Kobadu. Мæнмæ гæсгæ ирон æвзаджы нæй Кобади. Нæй дзы Коб дæр. Ис Хъуыбады æмæ Къоб. Хъуыбады чизоны амоны Къобы чи бады ахæм лæджы ном. Ирон «хъ» иннæ æвзæгты дзурынц «к», кæнæ «къ». Зæлланг ном «Къоб» баст у æви нæу къуырмæздæхт «Хъоб»-имæ – зын зæгъæн у. Арф къахын хъæуы.
Окрохъана йы тыххæй Къолаимæ быцæу кæнын зын у. Æвæццæгæн æй хорз нæ бадардтай дæ зæрдыл кæронмæ. Къолайæн йæ теоримæ гæсгæ, нæй реликттæ цыппар мырæй. Уый тыххæй нæ загътаить ома «хъана» иу реликт у зæгъгæ. Растдæр мæм кæсы «хъан+а». Йæ мидис «Окрохъана»-йæн æвдисы «Окро» нымайын йæхицæн «хъаныл». Ома ныфс дарæн бынатыл. Комы бахизæны æвæрд хъæуæн ахæм ном раттын у бæлвырд мидисджын ном.
«Окро»-йы тыххæй дыууæ ныхасы. «Ок» æмæ «ко», не сфидар сты ирон æвзаджы парахатæй. Фæлæ сæ сусæг мидис у ныхмæвæрд. Иу дзы куы райхалæм уæд иннаейы мидис дæр бамбарæн ис. Æркæсæм ма дзырд «кой» - мæ. «Й» («Ирон этимологийы буквары» йæ райхæлттон лæмбынæг дæр, нæ сайты), дзуры иумæйагыл, бирæнымæцоныл. Уымæ гæсгæ дзырд «кой» -йæн ис бирæнымæцон сусæг мидис. Ома, хъуыттаг æвдисы дыууæ кæнæ фылдæры астæу хабар. Иу дзы у дзурæг иннæ та (иннæтæ) хъусæг.
Цыбыр дзырдæй «ко»-йæн ис цыдæр кæныны мидис. Дзырд «кой» дзуры, кæнæ хъусын исты хабæрттæм, кæнæ дзурын исты хабæрттæ. Дзырд «ком»-ы дæр ахæм мидис «ко»-йæн у æвдисæн. Зын зæгъæн у цы равзæрд раздæр «ком», куыд æрдзон фæзынад, æви «ком», куыд дзыхы уæнг. Фæлæ та ам дæр «ко» дæтты мидис цы дæр мадзалон бынат кæм ис бирæ цæмæндæрты, æмæ кæмæндæрты. Ома æрдзон «комы» ис бацæуæн алкæмæн дæр, стæй дæ дзыхы дæр ис бирæ цыдртæ, æнæ нымадæй, æнæ номхыгъдæй, баппарын æмæ уый фæстæ бахæрын.Уымæ гæсгæ, кæд «ко» дзуры цыдæр гæнæн мадзалыл, уæд «ок» та хъуамæ амона «нæй гæнæн», «нæй мадзал».
Рахизæм «ро»-мæ, стæй уый фæстæ æркæсæм «окро»-мæ дæр. чизоны йын йæ мидисмæ фæхæстæгдæр уаиккам. «Ро», баст у хуримæ. «ронг»; «рохс»; «рон». Исын бамбарæн куыд хуры фæзмынын, рухс дæттынад.
Уыдæттæ хатгæйæ «окро» ис райхалæн куыд «хуры фæзмынын, фæлæ хур нæ уæвгæйæ». Æмæ сыгъзæринæй хуыздæр цы ис хуримæ абаргæйæ.
Цæмæй сбæрæг кæнæм бæлвырдæй кæй æвзаджы фæзынди аца ныхас, уый тыххæй абарын хъаеуы иу дæс, æссæдз, гуырдзйаг æмæ ирон дзырды. Чизоны рауайа баст дыууæ дзырдæй – ирон «хъан» æмæ гурдзыйаг «окро»-йæ. Ахæм фæзындытæ арæх вæййы дыууæ сыхаг адæмты астæу.
Бæлвырдæй зæгъæн ис «хъан» кæй у ирон, «а» та у гуырдзиаг фездæхт «Окрохъана»-йы номæн. Мæнмæ афтæ кæсы. Чизоны рæдыд хаттдзæгтæ дæр сты.
|