цъæх-цъæхид цæхæрадæтты аууæттæй, зад сæнæфсирдæтты мидæгæй — алырдыгæй хъуыст хъæлдзæг худт, зарджытæ, сылгоймæгты уынæр, æмæ-иу куы кæм, куы кæм фæзындысты устыты алыхуызон ирд джиппæйфыст дзауматæ. 

Раст бонæмбисы Марьянæ сæ цæхæрадоны бадти алтъами бæласы аууоны æмæ уæрдоны бынæй иста сихор сæ бинонтæн. Йæ комкоммæ тыгъд бæхæмбæрзæныл бадти йæ фыд — хорунжий. Хорунжий скъолайæ æрбахæццæ æмæ йæ къухтæ æхсадта. Лæппу, чызджы æфсымæр, æрмæст нырма ныртæккæ ’рбахæццæ цадæй, йæ дыстæй йæхи сæрфгæйæ, æмæ, сихормæ æнхъæлмæ кæсгæйæ, кæд уыдзысты, зæгъгæ, цыбæл каст кодта радыгай — куы йæ мад, куы йæ хомæ хæстулæфттæнгæйæ. Зæронд ус йæ тыхджын хурсыгъд цæнгтыл йæ дыстæ бафæлдæхта æмæ ныллæг хохаг тымбыл фынгыл сæнæфсир, хус кæсаг, хъаймагъ æмæ дзул æрæвæрдта. Хорунжий йæ къухтæ асæрфта, йæ худ систа, йæхиуыл дзуар бафтыдта æмæ фынгмæ йæхи хæстæгдæр байста. Лæппу дурыныл йæхи ныццавта æмæ хæлæфæй дон нуазын байдыдта. Мад æмæ чызг, сæ къæхтæ сæ быны, афтæмæй фынджы цур æрбадтысты. Аууоны дæр æнæгъдау æнтæф уыд. Цæхæрадæтты сæрмæ уæлдæф тæфæй байдзаг. Тыхджын уадымс бæлæсты цæнгты æхсæнты дымдта, фæлæ уазалдзинадæн ницы æххуыс уыд, æрмæст цæхæрадæтты мидæг хæлиусагъд кæрдо, алтъами æмæ тутайы бæлæсты цъуппытæ уыцы иу æгъдауыл тасын кодта. Хорунжий дыккаг хатт бакуывта, уый фæстæ чъылдымырдыгæй сæнæфсиры сыфæй æмбæрзт сæны гоцъоби æрбайста æмæ дзы йæ хъуырæй анызта, стæй йæ зæронд усмæ балæвæрдта. Хорунжий уыд айдагъ хæдоны мидæг æнæвæрд æгънæджытимæ, æмæ йæ нуарджын хъуынджын риу гомæй лæууыд. Йæ хинæйдзаг цæсгом хъæлдзæг уыд. Йæ ныхæстæ æмæ фæлгонцмæ гæсгæ бæрæг нæ уыд, хинæйдзаг, арф зонды хицау кæй уыд, уый. Хъæлдзæг цы вæййы, уый уыд. 

— Изæрмæ нæ хæс куы ахæццæ кæнæм, уæд цыма фæуыдзыстæм? — загъта хорунжий йæ хуылыдз зачъетæ сæрфгæйæ. 

— Бафснайдзыстæм, — загъта зæронд ус, — рæстæг нæ ма бахъыгдарæд, уый йеддæмæ. Демкинтæ нырма æрдæгæфснайд дæр нæма фесты, — бафтыдта ма уый. — Устенькæ йæхæдæг зыбыты иунæгæй кусы, йæхи мары, мæгуыр. 

— Кæм уыдон æмæ кæм — мах! — сæрыстыр ныхас загъта хорунжий. 

— Гъа, Марьянæ, цард дын фестон, аназ дзы ды дæр, — загъта зæронд ус чызгмæ сæны гоцъоби дæтгæйæ, — Хуыцауы фæндонæй чызг æрвитын нæ бон бауыдзæн, ницæмæй хъуаг уыдзыстæм, — загъта мад. 

— Бæрæг нæй нырма, — загъта хорунжий æмæ чысыл йæхи фæтар кодта. 

Чызг æфсæрмæй йæхи зæхмæ кæсæг скодта. 

— Уый та цы хоныс? — загъта зæронд ус. — Хъуыддаг ахицæн, бонтæ дæр уыйас бирæ нал ис. 

— Раздæр дзурын ницы хъæуы, — загъта та хорунжий. — Ныр уал æрмæст æфснайын хъæуы. 

— Лукашкæйæн йæ ногæлхæд бæх цы федтаис? — афарста йæ зæронд ус. — Дмитрий Андреич ын цы бæх балæвар кодта, уый нал ис: æндæрæй йæ баивта. 

— Нæ, нæ федтон. Æз та абон нæ фатеры цæрæгæн йæ кусæгимæ ныхæстæ кодтон, — загъта хорунжий. — Уый куыд дзуры, афтæмæй та мин сомы райста. 

— Хъæздыг чи у, ахæм у, цыбыр ныхасæй, — загъта зæронд ус. 

Бинонтæ ce ’ппæт дæр разы æмæ хъæлдзæг уыдысты. Куыст сын хорз æнтыст æмæ размæ цыд. Сæнæфсир зад æмæ, æнхъæл куыд нæ уыдысты, афтæ хорз уыд. 

Марьянæ сихор бахордта, галты раз кæрдæг сæвæрдта, йæ куырæт йæ нывæрзæн батымбылтæ кодта æмæ уæрдоны бын ссæст донджын кæрдæджы уæлæ йæхи æруагъта. Йæ уæлæ уыд джиппæйфыст ирд-цъæх хæдон, йæ хуыз чи сивта, ахæм, йæ сæрыл та зæлдаг кæлмæрзæн. Уæддæр ын тынг æнтæф уыд: цæсгом арт уагъта, къæхтæ бынат нæ ардтой, фæлладхуыз цæстытæ хуыссæгхъæлдзæгæй уымæлбын уыдысты, былтæ æвæндонæй байгом сты, æмæ риу рæстулæфтгæнгæйæ хæрдмæ бæрзонд цыд. 

Адæм куыстмæ куы бавнæлдтой, уæдæй ардæм рацыдаид дыууæ къуырийы. Æвзонг чызджы зæрдæ æнæскъуыйгæ куысты мæтæй никуы цух кодта йæ цæргæбонты. Бонивайæны-иу сæударæй фæгæпп ласта йæ хуыссæнуатæй, йæхи-иу уазал донæй ахсадта, кæлмæрзæнæй-иу йæхи æрбатыхта æмæ-иу бæгъæввадæй фосмæ азгъордта. Йæ къæхтыл йæ дзабыртæ, йæ уæлæ куырæт цырд акодтаид, дзул истæм атыхтаид, галтæ аифтыгътаид æмæ-иу æнæхъæн бон цæхæрадонмæ ацыдаид. Уым-иу сахат йæ фæллад суагътаид, стæй-иу æнæрæнцойæ куыста: лыгтæ кодта, тæсчъытæ хаста æмæ-иу фæскуыст изæрæй хъæлдзæгæй, æвæлладæй, даргъ рæхснæг уис йæ къухы, афтæмæй галты сæрыл хæцгæйæ фæстæмæ æрбаздæхт. Рухсæй-иу фосмæ базылд, æхсынæнтæ-иу йæ хæдоны уæрæх дысы ныккалдта æмæ-иу сахат фисынмæ, бæрæгон бынатмæ чызджытæм хи аирхæфсынмæ рацыд. Куыддæр-иу изæрдалынгтæ æрци, афтæ-иу хæдзармæ æрбаздæхт, йæ мад, йæ фыдимæ-иу талынг уаты æхсæвæр бахордта, стæй-иу пецы сæр сбадт æмæ рæдзæмæдзæгæнгæйæ сæ фатеры цæрæджы ныхæстæм хъуыста. Куыддæр-иу уый дуары æдде фæци, афтæ-иу чызг хуыссæны йæхи баппæрста æмæ-иу йæ къах дæр нал атылдтаид, афтæ-иу райсоммæ æнæ райхъалæй фæфынæй кодта. Дыккаг бон дæр афтæ. Куы бафидыдтой, уæдæй фæстæмæ Лукашкæйы нал федта æмæ зæрдæнцойæ æнхъæлмæ каст йæ чындзыцæуæн бонмæ. Сæ фатеры цæрæгыл фæцахуыр, æмæ йын йе ’дзынæг кæстытæ адджын, æхсызгон уыдысты. 

 

XXX
 

Марьянæ фыр æнтæфæй йæ сæрæн нал уыд, цы ракодтаид, уымæн ницыуал зыдта. Къогъойæ йæ алыварс ныккæнæнтæ нæ уыд. Йæ гыццыл æфсымæр йæ цуры хуыссыд, тæлфыд æмæ йæ хъыгдардта, фæлæ уæддæр йæ сæр кæлмæрзæнæй бамбæрзта æмæ, гъа ныр афынæй уыдзæн, зæгъгæ, афтæ æнæнхъæлгæйæ сæ сыхаг чызг Устенькæ уым æрбалæууыд, уæрдоны бын фæмидæг æмæ Марьянæйы æмварс æрхуыссыд. 

— Хуысгæ ут, чызджытæ! Хуысгæ ут! — дзырдта Устенькæ уæрдоны бын йæхи æмбæрзгæйæ. — Фæлæуу, афтæ хорз нæу, — зæгъгæ, фæкодта уæлæмæ стгæйæ. 

Баздæхт æмæ цъæх къалиутæ æрбасæстытæ кодта, уæрдоны цæлхытыл сæ дыууæрдыгæй ацарæзта æмæ сæ уæлæ куырæт байтыгъта. 

— Стæ иуырдæм, ауадз мæ! — фæхъæр кодта Устенькæ лæппуйыл уæрдоны бынмæ лæсгæйæ. — Хъазахъхъагæн чызджытимæ иу ран бынат нæй. Цæугæ! 

Дыууæ чызджы сæхæдæг хибарæй баззадысты уæрдоны бын. Устенькæ æваст Марьянæйы йæ хъæбысы акодта æмæ йын йæ уадултæ æмæ йæ дæллагхъуыртæн батæ кæнын байдыдта. 

— Мæ гыццыл хуры хай! — дзырдта Устенькæ худгæйæ йæ рæсугъд зæрдæмæдзæугæ кæлжæлгæнаг худтæй. 

— Кæсыс амæ, бабайыл сахуыр ис, — загъта Марьянæ, хи иргъæвгæйæ. — Мæ арт бауазал, мæнæ хæйрæг! Æгъгъæд у! 

Æмæ сæ дыууæ дæр афтæ ныккæл-кæл кодтой, æмæ сыл зæронд ус фæхъæр кодта. 

— Хæлæг мæм кæныс, æвæццæгæн? — сусæгæй загъта Устенькæ. 

— Ныр цы гæдытæ дзурыс. Хуыссын мæ бауадз. Ныр цы ’рбацыдтæ? 

Фæлæ Устенькæ нæ сабыр кодта. 

— Цы дын зæгъинаг дæн, уый куы зонис! 

Марьянæ йæ рæмбыныкъæдзыл фенцой кодта æмæ йæ кæлмæрзæн йæ уæлæ æркодта. 

— Цæй-ма, æцæг, цы зæгъинаг мын дæ? 

— Уæ фатеры цæрæгæй цы фехъуыстон! 

— Уастæн та дын цы зæгъон, — загъта йын Марьянæ. 

— Æмбисонд æрбауай, кæд хин æмæ кæлæнæй дзаг дæ ды, — загъта Устенькæ худгæйæ æмæ йæ цонгæй Марьянæйы схойгæйæ. — Ницы мын радзурдзынæ, уæдæ? Нæ уæм фæцæуы? 

— Цæуылнæ, вæййы нæм. Æмæ уæд цы?! — загъта Марьянæ æмæ æвиппайды фæсырх. 

— Мæнмæ уыцы гæдымитæ нæй, æргомдзырд дæн, никæмæй йæ басусæг кæндзынæн. Стæй цæмæн æмбæхсон, — дзырдта Устенькæ, æмæ йæ хъæлдзæг сырхуадул цæсгом афæлывта, æмæ хъуыдытыл фæци. Кæй цы хъыгдарын? Уарзын æй уæд та, æндæр ма дзы исты ис! 

— Бабайæ зæгъыс, мыййаг? 

— О, уæдæ кæмæй. 

— Æмæ тæригъæд та? — ской йын кодта Марьянæ. 

— Мæнæ цытæ дзуры, мæнæ! Уæдæ ма кæд цы фендзыстæм цардæй, чызгæй куы ницы фенæм, уæд? Хъазахъхъаг мой куы скæнон, уæд зæнæг, мæт, тыхст, — цы нæ бавзардзыстæм фыдæбонæй. Мæнæ уал ацу моймæ Лукашкæмæ, уæд æй бамбардзынæ, — зæрдæрухсдзинад нал фендзынæ: сывæллæттæ æмæ мæты бын фæуыдзынæ. 

— Нæ зонын, фæлæ моймæ ацæугæйæ дæр дзæбæх чи цæры, ахæмтæ ис. Мæнырдыгонау, хъауджыдæр нæу! — зæрдæнцойæ загъта Марьянæ. 

— Иу хатт мын, гормон, уæддæр радзур, Лукашкæимæ уе ’хсæн цы уыд? 

— Цы хъуамæ уыдаид. Кургæ мæ кодта. Мæ фыд ын афæдз æмгъуыд скодта. Ныр бафидыдтой. Фæззæг мæ æрвитдзысты. 

— Лукашкæ та дын цытæ дзырдта? 

Марьянæ йæ мидбылты бахудт. 

— Æмæ нæ зоныс, цытæ фæдзурынц. Дзырдта, уарзын, дам, дæ. Лæгъстæ мын кодта, цæхæрадæттæм йемæ куыд ацыдаин, афтæ. 

— Кæс-ма уыцы писимæ! Ды дæр кæм ацыдаис? Фæлæ цы саг лæг сси! Хъæуы мидæг йæ размæ ничи æрбалæудзæн. Айфыццаг мах Киркæ ам уыд æмæ дзырдта: йæ бæх ахæм хорз бæхæй баивта, æмæ!.. Уæддæр дæуыл йæ зæрдæ кæм лæудзæн. Хъыг кæндзæн, æвæдза, æнæ дæу. Цытæ ма дын дзырдта ноджы? — афарста Марьянæйы Устенькæ. 

— Иууылдæр сæ куы зонис, уый дæ фæнды, — бахудти Марьянæ. — Кæддæр æхсæвыгон æрбацыд бæхыл рудзынджы цурмæ, расыг уыд. Куырдта мидæмæ. 

— Æмæ йæ нæ бауагътай? 

— Æндæр мын цы фæуа! Зæгъыны йеддæмæ йæ ницы хъуыд. Æнæ æрбауадзгæ мын æй уыд! Æз иугæр дзырд куы зæгъон, уæд афтæ уыдзæн, уый зон. Дурæй уæлдай нæ дæн, — ныфсджынæй загъта Марьянæ. 

— Мæнæй цыфæнды уæд, фæлæ саг лæг у! Æрмæст æй фæндгæ бакæнæд, уый йеддæмæ йыл чи нæ барвæсдзæн, ахæм чызг нæ райгуырди. 

— Уадз æмæ иннæтæм цæуа, — хъалзæрдæйæ загъта Марьянæ. 

— Тæригъæд ын нæ кæныс? 

— Тæригъæд ын кæнын, фæлæ уæддæр æдылы, чъизи митæ нæ бакæндзынæн. Уый мæм хорз нæ кæсы. 

Устенькæ æвиппайды йæ сæр Марьянæйы риуыл авæрдта, йæ дыууæ къухы йыл æрбатыхта æмæ худæгæй бакъæцæл. 

— Æдылы дæ, ницы æмбарыс! — сдзырдта Устенькæ худгæ-худын. — Амонд дæхицæй сурыс, — æмæ та йæ ногæй хъыдзы кæнын байдыдта. 

— Мæнæ цы и, мæнæ, ныууадз, æгъгъæд у, — хъæр кодта Марьянæ худгæйæ, — Лазуткæйы ныцъцъист кодтай. 

— Кæсыс, дæлимонтæ, хъазыныл фесты, нæма бафæлладысты, — фехъуысти уæрдоны фæсте зæронд усы хуыссæнхъæлдзæг хъæлæс. 

— Амонд дæхицæй сурыс, — йæ хъусы та йын сусæгæй бадзырдта Устенькæ уæлæмæ стгæйæ. — Тынг амондджын дæ, æвæдза, æцæгæй зæгъын, мæ ныййарæджыстæн. Бирæ дæ уарзынц. Цас нæ дæ, уыйбæрц дæ уарзынц. Æз дæ бынаты куы фæцаин уæ фатеры цæрæгæн! Мæхицæн дзы хъазæнхъул, хъæлæкк, скодтаин, йæ сæр ын сдзæгъæл кодтаин, бæргæ. Айфыццаг махмæ куы уыдыстут, уæд æй æз куыдæй федтон, афтæмæй дæ йæ цæстытæй ахæрынмæ хъавыд. Мæ баба мын цынæ æмæ цынæ фæлæвæрдта! Сымахæн та, куыд дзурынц, афтæмæй уырысæн сæ тæккæ хъæздыджытæй у. Йæ салдат афтæ дзырдта, цыма йын кусджытæ дæр ис. 

Марьянæ сыстад æмæ йæ хуылфмæ кæсгæйæ бахудти йæ мидбылты. 

— Уæд мын нæ фатеры цæрæг иухатт цы дзырдта, уый худæг уыд, — загъта Марьянæ, кæрдæджы тихалæг йæ дæндæгтæй лыг кæнгæйæ. — Хъазахъхъаг Лукашкæ кæнæ де ’фсымæр Лазуткæ куы фестин, уый, дам, мæ фæнды. Цæмæн афтæ загъта, уый та ды бамбар. 

— Афтæ гæдыныхæстæ кодта, уæдæ йын цы ’нхъæл дæ, йæ зæрдыл цы ’рбалæууыд, уый срæцыгъта, — дзуапп ын радта Устенькæ. — Мæнонмæ куы байхъусис, йæ дзыхæй цынæ схаудзæн, ахæм ын нæй! Цыма хæлд адæймаг у, уыйау! 

Марьянæ йæ сæр нывæрзæны тымбылтыхт куырæтыл æрæппæрста, йæ къух Устенькæйы уæхскыл æрæвæрдта æмæ йæ цæстытæ бацъынд кодта. 

— Абон ардæм цæхæрадонмæ æрбацæуинаг уыд, мæ фыд æй хуыдта, — сдзырдта Марьянæ, исдуг фæхъус æмæ бафынæй. 

 

XXXI
 

Уæрдонмæ аууон цы кæрдо бæлас сдардта, уый сæрты хур æрбазылд æмæ Устенькæйы сагъд къалиуты æхсæнты йæ тæссармæ арæзт тынтæй уæрдоны бын чызджыты цæсгæмттæ сыгъта. Марьянæ сыхъал æмæ йæ кæлмæрзæнæй йæ цæсгом сæрфта. Алырдæм йæ цæст ахаста æмæ кæрдо бæласы фæстæ сæ фатеры цæрæг Оленины ауыдта. Оленин, топп йе ’фцæджы, афтæмæй чызджы фыдимæ ныхас кодта. Марьянæ йе ’мбал Устенькæйы басхуыста æмæ æнæ исты дзургæйæ бахудт Оленины ’рдæм амонгæйæ. 

— Знон фæхаттæн, æмæ никуы ’мæ ницы, мæ цæст ницæуыл æрхæцыд, — дзырдта Оленин. Марьянæйы къалиуты аууонæй нæ уыдта æмæ зæрдæхсайгæ кæстытæ кодта йæ алфамбылай. 

— Ды баздæх æмæ уартæ уыцырдæм æмраст ацу; уым, — дзæгъæл цæхæрадон æй хонæм, — кæддæриддæр тæрхъустæ вæййы, — загъта хорунжий йе ’взаджы хатт ивгæйæ уæздандæры тыххæй. 

— Æнцон нæу, æвæдза, куыстафон ацы æнтæфы тæрхъусдзуан кæнын! Фæлтау-иу махмæ æрбацу æмæ-иу нæм фæкæс. Чызджытимæ акуыстаис, — хъæлдзæгæй сдзырдта зæронд ус. — Цæй, чызджытæ, афон у, уæлæмæ сыстут! — фæхъæр кодта зæронд ус. 

Марьянæ ’мæ Устенькæ сусæгæй сусу-бусу ныхæстæ кодтой æмæ худæгæй тыппырхæлдтæ кодтой. 

Оленин Лукашкæйæн фондз туманы аргъ бæх цы бон балæвар кодта, уæдæй фæстæмæ хæдзары хицæуттæ Оленинмæ лæгъз дзыхыуаг æруагътой, уæлдайдæр хорунжий: Оленин йæ чызгимæ лымæн кæй кодта, уый йын иттæг æхсызгон уыд. 

— Æз куыстыл ахуыр нæ дæн, — загъта Оленин. 

Уыйагъоммæ уæрдоны бын цъæх-цъæхид къалиуты æхсæнты Марьянæйы æрвхуыз хæдон æмæ сырх кæлмæрзæн ауыдта, фæлæ барæй, цыма уыцырдæм йæ зæрдæ не ’хсайы, уыйау йæхи æндæрырдæм кæсæг скодта. 

— Æрцу-иу нæм, æз дын дзæнгæдацæгъдджыты ратдзынæн, — загъта зæронд ус. 

— Хъазахъхъы æгъдаумæ гæсгæ, уый йеддæмæ зæронд усы ныхæстæ... — загъта хорунжий йæ уæздан æвзаджы хаттæй, цыма зæронд усы рæдыд æмбарын æмæ раст кодта, уыцы æгъдауæй. — Уæрæсейы, æвæццæгæн, алы адджинаг фæхордтаис дæ зæрдæйы дзæбæхæн. 

— Уыцы дзæгъæл цæхæрадоны ис, загътай? — афарста Оленин. — Абæрæг æй кæнон, уæдæ, — æмæ уыциу каст фæкодта цъæх къалиуты æхсæнты, йæ худ чысыл уæлдæр акодта æмæ æмхуызон, æмраст рæнхъытæ-рæнхъытæ сагъд сæнæфсиры бæлæсты æхсæнты афардæг. 

