Iriston.com
www.IRISTON.com
Цæйут æфсымæртау раттæм нæ къухтæ, абон кæрæдзимæ, Иры лæппутæ!
Iriston.com - история и культура Осетии
Кто не помнит прошлого, у того нет будущего.
Написать Админу Писать админу
 
Разделы

Хроника военных действий в Южной Осетии и аналитические материалы

Публикации по истории Осетии и осетин

Перечень осетинских фамилий, некоторые сведения о них

Перечень населенных пунктов Осетии, краткая информация о них и фамилиях, в них проживавших

Сборник материалов по традициям и обычаям осетин

Наиболее полное на сегодняшний день собрание рецептов осетинской кухни

В данном разделе размещаются книги на разные темы

Коста Хетагуров "Осетинскя лира", по книге, изданной во Владикавказе (Орджоникидзе) в 1974 году.


Перечень дружественных сайтов и сайтов, схожих по тематике.



Rambler's Top100 Рейтинг@Mail.ru Индекс цитирования
Статьи Словари
Здравствуйте, Гость
Регистрация | Вход
Опубл. 31.01.2011 | прочитано 4756 раз |  Комментарии (1)     Автор: Tabol Вернуться на начальную страницу Tabol
ТЫЗМÆГ ФЫДЫ ГАКК

ДЕГЪУАТЫ Соня 

Журнал «Мах дуг», 2001, №3 

 

Радзырд
 

Хур ныгуылæнмæ фæцæйхæццæ кодта, йæ тынты æндæвдад æрлæмæгъ, уæддæр Мани йæ изæры зылдтытæ кæнынмæ нæма бавнæлдта — нæ сæм тасыд йæ къух, йæ чызг афоныл йæ куыстæй кæй нæ зынди, уый тыххæй. Ноджы ма йæ йæ галиу æрфыг дæр схæр-схæр кодта æмæ бынтондæр скатай, мастмæ мын фæцæуы, зæгъгæ. 

— Сау сыджыт дæ бахæра, куы ма мæ ныууадзай! — аныхта та йе ’рфыг æмæ уаты бæстастæу иуцасдæр лæугæйæ аззад. — Омæ кæм уа уæддæр ацафонмæ куыствæллад, хуыссæгхъуагæй? Стæй телефонæй та куыннæ ’рбадзырдта иннæ хæттыты хъау-джыдæр, нæ йæ зоны, мæ зæрдæ йæм кæй æхсайдзæн, уый? — йæхицæн ныхæстæ-гæнгæ скасти къулы сахатмæ. 

— Нæ, уый дзæгъæл хуымæтæджы нæ фæстиат кæндзæн! — фæкаст телефонырдæм. — Уæд та йæм мæхæдæг фæдзурин... Фæлæ та йын хъыг куы уа уый дæр. Мæ къахдзæфтæ мын дисынæй цы барыс, зæгъгæ, та зæгъдзæн. —Мани ма иуцасдæр алæууыд йæ мидбынаты, стæй уæддæр систа хæтæл. 

— Хъусын дæм! — райхъуыст æм ацæргæ сылгоймаджы хъæлæс. 

— Гъемæ дæ цæрæнбон бирæ æмæ фарны хабæрттæ хъус! Фæлæ дын кæд зын нæу, уæд мын Винерæмæ куы фæдзурис! 

— Æмæ йын ды чи дæ, бахатыр кæн, фæлæ? Тынг æнæвдæлон у Винерæ, æндæр мын æм бадзурын зын нæу. 

— Йæ мад дæн, бæргæ, æмæ йæм мæ зæрдæ ‘хсайы, æрæгмæ цæуы ’мæ. Мæхицæн бынат нал арын. 

— Ма йæм æхсайæд дæ зæрдæ, дзæбæх у. Фæлæ йæ фыццаг хатт кæмæндæр уæззау операци кæнын бахъуыд, æмæ йæ цурæй æддæмæ нæ цæуы. Никæй бар æй уадзы, цалынмæ йыл йæ зæрдæ фæдара, уæдмæ. 

— Мæ къонайыл, æмæ уæд хæрамæн йæ уд не суæлæнгай куыствæллад, хуыссæгхъуагæй, мæ фæрстæ йын фехæлой! Æз та йын изæрсарæй йæ хæринаг ахъарм, ахъарм кæнын. 

— Цæуыннæ йын кæнай, ахæм чызг дын ис, зæлдаг синаджы хуызæн: хæрзконд, хæрзуынд, хæрзарæхст, ныфсхаст! Бæстæ ’мæ доны йаргъ у, раст, цæстмæхъус ныхасмæ мын ма бамбар мæ ныхас, фæлæ. 

— Бузныг, мæ хæдзар, дæ цæстуарзон ныхæстæй. Фæлæ нын иунæг у æмæ йыл размæ дæр не ’ууæндæм æмæ фæстæмæ дæр. Хурбон ын хур- басудзынæй тæрсæм, къæвдабон — уарынæрцыдæй. 

— Иунæгæн йæ хъуыддаг афтæ вæййы, уæхи фæндиаг уæд! Фæлæ зæфцы фыдæй исты кæуыл æрцæуа, ахæмы каст нæ кæны. 

— Æмæ гъа, зæрдæ уый нæ зоны. Фарн дæ дзыхыныхасы. Фæлæ йæ куы фенай, уæд ын-иу зæгъ, дæ хорзæхæй, бадзур зæгъ уæхимæ! 

— Уый дын мæ быгъдуан. Хæрзизæр. 

Гъе фæлæ уыцы рæстæг Винерæ уыдоныл нæ уыд — нæдæр æй йæ мады уавæрыл хъуыды кæнын фæндыд, нæдæр æй искæй цæст-уарзон æппæлæн ныхæстæ æндæвтой. Æндæр уыд уымæн йæ катай, йæ сагъæс. Йе ’ппæт хъуыдытæ дæр иууылдæр баст уыдысты, Хуыцауæй фæстæмæ цы уды бæрны бацыд, уыимæ. Чысыл хъуыддаг у мæлæг уды цардмæ раздахын, адæймагæн æппæтæй зынаргъдæр цы у, уый химæ райсын? Стæй, йæхи дарддæры царды фæндаг дæр, уыцы изæр цы уæндон къахдзæф акодта, уымæй бирæ аразгæ у, кæд ын æй Хуыцауы цæст бауарза, уæд. 

Цæвиттон, фæскуыст сæхимæ куы рараст Винерæ, уæд, рынчындоны асинтыл куыд æрцæйхызт, афтæ кæсы, æмæ «Тагъд æххуысы» машинæйæ иу сылгоймаджы лæггуыфы райстой мæрдвæлурсæй, æмæ йæ тагъд-тагъд мидæмæ фескъæфынц. 

— «Кæдæм, нæ уыныс?» Цыма йын исчи йæ хъусы афтæ бадзырдта Винерæйæн, уыйау æм йæ зæрдæйы фæдисхъæр куы райхъуысид, сылгоймаджы ауынгæйæ, æмæ дзыхълæуд фæкодта: «Чи уа, кæйдæр хуызæн у?» — Хæстæгдæр бацыд, чи йæ æрбаласта, уыдонæй иумæ æмæ йæ афарста: 

— Чи у, цы йыл æрцыд? 

— Нæ зонæм... уынджы ахаудта æмæ нæм фæдзырдæуыд. 

Уыцы ныхæстæ айхъусгæйæ, фæстæмæ фæзылд Винерæ æмæ уайтагъд йæ уæлхъус февзæрд. «Чи уа, бæлвырд кæйдæр хуызæн у? Цыма йæ кæцæйдæр зонын?» — кæсы йæм æдзынæг, афтæмæй йын йæ цонгмæ февнæлдта æмæ йын йæ зæрдæйы цæф сгары. 

— Кæм стут, кæм?! — дзуры сæм мидæмæ, дохтыртæ цалдæрæй йæ кой кæм кодтой, уырдæм. — Ам фæстиат гæнæнтæ нал ис! — йæхæдæг йæ хызынæй фелвæста йæ хъусæнтæ æмæ йын йе тæрттæ фегом кодта. 

Уæдмæ иннæтæ дæр амбырд сты йæ алыварс æмæ се ’ппæт дæр æрцыдысты иу хатдзæгмæ: 

— Къæртт кæнинаг у, æнæ уымæй зын раиртасæн у йæ низыхатт. 

— Йæ масты дзæкъул скъуыд куы разына, уымæй тæссаг у! — йæ зæгъинаг та загъта Винерæ. 

— Мæнмæ дæр афтæ кæсы, — йемæ сразы радгæс дохтыр æмæ сагъæсхуызæй йæ цæстæнгас ахаста, йæ алыварс чи уыд, уыдоныл. — Фæлæ чи?.. Фæлтæрдджын хирургтæй ныртæккæ ам куы ничи ис. Чи уæ йæм хæссы йæ ныфс? Фæстиатгæнæн нал ис, байрæджы уыдзæн, кæд ныр дæр æрæджы нæу, уæд. 

— Æз!.. Мæн фæнды мæ амонд бавзарын, Риммæ Петровнæ! — йæ уæлхъусмæ та хæстæгдæр балæууыд рынчынæн Винерæ æмæ йын йæ уазал хиды æртæхтæ йæ къухты хæцъилæй сæрфы. 

— Табуафси! Кæд дæ ныфс хæссыс, уæд. Де ’рмдзæф фæуддзаг никæмæн у. 

Винерæйæн йæхимæ гæсгæ рæвдз ацыд операци. Ницы бавгъау кодта йæ зонындзинæдтæй, мæлæтимæ хъæбысхæсты кæй сæраппонд бацыд, уыцы сылгоймагæн. Фæлæ уæддæр йе ’нтыст-дзинадыл йæ зæрдæ нæ дардта, масты дзæкъул æцæгдæр скъуыд кæй разынд æмæ дзы иннæ хуылфыдзаумæттæ дæр кæй фæхъæстæ сты, уымæ гæсгæ. Амонды сæр æй хъуыд Винерæйы йæ рынчынимæ, æмæ иудадзыгдæр тох кодта ууыл. Йæ алы улæфт дæр ын уыд зындгонд.Минут дæр æй искæй бар фæуа-дзын нæ уæндыд. Хосæй, тугæй йын цыдæриддæр хъуыд — алцы дæр ын амал кодта æнæкъуылымпыйæ, æмæ йæм йæ рынчыны æууæлтæ æвзæр дæр нæ кастысты, цы зын уавæры йыл сæмбæлд, уымæ гæсгæ. Фæлæ уæддæр Винерæйæн йе стырдæр бæллиц уыд — йæ рынчыны дзыхыныхас тагъддæр фехъусын æмæ йын йæ цæстæнгас фенын. Бадт иудадзыгдæр йæ цуры æмæ йæм æдзынæг каст, нымад ын уыд йæ алы сулæфт, йæ алы фезмæлд дæр. Æмæ, дам, амондмæ æнхъæлмæ кæсын чи фæзоны, уый йыл æмбæлгæ дæр скæны. 

Йæхимæ цæуын байдыдта æппынфæстаг рынчын, цыдæр утæхсæн кæны химидæг. Винерæ, цы уыд, уымæй иууылдæр цæстытæ æмæ хъустæ фестад, æргуыбыр æм кодта йæхи æмæ йæм æдзынæг хъусы. 

