1896 азы Калакмæ фæцæйцыдтæн Дзауы комыл. Чъребайæ Куртайы ’хсæн амбæлдтæн иу къорд лæгтыл дыргъбæласдоны раз.
— Уæ фæндаг раст.
— Æгас цу, уазæг. Кæцæй цæуыс æмæ кæдæм дарыс дæ фæндаг?
— Цæуын Тибæй, мæ арæзт та у Калакмæ.
— Тибæй, зæгъыс? Æмæ уæд кæй лæппу дæ Тибы?
— Боциты.
Уæд сæ хистæр дзуры аннæтæн:
— Мæнæ бæласы бын абадæм, нæ фæллад суадзæм, уазæджы хабæрттæй афæрсæм. Кæстæр, бæхы фæсарцæй лалым райхал æмæ хордзен ардæм рахæсс.
Æрбадтыстæм бæласы бын. Æрæвæрдтой хæрд æмæ нозт. Хæрд æмæ нозтмæ нæма бавнæлдтой, афтæ сæ æз дæр фæрсын:
— Æмæ, бафæрсын аипп ма уæд, фæлæ сымах та чи стут?
— Мах та стæм уыцы адæмæй, Тибы руаджы ма мыггаг кæмæй баззад, мах стæм Коцтæй-Лонкъацитæй.
— Уый та куыд?
— Мæнæ уал фæйнæ аназæм æмæ дын æй уæд радзурдзынæн, нæ уазæджы хай. Коцтæ-Лонкъацитæ сæ цæсгæмттæ ныррухс кодтой, фырцинæй фæцæйцыдысты. Мæ мад, мæ фыд дæр мыл ахæм зæрдиаг цин нæ бакодтаиккой. Ануæзтам фæйнæ. Нуазæнтæ, рæсугъд ныхæстæ. Уый фæстæ мын дзурын райдыдта сæ хистæр Куыдзæг Коцты:
— Мæ фыд фæцарди зæронды бонмæ, æмæ-иу арæх дзырдта, Уырысимæ нæ фыдæлтæ куыд хæцыдысты. Уырысимæ нæ фыдæлты хъуыддаг лæгъз нæ цыди: Уырысы къухмæ нæ
фыдæлтæ сæхи нæ лæвæрдтой, Уырыс дæр сæ æнцад нæ уагътой. Æмæ уæд нæ фыдæлтæ фæнд скодтой, схæцыны фæнд.
«Цæйнæфæлтау æлдæртты къухмæ бафтæм, уыдонæн хъалондар суæм, фæлтау нæ иу дæр мауал баззайæд». Лæгтæ сæ бинонтæ, сæ фос баздæхтысты æмæ Тибмæ æртардтой. Тибы уазæг сæхи бакодтой. Боциты Малхъармæ æрынцадысты Лонкъацийы сывæллæттæ, устытæ, сæ ис, сæ бон. Сæхуыддæг нæ фыдæлтæ, хæцынæн бæзгæ чи уыди, уыдон сæхи срæвдз кодтой, 1830 азы сæрды сæ хæст æрцыд Уырысимæ. Нæ фыдæлтæ бацыдысты Къолойы фидары Чеселты æмæ уым 30 лæгæй фесæфтысты нæ мыггаджы лæгтæ иууылдæр. Ныр ма нæ чи баззад, уыдон Тибы уазæгуаты чи уыди, уыдон стæм. Мæ фыд дзы уыди чысыл лæппуйæ».
— Æмæ ацы сахат та цы ран цæрут, цас мыггаг стут?
— Ацот та кодтам Тибы руаджы, иу фынддæс хæдзары та баистæм, цæрæм Схлебы, Рустауы æмæ æндæр рæтты.
Ацы хабар æз мæхæдæг фехъуыстон Тибы нæхи хистæртæй. Нæ фыдæлтæй фехъуыстон æз Коцты мæсыг Къолойы зарæг. Хорз æй нал хъуыды кæнын, фæлæ дзы уыди ахæм ныхæстæ:
— Мæнæн мæ бын цæнгæт,
Мæ фæрстæ æгъæл,
Мæ сæр сæууон стъалы,— дзуры мæсыг.
— Мах дын фестын кæндзыстæм, —
Дзурынц Уырысы æфсæдтæ, —
Дæ бын фаджыс,
Дæ сæр къæлуа,
Дæ фæрстæ кау.
Ист сты у чиныгæй:
Æмбалты Цоцко. «Удварны хæзнатæ».
Чиныг сарæзта Соттиты Р. — Дзæуджыхъæу: 2009.)