Iriston.com
www.IRISTON.com
Цæйут æфсымæртау раттæм нæ къухтæ, абон кæрæдзимæ, Иры лæппутæ!
Iriston.com - история и культура Осетии
Кто не помнит прошлого, у того нет будущего.
Написать Админу Писать админу
 
Разделы

Хроника военных действий в Южной Осетии и аналитические материалы

Публикации по истории Осетии и осетин

Перечень осетинских фамилий, некоторые сведения о них

Перечень населенных пунктов Осетии, краткая информация о них и фамилиях, в них проживавших

Сборник материалов по традициям и обычаям осетин

Наиболее полное на сегодняшний день собрание рецептов осетинской кухни

В данном разделе размещаются книги на разные темы

Коста Хетагуров "Осетинскя лира", по книге, изданной во Владикавказе (Орджоникидзе) в 1974 году.


Перечень дружественных сайтов и сайтов, схожих по тематике.



Rambler's Top100 Рейтинг@Mail.ru Индекс цитирования
Статьи Словари
Здравствуйте, Гость
Регистрация | Вход
Опубл. 17.04.2011 | прочитано 2906 раз |  Комментарии (0)     Автор: Tabol Вернуться на начальную страницу Tabol
КАФТИЗÆРЫ ФÆСТÆ

[Ратæлмацгæнæг — Брытъиаты Созырыхъо]
 

— Сымах дзурут: адæймагæн, дам, бамбарæн нæй, хорз цы y æмæ æвзæр цы у, уый, цыма адæймаг цы адæмы æхсæн уа, хъуыддаг æппæтæй дæр уым ис, стæй йæ алфамбылай чи уа, уыдоны хуызæн свæййы, зæгъгæ. Æз та афтæ æнхъæл дæн, æмæ хъуыддаг куыд æрыййафа, уымæ гæсгæ вæййы. Æз уын мæхи тыххæй зæгъдзынæн... 

Афтæ дзурын райдыдта нæ зынаргъ Иван Васильевич. Дзурын та райдыдта, мах ныхас куы фестæм — адæймаг удæй æххæст цæмæй уа, уый тыххæй æппæты фыццаг адæм цы æууæлты цæрынц, уыдон аивын хъæуы, зæгъгæ, уæд. Афтæ ничи дзырдта, зæгъгæ, хорз цы y æмæ æвзæр цы у, уый адæймаг йæхæдæг нæ бамбардзæн, зæгъгæ. Фæлæ Иван Васильевичы æгъдау афтæ уыд, æмæ-иу исты ныхасы фæдыл йæ сæры цы хъуыдытæ æрбафтыд, уыдонæн-иу дзуапп афтæмæй лæвæрдта, стæй-иу уыцы хъуыдытæм гæсгæ йæхи цардæй исты хабæрттæ радзырдта. Бирæ хæттыты-иу дзы бынтондæр айрох, цæй фæдыл райдыдта дзурын, уый, фæлæ-иу йæ дзурыны кой кодта, ныхасыл-иу бацайдагъ, уæлдайдæр та уымæн, æмæ раст æмæ тынг зæрдæбынæй дзырдта. 

Афтæ бакодта ныр дæр. 

— Æз мæхи тыххæй зæгъдзынæн. Мæ цард, мæ алфамбылай цы адæм ис, уыдон руаджы нæ, фæлæ бынтон æндæр хъуыддаджы тыххæй ныр куыд у, афтæ æвæрд æрцыд. 

— Цæмæй уæд? — бафарстам мах. 

— Уый дардыл дзуринаг хабар у. Бирæ йыл дзурын хъæуы. 

— Æмæ йæ радзур. 

Иван Васильевич ныхъхъуыды кодта, йæ сæр батылдта. 

— О, — загъта уый. — Me ’ппæт цард дæр иу æхсæвæй фæстæмæ, нæ фæлæ иу райсомæй фæстæмæ фендæрхуызон ис. 

— Æмæ цы уыдаид уый? 

— Цы уыди куы зæгъат, уæд иу хатт тынг бауарзтон. Уарзгæ бирæ хæттыты кодтон, фæлæ уый уыди мæ тæккæ арфдæр уарзондзинад. Хабар раджы æрцыд. Ныр мæ уарзонæн йæ чызджытæ мойтæ дæр скодтой. Уый уыди Б..., Варенькæ Б... — Иван Васильевич ын загъта йæ мыггаг. — Фæндзайаздзыдæй дæр ма диссаджы рæсугъд уыди, фæлæ æрыгон чызгæй, æстдæсаздзыдæй, уыдис уæлдай рæсугъд: бæрзонд, хæрзконд, тасгæ-уасгæ, стæй сæрбæрзонд, æцæг сæрбæрзонд. Æдзухдæр йæхи дардта раст, йæ сæр-иу чысыл фæстæмæ фæкæнгæйæ. Уымæ гæсгæ, йæ рæсугъддзинад æмæ йæ бæрзонд асимæ, кæд мæллæг уыди, суанг ма йе стджытæ бæрæг дардтой, уæддæр йæ бакаст уыди цавæрдæр паддзахон бакасты хуызæн. Йæ дзых йæ диссаджы æрттивгæ цæстытимæ, стæй йæ фæлмæн æрыгон буар æппæтдæр æппынæдзухæй худгæ куы нæ кодтаиккой, уæд ын алчидæр тарстаид йæ хъал бакастæй. 

— Куыд æй æппæлы Иван Васильевич, куыд! 