— На-на... цы фæд-дæ?.. Куы нал дæ уын-н-ын... Чи у?.. Кæм-мæй зæгъ-гъыс?.. — райхъуыстысты йæм йе ’рдæг ныхæстæ. 

— Динæ! Динæ!.. Кæм дæ?! — фырцинæй ныхъхъæр кодта Винерæ медицинон хомæ. — Райхъал!.. Йæ нанаимæ цыдæртæ дзырдта. Æнамондæй тас мын нал у ныр! — Фестад йæ бынатæй, æмæ йын рагацау йæ цуры цы лимоны кæрдих æрæвæрдта, уымæй йын йæ былтæ аумæл кодта рынчынæн, стæй йын кæрдæны комрадзæй йæ цæсгомы хидвæдтæ сæрфы. 

— Тæрсгæ мауал кæн, нæ мады хай, кæд Хуыцауы фæнда, уæд адзалыл фæуæлахиз стæм! — аба йын кодта йæ ныхæн Винерæ фырцинæй. 

— Ой, Винерæ! — йæ хъæбысы йæ æрбакодта Динæ. — Арфæ дын кæнын, дæ фыццаг уæззау къахдзæф кæй фæрæстмæ, уый тыххæй. 

— Бузныг, Динæ, фæлæ ма йын зæрдæйы укол акæн. Йæ дзыхы ныхас ын куыд фехъуыстон, афтæ ма йын йæ цæстæнгас дæр куы фенин! — йæ хъæццул ын фæиуварс кодта æмæ йын йе ’ххæлæгæттæ дæр уымæл кæрдæнæй сæрфтытæ кæны. 

— Уæ уынæрæй уæ куыд бамбæрстам, афтæмæй райхъал дæ рынчын, æнхъæлдæн, нæ чысыл хо! — уæдмæ сæ уæлхъус æрба-лæууыдысты, бæрнон медицинон кусджытæй сæм йæ хъус чи дардта, уыдон цалдæрæй. 

— Арфæ дын кæнæм, арфæ, нæ ныфсхаст кæстæр! — райгом кодта рынчыны сæ иу æмæ биноныг кæстыстæ кæнынц Винерæйы æрмдзæфмæ. 

— Уæллæй, дæ хъул сах абадт, нæ хо, нæ зæрдæ дæ барухс! — чызджы уæхскыл йæ фæлмæн хæмпус къух æрæвæрдта фæлтæрдджындæр хистæр хирург. 

— Бузныг! — цины цæссыгтæ æртылд Винерæйы фæлладхуыз фæлурс уадултыл æмæ мидбыл бахудт. — Исты мæ рауаинаг кæд у, уæддæр сымах фæрцы, мæ ахуыргæнджытæ. Æмæ уын хорз фæуын мæ къухы куы ницы бафта, уæддæр уæ мæ амæлæты онг мæхи нымайдзынæн хæсджыныл. 

— О-о-о!.. Бирæ нын фæцæр, бирæ, дæ ныййарджыты фæндиаг! Æндæр ма ахуыргæнджыты уымæй хуыздæр лæвар цы хъæуы, йæ фæдонæй йæ зæрдæ куы рухс кæна, мæнæ ды абон мах зæрдæтæ куыд барухс кодтай, афтæ. 

— Йæхи цæстæй куы фена, йæ фыдæбæттæ кæй нæ фæдзæгъæл сты, уый, — бафтыдта йын йæ ныхасмæ иннæ дæр. 

— Тынг раст зæгъут! Бантысæд ма йын ноджы уæндондæр къахдзæфтæ кæнын! — йæ зæгъинаг загъта иннæ дæр æмæ та сæ сæхи бар ныууагътой. 

— Истæмæй дæ не ’ххуысы сæр куы хъæуа, æфсæрмы ма кæн! — фæстæмæ ма йæм радзырдта сæ иу. 

— Бузныг, кæй нæ абæрæг кодтат! — сæ фæстæ адзырдта Винерæ, стæй саби чызгау цъилау ныззылд йæ мидбынаты: 

— Кæм дæ, мама?!. Мæнæ дæ чызгыл цы цины бон скодта абон! Сæххæст йе стырдæр бæллицтæй иу — фæуæлахиз адзалыл! — стæй рынчыны цур абадт æмæ йæм дзуры: 

— Нæ мады хай, курын дæ, кæд мын мæ ныхæстæ хъусыс, уæд ма нын дæ цæстæнгас дæр куы фенын кæнис, — аба йын кодта йæ ныхæн. 

Рынчын базмæлыд йæхимидæг, йæ хус былтæ асдæрдта æмæ дзы райхъуыст: 

— До-о-он... 

— Дон зæгъыс?.. Дон та нæма!.— йæ былтæ та йын аумæл кодта лимоны кæрдихæй. — Абон ма бафæраз æнæ донæй, дæ хорзæхæй, стæй дын райсом дон нæ, фæлæ иучысыл карчы бас дæр ма авæрдзыстæм. 

— До-о-оны хуыпп... 

— Нæй дын дон дæттæн, нæ мады хай. Нæ фыдæбæттæ фæдзæгъæл уыдзысты уæд дæуæн дæр æмæ мæнæн дæр. 

— Цæу-уын-нæ? Цы код-дто-он? 

— Операци дын скодтам. 

— Ап-пер-рац-ци?.. — тыхкаст ракодта рынчын. 

— Гъе,гъе! — йæ ныхæн та йын аба кодта цинхуызæй Винерæ æмæ кæрæдзимæ æдзынæг кæсынц. — Уый æндæр хъуыд-даг у! Исчи ахæм рæсугъд цæстытæ иудадзыг æхгæдæй дары уæдæ? — йæ сæрыхил ын йе ’нгуылдзтæй фасæгау кæны хъавгæ Винерæ æмæ хинымæр хъуыды кæны: «Бæлвырд чидæр у, федтон æй кæмдæр... зонгæ цæстæнгас». 

— Иу-нæг ху-уыпп æр-р-мæ-æст... — йæ цæстытæ ахгæдта, афтæмæй та райхъуыст рынчынæй. 

— Бафæраз ма иучысыл, курын дæ, дон дæттæн дын нæма ис нырма. Дæ хуыдтытæн тæссаг у райхæлынæй. Фæлæ дын кæсын зын у, цæмæн ахгæдтай дæ цæстытæ?— йæ ныхыл ын йæ къух авæрдта Винерæ. 

— Мæ-гъа... 

— Æмæ дын нырма æнæуи дæр фынæй кæнын хуыздæр у, уæгъдызмæлд цæмæй ма кæнай, уый тыххæй. Куыд дын æнцондæр у, афтæ кæн! — биноныг æмбæрзтытæ йæ кæны Винерæ, æдзынæг æм кæсы, афтæмæй: 

— Цымæ нæ дыууæйæ амондджындæр чи у абон, нæ мады хай? 

— Дæ мад ды-ын дæ хур-ртæй баф-фсæд-да æм-мæ ма мæн та цæ-æй ам-монд хъæу-уы, мæ къон-на? Мæ уд дæ-æр ма ды-ын ам-монды хос фес-тæд,— йæ цæсты бынтæ бауымæл сты рынчынæн æмæ йæ былты тæпп-тæпп ссыд. 

— Нæ хъæуы, æрсабыр кæн дæхи! Тагъд адзæбæх уыдзынæ, тæрсгæ мауал кæн ныр, фервæзтæ дæ низæй. Рынчын саг дæр кæны. Дæ цард та разæй и нырма, — йæ ныхыл та йын йæ къух авæрдта Винерæ. Укол дын скæндзысты æмæ уал фынæй кæн, æз ныр иучысыл æддæмæ акæсон. Хостæ ацамал кæнын хъæуы, стæй мамамæ дæр ма телефонæй бадзурон, цалынмæ ам не ’рбалæууыд, уæдмæ. Фездæхт Динæйырдæм: 

— Иунæг минут дæр æй иунæг ма ныууадзай, æз тагъд уы-дзынæн. 

— Чи у, кæй худ-гæ хур у?.. —Винерæйы ацыд куы бамбæрс-та рынчын, уæд дзуры Динæмæ. 

— Кæмæй зæгъыс, дæ ирвæзынгæнæгæй?— æргуыбыр æм кодта Динæ, йæ ныхас дзæбæх кæй не ’мбарын кодта, уымæ гæсгæ. — Буриты чызг у, йæ мад æмæ йæ фыдæн иунæг. 

— Мæ ирвæз-зынгæн-нæг?!— цымыдисхуызæй йæм скаст рынчын. 

— О,о! Уый дын скодта операци, уый дæ раздæхта адзалæй! 

— Хуы-ыцау, дæ-æу-уæн та-абу... — йæ цæстытæ та æрæхгæдта рынчын, æмæ ирвæзынгæнæджы коймæ йæ зæрдыл æрлæууыд йæ фын, йæ нана, йæ фыдымад æм куыд фæзынди æмæ йын зæрдæтæ куыд æвæрдта: «Тæрсгæ ма кæн, мæ чызг, адзæбæх уыдзынæ, дæ ирвæзынгæнæг — дæ сусæг æвæрæн». Бæргæ ма йæ фарста Зæлда, чи у, кæмæй зæгъыс, зæгъгæ, фæлæ йын йæ фарстæн дзуапп раттæг нал фæци, цыдæр æрбаци йæ нана. 

Æмæ, дам, фынтæ ницы сты...— хъуыдыты ныгъуылы, йæ тыхст уавæры уæлæмхасæн Зæлда, æмæ рафт-бафт кæны æнæрынцойæ. 

— Цæмæй тыхсыс, зæгъ-ма, цавæр хос дын авæрон? — дзуры йæм Динæ. 

— Нæ, ниц-цы хъæу-уы... — ауыгъта йыл рынчын йæ къух, æмæ та ног фын йæ цæстыты раз сыстад, химидæг æй райхалыныл архайы. О, сбæрæг ныр йæ ирвæзынгæнæг рынчынæн, фæлæ цы хуыдтаид, цымæ, йæ нана сусæг æвæрæн та? Цы зæгъынмæ йын дзы хъавыд? Стæй йæм ныр куы фæзынд нана хæрзгæнæджы хуызы, уæд æй йæ фырт, куыдзы былæй куы ’ппарай, уый æппæрст куы кодта йæ райгуырæн къонайæ, уæд ын айциу цæуыннæ загъта, цымæ?.. Æви йæм йæ ныййарæг мады ныхас дæр нымады нал уыд, мæ фыдыздыхт фыдзонд фыдмæ? — рæстæджы фæлмы аууонæй иугай, фæзын-фæзын кæнынц рынчынмæ йе ’намонд хъысмæты ивгъуыд царды нывтæ æмæ къахдзæфтæ, се ’ппæтæн сæрæвæрæн йæ цины боны цаутæ, афтæмæй, кæцыфæнды кары дæр адæймаг æхсызгонæн кæй æрымысы, æмæ йæм иннæ царды цауты ’хсæнæй ирддæрæй чи разыны, уыдон. Ма сæ байрадæуа, ницы уæвгæйæ, уый уæлиау чи систа, уыдонæй дæр, кæд сын хуры чызг мыййаг нæ уыд! — Быннозæй ныуулæфыд рынчын. 

