Iriston.com
www.iriston.com
Цæйут æфсымæртау раттæм нæ къухтæ, абон кæрæдзимæ, Иры лæппутæ!
Iriston.com - история и культура Осетии
Кто не помнит прошлого, у того нет будущего.
Написать Админу Писать админу
 
Разделы

Хроника военных действий в Южной Осетии и аналитические материалы

Публикации по истории Осетии и осетин

Перечень осетинских фамилий, некоторые сведения о них

Перечень населенных пунктов Осетии, краткая информация о них и фамилиях, в них проживавших

Сборник материалов по традициям и обычаям осетин

Наиболее полное на сегодняшний день собрание рецептов осетинской кухни

В данном разделе размещаются книги на разные темы

Коста Хетагуров "Осетинскя лира", по книге, изданной во Владикавказе (Орджоникидзе) в 1974 году.


Перечень дружественных сайтов и сайтов, схожих по тематике.



Rambler's Top100 Рейтинг@Mail.ru Индекс цитирования
Статьи Словари
Здравствуйте, Гость
Регистрация | Вход
Опубл. 17.04.2011 | прочитано 3115 раз |  Комментарии (0)     Автор: Tabol Вернуться на начальную страницу Tabol
НЫББЫРСТ

Волонтеры радзырд 

[Ратæлмацгæнæг — Баситы Михал] 

 

I

 

Дыууадæсæм июлы капитан Хлопов, эполеттæ æмæ йыл æхсаргард, афтæмæй æрбахызт мæ ныккæнды ныллæг дуарыл. Кавказмæ куы æрбацыдтæн, уæдæй нырмæ йæ ахæм дарæсы фыццаг хатт федтон. 

— Ныртæккæ булкъонмæ уыдтæн, — загъта уый, фæрсæгау æм кæй бакастæн, уый тыххæй, — нæ батальон райсом цæуы. 

— Кæдæм? — бафарстон æй æз. 

— №-мæ. Æфсæдтæн ce ’мбырдгæнæн бынат уым нысангонд у. 

— Æмæ уырдыгæй та, æвæццæгæн, искуыдæм абалц кæндзыстæм? 

— Хъуамæ. 

— Æмæ кæдæм? Дæумæ куыд кæсы? 

— Куыд мæм кæсы? Цы зонын, уый дын куы зæгъын. Дысон æхсæв инæларæй æрбахæццæ иу тæтæйраг барæг — æрбаласта приказ, цæмæй батальон йемæ айса дыууæ боны фаг сухаритæ æмæ дарддæр цæуа; кæдæм, цæмæн, цас рæстæгмæ? Уыдæттæ та, мæ хур, фæрсгæ нæ фæчындæуы: загътой «ацу» æмæ — хъуыддаг ахицæн. 

— О, фæлæ, кæд сухаритæ дыууæ бонæн йеддæмæ нæ хæссынц, уæд æфсæдтæ дæр, æвæццæгæн, фылдæр нæ бафæстиат уыдзысты. 

— Куыннæ стæй, уый мур дæр ницы давы... 

— Уый та куыд? — афарстон æз дис кæнгæйæ. 

— Афтæ, гъе! Даргимæ куы ацыдыстæм, уæд немæ сухаритæ къуыриваг ахастам, уым та фестæм æнæхъæн мæйы бæрц. 

— Æмæ мæнæн уемæ ацæуæн нæ уыдзæн? — чысыл рæстæджы фæстæ бафарстон æз. 

— Ацæуæн та цæуылнæ ис, фæлæ куы нæ ацæуай, уæд хуыздæр. Дæхи тæссаг ран цæмæн æвæрыс... 

— Нæ, уæдæ, нæ, бар мын ратт дæу коммæ нæ бакæсынæн: æз ам æнæхъæн мæй æрмæст уый тыххæй куы цардтæн, æмæ исты хъуыддагмæ банхъæлмæ кæсон — дæу та афтæ фæнды, æмæ йæ ауадзон. 

— Цæй, уæд та рацу, фæлæ уæддæр хуыздæр нæ уаид, куы баззаис, уæд? Ам нæм банхъæлмæ кæсис, цуан кæнис, мах та, Хуыцауы фæрцы, араст уыдаиккам. Æмæ куыд хорз уаид! — загъта уый ахæм бауырнинаг хъæлæсы уагæй, æмæ мæм иу цъусдуг афтæ фæкасти, цыма уый æцæгæйдæр хорз уаид, фæлæ æз цæхгæр ныллæууыдтæн, цыфæндыйæ дæр нæ баззайдзынæн, зæгъгæ. 

— Æмæ дзы, цымæ, цы нæ федтай? — дарддæр мæ бауырнын кæныныл архайдта капитан. — Цавæр хæстытæ вæййы, уый базонын дæ фæнды? Михайловский-Данилевскийы чиныг «Хæсты тыххæй фыстытæ» бакæс — иттæг хорз у: алцыдæр дзы æрцыд бæстон фыст — корпустæй кæцы кæм лæууыд, уый дæр, æмæ хæстытæ куыд цæуынц, уый дæр. 

— Нæ, нæ, мæн уыдоны мæт нæй æппындæр, — дзуапп радтон æз. 

— Æмæ, уæдæ? Дæу, æвæццæгæн, адæмы куыд марынц, æрмæст уый фенын фæнды?.. Æртын дыккæгæм азы ма ам уыдис иу цавæрдæр адæймаг, службæ чи нæ кодта, ахæм, испайнаг, æнхъæлдæн. Дыууæ стæры немæ цыди, цыдæр цъæх уæлæдарæсы... стæй уæддæр фæмард и, мæгуыр, сахъгуырд. Ам, мæ хæлар, дисы никæй бафтаудзынæ. 

Капитан мын мæ фæнд афтæ зыгъуыммæ кæй бамбæрста, уый мæм кæд цыфæнды худинаг каст, уæддæр ын афтæ нæу, зæгъгæ, нæ дзырдтон. 

— Æмæ хъæбатыр уыд? — бафарстон æй æз. 

— Хуыцау йеддæмæ йын чи цы зоны, алы хатт дæр цыд разæй, кæмдæриддæр-иу æхстой, уым-иу февзæрд. 

— Уæд, кæй зæгъын æй хъæуы, хъæбатыр уыд, — загътон æз. 

— Нæ, йæ фындз кæм нæ хъæуы, уым чи тъысса, уый хъæбатыр нæ хуыйны... 

— Уæдæ ды та хъæбатыр цы хоныс? 

— Хъæбатыр, хъæбатыр? — афтæ фыццаг хатт кæй бафæрсынц, ахæм адæймагау дзырдта капитан. — Хъæбатыр уый у, æмæ йæхи куыд æмбæлы, афтæ чи дары, — загъта уый, чысыл ахъуыды кæнгæйæ. 

Мæнæн мæ зæрдыл æрбалæууыд, Платон хъæбатырдзинад куыд бæрæг кæны, уый: тæрсын цæмæй хъæуы æмæ нæ хъæуы, уый зонынæй. Æмæ, кæд капитаны ныхæстæ цыфæнды иумæйаг æмæ бæлвырд уыдысты, уæддæр ахъуыды кодтон, зæгъгæ, сæ дыууæты сæйрагдæр хъуыдытæ дæр, куыд зыны, афтæ алыхуызон не сты; уый нæ, фæлæ ма мæм капитаны хъуыды бердзенаг философы хъуыдыйæ растдæр фæкаст, уымæн æмæ уый Платоны хуызæн дзурынмæ куы арæхстаид, уæд, æвæццæгæн, загътаид, зæгъгæ, хъæбатыр уый у, æмæ тæрсын цæмæй нæ хъæуы, уымæй нæ, фæлæ цæмæй æмбæлы, уымæй чи тæрсы. 

Мæн фæндыд мæ хъуыды капитанæн бамбарын кæнын. 

— О, — загътон æз, — мæнмæ афтæ кæсы, æмæ алы тæссаг уавæры дæр равзарынæн амал вæййы, æмæ, зæгъæм, хæс хъуыды кæнгæйæ цы равзарай, уый хъæбатырдзинад у, ницæйаг хъуыдыйы фæдыл цы равзарай, уый та — тæппуддзинад, æмæ уымæ гæсгæ цытмæ тырнгæйæ, кæнæ фыр цыбæлæй, кæнæ та фыр зыдæй йæ цард тæссаг ран чи æвæры, уыцы адæймагæн хъæбатыр схонæн нæй, стæй афтæ, йæ бинонты раз йæ хæс рæстæй хъуыды кæнгæйæ, кæнæ та æнæуый йæ зондахастмæ гæсгæ тæссаг ранмæ бацæуыныл чи не сразы уа, уыцы адæймагæн тæппуд схонæн нæй. 

Цалынмæ дзырдтон, уæдмæ мæм капитан каст цыдæр æнахуыр æнгасæй. 

— Гъе уый дын мæ бон нæу сбæлвырд кæнын, — загъта уый, йæ лулæйы тамако нæмгæйæ, — фæлæ махмæ ис иу юнкер, æмæ уый уарзы арфхъуыды ныхæстæ акæнын. Уыимæ адзур. Æмдзæвгæтæ дæр фыссы. 

Æз хæстæг æрмæст Кавказы базонгæ дæн капитанимæ, фæлæ йæ зонгæ Уæрæсейы дæр кодтон. Йæ мад, Марья Ивановнæ Хлопова, цыбыркъух помещик, цæры мæ бæстыхайæ дыууæ версты цыды. Кавказмæ ацæуыны агъоммæ йæм уыдтæн: зæронд ус тынг фæцин кодта, йæ Пашенькæйы йын кæй фендзынæн, ууыл (афтæ хуыдта зæронд урссæр капитаны) æмæ йын дзыхæй-дзыхмæ мæ бон кæй уыдзæн йæ мады хабæрттæ ракæнын æмæ æрвитæггаг раттын. Хорз чъири æмæ мæ хæрзад маргъы фыдæй дзæбæх фенгæйæ, Марья Ивановнæ рацыд иннæ уатмæ æмæ фæстæмæ æрбаздæхт, тар зæлдаг уадздзаг хуыд кæуыл уыд, ахæм сау стыргомау дзуары нывимæ. 

— Мæнæ уый y нæ бардуаг, нæ мады хай — нæ сæрылдзурæг, — загъта уый, дзуар бафтаугæйæ ныбба кодта Мадымайрæмы нывæн, æмæ йæ мæнмæ радта. — Бафыдæбон кæн, мæ хур, фæхæццæ йæм æй кæн. Зоныс, Кавказмæ куыддæр ацыд, афтæ йын аргъуаны Хуыцаумæ бакуывтон æмæ дзырд радтон, сæрæгас æмæ æнæсахъат куы уа, уæд скæнын кæндзынæн Мадымайрæмы ацы хуыз, зæгъгæ. Ныр æстдæс азы дæргъы хъахъхъæд цæуы уыцы зæды æмæ дауджыты хорзæхæй: иу хатт дæр нæ фæцæф, афтæмæй цавæр хæстыты нæ уыд, ахæм ма цымæ баззад... Йемæ чи уыд, уый — Михайло мын куы фæныхæстæ кодта, уæд, уырны дæ, мæ сæрыхъуын арц сбадти. Æмæ науæд, цы дзы зонын, уый дæр æцæгæлæттæй: йæ балцыты тыххæй мæм, мæ хур, марадз-зæгъай, кæд исты фыссы — фæтæрсынæй мæ хизы. 

(Капитан цыппар хатты уæззау цæфтæ кæй фæци, уый æз базыдтон суанг Кавказы, уый дæр уымæн йæхицæй нæ. Ахæм уавæрты куыд вæййы, афтæ нæдæр йæ цæфты тыххæй, нæдæр йæ балцыты тыххæй ницы фыста йæ мадмæ). 

— Уадз æмæ ныр ацы зæды хуыз йæ риуыл дара, — дарддæр дзырдта уый, — æз æй ууыл фæдзæхсын. Сыгъдæг Мадымайрæм æй бахъахъхъæндзæн. Уæлдайдæр та иу æй хæцæнты йæхицæй ма цух кæнæд. Раст-иу ын афтæ зæгъ, мæ хур, уый, зæгъ, дæ мады фæндон у. 