— Цыфæнды æппæлд æй кæнай, уæддæр цавæр рæсугъд чызг уыд, уый сымах цæмæй бамбарат, уыйас раппæлæн ын нæй. Фæлæ хъуыддаг ууыл нæу. Радзурынмæ уын цы хъавын, уый уыди цыппорæм азты. Уæд æз уыдтæн провинциаг университеты студент. Хорз уыди æви æвзæр — зын зæгъæн у, фæлæ уæды рæстæджы мæ университеты æппындæр ницыхуызон къордтæ, ницыхуызон теоритæ уыди, мах уыдыстæм æрмæст æрыгон æмæ цардыстæм, фæсивæд куыд фæцæрынц, афтæ: ахуыр дæр кодтам æмæ хъæлдзæг цард дæр. Æз тынг хъæлдзæг уыдтæн, стæй цырд, уымæй æддæмæ ма — хъæздыг. Уыди мæм ахъаззаг сираг бæх, чызджытимæ къуыбыртæй дзоныгътæй бырыдтæн (уæд къахдзоныгътæ модæйы нæма уыдысты), ме ’мбæлттимæ нуæзтам (уыцы заманы мах шампайнаг сæны йеддæмæ ницы нуæзтам, фæлæ ’хца нæй, уæд та ницы, ныры хуызæн арахъхъ нæ нуæзтам). Мæ зæрдæйы дзæбæхæн цы хъуыддæгтæ кодтон, уыдонæн сæ тæккæ ахъаззагдæртæ уыдысты хъазтизæртæ æмæ балтæ1. Кафгæ хорз кодтон, стæй фыдуынд нæ уыдтæн. 

— Æфсæрмы ма кæн, — йæ дзырд ын айста сылгоймæгтæй иу — Афтæ ’нхъæл ма у, æмæ дын дæ къам нæ федтам. Тынг рæсугъд уыдтæ. 

— Фæуæд рæсугъд дæр, фæлæ хъуыддаг ууыл нæу. Хъуыддаг та уым ис, æмæ йæ афтæ тынг куы уарзтон, уæд, уыцы рæстæджы æз бæрæгбон кафтизæры уыдтæн губернаг предводительмæ. Уый уыди хæларзæрдæ зæронд лæг, хъæздыг, кæрдзындæттон æмæ камергер. Уазджытæн æгасцуай кодта йæ ус, раст йæхи хуызæн зæрдæхæлар адæймаг, тарбын морæ хъæдабæ къабайы, йæ сæрыл налхъуыт-налмас фероньерке, хæмпус æмæ урс уæхсчытæ æмæ гом риуæй, Елизаветæ Петровнæйы портреты хуызæн. 

Кафтизæр уыди иттæг хорз: диссаджы зал, уæлейæ дзы — бадæнтæ, музыканттæ — уæды рæстæджы зындгонд чи уыди, ахæмтæ — иу музыкæуарзаг пъамещикы цагъайрæгтæ. Дунейыл диссаг уыди сæ буфет, шампайнаг сæн та — денджызау. Кæд æмæ æз шампайнаг сæн тынг уарзтон, уæддæр нуазгæ нæ кодтон, уымæн æмæ æнæ сæнæй дæр расыг уыдтæн уарзондзинадæй; уыйбæрц кафгæ кодтон, мæ къæхтæ мæ цас хастой, уыйас кафыдтæн кадриль дæр, вальс дæр, полькæ дæр, кæй зæгъын æй хъæуы, амал æмæ гæнæн цæмæй уыд, уымæй — Варенькæимæ. Ууыл уыди урс къаба фæлурс сырх ронимæ, йæ къухтыл сæрак æрмкъухтæ, иучысыл не ’ххæссыдысты йæ мæллæг, цыргъ рæбыныкъæдзтæм, йæ къæхтыл та — урс атлас басмахъытæ. Мазуркæ кафгæйæ мæ разæй фæци ме ’нæуынон инженер Анисимов — ныронг дæр ын æй нæ хатыр кæнын, — Варенькæ куыддæр æрбацыд, афтæ йæ уый ахуыдта мазуркæмæ, æз та ма мæ фæндаг хилдасæныл акодтон, хастон ме ’рмкъухтæ, æмæ афтæмæй байрæджы кодтон. Уымæ гæсгæ æз мазуркæ йемæ нæ кафыдтæн, фæлæ иу немыцаг чызгимæ, уый размæ иучысыл кæимæ ауæдтытæ кодтон, иу ахæмимæ. Фæлæ, тæрсын, æнхъæлдæн, уыцы изæр йемæ уыйбæрц уæздан нæ уыдтæн, ницы йæм дзырдтон æмæ йæм кæсгæ дæр нæ кодтон, æрмæст уыдтон бæрзонд, хæрзконд чызджы урс къабайы æмæ фæлурс сырх ронимæ, йæ рæсугъд сырхуадул цæсгом æмæ удыгагайау цæстытимæ. Æрмæст æз нæ, ce ’ппæт дæр æм кастысты, æмæ уыцы бакастæй сæ зæрдæ хъæлдзæг кодта, уарзон цæстæй йæм кастысты нæлгоймæгтæ дæр, сылгоймæгтæ дæр, кæд йæ цуры се ’ппæт дæр ницыуал æндæвтой, уæддæр. Æмæ йæм æнæкæсгæ дæр чи фæлæууыдаид. 