 

* * *
 

...Карз æмæ фыдлæгæй зыдтой Зæлдайы фыд Темийы канд сæ хъæубæстæ нæ, фæлæ сыхаг хъæутæй дæр, кæимæ æмбæлди, уыдон. Хион, æддагон дæр не ’взæрста. Ныхас загъта, уæд хъуамæ йæ бынаты уыдаид, раст у, зылын у — мачи йæ ныхмæ фæлæууыдаид. Аба-бау! Никæддæр æй схудгæ ничи федта, никæддæр сывæллоныл бацин кæнгæ — нæдæр бинонты ’хсæн, нæдæр æддæ. Æдзухдæр йæ цæстæнгас уыд тызмæг æмæ æнæвдæлон, зыдхуыз. Æмæ дзы канд бинонтæ æмæ хиуæттæ не стъæлфыдысты, фæлæ хъæубæстæй дæр æмæ зонгæтæй дæр æнæхъуаджы йе ’мгæрæтты ничи ауадаид. Уый нæ, фæлæ ма йын йæ тызмæгдзинад хæдзары фос æмæ мæргътæ дæр хатыдтой. Æмæ-иу дзы кæрты хæргæ кæй баййæфта, уыдонæй йæ хæрды сæр ничи райстаид, сæ сæртæ ’фснайынмæ-иу фесты. 

Уæлдай æнæуынон цæстæй та каст Теми, йæхи зонынхъом куы фæци, уæдæй фæстæмæ, рæстæгимæ æмкъахдзæф кæныныл чи архайдта, уыдонмæ. Уый хыгъд йæ уд, йæ дзæцц уыдысты, æгъдауæй дæр æмæ уæлæйы дарæсæй дæр, йæ хистæртыл цы æрæййæфта, уыдон æххæст кæнын. Мачи йын бауæндыдаид зæгъын, де ’ртыкъахыг фынг ма цыппæркъахыг стъолæй раив, кæнæ дæ галифе хæлаф æмæ даргъ сæхтæгджын æхгæдхъуыр хæдон нырыккон уæлæдарæсæй. Науæд дæ синджын цъарджын кæрц палтойæ. Аба-бау! Масты хай йæ бакодтаид, уый дæ бинонты уынаффæ нæу, зæгъгæ. Цалынмæ йын сæ не ’нæхуынд «уазджытæ» нæ раласын кодтой Фыдыбæстæйы хæсты рæстæджы, уæдмæ. Йæ мад Сæнæхъуыз сæм тынг дæсны уыд хуыйынмæ æмæ йын сæ уæды онг ногæй ногмæ ивта. Фæлæ хъæубæстæ гаффуттæй куы аззадысты, йæ къух йæ дзыхмæ схæссынхъом куы ничиуал уыд, уæд ма зæрдæзæгъгæ хъуыддæгтæ кæй къухы ’фтыд, алкæмæн йæ сæр йæ кой куы уыд, уæд. Йæ сæрбæрзонддзинад дæр Теми, хистæртæ куыд дзырдтой, афтæмæй уырдыгæй рахаста, йæ мад, къухымимæ дæсны уæвгæйæ, хæдзар цудын кæй нæ бауагъта, кæд сидзæргæсæй æвзонгæй баззад, уæддæр, Темийы та — сидзæрхуыз. Мыггаджы астæу æмæ йын хъæубæсты æхсæн уый тыххæй уæлдай кад уыд йæ мад Сæнæхъуызæн. Уæдæ æгъдау раттынмæ дæр дзыхъхъы-лæуддæр никæмæй уыдис, æмæ кæддæриддæр лæгджын хæдзæртты æмнымад уыдысты, йæ хъæбулы кад æмæ радыл хъомыл кæнгæйæ. 

— Адæймаг цы дурыл лæууа, уый хъуамæ иннæтæй бæрзонд-дæр уа! — уымæ гæсгæ йæ зондахаст афтæ рахаста чысылæй фæстæмæ Темийæн. Æмæ ахæм зондыл хæст цы хæдзары хицау уа, уый кæртæй ницæйаг байзæддаг куыд хъуамæ рацыдаид? Æмæ йын цот æвзæр нæ рахъомыл Темийæн: хæрзæгъдау, хæрзарæхст, гæрзарм. Уынд æмæ кондæй та чызгæй, лæппуйæ Темийæн йæхи хуызæн кондджын, уындджын рахастой. Фæндырæй цæгъдынмæ та чызджытæн сæ мад Хани сæ разы ницыуал уыд,кæд йæ рæстæджы йæ фæндырдзагъды тыххæй хъуыстгонд, разагъды чызгыл нымад уыд, уындæй цæсты нæ ахадгæ уæвгæйæ, уæддæр. Уæлдайдæр дыккаг чызг Зæлда. Фæндыры аууонæй дзæбæх зынгæ дæр нæма кодта, афтæмæй йæм хионтæй хонджытæ цæуын байдыдтой. Æмæ дзы, афонæй раздæр хъазты чызг сарæзтой. Чи зоны, фыдзæсты æвæрд дæр уырдыгæй рахаста. 

Рæстæг куыд цыд, афтæ хъомыл кодтой йæ зæнæг Темийæн, ай-гъай, æмæ куыд стырдæргæнгæ цыдысты, афтæ йæ цæстæнгас тызмæгæй -тызмæгдæр кодта, йæ сæры урсытыл æфтгæ цыди. «Сæ чысыл мын масты хос, се стыр — сагъæсы! Кæмæй мæм сæ цы кæсы, чи зоны?»— Арæх-иу схауд Темийæ мæстыйæ. Æвæццæгæн, уый сси йæ сагъæсы сæр. 

Æмæ йын иуахæмы æцæгдæр къæдзлæдзæгджынтæ йæ дуар куы бахоиккой, хистæр чызгмæ йæ хъус чи дардта, йемæ хæстæг бакæнын сæ зæрды кæмæн уыд, уыдонæй иуты минæвæрттæ, кæд Темимæ сæ ныфс тынг нæ хастой, уæддæр. 

— Уазджытæм не ’нхъæлмæ кастыстут? — дзуры сæ хистæр Темимæ, куы сæм ракаст, уæд. 

— Уазæг — Хуыцауы уазæг! Табуафси, мидæмæ ’рбахизут! — уæрæх сын байгом кодта дуар. Фæлæ сын сæ бацыды сæр куы бамбæрста, уæд ноджы тынгдæр байтыгъта дуар æмæ сæ уайтагъд афæндараст кодта. 

— Æвæццæгæн, рæдигæ фæкодтат, æндæр махмæ дæттинаг чызг кæм зонут?!. — сбустæ сыл кодта сæрбæрзондæй Теми. 

— Уе ’хсæв уæхи фæндиаг, уæдæ! — æнæ уæлдай ныхасæй дуар сæ фæдыл рахгæдтой уазджытæ дæр, йæ зондахастмæ йын куы ’ркастысты, уæд. Æмæ сæ кой, сæ уынæр дæр никæцæйуал райхъуыст иуцасдæр рæстæг, æндæрырдыгæй сæм цы уыд хабаргæнджытæ, æндæр. 

Фæлæ чызг скъоламæ фæстаг фæлварæн дæттынмæ цы бон ацыд, уыцы бон хæдзармæ нал фæзынд. 

— Быныхъæр мæ рацыд, мæ зæнæджы хистæрыл цыдæр бæллæх сæмбæлд! — фæдис самадта Теми æмæ йæ хъæстæ, йæ уавæры се ’ппæты дæр сæ къæхтыл слæууын кодта. 

Цы бон сыл уыди, æмæ хæдзари-хæдзар фæзылдысты фæдисæттæ, сæ зæрдæ кæмæ ’хсайдта чызгмæ хъусдарджытæй, уыдоныл, фæлæ йын йæ фæдыл нæ фæхæст сты æмæ фæстæмæ Темийы хæдзары æрæмбырд сты, дарддæр сын цы кæнгæ у, ууыл ауынаффæ кæнынмæ. Стæй фæйнæ комдзаджы дæр акæнæм, зæгъгæ, фын-джы алыварс куыд æрбадтысты, афтæ кæсынц, æмæ Темийы кæстæр лæппу, йæ къухы цыдæр гæххæтт тилгæ, æрбазгъордта. 

— Та! Мæнæ нæм писмо! — афтæ хуыдтой сабитæ сæ фыды. 

— Хорз хабархæссæг фæу! — цырдхуызæй йæм февнæлдта Теми æмæ къонверты иу кæрон фескъуыдта. 

— Кæсгæ та йæ дæхæдæг бакæн! — фæстæмæ йæ фæсагъта лæппуйы къухты æмæ иннæтæм дзуры: — Сымах уæ фынджы кой кæнут. 

Лæппу æдзынæг æркаст иуцъусдуг фыстæгмæ, стæй йæ, фынгыл чи бадт, уыдонæй кæстæры раз авæрдта æмæ кæуынхъæлæсæй загъта: 

— Ды йæ бакæс, Тасо! — йæхæдæг феддæдуар. 

— Цы хабар у? Æркæс-ма йæм дæ хорзæхæй, Тасо! — тарстхуызæй йæ бынатæй фестад Теми. Иннæтæ дæр æм цымыдисхуызæй æрыхъуыстой. 

— Дæ мæцъæлтæ дæхи, Теми!..— иуцасдæр фæхъус Тасо, Темийырдæм бакæсгæйæ. 

— Кæс, кæс! — фæстæмæ йæ бынаты æрбадт Теми. 

— Фæлæ æгæр цæхджын дойны кæны, зæгъгæ, никуы фе-хъуыстай? 

Мах нæхи æппындæр дæ разы аххосджыныл нæ нымайæм, фæлæ дæ уæддæр курæм хатыр. Мауал агур дæ чызджы. Уый йæ бынат ссардта. Цъиу кауы михыл рæзы, зæгъгæ, уæддæр никуы фехъуыстай, мæ хæдзар? Уæд дæ цæмæн ферох, базыртæ куы фæфидар вæййынц, уæд æй тæхын кæй æрфæнды? Æгъдауыл дæ агуырдтам хæстæгæн æмæ дæ нæ бафæндыд. Ныр, кæд цин нæ кæныс нæ хæстæгдзинадыл, уæддæр дæ уый курæг стæм, æмæ сын се ’взонг зæрдæты фæндоны ныхмæ мауал æрлæуу! Ма бацу сæ зæрдæты хъыджы, ма сын сызмæнт сæ рæсугъд æнкъарæнтæ дæ къæхты бын цъыфимæ. Адæймаг иу бон гуыр-гæ кæны, иннæ бон мæлгæ, æмæ уыцы тæригъæд дæхимæ ма райс, кæд дын цыфæнды зын уыдзæн, дæ фæндоны сæрты кæй ахызтысты уый, уæддæр. 

Æнæ дзуаппæй дуаргæронæй кæй рарвыстай, уыцы мыгга-джы хистæр БÆЦА. 

— Хуыцау, дæуæн табу, сæрæгас кæй стæм! — уæззаугай йæ лæдзæгыл æнцойгæнгæйæ, йæ бынатæй сыстад мыггаджы хистæр Гæбæт, æмæ йæ цуры цы нуазæн уыд, уый бæрзонд систа, цыма йын не Сфæлдисæг куынæ фехъуса йæ ныхæстæ, уымæй тарс-ти, уыйау. 

