Æркæсæм ма этимологийы цæстæнгасæй. Абайты Васо куыд æмбары «этимологи» ахæм цæстæнгасæй нæ. Абайты Никъала цы этимологийы ахуырад (теория) скодта, уцы зондæй.
Райхалæм дзырддæ дыууæ хуызы: къуыдарагау æмæ иронау.
-Дзидза; «дзи+дза», Мыр «дз» -æн ис этимологион мидис – (дзых; дзæнгæрæг; дзурын) цыдæр, кæцыйы фæрцы арæст цæуынц мыртæ. Арæх «дз» фæдзурæм «ц»-ы, кæнæ
«цъ»-ый бæсты. Арæх уцы хуызы сфидар вæййы иуæй-иу ирон дзырдты. Зæгъæм: дзинад («цинады» бæсты); дзус («цъусы» бæсты); дзутт ( «цъуттайæ» арæст);
дзыкку («цъыкк у»- йæ); дзонгой (цонгой); дзыллæ (цыллæ); дзæрна (цъар нæ); дзæхст (цъæхаст); дзæххор (цъæх хор); дзæцц (цæст); дзенкъор (цъен къор); дзиба (цъиу) æ.а.д.
Этимологийы цæстæнгасæй «дз» у иннæ мыртæй цымыдисагдæр. Йæ сусæгтæ агуринаг ысты. Фæлæ, дыууæ мыры куы баиу вæййынц æмæ куы саразынц иу мидис, уæд уцы мидис базонын у ахсджиаг. Цы мидис ис «дзи»-йы? Æнцон ыссарæн нæу. Чи зоны нын феххуыс кæна дзырд «дзидзи». Кæд мыййаг ацы дзырд райгуырдис «цъирцъир»-æй? Сывæллон дзидзи фæдæйы, куы рахъомыл вæййы, уæд та рахизы «дзидза»-мæ? Нæ зонын. Арф къахын хъæуы. Фæлæ бæлвырдæй ис зæгъæн æмæ «джиджа»-йы æппындæр ницы мидис ис.
«Дж» амоны «æхсын», «тæхын», цыдæр тынг рæвдзæй (зæгъæм: «джиппæй уагъд»; «джебогъ»; «джигул»;). Афтæ сты æнæмидис иууылдæр къуыдайраг здæхт ныхæстæ. Никъалайы этимологи æмбарын кæны, къуыдайраг æвзаг кæй нæу æрдзон фæзынд. Æнæ мидис дзырдтæ вæййынц æндæр æвзагæй райст, кæнæ та, мæнæ къуыдараг æвзаджы хуызæн, арæзт æвзæгтæ(искуственные языки). Кæд уый раст у уæд æй чи æрхъыды кодта æмæ цæмæн? Фыстон ацы фарстайыл цалдæр хатты. Кæд къуыдайраг æвзаджы ахадындзинад цыфæнды вазыгджын у абоны æвзагзонады цæстæй, уæддæр мæм кæсы ноджы ахсджиаг дæр нæ исторыйы цаутæ, нæ историйы æцæгдзинæдтæ, базонын.
|