Хур цæхæрадæтты быруйы аууон фæци, афтæ Оленин дæр фæстæмæ æрбаздæхт цæхæрадонмæ йæ фатеры хицæуттæм. Дымгæ сабырæй-сабырдæр кодта, æмæ изæры уазалы тæфаг хæццæ кæнын байдыдта сæнæфсирдæттæм. Дардæй Оленин сæнæфсиры цупæлтты рæнхъыты æхсæн куыддæр æгъдауæй базыдта Марьянæйы цъæх хæдон æмæ йæм сæнæфсиры нæмгуытæ тонгæйæ хæстæг бацыд. 

Куыдз æнтæфы мидæг сдойны æмæ-иу хаттæй-хатт йæ сæтæйдзаг дзыхæй зæхмæ æввахс сæнæфсиры цупæлттæм фæлæбурдта. Марьянæ сырх-сырхид цæсгомимæ, йæ дыстæ цæнгтыл фæстæмæ фæлдæхт, кæлмæрзæн дæлæмæ роцъойы бынмæ уагъд, афтæмæй тагъд-тагъд сæнæфсиры цупæлттæ лыгтæ кодта æмæ сæ тæсчъы мидæг æвæрдта. Сæнæфсиры къалиуыл хæцгæйæ йæ куыст фæуагъта, рæвдауæн мидбылты худтæй бахудти æмæ та фæстæмæ йæ куыстмæ бавнæлдта. Оленин æм хæстæгдæр бацыд æмæ, мæ къухтæ равдæлой, зæгъгæ, йæ топп йе ’фцæджы баппæрста. «Уæ адæм кæм сты? Куыд иунæг дæ?» — зæгъгæ, йæ афæрсынмæ хъавыд, фæлæ йæ дзыхы дзырд нал бафтыд, æрмæст ма йæ худ уæлдæр акодта. Марьянæимæ сæ дыууæ иунæгæй кæй уыдысты, уымæй æфсæрмы кодта, фæлæ уæддæр цыма фыддæрадæн йæхицæн барæй зын кодта, уыцы æгъдауыл æм хæстæгдæр бацыд. 

— Афтæмæй устыты куы фæцæгъддзынæ, — загъта Марьянæ. 

— Нæ, уымæй мын ма тæрс, æхсгæ нæ кæнын. 

Сæ дыууæ дæр исдуг фæхъус сты. 

— Куы мæм фæкастаис, уæд хуыздæр уыдаид дзæгъæл лæуды бæсты. 

Оленин хæрынкъа систа æмæ æнæдзургæйæ лыг кæнын байдыдта. Бынæй сыфтæрты аууонæй иу уæззау æмхæст, æртæ джиранкамæ ’ввахс сæнæфсиры цупал сласта, йæ нæмгуытæ кæмæн нычъчъиритæ сты кæрæдзиуыл, ахæм, æмæ йæ Марьянæмæ равдыста. 

— Ce ’ппæт дæр лыг кæнын хъæуы? Мæнæ уый цъæх нæ уыдзæн? 

— Æри йæ ардæм. 

Сæ къухтæ кæрæдзийыл андзæвыдысты. Оленин ын йæ къух райста. Чызг æм йæ мидбылты худгæйæ бакаст. 

— Чындзы рæхджы цæудзынæ? — афарста Оленин. 

Чызг ын ницы дзуапп радта, йæхи фæтигъ кодта æмæ йыл карз цæстæнгасæй йæ цæстытæ рахаста. 

— Раст-ма зæгъ, Лукашкæйы уарзыс? 

— Æмæ дæу та цы кæсы? 

— Хæлæг æм кæнын. 

— Цытæ мын дзуры! 

— Æцæг зæгъын, хъазын æнхъæл мын ма у, æгæр рæсугъд дæ! 

Æмæ æвиппайды йæ ныхæстæй æфсæрмы кæнын байдыдта, æмæ йæ цæсгом ссыгъд, афтæ æнаккаг æм фæзындысты йæ ныхæстæ. Оленин æваст рамæсты, куыддæр адзæгъæл æмæ чызджы дыууæ къухыл фæхæцыд. 

— Цыдæриддæр дæн, дæуæн пайда нæ дæн! Худын хорз нæу! — дзуапп ын радта Марьянæ, фæлæ йæ цæстæнгасæй бæрæг уыд, Оленины хъуыддаг тынг хорз кæй æмбæрста: худгæ нæ, фæлæ зæрдиагæй кæй дзырдта, уый. 

— Худын та цы хоныс? Куы зонис, æз дæм цы зæрдæ... 

Йæ ныхæстæ ноджыдæр æнаккагдæр, ноджыдæр æвидауцдæр уыдысты, мидæгæй йæ зæрдæйы цы уыд, уымæй, фæлæ уæддæр дарддæр ныхас кодта. 

— Нæ зонын, фæлæ дæу тыххæй мæхи цыма доны дæр баппарин... 

— Дæхи айс, писи! 

Фæлæ чызгæн йæ цæсгом, йæ цæхæрцæст цæстытæ, йæ бæрзонд риу, йæ хæрзконд къæхтæ æндæр цыдæр дзырдтой. Оленин афтæ æнхъæл уыд, цы ныхæстæ кодта, уыдон куыд æдзæсгом, куыд æнæгъдау уыдысты, уый чызг дзæбæх æмбæрста, фæлæ сæ йæ зæрдæмæ хæстæг нæ иста, йæ сæрмæ нæ хаста ахæм хъуыдытæ. Афтæ æнхъæл дæр ма уыд, æмæ чызг æмбæрста, цы зæгъын йæ зæрды уыд æмæ зæгъын кæй нæ фæрæзта, уыдæттæ, фæлæ йæ фæндыд базонын, цы дзыхыуагæй, куыд æгъдауæй сæ зæгъдзæн, уый. «Стæй сæ æнæзонгæ дæр куыд уыдаид, — хъуыды кодта хинымæры Оленин, — уымæн, чызг йæхæдæг цы нæ уыд, ахæмæй йын ницы зæгъинаг уыд. Фæлæ чызг барæй йæхи ’нæзонæг скодта, цыма не ’мбæрста, уыйау, æмæ йæ нæ фæндыд уымæ гæсгæ дзуапп дæттын». — Афтæ хъуыды кодта хинымæры Оленин. 

— Гьей! — æвиппайды фехъуыст хæстæгæй, сæнæфсирдоны фæстæ Устенькæйы фæлмæн хъæлæс æмæ уæздан лыстæг худт. — Ацырдæм рацу, — Митрий Андреич, мæнæн феххуыс кæ. Æз иунæг дæн, — æрбадзырдта Оленинмæ Устенькæ, сæнæфсирты сыфтæрты сæрты йæ гыццыл тымбыл æвзонг æнæхин цæсгом даргæйæ. 

Оленин ницы сдзырдта, йæ бынатæй дæр нæ фезмæлыд. 

Марьянæ йæ куысты кой кодта, æдзух сæ фатеры цæрæгмæ фæкæсфæкæсгæнгæйæ. Оленин ма цыдæр зæгъынмæ хъавыд, фæлæ йæхиуыл фæхæцыд, йе уæхсчытæ батылдта, йæ топп уæлдæр фесхуыста æмæ тагъд санчъехтæгæнгæйæ цæхæрадонæй рацыд. 

 

XXXII
 

Цæугæ-цæуын Оленин иу-дыууæ хатты фæлæууыди Марьянæ æмæ Устенькæмæ байхъусыны тыххæй, — фæсте цыдæр хъæр кодтой. Æнæхъæн изæр Оленин цуаны фæхатт хъæды мидæг. Дыууæизæрастæу фæстæмæ æрбаздæхт афтидæй. Кæртмæ куы бацыд, уæд ауыдта йæ фатеры хицауы уаты гом дуар æмæ уаты мидæг, — Марьянæйы цъæх хæдон. Me ’рбацыды хабар базонын кæнон, зæгъгæ, хъæрæй Ванюшæмæ бадзырдта æмæ асины сæрыл йæ ахуыр бынаты æрбадт. Хæдзары хицæуттæ уыйагъоммæ цæхæрадонæй æрбацыдысты. Хæдзарæй уатмæ бацыдысты æмæ Оленинæн «мидæмæ рацу», зæгъгæ, нæ загътой. Марьянæ дыууæ хатты æддæмæ уынгмæ рацыд. Оленинмæ арвы рухсмæ афтæ фæзынд, цыма йæм фæстæмæ иу каст дæр фæкодта, уыйау. Афтæ йæ цыма ахæрынмæ хъавыд, уый каст кодта чызгæн йæ алы змæлдмæ, йæ алы къахдзæфмæ, фæлæ йæм хæстæг бацæуын йæ ныфс нæ бахаста. Чызг мидæмæ хæдзармæ куы бацыд, уæд Оленин асины сæрæй рахызт æмæ кæрты дуæртты рацу-бацу кæнын систа. Фæлæ Марьянæ хæдзарæй æддæмæ нал рацыд. Æнæхъæн æхсæв-бонмæ Оленин æнæхуыссæгæй кæрты йе ’хсæв арвыста æмæ æнувыдæй хъуыста хæдзары хицауы уатмæ алы уынæрмæ. Оленин фехъуыста, изæры куыд ныхас кодтой, æхсæвæр куыд хордтой, бумбули гобæттæ куыд хастой æмæ куыд схуыссыдысты, фехъуыста, куыд бахудт цæуылдæр, бамбæрста, æрæджиау куыд æрсабыр сты. Хъуыста, хорунжий зæронд усимæ сусæгæй куыд ныхæстæ кодта, æмæ чидæр куыд улæфыд. Оленин йæ уатмæ бацыд. Ванюшæ æд дзауматæ хуыссыд. Оленин æм бахæлæг кодта æмæ та дзыхъхъынногæй кæрты рацу-бацу кæнын байдыдта цæмæдæр æнхъæлмæгæсгæйæ. Фæлæ ничи рацыд, ничи змæлыд. Æрмæст хъуысти æртæ адæймаджы æмхуызон улæфт. Уый зыдта Марьянæйы улæфт æмæ йæм хъуыста; хъуыста йæхи зæрдæйы гуыпп-гуыпмæ дæр. Хъæуы мидæг алцыдæр æрсабыр, хъыпп-сыпп никæцæйуал хъуыст. Мæй æрæджиау скаст, æмæ кæртытæй хъомвос зынын байдыдтой: зынд, куыд-иу æрхуыссыдысты нæтгæйæ æмæ-иу фæстæмæ куыд стадысты. Оленин йæхимæ мæстыгæнгæйæ йæхицæн дзырдта: «Ныр мæ цы хъæуы, цымæ?» Æвиппайды хæдзары хицауы уатæй дзæбæх фехъуыст къæхты хъæр æмæ пъолы фæйнæджыты хъинц. Оленин дуары цурмæ цырд бауад, æмæ никуы ’мæ ницы, æрмæст ма хъуыстис æмхуызон, уыцы иу æгъдауыл улæфт æмæ кæрты мидæг къамбецы нæтын. Къамбец-иу рахъил кодта æмæ-иу фыццаг йæ зонгуытыл, стæй йæ цыппар къахыл слæууыд йæ дымæгæй цъыллинджытæ æмæ цъæппытæгæнгæйæ хус æлыгцъар кæрты мæйдары мидæг. Оленин та йæхи афарста: «Цы бакæнон ныр?» æмæ цæхгæр ууыл ныллæууыд, хуыссынмæ цæуын хъæуы, зæгъгæ. Фæлæ та-иу ног уынæр фехъуыст, æмæ та-иу йæ цæстытыл Марьянæйы сурæт ахъазыд мæйрухс мигъ æхсæв æддæмæ рацæйцæугæйæ, ног та-иу рудзынджы цурмæ базгъордта æмæ та-иу къахдзæфты хъæр фехъуыста. Бон æмæ ’хсæв кæрæдзийæ нæма фæхицæн сты, афтæ рудзынгмæ бацыд, батъæпп æй ласта, йæхæдæг дуары цурмæ балыгъд, æмæ ацы хатт æцæг фехъуыст Марьянæйы тыхулæфт æмæ къæхты хъæр. Оленин дуары ричъимæ бавнæлдта æмæ дуар бахоста. Бæгъæввад къæхтæй хъуызгæ цыд, зына-нæзына зæххы фæйнæджытæ хъинцгæнгæйæ, хæстæгæй-хæстæгдæр кодта дуармæ. Мидæгæй дуарæхгæнæн фезмæлыд, дуары хъинц фæцыд, нас æмæ цавæрдæр кæрдæджы тæф йæ фындзыл сæмбæлд æмæ къæсæрыл, цы уыд, уымæй Марьянæйы сурæт фæзынд. Оленины цæст æй чысыл ацахста мæйрухсмæ. Марьянæ æваст дуар ахгæдта, йæхинымæры цыдæртæ сдзырдта æмæ фæстæмæ лидзынмæ фæци фæлмæн къахдзæфтæгæнгæ йæ къахы æлгътыл. Оленин дуар сабыргай хойын байдыдта, фæлæ фæстæмæ дзурæг нæ уыд. Уæд рудзынджы цурмæ базгъордта æмæ уырдыгæй хъусын байдыдта. Æвиппайды лæджы цъæхснаг хъæлæс фехъуыст æмæ йын йæ уд ауайын кодта. 

— Хорз хъуыддагыл фæхæст дæ, мæ лымæн! — загъта, Оленинмæ кæрты ’рдыгæй хæстæгдæр цæугæйæ, ныллæггомау хъазахъхъаг урс худы мидæг. — Федтон дæ, хорз, мæ лымæн, хорз! 

Оленин Назаркæйы базыдта æмæ, цы ракодтаид, уымæн ницыуал зыдта, хъыпп-сыпп нал скодта, дзырд йæ дзыхы нал бафтыд. 

— Хорз, хорз! Мæнæ хъæуыхицаумæ цæуын, комдзог дыл рацæудзынæн, фыдæн дæр зæгъдзынæн. Кæсыс хорунжийы чызгмæ! Иу ын æгъгъæд нæу! 

— Цы мæ домыс, мæ хур, цы дæ хъæуы? — загъта Оленин. 

— Куы ницы, æз æрмæст, кæм æмбæлы, уым базонын кæндзынæн. 

Назаркæ барæй хъæрæй дзырдта: 

— Кæсыс нæ юнкермæ! Хуымæтæг у! Сабыр малы хæйрæджытæ бады! 

Оленинæн адæргæй йæ зыр-зыр цыд. 

— Ардæм-ма рацу, ардæм! 

Оленин Назаркæйы къухыл ныххæцыд æмæ йæ мидæмæ йæ уатмæ бахуыдта. 

— Ныр не ’хсæн куы ницы æрцыд, йæхимæ мæ нæ бауагъта, мæ къухы ницы... Чызгмæ аххосагæй ницы ис, æнаипп у, ницы дзы ис зæгъæн, авджы хуызæн сыгъдæг у. 

— Уым сæ равзардзысты; кæуыл цы ауайа, уый ауайæд, — загъта Назаркæ. 

— Æз дын æнæуый дæр ратдзынæн. Фæлæуу иучысыл, тæвд ма кæ, дæ хорзæхæй! 

Назаркæ ныхъхъус и. Оленин йæ уатмæ базгъордта æмæ хъазахъхъагæн иу туман радавта. 

— Куы ницы æрцыд не ’хсæн. Фæлæ уæддæр аххосджын æз дæн, мæнæ уал уыдон дæ дзыппы сæвæр! Æрмæст дæ уыцы хатыр курын, æмæ нæ дыууæйæ дарддæр куыд нæ айхъуыса, афтæ. Не ’хсæн дæр ницы æрцыд. 

— Де ’хсæв дæхи фæндиаг, — мидбылты худгæйæ загъта Назаркæ æмæ рафардæг. 

Уыцы æхсæв Назаркæ хъæумæ æрбацыд, Лукашкæйы фæдзæхстмæ гæсгæ, — хуыснæггаг бæхæн бынат сбæлвырд кæныны тыххæй, æмæ, уынджы сæхимæ куы фæцæйцыд, уæд къахдзæфты хъæр йæ хъусыл æрцыд. Дыккаг бон фæстæмæ хъазахъмæ аздæхт æмæ æппæлæгау йе ’мбæлттæн радзырдта, зноны бон туман куыд æвæлмонæй бакуыста, уый. Райсомæй Оленин хæдзары хицæуттимæ сæмбæлд, æмæ цыма ницы бамбæрстой, афтæ йæм фæзынд. Марьянæ йемæ ныхас никуы акодта сæмбæлгæйæ, фæлæ-иу æм худгæйæ бакаст. Дыккаг бон дæр та фыдæхсæв фæци: æхсæв-бонмæ та дзæгъæлы фæралли-балли кодта кæрты æнæхуысгæйæ, æнæхъолайæ. Боны барæй цуаны ацыд. Изæрæй куы æрбаздæхт, уæд, æфсæрмы куыд кодта, уымæ гæсгæ Белецкиймæ йæхи айста. Йæ цæсгом нал хъæцыд, æмæ йæхицæн дзырд радта, хæдзары хицæуттæм мæ къах дæр нал бавæрдзынæн, зæгъгæ. Уый фæстæ æхсæв æй фельдфебель сыхъал кодта. Ротæ уыцы сахат раст кодта стæры. Оленинæн æхсызгон уыд уыцы хъуыддаг æмæ йæхинымæры загъта, фæстæмæ мын ацы хъæумæ æрбаздæхыны мыггаг нал ис, зæгъгæ. 

Стæры фесты цыппар боны. Æфсæдты хицауы бафæндыд Оленины фенын, — хæстæг ын æййæфта æмæ йын йæхи раз штабы бынат лæвæрдта. Оленин нæ бакуымдта. Цы хъæуы сахуыр, æнæ уыцы хъæу фæцæринаг никуы уыд æмæ дзы куырдта, фæстæмæ сæхимæ ацæуыны бар ын куыд раттаид, афтæ. Стæры ацыды тыххæй, рагæй-æрæгмæ кæмæ бæллыд, уыцы салдаты крест ын радтой. Ныр уыцы крест йæ цæсты кадджын нал уыд, æрдумæ дæр æй нал дардта, нал уыд кадджын йæ цæсты афицеры цин дæр, кæмæ йæ бавдыстой æмæ райсын æнхъæлмæ кæмæ каст, уый. Æвыдæй, æнæфыдбылызæй Ванюшæимæ æфсæдты бадæнтыл ацыд æмæ иукъорд сахаты ротæйæ фæраздæр. Оленин æнæхъæн изæр къæсæры цур асины сæрыл фæбадт Марьянæмæ кæсгæйæ. Æхсæв-бонмæ та æнæ исты æфсонæй æнæхъола рацу-бацу фæкодта. 

 

XXXIII
 

Уымæн йæ дыккаг райсом Оленин райхъал ис æрæгмæ. Хæдзары хицæуттæ бынаты нал уыдысты. Уыцы бон цуаны нал ацыд æмæ-иу куы чиныг райста, куы-иу æддæмæ асины сæрмæ рацыд, стæй-иу фæстæмæ баздæхт æмæ-иу хуыссæны йæхи æруагъта. Ванюшæ йын рынчын æнхъæл уыд йе ’ууæлтæм гæсгæ. Изæрырдæм æввахс Оленин йæ хуыссæнæй ныфсджынæй сыстад, фыссыныл сбадт æмæ фæфыста æмбисæхсæвы онг. Писмо ныффыста, фæлæ йæ æрвитгæ никæмæ акодта, уымæн æмæ уæддæр ничи бамбæрстаид, цы фыста, цы зæгъынмæ хъавыд, уый, стæй йæ бамбарын дæр Оленинæн æрмæст йæхи уды йеддæмæ никæй ницæмæн хъуыд, чи фæнды фæуæд, хъауджыдæр нæу. Уый фыста афтæ: 

«Мæнмæ Уæрæсейæ фыссынц, цыма мын сæхи тæригъæдгæнæг скодтой, цыма мæ мæты бацыдысты, уыйау. Тæрсынц мын, уыцы фæсвæд ран, талынг адæмы ’хсæн сæфтмæ куы ’рцæуон, уымæй. Афтæ мæ дзурынц: уым æнæгъдау, æнæконд суыдзæн, адæмы хъæр нал бамбардзæн, адæмы нал баййафдзæн, нозтыл фæуыдзæн, чи зоны, æмæ ма йæм ахæм зонд дæр æрцæудзæн, æмæ хъазахъхъаг сылгоймаджы ракурдзæн. Дзæгъæлы-иу нæ дзырдта Ермолов, Кавказы, дам, дæс азы чи фæуа, уый кæнæ бынтон расыггæнаг суыдзæн, кæнæ та æнаккаг, хæтаг сылгоймаджы ракурдзæн, зæгъгæ. Ай хорз хабар нæу. Афтæмæйты-афтæмæйты мæхи куы нæ байсафин! Амалтæ ’мæ фадæттæ та мын хорз куы уыд. Æндæр ницы, фæлæ мæм уыцы амонд уæддæр нæ каст, æмæ графиня Б***-йы мæхицæн усæн æрхæссын, кæнæ паддзахы раз камергер, кæнæ уæздан адæмæн сæрдар уæддæр суыдаин. Куыд цъаммар, куыд ницæйаг æмæ тæригъæддаг стут мæ цæсты! Сымах не ’мбарут, амонд циу æмæ цард циу, уый. Иу хатт бавзарын хъæуы царды рæсугъддзинад æнæ уæлдай гæдымитæй, Хуыцау æй куыд радта, уыцы æгъдау, уыцы хуызы мидæг. Фенын æмæ бамбарын хъæуы, æз алыбон мæ дыууæ цæстæй кæй уынын, уый: хæхты æнусон миты хъæпæнтæ, бацæуæн кæдæм нæй, адæймаджы къах кæдæм нæ хæццæ кæны, æмæ бæрæчет, гуырвидауц сылгоймаг, не скæнæг незаманы раздæр-раздæр сылгоймаджы цы рæсугъддзинады мидæг равдыста, ахæм хуызы, ахæм æгъдауы мидæг, — æрмæст уæд раргом уыдзæн, чи сафы йæхи, чи нæ цæры рæстдзинады кæнæ гæдыдзинады мидæг — сымах æви æз. Тæхуды, æмæ куы зониккат, куыд æнад, куыд цъаммар æмæ куыд ницы стут мæ цæсты, уæхи кæй сайут æмæ ницы уæвгæйæ уæхицæй цыдæр кæй кæнут, уый тыххæй. Цы уаты цæрын, цы хъæды хæтын, цы уарзондзинад рæвдауын мæ хуылфы, уыдон бæсты мæ цæстытыл куы ахъазынц, уыцы уазæгдæттæ, уыцы сылтæ кæйдæр дадалитимæ æмæ ахуырст сæрыхъуынтимæ, уыцы æнæбары былты змæлд, уыцы æмбæхст лæмæгъ хæлд уæнгтæ, уыцы æгъдаумæ гæсгæ сусæгæй ныхæстæ уазæгдæтты, уыцы дæлæ-уæлæ митæ, — кæмæн дзырды бар, кæмæн нæ, — уæд мидæгæй мæ зæрдæ риссын байдайы. Мæ цæстытыл хъазынц уыцы къуымых, æдылы цæсгæмттæ, уыцы хъæздыг чындздзон чызджытæ, сæ цæсгæмттыл фыст кæмæн ис: «Ницы кæны, бар уæ ис, хæстæгдæр æрбацæут, кæд хъæздыг дæн, уæддæр», уыцы ракæ-бакæ митæ бадын кæнгæйæ: уыцы æдзæсгом лымæн кæнын кæрæдзиимæ бахæзгул кæныны тыххæй, уыцы æнусмæ сусу-бусу ныхæстæ, хахуырдзинад, кæрæдзийыл истытæ мысын æмæ дæхицæй, цы нæ дæ, уый кæнын, уыцы æгъдæуттæ — кæмæ къух раттын, кæмæн та сæрæй акувын, кæимæ ныхас акæнын æмæ уыцы æнæкæрон æнкъарддзинад, туджы мидæг чи ис æмæ фыдæй фыртмæ чи хизы незаманæй нырмæ. Уыдæттæ-йедтæ иууылдæр кæнынц хъуыдыгæнгæйæ, зонгæйæ, æмбаргæйæ, цыма тынг æхсызгон хъæуынц æмæ æнæ уыдон цард нæ фидауы, уыйау. Бамбарут кæнæ баууæндут иу хъуыддагыл. Фенын æмæ бамбарын хъæуы, рæстдзинад æмæ рæсугъддзинад цы сты, уый, æмæ уæд, цы дзурут, цы хъуыды кæнут, цы амондмæ бæллут уæхицæн дæр æмæ мæнæн дæр, уыдон иууылдæр рыг фестдзысты, сæ кой, сæ хъæр дæр нал уыдзæн. Амонд y æрдзимæ цæрын, æрдз уынын, йемæ дзурын. «Ноджы ма, Хуыцау бахизæд, фæлæ иу хуымæтæджы хъазахъхъаг ус куы ’рхæсса, уæд бынтондæр фесæфт, ахицæн махæй, бæрзонд адæмæй». Æз та æрмæст иу хъуыддагмæ бæллын: сымах мын цæмæй тæрсут, уый мыл куы ’рцæуид; фæнды мæ хуымæтæджы хъазахъхъаг чызг ракурын, фæлæ мæм ныфс нæй уыцы хъуыддаг бакæнын, уымæн æмæ уый аккаг нæ дæн, уыцы амонд мæнæн цы Хуыцау дæтты. 