Æз ын дзырд радтон уыцы фæдзæхст бæлвырд сæххæст кæныны тæххæй. 

— Æз зонын, бирæ бауарздзынæ мæ Пашенькæйы, — дарддæр дзырдта зæронд ус, — уый ахæм дзæбæх у, æмæ йын зæгъæн дæр нæй. Уырны дæ, ахæм аз нæ рацæудзæн, æмæ уый мæнæн æхца ма ’рбарвита, мæ чызг Аннушкæйæн дæр тынг æххуыс кæны, æмæ уый — иунæг мыздæй! Сыгъдæгзæрдæйæ Хуыцауæй разы, ахæм хъæбул мын чи радта, — фæци ныхасгонд уый, йæ цæстытæ доны разилгæйæ. 

— Арæх дæм фыссы? — бафарстон æз. 

— Ницы уыйас, мæ хур: афтæ афæдз иу хатт, уый дæр æхцаимæ куы вæййы, уæд, афыссы дыууæ-æртæ ныхасы, науæд та æппындæр нæ. Куы ницы, дам, дæм фыссон, мæ мады хай, уæд уый зон, æмæ дæн сæрæгас æмæ дзæбæх, кæд æмæ мыл, Хуыцау бахизæд, фæлæ исты æрцæуа, уæд æй æнæ мæн дæр ныффысдзысты. 

Капитанæн йæ мады лæвар куы радтон (уый уыди мæ фатеры), уæд ракуырдта тухæн гæххæтт, бæстон æй батыхта æмæ йæ бамбæхста. Æз ын бирæ æмæ лæмбынæг фæкодтон йæ мады царды хабæрттæ; капитан ницы дзырдта. Куы фæдæн, уæд уый ацыд къуыммæ æмæ цыдæр æнахуыр æрæгмæ архайдта йæ лулæимæ. 

— Бæгуы дзæбæх зæронд ус у, — æрæджиау фехъуыст уырдыгæй йæ æмыргомау хъæлæс, — чи зоны, Хуыцау ма мын æй фенын кæна. 

Уыцы хуымæтæг ныхæсты хъуысти стыр уарзондзинад æмæ æнкъарддзинад. 

— Ам цæмæн службæ кæныс? — загътон æз. 

— Службæ кæнын хъæуы æмæ уымæн, — дзуапп мын радта æнæгуырысхойæ. — Max хуызæн мæгуыр адæймæгтæн та дыууæ мызды чысыл не сты. 

Капитан кодта хæдзардзин цард: къамæй нæ хъазыд, кеф кодта æрмæст искуы иу хатт æмæ дымдта, цæмæдæр гæсгæ, тютюн нæ, фæлæ цыдæр æнахуыр номæй кæй хуыдта, ахæм тамако. Капитан мæ зæрдæмæ амæй размæ дæр цыд: уымæн уыди, йæ цæстытæм æхсызгонæй æмæ æнцонæй комкоммæ кæсæн кæмæн ис, уырыссаг ахæм хуымæтæг, æнцад цæсгомы хаттытæй иу, фæлæ йын уыцы ныхасы фæстæ райдыдтон фылдæр аргъ кæнын. 

 

II
 

Иннæ бон райсомæй цыппар сахатыл капитан мæныл рацыд. Йæ уæлæ уыд зæронд, фæуд сюртук æнæ эполеттæй, уæрæх лезгинаг хæлаф, чи сбур и æмæ, йæ фист дæлæмæ кæмæн æрзæбултæ, ахæм урс уæлдзарм худ, æмæ ницы уыйас бæллиццаг азиаг æхсаргард йе уæхскыл. Йæ цъæхбын ныллæг аласа, сæр дæлæмæ æруадзгæйæ, уади лыстæг сиргæйæ æмæ æппынæдзухдæр тылдта йæ тæнæг къæдзил. Бакæсгæйæ кæд зæрдæхæлар капитан хъазуат нæ, фæлæ рæсугъддæр нæ зынди, уæддæр йæ алфамбылай цыдæриддæр уыдта, уыдонмæ афтæ æвæлмасæй касти, æмæ йын адæймаг æнæбары дæр аргъ кодта. 

Мæнмæ йæ æппындæр æнхъæлмæ кæсын нæ бахъуыд. Уайтагъддæр мæ бæхыл абадтæн, æмæ иумæ рацыдыстæм фидары кулдуары æддемæ. 

Батальон махæй фæци иу-дыууæ фондзыссæдз сардзины раздæр æмæ зынди цавæрдæр уыцы иухуызон æнкъуысæг дзыгуыры хуызæн. Уый фистæг æфсад кæй у, уымæн бамбарæн уыдис æрмæстдæр уымæй, æмæ арæх даргъ судзинтау бæрæг дардтой сæ джебогътæ, хаттæй-хатт-иу æрбайхъуыстысты салдæтты зарæджы æмæ барабаны зæлтæ, стæй æхсæзæм ротæйы хъырнæджы стыр æхсызгон хъæлæс, æз-иу алы хатт дæр фидары уæвгæйæ, стыр дис кæуыл кодтон, уый. Фæндаг цыди арф æмæ уæрæх ададжы астæуты, уыцы рæстæг абузгæ чи кодта, ома, чи раивылд, уыцы цæугæдоны былгæрæтты. Хъæддаг бæлæтты балтæ дыууæрдæм кодтой йæ сæрмæ: куы-иу æрбадтысты дурджын былгæроныл, куы та-иу, уæлдæфы разилгæйæ æмæ тагъд зилдухтæ кæнгæйæ, цæстытæй фæаууон сты. Хур нæма сзынди, фæлæ ададжы рахиз фахсы цъупп рухс кæнын байдыдта. Фæныкхуыз æмæ урсбын дуртæ, бурбын кæрдæгхуыз хъуына, сындз, цым æмæ сывылдз бæлæсты æртахæй æмбæрзт къудзитæ скæсæны рæсуг, зæринхуыз рухсмæ зынын байдыдтой иттæг хорз æмæ бæлвырд, фæлæ уыцы рæстæг иннæ фахс, æмæ, фæздæгхуыз бæзджын мигъы æмызмæлгæ сывæлдæгтæй æмбæрзт чи уыди, уыцы æрх та уыдис уымæл, хъуынтъыз æмæ дзы, бафиппайæн кæмæн нæ уыд, фæлурс тарбын цъæх, саумæ ’ввахс тар, кæрдæгхуыз æмæ урс, ахæм алыхуызтæ сиу сты. Комкоммæ нæ размæ тарбын цъæх арвы кæрон диссаджы сыгъдæгæй зындысты сæнтурс, мигъхуыз митджын хæхты фæтæнтæ, суанг фæстаг æндæрджы онг аив бæрæг дардтой сæ аууæттæ æмæ тигътæ. Бæрзонд кæрдæджы райхъал сты цъырцъырæгтæ ’мæ мингай æндæр хилджытæ æмæ уæлдæф байдзаг сæ цъæхснаг, æнæрæнцайгæ зæлтæй: афтæ каст, цыма хъустæн сæхи мидæг æнæкæрон бирæ къаннæг дзæнгæрджытæ цагътой. Уæлдæфы лæууыд доны, кæрдæджы, мигъы тæф, иу дзырдæй, фындзыхуынчъытыл уади рæсугъд рагсæрды сæумæрайсомы тæф. Капитан зынг рацагъта æмæ лулæ сдымдта; йе ’нахуыр тамакойы æмæ схоны тæф мæм мæлæты дзæбæх фæкаст. 

Max цыдыстæм фæндаггæрон, цæмæй тагъддæр баййæфтаиккам фистæг æфсады. Капитан уыди иннæ хæттытæй æнкъарддæр, йæ дзыхæй нæ цух кодта дагестайнаг лулæ æмæ алы къахдзæфæн дæр йæ зæвæттæй хоста йæ чысыл бæхы. Хайуан уади рауз-бауз кæнгæйæ, йæ фæдыл бæрзонд хуылыдз кæрдæгыл уагъта тарбын цъæх фæд. Хъæргæнгæ æмæ, цуаноны æваст чи фестъæлфын кæны, йæ базырты уыцы уынæримæ йæ тæккæ къæхты бынæй стахт сындзыкарк æмæ сындæггай йæхи уæлæмæ систа. Капитан æй хъуыды дæр не ’ркодта. 

Батальонмæ фæцæйхæццæ кодтам, афтæ фæстæрдыгæй фехъуыст бæхы къæхты гыбар-гуыбур, æмæ уайтагъд нæ фæрсты цыппæрвадыгæй сивгъуыдта тынг дзæбæх æмæ хæрз æрыгон лæппу афицеры сюртучы æмæ бæрзонд урс уæлдзарм худы. Max куы æрбаййæфта, уæд нæм йæ мидбылты бахудт, йæ сæрæй акуывта капитанæн æмæ ехсæй февзыста... Æз æрмæстдæр бафиппайдтон, саргъыл æнахуыр рæсугъд кæй фидыдта æмæ рохтыл куыд арæхстджынæй хæцыд, уый æмæ йын кæй уыд рæсугъд сау цæстытæ, нарæг аив фындз æмæ, нырма æрæджы чи рахæцыд, ахæм рихитæ. Мæ зæрдæмæ дзы уæлдай тынгдæр фæцыд, уарзæгой каст æм кæй кодтам, уый бафиппайгæйæ йæ бон æнæ бахудгæ кæй нæ баци, уый. Æрмæст уыцы бахудтæй дæр бæрæг уыди, нырма хæрз æрыгон кæй у, уый. 

— Кæдæм тындзы, цымæ, — æнæразы хуызæй бахъуыр-хъуыр кодта капитан, лулæ йæ дзыхæй нæ исгæйæ. 

— Чи y уый? — бафарстон æй æз. 

— Прапорщик Аланин, мæ ротæйы афицер... Корпусæй нырма æрæджы æрбацыд. 

— Æвæццæгæн, хъуыддаджы фыццаг хатт цæуы, — загътон æз. 

— Гъе, гъе, æмæ уый тыххæй афтæ цин кæны, — хъуыдыты аныгъуылгæйæ дзуапп радта капитан. — Æвзонгдзинад. 

— Æмæ куыннæ цин кæна. Æз афтæ æмбарын, æмæ æрыгон афицермæ уый хъуамæ стыр диссаг кæса. 

Капитан иуцасдæр ницы дзырдта. 

— Гъе, гъе, æз дæр уый кой кæнын: æвзонгдзинад, — дарддæр дзырдта уый бæзджын хъæлæсæй. — Цæуыл хъуамæ цин чындæуа, æппын ницы уынгæйæ. Мæнæ дзæвгар куы ауæдтытæ кæнай, уæд нал цин кæндзынæ. Зæгъæм, мæнæ махæй, афицертæй, ныртæккæ цæуы ссæдз адæймаджы: чидæртæ нæ хъуамæ фæуа мард, йе цæф — уый æнæмæнг. Абон — æз, райсом — уый, иннæбон та — æртыккаг, цин та уæдæ цæуыл хъуамæ кæна адæймаг? 

 

III
 

Хур куыддæр йæ цæст фæсхохæй сдардта æмæ, мах кæуылты цыдыстæм, уыцы дæлвæз рухс кæнын байдыдта, афтæ мигъы къæбæлдзыг æврæгътæ атадысты, æмæ сæнтæф. Топпытæ æмæ голджытæ ce ’ккæйтты, афтæмæй салдæттæ сындæггай цыдысты рыг фæндагыл, сæ рæнхъыты рæстæгæй-рæстæгмæ хъуыст украинаг æвзаджы хатт æмæ худын. Цалдæр ацæргæ салдаты урс кительты — сæ фылдæр уыдысты унтер-афицертæ — сæ лулæтæ дымгæйæ цыдысты фæндаджы иувæрсты æмæ уæзбын ныхас кодтой. Æртæ бæхы ифтыгъд уæрдæттæ сæ цъуппытæм амадæй цадæггай æнкъуыстысты размæ æмæ сæ фæдыл истой бæзджын æнæзмæлгæ рыг. Афицертæ бæхтыл цыдысты разæй; чидæртæ, Кавказы куыд фæдзурынц, афтæ джигитовкæ кодтой, ома-иу бæхыл ехсæй æрлæууыдысты æмæ-иу æй иу-цыппар гæппы акæнын кодтой, стæй-иу, сæ сæртæ фæстæрдæм фæзилгæйæ, дзыхълæуд фæкодтой; иннæтæ цыдысты, æнтæф æмæ æнуд ницæмæ даргæйæ, иу зарæг иннæйы фæдыл æвæлмæцгæйæ чи зарыд, уыцы зарæггæнджытимæ. 