Кæд мазуркæ йемæ нæ кафыдтæн, уæддæр уый фæстæ иумæ кафыдыстæм. Уый дæр-иу æнæкъæмдзæстыгæй, залæн йæ иу кæронæй иннæ кæронмæ — комкоммæ мæнмæ æрбацæйцыд, æз-иу фæгæпп ластон мæ бынатæй, хонынмæ не ’нхъæлмæ кæсгæйæ, æмæ мын-иу йæ мидбылты бахудтæй раарфæ кодта, æнæсдзургæйæ-иу æй кæй бамбæрстон, уый тыххæй. Мах-иу Варенькæмæ куы бакодтой æмæ мын-иу миниог2 куы нæ базыдта, уæд-иу, къух æндæрмæ дæтгæйæ, мæллæг уæхсчытыл схæцыд, стæй-иу, хъыг мын кæй y æмæ мын ныфс кæй æвæры, уый нысаны тыххæй мæнмæ йæ мидбылты бахудти. 

Мазуркæйы зылдтытæ-иу вальсæй куы кодтой, уæд-иу æз бирæ фæкафыдтæн йемæ æмæ мын-иу чызг тагъд-тагъд улæфгæйæ, мидбылты худгæйæ, дзырдта: «Ensore»3, æмæ-иу æз дæр кафыдтæн ноджыдæр æмæ ноджыдæр, цыма уæлдæфы тахтæн, уыйау æмæ-иу мæхи не ’мбæрстон. 

— Ау, куыннæ ’мбæрстай! Æз æнхъæл дæн, æмæ йæ æгæр дæр ма æмбæрстай, æрмæст дæхи буар нæ, фæлæ чызджы буар дæр, йæ астæу ын-иу куы æрбахъæбыс кодтай, уæд, — загъта уазджытæй иу. 

Иван Васильевич ныссырх æмæ мæстыгомау фæхъæр кодта: 

— О, уый сымах афтæ стут, ныры фæсивæд. Сымах буары йеддæмæ æппындæр ницы уынут. Max рæстæджы афтæ нæ уыди. Куыд тынгдæр уарзтон, афтæ йæ буар мæ зæрдыл къаддæр лæууыди. Сымах ныр уынут къæхтæ, фадхъултæ æмæ ма ноджы цыдæр, цы сылгоймæгты бауарзут, уыдонæн раласут сæ дарæс, мæнæн та, Альфонс Карры загъдау — хорз фыссæг уыди, — мæ уарзоныл кæддæриддæр бронзæйæ конд дарæс уыди. Max дарæс ласгæ нæ, фæлæ ма, Нойы хорз фыртау, архайдтам бæгънæг буар бамбæрзыныл. Æниу, æвæдза, уый æмбаргæ дæр нæ бакæндзыстут... 

— Ma йæм хъус. Дарддæр та куыд уыди? — загъта нæ иу. 

— О! Æмæ æз фылдæр хæттыты уыимæ кафыдтæн æмæ, рæстæг куыд аивгъуыдта, уый дæр нæ бамбæрстон. Музыканттæ бастадысты æмæ ма сæ тых, сæ бонæй, — зонут, мæнæ кафтизæры кæронмæ ’ввахс куыд вæййы, афтæ — цагътой æмæ баййардтой уыцы иу мазуркæйы мотив. Фыдæлтæ æмæ мадæлтæ къамæйхъазæн стъолты цурæй стын байдыдтой æхсæвæрмæ æнхъæлмæ кæсгæйæ, лакейтæ дæр, цыдæртæ хæсгæйæ, арæхдæр разгъор-базгъор кодтой. Уыди æртыккæгæм сахат. Фæстаг минуттæй ма фæпайда кæнын хъуыди. Æз ма йæ ноджыдæр сæвзæрстон иу хатт æмæ та, æвæццæгæн, сæдæйæм хатт, стыр залы акафыдыстæм. 

— Æхсæвæры фæстæ кадриль иумæ кафдзыстæм? — загътон чызгæн, йæ бынатмæ йæ куы фæцæйкодтон, уæд. 

— О, кæд мæ нæхимæ нæ акæной, уæд, — загъта уый, мидбылты бахудгæйæ. 

— Нæ сæ бауадздзынæн, — загътон æз. 

— Æри-ма веер, — загъта чызг. 

— Хæлæг дын æй кæнын, — худгæйæ загътон æз, урс аслам веер æм куы лæвæрдтон, уæд. 

— Кæд æй афтæ хæлæг кæныс, уæд гъа, — зæгъгæ, веерæй иу сис ратыдта æмæ мæм æй радта. 

Æз дæр сис райстон æмæ, дзырдмæ нал сарæхсгæйæ, мæ цин æмæ бузныг æгасæй дæр загътон мæ цæстæнгасæй. Æз уыдтæн æрмæст хъæлдзæг æмæ бузныг нæ, — æз уыдтæн амондджын, буц, æз уыдтæн хæларзæрдæ, æз нал уыдтæн мæхæдæг, фæлæ цавæрдæр уæларвон уæвæг, маст цы у, уый æппындæр чи нæ зоны æмæ арæзт уарзон хъуыддæгтæ кæнынхъом чи у, ахæм. Уыцы сис æз бафснайдтон ме ’рмкъухы æмæ йæ разы лæууыдтæн. Йæ цурæй ацæуын мæ бон нæ уыди. 

— Кæс-ма, папайы кафын кæнынц, — загъта чызг йæ бæрзонд, хæрзконд булкъон фыдмæ мын амонгæйæ. Йæ фыдыл уыди эполеттæ æмæ хæдзары æфсин æмæ æндæр сылгоймæгтимæ уаты къæсæрыл лæууыди. 

— Варенькæ, ардæм-ма рауай, — айхъуыстам мах гом уæхскджын æмæ налхъуыт-налмас фероньеркæджын хæдзары æфсины хъæрæй ныхас. 

Варенькæ барасти дуары ’рдæм, æз дæр йæ фæдыл. 