Фыццаг хатт хъазахъхъаг чызг Марьянæйы куы федтон, уæдæй ардæм æртæ мæйы рацыд. Цы адæм æмæ цы ’гъдæутты мидæг схъомыл дæн, уыдонæй ныр дæр ма уæгъд нæ дæн. Нæ мæ уырныдта уæд, ацы сылгоймаджы бауарздзынæн, уый. Мæ зæрдæ дзы рухс кодта, хæхтæ æмæ арвы рæсугъддзинадæй куыд рухс кодта, афтæ, æмæ йын æнæ афтæ уарзæн дæр нæ уыд, уымæн æмæ уый дæр уыдон хуызæн æнæкæрон рæсугъд уыд. Уый фæстæ мæ зæрдæ банкъардта, уыцы рæсугъддзинад куы нæ уынон, уæд мæ мæ цард нал бандавдзæн, æмæ уымæ гæсгæ мæхæдæг мæхи фæрсын байдыдтон: кæд æй уарзгæ, мыййаг, кæнын? Фæлæ, уарзондзинадмæ цы цæстæй кастæн æмæ йæ мæ зонд куыд ахста ныронг, ахæм æгъдауæй мæ зæрдæйы хуылфы ницы ссардтон. Уæдæ мæнæ, адæймаг хибарæй иунæгæй цæргæйæ куыд стыхсы кæнæ йæ ус курын куыд æрфæнды æмæ йæм уæд цы зæрдæ æрцæуы, ахæмæй дæр мæм ницы уыд. Уæдæ сылгоймагмæ куыд бахæлæг чындæуы, æмæ йæм зæрдæ куыд бахъазы кæнæ йæ зæрдæйæ куыд бауарзтæуы, ахæмæй дæр ницы. Мæн хъуыди уымæ кæсын, уымæ хъусын, мæ цуры хæстæг кæй ис, уый зонын, æмæ уæд амондджын уыдтæн, зæгъгæ, нæ зæгъдзынæн, фæлæ мæ зæрдæ æнцад уыд. Иумæ цы хъазтизæры уыдыстæм, мæ буар æм куы баныдзæвд, уæдæй ардæм æз банкъардтон, уыцы сылгоймагимæ баст кæй стæм æнæаскъуыйгæ бæттæнæй, æргом чи нæма у, фæлæ йемæ быцæу кæнæн кæмæн нæй ницы амалæй. Фæлæ ма æз уæддæр быцæу кодтон; æз мæхицæн дзырдтон: цымæ бауарзæн ис ахæм сылгоймагæн, мæ зæрдæйы быны фæндонтæ, мæ царды æхсызгон хъуыддæгтæ мын чи никуы бамбардзæн? «Цымæ бауарзæн ис сылгоймаджы æрмæст йæ ныв, йæ сурæты тыххæй?» — фарстон æз мæхи, афтæмæй та йæ уарзгæ кæй кодтон, уый æцæгдзинад, æнæгуырысхойаг уыд, кæд мæ нæма уырныдта, уæддæр. 

Фыццаг мæ цæсты æцæгæлон æмæ бакастджын сурæт уыд, рæсугъд дзаумайы хуызæн; хъазтизæрæй фæстæмæ та мын адæймаг сси. Æз ыл æмбæлын байдыдтон, йемæ ныхас кодтон, хаттæй-хатт-иу йæ фыдимæ кусынмæ цыдтæн æмæ-иу сæм изæрæй æнафонмæ арæх бадтæн. Уыцы хæстæг, хицон æгъдæутты мидæг мæ цæсты фыццаджы хуызæн сыгъдæг, æнаипп, хиуылхæцгæ æмæ, йæ сæр сæрмæ чи хæссы, ахæм адæймагæй баззад. Кæддæриддæр алкæмæн дæр дзуапп лæвæрдта уыцы иу æгъдауæй — сабырæй, сæрыстырæй, хъæлдзæгæй, æнæдисгæнгæйæ. Хаттæй-хатт-иу лæгъз дзыхы уагæй дзырдта, фæлæ фылдæр хæттыты йæ цæстæнгас, йæ ныхас, йæ алы уæнджы змæлд æвдыстой, цымыдис адæймаг кæй нæ уыд, стæй ныфсджын, барджын æмæ зæрдæмæдзæугæ кæй уыд, уый. Æрвылбон гæды худтытæ кæнгæйæ мæ уд хъардтон, хæстæгдæр æм бацæуон, зæгъгæ, æмæ йын исты зæрдæлхæнæн митæ акæнон. Мæ зæрдæ-иу æм хъазыд тухитæ æмæ зындзинæдтæ æвзаргæйæ æмæ дзы-иу афтæмæй ныхæстæ къахтон, хъазгæмхасæн. Чызг зыдта, мæхи-иу барæй кæй ауагътон æмæ зæрдæйæ кæй нæ дзырдтон, уый, фæлæ мæм-иу уæддæр комкоммæ хъæлдзæгæй хицон каст кодта. Мæнæн иттæг зын уыд уыцы æгъдауы мидæг. Мæн æрфæндыд, гæдыныхæстæй ницыуал, фæлæ цыдæриддæр мæ хъуыдыйы уыд, цыдæриддæр мæ зæрдæйы æмбæхстæй дардтон, уыдон иууылдæр радзурын, раргом кæнын. Æз мæхи дæр не ’мбæрстон, афтæ мæсты уыдтæн. Хъуыддаг æрцыд цæхæрадæтты. Æз ын дзурын байдыдтон мæ уарзондзинады тыххæй. Мæ ныхæстæ мæ зæрдыл куы ’рбалæууынц, уæд фыр æфсæрмæй мæ цæсгом ссудзы. Æфсæрмы та уымæн кодтон, æмæ уыдæттæ дзурын ын æз хъуамæ ма бауæндыдаин, уымæн æмæ уыцы ныхæстæ кæмæн кодтаин, ахæм чызг нæ уыд, уыдонæй хуыздæр æмæ бæрзонддæр уыд, хуыздæр аккаг уыд, æз æм цы зæрдæ дардтон æмæ йын раргом кæнынмæ кæй хъавыдтæн, уымæй дæр. Æз нал дзырдтон æмæ, уыцы бонæй фæстæмæ цы ’гъдауы мидæг уыдтæн, уый мын зын сси. Ныронджы хуызæн хъазæн, хынджылæггаг митæ кæнын мæ сæрмæ нал хастон, фæлæ мын зын уыд, не ’хсæн æргом, æнæ гæдыдзинæдтæ, раст, хицон æгъдæуттæ сæвæрын кæй нæ фæрæзтон, уый. Цы ракодтаин, уымæн ницыуал зыдтон, стыр зыны мидæг уыдтæн æмæ мæхи фарстон: цæй, ныр цы бакæнон уæдæ? Me ’дылы хъуыдыты мидæг-иу æй мæхицæн хæзгул акодтон кæнæ-иу æй усæн æрхастон æмæ та-иу дыууæ хъуыдыйы дæр мæ зæрдæйæ сырдтон былысчъилтæгæнгæ, куыд æлгъаг, афтæ. Дæхицæн дзы номылус скæ, уый æнаккаг, сæр алыг кæныны хуызæн хъуыддаг уыдаид. Уæдæ йæ усæн æрхæсс Дмитрий Андреичы номыл æмæ дзы æхсин скæ, иу афицер куыд бакодта, афтæ, уый та ноджыдæр фыддæр. Фæлæ мæнæ Лукашкæйы хуызæн куы суаин: бæхрæгъæуттæ дав, сæнæй фыдрасыг кæ, зарджытæ кæ, лæгтæ мар, расыгæй йæм æхсæвыгон рудзынгæй балæс, афтæмæй дæ зæрдæмæ мацы хæсс, цы дæн æмæ цæмæн дæн, уæд уымæй цы зæгъыс, уый зæгъ, уæд хицæн хъуыддаг уыдаид. Уæд кæрæдзи бамбæрстаиккам, уæд амондджын уыдаин. Æз ахæм цард дæр авзæрстон, фæлæ хæрæгыл саргъ куыд фидауы, афтæ мыл фидыдта, æмæ ноджыдæр хуыздæр бамбæрстон мæ лæмæгъдзинад, мæ ратас-батас æмæ ме ’видауц тыхмитæ. Нæ рох кодтон мæхи æмæ мæ зæронд æнæуаг, æнæхуыз, хæлд æмæ бирæ ракæ-бакæтыл арæзт цардыуаг. Нырæй фæстæмæ дæр, искуыбоны цардæй зæрдæ ницæмæй рухс кæны. Æрвылбон мæ дыууæ цæсты раз сты дард митджын хæхтæ æмæ ацы бæрæчет, бакастджын, амондджын сылгоймаг. Æрмæст иунæг уыцы хъуыддагæй суыдаин амондджын, фæлæ уый дæр мæ ныфс, мæ амонд нæу, — мæн тыххæй нæу уыцы сылгоймаг дæр! Йæ тæккæ зындæр æмæ йæ тæккæ æхсызгондæр мæ бынаты, ме ’гъдауы мидæг уый у, æмæ æз æнкъарын, чызджы кæй æмбарын, уый, фæлæ уый мæн никуыбон бамбардзæн. Мæнæй дæлдæр, мыййаг, нæу исты æмæ мæ уый тыххæй æнæмбаргæ нæу, фæлæ хъуыддаг афтæ у, æмæ мæ хъуамæ æмбаргæ дæр ма кæна. Уый амондджын у; уый нæ дунейы хуызæн уыцы иу æгъдауыл лæуд æрдзæй куыд рацыд, афтæ раст æмæ зæрдæнцой y йæхимидæг. Æз та хæлд, къæдзтæ-мæдзтæ, тæлуссонд, лæмæгъ адæймаг, афтæмæй мæ фæнды, мæ хъæнтæ, мæ дызгъуыммæарæзт хæлд удыхъæд æмæ мын мæ зæрдæйы тыхст, мæ зæрдæйы рис куы бамбарид, уый. Æнæхуыссæгæй бирæ æхсæвтæ йæ рудзынджы бын арвыстон æнæ исты æфсонæй, ницæмæ хъавгæйæ, ницы агургæйæ, афтæмæй, æмæ цæмæн афтæ кодтон, уымæн мæхæдæг дæр ницы æмбæрстон. 18-æм бон нæ ротæ стæры ацыд. Æз æртæ боны хъæуæй фæцух дæн. Æнкъард уыдтæн æмæ мæм хъауджыдæр ницы касти. Æфсæдты царды мидæг къамтæ, зарджытæ, нозт æмæ хæрзиуджыты тыххæй ныхæстæ кæнын мæнмæ ныр фыццагæй хъыгдæр кæсын байдыдтой. Абон нæхимæ фæстæмæ æрцыдтæн, федтон уый дæр, федтон мæ цæрæнуат, Ерошкæйы, митджын хæхтæ къæсæрæй, æмæ мæ зæрдæ циндзинадæй байдзаг, æмæ бамбæрстон алцыдæр. Æз уыцы сылгоймаджы уарзын æнæгуырысхойæ, æцæг уарзтæй; уарзын фыццаг хатт мæ дунейы цардыл, мæ райгуырынæй нырмæ. Æз зонын, цы ’гъдауы мидæг дæн, уый. Уыцы уарзондзинадæй æз æгад æмæ æфсæрмы нæ фæуыдзынæн, фæлæ уымæй мæ сины сæртыл хæцдзынæн, Кæй бауарзтон, уый тыххæй мæхимæ аххосагæй ницы арын. Барвæндонæй, мыййаг, æй нæ бакодтон, мæ зæрдæйыл мæ бар нæ цыд, — цы бакодта, уый йæхи æгъдауæй, æнæ мæн бафæрсгæйæ. Мæ уарзондзинад цæмæй ферох уа, цæмæй дзы фервæзон, уый сæраппонд æрхъуыды кодтон искæй дзæбæхдзинадыл кусын, искæй тыххæй мæхи суæлдай кæнын, æмæ уый фæдыл Лукашкæ ’мæ Марьянæйы æхсæн цы уарзондзинад уыд, уымæй мæхицæн зæрдæтæ æвæргæйæ циндзинад арæзтон, фæлæ уымæй ницы рацыд, дзæгъæл хъуыддаг уыд, — мæхи мæстæй мардтон, мæ уарзондзинад æмæ хæлæгдзинад тынгдæр цы фесты, уый йеддæмæ къаддæр нæ кодтой. Уый бæрзонд уарзондзинад кæй хонынц, зонд æмæ хъуыдыдзинадыл арæзт чи у, æз кæддæр кæй бавзæрстон, ахæм нæу. Уæдæ зæрдæ куы фæрайы, куы фæхъазы æмæ кæй фæрæвдауыс, ахæм уарзондзинад дæр нæу. Уæдæ зæрдæйы мидæгæй чи ’взæры æмæ кæй фембарыс æмæ дæхæдæг дæхи ’гъдауæй, фæндоныл алцыдæр куы фæкæныс, ахæм дæр нæу. Уый дæр мын æнæвзæрст нæу. Уым ноджы къаддæр ис æхсызгондзинад, — уый æндæр цыдæр у. Кæд дзы, мыййаг, уый хуызы æз нæ дуне уарзын, нæ дунейы рæсугъддзинæдтæ æвдисæг кæй у, уый сæраппонд. Фæлæ мæнæн мæ бар мæхи нæу, æмæ йæ кæд мæ хуызы мидæг æндæр исты уарзы, мæ бар кæуыл нæ цæуы, кæмæн ницы хъомыс стæм, ахæм стыр тых, не сфæлдисæг Хуыцауы дуне. Мæ дуне йе ’ппæт дæр тыхæфсæрст, тыхтъыст кæны мæ зæрдæйы мидæг уыцы уарзондзинад æмæ мын зæгъы: уарз. Æз æй уарзын, зондæй æмæ хъуыдыдзинадæй, мыййаг, нæ, фæлæ цы дæн, уымæй йе ’ппæтæй. Уый уарзгæйæ æз æмбарын, нæ диссаг амондджын дунеимæ иу æмæ æмхæст кæй дæн, уымæй дих, хицæнгонд кæй нæ дæн, уый. Ам нæхстæры цæрæгау иунæгæй кæй цардтæн, уый дымæгмæ мæм цы ног зонд, цы ног хъуыдытæ æрцыд, уыдон тыххæй уæм раздæр фыстон. Фæлæ ничи бамбардзæн, уыцы ног зонд куыд зынтæй æрцахста мæ сæр, куыд цин кодтон, мæ зæрдыл куы æрæфтыдысты æмæ ног, æргом дарды фæндаг куы федтон, уæд. Уыцы ног зондæй зынаргъдæр æмæ хуыздæр мæм ницы каст... Фæлæ уарзондзинад æрцыд, æмæ уыдонæн сæ кой, сæ хъæр дæр нал ис, рыг фестадысты, фæсмон дæр сыл нал кæнын! Уыцы уазал зонды уынаффæтæ мæ зæрдæмæ кæй цыдысты, уый мæм ныр диссаг кæсын байдыдта. Æрцыд рæсугъддзинад, æмæ мæ хуылфы цы стыр царды куыст пæлхъ-пæлхъ кодта, уый фехæлд, дур дзы дурыл нал баззад. Фæсмондзинад дæр нæй мæ зæрдæйы, чи аивгъуыдта æмæ чи фесæфти, ууыл. Хи сæрвæлтау кæнын искæй дзæбæхдзинадыл кусын. — уыдæттæ æдылыдзинад сты, æндæр ницы. Уыдон хи растгæнæн митæ сты искæй амондмæ хæлæггæнгæйæ. Искæй тыххæй цæрын, искæмæн дзæбæхдзинад кæнын! Цæй фæдыл, цæй дымæгмæ? Мæ зæрдæйы хуылфы æрмæст хи уды уарзондзинад йеддæмæ ницы ис, стæй ма иу фæндон: уыцы чызджы уарзын, уыимæ цæрын, уый цардæй цæрын. Иннæ адæмы æмæ Лукашкæйы амондмæ нал бæллын ныр. Æз, мæнæ «иннæтæ» кæй хонынц, уыдонæй никæйуал уарзын. Фыццаг ма, чи зоны, æмæ загътаин мæхмцæн, афтæ хорз нæу, зæгъгæ. Мæ зæрдæ ма æхсайдтаид: цымæ цы фæуыдзæн чызг, Лукашкæ, цы фæуыдзынæн мæхæдæг. Ныр мæм хъауджыдæр ницыуал кæсы. Æз барвæндонæй, мæхи æгъдауæй нæ цæрын, фæлæ ис цыдæр, мæнæй тыхджындæр, мæнæн уынаффæ чи кæны, мæ цард мын чи аразы, ахæм. Æз тыхсын, æмæ мæ зæрдæ риссы, фæлæ фыццаг мард уыдтæн, æрмæст ныр байдыдтон цæрын. Абоны бон мын æнæ цæугæ нæй уыдонмæ æмæ мæ зæрдæйы цыдæриддæр ис, уыдон сæрæй-бынмæ радзурдзынæн чызгæн». 

 

XXXIV
 

Уыцы писмо куы ныффыста, уæд Оленин изæрæй æнафоны хæдзары хицæуттæм бацыд. Зæронд ус бандоныл бадти пецы фæстæ æмæ цыллæйы къуыбæрттæй æндæхтæ быдта. Марьянæ бæгъæмсарæй цырагъы рухсмæ цыдæр хуыдта. Оленины куы ауыдта, уæд æваст фестад, йæ кæлмæрзæн фелвæста æмæ пецы ’рдæм йæхи байста. 

— Махимæ абадтаис, Марьянæ, — загъта мад. 

— Нæ, бæгъæмсар дæн, — æмæ пецы сæрмæ сгæпп ласта. 

Оленинмæ зындысты æрмæст йæ уæраг æмæ йæ дæлæмæ уагъд хæрзконд къах. Оленин зæронд усы цайæ хорз федта, зæронд ус та йæ хъаймагъæй хорз федта. Марьянæ хъаймагъ æрбахаста, тæбæгъ стъолыл æрæвæрдта æмæ та фæстæмæ йæ бынатмæ, пецы сæрмæ сгæпп кодта. Оленин æнкъардта чызджы цæстæнгас. Ныхас кодтой хæдзары хъуыддæгты тыххæй. Зæронд ус Улитæ ацы бон йæ зæрдæйы дзæбæхыл уыд æмæ йæ уазæджы бабуц кæнын æрфæндыд. Æрбахаста цæхдоны æвæрд сæнæфсиртæ, сæнæфсирджын гуылтæ, сæнæн йæ тæккæ хорзæй æмæ, хи къухвæллойæ йæхицæн кæрдзыны къæбæр чи ары, ахæм кусæг адæймаджы æгъдауыл зæрдиагæй Оленины хорз уынын байдыдта. Зæронд ус, фыццаг сæмбæлдæн æнтъыснæг, карз хуыз æмæ æвзæр дзыхыуаг чи равдыста, уый йын ныр йæ зæрдæ балхæдта, йæ чызгæн цы буц митæ кодта æмæ йæм цы фæлмæн уарзæгой зæрдæ дардта, уымæй. 

— Хуыцауæй хъæстаг ницæмæй стæм, нæ фыд! Алцыдæр нæм ис Хуыцауы фæрцы, сæн дæр ныллæмæрстам, цæхджын дæр, кæй загъдæуы, скодтам, иу-æртæ боцкъайы нæм сæн уæййаг дæр уыдзæн, нæхæдæг цы нуазæм, уый фаг дæр ма нæм баззайдзæн. Ды цæуынвæнд ма скæ. Æххæст фæлæуу, нæ чызджы куы ’рвитæм, уæдмæ. Хъæлдзæг бонтæ арвитдзыстæм. 

— Æмæ йæ кæд æрвитынвæнд кæнут? — афарста Оленин æмæ бамбæрста, йæ туг йæ цæсгомы куыд абадт, уый. 