Фистæг æфсадæй иу-сæдæ сардзины раздæр бæхджын тæтæйрæгтимæ стыр цъæх бæхыл цыди бæрзонд æмæ рæсугъд афицер азиаг уæлæдарæсы. Уый полчъы зыдтой, йæхиуыл чи нæ ауæрды, ахæм хъæбатырæй æмæ кæмæндæриддæр рæстдзинад комкоммæ чи зæгъдзæн, ахæм адæймагæй. Йæ уæлæ уыди хæрдгæбосджын сау куырæт, уый хуызæн зæнгæйттæ, къахыл, æнгом чи бадт, ахæм ног сæрак дзабыртæ алдымбыд хуыдæй, бур цухъхъа æмæ бæрзонд, фæстæуæз сагъд уæлдзарм худ. Йæ фæсонтыл æмæ риуыл зындысты æвзист хæрдгæбыдтæ, сæ уæлæ топпыхосзæрдæн æмæ синты ’рдыгæй дамбаца ауыгъдæй, иннæ дамбаца æмæ æвзист хъама уыдысты роныл ауыгъд. Æппæт уыдоны уæлæ баст уыд æхсаргард сырх сæракæй кæрддзæмы хæрдгæбыдтимæ, йе уæхскыл та топп æфтыд сау агъуды. Йæ уæлæдарæсæй, бадтæй, йæхи куыд дардта, уымæй, стæй йæ алы фезмæлдæй дæр бæрæг уыдис, тæтæйраджы хуызæн уæвыныл йæ уд кæй хъардта, уый. Уый ма суанг цыдæртæ дæр дзырдта ме ’нæзонгæ ’взагыл, йемæ чи цыд, уыцы тæтæйрæгтæн, фæлæ-иу уыдон кæрæдзимæ куыд дисгæнгæйæ, былысчъилтæ кæнгæйæ бакастысты, уымæ гæсгæ мæм афтæ фæкасти, цыма йæ уыдон не ’мбарынц. Уый уыди, Марлинскийы æмæ Лермонтовы тæфаг кæмæ фæхæццæ, нæ уыцы æрыгон афицертæй, сахъ бæхылбадджытæй иу. Уыцы адæймæгтæ Кавказмæ кæсынц æрмæстдæр нæ рæстæджы хъæбатырты, Мулла-Нурты æмæ æндæрты цæстæй, æмæ сæ митæ иууылдæр вæййынц, сæхæдæг æмхиц цæмæ сты, сæ конд куыд амоны, уымæ гæсгæ нæ, фæлæ уыцы хъæбатыртæ куыд фæкæнынц, афтæ. 

Зæгъæм, поручик хъуамæ уарза хæрзæгъдау сылгоймæгты æмæ хабедзен адæймæгты — инæлæртты, булкъонты, адъютантты æхсæн уæвын, — мæнмæ ма афтæ кæсы, æмæ уыдоны æхсæн уæвын бирæ кæй уарзта, уымæ гæсгæ уыд æнæкæрон тынг цытуарзаг, — фæлæ уый, æнæмæнг, йæ хæсыл нымадта æппæт хабедзен адæймæгтæм йæхи гуымиры хуызы æвдисын, кæд сын тынг гуымиры ныхæстæ нæ кодта, уæддæр. Æмæ-иу, фидары исты уæздан чызг куы фæзынд, уæд-иу йæ хæсыл нымадта йе ’рдхæрдтимæ уымæн йæ рудзгуыты цурты айдагъ сырх хæдоны æмæ айдагъ дзабырты æнæ цъындатæй цæуын, уыимæ-иу хъæр кодтаид æмæ æлгъыстаид йæ дзыхыдзаг. Æмæ-иу æппæт уыдæттæ чызджы бафхæрыны тыххæй нæ кодта, фæлæ цæмæй равдиса, цы рæсугъд урс къæхтæ йын ис æмæ йæ куы бафæндид, уæд ын куыд бауарзæн уаид, уый тыххæй. Кæнæ та дыууæ-æртæ сабыр цæрæг тæтæйрагимæ æхсæвыгон цыдис хæхтæм рæсæнмæ, фæндæгтыл-иу цы фыдуаг, тугмондаг тæтæйрæгтæ фæцæуынц, уыдон размæ бабадыны æмæ сæ амарыны тыххæй. Йæ зæрдæ-иу æм кæд арæх сдзырдта, уым сахъдзинадæй ницы ис, зæгъгæ, уæддæр йæ хæсыл нымадта, цæйдæр тыххæй, цыма, фыдæнхъæл кæмæй фæци æмæ уымæ гæсгæ ницæмæ кæй дардта æмæ йе ’нæуынон чи уыди, уыцы адæмы хъизæмары æфтауын. Йæ уæлæйæ æппындæр никуы иста дыууæ дзаумайы: дзуары стыр ныв æмæ, хуысгæйæ дæр цух кæмæй нæ кодта, уыцы хъама йæ хæдоны уæлæ бастæй. Æцæгдзинадæй йæ уырныдта, знæгтæ йын кæй ис, уый. Искæмæй йæ йæ маст райсын æмæ йе ’фхæрд тугæй æрæхсын кæй хъæуы, ууыл йæхи бауырнын кæнын нымадта тæккæ стырдæр æхсызгондзинадыл. Уый гуырысхо нæ кодта, адæмы мыггагмæ æнæуынондзинады, мастисыны æмæ йæ ницæмæ дарыны хъуыдытæ тæккæ сыгъдæгдæр поэтикон æнкъарæнтæ кæй сты, ууыл. Фæлæ йæ уарзон, — кæй зæгъын æй хъæуы, черкесаг чызг, — уый фæстæ дæр ма-иу кæй федтон, уый, — дзырдта, зæгъгæ, дам, уый уыди тынг зæрдæхæлар æмæ сабыр адæймаг, алы аз дæр, дам, иу ранмæ хаста йæ тархъуыды фыстытæ, хæххытæгонд гæххæттыл хыгъта йæ нымаинæгтæ æмæ йæ зонгуытыл куывта Хуыцаумæ. Æмæ цас фыдæбæттæ федта, цы уæвын æй фæндыд, уый хуызæн йæхимæ цæмæй зындаид, æрмæст уый тыххæй! Уый та уымæн, æмæ йæ йе ’мбæлттæ æмæ салдæттæ йæхи фæндиаг не ’мбæрстой. Иу ахæм та, йе ’рдхæрдтимæ æхсæвы фæндаджы былгæронмæ куы рацыд, уæд афтæ рауад, æмæ фæцæф кодта тугмондаг цæцæйнаджы æмæ йæ райста уацары. Цæцæйнаг поручикмæ фæцарди авд къуырийы. Поручик æй дзæбæх кодта æмæ йæм зылди раст йæ хæстæгдæр хæларау, стæй куы сдзæбæх, уæд æй лæвæрттимæ ауагъта. Уый фæстæ бонты иу экспедицийы рæстæджы поручик салдæтты къордимæ гæрахгæнгæйæ фæстæрдæм куы фессæста, уæд знæгты æхсæнæй фехъуысти, чидæр æм йæ номæй куыд дзырдта, уый. Уалынмæ размæ рацыд, кæй фæцæф кодта, йæ уыцы æрдхорд æмæ йæ къухтæй бацамыдта, поручик дæр афтæ цæмæй бакæна, уый. Поручик бацыд йе ’рдхорды размæ ’мæ йын йæ къух айста. Хохæгтæ лæууыдысты дардгомау æмæ не ’хстой. Фæлæ куыддæр поручик йæ бæхы фæстæмæ фæзылдта, афтæ йæ цалдæр адæймаджы багæрах кодтой, æмæ нæмгуытæй иу зулаив сæмбæлд йæ синæй чысыл бындæр. Иннæ хатт та мæхи цæстæй федтон, æхсæвыгон фидары сыгъд куыд уыди æмæ йæ салдæтты дыууæ ротæйы куыд хуыссын кодтой, уый. Сыгъды тугхуыз пиллонæй рухсгонд адæмы дзыгуыры æхсæн сау аласа бæхыл æвиппайды фæзынд бæрзонд лæджы æндæрг. Æндæрг фæйнæрдæм схуыстытæ кодта адæмы æмæ цыди арты тæккæ размæ. Куы йæм бахæццæ, уæд поручик æргæпп кодта бæхæй æмæ азгъордта, йæ иу тигъ кæмæн сыгъди, уыцы хæдзармæ. Фондз минуты фæстæ поручик уырдыгæй рацыд арыд сæрыхъуынтимæ æмæ сыгъд рæмбыныкъæдзимæ, зынгæй кæй фервæзын кодта, уыцы дыууæ бæлоны йæ роны рахæсгæйæ. 

Йæ мыггаг уыди Розенкранц, фæлæ кæмæй равзæрд, ууыл арæх дзырдта; йæ райдайæн ын-иу куыддæр æгъдæуттæй байдыдта варягтæй æмæ-иу бæлвырд равдыста, йæхæдæг дæр æмæ йæ фыдæлтæ дæр уырыссæгтæ кæй сты, уый. 

 

IV
 

Хур арвы æмбисмæ схæццæ æмæ хус зæхмæ æрвыста йæ судзгæ тынтæ. Тарбын цъæх арв уыд бынтон сыгъдæг; æрмæст митджын хæхты бынмæ зынын байдыдтой цъæхбын урс æврæгътæ. Раст афтæ зынд, цыма уæлдæф æппындæр не змæлыди æмæ дзы кæрæй-кæронмæ цыдæр рæсуг рыг сбадт; тынг æнтæф кæнын байдыдта. Фæндагæн йæ раст æмбисыл цы чысыл суадон калд, уырдæм куы бахæццæ сты, уæд æфсæдтæ бонасадæн скодтой. Салдæттæ, сæ берданкæтæ иумæ амусонг кæнгæйæ, азгъордтой суадонмæ; батальоны командир аууоны йæхи æруагъта барабаныл æмæ, йæ номы æмбæрц йæхи ныккадджын кæнгæйæ, цалдæр афицеримæ хæрын райдыдта; капитан æрхуыссыд ротæйы цыппæрдзæлхыг уæрдоны бын кæрдæгыл; хъæбатыр поручик æмæ ма ноджы цалдæр æрыгон афицеры нæууыл æрытыдтой сæ нымæттæ æмæ уыдоныл сæхи ауагътой. Сæ цуры цы фляжкæтæ æмæ æвгтæ зынд, уыдонæй, стæй зарæггæнджыты уæлдай разæнгарддæр хуызæй бæрæг уыди, кеф кæнынмæ кæй хъавынц, уый. Зарæггæнджытæ æрдæгзиллаккæй лæууыдысты сæ разы æмæ æхситгæнгæйæ кодтой кавказаг тымбыл кафты цагъд: 

 

Шамил хъавыд бунт кæнынмæ 

Ивгъуыд фæстаг азты... 

Трай-рай, ра-та-тай... 

Ивгъуыд фæстаг азты. 