— Æппæт дæр дæуæй бузныг стæм, иунæг кадджын Стыр Хуыцау, мæ зæронд сæр дæ нывонд æрбауа, æмæ дæуæн фæндон цы уа, ууыл дыууæ зæгъын нæ бон нæу! Разы стæм алцæмæй дæр демæ, кæд ын ахæм ныв стæрхон кодтай нæ саби чызгæн, уæд табуафси! Рæствæндæгтыл æй бафтау! Фарны къах сæм бавæрæд! Мах дæр сæ æвæсмон куыд уæм, уый нын дæ цæст бауарзæд! Нæ хæстæгад нын сæрæвæрæн фæкæн нæ дарддæры хорзæхтæн!— йæ дзыхмæ систа йæ нуазæн, йæ был дзы атылдта æмæ йæ фæстæмæ стъолыл æрæвæрдта, афтæмæй æрбадт йæ бынаты. 

— Гъеныр ма мын, кæй Бæца у, уый дзæбæх бамбарын кæнут! — комкоммæ разылд Темийырдæм Гæбæт. Фæлæ Теми налдæр дзурынæн уыд, налдæр — хъусынæн, налдæр дзуапп раттынæн. Йæ масты дзæкъул ныддымст, æвæццæгæн, æмæ цæсгом ту-джы лалым фестад, туг цæстыты ныббадт. Æмæ йæ бæсты уæд дзуапп раттынмæ фæрæвдз йæ мад Сæнæхъуыз: 

— Кæй куы зæгъай, уæд уæлæ Къуыбыры сыхы Челæхсты... — йæ цæстысыгтæ сæрфгæйæ загъта ус. — Ногийы фыртæй нæм уыд минæвæрттæ, арты цæхæрæй йын чи раирвæзт, уымæй. 

— Æ, Хуыцау уын уын ма уа! — йæ мидбынат мæсты змæлд бакодта Гæбæт, йæ цæстæнгас Темийæ атонгæйæ. — Ау æмæ нæ кæд Челæхстæ сæхицæн æгъдауыл адджын хæстæгæн аг-уырдтой, уæд ма нæ каст цæмæ уыди? Кæд Хуыцауы цæст къæцæлæй нæ къахыс, гормон, æмæ нæм ацы фæтарсты хабар нæ касти, уæд?! Нæртон гуырдыл нымад ын æй куы хонынц йæ фырты Ногийæн. Йæ риуы гуыдыр хæрзиуджытæй нæ зыны, зæгъгæ, æндæр дис куынæ фæкæнынц! 

— Гъы-ы... — багуым-гуым кодта йæ фындзы бын Теми. — Æмæ уыдон та амондæн цы ахъаз сты? Хæсты быдыры æвирхъау цаутæ йæхи цæстæй чи федта, уымæй ма цæй адæймаг ис?!. 

— Нæ, мæ хæдзар, нæ, афтæ ма зæгъ! Йæ диссаг дæр уый мидæг ис æмæ хæсты райдианæй йæ кæронмæ арты цæхæры фæу æмæ дыл дзы иу стъæлфæн дæр ма сæмбæлæд! Уый ууыл дзурæг у, æмæ амондджын стъалыйы бын кæй райгуырд, ныхыдзуарджын кæй у! — Цыма йæ хъысмæты уый дæр исты бæрнджын уыд, уыйау хъæддых фæлæууыд Темийы хъуыдыйы ныхмæ Гæбæт. 

— Омæ хорз! Чи фæрæдыд, уый — æз! Уæ фынджы кой кæнут дарддæр! Гъе, æрмæст уыцы чызгæн, дæ фарн бирæ, фæлæ абонæй фæстæмæ налдæр фыд ис, налдæр фыды уæзæг! Иу къахдзæф дæр фæстæмæ — нал! Йæ цин дæр йæхи, йæ хъыг дæр, йæ маст дæр! Æз дзы сæрибар дæн абонæй фæстæмæ! 

— Хъусут æм?!. — йæ кæстæртыл йæ цæстæнгас ахаста мыггаджы хистæр Гæбæт. — Бирæгъæн, дам, таурæгътæ хастæ-уыд, уый та сæгъы фæстæ каст, ауадз мæ, фæлидзы, зæгъгæ! — ауыгъта йæ къух æмæ дзуры иннæтæм: — Сыстут, мæ хуртæ, ам махæн ницыуал куыстаг ис! Ай йæхæдæг кæрдынхъом дæр у æмæ хуыйынхъом дæр. Сæхи фæндиаг уæнт сæ хъуыддæгтæ! — фынгыл æнцайгæйæ йæхиуыл схæцыд Гæбæт æмæ йæ лæдзæджы æнцæйтты дуарырдæм фæраст. — Ды та нын хатыр бакæн, Сæнæхъуыз! — фæстæмæ ма иу каст фæкодта Темийы мадмæ зæронд æмæ феддæдуар. 

 

* * *
 

Цы бон ын йæ чызджы ахастæуыд Темийæн, уыцы бонæй фæстæмæ се ’мгæрæтты ауайынмæ дæр фæсивæдæй йæ ныфс ничиуал бахаста, Темийы тызмæг цæстæнгасæй арвы талынгты лыгъдысты. Хъæубæстæй рохуаты аззад сæ бæстыхай. Налдæр сæ хъæлдзæгдзинады уынæр хъуыст, налдæр сæм — дуарбахойæг уыд. Хистæр хойы азар æгасæй дæр Зæлдайы басыгъта. Ахст цъиуау, къалатийы лæзæрыд, йæ алы къахдзæф дæр Темийæн барст уыд. Скъолайæ йын сæ хæдзармæ цал минуты цыд уыд, уый дæр ын нымад уыди. Æмæ йæ сæр йæ кой сси чызгæн, йæ цард ын ад нал кодта, чысылæй фæстæмæ хъæлдзæгдзинад ахуыр чызгæн. Йе стырдæр бæллиц ма уыд — тагъддæр скъола каст фæуын, æмæ дарддæр ахуыры охыл уыцы ахстонæй раирвæзын. Æмæ йе ’ппæт тыхтæ дæр сарæзта скъола иттæг хорз бæрæггæнæнтыл каст фæуынмæ, æмæ йæ къухы дæр бафтыд. 

— Ныр мæм кæд сдзырдхъом нæ уаид мæ фыд! — йæ аттестат куыддæр райста, афтæ йæ фыццаджыдæр йæ фыды раз авæрдта цинхуызæй Зæлда, æмæ йын, йæ улæфт ныууромгæйæ, æнхъæлмæ каст йæ ныхас фехъусынмæ. 

— Гъеуый дын чызг! Дæ дæсæй ма мæм фондз авæр гъеныр! — йæ къух æм бадаргъ кодта фыд. 

— Табуафси! — цинхуызæй йæм йæ къух авæрдта чызг. 

— Гъеныр, мæ хур, бæркад зæгъ ахуырæй. Дæс къласы ах-уыр дæм ис, сылгоймаджы та уымæй фылдæр зонындзинæдтæ ницæмæн хъæуынц! Бафснай йæ искуы!.. 

— Хъазгæ кæныс, папæ, æви? — ныгъуылдхуызæй йæм дзуры чызг. — Ау дæс азы мæ сæр уымæн фæриссын кодтон æмæ йæ искуы бафснайон? Ме ’мбæлттæ сæ ницæйаг аттестаттимæ дæр ма уæлдæр ахуырдзинад райсыныл сæ зæрдæ куы дарынц, уæд æз ахæм бæрæггæнæнтимæ нæ фæнычы фарсмæ куыд хъуамæ æрбадон? 

— Ныхас загътон, уæд хъуамæ йæ бынаты уа! Мах горæты ницы хъуыддаг ис. Кæд дæ бон исты куысты фæлæууын у, уæд — табуафси! Ахуыры кой та мын мауал скæн! 

— Цы кæнут, цы? — уыцы рæстæг сæ уынæрмæ дуарæй бахызт Темийы мад Сæнæхъуыз. 

— Бафæрс мæнæ дæ чызджы! Ныр та йæ кæд æрфæндыд горæтмæ цæуын ахуыр кæнынмæ! 

— Æмæ дæу та куыд фæнды уæдæ? — стъолыл аттестатмæ фæкомкоммæ зæронд ус æмæ йæ систа йæ къухмæ: — Амондджын бон æй райс, мæ къона, æмæ дын цардамонды хос фæуæд! Адæмы рæгъмæ дзы дзæбæхæй куыд рацæуай стыр адæмты æмхуызон! — чызджы йæ хъæбысы æрбакодта æмæ йын арфæтыл фæци йæ нана. 

— О, о! Кремлы йын иу бынат уæгъдæй дарынц... — багуым-гуым кодта йæ фындзы бын Теми. — Дæумæ иу кълас ахуыр дæр нæ уыд æмæ уый тыххæй нæ фæцардтæ, стæй нæ цæрыс? 

— Мæныйас дур та дын зæгъон?.. Кæд мæн рæстæджы ныры хуызæн фадæттæ нæ уыд ахуырæн! Ныхъхъус у, фыдыздыхт! Уæд, мæ хур, сылгоймагæй æрмæст, «домашный диплом» кæй хонынц, уый домдтой. Фæлæ йын кæд ныр нæлгоймагимæ æмхуы-зон бартæ лæвæрд ис, сæ домæнтæ иу сты, уæд искæмæй дзыхъхъылæуддæр цæмæн хъуамæ уа, йæ бон ахуыр кæнын куы у, уæд?! Уæлдайдæр ацы нæлгоймаг стæм заман, мæрдты бинаг къæй феста Гитлер, махæн нæ цæрæццаг фæсивæды куынæгмæ чи ’ртардта! — йæ цæстытæ доны разылдта æмæ сæ куатæйы кæронæй асæрфта Сæнæхъуыз. 

— Нæ хъæуы, нана, ма та райдай! — йæ нанайы дæллагхъуыр йæ сæр анорста Зæлда. — Цæссыгæй сын раздахæн нал ис уыдонæн ныр, фæлæ сын хъуыддагæй арын хъæуы, дæхи загъдау, сæ рухс ном! — уынгæг хъæлæсæй загъта йæ зæгъинаг. 

— Гъемæ хорз! Фæуæд сымах фæнд, кæд мын, сæ иуæй цы сæргуыбыр фæдæн, уый æгъгъæдыл нæ нымаис, уæд! Фæлæ уын ме ’дзард фыды номæй ард хæрын, мæ кæрты дуарæй сыгъдæг цæсгомæй чи ахиза, уый йыл фæстæмæ æнæуагхуызæй кæй нал æрбахиздзæн! Нал ис уымæн ам фыды уæзæг, къонайы артдзæст! 

— Хистæр чызджы раз дæр дæхæдæг дæ азымджын, мæ хъæбул, бамбар æй! Æнад хæринаг ныхъуырын зын куы у, уæд, кæй нæ уарзай, ахæмимæ куыд ис царды бонтæ æрвитæн! Цæ-уыннæ уыд, мæ царм ын фехæла, йæхæдæг фарсты йæ царды хъысмæтыл? Стæй дæ къæсæрыл чи ’рбахиза æгъдауы фæдыл, уый æнæгъдауæй дуаргæронæй куыд здахыс? Куыд сын федде кодтай сæ минæвæртты æнæуагхуызы, сæ зæгъинагмæ кæронмæ дæр нæ байхъусгæйæ? Кæд сæ дзыхæй сызгъæринтæ схаудтаид, уæд та? Нæ, нæ бæззыс ды дæ фыдæн фыртæн! Æндæр, алчи дæр йæ худы бын йæхимæ лæг кæй кæсы, уый дæ рох цæмæн у? Куыд дын хъуамæ ныббарстаид уыцы æфхæрд, йæ лæгдзинады фæрцы фашистон тугдзых бирæгъты дзæмбытæй чи раирвæзт, уый? 