— Куыд дын зæгъон... Ног къуыри йæ æрвитын хъæудзæн, махмæ бадзуринагæй ницыуал ис, цæттæ стæм, — загъта зæронд ус сабыргай, зæрдæнцойæ, цыма Оленин гуырд у, нæу, уый йæ фæсонæрхæджы дæр нæ уыд, уый хуызæн. — Æз Марьянæйæн алцыдæр барæвдз, бацæттæ кодтон. Дзæбæх æй арвитдзыстæм, зæгъгæ, зæгъын. Æрмæст иу хъуыддагæй зæрдæ стъæлфы. A нæ Лукашкæ чи у, уый æгæр цыма нуазы. Æнахъинон æвирхъау митæ кæны! Айфыццаг, цы сæдæйы кусы, уырдыгæй иу хъазахъхъаг æрбацыд æмæ дзырдта, Ногъайы дæр, дам, уыди. 

— Афтæмæй фыдбылызы куы нæ бахауид, — загъта Оленин. 

— Хорз дыл æрцæуæд, æз дæр ма уый фæзæгъын: Лукашкæ, æгæр ма кæ, мæ хур. Лæппу-адæймагæн æнæ йæхи равдисгæ дæр кæм и, уæдæ. Фæлæ алцæмæн дæр афон ис. Гъы, рæгъау байстай, адавтай, абырæджы амардтай, — уыдон иууылдæр лæгдзинæдтæ сты. Ныр та дæ сабырæй ацæрын хъæуы. Кæннод æгæргæнæг æппын нæ кæны. 

— Афтæ у, æз æй иу-дыууæ хатты æфсæдтимæ федтон, æдзух нуазгæ кæны. Ноджы ма йæ бæх дæр кæй ауæй кодта, — загъта Оленин æмæ фæстæмæ пецы ’рдæм фæкаст. 

Стыр сатæг сау цæстытæ йæм æрттывтой карз æмæ æнтъыснæг хуызы. Оленин фефсæрмы йæ ныхæстæй. 

— Гъемæ цы? Никæй хъыгдары, — æваст сдзырдта Марьянæ, — йæхи фæллой нуазы. — Йæ къæхтæ пецы сæрæй дæлæмæ æруагъта, æргæпп кодта, дуары æдде фæци æмæ дуар йæ фæдыл ныггуыпп ласта. 

Цалынмæ чызг уаты уыд, уалынмæ Оленин йæ каст уый скодта, стæй дуары ’рдæм йæ æргом сарæзта, æнхъæлмæ йæм каст, æмæ йын зæронд ус Улитæ цы ныхæстæ кодта, уыдонæй ницы æмбæрста. Иукъорд минуты фæстæ уазджытæ æрбацыдысты: зæронд лæг, Улитæйæн йе ’фсымæр æмæ Ерошкæ, сæ хæд уæлвæд та Марьянæ Устенькæимæ. 

— Уе ’хсæв хорз! — цъæхснаг хъæлæсæй загъта Устенькæ. — Хъæлдзæгæй дæ бонтæ æрвитыс, и? — афарста Устенькæ Оленины. 

— Бæгуыдæр æрвитын, — дзуапп ын радта уый æфсæрмыгæнгæйæ. 

Оленин йæхи айсынмæ хъавыд, фæлæ йын нæ бантыст. Æнæдзургæйæ бадын дæр æм аив нæ каст. Зæронд лæг ын баххуыс кодта: нуазæн æм бахаста, æмæ сæ дыууæ дæр банызтой. Уый фæстæ Оленин банызта Ерошкæимæ. Стæй иннæ хъазахъхъагимæ. Уый фæстæ та Ерошкæимæ. Æмæ цас фылдæр нуæзта Оленин, уыйас ын зындæр уыд, зæрдæ мæгуырдæр кодта. Зæронд лæгтæ бахъæлдзæг сты. Дыууæ чызджы пецы сæр сбадтысты æмæ сæм кастысты, сусæгæй сæхимидæг ныхæстæгæнгæйæ. Лæгтæ æнафонмæ фæнуæзтой. Оленин дзургæ ницы кодта, фæлæ нуазгæ хорз — ce ’ппæтæй фылдæр. Хъазахъхъ чысыл базмæлыдысты æмæ хъæлæба кæнын байдыдтой. Зæронд ус сæ æддæмæ сырдта æмæ сын сæн нал лæвæрдта. Чызджытæ Ерошкæйыл сæхинымæры худтысты æмæ, дæс сахаты уыдаид, афтæ æддæмæ рацыдысты. Зæронд лæгтæ Оленинæн тыххæй сæхи бахонын кодтой, сæ зæрды уыд ce ’хсæв уымæ арвитын. Устенькæ сæхимæ афардæг. Ерошкæ йе ’мбал хъазахъхъаджы Ванюшкæмæ ахуыдта. Зæронд ус хæдзар бафснайынмæ ацыд; Марьянæ зыбыты иунæгæй уаты баззад. Оленин, цыма йæ фынæйæ ныртæккæ райхъал, уыйау хъæлдзæг æмæ уæнгрог уыд. Æнæхъуыдыгонд ын ницы уыд. Зæронд лæгты йæ разæй фæкодта, йæхæдæг фæстæмæ уатмæ баздæхт. Марьянæ хуыссынмæ хъавыд. Оленин æм хæстæг йæхи баласта æмæ йын цыдæр зæгъинаг уыд, фæлæ фæкъуылымпы æмæ ницыуал загъта. Чызг хуыссæныл æрбадт, йæ къæхтæ йæ быны бакодта, йæхи æддæдæр къуымы ’рдæм байста æмæ йæм æнæдзургæйæ сырддзастæй касти. Æвæццæгæн дзы æдас нæ уыд. Оленин уый æмбæрста, фæтæригъæд ын кодта, фефсæрмы, фæлæ йын æхсызгон уыд, æппын ницæй бæсты дзы тæрсгæ уæддæр кæй кодта, уый, æмæ йæхиуыл фервæссыд. 

— Марьянæ! — загъта Оленин. — Куыд никуы мын æртæригъæд кæныс? Куыд дын æй зæгъон, фæлæ дæ цас уарзын, уымæн кæрон дæр нæй. 

Чызг йæхи ноджыдæр дарддæр айста. 

— Сæны зыввытмæ кæсыс, цы ныхæстæ кæны! Ницы мæ радомдзынæ, мацæмæ мæм æнхъæлмæ кæс! 

— Нæ, рæдийыс, сæн нæу, Лукашкæйæн ма баком. Æз дæ ракурдзынæн. («Ныр цытæ дзурын? — ахъуыды кодта йæхинымæры, куыддæр уыцы ныхæстæ дзыхæй уæлæмæ сирвæзтысты, афтæ. — Сомбон дæр ма цымæ афтæ зæгъдзынæ? Зæгъдзынæн, бæгуыдæр, зæгъдзынæн, ныртæккæ дæр та йæ дыккаг хатт радзурдзынæн», — сдзырдта йæм йæ зæрдæбынæй хъæлæс.) — Бакомдзынæ мын? 

Чызг æм зæрдиагæй бакаст, цыма дзы нал тарст, ахæм цæстæнгасæй. 

— Марьянæ! Сæррамæ мæ бирæ нал хъæуы. Мæхи дæр нал æмбарын. Дæу цы фæнда, уый йеддæмæ мын ницы бакæнæн ис. — Æмæ æнæсæрфат, тыхджын, фæлмæн, зæрдæсæттæн ныхæстæ сæхæдæг сæхи æгъдауæй згъордтой Оленины дзыхæй. 

— Ныр цы гæдыныхæстæ скъæрыс, — цæхгæр ын фæлыг кодта йæ ныхас чызг æмæ йæм кæй бадаргъ кодта, уыцы къух ацахста. Къух йæхицæй нæ акъуырдта, фæлæ йыл фидар ныххæцыд йæ дæрзæг къухы тыхджын æнгуылдзтæй. — Искуы ма уый æрцыд, æмæ уæздæттæ хуымæтæджы чызджытæ курой? Дæхи айс, цæугæ! 

— Комгæ мын бакæндзынæ, комгæ? Æз алцыдæр... 

— Уæд Лукашкæйы та цы фæкæндзыстæм? — загъта чызг худгæйæ. 

Оленин чызгæй йæ къух ратыдта æмæ æвзонг чызджы йæ хъæбысы тыхджын ныккодта. Чызг хъуазау фæтæррæст кодта, рагæпп кодта йæ бæгъæввад къæхтæй æмæ дуары æдде фæци. Оленин куы æрномыл, куы æрæмбæрста, уæд йæ зæрдæ йæхиуыл фæхудт. Чызджы цур йæхимæ æнаккаг, æгад æркаст. Фæлæ кæй загъта, уый тыххæй иу мисхал дæр фæсмон нæ фæкодта, афтæмæй сæхимæ æрцыд. Зæронд лæгтæ нозты кой кодтой. Оленин сæм фæстæмæ дæр нал фæкаст, хуыссæны йæхи баппæрста æмæ йæ къах дæр нал атылдта, афтæ тарф фынæй рагæй нырмæ нал баци. 

 

XXXV
 

Дыккаг бон уыд бæрæгбон. Изæрæй æгас хъæу сæ бæрæгбоны дзауматы мидæг хуры рухсмæ æрттывтытæгæнгæ æдде уынгты лæууыдысты хурныгуылын афон. Сæн ацы аз иннæ азтæй фылдæр æрлæмæрстой. Адæм куыстгонд фесты. Хъазахъхъ мæйы бонмæ æфсады цæуынвæнд кодтой, æмæ бирæтæ сæхи цæттæ кодтой чи чындз хæссынмæ, чи та чызг æрвитынмæ. Адæмæн сæ фылдæр лæууыдысты лæгъзы, хъæуы уынаффæдоны æмæ дыууæ дуканийы раз. Дуканиты уыд: сæ иуы хæринæгтæ æмæ æхсынæнтæ, иннæйы та кæлмæрзæнтæ æмæ джиппæйфыст хъуымац. Уынаффæдоны хæдзары бындуры тæрхæгыл бадтысты æмæ йæ цуры лæууыдысты зæронд лæгтæ, цъæх æмæ сау, хæрдгæбыдæй арæзт, уæрæх цухъхъаты мидæг. Зæронд лæгтæ сабыр дзуаппæй дзырдтой сæхимидæг, — хорты, æвзонг фæсивæды, æхсæны хъуыддæгты æмæ зæронд заманы кой кодтой; лæппу адæмимæ æнæрвæссон, барджын æмæ зæрдæнцой цæстæнгасæй кастысты. Устытæ ’мæ чызджытæ-иу сæ цурты цæугæйæ фæлæууыдысты æмæ-иу сæ сæртæ дæлæмæ æруагътой. Æрыгон хъазахъхъæгтæ-иу сæ цыд фæсабырдæр кодтой, сæ худтæ сын-иу фелвæстой æмæ-иу сæ исдуг æнæ ныккæнгæйæ сæ къухты дардтой сæ сæрты раз. Зæронд лæгтæ-иу фæхъус сты. Чи тызмæг, чи фæлмас, рæвдауæн цæстæнгасæй каст цæуджытæм, сæ худтæ сын-иу уæзбын ист скодтой æмæ та сæ-иу фæстæмæ ныккодтой. 

Хъазахъхъы чызджытæ сæ симд-хъазт нæма байдыдтой, фæлæ къордгæйттæй зиллаккæй лæууыдысты æрттиваг куырæтты æмæ урс кæлмæрзæнты мидæг, æмæ афтæмæй аууоны бадтысты, чи зæххы, чи хæдзары тæрхæгыл æмæ хъæрæй ныхæстæгæнгæ худтысты. Чысыл лæппутæ æмæ чызджытæ портийæ хъазыдысты. Порти-иу бæрзонд, уæларвмæ фæцыд. Сывæллæттæ-иу хъæр æмæ ахстæй бæстæ сæ сæрыл систой æмæ-иу портийы фæстæ згъордтой лæгъзы. Хъомыл чызджытæ лæгъзæн йе ’ннæрдыгæй фарс тигъыл симгæ хъазт сарæзтой æмæ цъæхснаг нæуæндон хъæлæстæй зарыдысты. Писыртæ æмæ æфсадæй чи æрбаздæхт, уыцы лæппу-фæсивæд, ног, хæрдгæбыдæй арæзт, урс æмæ сырх цухъхъаты мидæг, хъæлдзæг, бæрæгбонхуыз цæсгæмттимæ дыгæйттæй-æртыгæйттæй кæрæдзи къухтыл хæцгæйæ зылдысты чызджыты æмæ устыты æмбырд, сæ цуры-иу алæууыдысты æмæ-иу семæ хъазæн ныхæстæ кодтой. Дуканигæс сомихаг, хæрдгæбыдæй арæзт зынаргъ цъæх тæнæг сгæллад цухъхъайы мидæг, дуканийы гом дуары цур йе стырдзинад æмбаргæйæ хъал лæуд кодта æмæ æнхъæлмæ каст æлхæнджытæм. Дыууæ сырхзачъеджын бæгъæввад цæцæйнаджы Теркæн уыцы фарсæй æрбацыдысты бæрæгбон фенынмæ, сæ лымæны хæдзары цур дзуццæджы бадтысты, гыццыл лулæтæй тутæгæнгæйæ æнаивгомау тамако дымдтой æмæ адæммæ кæсгæйæ сæхимидæг ныхæстæ кодтой. Стæммæ, бæрæгбон кæмæн нæ уыд, ахæм салдат зæронд цинелы мидæг тагъд-тагъд фæцæйуад лæгъзы алыхуызон дзаумайы мидæг æмбырдты æхсæнты. Кæцæйдæрты хъуысын байдыдта расыг адæмы зарджытæ. Хæдзæрттæ æнæ иу цухæй æхгæд уыдысты, сæ бацæуæнтæ æхсад дысонæй нырмæ. Зæронд устытæ дæр ма рацыдысты уынгмæ. Хус уынгты кæмдæриддæр, къæхты бын рыджы мидæг зындысты харбыз æмæ насы хъæппыты цъæрттæ. Уæлдæф хъарм æмæ сабыр уыд. Мигъы цъупп никæцæй зынд, — арв уыд сыгъдæг, цъæх-цъæхид æмæ рæсуг. Урс, æвзистхуыз хæхты рагъ хæдзæртты сæрты фæсте хæрзхæстæг зынд æмæ хурныгуылын афоны дыдзырухсмæ сырх дардта. Стæммæ доны фаллаг фарсæй хъуыст сармадзаны гæрахы гуыв-гуыв. Бæрæгбоны хъæлдзæг хъæртæ кæрæдзийыл. 

Оленин æнæхъæн райсом фæрацу-бацу кодта Марьянæйы фенынмæ æнхъæлмæ кæсгæйæ. Фæлæ Марьянæ, хæдзар куы бафснайдта, уæд сихоры аргъуыдмæ аргъуанмæ ацыд, уый фæстæ куы чызджытимæ хæдзары бындуры тæрхæгыл бадти æхсынæнтæ къæрццытæгæнгæйæ, куы та-иу йе ’мбæлттимæ сæхимæ дæр æрбауад æмæ-иу сæ фатеры цæрæгмæ хъæлдзæгæй, рæвдауæн цæстæнгасæй бакæстытæ кодта. Оленин нæ уæндыд йемæ хъазæн ныхæстæ акæнын, уæлдайдæр искæй цур. Фæндыд æй зноны ныхас кæронмæ ахæццæ кæнын æмæ æнæ ракæ-бакæйæ цæхгæр дзуапп райсын. Æнхъæлмæ каст дысонизæры хуызæн фадат ранмæ, фæлæ йыл нæ хæст кодта. Уыцы æгъдауы мидæг та йын æнæ исты бæлвырд бæрæг хабар зонгæйæ иттæг зын уыд. Чызг та ног æддæмæ, уынгмæ рацыд. Оленин чысыл фæстæдæр йæ фæдыл æнæхъолайæ араст. Чызг кæм бадти, уыцы фисынæй адарддæр, æрттывдтытæгæнгæ, йæ атлас цъæх куырæты мидæг. Фæсте фехъуыста чызджыты кæл-кæл, æмæ йæ зæрдæ срыст. 

Белецкийы хæдзар уыд фæзы комкоммæ. Оленин йæ цурты цæугæйæ фехъуыста Белецкийы хъæлæс, «мидæмæ», зæгъгæ, æмæ йæм бацыд. 

Аныхæстæ кодтой æмæ сæ дыууæ дæр рудзынджы цур æрбадтысты. Чысыл фæстæдæр ма сыл бафтыд Ерошкæ, ног куырæты мидæг. Уый дæр сæ цуры зæххы æрбадт. 

— Уартæ уый уæздæтты къорд у, — дзырдта Белецкий мидбылты худгæйæ æмæ йæ къухы бапъирозæй ацамыдта фисыныл иу къордмæ алыхуызон дзауматы мидæг. — Мæнон дæр уым ис, уыныс æй, сырх дзаумайы мидæг. Уый ногæлхæд у. Симын рæхджы байдайдзыстут? — ахъæр кодта Белецкий, рудзынгæй æддæмæ йæ сæр даргæйæ. — Куыддæр æрталынггæрæттæ уа, афтæ мах дæр уырдæм хъæуы... Стæй сæ Устенькæмæ æрбахондзыстæм. Хъазтизæр сын саразын хъæудзæн. 

— Æз дæр æнæрцæугæ нæ фæуыдзынæн Устенькæмæ, — загъта Оленин ныфсхастæй. — Марьянæ дæр уым уыдзæн? 

— Уымæн фæцух кæнæн нæй, æрцу-иу! — загъта Белецкий æнæдисгæнгæйæ. — Æвæдза, рæсугъдæй та ма сæ цы загъдæуа! — бафтыдта ма Белецкий, хъулон дзыгуыртæм амонгæйæ. 

— Тынг рæсугъд! — сразы ис Оленин, йæхи зæрдæнцой хуызы æвдисгæйæ. — Ацы бæрæгбонтыл æз кæддæриддæр стыр дис кодтон, цæмæн афтæ y цымæ, дзырдæн зæгъын, абоны бон майæн йæ фынддæсæймаг бон кæй у, уый сæраппонд адæм хъæлдзæг æмæ разы сты. Алцæуыл дæр зыны бæрæгбон. Цæст уæд, цæсгом уæд, хъæлæс, змæлд, дзаума, уæлдæф, хур — ce ’ппæт дæр бæрæгбон сты. Æрмæст æз æмæ дæуæн нæй бæрæгбон. 

— Афтæ у, — загъта Белецкий. — Ахæм зондджын ныхæстимæ, гæдыныхас, лымæн нæ уыд, нæ сæ уарзта. — Дæуыл та цы ’рцыди, цæуылнæ нуазыс? — афарста Ерошкæйы Белецкий. 

Ерошкæ Оленинмæ кæсгæйæ Белецкийы ’рдæм йæ цæст фæныкъуылдта. 

— Стырзæрдæ адæймаг цыдæр y дæ лымæн! 

Белецкий нуазæн йæ къухмæ систа. 

— Хуыцауы арфæ, — фæсидти æмæ йæ анызта. 

— Æнæниз ут, — худгæйæ загъта Ерошкæ æмæ йæ уый дæр анызта. 

— Афтæ загътай: бæрæгбон! — уæлæмæ стгæйæ æмæ рудзынгæй кæсгæйæ загъта Ерошкæ Оленинæн. — Ай цæй бæрæгбон у! Бæрæгбон афтæ вæййы! Зæронд заманы куыд арæзтой бæрæгбон, уый мын куы федтаис! Устытæ-иу рацыдысты хæрдгæбыдæй арæзт дзауматы мидæг. Риутæ сыгъзæринæй нæ зындысты. Сæ сæртыл сыгъзæринæй арæзт худтæ. Сæрсæргæнгæ-иу куы фæцæйцыдысты, уæд уыдонæй хуыздæр ма-иу лæг цæмæ бакастаид. Уæд хуымæтæджы хъазахъхъаг ус æхсинæй уæлдай нæ уыд. Æгас рæгъауæй-иу куы рараст сты æмæ-иу куы ныззарыдысты, уæд-иу бæстæ змæлыд. Æхсæв-бонмæ-иу сæ хъазынæй нæ банцадысты. Хъазахъхъ-иу æнæхъæн боцкъа кæртмæ ратылдтой, уым-иу æрбадтысты æмæ-иу бонивайæнмæ æнæсыстгæйæ нуæзтой. Кæнæ-иу кæрæдзи къухтыл ныххæцыдаиккой æмæ-иу уынджы дæлæмæ араст уыдаиккой уыцы æмхуызонæй. Чи сыл-иу сæмбæлдаид, уымæн дæр ауадзæн нæ уыд, семæ-иу æй айстаиккой æмæ-иу афтæ уыцы хуызæнæй хæдзæрттыл зилгæ ацыдысты. Ахæм рæстæг-иу скодта, æмæ-иу æртыгай бонтæ æнæсцухæй нуæзтой. Мæ зæрдыл ма лæууы: мæ фыд-иу йæ дзауматæ куы кæм, куы кæм ныууагъта æмæ-иу æнæ худæй, сырх-сырхидæй, рæсыд цæсгомимæ нæ хæдзары æрбалæууыд æмæ-иу уыцы хуызæнæй йæхи хуыссæны баппæрста. Мæ мад ын йе ’гъдау зыдта: йе ’рцыдмæ-иу ын йæ нозт ссæуыны тыххæй еугæф æмæ сæн бацæттæ кодта, — куыдзы хæстæн йæ хъуын йæ хос, уæдæ куыд, — йæхæдæг-иу уынгты дыууæрдæм згъордта худ агурæг. Дыууæ боны-иу уæлæмæ нал сыстад хуыссæнæй. Ахæм адæм уыдысты, мæ хæлар, ахæм, фыццаг заманы! Ныр та ма цæй адæм ис! 

— Уыдæттæ иууылдæр хорз, фæлæ чызджытæ сæхæдæг иунæгæй хъазыдысты? — афарста Белецкий. 

— Сæхæдæг, хицæнæй. Афтæ дæр-иу кодтой: хъазахъхъ кæм фистæгæй, кæм бæхтыл æрбацыдаиккой æмæ-иу загътой, цомут æмæ сын сæ хъазт ныппырх кæнæм, æмæ-иу араст сты; чызджытæ та-иу хъилтæ райстой. Мæ зæрдыл ма лæууы: цæрвхæрæны-иу хъазахъхъæй исчи бæхыл йæхи раскъæрдтаид, æмæ йыл-иу чызджытæ хъилтæй ралæууыдысты: чи йæхиуыл, чи та бæхыл. Барæг-иу сæ дыууæ дихы фæкодта, йæ уарзоныл-иу йæхи асæрфта, фелвæста-иу æй æмæ-иу æй уыцы хуызæнæй афардæг кодта. Афтæ йæ уарзта йæ зæрдæйы рухсы. Æниу хуымæтæджы чызджытæ уыдысты, æнхъæл дæ! Паддзахы чызджытæй цы кæныс, кæй загъдæуы! 

