Хъодзаты Æхсарыл рагæй æрхæцыд мæ цæст. Дих кодта нæ иннæ интеллигецийæн сæ фылдæрæй. Бæрæг уыди Ирыстоны сæраппонд йæ удыл дæр кæй нæ бацауæрстаит уи.
Бæллæх ис нæхи мидæг , нæ сæрты магъзты, нæ уды конды, нæ дуджы (коммунистон) дыдзæсгомдзинады. Зайлаг калм нæхи мидæг ис. Кæй йæ фæнды фенын уый, йæ æнцонтæй
ыссардзæн йæхи мидæг æмбæхстæй. Хъахъæнæм æй, раст цкурайы фæрдыгау. Лæгаулæг чи у,
уый райдайæт йæ тох йæхи ударæстимæ. Мæнæ Ленины кой дæр уый тыххæй скодтта Æхсар.
Ома, ызноны комсомолец æн уый уыдзæн æхсызгон. Мышление по блату – вот бич нынешней интеллигенции. Цалынмæ æцæг демократтæ нæ скæнæм нæхицæн бæрнон кусджытæ, уæдмæ нын нæй фервæзæн, ахизæн нæ сæрсæфæн фæндагæй. О катджын æмæ æхсарджын Æхсар, дæхæдæг æй хорз куы загътай къæбицгæс министры ныхас : - «ерунда» дам сты уыцы хъуыддæгтæ. Æмæ уыцы министры чи сывæртта министырæй? Райхъал у!
Дардыл æй цæмæ дзурæм. Далæма иппæрд хъæуты цы скъолатæ ис уырдæм бацу, æмæ ма дзы ирон ныхас фехъус. Къласмæ куы бацæуай уæд сывæллæттæ фестдзысты æмæ дын урыссагау ратдзысты салам – «здравствуйте». Ацы уавæр ахуырады министртæ нæ сывæрттой? Ирыстоны сæйраг газеты фыссынц æрмæсддæр уырыссагау. Æмæ газеты хицау чи у? Нæ Парламент æмæ хицауад!!! Журналисттæ-та иуылдæр сты уирæгтæ. Нæй нæм националон Республикæ. Рахæцæн ам ис. Не взаджы хицæуттæ (ахæмтæ дæр нæм ис, уæртæ Гуыриаты Тамерлан, æмæ йем кусæг Джуссойты Нафи .Йæхи философ хоны, Тамерлан -та æвзаджы профессор у), ирон æвзваджы кыд дæттынц фæссивæдæн фаджысæмхæццæ сæ дзырдуæтты уый дæр у ирд æвдисæн кæй нæм нæй националон хицауад æмæ Республикæ. Уартæ Гаппо цы сарызта цыбыр рæстæгмæ Ирыстоны сæраппонд (коммунист нæ уæвгæйæ), уый бæрц ничи сарæзта фæстаг 90 азы дæргъы…
Бæлццон! Ды дæр рæстытæ дзурыс, фæлæ бæллæхтæ арфдæр æбæхст ысты. Тымбыл къухæй ницы саразæн ис. Уый у рæдыд хъуыды. Уыцы рæстæджытæ раджы фесты. Цард аразынц ахуырад æмæ зоныныды бындурыл. Нарты хъайтарты рæстæг фæци. Тымбыл къухæй ис хойæн риу гориллæйы фæзмгæйæ…
FETT
|