— Зæгъ-ма, ma chere4, дæ фыдæн, æмæ демæ иу зылд уæддæр æркæна. Цæй-ма, дæ хорзæхæй, Петр Владиславич,— загъта æфсин булкъонæн. 

Варенькæйы фыд уыди тьшг рæсугъд, хæрзконд, бæрзонд æмæ æрыгонхуыз ацæргæ лæг. Йæ уадултæ уыдысты тынг сырх, йæ рихитæ та — уæлæмæ здыхт æмæ схъæл, паддзах Николай I-ы рихиты хуызæн, рихиты онг бакенбардтæ, йæ къæмисæны хъуынтæ фаст размæ æмæ раст йæ чызджы хуызæн уымæн дæр хъæлдзæг мидбылты худт зынди йе ’рттиваг цæстытæ æмæ былтыл. Йæ буары конд иттæг рæсугъд. Йæ риу, æфсæддон лæджы риу куыд уа, афтæ — размæ, уыйас бирæ ордентæ йыл нæ уыд, йæ уæхсчытæ тыхджын, зæнгтæ даргъ æмæ хæрзконд. Иу дзырдæй, уый уыди Николайы рæстæджы ахуыр зæронд службæгæнæджы æнгæсæн æфсæддон хицау. 

Дуармæ куы баввахс стæм, уæд булкъон нæма разы кодта акафыныл, дзырдта — кафын нал зонын, зæгъгæ, фæлæ уæддæр, кæрддзæмæй æхсаргард сласта, авæрдта йæ иу уæздан лæппулæгмæ æмæ, замшæйæ конд æрмкъух рахиз къухыл бакодта, — «алцыдæр хъуамæ æгъдаумæ гæсгæ уа», зæгъгæ, — мидбылты худгæйæ, сдзырдта булкъон, — айста йæ чызджы къух æмæ æрлæууыд, тактмæ æнхъæлмæ кæсгæйæ. 

Мазуркæйы мотив райдайынмæ банхъæлмæ кæсгæйæ, уый иу къах цырд æртъæпп кодта, аннæ къах размæ феппаргæйæ, æмæ уыцы бæрзонд, уæззау адæймаг дзæбæх кафын райдыдта. Варенькæйы гуырвидауц гуыр ленк кодта йæ цуры, зына-нæзына, куы-иу бахъуыд, уæд, йæ чысыл, урс атлас къæхты къахдзæфтæ даргъдæр кæнæ цыбырдæргæнгæйæ. Æнæхъæн зал дæр ныккасти уыцы дыууæйы алы фезмæлдмæ. Æз дæр сæм стыр цинимæ куыннæ кастаин, зæрдæйы гуыпп-туыппимæ! Уæлдай тынг фæцыдысты мæ зæрдæмæ йæ диссаджы рæсугъд цырыхъхъытæ, сæ фындзтæ ног модæмæ гæсгæ нæ, фæлæ рагон модæмæ гæсгæ — цыппæрдигъон, æнæзæвæт. Æвæццæгæн, æмæ цырыхъытæ скодта батальоны цырыхъгæнæг. «Уарзон чызджы адæмы ’хсæнмæ кæнынæн æмæ йын дарæс хуыйынæн амал цæмæй уа, уый тыххæй модæмæ гæсгæ хуыд цырыхъхъытæ не ’лхæны, фæлæ хæдзары конд цырыхъхъытæ», — ахъуыды кодтон æз, æмæ уыцы цырыхъхъытæ цыппæрдигъон фындзтæ мæ зæрдæмæ уæлдай тынг уымæн фæцыдысты. Бæрæг уыд, кæддæр тынг хорз кæй кафыди, фæлæ ныр æруæззау, стæй йæ зæнгтæ дæр нал уыдысты, цы рæсугъд æмæ цырд фæзылдтытæ кæныныл архайдта, уыдонæн фаг тасгæ. Фæлæ уæддæр дыууæ хатты æрзылди рæвдз. Уый фæстæ булкъон, къæхтæ цырд фæйнæрдæм акæнгæйæ та сæ фæстæмæ фæрсæй-фæрстæм куы авæрдта æмæ, иучысыл уæззаугомау, йæ иу зоныгыл куы æрхауд, чызг та, мидбылты худгæйæ æмæ фыд кæуыл фæхæцыд, уыцы юбкæ дзæбæхтæгæнгæйæ, йæ алфамбылай ленкгæнæгау куы æрзылд, уæд адæм ce ’ппæт дæр сæмдзæгъд кодтой. Иучысыл зынгомау сыстгæйæ, уый фæлмæн æмæ уарзон æвнæлд бакодта йæ къухтæй йæ чызджы сæрмæ, йæ ныхæн ын апъа кодта æмæ йæ уæд æрбакодта мæнмæ, æз цыма йемæ чи кафы, уый дæн, уый æнхъæлæй. Æз ын загътон — йæ кавалер нæ дæн, зæгъгæ. 

— Цæй, цы хъауджыдæр у, ныр та ды акаф йемæ, — загъта мидбылты фæлмæн бахудгæйæ æмæ æхсаргард кæрддзæмы тъысгæйæ. 