 

XXXVI
 

Уыцы афон цæхгæр уынгæй æрбазындысты дыууæ барæджы æмæ фæзы æрбалæууыдысты. Сæ иу уыд Назаркæ, иннæ Лукашкæ. Лукашкæ йæ нард кæсгон бæхыл чысыл зулаив, къул бадт кодта. Бæх хъæбæр фæндагыл рог цыд размæ тындзгæйæ æмæ йæ сæрæй хъазгæйæ; йæ нарæг мæсыг æрттывдтытæ кодта. Топп æнгом агъуды мидæг, дамбаца сины сагъд, нымæт æгъдауыл тыхт фæсарцы, — уыдæттæй бæрæг уыд, Лукашкæ дард бæстæй æмæ æцæгæлон адæмы æхсæнæй кæй æрбацыд, уый. Иуварсырдæм къул хъал бадт, æнаразгæ къухты змæлд, ехс æмæ идонимæ арæхсын, ехсы рог цæфы зына-нæзына къæрццытæ æхтæнгтыл, уæлдайдæр та стырзæрдæ, æнæрвæссон цъынддзастæй каст йе ’рттиваг сау цæстытæй адæммæ йæ алфамбылай, — уыдæттæй бæрæг уыд, лæппу-адæймаджы тых æмæ йæм ныфс кæй уыд æмæ йæхиуыл йæ зæрдæ кæй дардта, уый. «Сахъ лæг циу, уый уын æмбарын кæнын», — дзырдтой Лукашкæйы цæстытæ, дыууæрдæм адæммæ кæсгæйæ. Уындджын бæх, æвзистæй арæзт саргъы дзауматæ, æвзист гæрзтæ, йæхæдæг — рæсугъд гуырвидауц адæймаг, — уыдæттæй, уым фæзы цыдæриддæр уыд адæмæй, — ce ’ппæты дæр йæхимæ æркæсын кодта. Назаркæ, къæсхуыр, цыбыргомау адæймаг, дзаумайæ Лукашкæйæ мæгуыраудæр арæзт. Зæронд лæгты цур цæугæйæ Лукашкæ бæх фæурæдта æмæ йæ урс къæбæлдзыг худ йе ’лвыд сау сæрæй фелвæста. 

— Ногъайаг бæхтæ бирæ ратардтай? — афарста йæ къæсхуыр зæронд лæг тарæрфыг æмæ æнтъыснæг цæстæнгасимæ. 

— Ды сæ, æвæццæгæн, банымадтаис, дада, кæм мæ фæрсыс, уым, — радта йын дзуапп Лукашкæ йæхи тигъгæнгæйæ. 

— Дæ разы уыцы лæппуйы демæ куы нæ хонис, сафыс æй, — ноджы æнтъыснæгдæрæй загъта зæронд лæг. 

«Адæмæй ницы басусæг уыдзæн, хæйрæджытæ сты, — зоны хъуыддаг», — загъта йæхинымæры Лукашкæ, æмæ йæ цæсгомыл сагъæс фæбæрæг. Фæлæ фисыныл чызджыты лæугæ ауыдта æмæ бæх уыцырдæм фездæхта. 

— Уæ бонтæ хорз, чызджытæ! — фæхъæр кодта Лукашкæ тыхджын гуыргуыргæнаг хъæлæсæй æмæ йæ бæхы дзыхълæуд фæкæнын кодта. — Базæронд стут æнæ мæн, кæлæнгæнджытæ, — йæхæдæг бахудт. 

— Кæй бон у, уый хорзæх дæ уæд! Æгас нæм цу, æгас, — бацин ыл кодтой чызджытæ алырдыгæй. — Æхца бирæ æрбахастаис? Чызджытæн исты адджинæгтæ балхæн, мардзæ! Бирæ фæуыдзынæ ам? Кæдæй-уæдæй ма дæ федтам. 

— Назаркæимæ æрбатыффытт ластам, иу æхсæв фæуыдзыстæм, — радта сын дзуапп Лукашкæ. Ехсæй февзыста æмæ бæх чызджытæм батардта. 

— Марьянæ дæ, æвæдза, бынтондæр ферох кодта, — сцъыбар-цъыбур кодта Устенькæ, йæ рæмбыныкъæдзæй Марьянкæйы фесхуыста æмæ йæ дзыхыдзаг ныххудти. 

Марьянæ бæхæй тæрсгæйæ йæхи фæстæдæр айста æмæ йæ сæр бæрзонд, схъæл даргæйæ йæ дынджыр æрттиваг цæстытæй зæрдæджын каст скодта хъазахъхъагмæ. 

— Æцæг рагæй нырмæ нал уыдтæ ам! Бæхы къæхты бын нæ кæныс! — загъта йын уазал зæрдæ æвдисгæйæ Марьянæ æмæ йæхи фæтигъ кодта. 

Лукашкæ йæ зæрдæйы дзæбæхыл уыд. Йæ цæсгомыл бæрæг уыд йæ хъæлдзæгдзинад æмæ йæ сахъдзинад. Марьянæйы уазал дзуапп ын йæ зæрдæ амардта, æмæ æвиппайды йе ’рфгуытæ фæтар кодта. 

— Æгъдæнцойыл слæуу, æмæ дæ хохмæ афардæг кæнон, мæ дунейы рухс! — æваст фæхъæр кодта Лукашкæ, цыма йæ тар хъуыдытæ сырдта, уыйау, æмæ чызджыты æхсæн бæхыл схъазыд. Йæхæдæг Марьянæмæ æргуыбыр кодта æмæ йын загъта: — Ахæм ба дын ныккæндзынæн æмæ дын æй куыд зæгъон, диссаг! 

Марьянæ йæм фемдзаст, æвиппайды фæсырх æмæ фæстæмæ йæхи айста. 

— Стæ-ма, дæ хорзæхæй! Мæ къæхтыл мын лæууыс, — загъта Марьянæ, йæ сæр фæгуыбыр кодта æмæ йæ хæрзконд къæхтæм æркаст. Къæхтыл уыд æнгом цъæх цъындатæ фаты хуызæн нывтимæ æмæ нарæг хæрдгæбыдæй арæзт ног сырх сæрак дзабыртæ. 

Лукашкæ Устенькæйы ’рдæм фæци. Марьянæ, сывæллон йæ хъæбысы кæмæн уыд, ахæм хъазахъхъаг усы цур æрбадт. Сывæллон Марьянæмæ йæхи балвæста æмæ йæ гыццыл пумпуси къухтæй чызджы куырæтыл баст фæрдгуыты босыл ныххæцыд. Марьянæ сывæллонмæ йæ сæр фæгуыбыр кодта æмæ зулаив Лукашкæмæ бакаст. Лукашкæ уыцы сахат йæ цухъхъайы бынæй сау куырæты дзыппæй адджинæгтæ æмæ æхсынæнтæ тыхтæй сласта. 

— Уе ’ппæтæн сæ лæвар кæнын, — загъта Лукашкæ адджинæгтæ Устенькæмæ дæтгæйæ æмæ йæ мидбылты худгæйæ Марьянæмæ бакаст. 

Чызг та ног йæ хуыз афæлывта. Йæ диссаджы рæсугъд цæстытæ, цыма сыл мигъ абадт, афтæ фæтар сты. Кæлмæрзæнæй тыхт былтæ байгом кодта, сывæллоны урс гыццыл цæсгомыл йæ сæр авæрдта æмæ йын æхсызгон батæ кæнын байдыдта. Сывæллон фæрдгуытыл хæцгæйæ чызджы бæрзонд риумæ йæ къухтæ быцæу сарæзта йæ æнæдæндаг дзых фæхæлиуфæхæлиугæнгæ. 

— Цы дыл æрцыд, марыс æй, æмбисонд фæуай!— загъта мад сывæллоны исгæйæ æмæ йæ куырæты æгънæджытæ æфтаугæйæ дзидзи бадарыны тыххæй. — Фæлтау уæртæ лæппутæн æгасцуай зæгъ. 

— Æрмæст мæ бæх бафснайон, фæстæмæ мæ ардæм хъæуы Назаркæимæ, æнæхъæн æхсæв-бонмæ нын æнæ хъазгæ нæй, — загъта Лукашкæ, йæхæдæг ехсæй бæх ныццæлхъ ласта æмæ афардæг. 

Цæхгæр уынджы иуварсырдæм Назаркæимæ фæзылдысты æмæ фæрсæй-фæрстæм æвæрд дыууæ хæдзары ныхмæ бацыдысты. 

— Кæдæй-уæдæй нæ хæдзæрттыл сæмбæлдыстæм! Тагъд-иу æрбацу, — фæхъæр кодта Лукашкæ йе ’мбалмæ бæхæй хизгæйæ æмæ арæхстгай бæх сæхи кауын кулдуарыл бабаста. — Дæ бон хорз, Степкæ! — загъта Лукашкæ йæ къуытты хойæн. Къуытты бæрæгбонарæзтæй уынгæй æрбацæйцыд бæх райсынмæ. Лукашкæ къуыттыйæн нысæнттæй ацамыдта, бæх хосыл куыд бабæтта æмæ йын йæ саргъ куыд нæ сиса, афтæ. 

Къуытты цыдæр хъæртæ кæнын байдыдта бæхы ’рдæм амонгæйæ æмæ бæхæн йæ фындзыхъæлæн аба кодта. Уымæй æмбарын кодта, бæх хорз кæй y æмæ йæ бирæ кæй уарзы, уый. 

— Дзæбæх уай, мæ мад! Нырма æнхъæлдæн æмæ æддæмæ уынгмæ дæр нæма акастæ, — загъта Лукашкæ йæ топпы къæдзыл хæцгæйæ æмæ асиныл уæлæмæ хизгæйæ. 

Йæ зæронд мад ын дуар бакодта. 

— Мæнæ мыл æнæнхъæлгæйæ цы хорз æрцыд, — загъта зæронд ус. — Киркæ та афтæ дзырдта, нæ, дам, æрбацæудзæн. 

— Марадз-ма, сæн æрбахæсс, мæ мад! Назаркæйы ныртæккæ ардæм хъæуы. Max дæр нæ бæрæгбонæн акувæм. 

— Ныртæккæ, цард дын фестон, ныртæккæ, — загъта зæронд ус. — Устытæ дæр бæрæгбон аразынц. Æз æнхъæл дæн, мах къуытты дæр уырдæм ацыдаид. 

Зæронд ус дæгъæлтæ йемæ айста æмæ къæбицмæ ацыд. 

Назаркæ бæх бафснайдта, йæ гæрзтæ систа æмæ Лукашкæмæ æрбацыд. 

 

XXXVII
 

— Цæй, æнæнизæй нын цæр, — загъта Лукашкæ йæ мады къухæй сæны хъалац исгæйæ æмæ йæ арæхстгай йæ дзыхмæ хæсгæйæ. 

— Хъуыддаг хорз нæу, — загъта Назаркæ. — Уыцы зæронд лæг Бурлак цы загъта: «Бирæ бæхтæ, дам, радавтай?» Æвæццæгæн, исты йæ хъусыл æрцыд. 

— Кæлæнгæнæг у! — цæхгæр, цыбырæй загъта Лукашкæ. — Уыдæттæ ницы сты, хъæлæкк, де ’гасæй! — бафтыдта ма уый йæ сæр тилгæйæ. — Бæхтæ ныр донæн уыцы фарс фесты. Цу æмæ сæ агур ныр! Сæ фæд дæр сын нал ссардзысты. 

— Уæддæр, мæнмæ гæсгæ, хъуыддаг лæгъз нæ цæуы. — Цæмæй? Тыхсгæ ма кæн! Райсом ын сæн бадавдзынæ. Афтæ куы кæнай, уæд тас ницæмæй у. Ныр не ’хсæв дзæбæх арвитæм. Баназ-ма, цæй, цад цаддоны фидауы, — фæхъæр кодта Лукашкæ, зæронд лæг Ерошкæ куыд дзырдта, уыцы хъæлæсыуагæй. — Ныртæккæ чызджытæм хъазынмæ араст уыдзыстæм. Ды баздæх æмæ мыд рахæсс, науæд къуыттыйы арвитдзынæн. Боныцъæхмæ нын æнæ хъазгæ нæй. 

Назаркæ бахудти. 

— Куыд зæгъыс, ам ма бирæ фæуыдзыстæм? — афарста Назаркæ. 

— Фæлæуу, баййафдзыстæм æй, цæуыл тагъд кæныс? Иучысыл нæхи аирхæфсæм. Марадз, арахъмæ азгъор! Гъа, мæнæ дын æхца! 

Назаркæ æнæ фæстæмæ дзургæйæ æнæзивæг Ямкæмæ азгъордта. 

Ерошкæ æмæ Ергушов сынтты уавæрæн уыдысты, — уайтагъд-иу бамбæрстой, холы кæм уыд, уый, æмæ уым кæрæдзи фæдыл æрбалæууыдысты. 

— Рахæсс-ма ноджыдæр ведрайы æрдæг! — бахъæр кодта Лукашкæ йæ мадмæ, куыддæр æгасцуайтæ-йедтæ акодтой, афтæ. 

— Цæй-ма, нæ хæйрæг, радзур нын, кæцæй радавтай? — загъта Ерошкæ. — Саг лæг дæ, ныууадз! Æз афтæ уарзын! 

— Хорз мæ уарзыс, уайдзаг бау кæннæуæдæ, — загъта Лукашкæ худгæйæ. — Чызджытæн юнкерæй адджинæгтæ хæссыс. Æй, зæронд, цы дын зæгъон, гъа! 

— Гæдыныхас у, ма дæ бауырнæд! Ей, Маркæ, куы дын амардаин фæлтау! — Зæронд зæрдиагæй ныххудти. — Куыд мын лæгъстæ кодта уыцы хæйрæг, уый куы зонис! Цу, дам, бакой кæн, бакус. Топп мын лæвар кодта гæртамæн. Цæй, Хуыцауы фæндиаг уæд! Гæдыныхас циу, æз хъуыддаг сарæзтаин, фæлæ дæуæн тæригъæд кæнын. Цæй-ма, радзур, кæмыты уыдтæ. — Æмæ зæронд лæг тæтæйрагау дзурын байдыдта. 

Лукашкæ йын къæрцц-къæрццæй фæстæмæ дзуапп лæвæрдта. 

Ергушов тæтæйрагау хорз нæ зыдта æмæ-иу искуы иу хатт уырыссагау йæ дзырд баппæрста. 

— Æз, зæгъын, æмæ бæхтæ атардта. Уый мын цы зонын хъæуы, — фарсласæн ныхас кодта Ергушов. 

— Гирейкæимæ араст стæм, — байдыдта дзурын Лукашкæ. (Гирей-ханы хи раппæлыны тыххæй Гирейкæ хуыдта, уый йæхицæн номыл æмæ лæгдзинадыл нымадта). — Донæн уыцы фарс йæхи æппæлынæй фылдæр нæ уыд, дзырдта, быдыртæ мæ фондз къухы хуызæн зонын, комкоммæ уæ бахæццæ кæндзынæн, зæгъгæ. Афтæмæй куы араст стæм, уæд мæ Гирейкæ мæйдары фæндагæй фæдзæгъæл, разил-базил кæнын байдыдта, æмæ никуы ’мæ ницы — хъæу никæцæй зынд. Æвæццæгæн, рахизфарсырдæм арæдыдыстæм. Æмбисæхсæвмæ фæрахæт-бахæт кодтам, агуырдтам. Нæ амондмæ гæсгæ, куыйтæ сниудтой. 

— Æдылы къоппатæ, — загъта Ерошкæ. — Хъуыды ма кæнын, мах дæр-иу æхсæв быдыры афтæ фæдзæгъæл стæм. Хæйрæг чи фестадаид, уый дæр ницы уал равзæрстаид. Æз-иу ахæм сахат обаумæ схызтæн æмæ-иу мæнæ афтæ бирæгъы ниуд ныккодтон! (Ерошкæ йæ къухтæ йæ дзыхыл куыддæр авæрдта æмæ цыма æнæхъæн бирæгъбал æмхуызонæй ниудтой, афтæ нынниудта.) Уæд-иу куыйты ниуын дæр ссыд. Гъы-гъы, дæ ныхас. фæу. Фæхæст стут? 

— Бирæ нал афæстиат стæм, уайтагъд нæ хъуыддаг ацарæзтам. Назаркæ ма чысылтыл баззад, — ногъайы устытæ нын æй фæцæйахстой. Æцæг зæгъын, бауырнæд уæ! 

— О, æрцахсыны йеддæмæ сæ ницы хъуыди, — загъта Назаркæ, фæстæмæ куы ’рбаздæхт, уæд, цыма йын хъыг уыд, уыцы æгъдауæй. 

— Рацыдыстæм, æмæ та нын Гирейкæ фæндагæй арæдыд æмæ нæ, чысыл ма бахъæуа, змисджын арыхъхъытæм фæцæйкодта. Цыма Терчы ’рдæм цыдыстæм, уыйау нæм зынд, афтæмæй иннæрдæм, галиуырдæм адзæгъæл стæм. 

— Стъалытæм дæ кæсын хъуыд, — загъта Ерошкæ. 

— Æз дæр афтæ зæгъын, — фарсласæг алæууыд Ергушов. 

— Мæйдары кæсай, ма кæсай — цы фендзынæ? Цас æмæ цас фæтухи, фæракæ-бакæ кодтон. Иу ефс æрцахстон, идон ыл авæрдтон æмæ мæхи бæх ауагътон, кæд нæ уый бахæццæ кæнид, зæгъгæ. Æмæ куыд æнхъæл дæ? Бæх-иу ныффыррыччытæ кодта æмæ-иу зæххыл йæ фындз ахафта. Йæхи фæразæй кодта, æмæ уый ахъуыды кæ, æмæ нæ комкоммæ хъæумæ æрбахуыдта. Хуыцау хорз, æмæ бон дæр февайдта, фæрухс, куыддæр хъæды нæ бæхтæ бафснайдтам, афтæ. Доны фаллаг фарсæй Нагим æрбахæццæ æмæ сæ акодта. 

Ергушов йæ сæр батылдта: 

— Мæнырдыгонау дæр дæсны бакуыстат! Бирæ уыдысты? 

— Цасфæнды уæнт, мæнæ ам сты ce ’ппæт дæр, — загъта Лукашкæ йæ дзыпп хойгæйæ. 

Зæронд ус уыцы сахат хæдзармæ æрбацыд. Лукашкæ йæ ныхас фæурæдта. 

— Баназ-ма! — фæхъæр кодта уый. 

— Æз дæр иухатт афтæ Гирчикимæ æнафоны араст дæн... — байдыдта Ерошкæ. 

— Дæумæ чи хъусы, ныхасæн кæрон нæ кæныс, — загъта Лукашкæ. — Æз уал цæуын. — Хъалацы ма сæнæй чи аззад, уый анызта, йæ рон тынгдæр балвæста æмæ уынгмæ рацыд. 

 

XXXVIII
 

Дыууæизæрастæу уыдаид, Лукашкæ уынгмæ куы рацыд, уæд. Фæззыгон æхсæв уыд уазалгомау æмæ æнæдымгæ. Фæзæн йæ иу фарсы ’рдыгæй, хæрис бæлæсты аууонæй йæ был сдардта сыгъзæринхуыз цалхыдзаг мæй. Хæдзæртты ердотæй фæздæг цыд æмæ мигъимæ æмхæццæгæнгæйæ хъæуыл æрбадт. Иугай хæдзæртты рудзгуытæй рухс цыд. Сæнары, цъæл сæнæфсиры æмæ мигъы тæфæй уæлдæф дзаг уыд. Ныхæсты уынæр, худыны хъæр, зарджытæ æмæ æхсынæнты къæрццытæ сæмхæццæ сты, фæлæ уæддæр бонæй ныр дзæбæхдæр хъуыстысты. Урс сæрбæттæнтæ æмæ уæлдзарм худтæ зындысты талынджы бырутæ æмæ хæдзæртты цурæй дзыгуыртæ-дзыгуыртæй. 

Дуканийы гом дуары рухсмæ æдде, лæгъзы, кæм урс, кæм сау сæхи дардтой хъазахъхъы æмæ чызджыты æмбырдтæ, æмæ хъуыстысты сæ хъæрæй зарджытæ, сæ худын, сæ ныхæстæ. Чызджытæ кæрæдзийы къухтыл ныххæцыдысты, зиллаккæй æрлæууыдысты æмæ рыгæйдзаг фæндагыл аив, ленкгæнæгау симдтой. Чызджытæн сæ тæккæ къæсхуырдæр æмæ фыдынддæр ныззарыд: 

 

Из-за лесику, лесу темного, 

Ай да люли! 

Из-за садику, саду зеленого 

Вот и шли-прошли два молодца; 

Два молодца, да оба холосты. 

Они шли-прошли да становилися, 

Они остановилися, разбранилися. 

 

Зæронд устытæ сæ цуры лæууыдысты æмæ зарджытæм хъуыстой. Сывæллæттæ сæ алывæрсты талынджы ратæх-батæх кодтой кæрæдзи сургæйæ. Хъазахъхъ сæ алфамбылай лæууыдысты æмæ чызджытимæ хъазæн ныхæстæ кодтой, кæнæ-иу сæ фæдих кодтой, æмæ-иу семæ симыныл схæцыдысты. Дуарæн иуварсырдыгæй, фæсвæд ран лæууыдысты талынджы Белецкий æмæ Оленин цухъхъаты æмæ уæлдзарм худты мидæг, сæхинымæры сабыргай ныхас кодтой, хъазахъхъаг æвзагыл нæ, фæлæ сыгъдæг уырыссагау æмæ æмбæрстой, рохуаты кæй не сты, фæлæ адæм сæ каст уыдон кæй скодтой, уый. Фæрсæй-фæрстæм симдтой хъазты ставдгомау Устенькæ сырх куырæты мидæг æмæ бакастджын, цæсты чи ахадыд, уыцы Марьянæ ног хæдон æмæ куырæты мидæг. Оленин æмæ Белецкий ныхас кодтой, цы ’гъдауæй сæ рацæуын кæной чызджыты æхсæнæй Марьянæ æмæ Устенькæйы. Белецкий афтæ æнхъæл уыд, æмæ Оленин æрмæст йæхи аирхæфсынмæ хъавыд; уый цæмæй зыдта, Оленины зæрдæйы дæгъæл Марьянæйы къухы кæй уыд æмæ уымæ æнхъæлмæ кæй каст, уый. Оленины фæндыд тæккæ абон хъуыддаг исчердæм ныххицæн кæнын, фæндыд æй Марьянæйы хибарæй фенын, йæ зæрдæбын ныхæстæ йын ракæнын кæрæй-кæронмæ æмæ дзы цæхгæр, бæлвырд, бæрæг дзуапп райсын: бакомдзæн ын æви нæ. Кæй йын нæ бакомдзæн, уыцы хъуыддаг сусæг нæ уыд рагæй нырмæ, фæлæ уæддæр æнхъæл уыд, йæ зæрдæйы дуар ын куы байгом кæна, уæд æй чызг бамбардзæн æмæ исты æрхъуыды кæндзæн. 

