Цгъойты Хазби
Газет «Рæстдзинад»,
2011 азы 9 апрель
Алы адæммæ дæр ис йæхи æгъдæуттæ. Хорз сты, æвзæр — уыдон дзурæг сты йæ дунембарынад æмæ удыхъæдыл. Ирон лæг алкæддæр йæ сæр сæрмæ хаста, йе ’гъдау нывыл уыд: йæ рацыд, йе сныхас, йæ бадт, йæ дзаумайы конд, йе ’ддаг бакаст, йæ салам дæттын уагыл уыдысты. Ирон лæг йæхи мæгуыр æмæ æдыхæй никуы æвдыста, кæд-иу мæгуыр æмæ æдых уыди, уæддæр. Йæ адæймагдзинад дæлæмæ нæ уагъта. Худинаджы бæсты мæлæт æвзæрста. Æцæгæлоны, æнæбоны, кæстæры, сылгоймаджы æфхæрын нæ уагъта.
Ныр æндæр у уавæр, цард ныггæлиртæ, æвзæр æмæ хорз, раст æмæ зылын дзы кæрæдзийæ фæхицæн кæнын фæзын. Гъе уымæ гæсгæ фæрстытæ бирæ. Фæрсынц: Ирон нæлгоймæгтæ, уæлдайдæр фæсивæд куы фембæлынц, уæд кæрæдзийæн, суанг сылгоймæгтæн дæр хъæбыстæ цæмæн кæнын райдыдтой?
Ирон нæлгоймæгтæ кæрæдзийы къухтæ æрвылбон исын дæр æрæджы райдыдтой. Йæ къух истой уазæгæн, æгас цу, зæгъгæйæ. Уымæн дæр лæугæйæ. Къухтæ кæрæдзимæ лæвæрдтой, исты хъуыддагыл-иу куы бафидыдтой, уæд. Суанг ма-иу уыгард дæр ныккодтой. Æфсымæртæ, æрдхæрдтæ-иу кæрæдзийæ куы загътой, уæд-иу сæ къухтæ кæрæдзимæ радтой. Къостамæ кæсæм: «Цæйут, æфсымæртау, радтæм нæ къухтæ абон кæрæдзимæ, Иры лæппутæ!..»
Æрвылбон фембæлды кæрæдзийæн, стæй æцæгæлæттæн ирон нæлгоймæгтæ салам лæвæрдтой ныхасæй: «Æгас цу!», «Дæ бон (дæ изæр, дæ райсом) хорз» æмæ æндæр дзырдтæй. Уымæй-иу сæр чысыл фæкъул кæнгæйæ, рахиз къух зæрдæйы сæр авæрдтой. Ныр кæрæдзийыл ныттыхсынц, рустæ кæрæдзийыл авæрынц, суанг батæ кæнынмæ дæр бавналынц. Раст сылгоймаджы митæ.
Сылваз, сылычи нæлгоймаг та ирон адæммæ æгад уыд. Гъе уымæ гæсгæ абон хистæртæм нæлгоймагæй, сылгоймагæй — лæгты æмæ лæппуты хъæбыстæ сæ зæрдæмæ нæ цæуынц.
Нæ нæлгоймæгтæ кæрæдзийæн хъæбыстæ кæнын райдыдтой гуырдзы æмæ нæ иннæ сыхæгты фæзмгæйæ. Æмæ дзы хорзæй ницы ис. Цæстытыл ауайын кæнынц Советон Цæдисы разамонæг Леонид Брежневы хъæбыстæ æмæ адджын пъатæ былтæн, бæстæйы уазджытæн æмæ йе ’мкусджытæн юбилейон бæрæгбæтты. Хъæбыс кæнын зæрдæйæ куы цæуа, уæд ын бауромæн нал вæййы, фæлæ Брежневæн чи хъæбыстæ кодта, уыдон фылдæр йе сæфтмæ бæллыдысты. Удæгас ма дзы чи у, уыдон ыл абон былысчъилтæ кæнынц. Æвæццæгæн, нæ ирон нæлгоймæгты хъæбыстæ æмæ цинтæ дæр фылдæр гæды митæ вæййынц. Бахъуыды сахат кæрæдзийы фарсмæ афтæ разæнгардæй нæ балæууынц.
Уыйхыгъд сæхи æгад кæнынц сылгоймæгты цæсты, сæ лæмæгъдзинæдты фæдыл кæй цæуынц, уый тыххæй. Нæлгоймаг царды хъуыддæгтæ æмæ æгъдæуттæ, фæтк сыхырнайæ луары, сылгоймаг та — сасирæй æмæ йын йæ хæстæм, куыстмæ, митæм, бар чи дары, уыдоныл уæлæхох кæны. Нæлгоймаджы йæ уынын фæнды фидар зонд, рæсугъд æгъдау æмæ ныфджын адæймаг. Йæ лæмæгъдзинад кæй аууон бамбæхса, царды кæуыл æнцой кæна! Ахæм лæгæн йæ лыстæг уæрст æмæ тыхджын уарзт нæ, фæлæ йæ уд дæр нæ бавгъау кæндзæн. Ахæмтæй сæхи дарын фæрæзтой нæ фыдæлтæ æмæ къæмдзæстыг нæ уыдысты сæ сылгоймæгты раз.
Ирон нæлгоймаг бирæ нæ дзырдта, ныхасыл æлгъин уыд, уæлдайдæр сылгоймагимæ. Йæ ныхасæн аргъ кодта, хицау ын уыд. Ныр дзы иуæй-иутæн се ’фсæртыл куырой разилдзæн — дзæгъæл дзырдæй сын бафсис нал ис.
Хъомыл кæнын нæм райдыдтой уаллонау ратас-батас чи кæны, æнæныфс æмæ сылгоймагау дамдумтæгæнаг нæлгоймæгтæ. Сæ сæр сæрмæ нал хæссынц æмæ цæттæ сты сæ устыты фæдджиты аууон цæрынмæ дæр. Сæ уаг, сæ ми сын исынц. Афтæ сын æнцондæр у цæрын. Лæгдзинад ницæмæуал дарынц, сылваз митæ кæнынц. Хъæбыстæ æмæ батæ кæнын дæр сты уыдонæй.