Авгæй иу æртах куы æрхауы, уæд уый фæстæ æнæхъæнæй дæр куы æркæлы стыр сæх-сæхæй, афтæ уыди, Варенькæмæ цы уарзондзинад дардтон, уый дæр. Уый мын мæ зæрдæйы мидæг уарзондзинадæн цы фæрæзтæ уыд, уыдон иууылдæр суæгъд кодта. Уыцы заманы æз мæ уарзондзинадæй хъæбыс кодтон æгас дунейы дæр. Æз уарзтон хæдзары хицæутты дæр, лæгæй, усæй, йæ уазджыты дæр, йæ лакейты дæр, суанг ма мæм тигъæй чи каст, уыцы инженер Анисимовы дæр. Йæ фыды та, йæ хæдзары конд цырыхъхъытимæ æмæ йæ мидбылты худтимæ, раст Варенькæйы мидбылты худты хуызæн, æз уæд уарзтон уæлдай тынг æмæ йæм дардтон уæлдай фæлмæн зæрдæ. 

Мазуркæ фæци. Хæдзары хицæуттæ уазджыты фынгтæм хонын райдыдтой, фæлæ булкъон Б. нæ бакуымдта, райсом мæ раджы стын хъæуы, зæгъгæ, æмæ хæрзæхсæв загъта хæдзары хицæуттæн. Æз исдугмæ фæтарстæн Варенькæйы дæр семæ акæндзысты, зæгъгæ, фæлæ уый йæ мадимæ ныллæууыди. 

Фæсахсæвæр æз йемæ кафыдтæн кадриль, дзырд мын куыд радта, афтæмæй. Æмæ кæд æз, æвæццæгæн, æмæ æнæкæрон амондджын уыдтæн, уæддæр мæ амонд рæзыд æмæ рæзыд æнæрæнцойæ. Max ницы дзырдтам уарзондзинады фæдыл; æз æй нæ фарстон, нæ бафарстон суанг мæхи дæр, уарзы мæ æви нæ, уымæй. Æз æй кæй уарзтон, уый мын æгъгъæд уыд. Æмæ æз тарстæн æрмæст иу хъуыддагæй — мæ амонд мын цæмæй мацы фехæлдтаид. 

Нæ хæдзармæ куы ’рбацыдтæн, мæ дарæс куы раластон æмæ бафынæйы тыххæй куы ахъуыды кодтон, уæд æй бафиппайдтон — æппындæр мæ хуыссæг кæй не ’рцахсдзæн, уый. Мæнæн мæ къухы уыдысты йæ вееры сис æмæ йе ’рмкъух, сæ хæдзармæ цæугæйæ къареты сбадынмæ куы хызти, æмæ йын æз фыццаг йæ мадæн куы аххуыс кодтон сбадынæн, стæй та йæхицæн, уæд мæм кæй радта, уый. Æз кастæн уыцы дзауматæм æмæ мæ разы уыдтон Варенькæйы. Мæ цæстытыл-иу ауади, Варенькæ-иу дыууæ кавалерæй иу æвзаргæйæ, мæ миниог куы базыдта, уый, хъусын ын йæ дзæбæх хъæлæс: «Хъалдзинад? Нæ?» æмæ мæм, цингæнгæйæ, дæтты йæ къух, на уый нæй — æхсæвæр хæргæйæ, шампайнаг сæны нуазæны йæ был атулгæйæ мæм æрфгуыты бынæй рæвдаугæ цæстытæй куыд кæсы, уый. Фæлæ йæ æппæты арæхдæр та уынын кафгæйæ, йæ цуры ленкгæнæгау куы зилы, стæй йæ фыды тыххæй дæр æмæ йæхи тыххæй дæр райгæ æмæ сæрбæрзондæй куы ракæсы, хæларæй сæм цы адæм кæсынц, уыдонмæ, уæд. Сæ дыууæ дæр мæ зæрдæйы сиу вæййынц фæлмæн, хъарм æнкъарындзинадæй. 

Уæд æз цардтæн ме ’фсымæримæ, ныр амарди. Цардыстæм иунæгæй. Me ’фсымæр æнæуи дæр нæ уарзта ахæм адæмы, стæй-иу кафтизæртæм дæр нæ цыди. Уæд та йæхи цæттæ кодта кандидаты экзаменмæ æмæ иттæг раст цард кодта. Уый уыди фынæй. Сæр арф ныннорста базы æмæ йе ’мбисы онг æрæмбæрзта фанел хъæццулæй. Æз æм ныккастæн æмæ йын иттæг уарзон тæригъæд фæкодтон, мæнæн мæ зæрдæйы цы амонд, цы циндзинад уыди, уыдон кæй нæ зыдта, уыдонæй хайджын кæй нæ уыди, уый тыххæй. Нæ цагъайраг лакей Петрушкæ сойын цырагъимæ рацыди мæ размæ æмæ мын мæ дзауматæ раласынæн æххуыс кæнынмæ хъавыд, фæлæ йæ æз хуыссынмæ арвыстон. Йæ пыхцыл хъуынджын хуыссæгхъæлдзæг цæсгом мæм фæкасти диссаджы фæлмæн æмæ дзæбæх. Уынæр нæ кæныныл архайгæйæ, æз мæ къахфындзтыл араст дæн мæ уатмæ æмæ хуыссæныл æрбадтæн. Нæ, æз æгæр амондджын уыдтæн, нæ уыд бафынæй мæ бон. Ноджы æгæр сæнтæф дæн хъарм уæтты æмæ, мундир нæ раласгæйæ, сындæггай рацыдтæн сенæмæ, мæ уæлæ скодтон цинел, æддаг дуар байгом кодтон æмæ рацыдтæн уынгмæ. 