— Раздæр мын æй цæуылнæ бамбарын кодтай? — дзырдта Белецкий. — Æз дын дæ хъуыддаг Устенькæйы руаджы сарæзтаин. Куыддæр æнахуыр адæймаг дæ! 

— Цы кæнон? Искуы дын сæ сæрæй-бынмæ лæмбынæг фæдзурдзынæн, даргъ æмгъуыд дын нæ кæнын, хæрз рæхджы. Ныр дæ уый курæг дæн æрмæст, æмæ Устенькæтæм цæмæй æрцæуа, уый мын сараз. 

— Хорз, уый æнцон у... Куыд кæсын, афтæмæй урс лæппуйы хай кæндзынæ, Марьянæ. Цы зæгъыс, и? Лукашкæ ихы сæрыл куы нæ аззаид, — загъта Белецкий, уæздандзинады тыххæй фыццаг Марьянæмæ дзургæйæ, фæлæ дзуапмæ нал фæлæууыд, афтæмæй Устенькæмæ бацыд æмæ дзы курын байдыдта, йемæ Марьянæйы цæмæй рахуыдтаид, уый. 

Белецкий йæ ныхас кæронмæ нæма ахæццæ кодта, афтæ амонæг æндæр зарæг байдыдта, æмæ чызджытæ кæрæдзийыл ахæцыдысты. 

Уыдон зарыдысты: 

 

Как за садом, за садом 

Ходил, гулял молодец 

Вдоль улицы в конец. 

Он во первый раз иде, — 

Машет правою рукой, 

Во другой он раз иде, — 

Машет шляпой пуховой, 

A во третий раз иде, — 

Останавливается, 

Останавливатся, переправливатся, 

........................................................... 

 

Лукашкæ Назаркæимæ симд-хъазт арæмыгътой æмæ йæ фæдих кодтой, сæхæдæг чызджыты æхсæнты араст сты. Лукашкæ цъæхснаг хъæлæсæй зарыд æмæ йæ къухтæ тилгæ астæуæй рацу-бацу кодта. 

— Цæй-ма, исчи уæ рацæуæд! — бахъæр кодта чызджытæм Лукашкæ. 

Чызджытæ Марьянæйы схойын байдыдтой. Уый сын нæ куымдта. Зарджыты æхсæнæй хъуыст лыстæг худт, цæфы къæрццытæ, батæ, сусæг ныхæстæ. 

Лукашкæ Оленины цурты куы фæцæйцыд, уæд ын зæрдæлхæнæн куывд акодта йæ сæрæй. 

— Дмитрий Андреич, ды дæр бакæсынмæ æрбацыдтæ, сæрæй? — загъта йын Лукашкæ. 

— О, — цæхгæр, ныфсхаст, уазал дзуапп ын радта Оленин. 

Белецкий æргуыбыр кодта æмæ Устенькæйæн йæ хъусы цыдæр адзырдта. Чызг ын фæстæмæ дзуапп раттинаг уыд, фæлæ йæ къухы нал бафтыд æмæ, дыккаг зылд куы æркодта, уæд ын загъта: 

— Хорз, æрцæудзыстæм. 

— Марьянæ дæр? 

Оленин Марьянæйы хъусмæ йæхи æргуыбыр кодта. 

— Æрбацæудзынæ? Дæ хорз фыдыстæн, иу минут уæддæр æнæ ’рбацæугæ ма фæу. Æхсызгон ныхас мæ ис демæ. 

— Кæд чызджытæ цæуой, уæд æз дæр бацæудзынæн. 

— Цы дæ куырдтон, уымæн мын дзуапп ратдзынæ? — афарста та йæ Оленин æмæ йæм ноджыдæр хæстæгдæр йæхи æргуыбыр кодта. — Абон диссаджы хъæлдзæг дæ! 

Чызг симгæ-симын адард. Оленин йæ фæдыл ацыд. 

— Зæгъдзынæ мын? 

— Цы дын хъуамæ зæгъон? Мæнæ мæ куыд баййардта! 

— Æртæ боны раздæр дæ цæмæй фарстон, уый, — загъта Оленин æмæ йын йæ хъусы бадзырдта: — Бакомдзынæ мын? 

Марьянæ хъуыдыйыл фæци. 

— Зæгъдзынæн, — загъта чызг. — Тæккæ абон дын зæгъдзынæн. 

Æмæ талынджы чызджы цæстытæ хъæлдзæг, рæвдаугæ æрттывд фæкодтой лæппулæгмæ. 

Оленин чызджы йæхицæй цух нæ уагъта, йæ фæдыл цыд. Цас хæстæгдæр æм лæууыд, уыйас йæ зæрдæйæн æхсызгондæр уыд. 

Лукашкæ зарыд æмæ уыцы заргæ-зарын Марьянæйы къухыл фæхæцыд, фесхуыста йæ æмæ йæ хъазты астæу алæууын кодта. Оленин ын æрмæст ма уый бафæрæзта зæгъын: «Устенькæмæ æнæ ’рбацæугæ ма фæу», — æмæ фæстæмæ йе ’мбалмæ аздæхт. Зарæг фæци. Лукашкæ йæ былтæ асæрфта, Марьянæ дæр афтæ æмæ кæрæдзийæн аба кодтой. «Нæ, фондз хаттæй къаддæр та куыд! Иу æлгъыст у», — дзырдта Лукашкæ. Аив симд æмæ зарды фæстæ бæстæ ныхас, худт æмæ змæлд сси. Лукашкæ цыма тынг расыг уыд, афтæ зынд æмæ чызджытæн адджинæгтæ уарын байдыдта: 

— Уе ’ппæтæн лæвар кæнын, — дзырдта Лукашкæ худæджы онг йæхи сæрыстыргæнгæйæ, йæхицæй разыйæ æмæ йæхи мæлæты лæгæй æвдисгæйæ. — Салдæттимæ лымæн чи кæны, уыдон ардыгæй, хъазтæй адде уæнт, — бафтыдта ма уый æмæ æваст Оленинмæ мæстыйæ, тарæрфыгæй бакаст. 

Чызджытæ йын йæ адджинæгтæ скъæфтой æмæ сæ кæрæдзийæ худæгæй мæлгæйæ тыххæй истой. Белецкий æмæ Оленин иуварс сæхи айстой. 

Лукашкæ цыма йæ рæдаудзинадæй æфсæрмы кодта, уыйау уыд, йæ худ систа æмæ йæ цухъхъайы дысæй йæ ных сæрфгæйæ Марьянæ æмæ Устенькæмæ бацыд. 

— «Æви ды, мæ хуры хай, мæнæй дæ сины сæрыл хæцыс?» — сфæзмыдта Лукашкæ, ныртæккæ зарæджы цы ныхæстæ кодтой, уыдон, стæй Марьянæмæ баздæхт. — Мæ ныфсæй дæхи хъал кæныс? — загъта та уый дыккаг хатт мæстыхуызæй. — Моймæ куы ацæуай, уæд æнæмаст нæ уыдзынæ, бирæ цæстысыг фæкалдзынæ, — бафтыдта уый йæ ныхæстыл Устенькæ æмæ Марьянæйы йæ хъæбысы кæнгæйæ. 

Устенькæ йæхи атыдта æмæ Лукашкæйæн йæ фæсонтæн иу хафт ахæм нылласта æмæ ма йæ къух дæр фæрыст. 

— Цы фæнд уæм ис, хъаздзыстут-ма дарддæр?— афарста сæ Лукашкæ. 

— Чызджыты куыд фæнда, афтæ, — радта йын дзуапп Устенькæ. — Æз нæхимæ цæуын, Марьянæ дæр махмæ цæуинаг уыд. 

Хъазахъхъаг Марьянæйы, хъæбыстæгæнгæйæ, æддæмæ-æддæмæ хибармæ фисыны аууонмæ асайдта. 

— Ma ацу, Машенькæ, — загъта лæппу, — фæстаг хатт ма нæхи аирхæфсæм, кæрæдзийыл бацин кæнæм. Уæхимæ ацу фæлтау, æз дæр дæм зындзынæн. 

— Цы ми дзы кæнын уæд нæхимæ? Бæрæгбон хъазын æмæ хъæлдзæгдзинады тыххæй у. Устенькæмæ цæуын, — загъта Марьянæ. 

— Цыфæндытæ кæнай, дæ гæндзæхтæ куы ацæгъдай, уæддæр дæ кургæ кæндзынæн. 

— Хорз, хорз, — загъта Марьянæ. — Уый бæрæг уыдзæн, фендзыстæм. 

— Уæдæ цæуыс? — карзæй загъта Лукашкæ æмæ йæ йæ хъæбысмæ æлвасгæйæ чызджы уадулæн аба кодта . 

— Стæ-ма, дæ хорзæхæй! Ныр мыл цы ныйичъи дæ, цы мæ баййардтай? — Марьянæ йæхи атыдта æмæ æддæдæр алæууыд. 

— Ей, чызг, цыдæр дæм кæсы, хуыздæр дын куы нæ уа!.. — уайдзæфгæнæгау ын загъта Лукашкæ, йæ сæр тилгæйæ, уыцы лæугæ-лæууын. — Мæнæй æнæмаст нæ уыдзынæ. — Йæхæдæг цæхгæр фæзылд æмæ чызджытыл фæхъæр кодта: — Цæй-ма, цы уыл æрцыд, ахъазут-ма! 

Лукашкæйы ныхасмæ Марьянкæ цыма мæсты дæр раци æмæ тæрсгæ дæр фæкодта, уыйау фæци æмæ фæстæмæ фæзылд. 

— Цæмæй мын уыдзæн фыддæр? 

— Уымæй. 

— Уæддæр? 

— Уымæн æмæ уæ фатеры цæрæг салдатимæ лымæн кæныс æмæ уый тыххæй мæн дæр нал уарзыс, дæ зæрдæ мыл аивтай. 

— Бафæндыд мæ æмæ нал уарзын. Мæ бар мæхи нæу? Ды мæ мад, мæ фыд куы нæ дæ. Цы дæ хъæуы? Кæй мæ бафæнда, уый бауарздзынæн. 

— Афтæ, афтæ, — загъта Лукашкæ. — Дæ зæрдыл-иу æй бадар! — Лукашкæ дуканийы ’рдæм бацыд. — Чызджытæ! — фæхъæр кодта уый. — Цы слæууыдыстут? Ахъазут-ма ноджыдæр. Назаркæ! Згъоргæ æмæ сæн рахæсс. 

— Цы зæгъыс, æрбацæудзысты æви нæ? — афарста Оленин Белецкийы. 

— Ныртæккæ сæ ардæм хъæуы, — дзуапп ын радта Белецкий. — Цом, хъазтизæр бацæттæ кæнын хъæуы. 

 

XXXIX
 

Æхсæвыгон æнафоны Оленин рацыд Белецкийы фатерæй Марьянæ æмæ Устенькæйы фæдыл. Чызджы кæлмæрзæн урс дардта талынг уынджы. Мæй сыгъзæрин хуызы мидæг йæхи æруагъта быдыры ’рдæм. Æвзистхуыз æврагъ хъæуыл æрбадт. Бæстæ æрсабыр, иу сыбыртт никæцæй хъуыст, рухс дæр никæцæйуал зынд, æрмæст ма хъуыст разæй чызджыты къæхты хъæр. Оленины зæрдæ уæрыккау кафыд. Цæсгом сыгъд æмæ йын уымæй уæлдæфы сæмбæлд æхсызгон уыд. Оленин арвмæ скаст; фæкаст фæстæмæ, цы хæдзарæй рацыд, уырдæм: цырагъ ахуыссыд. Йæ разæй чи цыд, уыцы сылгоймæгты сау æндæргмæ кæсын байдыдта. Урс кæлмæрзæн мигъы аууон фæци. Зыбыты иунæг кæй уыд, уый йæм тæссаг æмæ зын каст. Иттæг амондджын уыд ацы сахат. Оленин асины сæрæй рагæпп ласта æмæ чызджыты фæдыл азгъордта. 

— Ныр кæцæй фæдæ? Исчи нæ фендзæн, — загъта Устенькæ. 

— Ницы кæны. 

Оленин Марьянæмæ базгъордта æмæ йæ йæ хъæбысы акодта. 

Марьянæ йæ йæхицæй нæ асхуыста. 

— Æппын нæма бафсæстыстут батæй? — загъта Устенькæ,— Куы йæ ракурай, уæд-иу батæ кæн, ныр уал дæхиуыл фæхæц. 

— Хæрзæхсæв у, Марьянæ, тæккæ райсом дæ фыдмæ бацæудзынæн æмæ йын мæхæдæг мæхи дзыхæй радзурдзынæн. Ды мацы ской кæн. 

— Мæн та цы дзурыны мæт ис! — радта йын дзуапп Марьянæ. 

Дыууæ чызджы азгъордтой. Оленин иунæгæй араст æмæ, a изæр цыдæриддæр æрцыд, уыдон мысын байдыдта. Уый æнæхъæн изæр Марьянæимæ сæ дыууæ хибарæй пецы фæстæ къуымы фæбадтысты. Устенькæ иу минут дæр уатæй æддæмæ нæ рацыд: иннæ чызджытимæ æмæ Белецкийимæ цыдæртæ архайдта. Оленин Марьянæимæ сусæгæй ныхæстæ кодтой сæхимидæг. 

— Бакомдзынæ мын? — фарста уый чызджы. 

— Фæсайдзынæ мæ, нæ мæ ракурдзынæ, — фæстæмæ йын хъæлдзæгæй, зæрдæнцой дзуапп лæвæрдта чызг. 

— Дæ мад, дæ фыдыстæн, раст мын зæгъ: уарзгæ мæ кæныс, уарзгæ? 

— Цæй тыххæй дæ хъуамæ ма уарзон, хъæрæу, мыййаг, куы нæ дæ, — загъта Марьянæ худгæйæ æмæ йæ дæрзæг къухтæй Оленины буц къухтæ æлхъивгæйæ.— Цы урс-урсид къухтæ дын ис, фæлмæн, хъаймагъы хуызæн, — загъта чызг. 

— Хъазын æнхъæл мын ма у. Зæгъ-ма мын бæрæг, бакомдзынæ мын æви нæ? 

— Цæй тыххæй дын хъуамæ ма бакомон, мæ фыд мæ куы дæтта, уæд. 

— Куы мæ фæсайай, уæд кæй сæрра уыдзынæн, уый дын зæгъын, æмæ дæ уый рох ма уæд. Райсом мæхæдæг мæхи дзыхæй дæ мад æмæ дæ фыдæн радзурдзынæн, усгур бацæудзынæн. 

Марьянæйæн худæгæй ницыуал уыд. 

— Цы дыл æрцыд? 

— Ницы, афтæ худæг мæм кæсы. 

— Me ’цæгæй дын зæгъын! Æз ам балхæндзынæн цæхæрадон, хæдзар, мæхи хъазахъхъыл ныффысдзынæн... 

— Æрмæст-иу уæд æндæр устыты ма уарз, кæннод мын цы ’нхъæл дæ! Ахæм митæн барон нæ дæн, — налат дæн. 

Уыцы ныхæстæ-иу Оленин тынг æхсызгонæй мысыд æмæ сæ-иу хинымæры арæх дзырдта. Куы-иу æй æрхъуыды кодта, уæд-иу йæ зæрдæ срыст кæнæ-иу, фыр цинæй цы ракодтаид, уымæн-иу ницыуал зыдта, афтæ амондджын каст йæхимæ. Йæ зæрдæ уымæн рыст, æмæ чызг, кæддæриддæр куыд дардта йæхи, афтæ уыд ныр дæр, цыма йын хъауджыдæр нæу æмæ йын йæ хъуыддаг ницæмæ дары, уый хуызæн. Кæй йæ куырдта, уый йæ цæсгомыл ницæмæй фæбæрæг, цыма йæ хæстæг йæ зæрдæмæ нæ хаста, нæ йыл баууæндыд æмæ фæстаг боны цард йæ хъуыдыйы дæр нæ уыд, уый хуызæн. Афтæ дæр ма йæм зынд, цыма йæ чызг æрмæст ацы сахат уарзы, фæлæ амæй фæстæмæ, искуыбон цыма цард æмæ амонд ce ’хсæн нæ уыдзæн, уый хуызæн. Амондджын та уымæн хуыдта йæхи, æмæ йæм афтæ каст, цыма чызджы ныхæстæ иууылдæр æцæг уыдысты, зæрдиагæй сæ дзырдта æмæ разы уыд уымæн бакомыныл. «Афтæ у, — зæгъгæ, дзырдта йæхæдæг йæхицæн Оленин. — Æрмæст уæд бамбардзыстæм кæрæдзи, æмæ мæ къухмæ куы ’рбахауа, сæрмагонд мæн куы бауа, уæд. Ахæм уарзондзинадæн дзыхыныхæстæ ницы сты, фæлæ йæ хъæуы цард; æрмæст царды мидæг ын ис равдисæн. Райсомбон хъуыддаг рабæрæг, раргом уыдзæн. Дарддæр афтæ цæрын мæ бон нал у. Райсом мæ ныхæстæ сæрысуанг ракæндзынæн йæ фыдæн, Белецкийæн æмæ æппæт адæмæн... 

Лукашкæ дыууæ æхсæвы фæд-фæдыл æнæ хуыссæг баййæфта, стæй афтæ бирæ банызта, æмæ йæ йæ къæхтæ нал хастой, æмæ Ямкæмæ бафынæй. 

 

XL
 

Дыккаг бон Оленин йæ ахуыр æгъдауæй раздæр райхъал æмæ, куыддæр йæ цæстытæй ракаст, афтæ хъуыдыйыл фæци, цы йæ бакæнын хъæуы, ууыл, стæй цингæнгæйæ йæ зæрдыл æрбалæууыдысты чызджы батæ, йæ дæрзæг къухты æууæрст æмæ йæ ныхæстæ: «Цы урс-урсид къухтæ дын ис!» Йæ хуыссæны фæгæпп ласта æмæ уыцы сахат æнæбафæстиатæй хæдзары хицæуттæм цæуынвæнд скодта Марьянæмæ минæвар скæныны тыххæй. Хур нæма скаст. Оленинмæ афтæ фæкаст, цыма уынджы стыр змæлд ис, уыйау, фистæг æмæ бæхджын адæм рауай-бауай кодтой ныхæстæгæнгæйæ. Оленин йæ цухъхъа уæгъд конд акодта æмæ æддæмæ дуармæ рауад. Хæдзары хицæуттæ нæма сыстадысты. Фондз хъазахъхъаджы бæхтыл фæцæйцыдысты æмæ цæйдæр тыххæй ныхæстæ кодтой. Се ’ппæты разæй цыд йæ бæзджын кæсгон бæхыл Лукашкæ. Хъазахъхъ æмхуызонæй дзырдтой, хъæр кодтой, сæ ныхæстæн бамбарæн нæ уыд. 

— Уæллаг постмæ-иу рацу, — хъæр кодта иу. 

— Дæ бæхыл саргъ æвæргæ æмæ нæ-иу тагъддæр раййаф, — дзырдта иннæ. 

— Уыцы кулдуарыл хæстæгдæр уыдзæн. 

— Дзæгъæл ныхас ницæмæн у, — хъæр кодта Лукашкæ, — астæуккаг кулдуарыл цæуын хъæуы... 

— Бæгуыдæр, хæстæгдæр y ууылты, — дзырдта иу рыгæйдзаг хъазахъхъаг хидæйдзаг бæхыл. 

Лукашкæйы цæсгом сырх-сырхид æмæ рæсыд уыд зноны нозтæй; йæ худ йæ къæбутыл конд. Уый барджын хъæр кодта, цыма хицау уыд, уый хуызæн. 

— Цы хабар у? Кæдæм? — афарста Оленин æмæ хъæппæрисæгæй хъазахъхъы йæхимæ æркæсын кодта. 

— Абырджытæ ахсынмæ цæуæм, уæртæ змис арыхъхъыты бабадтысты. Ныртæккæ раст кæнæм, фæлæ адæм нæй. 

Æмæ хъазахъхъ уыцы дзолгъомолгъогæнгæйæ дарддæр уынджы дæлæмæ аивгъуыдтой. Оленин ахъуыды кодта, куы нæ ацæуон, уæд аив нæ уыдзæн, стæй ма йæ уыцы зæрдæ дæр фæсайдта, фæстæмæ тагъд æрбаздæхдзынæн, зæгъгæ. Йæ дзауматæ йæ уæлæ акодта æмæ йæ топп нæмыгæй аифтыгъта. Ванюшæ йын куыддæртæй тагъд-тагъд йæ бæхыл саргъ авæрдта. Оленин бæхыл йæхи уыциу æппæрст бакодта æмæ хъазахъхъы раст хъæуæн йæ тæккæ рацæуæны баййæфта. Хъазахъхъ уыцы ран рафистæг сты бæхтæй, зиллаккæй æрлæууыдысты æмæ боцкъайæ хъæдын къусмæ сæн уагътой æмæ кæрæдзимæ сидгæйæ сæ фæндаджы тыххæй куывтой. Ce ’хсæн уыд уыцы хъал лæппу афицер, хорунжий. Æнæнхъæлгæйæ, куыддæр мæрддагæй хъæумæ æрбафтыд æмæ, чи æрæмбырд, уыцы фараст хъазахъхъагæн йæхимæ уынаффæтæ æмæ хицауад кæнын райста. Чи æрæмбырд, уыдон ce ’ппæт дæр уыдысты хуымæтæджы хъазахъхъæгтæ æмæ, кæд хорунжий йæхи хицауы дард кодта, уæддæр хъусгæ æрмæст Лукашкæмæ кодтой. Оленин гуырд у, нæу, — хъуыды дæр æй ничи кодта, мæгуыр. Хъазахъхъ сæ бæхтыл куы сбадтысты æмæ куы араст сты, уæд Оленин йæхи хорунжиймæ хæстæгдæр баласта хъуыддаджы хабар бамбарыны тыххæй. Хорунжий кæддæриддæр лæгъз дзыхыуагæй дзырдта, фæлæ ацы хатт, табу йе стырдзинадæн, Оленинмæ хицауы цæстæй ракаст. Тыхæмхасæнтæй Оленин æрæджиау хабар бамбæрста. Уыйагъоммæ абырджыты фæдыл цы къорд хъазахъхъаджы ацыд сгарæг, уыдон абырджыты баййæфтой, хъæуæй иу-аст версты бæрц куы ауадысты, уæд, змисджын арыхъхъыты. Абырджытæ уым æрфидар сты дзыхъхъы мидæг, уырдыгæй æхстой æмæ æртхъирæн кодтой, æнæ амæлгæ, удæгасæй сæхи кæй нæ ратдзысты. Сгарджытæн семæ цы урядник уыд, уый дыууæ хъазахъхъагимæ уым баззад абырджыты хъахъхъæныны тыххæй, иу хъазахъхъаджы та хъæумæ фæдисы рарвыста æххуыс курынмæ. 