— Ой, нана!.. Дæуæй афтæ, уый куынæ уыдаид, уæд ма абон дæр нæтиккам фашизмы уæззау цырыхъхъы бын, нæ?! Амонд, амонд, æндæр дзы иу уый хуызæн сæрæнгуырд дæр фесæфт! 

— Гъемæ йæ амонд уæлахиз уæд кæддæриддæр, исчи нын нæу, мыййаг! 

— Чи?! Ацы дыууæ къухы йыл куы ’рхæст уаиккой куыдзы хъæвдыныл! — ныккæрзыдта Теми, йæ цæстытæ масты цæхæр акалдтой, афтæмæй, æмæ дуарæй ахызт. 

— Ныхъхъус у дын зæгъын, фыдзонд! — адзырдта ма йæ фæстæ мад. 

— Мауал æй къах, нана, курын дæ! — атыхст йæ нанайыл Зæлда. Науæд та чердæм нычъчъыллипп ласдзæн, чи зоны. 

— Иу чъыллипп дæр нæ æмæ иннæ дæр! Уыцы хорз бæрæггæнæнтæ къуымы æфснаинаг не сты! Фæндагсар Лæгты-дзуары уазæг уæнт дæ хъуыддæгтæ! Стырзæрдæ ма кæн дæ ахуырыл. Мæ рæстæджы нын куы уыдаид ахæм гæнæнтæ, уæд мын æй абон мæ цæстмæ нæ бадардтаид дæ фыд, фидисгæнæгау!— арф ныуулæфыд зæронд ус. 

 

* * *
 

...Йæ риуыдзаг сулæфыд Зæлда, йæ зæрдæйы дуар фегом, фидæны ахуыргæнджыты хыгъдмæ хаст куы ’рцыд, уæд. Кæд сæ царды уавæртæ бæллиццаг нæ уыдысты, гуыбынцух, гомгæрццæй æрвыстой се ’взонджы бонтæ чызгæй, лæппуйæ, уæддæр нæдæр сæ ахуырыл зынд, нæдæр — сæ хъæлдзæгдзинадыл. Æвзонгдзинад йæхионтæ домдта. Кæмæ сæ цы ’рбафтыдаид — хойрагæй, æхцайы капеккæй, уый сын — иумæйаг уыд. Иу сæ иннæйы хъуагæй йæ дзыхмæ комдзаг нæ иста. Сæ цин, сæ хъыг, сæ маст дæр иу, кæрæдзийæн æнцой уыдысты тыхст рæстæг, чи куыд арæхст, афтæ мадзал кодта царды фæрæзæн. 

Æмæ Зæлдайы дæр спайда кæнын бахъуыд уæд йæ арæхст-дзинадæй. Фæндырдзæгъдæгæй алæууыд сæ институты хихъæппæрисадон кафджыты къордæн æмæ йæм уæлдай капекк хауын райдыдта йе стипендийы уæлæмхасæн. Уый йын фæахъаз, гуыбыны хардзæй уæлдай, уæлæйы дарæсæй дæр йæхимæ фæкæсынæн. Æмæ уайтагъддæр йæ хуыз скалдта хæрзуынд, хæрзконд æвзонг чызг. Йæхи зæрдæ дæр фæрухсдæр Зæлдайæн йæхицæй, æмæ йæ сау хъоппæг цæстыты цырæгътæ сыгъд иудадзыгдæр. Мидбылхудт нал сысыд йæ саулагъз мæйдзæсгомыл, æмæ химæ здахын райдыдта лæппуты цæстæнгас тынгдæр. Иу дæр йæ рæзты нæ ацыдаид, фæстæмæ йæм дыууæ-æртæ касты ма фæкодтаид, афтæмæй. 

Гъе, фæлæ бынтон та адæмы йæхимæ уæд æркæсын кодта Зæлда, сæ кафджыты къордимæ Фыццæгæм Майы бæрæгбоны, ирон дарæсы фæндырæй цæгъдгæ, парады куы фæзынд. Кæмæн уыд уæды рæстæг зæрдæзæгъгæ фадæттæ, адæм сæ къухтæ сæ дзыхмæ схæссынхъом куы нал уыдысты, уæд. Фыццаг хатт, кафджыты къорды архайджытæ сæхи хъæппæрисæй, курæггаг ирон дарæсты — цухъхъатæ æмæ разкъæртт къабаты уæд фæзындысты, хæстыфæстæйы тыхст заман парады. Æмæ сыл æхсызгонæй сæмбæлдысты рыстзæрдæ æфхæрд иры дзыллæ, сæ цæст сыл æрæвæрдтой — уæлдайдæр Зæлдайыл. Раст цыма йæхицæн хуыд уыдысты, афтæ рæсугъд ыл фидыдтой, йæ ныййарæджы чындздзон фæлыст: урс хæрдгæхуыд разкъæртт зæлдаг къаба, зынгхуыз глази хæдон, сызгъæрин донытылд æвзист риуыгънæджытæ æмæ камари рон. Стъалыйау æрттывта се ’ппæты æхсæнæй. Размæ сæ акъахдзæф кæнын нæ уагътой адæм, æмбырдтæ сыл кодтой. Ноджы ма, ног чындзау, Зæлдайы разæй къахфындзтыл кафгæ цыдысты сæ кафджыты къорды лæппутæ, æмæ цалынмæ сæ институты кæртыдуарæй бахызтысты, уæдмæ сæ уæгъд не суагъта адæмы гуылфæн. 

Куыннæ та барухс уыдаид уæд йæхицæй Зæлдайæн дæр йæ зæрдæ, фæлæ фæлтау йæ фыны дæр куынæ федтаид уыцы боны хъæлдзæгдзинад йæ фæстиуджытимæ. Уæдæй фæстæмæ йе ’нцойад цард цыдæр фæци чызгæн, хуыссæджы хай иннахæм. Сарæх ыл сты хъусдарджытæ, йæ хъусты йын дзæнгæрджытæ цæгъдын райдыдтой сæ минæвæрттæ, дзырды бæрцмæ дæр сæ йæхимæ хæстæг кæй никæй уагъта, уымæ гæсгæ. Минут дæр дзы рох нæ кодта йæ карз фыды ныхас: «Налдæр ын фыды уæзæг, налдæр — къонайы артдзæст!» Æмæ се ’ппæтæн дæр сæ дзуапп уыд минæвæрттæн иу: 

— Æз горæтмæ ахуыр кæнынмæ ссыдтæн, æндæр нæхимæ дæр разындаид иу мæн аккаг, мой куы кодтаин, уæд. 

— Омæ дæ исчи ныхъуыргæ акæндзæн, ныхасмæ та сæм цæуылнæ лæууыс? — куы йæм-иу æрхатыдысты минæвæрттæ, уæд сын фæстагмæ дзурын райдыдта: 

— Æз сисрæбын не схъомыл дæн, мад, фыды хæдзарæй рацыдтæн, мемæ никæмæн ницы дзырддаг ис. 

Уыйадыл хицæн фæндаг сарæзтой Рæзбыны хъæумæ Зæлдайы дзурджытæ. Æмæ сын райдианы æгъдауыл æгасцуай бæргæ кодта Теми, фæлæ сæ фæстагмæ фæлмæцын райдыдта, уæлдайдæр сæрды уæгъд рæстæг сæхимæ куы ныццыд чызг, уæд. Æмæ йæ мадмæ фæдзырдта иуахæмы: 

— Нана, зæгъ уыцы чызгæн, æмæ нын нæ хæдзар дымгæмæ мауал дарын кæна, кæд нæ йæ хойы маст нæ исы, уæд! Ахъуытты уæд Хуыцауы хатырæй, кæмæ йæ фæнды, уымæ, æмæ мах нæхиуыл дуар æрбахгæнæм! Адæмæй дæр худинаг у иудадзыг дуаргомæй, худинаг! Къуырцц-къуырцц-къуырцц! Акæс æмæ та кæнæ усгур, кæнæ минæвар! Цы йæм ссардтой уагæр хорзæй — нæ зонын! Æви ахуыр кæныны æфсон горæтмæ мой агурæг ацыд, къулыбадæджы сæныкк! Стæй ма йæ цы хъæуы, æз уый не ’мбарын, кæд йæ зæрды мой кæнын ис, уæд! Хæрæгæн, дам, йæ сæр фынгмæ хастæуыд æмæ зæхмæ тылд. Чи у, цы у?!. Дæлæмæ дæр Темийы чызг æмæ уæлæмæ дæр! Æмæ чи дæн æз?! Мæхицæн бонзонгæ мæгуыр лæг. Æмæ мæн хуызæттæ та нымады кæд уыдысты раджы дæр æмæ ныр дæр? Никæд! Уæдæ мын уæд цæуыл хæрдты хауы, æмæ мын сæ ныртæккæйы нæлгоймаг стæм заман, уырзæй æвзарæгау цы ’взары? Гъеныр нæм дысон чи ’рбалæууыд, уымæ цы фау æрхæссæн ис, нана, дæ хорзæхæй?Лæугæ хох, цæугæ мæсыджы хуызæн! Цы йæ аив-дзинад, цы йæ уынд, цы йæ конд. Ныртæккæйы тыхст царды уавæрты ахæм хуызы бынæй чи кæсы, уымæн æвзæрæй тас никæддæр у, æмæ йæ раттын хъæуы! — йæ зæгъинаг загъта фыд. — Æгъдауыл æй чи арвитдзæн, уый — æз. 

Мад æмæ чызгмæ сæ ныхас хъуыст иннæ уатмæ, æмæ чыз-джы, хæкъуырццæг куыд кæнгæйæ, фæхуыдугмæ бирæ нал хъуыд, уынæр кæнын та уæндгæ нæ кодта. Æмæ сæм уæд мад йæ цæссыг калгæйæ рахызт: 

— Хатыр мын бакæн, нана, фæлæ уын исты æгомыг фос у, куыд хъавут чызджы, æнæ йæ зæрдæйы уаг зонгæйæ, моймæ дæттынмæ? 

— Цы, дам, цы?! — йе ’ргом æм фездæхта Теми. — Æмæ дзы ды та цалæм дæ?! Чи дæ уынаффæгæнæг кæны, куынæ дæ фæрсæг ис, куынæ дæм дзырдыбар хауы, уæд! Æви мын ферох кæнын æнхъæл дæ, фæд-фæдыл чызджытæ згъалынмæ куы фæдæ, уæды мæстытæ? Иуварс айс дæхи, куыд нал дæ фенон, афтæ! 

— Дæ дзыхыуаджы нывæн та дын зæгъон, гæлæхха! Æппын ницы, фæлæ йæ фараст мæйы йæ гуыбыны уæддæр нæ фæхаста, куыд ницы хъуыддаг æй ис, æви йын æй йæ хъæбул нæ уадзыс? — ауырдыг та мад йæ фыртмæ. Стæй сыстад æмæ йæ чындзы фæстæ ацыд иннæ уатмæ æфсин дæр. 