 

Афицерты ’хсæн уыди, райсомæй нæ разæй чи фæци, уыцы хæрз æрыгон прапорщик дæр. Уый мæм цыдæр æнахуыр худæг фæкаст: йæ цæстытæ æрттывдтытæ калдтой, йе ’взаг дзыхы нал арæхст; уымæ цыди алкæмæн дæр батæ кæнын æмæ йæ уарзондзинады тыххæй дзурын... Мæгуырæг. Уый нæма æмбæрста, ахæм æууæлты худинаджы уавæры бахауæн кæй ис, уый, алкæмæн йæхи хъаргæйæ цы æргомзæрдæ ныхас æмæ рæвдауæн митæ кодта, уыдонæй та, цыфæнды тынг æй кæд фæнда, уæддæр йæхи кæй нæ бауарзын кæндзæн, фæлæ ма йыл кæй худдзысты; уый нæ зыдта ноджы, ставд уæвгæйæ, фæстагмæ йæхи нымæтыл куы баппæрста æмæ, йæ къухыл æрæнцой кæнгæйæ, йæ бæзджын сау сæрыхъуынтæ фæстæрдæм куы аппæрста, уæд кæй уыд тынг зæрдæмæдзæугæ. Дыууæ афицеры бадтысты цыппæрдзæлхыг уæрдоны бын æмæ хъазыдысты къамтæй. 

Æз цымыдисæй мæ хъус дардтон салдæттæ æмæ афицерты ныхæстæм æмæ сын биноныгæй кастæн сæ цæсгæмттæм; фæлæ мæхæдæг цæмæй тыхстæн, уымæн йæ аууон дæр никæй цæсгомыл мæ бон уыдис бафиппайын: сæ хъæлдзæг митæ, худын, алы хуызы таурæгътæ дзурæг уыдысты, цы тасдзинад сæм касти, уый сæ æппындæр кæй не ’ндæвта, ууыл. Афтæ зынд, цыма банхъæлæн дæр нæ уыди, уыды фæндагыл сæ чидæртæ кæй нал раздæхдзысты, зæгъгæ, уый. 

 

V
 

Изæры æвдæм сахатыл рыгæйдзæгтæй æмæ фæлладæй бахызтыстæм фидары уæрæх, бæзджын конд кулдуарыл. Хур æрцæйныгуылд æмæ йæ тынтæ зулаив æппæрста, фидары алфамбылай цы рæсугъд батарейкæтæ æмæ гæдыбæлæстæ уыди, уыдонмæ, чи фæбур, уыцы хуымтæм æмæ, митджын хæхты цур чи сдзыгуыртæ æмæ уыдонæн сæхи фæзмæгау æнахуыр хæлбурцъытæй æмæ рæсугъд чи арæгъ, уыцы урс æврæгътæм. Æрыгон мæйы æхсырф ирд мигъы цъуппау урс дардта æрвгæроны. Кулдуары цур цы хæххон хъæу айтынг, уым уæлхæдзар лæугæйæ тæтæйраг пысылмæттæм сидт ламаз кæнынмæ; зарæггæнджытæ сæ зарæг ныццæлхъ кодтой тыхджындæрæй æмæ разæнгарддæрæй. 

Чысыл баулæфгæйæ æмæ мæхи дзæбæхтæ кæнгæйæ, æз араст дæн мæ зонгæ адъютантмæ, цæмæй уый мæ бæсты мæ фæнд фехъусын кодтаид инæларæн. Кæм æрлæууыдтæн, уыцы бынатæй цæугæйæ, æз № фидары бафиппайдтон, æппындæр æнхъæл цæмæн нæ уыдтæн, уый. Мæ разæй фæци, йæ хуылфæй модæйы шляпæ кæмæн зынд æмæ францусаг ныхас кæцæй хъуыст, ахæм дзæбæхгомау дыууæбынатон къарет. Коменданты агъуысты тыгъд рудзынгæй хъуыстысты, æвзæр, хæлд фортепьянойæ кæй цагътой, цавæрдæр ахæм «Лизанькæ» кæнæ «Катенькæ-полькæйы» зæлтæ. Йæ цурты кæмæн фæцæйцыдтæн, уыцы дуканийы, сæ къухты бапъирозтæ, афтæмæй сæны агуывзæты уæлхъус бадтис цалдæр писыры, æмæ мæ хъустыл ауад, иу дзы иннæмæн куыд дзырдта, уый: «Бахатыр кæн, фæлæ политикæйы хъуыддæгты Марья Григорьевнæ махмæ y фыццаг сылгоймаг». Гуыбыр, рынчынхуыз дзуттаг фыддард уæлæдарæсы, йæ риуыл тыххæйты хаста хъинцгæнаг, саст шарманкæ, æмæ æппæт форштатыл хъуыстысты «Лючия»-йы финалы мыртæ. Дыууæ сылгоймаджы сырсыргæнаг къабаты, зæлдаг кæлмæрзæнты, сæ къухты ирд хъулон зонтиктæ, афтæмæй мæ рæзты хъæдын тротуарыл æрбаленк кодтой. Дыууæ чындздзон чызджы, сæ иу сæнт сырх, иннæ та æрвхуыз къабайы, бæгъæмсарæй лæууыдысты ныллæггомау хæдзары къæсæры раз æмæ барæй цъæхснаг худт кодтой, сæ фæрсты цæуæг афицертæ сæм сæ цæстæнгас цæмæй здæхтаиккой, уый тыххæй. Афицертæ уыдысты ног уæлæдарæсы, урс-урсид æрмкъухты, æрттиваг эполетты æмæ хъалхуызæй рацу-бацу кодтой уынгты æмæ бульвары. 

Мæ зонгæйы ссардтон инæлары хæдзары бинаг æддæгуæлæйы. Куыддæр ын мæ фæндон зæгъын мæ къухы бафтыд, уымæн та — уыцы фæндонæн æнцонтæй скæнæн кæй ис, уый зæгъын, афтæ, рудзынджы рæзты æргыбар-гыбур кодта, чысыл раздæр кæй бафиппайдтон, уыцы къарет, æмæ æрлæууыди къæсæры цур. Къаретæй рахызт бæрзонд, хæрзконд нæлгоймаг фистæг æфсæддон дарæсы, майоры эполеттимæ æмæ бараст инæлармæ. 

— Дæ хорзæхæй, бахатыр кæн, — загъта адъютант, йæ бынатæй стгæйæ, — мæн æнæмæнг фехъусын кæнын хъæуы инæларæн. 

— Чи æрбацыди уый? — бафарстон æз. 

— Графиня, — дзуапп авæрдта адъютант æмæ, йæ мундиры æгънæджытæ æвæргæйæ, уæлæмæ азгъордта. 

Цалдæр минуты фæстæ тыргъмæ рахызт ныллæггомау, фæлæ рæсугъд лæг æнæ эполеттæ сюртучы, йæ риуыл урс крест конд, афтæмæй. Йæ фæдыл рацыдысты майор, адъютант æмæ ма ноджы цавæрдæр дыууæ афицеры. Инæларæн йæ цыды, йæ хъæлæсыуагæй æмæ йæ алы фезмæлдæй дæр бæрæг уыди, йæхицæн стыр аргъ кæнын чи зоны, ахæм адæймаг кæй у, уый. 

— Bonsoir, madame la corntesse1 — загъта уый, йæ къух æм къареты рудзынгмæ дæтгæйæ. 

Йæ армытъæпæн ын нылхъывта тæнæг чысыл къух æрттиваг æрмкъухы кондæй, æмæ къареты рудзынджы фæзынди рæсугъд, худындзаст цæсгом бур шляпæйы. 

Цалдæр минуты дæргъы цы дзырдтой, уымæй æз, сæ цурты цæугæйæ, фехъуыстон æрмæст уый, æмæ инæлар худгæйæ куыд загъта: 

— Vous savez, que j’ai fait voeu de combattre les infideles; prenez done garde de le devenir2

Къареты ныххудтысты. 

— Adieu done, cher general 3

— Non a revoir, — загъта инæлар, асинтыл схизгæйæ, — n’oubliez pas, que je m’invite pour le soiree de demain4

Къареты гыбар-гыбур ссыд æмæ дарддæр араст. 

«Мæнæ ма иу адæймаг, — нæхимæ здæхгæйæ хъуыды кодтон æз, — уырыссаг адæмæй бирæтæ цæмæ тырнынц: кад, мулк, ном, — уыдон иууылдæр кæмæ сты, ахæм. Æмæ, хæст цæуыл ахицæн уыдзæн, уымæн Хуыцау йеддæмæ ничи ницы зоны, афтæмæй нæмгуыты бынмæ бацæуыны размæ уыцы адæймаг хъазæн ныхас кæны рæсугъд сылгоймагимæ æмæ йыл раст цыма балы сæмбæлди, афтæ йын зæрдæ æвæры, иннæ бон йемæ цай кæй цымдзæн, уымæй». 

Адъютантмæ ма æз сæмбæлдтæн, дисы мæ уымæй ноджы тынгдæр чи бафтыдта, иу ахæм адæймагыл — æрыгон поручикыл К. полкъæй. Уый уыди сылгоймагау фæлмæн æмæ нæуæндаг. Адъютантмæ æрбацæугæйæ, йæ зæрдæ уыди, тагъд цы хъуыддаджы фæдыл цæудзысты, уырдæм æй ма ауадзой, зæгъгæ, уый тыххæй цыма хахуыр ныхæстæ чи кодта, уыцы адæймæгты ныхмæ йæ мæстытæ скалын. Уый дзырдта, зæгъгæ, афтæ кæнын y цъаммардзинад, нæу æмбалы ми, æппындæр ын æй никуы ферох кæндзæн, æмæ а.д. Æз ын тынг лæмбынæгæй кастæн йæ цæсгоммæ, биноныгæй йын хъуыстон йæ хъæлæсы хатмæ, фæлæ уæддæр мæ бон нæ баци зæгъын, йæхи барæй афтæ дары, зæгъгæ. Уый æцæгдзинадæй уыди тынг мæстджын æмæ йæм стыр хъыг фæкаст, черкесты æхсынмæ æмæ уыдоны нæмгуыты бынмæ йæ кæй нæ уадзынц, уый; хъыг та йын афтæ тынг уыди, æмæ мæнæ æнаххосæй цы сывæллоны фæнæмынц, уымæн куыд хъыг вæййы, раст афтæ. Æз хъуыды кодтон уыдæттыл æмæ мур дæр ницы æмбæрстон. 

 

VI
 

Æфсæдтæ хъуамæ рараст уыдаиккой изæры дæс сахатыл. Фарæстæм æрдæгыл æз сбадтæн мæ бæхыл æмæ ацыдтæн инæлармæ, фæлæ, йæхæдæг дæр æмæ йæ адъютант дæр æнæвдæлон куы уой, уымæй тæрсгæйæ, бæхы баурæдтон уынджы, бабастон æй æмбондмæ æмæ, инæлар куыддæр рацæуа, афтæ йæ баййафдзынæн, зæгъгæ, уыцы хъуыдыимæ мæхи хæдзары рæбын зæххы къуыбырыл æруагътон. 

Хуры тæвд æмæ æрттывды раивтой æхсæвы сатæг æмæ æрыгон мæйы фæлурс pуxc. Стъалыджын цъæхбын тар арвыл мæйы алыварс рухс дардта, цы æрдæгзиллакк сарæзта, уый. Мæй цæуын райдыдта дæлдæрæй— дæлдæр ; хæдзæртты рудзгуыты æмæ ныккæндты фæрсæгты зыхъхъырты фæзынд рухс. Арвы кæрон дардмæ бæрæг дардтой гæдыбæлæсты хæрзконд сау æндæргтæ. Уыдон, мæй кæй ныррухс кодта, чъырæй цагъд, хъæзæй æмбæрзт уыцы ныккæндты фæстæ кæй уыдысты, уый тыххæй адæймагмæ кастысты ноджы бæрзонддæр æмæ тардæр. 

Фæлурс рыгджын фæндагыл рæсугъд зындысты хæдзæрттæ, бæлæстæ, быруты даргъ аууæттæ... Цæугæдоны æнæрæнцайгæйæ уасыдысты хæфсытæ, уынгты хъуыст куы æнæвдæлон адæймаджы къахдзæфты уынæр, куы бæхы къæхты гыбар-гыбур; форштатæй рæстæгæй— рæстæгмæ хъуысти шарманкæйы зæлтæ: куы «Ниуынц дымгæтæ», куы та исты «Aurora-Walzer». 