Хур æрмæст ныртæккæ байдыдта йæхи уæлæмæ исын. Хъæуæй æртæ версты дарддæр алырдыгæй раргом быдыр, æмæ æрмæст уыцы æмхуызон, æнкъард, зæрдæуынгæггæнæн хус лæгъз быдыры йеддæмæ цæст ницæуыл хæцыд. Быдыры зынд хъомвосы фæд, фæлвых, æрдæгхус зайæгой иугай рæтты, тыллæг хъамылты тæрфыты, искуы иу ран æвæрд къахвæндæгтæ æмæ, цæст чысыл кæй ахста, ахæм ногъайаг цатыртæ кæмдæр дард, арвы кæронмæ æввахс. Цæсты тынг цы ахадыд, уый — аууон, сатæг ран — хæснагыл дæр не ссардæуыдаид, — карз бæсты уаг. Быдыры хурскæсын æмæ хурныгуылын афон кæддæриддæр вæййы сæуæхсид. Уад бон уæлдæф змисæй байдзаг вæййы. Сабыр, æнæдымгæ бон та афтæ æнцад, афтæ æдзæм вæййы, æмæ диссаг, — иу сыбыртт, иу уынæр никæцæй фехъуысдзæн. Ацы райсом дæр раст афтæ уыд быдыры, — кæд хур уæлиау ссыд, уæддæр бæстыл фæлм бадт. Бæстæ уыд æдзæрæг æмæ фæлмас. Уæлдæф æппындæр не змæлыд. Æрмæст ма хъуыст бæхты къæхты фæлмæн хъæр æмæ сæ фыррыччытæ. Хъазахъхъ фылдæр цыдысты æнæдзургæйæ. Хъазахъхъаг йæ гæрзтæ кæддæриддæр рæвдз, ифтонг дардта, зæлланг æмæ дзыгъал-мыгъул куыннæ кодтаиккой, афтæ. Стыр худинаг уыд, гæрзтæ æнгом, æнæзмæлгæйæ дарын чи нæ зыдта, уымæн. Фæндагыл сæ фæсте дыууæ хъазахъхъаджы æрбаййæфтой æмæ дыууæ-æртæ ныхасы кæрæдзимæ скодтой. Лукашкæйы бын бæх йæ къах цæуылдæр скъуырдта æмæ йæ цыд фæцырддæр кодта. Уый хъазахъмæ æвзæр нысаныл нымад у, уæлдайдæр ныртæккæйы сахат сæ фæндагæн. Хъазахъхъ фæкастысты æмæ уайтагъд фæзылдысты, цыма йæ ницæмæ æрдардтой, уый хуызæн. Лукашкæ бæхы рохтæ æрбамбырдтæ кодта, æрфгуытæ фелхынцъ кодта æмæ ехс дард фæхаста. Замманай кæсгон бæх æвиппайды скафыд, цыма йæ кæцы къахыл æрлæууын хъуыд, уый нал зыдта æмæ цыма маргъау йæ базыртыл йæхи уæлæмæ, хæрдмæ сисынмæ хъавыд, уыйау. Лукашкæ йын ехсæй иу дзæхст нылласта, дыккаг, æртыккаг. Кæсгон бæх йæ дымæг фелхъывта æмæ фыррыччытæгæнгæ йæ фæстæгтыл скафыд æмæ иудзæвгар иннæ бар джытæй араздæр. 

— Бæхæй йæм дау нæй, æвæдза! — загъта хорунжий. 

— Бæх нæ, фæлæ домбай у, — загъта хистæр хъазахъхъæй иу. 

Хъазахъхъ цыдысты æнæдзургæйæ, кæм сау цыдæй, кæм та сæпп-сæппæй, æмæ æрмæст иунæг уыцы хъуыддаг сын хæлдта иучысыл сæ кадджын цыды æгъдау æмæ сæ æдзæмдзинад. 

Æнæхъæн быдыры, аст версты фæндагыл, зыбыты иунæг змæлæг федтой. Уый уыд ногъайаг уæрдон. Йæ уæлæ цатыр æвæрд, афтæмæй сындæггай лæсти иу верст дарддæр хъазахъхъæй. Уæрдоны хицау, ногъайаг, йæ бынат ивта æмæ йæ бинонтимæ иу ранæй иннæ ранмæ цыд. Ноджы ма сæмбæлдысты дыууæ фæтæнуадулджын ногъайаг усыл бызгъуырты мидæг — тæсчъытæ ce ’ккой, афтæмæй сæнæрттæ æмбырд кодтой иу лæнчы мидæг. Афицер хъуымыхъхъагау дзæбæх нæ зыдта æмæ æрдæгдзæфтæй устытимæ дзырдта, цæйдæр тыххæй сæ рафæрс-бафæрс кодта. Устытæ йын йæ ныхæстæ не ’мбæрстой, æдас дæр дзы нæ уыдысты æмæ кæрæдзимæ катайтæгæнгæ ракæс-бакæс кодтой. 

Лукашкæ сæм хæстæг бацыд бæхыл, сæ цуры æрлæууыд æмæ сын æгъдаумæ гæсгæ салам радта. Устытæ бацин кодтой æмæ йемæ æдæрсгæйæ, хицон æгъдауыл ныхас кæнын байдыдтой, цыма Лукашкæйæн йæ хотæ уыдысты, уый хуызæн. 

— Ай-ай, коп абрек! — дзырдтой устытæ сæ сæртæ тилгæйæ æмæ сæ къухтæ сæ былтыл даргæйæ æмæ, хъазахъхъ ce ’ргом кæдæм дардтой, уыцырдæм къухæй амыдтой. Оленин бамбæрста, цы дзырдтой, уый: «Бирæ абырджытæ». 

Ахæм хъуыддæгты Оленин никуыма фæци, æрмæст сæ зонгæ кодта Ерошкæйы ныхæстæм гæсгæ æмæ уыйадыл, мæхи дыууæ цæстæй сæ фенон, зæгъгæ, йæхи хъазахъхъæй цух нæ уагъта. Хъазахъмæ кæсынæй не ’фсæст, лыстæг каст алцæмæ дæр æмæ зæрдиагæй хъуыста алы ныхасмæ, алы хъуыддагмæ хъуыдыгæнгæйæ. Кард æмæ йæм топп уыд, фæлæ куы бафиппайдта, хъазахъхъ дзы сæхи ласынц, уæд бауынаффæ кодта семæ хъуыддаджы нæ бацæуын, уымæн æмæ, уыйырдыгонау, йæ хъæбатырдзинад гуырысхойаг нæ уыд, равдыста йæхи хæсты мидæг, стæй ма уымæн, æмæ ацы сахат стыр амондджын уыд. 

Æвиппайды дардæй топпы гæрах фæцыд. 

Хорунжийæн йæ быны дон бацыд æмæ хъазахъхъæн уынаффæ кæнын байдыдта: куыд сæ æрлæууын хъæуы къордгæйттæй, стæй сæ чердыгæй бацæуын хъæуы. Фæлæ йæ хъазахъхъ хъуыды дæр нæ кодтой, æрмæст Лукашкæмæ хъуыстой æмæ сын уый цы дзырдта, уый кодтой. Лукашкæйы цæсгом æмæ фæлгонц æвдыстой хъæбатырдзинад æмæ, цы хъуыддаджы мидæг уыд, уый йæ цæсты цытджын, кадджын кæй уыд, уый. Йæ кæсгоны сауцыдæй ауагъта æмæ цъынддзастæй размæ æнувыдæй каст. Иннæ хъазахъхъ йæ фæдыл уадысты сæпп-сæппæй. 

— Уæртæ иу бæхджын æрбацæуы, — загъта Лукашкæ йæ бæхыл фæстæмæ хæцгæйæ æмæ иннæты æмрæнхъ æрлæууыд. Уалынджы дыууæ барæджы дзæбæх зынын байдыдтой, æмæ сæм хъазахъхъ комкоммæ сæ ных радтой. 

— Уыдон абырджытæ сты? — афарста Оленин. 

Хъазахъхъ ын фæстæмæ дзуапп нæ радтой, уымæн æмæ сæм йæ ныхас тынг æдылы фæкаст. Абырджытæ æнæзонд уыдаиккой, донæн ацы фарсмæ бæхтыл куы рахызтаиккой, уæд. 

— Далæ нæм йæ къух тилы. Родькæйы хуызæн цыма у, — загъта Лукашкæ æмæ йæ къухæй ацамыдта, ныр бæрæг чи зынд, уыцы дыууæ барæджы ’рдæм. — Уæртæ махырдæм æрбацæуы. 

Æмæ, æцæг, иукъорд минуты фæстæ рабæрæг, уыцы дыууæ барæджы сæхи сгарджытæ кæй уыдысты, уый, æмæ урядник Лукашкæмæ йæ бæх фездæхта. 

 

XLI
 

— Дард сты? — афарста Лукашкæ. 

Уыцы сахат фехъуыст хæстæгæй топпы цыбыр хъæр. Урядник йæ мидбылты зына-нæзына бахудт. 

— Нæхи Гуркæ сыл æндзары, — загъта урядник, йæ сæрæй, топпы хъæр кæцæй фæцыд, уыцырдæм амонгæйæ. Иучысыл ма куы ауадысты, уæд Гуркæйы змис обауы фæстæ топп ифтындзгæ ауыдтой. Абырджытæ æддæдæр, æндæр обауы фæстæ бадтысты. Гуркæ сæ дзæгъæл бадты бæсты гæрæхтæ кодта. Уыдон дæр æхстой, æмæ иу нæмыг уыцырдыгæй цъуыхцъуыхгæнгæ æрбафардæг. 

Хорунжийæн йæ хуыз фæцыд, туджы æртах дзы кæй фæзагъдæуы, нал баззад, æмæ дзæбæх нал арæхст. Лукашкæ йæ бæхæй рафистæг, хъазахъмæ йæ авæрдта æмæ Гуркæйы ’рдæм араст. Оленин дæр афтæ бакодта æмæ йæ фæдыл ацыд. Æхсгæ чи кодта, уыцы хъазахъхъагмæ куыддæр бахæццæ сты, афтæ сæ тæккæ сæрты дыууæ нæмыджы сыффытт фæцыд. Лукашкæ худгæйæ фæстæмæ Оленинмæ фæкаст æмæ йæхи фæгуыбыр кодта. 

— Фыдбылызау дæ, мыййаг, куы амарой, цы нæ æрцæуы, фæлтау дæхи куы айсис, уæд хуыздæр уаид. Ай дæ хъуыддаг нæу. 

Фæлæ Оленины тынг фæндыд абырджыты фенын. 

Къуыппы аууон ауыдта худтæ æмæ топпыдзыхтæ. Дыууæты ’хсæн уыдаид дыууæфондзыссæдз сардзины бæрц. Æвиппайды фæздæджы цъупп фæзынд, æмæ та нæмыджы цъыгъгъуытт фæцыд. Абырджытæ къуыппы фæсдзæгат цъымарайы мидæг бадтысты. Абырджыты бадæн Оленинмæ стыр диссаг фæкаст. Уыцы бынатæй æмæ æнæхъæн быдырæй ницы уæлдай, ницы хъауджыдæр уыд, фæлæ дзы абырджытæ кæй бадтысты, уый тыххæй цыма æндæрхуызон, æндæр цыдæр уыд, уыйау æм зынд. Афтæ дæр ма йæм фæкаст, цыма уыцы ран сæрмагонд абырджыты бадæнæн арæзт уыд, уый хуызæн. Лукашкæ йæ бæхмæ раздæхт, æмæ Оленин дæр йæ фæдыл рацыд. 

— Уыцы хосы уæрдон ардæм æрбатæрын хъæуы, кæннод нæм цыдæр кæсы, — фæцæгъддзысты нæ, — загъта Лукашкæ. — Уæртæ уыныс, къуыппы фæстæ ногъайаджы хосы уæрдон лæууы. 

Хорунжий йæм дзæбæх байхъуыста, урядник дæр сразы йæ ныхæстыл. Хосы уæрдон æрбахæццæ кодтой, æмæ хъазахъхъ уæрдон размæ тулын байдыдтой, сæхæдæг фæсте йæ аууон лæууыдысты. Оленин къуыпмæ схызт, — уырдыгæй алцыдæр зынд. Хосы уæрдон размæ цыд, хъазахъхъ фæсте хосмæ æнгом лæууыдысты. Цæцæн уыдысты фараст лæджы æмæ фæрсæй-фæрстæм бадтысты сæ топпытæ фехсынæввонгæй, фæлæ æхсгæ нæма кодтой. 

Бæстæ æнцад, æдзæм уыд. Æваст, цæцæн кæм бадтысты, уыцырдыгæй фехъуыст хъарæггæнæгау зарæг, Ерошкæйы «ай-далалай» зарæджы хуызæн. Цæцæн бамбæрстой, ацæуæн сын кæй нал ис, уый, æмæ, лидзынмæ цæмæй ма фæуой, уый тыххæй гæрзæй сæ уæрджытæ кæрæдзимæ бабастой, сæ топпытæ срæвдз кодтой æмæ, мæлæты агъоммæ цы зарæг æмбæлы, уыцы зарæг ныккодтой. 

Хъазахъхъ хосы уæрдонимæ хæстæгæй-хæстæгдæр цыдысты. Оленин æнхъæл уыд, ныртæккæ хæст самайдзысты, зæгъгæ. Фæлæ бæсты æдзæмдзинад хæлдта æрмæст зæрдæмæгуыргæнæн зарæг. Æвиппайды зард фæхъус, топпы цыбыр хъæр фехъуыст, уæрдоны фарсыл нæмыджы къæрцц фæцыд, æмæ хъуысын байдыдта цæцæны æлгъыст æмæ сонт хъæртæ. Æхст æхсты æййæфта, нæмгуытæ фæд-фæдыл уæрдоны фарсыл æмбæлдысты. Хъазахъхъ æхсгæ нæ кодтой, фæлæ цæцæны бадæнтæм баввахс сты — ce ’хсæн фондз къахдзæфæй фылдæр нал уыд. 

Иу æрхъæц ма рацыдаид, афтæ хъазахъхъ дыууæрдыгæй уæрдоны фæсте хъæргæнгæйæ рагæппытæ ластой. Лукашкæ сæ тæккæ разæй уыд. Оленин ма фехъуыста æрмæст иукъорд гæрахы, хъæр æмæ хъæрзын. Афтæ йæм фæзынд, цыма топпыхосы фæздæг æмæ туг дæр ауыдта, уый хуызæн. Йæ бæх уыцы хуызæнæй фæуагъта æмæ йæхи дæр нал базыдта, афтæмæй хъазахъхъы ’рдæм азгъордта. Йæ зæрдæ бадзой-дзой кодта, æмæ цæстытæ батар сты. Ницыуал раиртæста, фæлæ бамбæрста, хъуыддаг кæй ахицæн, уый. Лукашкæ ныффæлурс кæрдæйнаг хæцъилы хуызæн, афтæмæй цæф цæцæйнаджы къухтыл хæцыд æмæ хъæр кодта: «Ma йæ ныццæв! Удæгасæй йæ акæндзынæн!» Уый уыд, цы цæцæйнаджы амардта, уымæн йæ хæд æфсымæр, мард ласынмæ чи ’рцыд. Лукашкæ йын йæ къухтæ здыхта. Æвиппайды цæцæйнаг йæхи атыдта æмæ йыл дамбаца ныххуырста. Лукашкæ ахауд. Йæ гуыбынæй туг цыд. Лукашкæ фестад æмæ та фæстæмæ æрхауд уырыссагау æмæ тæтæйрагау æлгъитгæйæ. Йæхиуыл дæр æмæ йæ быны дæр туг фылдæрæй-фылдæр кодта. Хъазахъхъ æм бауадысты æмæ йын йæ рон халын байдыдтой. Назаркæ йæм, мæгуыр, фæкæсынмæ хъавыд, фæлæ йæ кард йæ кæрддзæмы нытътъыссынæн ницыуал амал ардта, галиуырдæм ын-иу фæци. Карды ком уыд тугæйдзаг. 

Цæцæйнæгтæ сæ сырх æлвыд рихитимæ мæрдтæй æмæ къуыхтæй лæууыдысты. Æрмæст ма Лукашкæйы чи фехста, уыцы зонгæ цæцæйнаг цæфтæ æмæ удæгас уыд. Уый цæф хъæрццыгъайы хуызæн тугæйдзагæй (йæ рахиз цæсты бынæй туг цыд), йе ’фсæртæ æлвасгæйæ, фæлурсæй, æнтъыснæгæй дзуццæджы бадт æмæ йæ алфамбылай йе стыр цæстытæй алырдæм каст æмæ ма йæ хъамайы сæрыл хæцгæйæ йæхи цæттæ дардта хи баиргъæвынмæ. Хорунжий йæм йæхи хæстæг баласта иуварсырдыгæй, цыма уымæ нæ цыд, уый хуызæн, стæй æваст фæзылд æмæ йын раст йæ тæккæ хъусыл дамбаца фæкодта. Цæцæйнаг ма йыл, мæгуырæг, йæ зæрдæйæ йæхи баппарынмæ хъавыд, фæлæ йæ къухы ницыуал бафтыд, уайтагъд æрхауд. 

Хъазахъхъ хæстулæфтгæнгæйæ мæрдты алырдæм хастой æмæ сын сæ гæрзтæ сæ уæлæйæ истой. Уыцы сырх цæцæйнæгтæй алчидæр адæймаг уыд, алкæмæн дæр хицæн цæсгомы хатт, хицæн цæсгомы уаг æмæ ахаст уыд. Лукашкæйы уæрдонмæ бахастой. Уый æнæбанцайгæйæ æлгъыста уырыссагау æмæ тæтæйрагау. 

— Гæды зæгъыс, мæ дыууæ къухæй дын дæ хурхыл бахæцдзынæн! Мæнæй аирвæзай, уый æнхъæл макуы бон у! Анассыны! — хъæр кодта Лукашкæ йæхи тындзгæйæ. Уайтагъд йæ хъару асаст æмæ фыр лæмæгъæй ныхъхъус. 

Оленин сæхимæ аивгъуыдта. Изæрæй йын загъдæуыд, Лукашкæ мæлæтдзаг рынчын у, ахъаззаг нал у, зæгъгæ, фæлæ йæ иу цæцæйнаг, донæн уыцы фарсаг, йæхи быгъдуан бакодта æмæ йæ кæрдæджытæй дзæбæх кæндзæн. 

Мæрдты хъæуы уынаффæдонмæ бахастой. Устытæ æмæ сывæллæттæ фæдисы згъорд кодтой бакæсынмæ. 

Оленин изæрдалынгтæй æрбаздæхт æмæ, цыдæриддæр федта, уыдон йæ зæрдæмæ афтæ хæстæг бахаста, æмæ бынтон æрæджиау æрномыл, йæ зæрдæ йе ’муд æрцыд. Фæлæ æхсæвыгон та йæ зæрдыл æрбалæууыдысты зноны хъуыддæгтæ æмæ хъуыдытæ. Оленин рудзынгæй иу каст ракодта. Марьянæ рауай-бауай кодта хæдзары æмæ хъомдоны æхсæн æмæ цыдæртæ æфснайдта. Мад сæнæфсирдонмæ ацыд. Фыд хъæуы уынаффæдоны уыд. Чызг æфснайдгонд нæма фæци, афтæ йæм Оленин бацыд. Чызг хæдзары лæууыд, йæ чъылдым Оленинмæ здæхт, афтæмæй. Оленин афтæ æнхъæл уыд, æфсæрмы дзы кæны. 

— Марьянæ! — загъта уый. — О Марьянæ! Æз дæм бауайон? 

Чызг æваст фæзылд. Йæ цæстытæ доны разылдысты. Йæ цæсгом æвдыста зæрдæмæдзæугæ æнкъарддзинад. Йæ сæр сæрмæ чи хæссы, ахæм адæймаджы уæздан каст æм бакодта æнæдзургæйæ. 

Оленин та дыккаг хатт загъта: 

— Марьянæ! Æз æрбацыдтæн... 

— Куы мæ ныууадзис, — загъта чызг. Йæ цæсгомы хатт нæ аивта, фæлæ йæ цæстысыгтæ æркалдысты. 

— Цы дыл æрцыд? Цы кæныс? 

— «Цы» та цы хоныс? — загъта чызг тызмæг æмæ карз хъæлæсы уагæй,— Хъазахъхъы фæцагътой, уый фехъуыстай? 

— Лукашкæйы? — зæгъгæ, фæкодта Оленин. 

— Дæхи айс, мæ цæст дæ куыннæ уына, афтæ! 

— Марьянæ! — зæгъгæ та фæкодта Оленин æмæ йæм хæстæгдæр бацыд. 

— Мæнæй дын пайда нæй, никуы мæ ницы радомдзынæ. 

— Марьянæ, афтæ ма дзур, — лæгъстæ кæнын байдыдта Оленин. 