Бæргæ нæ фæндыд нанайы нырма Зæлдайæ фæхицæн уæвын, нырма йын йæ уындæй куы нæма бафсæст йæ хъулон-уарзт хъæбулы хъæбулæн, йæ комы комдзæгтæй кæй фæрæвдыдта иннæты хъауджыдæр, сусæг æвæрæн, сусæг тъыссæнтæ кæмæн кодта, йæ ауад, йе ’рбауадыл кæмæн нæ хъæцыд. Кæнæ йæ фæндырдзагъдмæ хъусынæй кæмæн нæ бафсæст. Фæлæ хорз зыдта йæ фыдзыкъуыр хъæбулы зондахаст, æмæ, иугæр уый йæ мидзæрдæйы афтæ скарста, уæд йæ туркмайнаг зондахаст кæй нæ аивдзæн, уый йын зындгонд уыд. Æмæ иуахæмы йæ фарсмæ æрбадын кодта Зæлдайы: 

— Дæ нывонд æрбауа дæ нана, мæ чызг. Уагæр сын, зæгъын, цавæр ад бавдыстай адæмæн, сæ уæлныхты дæ цæуыл систой? Нæ куыдзыл сæ лæдзæг фехсын куы нал уæндæм, дæ агур-джытæй, искæуыл куы суайа, уый тæссæй! —мидбыл хинхудт бакодта, афтæмæй йæ йæхимæ æрбалвæста. — Хорз суинаг сылыстæг кæй дæ, уый дын базыдтой, æвæццæгæн, базыдтой! 

— Уæдæ нæ!.. Сæ зæрдæ сæ ма фæсайæд. Сæ койæ дæр мæ зæрдæ риссы, нана,— йæ дæллагхъуыр анорста чызг йæ сæр. — Ссардтой мын мойгæнæг чызг. 

— Нæ, мæ къона, нæ! Афтæ æнхъæл ма у æмæ дыл алкæддæр афтæ уыдзæн дзурджытæ. Иу рæстæг вæййы чызгæн, мæ хæдзар, стæй рохуаты аззайы. Фæлтæртæ кæрæдзийы ивгæ цæуынц, фæлтæртæ, дæ рын бахæрон, æмæ хорз уаид, дæ фыды загъдау дзы æцæг искæй куы равзарис. 

— Ой, нана! Гъеныр цытæ дзурыс?! — йæхи дзы атыдта чызг. — Ау, афтæ мæ сфæлмæцыдыстут? Нырма чызджы цардæй куы ницыма федтон, адæмы æхсæнмæ ныр куы акъахдзæф кодтон, уæд мæ цавæр мой хъæуы? — ставд цæстысыгтæ æрызгъæлдта Зæлда. Стæй мæ ахуыр та?.. 

— Раст сты дæ ныхæстæ дæр, мæ хъæбул, фæлæ сæ ныридæгæн дæ фыд фæлмæцын райдыдта уазджытæй, æмæ не ’ппæты дæр мастæй нæ хъуырмæ скæны. Бынтон мæгуыры бон та дæ ныййарæгыл ис, иу минут дæр æй æнæмастæй нал уадзы, кæд дын чызджытыл нæ куыдтон, зæгъгæ. Ныр фæстагмæ фидарæй ууыл лæуд у, зæгъут ын æмæ æнæ фыдбылыз, æнæмастæй йæ амонд ссарæд. Æмæ йæ нæ зоныс дæ иудзырдон фыды! 

— Цавæр амонд, нана, куы никæй сæ зонгæ кæнын, куы никæмæн дзы зæрдæ бавæрдтон? Уæд, куырм гал цъыфдзасты куы смидæг уа, уыйау мæ искæй фыццаг фæкæнынмæ куыд хъавут? Чи сын цы зоны, чи сты æмæ цы сты?! 

— Чи цы у, уымæн, мæ къона, æрмæст иу цары бын вæййы æрмæст, базонæн, æндæр сæ раздæр йе ’цæг цæсгом кæмæн вæййы фенæн?.. Уымæй дæхи сайыс! 

— Омæ мæ ничи хъæуы нырма, нана, ничи, ахуыр кæнын мæ фæнды, ма сæ байрадæуа се ’ппæтæй дæр! Никæй тыххæй сæ ныууадздзынæн мæ ахуыр! 

— Омæ дын æй чи уадзын кæны, мæ хур? Гъеныр дæ фыды зæрдæмæ цы горæтаг лæппу фæцыд, уымæ цы фау хæссыс, Арвуациллайы хуызæн? Кондджын, уындджын. Йæ аивдзинад дæр бирæты аргъ куы у, дæ фыды загъдау, нывтыл карсты хуы-зæн. Дæ ахуыр ныууадзыны сæр дæр дæ куы бахъæуид! 

— Иу дзырдæй мыл уæ бон цæуы æмæ мæ куыдзæппарæн былæй æппарынвæнд скодтат, нана, куыд уæм кæсын, афтæмæй! — кæуындзæг та йæ хъуыр ахгæдта чызгæн æмæ феддæдуар. 

 

* * *
 

...Зæлдайы мойысконды хабар хъæубæстыл куы айхъуыст, уæд кæмæн æхсызгон уыд, чи та дзы рохстзæрдæйæ баззад фæсивæдæй. Уæлдайдæр, дæс азы иу къласы кæимæ фæбадт, уыдонæй йын йæ зæгъинаг, норст цæхæрау, зæгъын чи нæ сфæрæзта æмæ йæ зæрдæйы арфы æвæрдæй кæмæн баззад, уыдон. Фæлæ уый хыгъд йæ фæлтæры чызджытæ та цинæй мардысты, фæсивæдæй йын йæ кой кæй нал хъусдзысты, стæй йæ разы сæхи дæлджинæгхуыз кæй нал æнкъардзысты, ууыл. Æмæ сæхи цæттæ кодтой зæрдæрухсхуызæй чызгæрвыстмæ. Сусæг зарæг хъæрæй чи кæд кæны. Стæй сæ горæтаг уаз-джытæ фенын дæр куыд нæ фæндыдаид. 

Æмæ æппынфæстаг æрхæццæ уыцы бон, дзырд лæвæрд сын кæдмæ уыди. Темийы кæрты æлдариуæг кодта цины уынæр: фæндырдзагъд, хъазт, зард, кафт. Хъуыддагхуыз уыдысты æмхуы-зонæй дæр фысымтæ, цæттæ уæвыныл архайдтой уазджыты фæзындмæ. Се ’ппæты æнхъæлмæгаст дæр уыд хионæй, æддагонæй уазджыты æрцыдмæ. Æмæ сæм иуахæмы уынгæй æрбайхъуыст кæйдæр хъæлæс: 

— Æрхæццæ сты! 

Æмæ уæд ноджы тынгдæр базмæлыдысты фысымтæ сæхимидæг. Чи сæ рæвдз кодта йæхи, кæмæн æмбæлд, уыдонæй, уазджыты размæ ахизынмæ, æгасцуай зæгъынмæ, чи та ма уæл-дай хатт йæ цæст ахаста фынгты аивдзинадыл. 

— Цалынмæ сын се ’гъдау фенат, уæдмæ сын кæрты дуар ма байгом кæнут! — сæ размæ чи цыд æгасцуай зæгъынмæ, уыдон фæстæ аивæй адзырдта Теми. 

— Æмæ уæ уæныг сæныччы хъусæй баивтат, ай цавæр ку-сæрттаг у?!. Ау, Дыццæджы базар дæр нал уыд горæты, æви уын исчи хынджылæггаг у?!. Йæ къах дæр уæ куыд ничи æрбавæра кулдуарæй, афтæ, цалынмæ цæуыл дзырдгонд уыдыстæм, уыцы æгъдау нæ цæстæй фенæм, уæдмæ! 

— Уæдæ, уæдæ! Æгъдæуттæ мах не скодтам, æмæ сæ халын дæр махмæ нæ кæсы! — чысыл фæстæдæр уынгæй хъуысын байдыдтой хистæрты быцæу ныхæстæ. 

— Фæлæуут-ма чысыл, уæ хорзæхæй, Керым æмæ Дафа, кæрæдзийы æрæмбарæм, хатыр бакæнут, фæлæ!— дзуры сæм æртыккаг. — Æгъдæуттæ дæр хорз сты, ничи уын сæ æппарын кæны. Фæлæ рæстæгмæ дæр чысыл кæсын хъæуы, кæсын. Зын рæстæг кæй у ныртæккæ цæрынæн, уый сусæггаг кæмæн у? Зынтæй нæ фæразы алчидæр цæрын. Кæй нæма байгас сты нырма хæсты хъæдгæмттæ, уый рохгæнгæ нæу. Æмæ стыр гуыппытæ домын аив не сты, мæнмæ гæсгæ. Цы ис, уый хорз. Ау, Дафа æмæ Керым, хъæуы мидæг цæргæйæ, Темийæн йæ бон нæу, йæ чысыл стыр кæмæн скодта, уыцы буц хъæбулы фаг æгъдау раттын? Йæ уазджыты раз цæхх æмæ кæрдзын æрæвæрын, æнæ сæхицæй сын фæндаггаг æрдомгæйæ?!. Æгъдæутты кой кæнæм, фæлæ цыма уый æгъдауыл нымайгæ нал у ныры дуджы, кæд ныл фæстаг азты уæззау бонтæ скодта, уæддæр. Нæ кæрдзындæттондзинад ма уæд дæрдтыл хъуыстгонд цæмæн у, уый не ’мбарын! — Уазджытæй бæрнондæр чи уыди, уыдон цур сбыцæу сты, æгасцуай зæгъынмæ сын чи рацыд, уыдон. 

Гъе фæлæ сæ ныхæстæй ницы рауад. Темимæ куы бай-хъуыст хабар, уæд цæхгæр ныллæууыд: 

— Æз хынджылæггаг нæ дæн, æгъдæуттæ мæнæй нæ рацыдысты æмæ сæ халын дæр мæнмæ нæ кæсы. Ардыгæй æнæ ’мбæлгæ æгъдауæй чызг ничи ахæсдзæн! 

Цы гæнæн ма уыд уазджытæн, галæй ацу æмæ фæстæмæ хъугæй раздæх, уый йæ сæрмæ чи хæссы. Куыд ныууагътаиккой сæ куырд чындзы дæр уым æнæхастæй? Æмæ бирæ ракæ-бакæйы фæстæ, кæуылдæр сæ зæрдæ даргæйæ, сæ гуыры конд сарæзтой сыхаг хъæутæй иумæ, къухылхæцæджы мадырвадмæ. 

— Уый та уын гал! — изæрырдæм, нымайæг сæ нымайын нæ фæрæзта, уыйбæрцæй æрлæууыдысты фæстæмæ чындзхæс-джытæ Темийы кулдуармæ. 