Æз нæ зæгъдзынæн, цæуыл ныхъхъуыды кодтон, уый: фыццаджыдæр, уымæн, æмæ мæм худинаг фæкастаид, мæ алыварс хъæлдзæгдзинад æмæ циндзинад уынгæйæ, мæ зæрдæйы æнæсцухæй иу иннæйы фæдыл цы тар хъуыдытæ æвзæрд, уыдоныл басæттын, иннæмæй та уымæн, æмæ уый мæ радзырды нæ бады. Æз хъуыдыты афтæ тынг ацыдтæн, æмæ зонгæ дæр нæ бакодтон, дзæнгæрæг куыд ныццагъта æмæ инæлар йæ фæсдзæуинтимæ мæ фæрсты куыд æрбаивгъуыдта, уый. 

Тагъд-тагъд мæ бæхыл абадгæйæ, æз фæсте асырдтон къорды. 

Къордæн йæ къæдзил нæма фæхицæн фидары кулдуарæй. Æз тыххæйты бахызтæн, чи сцæнд, уыцы сармадзанты, асыччыты, ротæты цыппæрдзæлхыг уæрдæтты æмæ, хъæрæй бардзырдтæ чи лæвæрдта, уыцы афицерты æхсæнты хидыл. Кулдуары æдде фæуæвгæйæ, сæпгæнгæ æрзылдтæн, æнæхъæн версты бæрц чи ныддаргъ, талынджы æнæсыппæй чи цыд, уыцы æфсæдты фæрсты æмæ инæлары баййæфтон. Артиллери нытътъанг иугай сармадзангай. Сармадзанты æхсæн бæхтыл цы афицертæ цыди, уыдоны цурты уайгæйæ, сабыр, кадджын цагъды хъыгаг рæдыд зæл куы фæуа, уыйау мæн дисы бафтыдта немыцаг хъæлæс, кæцы хъæр кодта: «Агхтингхист, рахæсс-ма æрцъыккысхон!» æмæ салдаты хъæлæс, кæцы тагъд-тагъд хъæр кодта: «Шевченко! Поручик зынг куры». 

Арвы фылдæр хай сæхгæдтой даргъ тарбын мигътæ, æрмæст ма ce ’хсæнты ранæй-рæтты æрттывтой фæлурс стъалытæ. Мæй фæаууон, рахизырдыгæй æрвгæрон хæстæг цы сау хæхтæ зынди, уыдоны фæстæ, æмæ сын сæ цъуппытæм уагъта фæлурс, дыдзы рухс, уыцы рæстæг бынæй та уыдысты бынтон тар. Уæлдæф уьщи хъарм æмæ афтæ сабыр, цыма иунæг кæрдæджы хал, иунæг мигъы къуыбар дæр не змæлыд. Ахæм талынг уыди, æмæ суанг бынтон хæстæгмæ дæр раиртасæн ницæмæн уыди; фæндаггæрæтты-иу мæ цæстытыл ауад куы къæдзæхтæ, куы фос, куы цыдæр æнахуыр адæймæгтæ, æмæ-иу къудзитæ кæй уыдысты, уый базыдтон, сæ сыр-сыр-иу сын куы фехъуыстон æмæ-иу сæ уазал æртæхтæ мæ буарыл куы аныдзæвыдысты, æрмæст уæд. 

Мæ размæ уыдтон, фенкъуыс-фенкъуыс чи кодта, ахæм иугуыр сау къул. Уымæн йæ фæдыл змæлыд цалдæр æндæрджы: уыдон уыдысты бæхджын æфсады раззаг хай æмæ инæлар йæ фæсдзæуинтимæ. Нæ фæстæ дæр цыдис раст ахæм, фæлæ уымæй ныллæгдæр, сау хъуынтъызхуыз дзыгуыр: уый та уыди фистæг æфсад. 

Къорд ахæм æнæсыбырттæй цыд, æмæ дзæбæх хъуыстысты, чи-иу сиу æмæ сæ сусæгдзинадæй рæсугъд чи уыд, æхсæвы уыцы мыртæ. Дард-иу куы уынгæг хъæлæсæй нынниудтой, куы та-иу æвиппайды худæгау ныккодтой хъæддаг куыйтæ, уæлдæфы лæууыдысты цъырцъырæгтæ, хæфсытæ, уæрццыты цъæхснаг уыцы иухуызон зарджытæ, не ’нцади, йæ аххосаг бамбарын мæ бон кæмæн нæ уыд æмæ хæстæгæй-хæстæгдæр чи кодта, ахæм уынæр. Уыдон иууылдæр, стæй, нæдæр бамбарæн, нæдæр сбæрæг кæнæн кæмæн ис, æрдзы уыцы æппæт зына-нæзына фезмæлдтытæ хъуыстысты, мах æхсæвы сабырдзинад кæй хонæм, ахæм æххæст рæсугъд мырæй. Уыцы сабырдзинад хæлд цыд, нæ фæлæ, иу кодта, къорды сындæг цыдæй чи æвзæрд, сæфтджыты уыцы æмыр уынæримæ æмæ бæрзонд кæрдæджы сыр-сыримæ. 

Æрмæст-иу хаттæй-хатт рæнхъыты фехъуыст уæззау сармадзаны зæлланг, кæрæдзиуыл-иу чи бамбæлд, уыцы джебогъты къуырцц, æмыр ныхас æмæ бæхты хуыррыттытæ. Бæхты къæхты бын чи фæлдæхт, уыцы сойджын æмæ уымæл кæрдæджы тæфæй, зæххæй цы рог тæф цыди, уымæй æмæ, арвгæрæттæ дыууæрдыгæй кæй зындысты, уымæй бамбарæн уыди, мах кæй цæуæм фæтæн, дзаджджын уыгæрдæныл. 

Æрдз йæхимæ æлвæста йæ рæсугъддзинадæй æмæ тыхæй. 

Цымæ адæмæн æцæг къуындæг y сæ цард ацы дзæбæх дунейы, ацы æгæрон стъалыджын арвы бынмæ? Цымæ ацы диссаджы æрдзы нывтæ уынгæйæ адæймаджы зæрдæйы хæрамдзинады, маст исыны кæнæ йæхи хуызæтты цæгъдынмæ бæллындзинады æнкъарæнтæн фæлæууæн ис? Афтæ зыны, æмæ комкоммæ йæхæдæг рæсугъддзинады æмæ хорздзинады ахъаззагдæр æвдисæн чи у, уыцы æрдзы хъæбысы адæймаджы зæрдæйы хæрамæй цыдæриддæр ис, уыдон хъуамæ фесæфой. 

 

VII
 

Max цыдаиккам иу-дыууæ сахатæй фылдæр. Уазал мæм бахъардта æмæ мæ хуыссæг ахсын райдыдта. Æхсæвы тары мæ цæстытыл куыддæр уайæгау кодтой: чысыл фалдæр сау къул, цавæрдæр змæлæг сау æндæргтæ; мæ тæккæ цур урс бæхы фæстаг æрдæг, йæ къæдзил тилгæйæ æмæ йæ фæстаг къæхтæ пака ист кæнгæйæ; кæйдæр фæсонтæ урс цухъхъайы, сау агъуды тъыстæй сыл узæгау кодта берданкæ æмæ хуыд хуымпъыры æвæрдæй бæрæг дардта дамбацайы урс сæр; бапъирозы зынг-иу срухс кодта кæйдæр бур рихитæ, уырддзарм æфцæггот æмæ сагдзарм æрмкъухтæ. Æз-иу æркъул кодтон бæхы бæрзæйыл, сæхгæдтон-иу мæ цæстытæ æмæ-иу цалдæр минуты бæрц арæдзæ-мæдзæ кодтон, стæй-иу мæ æвиппайды зонгæ тъыбар-тъыбур æмæ сыф-сыф фестъæлфын кодтой: алырдæмты-иу акастæн, æмæ-иу мæм афтæ фæкаст, цыма мæ бынаты лæууын, мæ размæ цы сау къул уыд, уый мæнырдæм цæуы, кæнæ уыцы къул ныллæууыд æмæ йыл ныртæккæ æз мæхи скъуырдзынæн. Ахæм минуттæй мæ иу ноджы стырдæр дисы бафтыдта, хæстæгæй-хæстæгдæр чи кодта, æмæ цæмæн афтæ у, уый базонын мæ бон кæмæн ницы уыд, уыцы æнæрæнцайгæ уынæр. Уый уыди доны уынæр. Max бацыдыстæм арф комы æмæ фæцæйхæстæг кодтам, чи раивылд, уыцы хæххон донмæ5. Уынæр кодта тынгæй-тынгдæр, уымæл кæрдæг ивта бæзджын æмæ бæрзонддæрæй, къудзитæ фæарæхдæр сты, æмæ æрвгæрон сындæггай цыди куынæгдæрмæ. Искуы иу хатт-иу хæхты тар риуыл алы рæтты ферттывта рухс æмæ-иу уайтагъддæр ахуыссыд. 

— Зæгъ-ма, дæ хуыцауы тыххæй, уый цавæр рухс у? — мынæг хъæлæсæй бафарстон, мæ фарсмæ цы тæтæйраг цыд, уый. 

— Æмæ йæ ды нæ зоныс? — дзуапп радта уый. 

— Нæ зонын. 

— Уый хохаг лæг хъилыл хъæмп бабаста, ссыгъта йæ æмæ йæ ныр цырагъау тилдзæн. 

— Æмæ йæ цæмæн хъæуы уый? 

— Цæмæй алы лæг дæр зона — уырыссаг æрбацыд. Ох-ох, ныртæккæ хæххон хъæуты стыр змæлд цæуы, — ныххудгæйæ бафтыдта уый йæ ныхасыл, — кæмæ цы мæгуыр муртæ ис, уыдон, æвæццæгæн, æрхмæ скъæфтытæ кæны. 

— Æмæ хæхты æцæгæй зонынц, къорд æрбацæуы, уый? — бафарстон æз. 

— Гъери-гъа! Куыд хъуамæ ма зоной! 

— Æмæ уæдæ ныр Шамил дæр рæвдзытæ кæны йæхи балцмæ? — бафарстон æз. 

— Йохъ, — йæ сæр батилгæйæ, дзуапп радта уый. — Шамил балцы нæ цæудзæн; Шамил йæ наибты6 æрвитдзæн, йæхæдæг та бæрзондæй трубайæ кæсдзæн. 

— Æмæ дард цæры? 

— Нæ. Мæнæ галиуварс, иу-дæс версты йæм уыдзæн. 

— Ды йæ цæмæй зоныс? — бафарстон æй æз. — Уыдтæ дзы, мыййаг. 

— Уыдтæн: махонтæ иууылдæр уыдысты хæхты. 

— Æмæ Шамилы федтай? 

— Куыннæ стæй. Шамилы тагъд-тагъд нæ фендзынæ. Йæ алыварс вæййы фондзыссæдз, æртæфондзыссæдз, мин мюриды7, Шамил та ce ’хсæн, — афтыдта ма уый йæ ныхасмæ цыдæр козбау хуызæй. 

Уæлæмæ скæсгæйæ бафиппайæн уыди, чи раирд, уыцы арв скæсæны ’рдыгæй рухс кæнын кæй байдыдта, стъалыты дзыгуыр та æрвгæроны ’рдæм æввахс кæнын, уый; фæлæ цы комы цыдыстæм, уым уыди уымæл æмæ хъуынтъыз. 

Æвиппайды чысыл фалдæр нæ размæ талынджы цалдæр хатты ферттывта, æмæ цæстыфæныкъуылдмæ нæ фæрсты фæцъыввыттытæ кодтой нæмгуытæ. Æрдзы сабыры дардыл айхъуыстысты топпы гæрæхтæ æмæ кæйдæр цъæхахст хъæр. Æхста, знаг размæ цы къорд рарвыста, уый. Тæтæйрæгтæ фæхъæр кодтой, зæрдаивæй фехстой æмæ фæпырх сты. 