— Дæхи айс, цъаммар! — фæхъæр кодта чызг, йæ къæхтæ сцæгъдгæйæ æмæ йæм ныццæвыны онг æртхъирæнтæгæнгæйæ йæхи бахæстæгдæр кодта. Ахæм мæстыхуызæй, ахæм æвзæр, æлгъаг цæстæй йæм бакаст, æмæ Оленин æвиппайды бамбæрста, йæ зæрдæ ма цæуыл дара, ахæм хъуыддагæй дзы ницыуал ис, æмæ райдайæны куыд æнхъæл уыд, райдайæны цы цæстæй каст чызгмæ, æцæг ахæм разынд: хæстæг бацæуæн кæмæ ис æмæ къухы æнцонтыл чи бафта, ахæм нæу. 

Оленин хорзау нал уыд, фæстæмæ йын зæгъын ницыуал бафæрæзта æмæ лидзынмæ фæци. 

 

XLII
 

Сæхимæ куы ’рбаздæхт, уæд дыууæ сахаты бæрц æнæфезмæлгæйæ фæхуыссыд хуыссæны, стæй сыстад æмæ ротæйы хицаумæ араст кодта æмæ дзы бар райста штабмæ ацæуыны тыххæй. Хæдзары хицæуттæн сæ фатеры мызд Ванюшкæйæн барвыста, хæрзбон никæмæн загъта, афтæмæй цæуыны уынаффæ скодта, сæ полкъ кæм бадт, уыцы фидармæ. Хæрзбон зæгъынмæ йæм æрмæст иунæг Ерошкæ æрбацыд. Сæ дыууæ анызтой, стæй та ноджыдæр анызтой, уый фæстæ дæр та ноджыдæр анызтой. Мæскуыйæ куыд раст кодта, афтæ ныр дæр, æртæ бæхы ифтыгъдæй, уæрдон æдде дуармæ арастæввонгæй лæууыд. Мæскуыйæ куы раст кодта, уæд цы цæстæй каст йæхимæ, уæд куыд кадджын уыд йæхи цæсты, афтæ нал уыд ныр. Ам цыдæриддæр бакодта хъуыддагæй, цыдæриддæр хъуыды кодта йæ сæрæй, уыдонæй «афтæ не сты», зæгъгæ, нал дзырдта. Йæхицæн ног цардæй зæрдæтæ дæр нал æвæрдта. Марьянæйы ныр фыццагæй фылдæр уарзта, стæй йын йæхи кæй никуы бауарздзæн, уый дæр ныр базыдта. 

— Цæй, хорзыл амбæл, мæ фыдыхай, — дзырдта Ерошкæ. — Æфсады куы ацæуай, уæд дæхи хъахъхъæн, зæронд лæджы ныхæстæ дæ зæрдыл бадар, хуымæтæджы нæ фæзæгъынц: «Зæрондæн йæ фындз амæрз æмæ йæ бафæрс». Æз зæронд бирæгъ дæн, уый зон: цы нæ федтон, цы нæ бавзæрстон, иу ахæм мын нæй, æмæ дын зæгъын, хæстмæ кæнæ стæры куы ацæуай æмæ уæ æхсгæ куы кæной, уæд хибармæ дæхи лас, адæм æмбырд кæм уой, уырдæм хæстæг ма цу. Кæннод, сымахæн уе ’гъдау афтæ у: куыддæр фæтæрсат, афтæ адæм фылдæр кæм вæййы, уыцырдæм уæхи ласут, афтæ ’нхъæл вæййут, зæгъгæ, уымæй уым адæмимæ хъæлдзæгдæр, æдасдæр уыдзæн, зæгъгæ. Уымæй æвзæрдæр та уæвгæ ницы ис: кæддæриддæр адæм фылдæр дзыгуырæй кæм лæууой, уырдæм хъавынц, уырдæм æхсынц. Æз та-иу мæхи адæмæй дарддæр ластон æмæ-иу зыбыты иунæгæй рацу-бацу кодтон, уымæн никуы фæцæф дæн. Æвæдза, цы нæ федтон, цы нæ бавзæрстон мæ цæргæ-цæрæнбонты фыццагæй фæстагмæ, иу ахæм мын нал баззад. 

— Уæдæ дæ фæсонты топпы нæмыг куы бады, — загъта Ванюшæ уат æфснайгæйæ. 

— Уый ницы у, хъазахъхъ хынджылæг скъæрдтой, — радта йын дзуапп Ерошкæ. 

— Уый та цы хоныс? — афарста йæ Оленин. 

— Куыд вæййы, афтæ. Нуæзтам. Иу хъазахъхъаг, Ванькæ Ситкин, зæгъгæ, æгæр бахъæлдзæг æмæ мын раст мæнæ ацы ран дамбаца фæкодта. 

— Æмæ дын нæ фæрыст? — афарста Оленин. — Ванюшæ, тагъд уыдзынæ? — бафтыдта та уый. 

— Гъæй! Кæдæм мын тагъд кæныс, дæ фыдыстæн? Фæлæуу-ма, мæ ныхас ракæнон... Гъемæ мыл æй куы ныххуырста, уæд нæмыг стæджы банцад æмæ уым баззад. Æз ын афтæ зæгъын: куы мæ амардтай, уый, гормон. И? Цы мын бакуыстай уый? Ныр мæ афтæ уæлæнгæйтты нал аирвæздзынæ. Хъуамæ мын ацы ран сæны ведра мæ разы æрæвæрай. 

— Уæд йед та... Рисгæ дын нæ фæкодта? — афарста та йæ Оленин, хъусгæ йæм дзæбæх нæ кодта, афтæмæй. 

— Мæ ныхас мын кæронмæ ауадз. Сæны ведра æрæвæрдта. Банызтам æй, уæдæ цы кодтам. Ныр туг кæлы æмæ кæлы, хæдзар тугæй фесæфт. Уæд иу зæронд лæг, Бурлак, зæгъгæ, йæ мыггаджы ном, афтæ фæкодта: «Ацы мæгуыр лæг куы ныххæдмæл уа, уымæй тæссаг у. Ведрайы цыппæрæм хай-ма адджын сæн æрæвæр, кæннод дæ хъуыддаг хорз нæ цæуы, уый зон». Æрбахастой та. Банызтой та уый дæр. 

— Уый дæр афтæ фæуæд, фæлæ дын рисгæ нæ кодта, рисгæ? — афарста та йæ ноджы Оленин. 

— Цæй риссынтæ кæныс, цæ? Мæ дзырд мын ма ис, уымæй æвзæрдæр мæм ницы кæсы, нæ уарзын афтæ. Бауадз мæ дзурын. Æхсæв-бонмæ æнæбанцайгæйæ нызтам æмæ нызтам, стæй фыдрасыгæй пецы сæр бафынæй дæн. Райсомæй райхъал дæн, æмæ мæ мæ астæу стасын нæ уадзы. 

— Тынг дын рыстис? — ской та йын кодта Оленин, — йæ зæрдæйæ загъта, ацы хатт мын уæддæр ратдзæн дзуапп мæ ныхасæн. 

— Афтæ дын куы нæ зæгъын, рысти мын, зæгъгæ. Рисгæ мын нæ кодта, фæлæ мæ фæтасын æмæ цæуын нæ уагъта. 

— Афтæмæй дын сдзæбæх ис, нæ? — афарста Оленин æнæхудгæйæ, йæ зæрдæ куыд рыст, уымæ гæсгæ. 

— Сдзæбæх ис, уæдæ цы кодта, фæлæ нæмыг уым баззад. Мæнæ-ма йæ асгар. — Ерошкæ йæ хæдон уæлæмæ сфæлдæхта æмæ стæджы цур, нæмыг кæм банцад, уыцы фæтæн, стæвдтæарæзт фæсонтæ равдыста. 

— Кæсыс æм, куыд рауай-бауай кæны, — дзырдта Ерошкæ, цыма дзы йæхи ирхæфста æмæ йын хъазæнхъул уыд, уый хуызæн. — Дæлæмæ чъылдыммæ æрфардæг. 

— Куыд дæм кæсы, Лукашкæ фервæздзæн? Йæ удæн ницы тас y ? — афарста Оленин. 

— Хуыцау дæсны, цы йын базындæуыдзæн! Дохтыр нæй. Æрвитгæ йæм акодтой. 

— Кæцæй хъуамæ æрласой дохтыры, Грознайæ, мыййаг? — афарста Оленин. 

— Нæ, мæ фыдыхай, цæвиттоны хъуыддагæй, паддзах фæдæн, уæд сымах, уырысы мыггагæй иу дæр нал ныууагътаин, раджы уæ æрцауыгътаин. Æрмæст æргæвдын зонут, æндæр ницы. Нæ хъазахъхъæй иуы, Баклашев, зæгъгæ, бабын кодтой, лæг нал у, йæ къах ын алыг кодтой. Цы ма дæ хъæуы, уымæй æдылыдæр ми ма куыд бачындæуыдзæн! Цæмæн ма y ныр Баклашев? Нæ, мæ хæдзар, кæд искуы æцæг дохтыртæ ис, уæд хохы. Мæ лымæн хъазахъхъаг, Гирчик, зæгъгæ, хæсты фæцæф. Нæмыг раст мæнæ ам йæ риуыл сæмбæлд, гъемæ, нæ дæ бауырндзæн, сымах дохтыртæ йæм сæ ныфс нæ бахастой, — хохæй Саиб æрцыд æмæ йæ сдзæбæх кодта. Кæрдæджытæй дзæбæх кæнынц, мæ лымæн, кæрдæджытæй. 

— Ныууадз, уыдон ницæйаг, гæдыныхæстæ сты, — загъта Оленин, — фæлтау уын æз штабæй хъæдгоммæгæсæджы æрбарвитдзынæн. 

— Гæдыныхæстæ! — сфæзмыдта йæ зæронд лæг. — Æдылы куы дæ, сæрæй, æдылы! Гæдыныхæстæ. «Хъæдгоммæгæсæджы æрбарвитдзынæн»! Сымахонтæ, мæгуыр уæ бон, дзæбæх кæнын куы зыдтаиккой, уæд хъазахъхъ дæр æмæ цæцæн дæр сымахонтæм цыдаиккой дзæбæх кæнынмæ, уæд уæ афицертæ æмæ уæ булкъонтæ хохæй дохтыртæ нæ хуыдтаиккой. Сымахмæ гæдыдзинад, фæлывддзинады йеддæмæ ницы ис, ницы. 

Оленин ын фæстæмæ ницы загъта. Уый иттæг разы уыд йемæ, уымæн æмæ, цы адæмы ’хсæн фæцард æмæ фæстæмæ кæмæ здæхт, уыцы адæмы царды æвæрд иудадзыгдæр гæдыдзинадыл арæзт кæй уыд, уый æцæгдзинад уыд. 

— Йед та... Лукашкæ куыд y? Нæ йæ абæрæг кодтай? — афарста Оленин. 

— Хуыссы, мæгуыры мард куыддæриддæр уа, афтæ. Ницы хæры, ницы нуазы, æрмæст ма йæ зæрдæ арахъхъ агуры. Уæддæр ма арахъхъ кæй нуазы, уымæй Хуыцауæй бузныг. Кæннод тæригъæддаг у, мæгуыр, æвгъау y амæлынмæ. Хорз адæймаг уыд, саг лæг, мæнæ мæ хуызæн. Æз дæр иухатт афтæ фæцæймардтæн. Зæронд устытæ мыл бирæ фæниудтой, фæхъарджытæ кодтой Тæвд кодтон, мæ сæр гъæппытæ хауд. Дзуæрттыл мæ бафæдзæхстой. Афтæ хуыссыдтæн, æмæ мæ сæрмæ пецыл мæнæ ахæм гыццыл барабанцæгъдджытæ райсомы цагъд кодтой. Куы-иу сыл схъæр кодтон, уæд-иу мæ фыддæрадæн тынгдæр байдыдтой (зæронд лæг ныххудти). Устытæ мæм динамонæджы æрбакодтой, цæрдудæй мæ ныгæнынмæ хъавыдысты. Дзырдтой: уырысимæ цæрæг уыд, сылтимæ хатти, бирæты тæригъæды бацыд, мархо хордта, лæджы фæндырæй хъазыд. Дæ тæригъæдтыл фæфæсмон кæн, зæгъгæ, мын дзырдтой. Æз дæр фæсмон кодтон. Тæригъæдджын дæн, зæгъгæ, дзырдтон æз дæр. Цæмæйдæриддæр мæ фарста сауджын, — тæригъæдджын дæн зæгъгæ-иу загътон. Фæндыры тыххæй дæр мæ фæрсын байдыдта. Кæм дын ис уыцы æлгъыст, кæм æй бафснайдтай? Рахæсс æй æмæ йæ ныссæтт. Æз загътон: мæнмæ нæй. Мæхæдæг æй хæдзары фæсвæд ран бамбæхстон, зыдтон, кæй йæ не ссардзысты, уый. Афтæмæй мæ ныккуыйты уагътой. Мæ низæй фервæзтæн æмæ та-иу мæ фæндыр куы æрцагътон... Цы дзырдтон, цы? Адзæгъæл дæн, æнхъæлдæн, — йæ ныхас дарддæр кодта зæронд лæг. — Ды мæнмæ хъус: адæмæй дæхи хибардæр дар, кæннод доныкъусы сæфт фæкæндзынæ, амардзысты дæ хуыцауы ницæуыл. Æз дын тæригъæд кæнын, ме ’цæгæй дын зæгъын. Расыггæнаг кæй дæ, уый тыххæй дæ уарзын. Сымахонтæ кæддæриддæр къуыппытæм хизын уарзынц. Ам нæм иу уæрæсейаг цард: къуыппыты йеддæмæ йын мацы ратт, уайтагъд-иу сæ сæрыл алæууыд. Уый сæ куыддæр æнахуыр номæй хуыдта. Иуахæмы атахт æмæ тыппыры сæр абадт æмæ бацин кодта, дзæбæхау æм каст. Цæцæйнаг æй бахъуыды кодта, фехста йæ æмæ, дæ балгъитæг афтæ, дзыхъмард фæци. Саджилæгæй, сæ мард фесæфа, æнæгъдау дæсны сты æхсынмæ, цъиуы цæст нæ фæивгъуыйдзысты. Мæнæй дзы, гæды ныхас, дæсныдæртæ ис. Нæ уарзын, афтæ ницæй тыххæй, дзæгъæл хуымæтæджы куы фæмарынц, уый, — гуыппы тыххæй иуæй-иутæ бæлас калынц. Уæ салдæттæм-иу куы бакастæн, уæд-иу дисы бацыдтæн. Æдылыйæ та ма сæ цы загъдæуа! Афтæ-иу уыцы гуппарæй цыдысты, уыимæ ма-иу сырх æфцæггæттæ æрыфтыдтой. Уымæй дзæбæхдæр ма лæг цæмæ бахъава! Иу куы фæмард вæййы, уæд æй аласынц сыфцæй ласæгау, йæ бæсты та æндæр балæууы. Уымæй æнæзонддæр хъуыддаг ма куыд уыдзæн! — загъта та дыккаг хатт зæронд лæг йæ сæр тилгæйæ. — Алырдæм ныххæлиу ут иугæйттæй, уæ хæдзармæ уæ рардæуа, æмæ æнæфыдбылыз уат. Уæд дæ не ’рхъуыды кæндзысты. Афтæ кæ ды, мæ хур, афтæ. 

— Цæй, бузныг! Хæрзбон у, мæ фыд! Хуыцауы куы фæнда, уæд та искуы сæмбæлдзыстæм, — загъта Оленин уæлæмæ стгæйæ æмæ цæуыны уынаффæ кæнгæйæ. 

Зæронд лæг зæххыл бадт æмæ уæлæмæ не стад. 

— Искуы ма афтæ хæрзбон фæзæгъынц? Æдылы куы дæ, æдылы! — загъта Ерошкæ. — Гъе-уæууæй, гъе, цæй адæм ма ис ныр. Иумæ цардыстæм, нуæзтам æнæхъæн афæдз: ныр хæрзбон y æмæ фæндараст. Æз дæ уарзгæ куы кæнын, тæригъæд дын куы кæнын. Иунæг мæгуыр у, ды та иунæг куы дæ, зыбыты иунæг. Адæмимæ цæрæг нæ дæ! Хаттæй-хатт мæ хуыссæг нал фæахсы дæ мæтæй, дæуæн тæригъæдгæнгæйæ. Зарæджы хуымæтæджы нæ ракæнынц: «Зын у, ме ’ммадæлон æфсымæр, æцæгæлон бæсты цæрын». Ды дæр афтæ дæ. 

— Цæй, хæрзбон у, — загъта та йын дыккаг хатт Оленин. 

Зæронд лæг уæлæмæ сыстад æмæ йæм йæ къух бадаргъ кодта. Оленин ын йæ къухыл фидар ныххæцыд æмæ йæм цæуыны зæрдæ уыд. 

— Дæ мукъутæ та, дæ мукъутæ, ардæм-ма сæ хæстæгдæр æрбадар. 

Зæронд лæг йе ставд дыууæ къухæй Оленины сæрыл фæхæцыд, йæ хуылыдз рихитæ æмæ былтæй йын æртæ хатты аба кодта æмæ скуыдта. 

— Уарзон адæймаг мын дæ. Фæндараст! 

Оленин уæрдоны сбадт. 

— Ныр афтæмæй раст кæныс? Исты мын уæддæр куы ралæвар кодтаис, дæ номыл адджынæн кæй фæдардтаин, ахæм, мæ фыдыхай. Дæ разы мын дæ топп ралæвар кæ. Цы сæ кæныс, дыууæйæ? — дзырдта зæронд лæг хæкъуырццæй кæугæйæ йæ зæрдæбынæй. 

Оленин топп систа æмæ йæ зæронд лæгмæ радта. 

— Цас æмæ йын цас фæлæвæрдтай ацы зæрондæн, — хъуыр-хъуыр кодта Ванюшæ. — Уæддæр ын æгъгъæд нæу. Æрмæст «æри-ма» кæны, зæронд хъебыр. Æнæконд адæм сты, — загъта уый йæ палтойы йæхи тухгæйæ æмæ разæй уæрдоны бадгæйæ. 

— Дæ дзыхыл хæц, ныхъхъус у, хуыйы хъыбыл! — фæхъæр кодта зæронд лæг худгæ-худын. — Бакæс-ма уымæ, мæрддзæст! 

Марьянæ хъасбахъæй рацыд, зæрдæнцойæ æртæ бæхы ифтыгъд уæрдонмæ бакаст, йæ сæрæй акуывта æмæ хæдзармæ бацыд. 

— Ла филь21! — зæгъгæ, фæкодта Ванюшкæ, йæ цæст ныкъулгæйæ æмæ æрра худт ныккодта. 

— Гъæй зæгъ, цæугæ, — мæстыйæ загъта Оленин. 

— Фæндараст, мæ фыд, фæндараст, мæ зæрдыл дæ дардзынæн! — хъæр кодта Ерошкæ. 

Оленин фæстæмæ иу каст фæкодта. Ерошкæ Марьянæимæ ныхас кодта, æвæццæгæн, хи хъуыддæгты тыххæй, æмæ нæдæр зæронд лæг, нæдæр чызг — Оленинмæ нæ кастысты. 

 

__________________________________ 

 

1 «Парижы Мадымайрæмы аргъуан» 

2 Цуанон æй разæй фæхæссы, истæмæ хъуызгæйæ. 

3 Æрдонг — хуыты рæгъау. 

4 Уæлæдарæс дзаума. 

5 Сылгоймаг (францусаг дзырд «la femme» зыгъуыммæгондæй). 

6 La fille comme c'est tres bien. — Диссаджы хорз чызг у, æвæдза. (францусагау). 

7 La fille c'est tres joulie. — Тынг рæсугъд чызг. (францусагау). 

8 Гурдайы конд æхсаргæрдтæ æмæ хъаматæй хуыздæр Кавказы нæ уыд. 

9 Du thé, voulez-vous — Цай дæ хъæуы? (францусагау). 

10 Argent — æхца (францусагау). 

11 Mысыры бæстæ — Египет. 

12 Hимврод — номдзыд цуанон Мысыры бæстæйы. 

13 Зæронд фæд цуанонты æвзагыл. 

14 Шакалтæ. 

15 Sois prêt! — Цæттæ у! (францусагау) 

16 Хæсты мидæг хæсты хуызæн вæййы! (францусагау). 

17 Aннæ — крест. 

18 «Æртæ мyшкетеры» — А. Дюмайы роман. 

19 Хорздзинад, джелбетдзинад. 

20 Бaбa — афтæ хуыдтой Белецкийы. 

21 La fille. — Чызг. (францусагау). 

 



<==    Комментарии (0)      Версия для печати
Реклама:

Ossetoans.com OsGenocid ALANNEWS jaszokegyesulete.hu mahdug.ru iudzinad.ru

Архив публикаций
  Января 2024
» О чем рассказали восточно-европейские руны
  Ноября 2022
» От Кавказа до Волги
  Августа 2022
» Кавказцы глазами русских: говорят архивные документы...
  Марта 2022
» К вопросу о заселении Фиагдонской котловины, по данным фамильных и народных преданий
» О новых именах в истории царственного дома средневековой Алании
  Февраля 2022
» К ВОПРОСУ ОБ УДЕЛЬНЫХ ВЛАДЕТЕЛЯХ УАЛЛАГКОМА ПО ФАМИЛЬНЫМ, НАРОДНЫМ ПРЕДАНИЯМ И АРХИВНЫМ МАТЕРИАЛАМ
  Декабря 2021
» Осетинская религия; религия осетин (Ирон дин)
  Мая 2021
» Иверская (Моздокская) икона Божией Матери
  Мая 2020
» Соотношение понятий Æгъдау, религия (дин), вера во внутриосетинской дискуссии
  Июля 2019
» Открытое обращение представителей осетинских религиозных организаций
  Августа 2017
» Обращение по установке памятника Пипо Гурциеву.
  Июня 2017
» Межконфессиональный диалог в РСО-Алании состояние проблемы
  Мая 2017
» Рекомендации 2-го круглого стола на тему «Традиционные осетинские религиозные верования и убеждения: состояние, проблемы и перспективы»
» Пути формирования информационной среды в сфере осетинской традиционной религии
» Проблемы организации научной разработки отдельных насущных вопросов традиционных верований осетин
  Мая 2016
» ПРОИСХОЖДЕНИЕ РУССКОГО ГОСУДАРСТВА
» НАРОДНАЯ РЕЛИГИЯ ОСЕТИН
» ОСЕТИНЫ
  Мая 2015
» Обращение к Главе муниципального образования и руководителям фракций
» Чындзӕхсӕвы ӕгъдӕуттӕ
» Во имя мира!
» Танец... на грани кровопролития
» Почти 5000 граммов свинца на один гектар земли!!!
  Марта 2015
» Патриоту Алании
  Мая 2014
» Что мы едим, или «пищевой терроризм»