Хорзау нал уыдысты, ай-гъай, фысымтæ, фæлæ ма сæ бон цы зæгъын уыд.?.. Æгасцуай сын загътой æмæ æхсæв бонмæ фæцин, фæминас кодтой. Стæй, дыккаг бон хур дзæвгар куы суад, йæ тынтæм кæрдæджы æртæх куы асур, уæд ма къуы-мæлдзæфæй фæйнæ кафты, фæйнæ симды акодтой уазæгæй, фысымæй æмæ уазджытæ сæ чындзы къухыл рахæцыдысты, фысымтæн хæрзбон зæгъгæйæ. 

Кулдуарæй федде сæ машинæ. Уæды рæстæг цæй рог машинæтæ уыд, уæзласæнтæ дæр хæрз стæм уыдысты. Æмæ куыд араст сты чындзхæсджытæ, афтæ сæ фысымтæй чидæр фæсте асырдта, йæ хъæбысы цыдæр тыхтон, афтæмæй: 

— Фæлæуут!.. — Рох уын куы кодта ам! — æмæ куы фæу-рæдтой, уæд сын, сыкъадзæф бæрæгбонарæзт уазджытæн се ’хсæнмæ сæппæрста тугæйдзæгтæ ногыстыгъд галдзарм. 

Цы бамбарын æй хъуыд уазджытæн фысымты æлхыскъ, сæ гал хæрынмæ фыдæнæн цыд кæй æрбакодтой, Агуыры æфсадау, уый. Æмæ уæд æцæг урæд бакодтой сæ машинæ, уæдæ афтæ та нæ уыдзæн, зæгъгæ. Рахызтысты фæсивæд фæстæмæ, æмæ, чи кæй цавта, уый бæрæг нал уыд сыкъадзæф æмæ хуыс-сæгхъæлдзæг адæмæй, фæлæ нæмыс-ма нал! Тугæрхæмтæ фæкодтой кæрæдзи уазæгæй, фысымæй, цалынмæ сæм Темийы мад Сæнæхъуыз хæццæ кодта æмæ сын йæ сæры хæцъил сæ астæу не ’рæппæрста, уæдмæ. 

Зын бамбарæн нæ уыд Зæлдайы уавæр, цытæ ’рцыд, уыдон хи цæстæй фенгæйæ, уымæй йæм сдзырдхъом дæр ничи уыд, басабыр у, зæгъгæ. Æмæ даргъ уыд сæ фæндаг, цыбыр уыд — йæ кæуынæй нæ банцад, йæ сау цæссыгæй йæхи фехсадта. Æмæ йын æниу ууыл куы ахицæн уыдаид, бæргæ, йæ Хуыцауы фыдæхард! 

— Дуар бакæнут, Гæмхеттатæ! — нæдæр фæндырдзагъд, нæдæр зард, афтæмæй машинæ куы ’рлæууыд, уæд анæрыд чындзхæсджытæй кæйдæр мæстæлгъæд хъæлæс. 

— Дуарæн гомгæнæн нæй, æрхизын кæнут чындзы ам! — дзуры сæм, сæ размæ чи рауад, уыдонæй иу. 

«Мæ хæдзар фехæлд, æфсæн дуæрттæ сын ис æви!» — ахъуыды кодта хинымæр Зæлда. 

Цы гæнæн ма сын уыд, æрхизын æй кодтой мæстджын адæм хъуырхъуыргæнгæ, фæлæ та йæ, базырсаст маргъы хуызæн, зæбул ауыгъд каубыд дуарыл куыд бакæной, уымæ нæ арæхсынц æмæ йын иунæгæй йæхи бахизын кодтой, йæ сæр фæгуыбыр кæнгæйæ, кæртмæ. 

«Мæнæ мыл фыдусы æлгъыст куыд æрцыд, цы ранмæ æрбахаудтон ай!» — Ныккæрзыдта та химидæг Зæлдайы зæрдæ. 

— Хæдзармæ уал æй бакæнут хистæрты размæ! — ауад та йæ хъустыл кæйдæр ныхас, æмæ та йын чидæр йæ сæрыл бынмæ æрхæцыд, афтæмæй йæ, хохаг куыройы дуарыл хизæгау, цыдæр дæлбазыр кæлæддзаг къуымы фæмидæг кодтой, фарн фæцæуы, зæгъгæ, хъæрæй дзургæйæ. 

— Æгас нæм цæуæд, æгас æмæ амондджын къах æрбавæрæд нæ мыггагмæ! — райхъуыст æм хистæртырдыгæй кæйдæр ныхас. — Йæ иунæг сæр къорд куыд бауа нæ сидзæрæн! Хистæртæн барон куыд разына, кæстæртæн фæразон æмæ зондамонæг! 

— Аммен! 

— Адæмæн уарзон куыд уа, мыггагæн адджын! 

— Аммен! 

— Афтæмæй сæ цæрæнбон бирæ, æмзай, æмзæронд сæ Хуыцау бакæнæд! Дæуæн та амондджын хо фæуæд! — кувæг нуа-зæн авæрдта къухылхæцæгмæ. Бирæ куывтытæй бирæ хæрзтæ хуыздæр, ныр уын цæуыны бар ис, акæнут æй йæ уатмæ, — æмæ æрбадт. 

Фæлæ та уат кæй хуыдтой, уырдæм дæр æнцонтæй нæ баирвæзт чындз, цалынмæ йын йæхи цалдæр зылды нæ фæкæнын кодтой, уæдмæ. 

— Уый та дын горæтаг мой, мæнæй уый! — цы уыд, уымæй бынтон масты дзæкъул фестад Зæлда æмæ йæ алыварс цытæ цыд, уыдон уынгæ дæр нал кодта. Æрхауынмæ йæ бирæ нал хъуыд, йæ хъустæ гуыр-гуыр кодтой, зæрдæ риуы къултыл фæдисхост кодта йæхи. «Фесæфта мæ мæ фыд, бабын дæн!» — Зæрдæйы уидæгтæ дзæнгæл ласта уыцы хъуыды. Цы ма фæуон ныр, кæдæм æрбахаудтон мæ бирæ дзурджытæй! 

Æмбырдтæ кæнынц чындзыл, уæдæ куыд? Куы йын иу схæцы йæ хызыл, куы иннæ, æмæ сæ чи быннозæй ныуулæфы, чи та йыл йæхи тутæгæнæг скæны. 

— Хуыцау ма йæ удыхъæдæй дæр йæ бакасты хуызæн фæкæнæд, æндæр, йæ хъул сах абадт Цорæйæн! — йæ хъустыл сæ æруад кæйдæр ныхас дæр. Фæлæ йын уæддæр бынтон уыцы лæгойарæзт бæрзонд сылгоймаджы ныхæстæ фæцæуын кодтой йæ сæрызонд, фæдис ныхъхъæр кæнынмæ йæ бирæ нал хъуыди раст. — Æмæ, дам, амондæй нæу! — йæ хызыл ын схæцыд Зæлдайæн æмæ хъазгæ, худгæйæ дзуры иннæтæм: — Федтат, ацы ног азы зæдтæ æмæ дауджытæ Цорæйæн цы хæрзты бацыдысты, уый?! Цы ма давы ныр, йæ къулæнцой чи ’рлæу-уыд, уый раз йæ облигацийы рамбылд! 

— Батутæ йыл кæн, æдзæллаг! — фæиуварс æй кодта, чындзы фарсмæ чи лæууыд, уыцы хиуæттæй иу сылгоймаг. 

— Тутæ зæгъут?!. Нæ-æ! Уыдон ницы сты амæн, фыддæрты аккаг у! — Цыма зæххы бынæй февзæрд, уыйау уыцы рæстæг сæ разы февзæрд Цорæ æмæ чындзы хыз рарæдывта. 

— Ай дæр ма уын æгъдау! Ай та уын гал! Ай та уын йæ царм! — къæрцц иуырдæм, къæрцц иннæрдæм — хафт-хафтæй ралæууыд чындзы сæрыл, цæсгомыл дыууæ къухæй, æмæ Зæлдайæн уайтагъд йæ фындзы туг фемæхст. 

— Цы бакодтай уый, сæнтдзæф?!. — æнæнхъæлæджы цауæй исдуг джихæй кæсгæ цы сылгоймæгтæ аззадысты, уыдон ыл сæхи ныццавтой æмæ йæ схуыстытæгæнгæ дуарæй асхуыстой. Хиуæттæ та чындзыл амбырд сты, æмæ йын чи йæ туджы хъулæттæ сæрфта, чи йæ сабыр кодта, чи аив. 

— Уæдæ, мæ хуртæ, сæр сæрмæ куынæ хæссай, уæд дзы афтæ дæр вæййы! — Зæлдайы хъустæ ацахстой сылгоймæгтæй кæйдæр мæстæлгъæд ныхас. 

— О, цæй! Гъеныр иууылдæр зондамонджытæй агæпп кодтой! — йæ хъуыры абадт хионтæй чидæр. — Уый бæсты уал нæ чысыл нæхи бар бауадзут æмæ йæ срæвдз кæнæм. 

— Æмæ йæ рæвдз кæнын дæр куынæ хъуыд! Фæлæ куыдзæн дзыкка нæ фидауы! — йæ ныхас та баппæрста лæгойарæзт бæрзонд сылгоймаг дæр, æмæ цæуынмæ фæци. 

— Мæнæ мæ сæр цытæ ’ййафы, — хæкъуырцц куыдæй ныттыппыр Зæлда, афтæмæй хинымæр æрдиаг кæны. 

— Басабыр ма у, худинаг у адæмæй. —Тагъд-тагъд ын йæ тугæйдзæгтæ асыгъдæг кодтой æмæ йын лæгъстæ кæны хионтæй иу æрыгон сылгоймаг, стæй дзуры иннæмæ: — Æрбадæтт ма йын йæ хыз! 

— Нæ хъæуы... — Æркæнынмæ йыл æй куыд хъавыд, афтæ йын æй Зæлда йæ къухæй аиуварс кодта. 

— Мæ къонайыл, уæдæ куыд? 

— Никуыд. Æнæгъдауæй мæ сæрæй ист чи ’рцыд, уый æз мæ уæлæ нал æркæндзынæн. 

— Нæ хъæуы, мæ хур, афтæтæ ма кæн, худинаг у адæмæй. А изæр дыл йæ цæст чи æрæвæрдта, уыдоны раз дыккаг цæсгом мауал равдис! — йæ хъæбысы йæ æрбакодта сылгоймаг. — Гæдзы бынæй сой цæуы, зæгъгæ, никуы фехъуыстай?.. 

— Æмæ ма мын цы уæлдай у?.. Донласт хуылыдзæй нал фæтæрсы. Фæдзурæд ма мын уæ исчи, мæ фыды къонайæ мын мæ цонгыл чи рахæцыд, уымæ. Уæ хорзæхæй, курын уæ, куыд сылгоймаг сылгоймагæй. 

— Цæмæн дæ хъæуы, уый бæсты дæн æз ам. Мæ сæрыхицау у, мæнæн æй зæгъ дæ зæгъинаг. 

— Куыд мæ цæмæн хъæуы? Ау, уæдæ-ма æз уыцы æфхæрды фæстæ ам мæхиуыл сбон кæнын уадзын? 

— Мæ къонайыл, уый та цы хоныс? Уæдæ цы дæ зæрды ис æниу, дæхи зарæггаг кæныс? — джихæй йæм кæсы сылгоймаг. 

— Кæрты дуарæй мæ федде кæнæд æрмæст, æндæр дзы ницы домын, ма тыхс. 