Бæстæ ныссабыр. Инæлар фæдзырдта тæлмацгæнæгмæ. Урс цухъхъа цы тæтæйрагыл уыд, уый йæм бараст æмæ æмыр хъæлæсæй, къухтæй амонгæйæ, иудзæвгар рæстæг йемæ ныхас кодта. 

— Булкъон Хасанов, бардзырд радт, æмæ адæм æмвæтæнæгæй фæпырх уой, — загъта инæлар сындæг, ивазгæ, фæлæ бæлвырд хъæлæсæй. 

Къорд бахæццæ цæугæдонмæ. Комы тар хæхтæ фæсте аззадысты, рухс кæнын байдыдта. Арв фæлурс стъалытæй зынди бæрзонддæр: скæсæны æрвгæрон байдыдта ферттив-ферттив кæнын, ныгуылæны ’рдыгæй дымдта уазал, уæнгты иннæрдæм чи хызт, ахæм дымгæ, æмæ доны сæрмæ фæлурс мигъ, тæфау, йæхи уæлæмæ иста. 

 

VIII
 

Фæндагамонæг нын бацамыдта донуайæн, æмæ фыццаг нæ колоннæйы сæр, уый фæстæ та инæлар йæ фæсдзæуинтимæ хизын райдыдтой фаллаг фарсмæ. Дон бæхтæн уыд сæ риутæм, ранæй-ран доны æмвæз чи зынди, уыцы урс дурты æхсæнты æнахуыр тыхджынæй калди, æмæ бæхты къæхты цур фынк калгæйæ сæх-сæх кодта. Бæхтæ дисгæнæгау кодтой доны уынæрыл, сæ сæртæ-иу уæлæмæ систой, сæ хъустæ-иу фæгæмæл кодтой, фæлæ сындæггай æмæ арæхстгай цыдысты дзыхъхъытæ-мыхъхъытæ доны. Барджытæ сæ къæхтæ æмæ гæрзтæ уæлæмæ истой. Фистæг æфсæддонтæ, айдагъ хæдæтты, сæ берданкæтыл сæ дзаумæтты тыхтæгтæ сæвæргæйæ æмæ сæ хæрдмæ сисгæйæ, ссæдзгæйттæ-ссæдзгæйттæ кæрæдзи къухтыл ныххæцыдысты æмæ афтæмæй тыххæйты лæгæрстой доны цæвæны ныхмæ. Сæ цæсгæмттыл бæрæг уыди, уый сын æнцонтæй кæй не ’нтысы. Бæхтæрджытæ-иу сæ бæхты хъæргæнгæйæ сæппæй баскъæрдтой доны æмæ-иу сармадзанты æмæ, хаттæй-хатт сæ сæрты дон кæмæн ранхъæвзта, уыцы цъæх ахуырст асыччыты гыбар-гыбур ссыд дурджын донуайæныл; фæлæ хаст бæхтæ уыциу хæст кодтой, æмæ-иу доны фынк скалгæйæ, хуылыдз дымджытимæ æмæ бæрцытимæ фаллаг фарсмæ сгæпп кодтой. 

Доныл куыддæр бахызтыстæм, афтæ инæлары цæсгомыл æваст фæзынд цавæрдæр арф хъуыды, йæ бæх разылдта æмæ бæхджын æфсадимæ асæпп кодта, хъæды астæу нæ размæ цы фæтæн æрдуз байгом, ууыл. Хъазахъхъаг барджытæ æмвæтæнæг фæпырх сты хъæдгæрæтты. 

Хъæды дардмæ бæрæг дары фистæг лæг цухъхъа æмæ уæлдзарм худы, чысыл фалдæр иннæ, æртыккаг... Афицертæй чидæр сдзырдта: «Уыдон тæтæйрæгтæ сты». Мæнæ бæласы фæстæйæ фæзынд фæздæджы цъупп... гæрах, гæрах. Нæ арæх æхстæй нал хъуысынц знаджы гæрæхтæ. Æрмæст стæм хатт, нæ фæрсты бындзытау сындæггай дывдывгæнгæйæ цы нæмгуытæ тахти, уыдонæй бæрæг уыди, гæрæхтæ иууылдæр мах кæй не сты, уый. Мæнæ фистæг æфсæддонтæ згъоргæйæ, стæй сармадзантæ, сæппæй сæ ластой, афтæмæй фæйнæрдæм фæпырх сты; хъуысы сармадзанты гуывгуывгæнаг гæрæхтæ, картечы æхситт, ракетæты сыф-сыф, топпыты къæр-къæр. Фæтæн æрдузы алы рæтты зынынц бæхджын, фистæг æфсæдтæ æмæ артиллери. Сармадзанты, ракетæты æмæ топпыты фæздæджы иу кодтой, æртæх ма кæуыл уыд, уыцы зайæгойтимæ, стæй мигъимæ. Булкъон Хасанов цыппæрвадыгæй батахти инæлары размæ æмæ дзыхълæуд фæкæнын кодта йæ бæхы. 

— Уæ бæрзонддзинад! Бар раттут бæхджын æфсады ауадзынæн, значоктæ8 фæзындысты, — йæ къух уæлдзарм худы раз авæргæйæ, загъта уый æмæ бацамыдта тæтæйраг барджытæм. Уыдонæн сæ разæй цъæх бæхтыл цыдис дыууæ лæджы, сæ къухты, сырх æмæ цъæх гæппæлтæ конд кæуыл уыд, ахæм лæдзджытæ, афтæмæй. 

— Хуыцау уæ афæндараст кæнæд, Иван Михайлыч! — загъта инæлар. 

Булкъон йæхи мидæг разылдта бæхы, фелвæста æхсаргард æмæ фæхъæр кодта: «Ура!» 

— Урра! Урра! Урра! — æмæ бæхджын æфсад афсæрста йæ фæдыл. 

Иууылдæр кастысты зæрдиагæй: мæнæ иу значок, иннæ, æртыккаг, цыппæрæм... 

Ныббырстмæ нæ банхъæлмæ кæсгæйæ, знаг фæаууон хъæды æмæ уырдыгæй топпытæй æхсын райдыдта. Нæмгуытæ цъыввыттытæ кодтой арæхæй-арæхдæр. 

— Quel charmant coup d’oeil!9 — загъта инæлар, йæ лыстæгкъах сау бæхыл сындæгтæй англисаг здæхт гæппытæ кæнгæйæ. 

Charrmant! — дзуапп радта майор æмæ, бæхыл ехс æруадзгæйæ, бараст инæлармæ, — C’est un vrrai plaisirr, que la guerre dans un aussi beau pays10 — загъта уый. 

— Et surtout en bonne compagnie11, — зæрдæмæдзæугæ худт бакæнгæйæ йæм бафтыдта инæлар. 

Майор йæ сæр æркъул кодта. 

Уыцы рæстæг куыддæр æвзæр сыфсыфгæнгæйæ æрбатахт знаджы сармадзаны нæмыг æмæ дæуылдæр сæмбæлд; фæстæрдыгæй фехъуыст цæф адæймаджы хъæрзын. Уыцы хъæрзт мæ цыдæр ахæм æнахуыр дисы бафтыдта, æмæ тохы нывы рæсугъддзинад уадидæгмæ мæ цæстыты ницыуал уыди, фæлæ цыма уый мæн йеддæмæ ничи бафиппайдта: куыд зыны, афтæмæй уæртæ майор стыр зæрдиагæй худы; иннæ афицер æнцад кæны йæ ныхасы кой; инæлар кæсы æндæрырдæм æмæ йæ мидбылты æнахуыр сабыр худгæйæ цыдæр дзуры францусагау. 

— Бар мын раттут сæ æхстæн дзуапп дæттынæн, — базгъоргæйæ бафарста артиллерийы хицау. 

— О, фæтæрсынтæ сæ кæнут, — сигарæ сдымгæйæ, æнæбары хуызы загъта инæлар. 

Батарей рæнхъ ралæууыд, æмæ гуыпп-гæрах сарæх. Зæхх гæрæхтæй хъæрзы, иудадзыг ферттив-ферттив кæны рухс æмæ фæздæг цæстытæ æхгæны. Сармадзанты цур цы æфсæддонтæ змæлы, уыдон ма тыххæйты зынынц. 

Хъæуы нал æхсынц. Ногæй та æрбацыд булкъон Хасанов æмæ, инæлары бардзырдмæ гæсгæ, фæтъæбæртт кодта хъæумæ. Хæсты хъæр та фехъуыст, æмæ бæхджын æфсад, рыг йæ сæрмæ сисгæйæ, цæстытæй фæаууон. 

Уый æцæгдзинадæй дæр уыд стыр рæсугъд ныв. Гъе, æрмæст иу хъуыддаг хæлдта, цы æнкъарæнтæ мæм сæвзæрд, уыдон. Æз ахæм ран фыццаг хатт сæмбæлдтæн, ахуыр нæма уыдтæн, æмæ мæнмæ бынтон уæлдай кастысты уыцы змæлд дæр, разæнгарддзинад дæр, хъæр дæр. Æваст-иу мæ зæрдыл æрбалæууыд, йæ тых, йæ бонæй уæлдæф фæрæтæй чи фæлыг кæны, ахæм адæймаг. 

 

IX
 

Хъæу бацахстой не ’фсæдтæ, æмæ йæм инæлар йæ фæсдзæуинтимæ (уыдоны æхсæн æз дæр фæныхстæн) куы бахæццæ, уæдмæ уым знæгтæй иу удгоймаг дæр нал уыд. 

Даргъ сыгъдæг агъуыстытæ тъæпæн зæххын уæлхæдзæрттимæ æмæ рæсугъд трубатимæ æвæрд уыдысты дæлæ-уæлæ дурджын къуыбыртыл. Се ’хсæнты калд чысыл дон. Иуырдыгæй хуры ирд рухсмæ цъæх-цъæхид дардтой дыргъдзæхæрадæттæ кæрдо æмæ æхсынцъы бæлæстимæ; аннæрдыгæй хæрдмæ сагъдауæй лæууыдысты цавæрдæр æнахуыр аууæттæ, уæлмæрдты уырдыгæвæрд бæрзонд дуртæ æмæ даргъ хъæдын хъилтæ, сæ кæрæттыл къоритæ æмæ алыхуызон тырысатæ конд, афтæмæй. Уыдон уыдысты сахъ барджыты ингæнтæ. 

Æфсæдтæ куыд æмбæлы, афтæ æгъдауыл лæууыдысты фæскулдуар. 

Минуты фæстæ драгунтæ, хъазахъхъ æмæ фистæг æфсæддонтæ æргом цингæнгæйæ фæпырх сты гакъон-макъон уынгты, æмæ æдзæрæгхуыз хъæу уадидæгмæ змæлæг сси. Иу ран ныккалди цар, хъуысы фæрæты дзæхст-дзæхст фидар хъæдыл, æмæ фæйнæг дуар æддæмæ рæмудзынц, иннæ ран ссыгъди хосы цъына, æмбонд, хæдзар, æмæ бæзджын фæздæг сыгъдæг уæлдæфы хæрдмæ фæцыд. Мæнæ хъазахъхъаг фæхæссы ссады голлаг æмæ гауыз; салдат цингæнгæйæ хæдзарæй рахаста зестын тас æмæ цавæрдæр пыскъуыл; иннæ салдат, йæ къухтæ ныппæлæхсар кæнгæйæ, архайы, æмбонды рæбын уасгæйæ чи сдыууæрдæм, уыцы дыууæ карчы æрцахсыныл, æртыккаг салдат та кæмдæр ссардта стыр хъуывгъан æхсыримæ, нуазы дзы, стæй йæ, йæ хъæлæсыдзаг ныххудгæйæ фехста зæхмæ. 

Æз № фидарæй цы батальонимæ цыдтæн, уый дæр уыд хъæуы. Капитан бадти хæдзары сæр. Йæ цыбырхъæд лулæйæ уыцы æнахуыр тамакойы фæздæг ахæм æнæмæтхуызæй уагъта, æмæ йæ куы ауыдтон, уæд мæ æрбайрох, хæцæг хъæуы дæн, уый. Афтæ мæм фæкаст, æмæ дзы цыма раст мæнæ мæхи хæдзары дæн. 