Кафтизæрæй æз рацыдтæн, фæндзæм сахат уыд, афтæ. Цалынмæ нæхимæ цыдтæн, хæдзары уыдтæн, уæдмæ дæр ацыдаид дыууæ сахаты бæрц, æмæ æз, уынгмæ куы рахызтæн, уæдмæ сбон и. Цæрвхæрæнты рæстæг куыддæриддæр вæййы, ныр дæр уыди раст афтæ: мигъ бон, донæй æфсæст мит тади фæндæгтыл, уæлхæдзæрттæн ce ’ппæтæй дæр дон цъыкк-цъыкк кодта. Уæд Б-тæ цардысты горæтгæрон, дынджыр быдыры фарсмæ. Быдырæн йæ иу кæроны уыди тезгъойы бынат, иннæрдыгæй та — чызджыты институт. Æз араст дæн хæрз афтид цæхгæрмæ уынгыл æмæ рахызтæн стыр уынгмæ, уым æмбæлын байдыдтон фистæг адæмыл дæр æмæ уæззауласæн бæхтимæ дæр, стæй дзоныгътыл цæуджытыл дæр. Уыдон сугтæ ластой æмæ хафтой сосæйы дуртæ. Æрттивгæ къæлæтты бын бæхты узгæ хуылыдз сæртæ дæр, цъолобитæй æмбæрзт бæхтæрджытæ дæр, уæрдæтты фæрсты дынджыр цырыхъытæй цъæпп-цъæпп чи кодта, уыдон, уынджы хæдзæрттæ дæр, тынг бæрзонды хуызæн чи зынди мигъы — уыдæттæ мæм иууылдæр кастысты уæлдай дзæбæх, уæлдай стыр. 

Быдырмæ куы рахæццæ дæн, сæ хæдзар кæм уыд, уырдæм, уæд ын йæ кæроны, адæм тезгъо чердыгæй фæкæнынц, уыцырдыгæй, ауыдтон стыр сау цыдæр æмæ дзы барабан æмæ уадындзы мыртæ фехъуыстон. Мæ риуы мæ зæрдæ æнæбанцайгæйæ зарыди, хаттæй-хатт мæм-иу хъуысти мазуркæйы мотив. Уый та æндæр цавæрдæр, дæрзæг, æвзæр музыкæ уыди. 

«Циу, цымæ, уый?» — ахъуыды кодтон æз æмæ, быдыры бæстастæу цы фæндаг уыд, бырынцъаг фæндаг, ууыл араст дæн, барабан æмæ уадындзы мыртæ кæцырдыгæй хъуыстысты, уыцырдæм. Иу-сæдæ къахдзæфы акæнгæйæ, мигъы аууонæй æвзарын байдыдтон бирæ адæмы сау æндæрджытæ, æвæццæгæн, салдæттæ уыдысты. «Хъуамæ ахуыр кæной», — ахъуыды кодтон æмæ мæ размæ чи цыди чъиу цыбыр кæрцы æмæ йæ размæдарæны цыдæр хæсгæйæ, уыцы куырдимæ иумæ æз дæр бацыдтæн хæстæгдæр. Салдæттæ сæрак мундирты дыууæ рæнхъæй лæууыдысты кæрæдзийы комкоммæ, топпытæ сæ къухты, афтæмæй. Сæ фæстæ лæууыдысты барабанджынтæ æмæ уадындзджынтæ, æнæбанцайгæйæ уыцы иугæндзон цауд, хъыллистгæнаг мотив кæнгæйæ. 

— Цы ми кæнынц уый? — афарстон куырды, уый дæр æрлæууыд мæ фарсмæ. 

— Тæтæйраджы нæмынц, кæй алыгъд, уый тыххæй, — мæстыйæ загъта куырд, салдæтты рæнхъыты фаллаг кæронмæ лæмбынæг кæсгæйæ. 

Æз дæр фæкастæн уыцырдæм æмæ рæнхъыты ’хсæн ауыдтон цыдæр æбуалгъ, мердæм чи æрбацæйхæстæг кодта, ахæм. Уый та уыди ронбасты онг бæгънæг адæймаг, чи йæ æрбацæйкодта, уыцы дыууæ салдаты топпытæм бастæй. Сæ фарсмæ цыди бæрзонд лæг, æфсæддон кусæг, цинел йæ уæлæ, сæрыл та тъæпæн худ. Лæджы цыма зыдтон, афтæ мæм фæкаст. Нæмгæ кæй кодтой, уымæн йæ буар æгасæй дæр фестъæлф-фестъæлф кодта, лæхъир миты къæхтæй цъæпп-цъæпп кæнгæйæ, дыууæрдыгæй дæр ыл цæфтæ арæхæй калдысты, афтæмæй мердæм æрбацæйхæстæг. Лæг-иу фæстæмæ куы фæлдæхт, уæд-иу æй унтер-афицертæ, фæстæмæ ма ахауа, зæгъгæ, схуыстой размæ. Размæ хаугæйæ, та-иу æй унтер-афицертæ, размæ ма ахауа, зæгъгæ, фæстæмæ ивæзтой. Йæ фарсмæ, фидар æмæ схъиугæ къахдзæфтæй, цыди бæрзонд æфсæддон. Уый уыди чызджы фыд, йæ сырхуадул цæсгомимæ æмæ урс рихитимæ æмæ бакенбардтимæ. 