— Мæ хæдзар фехæлд, æмæ уый та куыд фидауы, кæй зæрдæмæ дын фæцæудзæн?.. 

— Æмæ ма ныр ныхас фидауцыл цæуы, мæ сæр мæ кой куы у, уæд? 

— Нæ, мæ къона, нæ! Масты фæдыл цæуын хорз нæу, æрсабыр кæн дæхи. 

— Цы хабар у, цы? — уыцы рæстæг фæдисонхуызæй дуарæй æрбахызт къухылхæцæг йæхæдæг. 

— Цы хабар у, уымæй мах ма фæрс, фæлæ Цорæйы! — бустæхуызæй йын дзуапп радта йæ бинойнаг. 

— Ницы уын æмбарын æппындæр! — йæ хойы уыцы хуы-зæнæй куы ауыдта,уæд, фæрсæджы хуызæн, цымыдисхуызæй кæсы йæ бинойнагмæ къухылхæцæг. 

— Омæ дын нæ зæгъын, Цорæйы бафæрс, зæгъгæ. Ам нын, Иры чи никуыма ’рцыд, ахæм цирчытæ равдыста. Нæ йын кæсыс мæнæ йæ туджы хъулæттæм! 

Хъыпп-сыпп нал схауд нæлгоймагæй, дыууæ къухæй йæ сæрмæ фæлæбурдта æмæ пыхс йæ сæрыл ахаста. 

— Хуыцау ын æй ма ныббарæд нæ кæстæрæн йæ рæдыд, фæлæ дæ мах не стыр сæрæй курæм, дæ рын бахæрон, дыууæ зæрондæй нæ мыггаджы номæй,— ныххатыр ын кæн! Ма нын фенад кæн нæ циндзинад, ма нæ бафтау адæмы цæсты, дæ мад, дæ фыды хатырæй! Цард цард у, бирæ фæзилæнтæ дзы ис æмæ дзы æнæ рæдигæ дæр нæй, дæ рын бахæрон. Чи фæрæдыд, уый — мах! — Чысыл фæстæдæр сæ мыггаджы хистæртæ дыууæйæ бахызтысты уаты дуарæй, сылгоймæгтæй хатыр ракургæйæ, æмæ къæсæргæрон æрлæууыдысты. 

«Куыйтæ дæ бахæрæнт мæнæй уый, адæймаг иу бон гуыргæ кæны, иннæ бон — мæлгæ!» — Фæфæлмæн та æвзонг уды æфхæрд зæрдæ хистæрты фарн æмæ адæмы æфсæрмæй, сразы та йæ хъысмæтимæ Зæлда. Фыдæлтыккон гуымиры æгъдæутты азары бахаудтæ, мæнæй уый, æмæ гъеныр куыдзы бæлæгъæй дон сдæр! 

Фæлæ ма уæддæр куыд уыд уыцы диссæгты фæстæ Зæлдайæн йæ цард цардыл нымайæн, æмæ æхсæвæй-бонæй йæхимидæг йе’намонддзинадыл æрдиаг кодта, зæрдæмæ рухсы цъыртт никæцæй зынд. Æмæ,фæдисхуызæй, сусæгæй-æргомæй хъусын кодта йæ ныййарджытæн, фыдбоны къах равæрдтон, фæлæ мæ бынтон сæфын ма бауадзут, зæгъгæ. Фæлæ, уæйыджы хъусы уад уайы куыд фæзæгъынц, йæ хъусы тъæбæртмæ дæр ын ничи æрдардта йæ уавæр, йæ фæдисхъæр йæхионтæй, Темийы зондахаст æмбаргæйæ — нæдæр хи мыггагæй, нæдæр мадæрвадæлтырдыгæй. Нæ йæм фæци иу фæзынæг. 

— Иу къахдзæф дæр фæстæмæ нæ! — къæртт-цъула не ’ппæрста йæ ныхасæй йæ иудзырдон схæссæг фыд. 

— Уæдæ уæ хорз дæр уæхи æмæ уе ’взæр дæр, кæд мæ бынтон афтæ рауæлдай кодтат, уæд! — Йæхи фыдæнæн йæ дыстæ батылд-та уæд Зæлда, æмæ йæхи æфсинмæ хæстæгдæр ласын райдыдта. Æнæуи дæр дзы кæд йæ уд иучысыл истæуыл лæууыд йе ’ркувæн къонайы, уæд уыцы фæлмæн сылгоймаджы рæвдыд ныхас æмæ рухс цæстæнгасыл. «Мæ къона», «мæ хур», «уæртæ чызг», æндæр æм чындзы номæй дæр нæ дзырдта. «Цы бакæнæм», «куыд дæ фæнды», æнæ уый бафæрсгæ дæлгом къус уæлгом нал кодта æфсин. Æмæ иуахæмы уымæй спайда кодта Зæлда: 

— Уæртæ ус, хатыр бакæн, фæлæ уæм, зæгъын, уе ’рбафтæг-гаг капеччытæй ницыуал аззад фæсвæд, уæ кулдуармæ афтæмæй кæдмæ кæсдзыстут? 

— Куыннæ, мæ хур, куыннæ! Хъуыддаг дзы цы бакодта, стæй дзы йæ уæлæ цы хæррæгъ баппæрста, æндæр иннæтæм æвнæлд не ’рцыд, æфснайд сты. Фæлæ лæппуйыл ахæм хъуыддæгты тыххæй мæ зæрдæ нæ дарын, дæ рын бахæрон. Хъæдын къух разынд йæ фыды хуызæн. Хæдзардзинæй йæм ницыма раиртастон абоны онг. Æниу йæ фадæттæ дæр нæ амыдтой, мæгуыр, фæлæ... 

— Къух амонæд, æндæр ууыл ма тыхс уæдæ. Гæрзарм аразджытæй фылдæр та цы ис горæты! 

— Мæ уд дæ фæхъхъау куы фæуид, æмæ сыхбæсты ’хсæн æдзæллагдæр хуыз куы нал уаиккам! — йæхи йæм бакъултæ кодта æфсин. — Мæн ма цы хъæуы, мæ къона, фæлæ сымахæн нырма уæ цард ныр райдыдта, æмæ дæхи куыддæриддæр фæнды, афтæ йын пълантæ кæн. Бузныг дын чи зæгъдзæн, уый — æз. Алцæй фаг дæр дын хъуамæ суой Хуыцауы фæндæй, мæ уд йæ нывонд фæуа, мах чи барæвдыдта. 

Уæдæй фæстæмæ Зæлда бон æнцой нал зыдта, æхсæв хуыс-гæ нал кодта, цалынмæ, йæ зæрды цытæ уыд æмæ йын цæмæты æхсайдта, уыдон срæвдз, бабиноныг кæнын йæ къухы бафтыд, уæдмæ. Кæрты дуар раивын кодта, бæстыхæйттæм базылд, тæвдгæнæнтæ дзы сæвæрын кодта, дон бауагъта. Цæлгæнæн æмæ уазæгдоны бæстыхай та сси — сæ кæрты фидауц. Æмæ кæм цыд, кæм бадт æфсин, уым йæ ныхасы сæр уыд — йæ чындзæй æппæлын: 

— Мæнмæ дзы чи ’ркуывта искæй стæггагæй, дыккаг ахæм никæмæ уал æркувдзæн, æвæццæгæн, мæ уд йæ фæхъхъау æрбауа: нæлгоймагæн нæлгоймаг у, сылгоймагæн та — сылгоймаг. 

Фæрухсдæр чысыл Зæлдайæн дæр йæ зæрдæ, йæ фæндтæ сæххæст кæнын йæ къухы кæй бафтыд, уымæй. Къæмдзæстыгхуыз уæддæр нал уыдзæн ныр æрбацæуæджы цур. Зæрдæнцойæн та йын, йæхи бар кæй нал у, кæд уый исты ахъаз фæуид! — химидæг-иу йæхицæн зæрдæтæ авæрдта. Гъе æрмæст, йæ ахуыры хъуыддаг куыд уыдзæн, уый нæ уад йæ цæстытыл. Фæлæ та-иу уымæй дæр йæхицæн ныфсытæ авæрдта йе ’фсинæй. Кæд æй уый нæ бауадзид тыхсын. Иу хатт æмæ дзы дыууæ хатты, мыййаг, куынæ фехъуыста искæимæ ныхас кæнгæйæ, гъеныр ма мын афæдзмæ иу хуры тын куы фенын кæнид, чызг уа, лæппу уа, уæлдай мын нæу.Уæд мæнæй хъалдæр нал уаид, æвæццæгæн, ацы дунейыл, ме ’ппæт фыдæбæттæ дæр мæ айрох уаиккой, зæгъгæ. 

Фæстæдæр, ахуыры аз куы райдыдта æмæ йе ’мбæлтты ’хсæнмæ куы рацыд Зæлда, уæд ын ноджы фенцондæр, кæд ын йæ конд, йæ уындыл сæ цæст нал æрæвæрдтой, уæддæр. Йæ цард бынтон фæудыл нал нымадта, ахуыр йæ тæмæны куы бацыд æмæ та йæ алыхуызон æхсæнадон фæдзæхстытæ æххæст кæныны сæр куы бахъуыд, уæд. Цард та йæм чысыл йæ мидбылты бахудт. 

Гъе, æрмæст хъæлдзæгдзинадмæ хæстæг цæуын йæ зæрдæ нал куымдта. Куыд æм нæ хатыдысты йе ’мбæлттæ, куыд ын нæ лæгъстæ кодтой, цы кафджыты къордæн уыд фæндырдзæгъдæг, уый уæнгтæ — нæ сын сразы. Мæ фадат нæ амоны — цыбыр сын уыд йæ дзуапп. 

Уæдмæ йæм йæ мад дæр схæццæ институтмæ, сæ хъæуæй йемæ чи ахуыр кодта, уыдонæй йын йæ фыдхуызы хабар куы фехъуыс-той, уæд. Гъе фæлæ йын Зæлда бафыдæнæн кодта, йæхи дæр æм нæ равдыста, уæ сæр мæ кæм фæхъæуы, уым мын куы ницы ахъаз стут, уæд мын ныр мæ хуыз исынмæ ссыд, зæгъгæ. 

Æмæ йыл, чи зоны, уый тыххæй фæхудт Хуыцауы зæрдæ, йе ’нæбон ныййарæджы зæрдæйы хъыджы кæй бацыд. Ахуыры аз æмбисмæ дæр нæма бахæццæ, афтæ йæм иуахæмы, лекци йæ тæккæ цæугæйæ, чидæр телефонмæ куы фæдзурид: 

— Зæлда дæ? 

— Уый бæргæ дæн, чи дæ ды? 

— Мæн чийæ мауал фæрс, фæлæ тагъд уæхимæ цыппæрвадæй згъоргæ, уæ хæдзар ссыгъд. 

— Мæ къонайыл, цы загътай?!. Уый та куыд? Цæмæй?.. Нæ ус дзæбæх у?..— тарстхуызæй йæ фарста Зæлда, фæлæ йын дзуапп раттæг нал фæци. 

— О, Хуыцау!.. — иуцасдæр зæхмæ джихæй кæсгæйæ, йæ мидбынат алæууыд Зæлда, стæй быннозæй ныуулæфыд: «Уæдæ та дæ фыдæбæттæ дæр — дон хиды бынты нæ