— А! Ды дæр ам дæ? — загъта уый, мæн ауынгæйæ. 

Бæрзонд поручик Розенкранц-иу рæстæгæй-рæстæгмæ фæзынд куы иу ран, куы иннæ ран; уый æнæрæнцайгæйæ уынаффæтæ кодта æмæ йæ бакаст уыд, стыр мæт кæй бацыд, ахæм адæймаджы хуызæн. Æз федтон, уый иу хæдзарæй стыр уæлахизхуызæй куыд рацыд, уый, йæ фæдыл дыууæ салдаты къухтæбастæй кодтой ацæргæ тæтæйраджы. Тæтæйрагыл уыди, бызгъуыртæкалгæ фæйнæрдæм чи хауд, ахæм хъулæттæ куырæт æмæ æмпъызтытæ хæлаф. Зæронд лæг ахæм тæнтъихæг уыд, æмæ адæймагмæ афтæ касти, цыма йæ гуыбыр фæсонты ’рдыгæй фидар баст мæллæг къухтæ йе уæхсчытыл тыххæй хæцыдысты. Йæ зылын бæгъæввад къæхтæ тыххæйты райс-байс кодта. Йæ цæсгом æмæ суанг йæ даст сæрыл зындысты арф æнцъылдтæ: сæнт урс æлвыд зачъетæ æмæ рихиты æхсæн бæрæг дардта йе ’нæдæндаг, чи ныззылын, уыцы дзых æмæ æнæрæнцайгæйæ змæлыд, цыма раст исты æууылдта, афтæ, фæлæ уæддæр йæ æнæхау сырх цæстытæ цæхæртæ калдтой æмæ сæ бæлвырд зынди, цæра-нæцæра, уый йын уæлдай кæй нал у, уый. 

Розенкранц æй тæлмацгæнæджы æххуысæй бафарста, иннæтимæ цæуылнæ ацыд, уымæй. 

— Кæдæм цæуон? — æнцад, иуварс кæсгæйæ загъта уый. 

— Иннæтæ кæдæм ацыдысты, уырдæм, — бафиппайдта чидæр. 

— Нæ сахъ адæм ацыдысты уырысимæ хæцынмæ, æз та зæронд дæн. 

— Æмæ ды уырыссæгтæй нæ тæрсыс. 

— Цы мын кæндзысты уырыссæгтæ. Æз зæронд дæн, — загъта та уый, йæ алыварс цы къорд æрæмбырд, ууыл æнæбары хуызы йæ цæст ахæсгæйæ. 

Фæстæмæ здæхгæйæ æз федтон, уыцы зæронд æнæ худæй, баст къухтæй хъазахъхъаджы фæсарц куыд æрдзедзырой æмæ йæ алфамбылай уыцы куыдфæндыйы цæстæнгасæй куыд касти, уый. Зæронд лæг хъуыди уацайрæгтæ ивынæн. 

Æз схызтæн уæлхæдзармæ æмæ æрбынат кодтон капитаны цур. 

— Знæгтæ бирæ нæ уыдысты, æвæццæгæн, — загътон æз, чи ахицæн, уыцы хъуыддаджы тыххæй йын йæ хъуыды базоныны фæндимæ. 

— Знæгтæ? — афæзмыдта мæ уый дисгæнгæйæ.— Цæй знæгты кой кæныс? Уый знаг хуыйны... Мæнæ изæры фендзынæ, фæстæрдæм куы фессæндæм, уæд сæ «фæндараст» зæгъынмæ нæ фæдыл цас ракæлдзæн, уый! — бафтыдта уый йæ ныхасыл, райсомæй цы хъæдбыныл æрбахызтыстæм, уымæ йæ лулæйæ амонгæйæ. 

— Уый та цы у? — капитанæн йæ ныхас фæуромгæйæ æмæ, махмæ хæстæг цæуылдæр цы донаг хъазахъхъæгтæ скъорд, уыдонмæ амонгæйæ, тыхстхуызæй бафарстон æз. 

Хъазахъхъæгты æхсæнæй хъуыст сабийы кæуынау цыдæр мыртæ æмæ ныхæстæ: 

— Гъе, лыг нæ... фæлæуу... Фендзысты нæ... Кард дæм ис, Евстигнеич?.. Кард æри. 

— Исты та уарынц, æвæццæгæн, цъаммартæ, — æвæлмæстæй загъта капитан. 

Фæлæ уыцы минут æвиппайды тигъы фæстейæ тарстхуызæй разгъордта рæсугъд прапорщик æмæ йæ къухтæ тилгæйæ басхъиудта хъазахъхъæгтæм. 

— Ma ’вналут, ма йæ нæмут! — хъæр кодта уый сывæллоны хъæлæсæй. 

Афицеры фенгæйæ, хъазахъхъæгтæ фæйнæрдæм алæууыдысты æмæ феуæгъд кодтой цъæх сæныччы. Æрыгон прапорщик фæкуыддæр, йæхи мидæг цыдæр сдыгъал-дыгъул кодта æмæ къæмдзæстыгæй æрлæууыд сæныччы раз. Уæлхæдзары мæн æмæ капитаны куы ауыдта, уæд прапорщик ноджы тынгдæр ныссырх æмæ нæм гæппытæ кæнгæйæ æрбазгъордта. 

— Æз афтæ æнхъæлдтон, æмæ сабийы амарынмæ хъавынц, — йæ мидбылты куыддæр къæмдзæстыг худт кæнгæйæ загъта уый. 

 

X
 

Инæлар бæхджын æфсадимæ ацыд размæ. Æз № фидарæй цы батальонимæ цыдтæн, уый баззад фæсте. Капитан Хлоповы æмæ поручик Розенкранцы ротæтæ чъылдыммæ цыдысты иумæ. 

Капитан цыдæриддæр загъта, уыдон иууылдæр æрцыдысты, цы хъæдбыны кой мын кодта, уырдæм куыддæр бахызтыстæм, афтæ дыууæрдыгæй дæр зынын байдыдтой бæхджын æмæ фистæг хохæгтæ. Уыдон афтæ хæстæг уыдысты, æмæ æз тынг хорз уыдтон, сæ иуæй-иутæ æд гæрзтæ гуыбыр-гуыбырæй иу бæласæй иннæмæ куыд згъордтой, уый. 

Капитан систа йæ худ æмæ дингæнæгау йæхиуыл дзуар бафтыдта: афтæ бакодтой ноджы зæронд салдæттæй чидæртæ дæр. Хъæды фехъуыст хъæртæ, ныхæстæ: «Гъей, джауыр. Гъæй, уырыс». Иу иннæйы фæдыл азæлдысты хус, цыбыр топпы гæрæхтæ. Нæмгуытæ цъыввиттытæ кодтой дыууæрдыгæй дæр. Махонтæ æнæдзургæйæ нæ ауæрстой дзуапп дæттыныл; салдæтты æхсæн хатгай фехъусæн уыд мæнæ ахæм ныхæстæн: «Акæса, уæртæ кæцæй æхсы, уымæн гъай-гъай y хорз хъæды аууонæй, сармадзан хъуыди бæргæ...» æмæ а.д. 

Сармадзанты-иу смидæг кодтой салдæтты æхсæн æмæ-иу картечæй цалдæр æхсты фæстæ афтæ зынд, цыма знаг фæлæмæгъдæр. Фæлæ та-иу минуты фæстæ æфсæдты алы санчъехæн дæр знаг фæтынгдæр кодта йæ æхст, хъæртæ æмæ аралло. 

Хъæуæй куыддæр иу-æртæфондзыссæдз сардзины бæрц чъылдыммæ рацыдыстæм, афтæ нæ сæрмæ зуыгъ-зуыгъ кæнын байдыдтой знаджы сармадзаны нæмгуытæ. Æз федтон, уыцы нæмгуытæй иу салдаты куыд амардта, уый... Нæ, фæлæ уыцы æбуалгъ нывы тыххæй бæстон цæмæн хъæуы дзурын, йæ ферох кæныны тыххæй мæхæдæг бирæ куы раттин, уæд. 

Поручик Розенкранц йæхæдæг топпæй æхста, æнæкæронскъуыдæй фæсус хъæлæсæй хъæр кодта салдæттыл æмæ цыппæрвадæй ратæх-батæх кодта рæнхъы иу кæронæй иннæмæ. Иу чысыл фæлурсгомау кæй уыд, уый хорз фидыдта йæ хæстмондаг цæсгомыл. 

Дзæбæх прапорщик цинæй марди, йæ рæсугъд сау цæстыты сыгъд æхсардзинады зынг, йæ цæсгом уыди худындзаст, капитаны иу ран нал уагъта, бар дзы куырдта ураимæ уыцы иу бырст акæныны тыххæй. 

— Max сæ асурдзыстæм, — ныфсджынæй дзырдта уый, — бауыр нæд дæ, асурдзыстæм сæ. 

— Ma кæн, — цыбыр дзуапп лæвæрдта капитан, — фæстæмæ цæуын хъæуы. 

Капитаны ротæ ахста хъæдрæбын æмæ зæххыл хуысгæйæ дзуапп лæвæрдта знаджы æхстæн. Капитан йæ зæрондгомау сюртучы æмæ счъилтæ худы, йæ цъæх бæхы рохтæ суадзгæйæ æмæ цыбыр æгъдæнцæйтты йæ къæхтæ æрбакъæдз кæнгæйæ, æмырæй лæууыд иу ран. (Салдæттæ сæ хъуыддаг афтæ хорз зыдтой æмæ кодтой, æмæ сын дзурын æппындæр ницы хъуыд). Æрмæст-иу хаттæй-хатт йæ хъæлæс фехъуыст, сæ сæр-иу уæлæмæ чи сдардта, уыдоныл куы хъæртæ кодта, уæд. 

Æдде бакæсгæйæ капитанмæ хæстмондагдзинадæй ницы зынд, фæлæ ахæм æнæсайд æмæ хуымæтæгхуыз уыд, æмæ мæ уымæй стыр дисы бафтыдта. «Гъе, уый дын æцæг хъæбатыр», — ахъуыды кодтон æз мæхинымæры. 

Уый уыди, алы хатт æй куыддæриддæрæй уыдтон, раст ахæм: йæ фезмæлдтытæ æнцад, йæ хъæлæс уыцы иухуызон, йæ фыдуынд, фæлæ хуымæтæгхуыз цæсгом — æнæхин; æрмæст йæ цæстæнгас уыди иннæ хæттытæй рухсдæр æмæ дзы уымæй бафиппайæн уыд, йæ хъуыддаг сабыр-æнцадæй чи кæны, ахæм адæймаджы. Æнцон зæгъæн у: кæддæриддæр куыд вæййы, раст ахæм. Фæлæ цас æмæ цас алы хуызы миниуджытæ фиппайдтон иннæтæм та: иуы фæнды, æнæуый куыд вæййы, йæхи уымæй æдыхстдæр хуызæй дарын, иннæйы — тызмæгдæр хуызæй, æртыккаджы хъæлдзæгдæр хуызæй; капитаны цæсгомæй та бæрæг у, барæй хи афтæ дарын цæмæн хъæуы, уый æмбаргæ дæр кæй нæ кæны. 