Кæй надтой, уый алы цæфæн дæр, цыма-иу дис кодта, уыйау, хъизæмарæй æнцъылдтытæ цæсгом азылдта иуварсырдæм, кæцырдыгæй-иу æй æрцавтой, уыцырдæм, æмæ урс дæндæгтæ ныззыхъхъыр кæнгæйæ, цавæрдæр уыцы иухуызон ныхас кодта æмæ кодта. Æрмæст мæм бынтон куы æрбахæстæг, уæд фехъуыстон уыцы ныхæстæ. Уый дзургæ нæ кодта, фæлæ хæкъуырццæг: «Æфсымæртæ, батæригъæд кæнут! Æфсымæртæ, батæригъæд кæнут!» Фæлæ æфсымæртæ нæ тæригъæд кодтой. Æмæ мæ тæккæ цурмæ куы æрбахæццæ сты, уæд уæлдай хорз уыдтон, мæ комкоммæ цы салдат лæууыд, уый размæ фидар къахдзæф куыд акодта æмæ дæрдтыл, æхситгæнгæ куыд æрзылди йæ лæдзæг æмæ тæтæйраджы фæсонтæ куыд æрдзæхст ласта, уый. Тæтæйраг размæ фæцудыдта, фæлæ йæ унтер-афицертæ фæурæдтой, æмæ та раст ахæм цæф æрæмбæлд иннæрдыгæй, стæй та ацырдыгæй, ноджыдæр та иннæрдыгæй... Булкъон цыд йæ фарсмæ, æмæ, куы йæхи къæхты бынмæ ныккæс-ныккæс кæнгæйæ, куы та нæмгæ кæй кодтой, уымæ бакæс-бакæс кæнгæйæ, æнцад-æнцойæ улæфыд. Æз кæм лæууыдтæн, уымæй дарддæр куы ацыдысты, уæд рæнхъыты ’хсæн ауыдтон, кæй надтой, уымæн йæ фæсонтæ. Уыдон уыдысты куыддæр æнæхуыз хъулон, мæцъæл, сырх, æмæ адæймаджы буар у, зæгъгæ, мæ уый нæ бауырныдта. 

— О Хуыцау! — мæ фарсмæ сдзырдта куырд. 

Уыдон цыдысты дарддæр. Фыццаджы хуызæн, цæфтæ фæд-фæдыл хаудысты дыууæрдыгæй дæр, кæлгæ-кæлгæ æмæ фыр риссæй зылынтæ чи кодта, уыцы æнамонд адæймагыл. Фыццаджы хуызæн цавтой барабантæ æмæ æхситт кодта уадындз, æмæ раст фыццаджы хуызæн фидар къахдзæфтæй, нæмгæ цы адæймаджы кодтой, уый фæстæ цыди бæрзонд æмæ хæрзконд булкъон. Æвиппайды булкъон фæлæууыд æмæ цырд бахæстæг салдæттæй иумæ. 

— Æз дын сыкк кæнын бацамондзынæн, — айхъуыстон ын йæ мæсты хъæлæс.. — Сыкк-ма кæндзынæ? Кæндзынæ? 

Æмæ федтон йæ тыхджын къухæй, замш æрмкъухы чи уыд, уымæй фыдхуыз, ныллæг æмæ тæнтъихæг салдаты цæсгом куыд надта, уый, уыцы салдат тæтæйраджы сырх-сырхид фæсонтæ фаг тыхджынæй кæй нæ ныццавта, уый тыххæй. 

— Ног шпицрутентæ5 тагъддæр. — Фæхъæр кодта уый, фæстæмæ фæкæсгæйæ, æмæ федта мæн. Цыма мæ зонгæ дæр нæ кæны, йæхи афтæ даргæйæ, æрфгуытæ мæсты тар фæкодта æмæ тагъд карз фæзылд иннæрдæм. 

Мæхимæ афтæ æгад æркастæн æмæ, мæ цæстытæ цы фæкодтаин, кæцырдæм акастаин, уый дæр нал зыдтон, цыма мæ бынтон æвзæр худинаджы хъуыддаджы æрцахстæуыд, уыйау, æмæ мæ цæстытæ дæлæмæ æруадзгæйæ, нæхимæ ацæуыныл фæтагъд кодтон. Æнæхъæн фæндагыл дæр мæ хъусты гуыр-гуыр кодта барабанты хъæр æмæ уадындзы æхситт, куы та-иу хъуысыд: «Æфсымæртæ, фæтæригъæд кæнут!» Куы та-иу мæм фехъуысти булкъоны мæсты, хицæй бузныг хъæр: «Сыкк-ма кæндзынæ, кæндзынæ!» Афтæмæй та мæ зæрдæйы ахæм стыр рис, ахæм æнкъарддзинад уыди, суанг мæ зæрдæ кæмæй хæццæ кодта, æмæ æз фæлæууыдтæн цалдæр хатты. Афтæ мæм каст, цыма ахæм æвзæр хъуыддаг фенды фæстæ мæ хуылфы цы æбуалгъдзинæдтæ бахызти, уыдон мæнæ мæнæ сомдзынæн. Нæхимæ куыд бафтыдтæн æмæ куыд схуыссыдтæн, уый дæр нæ хъуыды кæнын. Фæлæ куыддæр афынæй кæнынмæ хъавыдтæн, афтæ та уыдæттæ иууылдæр мæ зæрдыл æрлæууыдысты, фехъуыстон, федтон сæ æмæ фестадтæн. 

«Æвæццæгæн, æмæ æз цы нæ зонын, ахæм цыдæр зоны, — хъуыды кодтон æз булкъоны тыххæй. — Уый цы зоны, æз уыдон куы зонин, уæд æз цы федтон, уыдон æмбаргæ дæр бакодтаин æмæ мын уыдон ce ’ппæт дæр хъизæмары хос нæ уыдаиккой». Фæлæ цасфæнды хъуыды кодтон, уæддæр нæ баци мæ бон, булкъон цы зоны, уый бамбарын. Æмæ фынæй дæр бадæн изæрырдæм, уый дæр, мæ хæлармæ куы ацыдтæн æмæ йæм бынтондæр куы срасыг дæн, æрмæст уæд. 