Ватерлоойы раз « La garde meurt, mais ne se rend pas»12, зæгъгæ, чи загъта, уыцы францусаг æмæ иннæтæ, уæлдайдæр та, зæрдылдаринаг зындгонд ныхæстæ чи дзырдта, уыцы францусаг хъæбатыртæ уыдысты æхсарджын æмæ æцæгдæр дзырдтой зæрдылдаринаг зындгонд ныхæстæ; фæлæ уыдоны хъæбатырдзинады æхсæн ис ахæм хъауджыдзинад, æмæ цавæрфæнды уавæры дæр мæ хъæбатыры зæрдæйы ахæм стыр ныхас куы фæзындаид, уæддæр æй цыфæндыйæ дæр нæ загътаид. Уый та, фыццаджыдæр, уымæн, æмæ, стыр ныхас зæгъгæйæ, уый тарстаид уымæй стыр хъуыддаг фехалынæй, дыккаджы та уымæн, æмæ адæймаг стыр хъуыддаг бакæныны тыххæй йæ тыхтыл йæ зæрдæ куы дара, уæд æй цавæрфæнды дзырд дæр нæ хъæуы. Гъе уый, мæнмæ гæсгæ, y уырыссаг хъæбатырдзинады сæрмагонд æмæ стыр миниуæг, æмæ куыд нæ хъуамæ рисса уый фæстæ уырыссаг зæрдæ, не ’рыгон хæстонты æхсæн францусаг зæронд хотыхдарындзинад фæзмынмæ ахъав-ахъавгæнджыты ницæйаг ныхæстæ куы хъуыстæуа, уæд. 

Рæсугъд прапорщик йе взводимæ кæм лæууыд, уыцырдыгæй æвиппайды æрбайхъуыст лæмæгъ, æнæбары ура. Уыцы хъæрмæ фæкæсгæйæ æз федтон, сæ къухты топпытæ, ce уæхсчытыл голджытæ, афтæмæй хуымгонд зæххыл иу дæс æмæ ссæдз салдаты тыххæй-амæлттæй куыд фæцæйзгъордтой, уый. Уыдон тахтысты къуырццытæ æмæ кæлдтытæ кæнгæйæ, фæлæ цыдысты раздæрæйраздæр æмæ хъæр кодтой. Сæ разæй æхсаргард æлвæстæй саргъыбæхыл згъордта æрыгон прапорщик. 

Иууылдæр фæаууон сты хъæды... 

Хъæрты æмæ гæрæхты гыбар-гыбуры цалдæр минуты фæстæ хъæдæй разгъордта тарст бæх. Мæрдты æмæ цæфты хæсгæйæ уалынджы разындысты салдæттæ дæр; цæфты æхсæн уыд æрыгон прапорщик. Дыууæ салдаты йын хæцыдысты йæ дæлæрмтты. Уый уыд цикъæйау фæлурс, йæ рæсугъд сæр куыддæр æнахуыр арф ацыд йе уæхсчыты æхсæн æмæ æрхауд йæ риуыл. Минуты размæ дæр ма йын йæ цæсгом рæсугъд чи кодта, уыцы хæстон разæнгарддзинадæн ма баззад æрмæст йæ аууон. Æфтыд сюртучы бын урс хæдоныл зынди туджы чысыл стъæлф. 

— Ехх, æвæдза, цы тæригъæд y! — æнæбары схауд мæ дзыхæй, уыцы æнкъард нывæй мæхи куыд азылдтон, афтæ. 

— Кæй зæгъын æй хъæуы, тæригъæд у, — загъта, йæ берданкæйыл æрынцайгæйæ, мæ цуры тарæрфыгæй цы зæронд салдат лæууыд, уый. — Ницæмæй тæрсы æпиындæр: цыма афтæтæ гæнæн ис! — цæфмæ æдзынæг кæсгæйæ бафтыдта уый йæ ныхасмæ. — Æдылы y нырма — æмæ йæ уый фæсайдта. 

— Æмæ ды дæр тæрсыс? — бафарстон æй æз. 

— Æмæ, уæдæ, нæ! 

 

XI
 

Цыппар салдаты сынты уæлæ хастой прапорщикы, сæ фæдыл форштатаг салдат кодта мæллæг, стад бæхы. Бæх йе рагъыл хаста, фельдшерты кусæнгарз кæм уыд, ахæм дыууæ цъæх асыччы. Æнхъæлмæ кастысты дохтырмæ. Афицертæ-иу хæстæг бацыдысты насилкæтæм æмæ архайдтой цæф адæймагæн зæрдæтæ авæрыныл æмæ йæ фæныфсджындæр кæныныл. 

— Гъе, ме ’фсымæры хай, Аланин, ныр дын уидгуытимæ тагъд акафæн нал уыдзæн, — уæлбæхыл æрбацæугæйæ, йæ мидбылты худгæйæ, загъта поручик Розенкранц. 

Уый, æвæццæгæн, æнхъæлдта, æмæ уыцы ныхæстæ фæныфсджындæр кæндзысты рæсугъд прапорщикы, фæлæ уымæн йæ уазал æмæ æнкъард цæстæнгасæй бамбарæн цас уыди, уымæ гæсгæ уыцы ныхæстæ ахæм ахъаз нæ фесты. 

Æрбацыд капитан дæр. Уый æдзынæг ныккаст цæф прапорщикмæ. Йæ уыцы иудадзыг æвæлмас æмæ уазалæнгас цæсгом куыд аивта, уымæй бæрæг уыд, тынг тæригъæд ын кæй кæны, уый. 

— Куыд дæ, мæ зынаргъ Анатолий Иваныч, — загъта уый, æнхъæл ын куыд нæ уыдтæн, ахæм зæрдиаг, буц хъæлæсæй. — Хуыцауы афтæ бафæндыд, æвæццæгæн. 

Цæф прапорщик æм ракаст, йæ фæлурс цæсгом фæрухсдæр мидбылты æнкъард бахудтæй. 

— О, дæумæ нæ байхъуыстон. 

— Нæ фæлæ, зæгъ: Хуыцауы афтæ бафæндыд, — ногæй та загъта капитан. 

Æрбацыд дохтыр, фельдшерæй райста бинтытæ, сгарæн тел, стæй æндæр хъæугæ кусæнгарз æмæ йæ дыстæ бафистæг кæнгæйæ, хъæлдзæг хуызæй бацыд цæф адæймагмæ. 

— Гъы, æнхъæлдæн æмæ дæуæн дæр æнæвнæлд бынаты хуынкъ скодтой, — загъта уый хъазгæйæ. — Ракæ-ма йæ. 

Прапорщик йæ коммæ бакаст, фæлæ хъæлдзæг дохтырмæ цы цæстæнгас аздæхта, уым зынди дис æмæ уайдзæф. Дохтыр сæ нæ бафиппайдта. Уый бавнæлдта цæф бынат сгарынмæ æмæ уынынмæ, фæлæ цæф адæймаг нæ бабыхста æмæ йын, тынг хъæрзгæйæ, йæ къух аиуварс кодта... 

— Ныууадз мæ, — загъта уый сындæг хъæлæсæй, — уæддæр мæлгæ кæндзынæн. 

Уыцы ныхæстæ зæгъгæйæ æрхауд йæ фæсонтыл. Фондз минуты фæстæ, йæ уæлхъус цы къорд æрæмбырд, уымæ куы бацыдтæн æмæ салдаты куы бафарстон: «Куыд y прапорщик?», уæд мын дзуапп радтой: «Фæвæййы». 

 

XII
 

Æнафон сси, афтæ, фæтæн колоннæтæй рарæнхъ уæвгæйæ, къорд зарджытимæ фæцæйхæццæ кодта фидармæ. 

Хур фæаууон митджын рæгъты фæстæ æмæ йæ фæстаг фæлурс сырх тынтæ æппæрста ирд, сыгъдæг æрвгæрон цы даргъ, тæнæг æврагъ зынд, ууыл. Митджын хæхтæ ныгъуылын байдыдтой цъæхбын мигъы, æрмæст ма сæ уæллаг кæрæттæ диссаджы ирдæй зындысты хурныгуылды сæнт сырх рухсы. Мæй раджы скаст æмæ ныр урс дардта тарбын цъæх арвыл. Кæрдæджы æмæ бæлæсты цъæх хуыз тар кæнын байдыдта, фæзынди сыл æртæх. Æфсады сау дзыгуыртæ æнæ уæлдай уынæримæ цыдысты бæзджын уыгæрдæныл, алырдыгæйты хъуыстысты барабанты цагъд, хъæлдзæг зарджытæ. Æхсæзæм ротæйы хъырнæджы хъæлæс хъуысти иттæг тыхджынæй, æмæ рæсугъд, зæрдæбын зарæг дардыл азæлыд изæры сыгъдæг уæлдæфы. 

 

1852 аз 

______________________________________ 

 

1 Де ’зæр хорз, графиня. 

2 Ды зоныс, æз ард кæй бахордтон пысылмæтты ныхмæ хæцыны тыххæй, æмæ уымæ гæсгæ, дæхи хъахъхъæн пысылмон суæвынæй. 

3 Цæй, хæрзбонтæ, инæлар. 

4 Нæ фенынмæ уал, — ма дæ ферох уæд, сом изæр дæм кæй цæудзынæн, уый. 

5 Кавказы дæттæ раивылынц июлы мæйы (авторы фиппаинаг). 

6 Наибтæ хонынц, Шамил исты хицаудзинад кæй къухты бакодта, ахæм адæймæгты (авторы фиппаинаг). 

7 Дзырд «мюрид» æмбæрстгонд цæуы алы хуызы, фæлæ йæ ам цы хъуыдыйæ спайда кодтой, уым амоны адъютанты æмæ хъахъхъæнæджы æхсæн цавæрдæр цин (авторы фиппаинаг). 

8 Знaчок — хохæгты æхсæн тырысайæ уæлдай нæу, æрмæст æй скæнын æмæ йемæ хæссын йæ бон y алы барæгæн дæр (авторы фиппаинаг). 

9 Цы диссаджы дзæбæх ныв у! (францусагау). 

10 Зæрдæскъæфæн! Ахæм дзæбæх бæстæйы лæг хæцынæй нæ бафсæддзæн (францусагау). 

11 Уæлдайдæр та хорз хæлæртты æхсæн (францусагау). 

12 «Гварди амæлы, уæддæр йæхи нæ ратты» (францусагау). 

 



<==    Комментарии (0)      Версия для печати
Реклама:

Ossetoans.com OsGenocid ALANNEWS jaszokegyesulete.hu mahdug.ru iudzinad.ru

Архив публикаций
  Января 2024
» О чем рассказали восточно-европейские руны
  Ноября 2022
» От Кавказа до Волги
  Августа 2022
» Кавказцы глазами русских: говорят архивные документы...
  Марта 2022
» К вопросу о заселении Фиагдонской котловины, по данным фамильных и народных преданий
» О новых именах в истории царственного дома средневековой Алании
  Февраля 2022
» К ВОПРОСУ ОБ УДЕЛЬНЫХ ВЛАДЕТЕЛЯХ УАЛЛАГКОМА ПО ФАМИЛЬНЫМ, НАРОДНЫМ ПРЕДАНИЯМ И АРХИВНЫМ МАТЕРИАЛАМ
  Декабря 2021
» Осетинская религия; религия осетин (Ирон дин)
  Мая 2021
» Иверская (Моздокская) икона Божией Матери
  Мая 2020
» Соотношение понятий Æгъдау, религия (дин), вера во внутриосетинской дискуссии
  Июля 2019
» Открытое обращение представителей осетинских религиозных организаций
  Августа 2017
» Обращение по установке памятника Пипо Гурциеву.
  Июня 2017
» Межконфессиональный диалог в РСО-Алании состояние проблемы
  Мая 2017
» Рекомендации 2-го круглого стола на тему «Традиционные осетинские религиозные верования и убеждения: состояние, проблемы и перспективы»
» Пути формирования информационной среды в сфере осетинской традиционной религии
» Проблемы организации научной разработки отдельных насущных вопросов традиционных верований осетин
  Мая 2016
» ПРОИСХОЖДЕНИЕ РУССКОГО ГОСУДАРСТВА
» НАРОДНАЯ РЕЛИГИЯ ОСЕТИН
» ОСЕТИНЫ
  Мая 2015
» Обращение к Главе муниципального образования и руководителям фракций
» Чындзӕхсӕвы ӕгъдӕуттӕ
» Во имя мира!
» Танец... на грани кровопролития
» Почти 5000 граммов свинца на один гектар земли!!!
  Марта 2015
» Патриоту Алании
  Мая 2014
» Что мы едим, или «пищевой терроризм»