Æмæ куыд æнхъæлут, æз уæд, мыййаг, цы федтон, уый æвзæр хъуыддаг схуыдтон? Æппындæр нæ. «Кæд æмæ йæ афтæ фидарæй кодтой, стæй йæ кæд адæм ce ’ппæт, æнæ бакæнгæ кæмæн нæй, ахæм хъуыддаг хуыдтой, уæд, æвæццæгæн, æмæ, æз цы нæ зыдтон, уыдон ахæм цыдæр зыдтой», — хъуыды кодтон æз æмæ йæ цæмæй базонон, ууыл архайдтон. Фæлæ цыфæнды бирæ архайдтон, нæ йæ базыдтон суанг уый фæстæ дæр ма. Куы нæ йæ базыдтон, уæд æфсæддон службæмæ дæр нæ бацыдтæн, фыццаг мæ куыд фæндыд, афтæ. Стæй нæ службæ кодтон æрмæст æфсады нæ, фæлæ æндæр ран дæр, æмæ куыд уынут, афтæмæй æппын бæзгæ дæр ницæмæн кодтон. 

— Цæй, истæмæн бæззыдтæ æви нæ бæззыдтæ, уый мах хорз зонæм, — загъта нæ иу. — Зæгъ-ма, уæдæ, хуыздæр: ды куы нæ уыдаис, уæд æппындæр чи ницæмæн бæззыдаид, ахæм адæм цас уыдаид. 

— Нæ, уый бынтон æдылыдзинад у, — мæстыгомау зæрдиагæй загъта Иван Васильевич. 

— Æмæ уæд уарзондзинад та? — бафарстам æй мах. 

— Уарзондзинад? Уыцы бонæй фæстæмæ уарзондзинад къаддæргæнгæ рацыд. Варенькæ-иу йæ мидбылты худгæйæ йæ хъуыдытыл куы фæци, афтæ та-иу арæх кодта, уæд-иу уайтагъддæр мæ зæрдыл æрбалæууыд, булкъон быдыры цы ми кодта, уый, æмæ-иу уæд куыддæр стыхстæн, мæхицæн-иу бынат нал ардтон, æмæ йæ уынын байдыдтон къаддæрæй-къаддæр. Æмæ уарзондзинад дæр, афтæ къаддæргæнгæ, айсæфт бынтон... Гъе, ахæм хъуыддаг вæййы, гъе. Ахæм хъуыддæгтæ аивынц æмæ саразынц адæймаджы цард. Сымах та дзурут, — фæци йæ ныхас Иван Васильевич. 

 

1903 аз 

__________________________________ 

 

1 Бал — кафтизæр. 

2 Миниог зонын — кафтизæры кафæг чызг дыууæ лæппуйæ равзары иуы, йемæ скафыны тыххлей, кафæджы афтæ фæхонынц фæсномыгæй. 

3 Encore — ноджыдæр (францусагау). 

4 Mon cher — мæ зынаргъ. 

5 Шпицрутентæ — нæмæн уистæ. Нæмгæ та дзы кодтой салдæтты, уæды рæстæджы уынаффæ-иу кæмæн бакодтой, уый-иу акодтой 100–300 кæнле фылдæр салдаты рæнхъыты ’хсæн. Алы салдат дæр ын уисæй цавта йæ фæсонтæ (тæлмацгæнæджы фиппаинаг). 

 



<==    Комментарии (0)      Версия для печати
Реклама:

Ossetoans.com OsGenocid ALANNEWS jaszokegyesulete.hu mahdug.ru iudzinad.ru

Архив публикаций
  Января 2024
» О чем рассказали восточно-европейские руны
  Ноября 2022
» От Кавказа до Волги
  Августа 2022
» Кавказцы глазами русских: говорят архивные документы...
  Марта 2022
» К вопросу о заселении Фиагдонской котловины, по данным фамильных и народных преданий
» О новых именах в истории царственного дома средневековой Алании
  Февраля 2022
» К ВОПРОСУ ОБ УДЕЛЬНЫХ ВЛАДЕТЕЛЯХ УАЛЛАГКОМА ПО ФАМИЛЬНЫМ, НАРОДНЫМ ПРЕДАНИЯМ И АРХИВНЫМ МАТЕРИАЛАМ
  Декабря 2021
» Осетинская религия; религия осетин (Ирон дин)
  Мая 2021
» Иверская (Моздокская) икона Божией Матери
  Мая 2020
» Соотношение понятий Æгъдау, религия (дин), вера во внутриосетинской дискуссии
  Июля 2019
» Открытое обращение представителей осетинских религиозных организаций
  Августа 2017
» Обращение по установке памятника Пипо Гурциеву.
  Июня 2017
» Межконфессиональный диалог в РСО-Алании состояние проблемы
  Мая 2017
» Рекомендации 2-го круглого стола на тему «Традиционные осетинские религиозные верования и убеждения: состояние, проблемы и перспективы»
» Пути формирования информационной среды в сфере осетинской традиционной религии
» Проблемы организации научной разработки отдельных насущных вопросов традиционных верований осетин
  Мая 2016
» ПРОИСХОЖДЕНИЕ РУССКОГО ГОСУДАРСТВА
» НАРОДНАЯ РЕЛИГИЯ ОСЕТИН
» ОСЕТИНЫ
  Мая 2015
» Обращение к Главе муниципального образования и руководителям фракций
» Чындзӕхсӕвы ӕгъдӕуттӕ
» Во имя мира!
» Танец... на грани кровопролития
» Почти 5000 граммов свинца на один гектар земли!!!
  Марта 2015
» Патриоту Алании
  Мая 2014
» Что мы едим, или «пищевой терроризм»